ЧЕХОЙТЫ Сæрæби

* * *

Уӕртӕ иу чызг дон ӕрхӕссы,
Сабыргай ӕрцӕуы,
Зулмӕ мӕм бӕргӕ фӕкӕсы,
Фæлӕ мӕм нӕ лӕууы…

Къахдзӕфтӕ кӕны чысылгай,
Астӕу тынг ызмӕлы.
«О, дӕ райсом хорз уа, чызгай,
Дойныйӕ куы мӕлын».

Чызг мӕ комкоммӕ ӕрлӕууыд,
Барухс и мӕ зӕрдӕ…
Дойны мын, мыййаг, куынӕ уыд, –
Банызтон гъе уӕддӕр.

Ӕз ныхъхъус дӕн, мардтӕн хурхӕй…
Чызг сӕхимӕ араст.
Ахæм сау рӕсугъды къухӕй
Емынӕ дӕр баназ!

 

* * *

Иу куыдз ис нӕ сыхы,
Сусӕгӕй хӕцӕг.
Марг ис, марг йӕ дзыхы,
Райсын ӕм лӕдзӕг.

Иу мӕкъуылы цъуппӕй
Ратахт уый ӕмӕ
Систа мӕ ӕпп-уппы,
Гӕпп кӕны мӕнмӕ.

Хойраджы хъӕстӕйыл
Фесдӕры зӕвӕт,
Хицауы цӕстмӕ мыл
Калы уый йӕ сӕт.

Уарза йӕ йӕ хицау,
Уый йын исчи нӕу.
Хъуамӕ уый нымудза
Хорз рӕйынӕй дӕу.

Ахӕм куыдз у цъаммар,
Сусӕгӕй хӕцы.
Ахӕм куыдзы цармы
Ис дыууӕ куыдзы.

 

* * *

Фӕцӕф та дӕн, мӕ тугӕй мит ыссырх и.
Йӕ бауромын нӕу мӕхи бон, нӕу!
Хӕссы мӕ зӕрдӕ, цӕсгомыл – мӕ сур хид.
Ӕвзӕр у цӕф! Мӕ удхӕссӕг, фӕлӕуу!..

Мӕ цурты згъорынц ме ’мбӕлттӕ ӕд гӕрзтӕ,
Нӕма сӕ ’вдӕлы а сахат мӕнмӕ.
Фӕзынд хӕстон хо уыдонӕн сӕ фӕстӕ…
Бӕтты мӕ цӕф, ыстӕй фысдзӕн хъӕмӕ…

«Нӕ фервӕздзӕн…» Ӕмӕ йӕ ӕз ӕмбарын…
Мӕ ком ныххус, зӕгъин ын: «Дарддӕр тӕх!»
Уӕд хъусын ног: «Дӕ цӕсгом дӕр ныттар и,
Къӕбæлдзыгсӕр, дӕу суазӕг кӕндзӕн зӕхх…»

Ӕндӕр ӕппындӕр нал бамбӕрстон ницы…
Мӕнӕй мӕ мӕлӕт абон дӕр ма лидзы!

 

ЗЫМÆГОН ÆХСÆВ КРАСНОГОРЫ

Уазал бон баизӕр. Бахсӕв.
Хъӕубӕстӕ сабыр лӕууы.
Хъӕддзауты уӕрдӕтты къӕс-къӕс
Дардӕй кӕцӕйдӕр цӕуы.

Ницыуал хъуысы мӕ сыхӕй
(Ничи дзы бады мӕ бӕрц).
Рацыдтӕн уынгмӕ. Йӕхиуыл
Урс хъӕццул бамбӕрзта ӕрдз.

Ахӕм рӕсугъд ирд ӕхсӕвы
Бӕлӕстӕ сабыр лӕууынц.
Ранӕй-ран уасджытӕ уасынц,
Фаллаг сых куыйтӕ рӕйынц.

Цъититыл уалӕ ӕнцайы
Сабыр, ӕнӕ змӕлгӕ мигъ.
Хъӕумӕ сызгъӕрин мӕй арвӕй,
Мидбылты худгӕ, ныджджих.

 

СОНЕТТÆ

* * *

Цы рӕстӕг уыд, уый диссаг уыди тынг.
Йӕ хъуыддаг хорз цыд цъаммарӕн, ӕвзӕрӕн.
Хӕстыты баззад тугимӕ мӕ тых.
Ӕз ницуал зыдтон уый фӕстӕ мӕ сӕрӕн.

