ТУГÆРХÆМ ЗÆДТÆ
ДЗЕРАССÆ
Сæмбырд кæнут – фестин та æз буар.
Иугай улæфт бауадзут – улæфин.
Ног хъæдгомау бабæттут мæ цард.
Саби та æз фæныкæй ыскæнин.
Зæхх, цы кодтай? Бахус дæ, нæ мад?
Ма мæм кæс дæ дзыхъхъытæ-цæстытæй.
Бамбæхстай мæ хъæбулæн йæ мард.
Туг нæ кæлы ногæвæрд хуыдтытæй?
Басыгъди, куы ныссау и. Мæн у?
Урс хызау куы гом кæнын мæрдвæлыст.
Зæхх, цыма хæцыдтæ ды мæныл,
Афтæмæй æнæбын арф – дæхи рыст.
Иу дадали. Бур фæнык. Æмбæлд –
Разгъæлдысты урс-урсид фæрдгутæ.
Дуртау ысты сау зæххыл æвæрд.
Æз куы зонын ацы урс рæнхъытæ!
Ай цы ссардтон? Бауазал мæ буар.
Базыдтон мæ хъæбулы дæндæгтæ:
Раззæгтæ – зылынтæ, иу дзы – даргъ.
Байстон сæ мæ зæрдæмæ хæстæгдæр.
Ба кæныл йæ фæхудтæн. Хъæр у?
Иуварс, иуварс! Мæ сæ исут къухтæй!
Марæгмæ йæ ахæссон? Мæн у…
Кæд Хуыцауæй а зæххыл фæцух дæн?
Уæд ды та цæмæн чиуыс, нæ зæхх?
Сæмбырд и дæ цъæх къуылдымты сау зын?
Радтон дын мæ судзгæ туджы ‘ртæх.
Уымæн – авдæн, у мæнæн та азым.
ЦÆМÆН ХУЫССЫНЦ ЗÆДТÆ СÆ ТУДЖЫ?
Цæмæн хуыссынц зæдтæ сæ туджы, цæмæн?
Æфхæрд уд фæхицæн йæ рухсдзыд буарæй.
Мæ зæрдæ мæ риуæй ыстыдтой мæнæн,
Цæмæй мын мæхимæ æрцæуæн дæр ма уа?
Мынæг кæны улæфт. Цы ма йын кæнон?
Хуыцау, нæй рæстæгæн фæстæмæ ыздахæн?
Мæ дуне куы нынкъуыст, дзæгъæл дæн бынтон.
Мæ фæндаг ныппырх и, Дæумæ йæ ныр дарын.
Цы цард и мæ къухты, уый бахъахъхъæн Ды.
Ныр зæдтæ нæ тырнынц дзæнæты дуармæ:
Лæгбирæгъ æнæвгъауæй зæдты цæгъды,
Йæ фыдзæрдæ дары фæндаггагæн армы.
Дæн разы нæ зæххыл æппæтæн быхсын.
Дæ фæлдыст, æз царды сæраппонд фæмæлын.
Фæлæ Дæм æд саби ныфсæйдзаг цæуын:
Æз не ‘ууæндын Демæ æгъатыр мæлæтыл.
РÆСТÆДЖЫ ЦЫД МÆНÆЙ УÆД ФЕРОХ
Рæстæджы цыд мæнæй уæд ферох, уастæн.
Цъысым у дуне – айрох и мæнæй.
Беслæны иу саби куы рацæйхастон,
Цæмæй хызт уа рæмыгъд æмæ зынгæй.
Мæ фырт, ды ма ‘нхъæл, ацы сау бон цард у,
Æмæ нæ цардæн бартæ нæй æндæр.
Мæ дыууæ армы хъарм æмæ сæ хъару –
Ыстыр бæстæты хъомысæй фылдæр.
Мæ чысыл хур, у амондджын, æвæлмаст.
Нæ зæххыл уыйау ницы ис хъазар.
Зæрдæйы фæлмæн у тыхджындæр тасæй.
Кæмæ ис намыс, никуы у цагъар.
Нæ дыууæ алæууæм лæгтау æнæ сым.
Мæ къухты саби – куывд æмæ цырагъ.
Мæ фæдон ды ысуыдзынæ, мæ мæсыг.
Æппæт сабитæн уæд сæ рыст мæ уаргъ.
Мæ дæрзæг къухты – сабийæн йæ рустæ.
Хъысмæт æркодта абон ардæм мæн.
