БИАЗЫРТЫ Кромвел

РАЗДÆРАУ ÆМÆ ТА НОГÆЙ…

* * *

Райдыдта!
Миттæ тайæн
къæвдайæ
сæнтысти
къуыбыр.

Тыгъдæй, дæрдтыл,
Хуыцау, мæ мады арфæтæй,
куывдтытæй
уалдзæг хохæй быдырмæ
æххæссыд.

* * *

Глобусæн
тынвæд
мæй æмæ хуримæ
æдзæрæг
Сахарæйы
змистымыгътæй
æнæкъæм сахат
минтæй нымайы
рæстæг.

Кæны æлхой-нæмыгой,
кæны æрдзивæнтæ
дуне.

* * *

Сæумæйæ
бонрæфтæм
ног сыфтæры сыф-сыфмæ
дымгæ
æмæ бæлæстæ
æфсонæн
кæрæдзи абырс –
чи кæй абырсайыл уыдысты.

Мæргъты дзуг
нæ хæдзары сæрмæ фароны кæддæрау
йæ арвы хайыл
тæлытæ æвæрæгау зылди.

 

* * *

Къæвда,
бæлæстæ мæн сты,
мæн.

Къæвда кодта:
мæн-мæн-мæн

Дымгæ,
бæлæстæ мæн сты
мæн.

Дымгæ кодта:
мæн, мæн, мæн.

Хур
бæлæстæ мæн сты,
мæн.

Хур мын кодта:
уæдæ, уæдæ
сымах, сымах, сымах.

Ногнадæй бæласыл айтынг и хур,
сур кодта дымгæмæ йæ тын.

 

* * *

Уарын йæ цыдæй
арвгæронмæ фæцыд.

Уылæн йæ цыдæй
арвгæронмæ фæцыд.

Нысан мæ цыдæй
арвгæронмæ фæцыд.

* * *

Уарзта йæ ме `рдхорд
æргом рыстæй,
хурмæ æргæвста йæхи.

Уарзтон æй æз сусæг
æмбæхст уарзтæй,
хур мын æргæвста мæхи.

Нæ иуы дæр нæ уарзта,
уый уарзта
йæ удыкондæй нæ рыст.

* * *

Арфæй
денджыз уыди
фæзмындзин.

Арфæй
арв уыди
сыгъдæг.
Арфæй
сагъæс уыди
фæрныг.

Арфæй
кувæндон уыди
дзырд.

Фæдис кодта денджыз – фæлдæхти.
Фæдис кодта арв – æрттывта.
Фæдис кодта адæймаг – сæфти.
Фæдис кодта кувæндон – дзæнгæрæг.

* * *

Денджызæй
иугъæдон
хус
фæззыгон
дымгæйы дымд
суанг
зайæгойы уидагмæ
мæры уымæл
бадомдта.

Декоративон уæлæнгай æхгæд
кафейы мæ фынгмæ хæстæг
хурсыгъд газоны кæрдæгыл
помадæахуырст дымдтæгты бардз
мæ игæры æнæциныл схæцыд.

* * *

Дунейы Бæсты Мад
Дзæуджыхъæуы сæрмæ
уæларвыл
бауат кодта,
таурæгъгæнджыты буцхаст,
артæнæрдхорд
стъалытæй алкæмæн
йæ ран –
йæ афоныл

зæлдаг бæмбæджытæй
хуыссæнтимæ
гамактыл,
æмæ, изæрмæ
бониуат кæнгæйæ,
стъалытæ
æнкъардтой
дунескæнæг
ныййарæджы тавицæй
рæвдыд.

Дæрдтыл,
Хуссарæй Цæгатмæ,
туасæны базырау рæсуг,
сыхырна мигъæй
раджыстæг стъалыйы цæст
разынд.

* * *

Æрдзуынд
Хъараты Ритæйæн

Алкæмæн
дзыгы дымгæ
бæрзы къалиу –
сыфтæры
скондæй
сæрдыгон
хуры буаргъæд
зæхмæ луæрста.

Агъуысты фоныл
гæлæбу,
пыхцылтæ змæлдæй,
бæласы нывæг кодта.

 

* * *

Мах кæрæдзийæн
фæзæгъæм
«Хæрзæхсæв»!

Фæзæгъы
стъалы стъалыйæн «Хæрзбон»!

Мæ иунæг стъалы,
мæ хур,
хæрзæхсæв.
Хæрзбон.

 

* * *

Сагамонти Ларæйæн

Никæцæй огæнæг
цикадæты оркестримæ
ам демæ
æрвгъуыз дзæнæт
уæвыныл
зæрдæйы æууæндын кодта
бындзармæ
бæласы аууонæн
дудутæ кæнæг
хурбон.

Оххай,
мары мæ,
мары мæ удзарæй
цавæрдæр галбындз – гуырысхо.

 

* * *

Рæсугъд,
дæуæн зæхмæ
кувгæ-кувын,
мæ ныхæй
асфальт
æртæ хатты фæкъахыр.

