МАДЫ ФАРН
Арын дзы мæ дзæнæтыбадинаг мад
Санахъоты Цирæйы рухс ном
КЪОЛАЙЫ САПОН
Хæсты азæлд
– Аланæ, мæ къона, сапондоны сапон куы нæуал ис, мæ къухтæ цæмæй ныхсон? – бадзырдта хихсæны цурæй мидæггаг уатмæ Плион.
– Ныртæккæ, нана, – сапон нæм нæй æви цы!
Чысыл фæстæдæр зæронд усы къухы урс фынк скалдта хæрздæфгæнаг сапон.
– Раздæр ахæмтæ кæм уыди, – дзуры мидбылхудгæ Плион, – уæлдайдæр, хæсты рæстæг. – Ныр та алцыдæр – хæрх, цы дæ хъæуы, æмæ цы нæй. Раздæр-иу сæрдыгон нæ пысултæ цæугæдонмæ ныскъæфтам æмæ-иу сæ уым ахсадтам. Иухатт мæ тæнæг къаба ныддавтон æхсынмæ, æмæ мын мæ сапон дон аласта. Хæдзармæ кæугæ ссыдтæн, фæлæ мæм мæ мад нæ фæхыл кодта, аирвæзтæн.
Ацы цау мæ зæрдыл дзæгъæлы не ‘рлæууыди. Гуырдзыстоны мидрайонты цардис мингай ирæттæ, фæлæ сæ 90-æм азты лидзын бахъуыд. Мæ мадæн йæ мад æмæ йæ фыд цардысты Берджаны районы Мачъарцъхълийы хъæуы. Куыстой ахуыргæнджытæй. Иубон мæ дадайы бахъуыдис районмæ рацæуын цыдæр хъуыддаджы фæдыл.
– Къола, сапон дæ-иу ма ферох уæд, сапон нæм нал ис, – адзырдта йæ фæдыл мæ нана Тамарæ.
Изæры куы ‘рбацыди, уæд æрбахаста иу сапон, дуканитыл азилынмæ мæ нал равдæлди, зæгъгæ.
– Ацы сапон мæ зонгæ дзуттаг лæгæй балхæдтон, æндæр æм нал уыди.
Райсомæй дзы бинонтæ сæхи ныхсадтой. Уый уыди 1941 азы июны, мæ мадыл уæд афæдз цыди.
Уæдмæ æрбайхъуысти фыдохы хабар: Германы лæгсырдтæ нæ бæстæмæ æрбабырстой – райдыдта хæст. Фæцыди мæ дада дæр хæсты быдырмæ, кæд æм «бронь» уыдис, уæддæр, адæм афтæ ма зæгъой, бамбæхсти, зæгъгæ. Сапонæй йæхи ничиуал ныхсадта, мæ нана йæ батыхта æмæ йæ бафснайдта, фæстæмæ куы æрыздæха, уæд уыцы бон æрымысдзæн æмæ йын æхсызгон уыдзæн. Фæлæ нал сæмбæлд йæ къонайыл, æбæрæгæй фесæфти комыаргъ лæг. Фенхъæлмæ касти нана йæ дарæгмæ, фæлæ кæрæдзийыл нал бацин кодтой.
Схъомыл кодта йæ иунæг чызджы – мæ мады. Царди йе ‘фсинимæ. Сапонмæ бавналын йæ цæст никæмæнуал бауарзта, æмæ æрхæццæ ис абоны бонмæ, стайæртæазыккон сапон – мæ мады цæхъхъæн!
Диссаг та куыд нæу лæджы цард? Раст цыма йæ йæ ном æрымысынæн балхæдта, афтæ рауади йæ хъысмæт. Уадз æмæ йæ нæ кæстæртæ дæр зоной, лæууæд æвæрдæй зынаргъ хæзнайау.
Арæх æй райсын, æркæсын æм æмæ мæ мады сурæт мæ цæстытыл ауайы. Мæ хъарм цæссыгтæ мæ рустыл æрлæдæрсынц…
17.06. 2024 аз
УАЛДЗÆДЖЫ МИНÆВАР
Цардæй ист ныв
Рагуалдзæг йæ тæмæны бацыди. Хæрæмигътæ сæхи арвы цъæх тыгъдадæй айстой. Хур йæ зынг цæстæй ныккасти, цыма зæххы уындæй нал æфсæды, уыйау дардыл нывæнды йæ зæлдаг тынтæ. Быдыртæ æмæ фæзтæ гæзæмæ фæцъæх сты. Ранæй-рæтты сæ сæртæ сдардтой æрвгъуыз, сырхбын дидинджытæ. Тæрфыты æмæ къудзиты бынты тыгуырæй скалдысты малусæгтæ, цин кæнынц уалдзæджы æрцыдыл. Кæмттæй æрбадымы сатæг уддзæф æмæ адæймаджы уæнгты æвдадзы хосау ахизы.
