БЫРНАЦТЫ Барон

ФЫССÆДЖЫ МЫСГÆЙÆ

Фарон «Мах дуг» дунеон литературон преми куы расидт, уæд дзы нæ фысджытæй хъазуатондæрæй чи архайдта, уыдонæй иу уыд курдиатджын поэт, прозаик, журналы иузæрдион хæлар Бырнацты Барон. Уый-иу рæстæгæй-рæстæгмæ æрбадзырдта редакцимæ, телефонæй-иу бакаст йе ‘мдзæвгæтæ æмæ та-иу афарста: «Куыд сты, дæ зæрдæмæ цæуынц?»

Ай-гъай цыдысты мæ зæрдæмæ. Фæлæ-иу уымæ йæ сфæлдыстадон фæллой фаг кæм фæкаст, æмæ та-иу йæ ныхæстæм бафтыдта: «Акусын ма сыл хъæуы. Тагъд уæм сæ хæццæ кæндзынæн».

Рæстæг цыд… Бонтæ ивтой бонты. Баронæй хабар дзæвгар рæс­тæг нал уыд. Мах дæр, журналы ног номыртæ цæттæ кæнгæйæ, дугъы уайæгау кодтам, афойнадыл рацæуой, мацы дзы аирвæза…

Хъыгагæн, хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Барон нал федта уыцы литературон бæрæгбон, нал ныл сæмбæлдысты афоныл, æркастмæ цы æмдзæвгæты цикл бацæттæ кодта, уый дæр.

Цæстытыл арæх фæуайы, редакцимæ-иу куы ‘рбацыд, уæд-иу йемæ цы циндзинад æрбахаста, уый. Тыргъæй-иу æрбайхъуыст туаллагыздæхт хъæрæй ныхас. Бацин-иу кодта, ног номыр йæ къухмæ райсгæйæ. Йæ ныхас, йæ сагъæс та æппынæдзух уыд мадæлон æвзаг, ирон литературæ æмæ фысджыты цардыл.

О, уæдæй рацыд афæдз… Фæлæ, уæддæр, Барон, дæ уд, дæ ирон лæджы конд, дæ ном цæры æмæ цæрдзæн дæ уацмысты…

 

БЫРНАЦТЫ Барон

МÆ ЦАРДЫ УЛÆФТ – ЗАРÆГ

ТОХ

Мæ цард у тох, æвирхъау тох – мæ цард.
Тæссондзинад нæй равдисæн мæ уагæй.
Мæ сау уавæр нæ баззайдзæни хъуагæй,
Æрцауындзæг нæ дыууæты ‘хсæн кард.

Фод уæздæттæн сæ фæдыл æфтыд ард!
Æнæрвæссон цагъары номыл рагæй.
Нæ тонынц ын йæ хъаймагъ та æлгъагæй,
Йæ хид йæ туджы ‘ртахæй хъард.

Лæгъздæр цæуæнтæ не ‘рхастон мæ сæрмæ.
Æз айгæрстон æвæд рæтты фæндаг, –
Мæ рухс бæллиц сæрибары къæсæрмæ.
Дунейы фарн, кæд цъус амонд мын радтай,
Мæ цæрæнбон ыскæн мын тохæн фаг,
Мæ уды фæудыл нæу æндæр мæ катай.

 

ЗАРÆГ

Мæ зард – мæ бон, мæ царды улæфт – зарæг.
Хъуытаз хъæлæс, уыраугæ мыртæй нæр.
Мæн айсдзæни йæхимæ иубон мæр,
Нæ уыдзæн зарды рухс фидæн хъыгдарæг.

Тæссаг хæтæнты нал æй хъæуы сæр,
Куыдфæнды дуг йæ масты пырхæн калæд,
Йæ ихсыд тыхтæ зарæгыл æвзарæд,
Уый адæмæй йæ нал байсдзæн уæддæр.
Ыссыгъдысты мæ цинцæссыгтæ рустыл,
Мæ рæнхъыты балц ахиздзæн æнустыл,
Гъеныр хъысмæт ныффæлдахæд мыл дур.
Ысынтысгæ мæ фæндыры рæу зæлтæ
Кæй батавтой æфхæрд дзыллæты зæрдæ,
О, уыцы ныфсæй ракасти мыл хур.

