НÆКУЫСАТЫ Наирæ

ÆДЫХ МÆТ

Цæссыгты сæрты амондмæ цыдтæн,
Ды радтай абон иу æртах дæ уарзтæй.
Æнæхъæн аз æнæ дæуæй тыхстæн,
Чысыл ысуæгъд и салд зæрдæ йæ мастæй.

Уый сахуыр риссын, райдыдта кæуын,
Æгæрон цин æнахуыр хуызы разынд.
Фæлидзыс та, зæгъыс та мын «цæуын»,
Мæ зынг зæрдæ дæ фæдыл дуртыл атылд.

Куы судза ахсæв тарф фыны дæ риу,
Уæд зон: ныррухс дæ талынг уат мæ уарзтæй.
Нæ зæрдæтæ нырæй фæстæмæ – иу,
Тæхæм уæларвмæ, нал фæразæм бастæй.

Нæ зæххыл амонд аразын зын у,
Дæ мæт æдых у, хъахъхъæн мæ дæ цинæй.
Ды зон, мæ цард æнæхъæнæй дæу у,
Нæ саби-уарзтыл макуы рацу хинæй.

КÆСГОН КАФТ

Рог кæсгон кафт систа мæн йæ уылæнты,
Ирд цæхæрæй миддуне ыссыгъд,
Мæйы симд куыд диссаг у ыстъалытæн,
Афтæ дисы ‘фтыдта мæн дæ уынд.
Бонвæрнонау фидыдтай нæ тар зæххыл,
Уыд æвзыгъд дæ цырд фезмæлд, дæ дзырд,
Ферттывтай æхсаргардау, æрвон бæхыл
Атахтæ, дæ фæд сырх зынгæй зынд.
Райгуырди налхъуыт-налмас дæ къахвæдыл
Банцад уарын, донласт хур ыскаст,
Банкъардтон тыхджын фæсмон дæ ацыдыл,
Цыма мын мæ уд ахастай раст.
Уаз кæсгон кафт систа мæн йæ уылæнты,
Рох цæхæрæй сонт зæрдæ ыссыгъд,
Нарты симд куыд цырын кæны хъæубæсты
Афтæ арвмæ систа мæн дæ уынд.

1997 аз