Уый уалдзæджы комулæфт у, уалдзæджы!.. Дыргъдонæй райхъуысти мæргъты хъæлдзæг зарын – æрхастой нын уалдзæджы цины цау. Лæууын нæ кæрты æмæ кæсын сырхмæтæджы бæгънæг зæнгмæ – тагъд та дæ къуыбар дидинæг ракалдзæн, æмæ та дæ буц уындæй, дæ хæрздæфæй адæймаджы зæрдæскъæфт кæндзынæ.
Мæнæ кæцæйдæр æрбатахти цъæхбазыр гæлæбу, – абон фыццаг хатт федтон гæлæбу. Мæнæ цы рæсугъд у! Мæ алыварс æрзилдух кодта, стæй стъолыл, мæ мады æлхæд хъулон æмбæрзæныл æрбадти. Кæсын æм æдзынæг, мæ цæст дзы атонын нал комы. Уый йæхи хæрдмæ систа æмæ пæрпæргæнгæ атахти быруйы сæрты.
Раздæр-иу хистæртæй фехъуыстон: адæймаг, дам, куы амæлы, уæд йæ уд бацæуы маргъы кæнæ æндæр цæрæгойы хуызы. Уый кæд дæ уд уыди, мæ мад, æмæ нæ фенынмæ æрбатахти. Мæ алыварс дæр уымæн æрзилдух кодта… Мæ цæссыг мæ фындзы хъæлæй мæ къухмæ æркалди æмæ æрттивы сæууон æртæхау хуры зæлдаг тынтæм. Чи зоны та æрбатæха райсом кæнæ… фидæнмæ.
Фæзын та-иу, цъæхбазыр гæлæбу, æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн…
12.06.2024 аз
ЦЪÆХ КÆЛМÆРЗÆН
Нанайы цæссыгтæ
Таугазоныл азтæ сæ уæз æруагътой. Фæлæ нырма æвзонг чызгау рæвдз у йæ фезмæлд, цæрдæг – йæ къахайст. Йæ цæхæрадоны цынæхуызон хæрздæфгæнаг цъæх хал æрзайын кæны, – цæст сæм кæсынæй не ‘фсæды. Æниу цы сæн æрдуцы, уый та! Сыхы лæгтæм æндæр дзырд нæ вæййы: «Цæй æмæ та Таугазоны уардихуыз сæнæй бануазæм». Уый дæр сын сæ мæнгагъуысты буц фынг авæры, хорз сæ суазæг кæны.
Куыд æрвылбон, афтæ абон дæр сæумæцъæхæй сыстади Таугазон – хæдзары бирæ куыст и. Йæ хъуг радыгъта æмæ йæ рæгъаумæ ауагъта, йе ‘хсыр æрфæрсыгъта, ахсæн ыл акодта – æхсырæн, йæхи хъармæй куы бацахсы, уæд йæ цыхт хæрзаддæр вæййы, фæзæгъы Таугазон. Стæй кæрдо бæласы бын фæхсбандоныл æрбадти, æмæ йæ цæстытыл ауадысты йе ‘взонгад, йæ амондджын царды бонтæ.
Æртын фондз азы фæкуыста сæ хъæуы амбулаторийы медицинон хойæ, цал Кады гæххæтты, цал бузныджы ныхасы райста, чи сæ фæуыдзæн нымад! Раздæр æй ахуыргæнæг суæвын фæндыди, фæлæ, скъолайы ма ахуыр кодта, афтæ иубон йæ фыд цæвæг цыргъгæнгæйæ йæ къух алыг кодта, чызг ын æй урс хæцъилæй бабаста, куыд арæхсти, афтæ. Уыцы бонæй фæстæмæ медицинон дæсныйад Залиханы зæрдæмæ тынгдæр цæуын райдыдта.
Йæ фидæны цардæмбалимæ та афтæ базонгæ ис. Ахуыр куы фæци, уæд йæхи цæттæ кодта «рауагъдон» изæрмæ. Сæ цурты æндæрхъæуккаг Уасил йæ фыдымад Зоретимæ фæцæйцыд Зореты цæгатмæ. Зæронд усæн куыддæр йæ зæрдæ бавзæр и, æмæ Залиханты бандоныл æрбадтысты. Залихан æй суыдта, рауади, йæ дадзины цавд ын басгæрста, стæй йын зæрдæйы хос бадардта. Ус йæхимæ ‘рцыди. Уасил хæрзконд чызгыл йæ цæст æрæвæрдта. Æмæ та сæ кæстæр чызгæн дæр ныззылдтой нæртон чындзæхсæв Таугазтæ.
