ЦОМАЙТЫ Ростислав

НОГ АЗЫ НОГ ХÆРЗТÆМ
КАСТÆН ÆНХЪÆЛМÆ

ЗЫМӔГОН ИЗӔРТӔ

Лӕууынц ма мӕ зӕрдыл
зымӕгон изӕртӕ,
Дӕ рӕсугъд цӕстытӕ,
дӕ былты ӕвӕрд,
Дӕ мидбылты бахудт,
дӕ цингӕнаг зӕрдӕ.
Нӕ зыдтон ӕз уыдонӕй
мисхал ӕфхӕрд.

О, уыцы изӕртӕ,
зӕринбазыр азтӕ,
Рӕвдыд уыдтӕн уарзтӕй,
ӕнӕмӕт уыд цард.
Уӕд райдзаст фӕндтимӕ
ӕз фидӕнмӕ кастӕн,
Ныр фидӕн дӕр нал ис,
у ивгъуыд дӕр дард…

Ӕрмӕст ма фӕмысын
ӕз уыцы изӕртӕ,
Ныр дӕр ма мӕ тавы
дӕ цӕстыты каст.
Ныр дӕр ма дӕуимӕ
фӕдзуры мӕ зӕрдӕ,
Ныр дӕр мӕ нӕ ферох
ӕвзонг бонты уарзт.

* * *

Горӕт ӕхсӕвыгон:
стъалытӕ арвыл.
Дуне ӕппӕтӕй дӕр
ахсӕв – мӕ армыл.

Ивгъуыды хъуыдытӕ
растынц мӕ размӕ.
Райсомы зынтӕн дӕр
абон фӕразын…

Горӕт ӕхсӕвыгон:
стъалытӕ тары.
Сомбоныл сагъӕс мын
ме уӕнгтӕ мары.

Стъалытӕ арвыдзаг,
джихӕй фӕлгӕсынц.
Цалхыдзаг мӕй дӕр та
малмӕ фӕлӕсы…

Горӕт ӕхсӕвыгон:
рагбонтӕ мысын.
Тар ӕхсӕв цадӕггай
рагфынау сысы…

НЫВГÆНÆГ

Зымӕг нывӕнды
йӕ аргъау мӕ фӕрсагыл.
Сныв кодта урс бӕхтӕ,
сӕ уӕлӕ – барджытӕ,
урс нымӕт – уӕхсчытыл
фесхойынц барджынӕй.
Ноджы ма сныв кодта
митын зӕронд Дада.
’Хсӕрдзӕн, бӕрзонд хӕхтӕ,
урс митын къуылдымтӕ,
Теркӕн йӕ уылӕнтӕ.
Ноджы ма сфӕлыста
арв ӕмӕ стъалытӕ,
Хуры зӕрин тынтӕ,
Сабитӕн рухс фынтӕ…
Зымӕджы нывты
федтон дӕ сурӕт дӕр,
Цӕстӕнгас ’нкъардхуызӕй
калдта мӕнг тӕмӕнтӕ,
Былтӕн сӕ фезмӕлдӕй
хатын дӕ кӕлӕнтӕ.

* * *

Хойы уарын мӕ рудзынг,
Дымгӕ уатмӕ бырсы,
Ды мӕ хъуыдыты цардтӕ,
Ныр ӕнӕ дӕу тыхсын.

Хойы уарын мӕ рудзынг,
Бӕстӕ – раст цыма хаст,
Ӕз фыдӕх ӕмӕ уарзтӕй
Абон равзарин уарзт.

Хойы уарын мӕ рудзынг
Цадӕг, цыма ды дӕ,
Байтыгътаин мӕ рудзынг,
Фӕлӕ ’рбайсӕфт ӕндӕрг.

Уый кӕд уарын нӕ уыди,
Кӕд ӕрбатахтӕ ’васт,
Демӕ ахастай ’нусмӕ
Ды мӕ сагъӕс, мӕ уарзт.

Хойы уарын мӕ рудзынг,
Дымгӕ уатмӕ бырсы.
Ды мӕ хъуыдытӕй дард дӕ?
Нӕ! Ӕнӕ дӕу тыхсын.

МИТ УАРЫ
(Хъазгӕмхасӕнты)

Арв йӕхи лӕмары,
Мит уӕддӕр нӕ уары.
Базмӕлы йӕ дымӕг, –
Цӕй, кӕм и нӕ зымӕг?

Арв ӕрныгъуылд тары,
Мит уӕддӕр нӕ уары.
Кувӕгау ӕнхъӕлмӕ
Max кӕсӕм уӕлӕмӕ.

Арв нӕ маст ӕмбары,
Мит уӕддӕр нӕ уары.
Мӕй дӕр ӕм ӕрхаты,
Мӕйы дӕр нӕ хаты.

Арв нӕ дисы дары,
Мит уӕддӕр нӕ уары.
Арвмӕ у нӕ каст –
Айсаф нын нӕ маст.

Арв фыр цинӕй зары,
Мит уӕддӕр нӕ уары…
Айс, уӕдӕ, дӕ дымӕг,
Нал нӕ хъӕуы зымӕг!

 

НОГ АЗЫ КЪÆӔСÆӔРЫЛ

Ног азы ног хӕрзтӕм
Кастӕн ӕнхъӕлмӕ,
Амонд гӕлӕбуйау
Тахти мӕ сӕрмӕ.

Загътон, ӕртӕхдзӕн мӕм,
Кодтон ыл цинтӕ,
Уый та ӕрбатар и, –
Скодтой мын хинтӕ.

Загътон: уӕд та ма мын
Ахӕсс мӕ сагъӕс,
Тарӕй мӕм, саурӕсугъд,
Курын дӕ, ма кӕс…

Амонд фӕагуырдтон,
Уый уыд мӕ сӕрмӕ.
Фӕлӕ нӕ фӕзынди, –
Атахт… ӕндӕрмӕ…

Ног азы ног уарзтмӕ
Кувын ӕмбойны,
Ног азы рухс фынтӕй
Сафын мӕ дойны…

* * *

Ӕрхӕндӕг бахордта мӕ зӕрдӕ,
Мӕ фидӕн мигъты ’хсӕн нымбӕхст.
Мӕ уарзт дӕр алыгъди кӕдӕмдӕр,
Мӕ фӕндтӕй не ’рцыд иу ӕххӕст…

Фӕлидзон искуыдӕм, фӕзӕгъын,
Фӕлӕ кӕдӕм, фӕлӕ кӕмӕ?
Куырмӕджы арвы ’рдӕм фӕтӕхын,
Ӕгӕрмӕгуыр мын нӕй хъӕмӕ…

Мӕ фӕндтӕ баныгӕдтон тары,
Мӕ сӕрмӕ хуры бӕсты – мӕй.
Мӕ хъынцъым иунӕгмӕ нӕ хъары,
Мӕ сӕрыл иу ысдзурӕг нӕй…

Ӕрвитын афтӕмӕй мӕ бонтӕ,
Цӕрынӕн нал баззад рӕстӕг.
Мӕхи дӕр нал базонын сонтӕй,
Ӕрцыд мӕм удхӕссӕг хӕстӕг…

Мӕ уд мын бахордта ӕрхӕндӕг,
Тыхсын мӕ цӕрдтытӕй, тыхсын.
Фӕци мӕ уаз бӕллиц пырхӕндӕг,
Фӕлӕ быхсын, зынтӕн быхсын!