 

УАРЗТ

Тызмæг æнгас ‘мæ науæрдон былалгъ
Сæ кæлæнтæй сæхиуыл мæн ныббастой:
Æнæрæнцайгæ барвæндæй фæхастон
Фæлывд уарзты зæрдæагайæн уаргъ.

Уæддæр мын уыд цæсты рухсау зынаргъ,
Нæ загътон никæд, уыцы уысм нæ уарзтон.
Æз иугай бонтæй ме стыр уарзт нæ барстон,
Ыскодтон ын æнæхъæн царды аргъ.

Дæлдзæх фæуæд фæстауæрц ‘мæ дывæнд,
Кæронмæ, лирæ, ризгæ зæл нывæнд.
Ысифтындз уарзтыл минмырон хъæлæстæ
Æмæ йыл хъалты удриссæн хъыгæн
Дæрдтыл дзыназгæ ахæм зард ныккæн,
Куыннæ уа уымæн бамынæг мæ фæстæ!

2019 аз

ШЕКСПИР

Ды растадтæ фæивгъуыд дугты дардæй
Мæ абонмæ ныфсифтонгæй зындтæ.
Заманты зилдух удхарæн зынтæ
Дæу не ссардтой æдых æмæ уæнгмардæй.

Зæххон уæвгæйæ, де ‘рдхæрæны зардæй
Сыгъдæг зæдтау æнæмæлæт ысдæ.
Æнæкæрон – дæ номхæссæн бынтæ,
Æвидигæ – сæ диссаджы бæркадæй.
О, чи басгуыхы разагъды поэтæй,
Тæхуды, ‘мæ хæзна дзырды сонетæй

Цытджын генийæн чи ссары йæ ном!
Кæмæн йæ уд уæлæрвтæм, мыййаг, не стахт,
Кæмæн йæ уд цъæх арт рæнхъытæ фестад.
Кæуыл нæ цæуы рæстæгæн йæ бон!

2015 аз

ГАГАРИН

Сырх пилон уадзгæ, араугæ цæхæрæй,
Болатныфс лæппу, расхъиудтай æваст,
Зæххон нымд риумæ атыдтай дæ баст
‘Мæ арвы дуæрттæ бакодтай дæ сæрæй.

Дæумæ бæрзонд уæлдунейы фæлтæрæй,
Зæрин хур худгæ, дисгæнгæйæ каст.
Æнусты арфмæ уыцы уысм фæраст
Дæ уазвæндаг дæ райгуырæн къæсæрæй.

Дæу рахуыдта йæ хъæбул зæххау арв дæр,
Бæгъатыр цæргæс, рæстæджы хъайтар дæр.
Мигъ не ‘рбадти дæ артвæдыл, мыййаг.
Нæ равдæлон дæ бацамынд фæндаг…
Фæхæссынц æй хъæбатыр гуырдтæ дарддæр,
Уæддæр ыл ды фыццаг уыдтæ, фыццаг.

2017 аз

КУРДИАТ

Зæронд чырыстон дины чиныг
Ныхас кæны хуыздзыд фæрстæй:
«Сыгъдæг йæ тæригъæдтæй чи уыд,
Уæлæуыл чи фæцард рæстæй,

Йæ хæррæгъ уымæн зæххы буарыл
Æрмæстдæр сæмбæлы айдагъ,
Йæ уд та раст дзæнæты дуарыл
Уæлæрвты балæууы уайтагъд».

Лæджы тæригъæды нæ цыдтæн,
Къæмдзæстыг никуы уыд мæ каст,
Бæрзонд рæстдзинадыл лæууыдтæн,
Йæ сæрыл цас фæистон маст.

Нæ барстон хинæйдзаг, тæппудæн,
Мæ рын – фæлитой гуырд, æлгъин.
Мæрдты мын уый тыххæй мæ удæн
Дзæнæт ныр байгом ис, зæгъин:

«Хуыцау, мæ ныхас айс дæхимæ,
Дæттыс мын удыбæстæ кæд,
Мæ уд мæ къодахимæ иумæ
Æрцæуæд сыджыты ныгæд.

Æнæ ныййарæг зæхх мæ удæн,
Фæуай мыл, ма фæуай тæргай,
Уæлæрвты нæй Дзæнæтæй хай.
Фæлтау Зындоны арты судзæд».

ТЫХСТЫ САХАТ

Цыма фыста уый фидиуæджы хæс.
Кæнæ фæдзæхста адæмы йæхиуыл.
Чысылæй стырмæ хъæубæстæйы иууыл
Æртымбыл кодта фæндыры хъæлæс.