У стыр амонд, дæ улæфт дын кæй хъусын,
Кæй ис мæнæн «спецназ»-ы ном хæссæн.
ИСЛАМ
Æмæ дæ æркодтам фæстæмæ дæ мадмæ,
Цæмæй йæ цæстытæ барухс уой, æмæ æнкъард ма кæна.
Хъуыран. Сурæ 20 – 41
Æвзонгадæн нæй ивгъуыд –
Фæстæмæ йын нæй цыд.
Фæлæ уæддæр нæ хъуыдæг
Нæ зоны, нæ, æмгъуыд.
Мæ мад, мæ фын хъыгдарыс,
Фæсидыс мæм ды, раст
Дæ уарзæгой Исламы
Кæныс цыма æгас.
Сæдæйæм хатт та бадыс
‘Мæ киномæ кæсыс –
Нырма мæ дзы æгасæй,
Æнæзиан уыныс.
Цыбыр кинойы нывы
Дæ цæстыхаутау раст
Цæсгæмтты ‘хсæн æрттивы
Мæ иу фæрсмæ фæкаст.
Кæмæ фæхудтæн мидбыл,
Беслæн зæгъдзæн кæддæр:
Ныййарæгмæ æрцыдтæн
Æз худгæйæ уæддæр
Нæ фембæлдтæ нæ фæуынц,
Фæлхат кæнынц æдзух.
Сæ лентæйыл – цъæррæмыхст,
Нындзыг и пультыл къух.
Цæф бирæгъау та æхсæв
Ныббогъ кæндзæн фæндон.
Йæ куырм цæстытæ ‘мбæхсгæ
Фæфæстæ уыдзæн бон.
Фæкуыдтой йыл æгæр дæр.
Нæ удтау у уый фаст.
Уыдтæн дæуæн нысангонд,
Фæстаджы бонмæ барст.
Ох, иунæгæн йæ уæз та
Æз бамбæрстон хуыздæр,
Куы баззадтæ мæ фæст
Хæрз иунæгæй ды дæр.
Мæ зæрдæ сыл нæ дарын:
Кæрон нæ цардæн нæй.
Хуыцауы дин нæ барын
Ыздыйы къæрттытæй.
Цæмæ фесты, – мæ сонты
Дæн аууæттæ фæрсæг, –
Нæ зæххы сæфты бонты
Нæ сабитæ фыццаг?
Æууæнкдзинад лæвар у
Æви йæ фæнд лæгæн?
Æви уый фестад арæн
Мæлæтæй царды ‘хсæн?
Нæ мын ныууагътой бар дæр
Фыд уæвын æмæ фырт.
Мæ хъысмæт мын мæ хæдзар
Нызмæлын кодта ныр.
Уон, ма уон? Дзуапп куы дæтты
Нæ скъолайæн йæ зал.
Æз Летайы знæт дæттæн
Ныббæтдзынæн сæ хал.
И гаккæвæрд рæстæгыл.
Уæлобау ингæн – къахт.
Æрфæны рухс æфцæгыл
Тæхæм уæларвмæ мах.
Фæлæ, мыййаг, ныр иууыл
Ныхæстæ сты æрмæст…
Мæ туг ныккалд, ныр уымæй
Кæд бафсæдид сæ хæст?
Куы равзæрстон рæстады,
Ныфсы тыхау æз цард,
Хъысмæт – цыма æвзонгад.
Æз уарзтæн хордтон ард.
Зыдтон æй – дæн æнусон,
Мæ ном кæй у Ислам.
Æнæ дзуапп, æнæ сым
Нæ разынди Беслæн.
Уæхски-уæхскæй лæудзыстæм.
Зæгъдзæни сын Ислам:
«Нæ хæдзæрттæм цæудзыстæм.
Ныфс сафын у хæрам».
Дзырдтон æмæ æууæндыдтæн,
Уырны нырма дæр мæн:
Бæрцбарæн сты мæ куывдтытæ
Ирвæзт æмæ сæфтæн.
Мæ сурæ, мæ аят дæр –
Мæ мадæй талисман.
Мæ риумæ топп ныддардта
Æмæ зæгъы лæгмар
Тæрсынгæнгæйæ зал:
«Хъыпп-сыпп куы скæнат, уайтагъд
Ныззардзæн топп азан».
Йæ цæстытæм ын кастæн
Æмæ æдас уыдтæн:
«Нæ амардзыстут, уастæн,
Нæй фесафæн мæнæн.