Рæсугъд, ракæс мæм,
де гæрыл,
мукъуæрхæмттæй лæууын
дæ хæдзары цур.

 

* * *

Æвæугæ
фæззыгон арвы фистæй
æрвгъуызыл
дымгæ урсæй
фыста
алыхуызон къухуавæрæй
æнцонкæсæн,
æнцонæмбарæн,
æнцониртасæн
тексттæ.

Афтæмæй алы адæймагæн
арвыл ис
æрмæст иунæг уымæн
æмбæрстгонд дамгъæтæй
фыстытæ.

 

* * *

Гакъон-макъон
Алондон
уырынгтæ –
уырынгтыл
бур сыфтæ ласта
уырдыгмæ.

Кæмæндæр лæвæрттæ.
Кæмæдæр
фæззæджы кувæндонæй
хъæргæнæг.

 

* * *

Афоныл
гæвзгæнæг
гуылæвзаг къæвдатæй
фæззæг куы ацыди,
тындзгæйæ,
уæд дзы аст боны фæстæ
сæумæцъæхæй
райстон
фыстæг:

«Ех., нæ мæ фæндыд,
æмæ мын фæлгондзæфхæрдæй федтаис
мæ дуне».

 

* * *

Ничто так живо не воскресает
прошедшего, как звуки…
Лев Толстой, «Декабристы»

Æрвыл… дæ мысын,
дидинæг,
бæлас,
фæздæг-дымгæимæ
койæ.

Вæййы талынгдзавдæй хосæн
демæ, зæххимæ, арвимæ
мæ дзырд.

* * *

Раздæрау
та ногæй
Алондон сыфтæрызгъæлæны
райдыдта
цадæггæй згъорын
Мады Хохы дæллаг суадонмæ
донгур.

Йæ донбайрæгты гыбар-гыбурæй уадæн
фаг йæ тыхы нал уыд
уылæны бæрзæнд.

* * *

Тындзы
спринтер, нымайы
секунд,
секундтæ.

Тындзы
хирург, нымайы
ныкъуылд,
ныкъуылдтæ.

Тындзы
зынгфæдисон,
нымайы минут,
минуттæ.

Тулгæ-тагъдцæуæг царды
æрмæст тæмæссаг уарзтмæ
нымады нæу
сахат.

 

* * *

Хæрисы бон,
зæрдæрухс.
Мæ зæрдæрухс.
Мæ зæрдæ демæ дзырдта.
Алондон згъоры.

Хæрисы рæстæг,
зæрдæрухс.
Мæ зæрдæ демæ дзырдта.
Алондон згъоры.

Хæрисы дуг,
зæрдæрухс.
Мæ зæрдæ демæ дзырдта.
Алондон згъоры.

Афон хæрисы пух хаста.
Алондон бур сыфтæ ласта.

МОНХÆССÆГ

ФАТ ÆМÆ ФАТÆГ

Гуырысхойаг никуы вæййы
адонæн
сæ куыст –
æнæфау
фæтæг æмæ фæсдзæуин
иу мусыл
лыстæг най
кæнынц
рæстæг.

Найгонд
рæстæджы æфсирæй
кæмæ æрхауы
нæмыг,
кæмæ та – йæ бур хиталæг.

 

* * *

Фæскъæвда
сау асфальтыл
федтон
æдзæмæй
тæгæры бур сыф.

Сындæг,
арæхстгай ахызтæн
йæ иуварс.

 

* * *

Ацы сахат
Дзæуджыхъæуы
уынджы
сиренæйы
уынгæджыйы уæуу-
уæууæй
цардамал кæны
сырх дзуарджын
æвæстиат
æххуысы каретæ
ныхфыстдзæф
пациентæн.

Дымгæмæ тæгæры сыфтæрызгъæлæн
сырхæй бахæццæ
йæ тынгмæ,
бæласы цæнгтыл, къалиутыл хуры тынæй
цардамонд бийæгау кодта зæд.

 

* * *

Нæдзæрон дымгæимæ
кæртгæс
йæхиау фæсмынæй тыхтытæ
мæйы морæ-бур рухсмæ
æвæндонæй
райдыдта
сахары уынгты
арæх,
æнæфæнык сыфтæр
мæрзын.

Нырмæйау талынджы-ма
зырнæджыты къуырруй-къуырруйы фæдыл
стъалытæ
кодтой æмæхсæвæджы арвыл тæмæнхуыст.

 

* * *

Афоныл
гæвзгæнæг
гуылæвзаг къæвдатæй
фæззæг куы ацыди
тындзгæйæ,
уæд дзы аст боны фæстæ
сæумæцъæхæй
райстон
фыстæг.

– Ех… нæ мæ фæндыд,
æмæ мын фæлгондзæфхæрдæй федтаис
мæ дуне.