Фæсхохæй хур цъæх арвы рындзмæ схызт.
Цæстуарзондæрæй дунейы куыд тавта,
Æрбахæццæ сты чындзхæсджытæ афтæ.
Æгас хъæу сыл рæдау фысымæй тыхст.

Нæ зыны ам фæрнджын сыхаг æрмæст,
Нæ хъуысы фынгыл буц хистæры зарæг.
Æртарф бынтон йæ рынчын фырт – йæ дарæг,
Лæууы йæ цуры – удæфхæрд, фæлмæст.

Йæ кæронмæ фæхæццæ кæны бадт,
Уæддæр ма симд, нæртон симд уыд йæ тынджы,
Æрцагуырдтой нæ уазджытæ сæ чындзы,
Фæстаг арфæтæн ралæууыд сæ рад.

Раст уыцы афон зæронд лæджы фырт
Æрæхгæдта йæ цæстытæ æнустæм.
Фæуадзыг мад, йæ иунæг хо ныррызт,
Фыр диссагæй фæлæбурдта йæ рустæм.

Йæ къухтæ йын фыд ацахста уæдмæ,
Цæссыгкалгæ йæ дзыхыл ын ныххæцыд.
Нæ араст ысты уазджытæ кæдмæ,
Нæ рахъæр ис сæ къонайы мæрдæрцыд.

Уый раджы уыд…
Фæлæ мæныл хъысмæт
Æлгъысты сырдау сау хъыгæй куы сниуы,
Æрæфты зæрдыл ацы хабар уæд,
Æмæ мæ маст нынныхъуырын мæ риуы.

2017 аз

ДЗЫРДЫ ФАРН

Цы у æнæнцой цард æвзарын,
Фæлвæрд, фæивгъуыд зынтыл мæт?
Йæ рухс, йæ бæллиццаг нысаныл
Дæ ныхас иугæр сæмбæлд кæд?!

Æгъуыссæг, тар æхсæвты тухи
Æппындæр мысгæ нæу лæгæн.
Куы бафта, гъе мардзæ, дæ къухы,
Уæд та ма иунæг рæнхъ хуызæн!

Цы у куыстдомд дадзинты ниуын,
Фæндонист хъизæмары ронг?
Кæд райгуырд иу ахæм дæ риуы
Уæлтæмæн зарæджы мыр ног?
Æрвылбон циу, дæ чъиухид калгæ,
Кæныс дæллаг галау тыххæст.
Зынгхуыст дæр æм куыд раста, афтæ
Дæ хъæлæс басгуыхæд æрмæст.

Дæ тыхыл авд ахæмы бафтдзæн,
Æрчъицдзæн йе ‘фхæрд рисæй зонд:
Æрыхъуыстой дæм иугæр адæм,
Дæ зарæг систой дын бæрзонд.

2018 аз

БОНИВАЙÆН

Уæйгуытау рацæй-растынц хæхтæ,
Сæууон фæлысты разынд рындз.
Нæугæрдæгыл цæхæр-æртæхтæ
Æрхауынæввонгæй тæлфынц.

Ысындзæвд боны ирд рухс мæйыл,
Ыскæсæн артарыд фæбур.
Сæуæхсиды зæрин хæрдгæйыл
Ыстулы, пиллон калгæ, хур.

Йæ тынтæй арф кæмттæм нывналы,
Фæдзæхсы дунейыл йæхи.
Æргъæу цъæх-цъæхид арвы малы
Ысуыдтой къæдзæхтæ сæхи.

Бон ахæм – удрæвдыд æппæтæн,
Зыдæфсис, йе стыр хæрзтæй цæст.
Кæд ис зæххыл уæзæг Дзæнæтæн,
Уæд уый Ирыстон у æрмæст.

2015 аз

ÆРГОМ ФАРСТ

«Хуыцау, фæкæн мæ хъуыддæгтæ рæстмæ», –
Фæкувы дæм йæ зонгуытыл рæстаг лæг.
Кæйдæр мулкмæ куы фæцæйхъуызы давæг,
Кæйдæр цардыл куы сфæнд кæны, куы, марæг.
Дæумæ ыскувынц уыдон дæр, дæумæ.