Кӕм мӕ бакодтой, уым ма иу бындз уыд…
Мӕ рудзынджы авг уазалы ныддӕвдӕг.
Мæн та мӕ къарцы иу лӕг-ӕмбал хъуыд,
Мӕ хид кӕм тагъди зӕхбынмӕ фыр тӕвдӕй.

Бындзы фæрсын: «Цы кодтай, цы, ды та?»
Дзуапп радта уый: «Нӕ йӕ зонын ӕз дӕр».
Йӕ быцъынӕг сӕрибармӕ тыдта,
Уый хоста авгыл дзӕгъӕлы йӕ сӕр.

Бындз куы дӕ ды, дӕ фесæфт нӕу мӕстаг.
Лӕг куы дӕн ӕз, цӕмӕн сӕфын ӕз та?

 

* * *

Нӕма ныууагъта уарзондзинад мæн.
Уӕд нал цӕрин, уӕд бабын уаин уайтагъд.
Уый у мӕ тых, нӕй уый руаджы мӕлӕн,
Уый у, цӕй руаджы ног цӕрын дӕр райдай.

Нӕу зарын дӕр ӕнӕ уарзгӕ мӕ бон,
Мӕ уарзондзинад у мӕнӕн тырыса.
Ӕз афтӕ уарзын (нӕу мын уый ӕнцон),
Куынӕуал уон, уӕддӕр ма мӕ куыд мысат.

Мӕ уарзондзинад у мӕнӕн мӕ зӕхх,
Мӕ хур, мӕ дон, мӕ цӕхх ӕмӕ мӕ кӕрдзын.
Ӕнӕ уарзгӕйӕ ницы у дзӕбӕх,
Ӕнӕ уарзгӕйӕ ницы цӕры ӕрдзы.

Ӕз та лӕг дӕн, ӕз ӕрдзы иу хай дӕн,
Лӕгӕн та нӕй ӕнӕ уарзгӕ цӕрӕн.

 

* * *

Фæсмойнаг нæу, нӕ рӕзгӕ дуг – мӕ лымӕн,
Мӕ царды ӕз цы бавзӕрстон зынӕй.
Зындзинӕдтӕ цы лӕг нӕ федта, уымӕн,
«Ӕз дӕр фӕцардтӕн», – афтӕ зӕгъӕн нӕй.

Мӕ бирӕ азтӕ зӕрдӕмæ нæ хӕссын,
Фӕкæлын кæд, уӕддӕр та фестын ног.
Бӕрзонд абонæй сомбонмӕ фӕлгӕсын,
Ӕмӕ кӕнынц мæ зæронд уӕнгтӕ рог.

Кæйдæртау ӕз нæ разындтӕн бӕзджынцарм…
Ӕфсарм мӕм ис. Ӕмгъуыдтӕй цӕрӕн нӕй.
Цы цӕры лӕг? Цыбыр куы у лӕджы цард.
Лӕгдзинад та фылдӕр цӕры лæгӕй.

Нӕ рӕзгӕ дуг, мӕныл ӕгӕр фӕзындтӕ.
Куыд рæзыс, уый цур ницы сты мæ зынтӕ.

 

* * *

Нӕ уарзын ӕз мӕ зонгуытыл лӕууын.
Ызнаджы раз мӕ къухтӕ сдарон? Уаих!
Фӕлтау мӕрдтӕм мӕхи къухӕй цӕуын!
Ӕмӕ гъе уӕд ӕз кадджындӕр лӕг уаин.

Фӕлтау мӕ туг ӕнӕрынцой кӕлӕд.
Ӕз худинаг нӕ райсдзынӕн мӕхимӕ.
Мӕнӕн хуыздӕр у уый бӕсты мӕлӕт.
Хӕстон дӕн ӕз, ӕмӕ мӕ нӕй мӕхи мӕт.

Куы фӕлидзон ыстыр хӕстон зынтӕй,
Уӕд ма цы цӕсгом равдисин мӕ хотӕм?
Кӕйдӕртау мын ӕгадӕй цӕрӕн нӕй,
Нӕ сых, нӕ хъæу мыл бакӕндзысты хъоды.

Кӕд дæн тӕппуд, – хуыздӕр мын у мӕлӕт,
Мӕныл кӕуын ныртӕккӕ хъӕуы уӕд!