 

* * *

Гуырæнуат
зæхх,
сыджытмæрмæ
æппæт алцы
æрыфты, æрцæуы,
æрхауы
рæзынмæ –
архайынмæ –
змæлынмæ –
ми кæнынмæ –
уæвынмæ –
æмгъуыд рæстæг
цæрынмæ
иу цаунымад боны
хурныгуылдмæ.

Хуыцаурæстæй акалд æмæ амардæн
хос –
сыджытмæр.

 

ХЪАРÆГ ГИБЫЦЫЛ

I
Систæ, къултæ сæттæг
сау сагъæсæй æссæст
систон хурхгæнæг
къуырма рыстæй
æрдхордвæдис.

О… раджы,
раджы йæ базыдта,
бавзæрста
мæ уд:
сау сагъæсæн
вæййы
рæстæг, сахат…

Мæйдар ысси
мæнæн
стъалытимæ
йæ сахат,
бон ысси æмткæй
йæ сахат,
ысси талынджы мал
йæ сахат,
рухс ысси йæ сахат
састæй.

О мæхи монæрдхорд,
о мæхи монæрвад,
сау сагъæс мæ
æргом
тыхтæрæгау кодта
йæ тармæ:
уыдтон дæ уырдыгæй
бонрухс мæйау
лæгæй-лæгмæ
бæрæгæй,
цардхуызæй
мæ цуры.

О мæхи монæрдхорд,
о мæхи монæрвад,
дæ фæстæ
цыппорæм боны фынгыл
ныфссидзæрæй
æрдхордвæдис кæнын.

 

ИНГÆНВЫСТ

II
Джимионæй
Мæ сæрыхицау,
мæ амонд,
дæ фæстæ
рафтыдтæн-сихсыдтæн,
æнæ рухсæй
сафтид дæн,
мæ хур.

‘Гас хур у, ‘гас хур.

 

* * *

III

Рухсгæнæг
зианджыны уд
нæ зоны ивгъуыд,
нæ зоны фидæн.
Зоны ныр, абон,
ныртæккæ,
хæдныр.

Мæ ахсджиаг,
цæссыг æмæ дыл рухс…
рухс кæнынæй ма узæлæм.

 

МОНХÆССÆГ

Дзырдæуы,
Хуыцаувæндæй иуафон
адæймагыл бафты Æстæм Фарн

Иунæг хатт бонджын,
тыхджын.
Мыггаджы фарнæй.

Дыууæ хатты бонджын,
тыхджын.
Хæрæфырты Фарнæй.

Æртæ хатты бонджын,
тыхджын.
Бынатыхицауы Фарнæй.

Цыппар хатты бонджын,
тыхджын.
Æгъдауы Фарнæй.

Фондз хатты бонджын,
тыхджын.
Æрдхорды Фарнæй.

Æхсæз хатты бонджын,
тыхджын.
Уастырджийы Фарнæй.

Авд хатты бонджын,
тыхджын.
Цыкурайы Фарнæй.

Аст, аст хатты бонджын,
тыхджын.
Дуне Скæнæджы Фарнæй
Монхæссæг.

 

ÆХСАР

Фæззæг
хризантемæйы бынозæй улæфыд,
цардхуыз уæлмæрды фæндиаг
бонрухсмæ
Барастырæн зынг дардта
сырхмæтæг.

Дæу,
мæ ахсджиаг монæрдхорды,
мæхæдæг
мæ къухтæй
кадджын Дзæуджыхъæуы
сыджыты æвджид кодтон.

Поэт,
æуый дæм æрхауди
ирон Сæйрагсахары кадæй
дæ рисæфхæрд зæрдæмæ
парахат…
Æхсар, адджын у нæ
æнæсаст нæртон лæджы буарæн
нæ зæхх.

Кæдæй-уæдæй дын
Фыдыбæстæйы зæххимæ
бафидауын бантыст:
нал уыныс
йæ аипп – йæ низты мæлæтдзаг,
мæлæтдзаг хæлмæгтæ
дæхæдæг дæ цæстæй…

…Бавнæлдтой
ингæнкъахджытæ
сыджыт калын ингæнмæ
белтæй…
Æз дæ мæ рахиз армæй
æртæ хатты уырзтыдзаг
нæ адджын сау зæххы
сыджыты бынаууон фæкодтон.

Æртæ хатты бахус и мæ цонг.
Æртæ хатты ахауд и мæ цонг.

Фæззæг
хризантемæты бынозæй улæфыд,
кæуинаг Дзæуджыхъæуы
фæстаг къул-уырдыджы хурмæ
дæ номыл
Аминонæн зынг дардта
бурæмæтæг.

 

* * *

Цæуы æмæ цæуы,
къæвда нæ зоны
асфальт хойынæй
фæллайын,
фæлмæцын.

Цæуы æмæ цæуы,
уылæн нæ зоны
дуртæ дауынæй
фæллайын,
фæлмæцын.

Цæуы æмæ цæуы,
аллон нæ зоны
нысанмæ цæуынæй
фæллайын,
фæлмæцын.