Кæм ферхæцы фыдракæнды лæгмар,
Кæм бантысынц фыдгæнæгæн йæ фæндтæ,
Кæм рамбулынц рæстзæрдæйы хъуыддæгтæ,
Кæм фесгуыхтæн сын нал вæййы амал.

Дунескæнæг! Ыстыр хатыр Дæ курын,
Кæд у мæ хъуыды истæмæй рæдыд:
Фыдгуырдæн дæр кæд айсыс Ды йæ куывд,
Уæд ма рæстыл кæимæ ис, кæ, дзурæн?!

2016 аз

ФÆНДИАГ

Æгъдау, хъайтардзинад, цытæй
Фæуагъта фыды фырт йæ фæстæ,
Æмæ у кадыл мард йæ хъæстæ,
Уæд фыдæй амондджындæр нæй.
Йæ цард ын фенад ис науæд,
Нæу фырт йæ сахъ фыды фæндиаг,
Бæласæн аскъуыди йæ уидаг,
Йæ зæнг уæлхъæдæй бахуыскъ уæд.

 

ФЫДЫЗÆХХ

Ды басгар дун-дуне парахат,
Цæрддзу йæ арф къуымты фæкæн.
Цы зæххыл рауадтæ фыццаг хатт,
Хуыздæр дзы ссарæн нæй лæгæн.

Фæлмæн у мадау уый фæрнджын,
Йæ хæс нæ фидыныл нæ домы.
Æмæ нæ маст исын нæ зоны:
Уæд ын куыд хъуамæ скæнæм зын…

Нæ райгуырæн бæстæ – нæртон,
Куыд райстам сахъ фыдæлты къухæй,
Тæхуды, афтæ йæ рæсугъдæй
Нæ фæстагæттæм махæн сом
Куы суаид адæттын нæ бон.

Ысирвæзт иу ахæмыл арт,
Тыхгæнæг æм йæ кард ысласта.
Нæ фидис айхъуысдзæни дард,
Йæ сæрыл бавгъау кодтам цард,
Фыртау куы бабыхсæм йæ мастæн.

Зынгхуыст хъæбатырты ныр дæр
Куыд мысæм мах, цæмæй нæ мыса
Цытджынæй фидæны фæлтæр.
Нæ Иры намысы тырыса
Нæ дуджы ма ‘руадзæм дæлдæр.

20.02.02 аз.

ФÆЗЗЫГОН ДИДИНÆГ

Нырма уый хуры хъарм æмбары,
Тæлфы йæ тæнбазырты цард.
Цæхæртæ рухс амондæй калы,
Кæлы йæ зæрин къускæй арт.

Уый уарзы быдыр, хъæдтæ, рæгътæ
Куы скæнынц дари фæлыст цъæх.
Уый уарзы мигъты сонт гæрæхтæ,
Тæссар тæрккъæвдаты сæх-сæх.

Уый уарзы, авд хуызæй æдæрсгæ
Куы ссудзы арвæрдыны арт.
Цы уыди, авд ахæмæй бæстæ
Нæуæг куы нырттивы фæсуард.

Поэт, йæ буцæй уæдæ азар,
Науæд дæ бадомдзæн фæсмон.
Уæдмæ йыл атыхсдзæни уазал,
Æмæ йыл батар уыдзæн бон.

ИРОН СЕРЕНАДÆ

Æз загътон: ныр æгас хæдзар ыссардтон…
Цымæ цæмæн ма фембæлдтæн дæуыл?
Ысдæн та ногæй дард балцы фæндаггон,
Мæ хæтæнтæ æртæфстысты мæныл.

Æхцон улæфтæн мысæм сатæг, хатгай
Куы сфæлмæцæм зæрин хуры тæвдæй.
Уадз бадомæд мæн уарзты судзгæ катай,
Æнæ дæу мын æнцойад царды нæй.

Цъæх айнæг хæхтæ, дидинфæлыст фæзтæ
Сæ уындæй исдуг нал æндæвтой мæн.
Дæу базыдтон, мæ йе ‘цæг хуызы бæстæ
Фæстæмæ фестад рухс Дзæнæт мæнæн.

Æви мæ риуæй уарзты монц ысхицæн,
Æви нырмæ нæ йын зыдтон йæ ад?
Дæ иу фендæй фæлхарст зæрдæ йæхицæн
Бынтондæр риуы нал ары бынат.