Сымах æхсут æнустæ,
Цæвут сæ хуыды кард.
Мæн ма кæнут уæ хъузон,
Æз сабитæн дæн уарт.
Йæ хай дæн æз æнусæн,
Ислам мыл ном æвæрд!»
Æрхæццæ и фæстаг бон,
Цагъар кæдæй уыдтæн.
Нæ Хуыцаумæ уæларвмæ
Æз фидиуæг цыдтæн.
Æз байстон артæй мæргъты.
Мæ къухты ма тæлфынц.
Сæ сырх туджы æртæхтæ
Сæ базыртæй тæдзынц.
Уа саби йе сылгоймаг –
Æддæмæ сæ кæнын.
Нæ фидауы, нæлгоймаг,
Дыууæ мардæй тæрсын.
Фæлæ куы фехæлд дуне
Мæ къæхты бын хъæрæй:
«Æрбаздæх мæм, мæ лæппу,
Дæ Хуыцауы тыххæй!»
Ызды нæмгуыты бынты,
Æнтæф æмæ фæлмы
Йæ сидтмæ æз тындзыдтæн
Æвиппайды мæнмæ
Сывæллоны хъæр райхъуыст:
«Ислам, Ислам, æххуыс!»
Кæмæн хъарон мæ азым?
Кæй хатыр курон æз?
Хæрз гыццыл чызг. Ныккуыдта.
Уый рудзынгыл лæууыд.
Йæ къæбæлдзыг дзыккутæ,
Иконæйау – йæ уынд.
Чысыл сабимæ уæртæ
Ныхъхъавыди мæлæт.
Æмæ, мæ мад, ныртæккæ
Мæхиуыл нæу мæ мæт.
Фæцæуын ногæй арты.
Нæй раздæхыны бар.
Кæд нал хъæуын мæ царды,
Ивазын æм мæ арм.
У амонд – бахиз искæй,
Æххуысгæнæгæн сбæзз.
Фæрыстæн уын уæ рыстæй.
Ислам дæн, уе ‘рвад, æз.
Мæ зæрдыл арт ныздыхсти,
Мæ риуы ахызт рыст…
Æрæджы мæм чи ‘взыста,
Дæн уый нæмыгæй æхст.
Цы зоны ‘нусон цардæн
Æнæуарзт зæрдæ, тутт?
Тæригъæд, хорздзинадæн
Ды раарфæ кæн, уд.
Мæ мад, дæ фын хъыгдарын,
Зæххы сидтмæ цæуын.
Ислам дæ уарзы, уарзы.
Дæхицæн ма кæ зын.
Мæн скъолайы уындзынæ:
Æз ногæй дæн цæрдуд.
Ды киномæ кæсдзынæ,
Ыскъуындзæн та дæ уд.
Дæуæн – мæ мидбыл бахудт,
Дæу – ме ‘ууæнк æмæ уарзт.
Мæ уд фæндыры цагъдæй
Ныууромы йæ хъаст.
Мæ хъæстытæ рæмудзынц,
Зæрдæйау у сæ дзæхст,
Мæ куывдты артау судзынц.
Уымæл кæнынц йæ цæст.
***
Мæн ыскувын куы фæнда, кæдæм дæм кæсон?
Царды иу хатт дæр никуыма куывтон Хуыцаумæ.
Æз уæлæмæ ыскастæн – мæлæт дзы уыдтон.
Уым – гранатæты ивæзт, ысрæмудза хъуамæ.
Æз мæ цæстытæ ‘руагътон – сырх суадон дзы цыд,
Бандзыг зонгуытыл лæуджытæн тасау сæ быны.
Уый кæйдæр цард фæтагъди. Мæ цард дæр цы уыд,
Кæд мæлæты нывæндты нæ хъусыс сæ зыны?
Размæ ракастæн. Уым та ныл маскæтæ худынц.
Мах æргæвдынæввонгæй куы тырнынц Дæумæ.
Стæй шахидкæты хион æфсонæй рæмудзынц,
Не ‘рцыд цалынмæ дуне бынтондæр сæфтмæ.
Æз кæм агурон Дæу? Кæд мæ ‘ппындæр нæ хъусыс?
«Махæн баххуыс кæ, баххуыс» – мæ куывдты æрмæст.
Кæд мын ацы ран баззайын скарстай æнусты,
Аллах, иннæтæ иууыл Дæуыл уæнт фæдзæхст.
