ЦÆР, МÆ РУХС БÆСТÆ!
Хур æркасти мигьты ‘хсæнæй
Къæвдайы фæстæ.
Хистæр басидти сырх сæнæй:
«Цæр, мæ рухс бæстæ!».
Исын рагуалдзæджы цинтæ
Уазал зымæджы.
Атайынц фæздæгау зынтæ
Уарзты зарæджы.
Тъыфыл цæргæс арвыл зилы,
Ныфс – йæ ныхыл фыст.
Курын: арфæ рауадз Ирыл,
Фесаф ын йæ рыст!
Хур æркасти мигъты ‘хсæнæй
Къæвдайы фæстæ.
Хистæр басидти сырх сæнæй:
«Цæр, мæ рухс бæстæ!».
2007 аз