Æнхъæл уыдтæн, хъару æфхæрæн азтæй
Æртасдзынæн æппынфæстаг æз дæр…
Фæзындтæ ды, æмæ та пилон уарзтæй
Æвзонг лæппуйау разылди мæ сæр.

Фæцудыдтон мæ бакастæй, мæ кондæй,
Нæ фæтых рæстæг зæрдæйыл æрмæст.
Ыскæс-ма арвмæ, рухс Мæйæн зæрондæй
Æрттивы ноджы ирддæрæй йæ цæст.

О, байтындз-ма, рæсугъд æхсин, дæ рудзынг!
Цæмæн кæныс дæ мидбылхудт æвгъау?
Дæ уындмæ бæлгæ, ракæс-ма, куыд судзынц
Тыбар-тыбурæй стъалытæ зынгау.

Мæ фæндыр, зарæг уарзты буцæн симон,
Фæсмойнаг дзы куыннæ фæуон æцæг.
Дæуæй мæм каст, дæуыл лæууыд мæ амонд:
Дæ цагъдмæ рудзынг байгом ис сындæг.

Фæцæуы æхсæв…Бирæ нал ис бонмæ.
Кæнынц дæ фендмæ хуры тынтæ тагъд.
Нæ дын загътон мæ зæгъинаг кæронмæ,
Цæрæнбон дæр нæ мын фæуыдзæн загъд.

2017 аз

 

ИНÆЛАРЫ ФÆСТАГ БАЛЦ

Хъайтар инæлар рынцади йæ сынты,
Æррæвдз йæ фæндагмæ, фæлыст.
Кæд бахауди йæ уаддзагъд зæрдæ фынты,
Йæ фæллад ыл æрæджиау æртыхст.

Æви, мыййаг, хъæбатырæн дæр царды
Ысвæййы хъомыс сау сыджыт кæддæр?!
Кæй нæ иста нæмыджы цæф, гъе карды,
Æгъатыр низæй басасти уæддæр?

Ау уый та куыд?! Бæгъатыр лæгæн афтæ
Йæ цытджын фæндаг айсæфти, фæци?
Йæ бæх йæ быны нал цæудзæни кафгæ,
Æнæ барæгæй баззадис дзы уый?

Уый чи уыди, кæмæй ысирвæзт хъарæг?
Иссæ нæ амард: Иры сахъ фыртæн
Ысси йæ цард кæрæй-кæронмæ зарæг,
Нæй зарæгæн та азæххыл мæлæн.

Йæ уды фарн мынæг рисы нæ ныфтдзæн,
Йæ ном цæрдзæн æхсар æмæ ныфсæн.
Фæдисы хъæрмæ саулохагыл сыстдзæн
Æмæ та тохы пиллонмæ бырсдзæн.

 

НЫСТУАН МАДМÆ

Хæсты быдыры баззади мæ фыд.
Æллæх, æна, дæ зæрдæ йыл куыд хъæцыд.
Æрыгон уыдтæ, мой кæнын дæ хъуыд,
Кæд ды мæн тыххæй баззадтæ идæдзы.

Æнафоны фæхалас ис дæ сæр,
Дæ мæт, дæ мæстæй батадтæ цырагъау.
Мæ сусæгæй дæ сæфт уарзты цæхæр
Цæстысыгæй хуыссын кодтай æнæвгъау.

Уæддæр дæ никуы федтон æз тыхстæй,
Дæ фæдмæн къухты рæзыдтæн – сæрибар…
Сывæллоны цавæрфæнды зынтæй
Дæ хъæбыс уыд мæнæн, Æна, мæ фидар.

Мæ бахудтмæ-иу бахудтæ фæлмæн,
Мæ кæуынмæ – хæкъуырццæй-иу фæкуыдтай,
Фæллад куысты мæн тыххæй ды нæ зыдтай,
Мæ циндзинад – дæ бæрæгбон дæуæн.

Фыды ад дæр æз бавзæрстон дæуæй,
Мæ ныфсы хох æппæтæй дæр ды уыдтæ,
Куыд дæм ысдзурон хъуамæ уæд хъæрæй,
Куыд дын зæгъон уæд истæмæй: рæдыд дæ.

Ныссæрф, мæ мад, дæ цæссыгтæ, ысхуд:
Ыслæг дæн æз, зындзинæдты нæ ниуын.
Дæ фæлмæст сæр æруадз гъеныр мæ риуыл,
Дæуæн лæггады улæфдзæн мæ уд.

1965 аз.