О, уæд та мын куы зæгъис, кæй куывдыл æрвæссыс?
Дæуæн кувы æрыгон фыдгæнæг сæрæй.
Ды Дæхимæ йæ къухæй сæфт уд ныр фæхæссыс,
Уый та дзуры Дæ тых æмæ зондыл хъæрæй.
Мæн ыскувын куы фæнда, кæдæм Дæм кæсон?
Ды нæ хъусыс мæ сусныхас уыдоны хъæрты.
Ды мæ цæстытæ бахгæдтай – уый мын тæрхон,
Кæд ыссарин Дæ зонд æмæ уд æз мæ зæрды.
Уырыссаг æвзагæй Бететы Фатимæйы тæлмац
ÆХСАРÆН
Къæбутыстæг ма баззади нæ фыртæй
æмæ нын баци саумæрæн йæ хай…
Фццаг хатт мæм æй ды тыхтæй куы радтай, –
ме ‘рмттæй, ох, нæма ферох йæ хъарм.
Дæ зæрдыл ма хурджын бон лæууы?
Нæ йæ куымдтон мæхимæ райсын æз –
æгæр дæрзæг мæм кастысты мæ къухтæ.
Дæ цæстытæм нæ уæндыдтæн кæсын:
куыд тæнзæрдæ дæн, ма фиппайай уый.
Мæ риумæ йæ куыд æрбалхъивон – тарстæн,
куы райхъал уа мæ зæрдæйы цæлхъытæм.
Фæдисонæй-иу авдæнмæ куы ‘ргуыбыр кодтай ды,
уæд-иу æз та, цы амондджын уыдтæн,
ууыл Хуыцауæн дæр басæттынæй тарстæн.
Фæлæ ныл-иу, йæ дзыгъуыртæм кæсгæйæ,
куы бахæцыди худæг, – фæндыд мæ-иу
ысфæйлауын нæ дуне…
…Фæлæ уæдмæ йæ сау бындур ныззылд дунейæн…
Æнахуыр уазал бацахсти мæ æрмтты:
нæ удыкъæртт, нæ буц хъæбулы мысынц.
Куы йæ агуырдтон, хордтон ард Хуыцауæй:
мæ къух ма дзы кæд истæуыл фæхæст уа, –
нæ нырриздзæн, нæ ныккæрздзæн мæ зæрдæ…
Цыдтæн сæ фæрсты сæдæгай сау мæрддзæгтæн,
йæ хурх æлхъывтон ме ‘намонд зæрдæйæн –
цыди ма ‘рмæст йæ удаист хæр-хæр.
Фæлæ та-иу æгомыгæй кæйдæр цур
йæхи мæ риуæй ратыдта, дзынæзта.
Æмæ-иу уæд мæ зæрдæйæн йæ зæрдыл
мæ карз сомы æрлæууын кодтон æз
æмæ зылдтæн рæнхъ æвæрд мæрдтыл дарддæр.
…Мæ фырт, ныббар, кæй нæ куымдта мæ зæрдæ
мæ цæстытыл æууæндын:
лæджы бындзæфхадæн йæ мардагур зылдтæн…
Мæ хур, мæ ныфс, о, афтæ тынг дæ уарзын,
æмæ дæ ме ‘рмтты хъавгæ-ризгæйæ хæссын.
Тæрсын та дын мæ риумæ балхъивгæйæ æз,
уазалдзæф лæгуатæй ды ма фæуай зæрдæдзæф –
уым ниуы ме ‘рдиаг, зынудисæн кæны.
Дæуыл æваст куы ныддæлгом дæн æз,
уæд ракодтон Ыстыр Хуыцауæн арфæ,
цы ныййарæгæй рантыстæ дунемæ,
уый ам кæй нæй, уый оххыл, мæ фырт!
Цымæ, æцæг дæу баныгæдтон æз?
Кæд афтæ у æцæгæйдæр, уæд ыл
дæ мадæн никæд басæтдзыстæм мах.
Æрмæст дæ курын, фидар дзырд мын ратт,
Фæрсæгау мын мæ цæстытæм куы кæса
йæ саумарой цæстытæй,
уæд-иу ды фест дзыхъхъынногæй нæ хъæбул.
Дæ дзыгъуыртыл æнусон хур æрттивдзæн,
æмæ йæ мидбыл бахуддзæн дæ мад…
Уырыссаг æвзагæй ГУСАЛТЫ Барисы тæлмац