Афтæ у, мæ хур, царды алцы дæр амондæй у. Фæлæ сæ амонд бирæ нæ ахаста – райдыдта хæст. Фæцыди Уасил дæр тохы быдырмæ Таугазоны æртæ ‘фсымæримæ. Иу дæр сæ нал раздæхти йæ къонамæ.
Схаста Таугазон йæ иунæг чызджы буцæй. Ныр йæ цот, уыдоны цот æртынæй фылдæр сты, нæ рох кæнынц сæ нанайы, радгай йæ бæрæг кæнынц.
* * *
Силæм быруйы сæрты æрбагæпп кодта, Таугазоны къæхты бын æрхуыссыди, йе ‘взаг æддæмæ раппæрста.
– Кæм та уыдтæ, дзæгъæлкъах? – хæцы йæм ус.
Ныр сæм аст азы цæры. Æмæ сæм куыдæй æрбафтыди? Иухатт Аринæимæ æдде бандоныл бадтысты. Уалынмæ сæ цуры уæзласæн машинæ сивгъуыдта, йæ гуыффæйы – адæм. Сæ фæдыл куыдз фæлидзы, æвæццæгæн, се ‘хсæн йæ хицау уыд. Ныр кæйонг хъуамæ фæлидза сæ фæстæ? Хъæуы кæрон æрлæууыди, – æвæццæгæн, бафæллади, фæстæмæ ракасти. Аринæ йæ размæ азгъордта, æрсæрфтытæ йæ кодта, уый дæр йæ кæдзил цины тылд бакодта æмæ чызджы фæдыл рацыд.
Таугазоны куы бафæрсынц, Силæм ыл цæмæн сæвæрдтай, уæд иу худæджы хабар æрымысы.
Уæд ма сæхимæ царди, иу цуанон куыдз сæм уыди, уый дæр Силæм хуынди. Йæ хистæр хо Таузан чындзы цыди, чындзæхсæв йæ тæмæны бацыди, фæсивæд фæзы хъазт сарæзтой. Чындзхонтæй кæмæдæр кафыны рад æрхауди. Йæ къахфындзтæ æрсагъта æмæ кафынмæ рахуыдта сæ астæуккаг хо Азауы. Уый доны хъазау раленк кодта. Силæм уым æввахс кæмдæр уыди, æвæццæгæн, афтæ фенхъæлдта, æфхæргæ кæны чызджы, æмæ лæппуйыл йæхи андзæрста, йæ быны йæ скодта. Адæм схъомпал сты. «Гъæйтт, Таугазонтæ, ивар фидын уæ бахъуыдис, ныр уæ чызджы раттут уазæг лæппуйæн», – худынц фæйнæрдыгæй фæсивæд. Æмæ, æцæгдæр, иу мæйы фæстæ минæвæрттæ æрбарвыстой.
– Цон, мæ кæрчытæн нартхор æркалон, мæ хыссæ дæр сæнхъызтаид.
Афонмæ Сæрмæтитæ дæр æрбацæуынц æмæ та йæ бакъуымы кæндзысты: нана, зымæгмæ нын цъындатæ сбидзынæ, æхсæв та нын рагон хабæрттæ радзурдзынæ?
Сыстынмæ куыд хъавыди, афтæ дуар чидæр æрбахоста. Сыхæгты чызг Зæрæда æртæсæдæ сомы æрбахаста: «Мæ мад мын сæ рарвыста, Таугазонæн, дам, йæ хæс бахæсс». Фæлæ сæ уый нæ бакуымдта: «Цу, мæ хур, мæ номæй дзы дæхицæн къаффеттæ балхæн».
* * *
– Нана, æцæг иухатт рувасы йæ къæдзилæй не ‘рцахстай? Минтæйы та нæ уырны, – нал уадзы Сæрмæт йæ нанайы.
– Æцæг уыди, æцæг, мæ хур. Мæ фыдæн хосгæрдæнмæ сихор ахастон. Фæстæмæ куы æрцæйздæхтæн, уæд кæсын, æмæ æхсæр бæласы бын иу бур рувас бады, йæ къæдзил хæрдмæ схъил кодта. Æз æм бахъуызыдтæн, йæ къæдзил ын рацахстон. Уый фесхъиудта, мæ къæхтæм мын фæлæбурдта. Хорз уыди, Сæпурейы сæрмæ не ‘рвадæлты лæг Отар йæ фыртимæ фос хызта, æмæ мæм фæфæдис сты. Отар ын йæ хурх лæдзæгæй зæхмæ æрæлхъывта, стæй йын йæ хъустæ æрцахста æмæ мæм æй радта. Æз ын иу къухæй йæ къæдзилыл хæцыдтæн, иннæмæй та – йæ хъустыл, афтæмæй йæ æрхастон. Нæ сыхæгтæ æрбамбырд сты, чи дис кодта, чи та – худгæ. Æнæхъæн Дзамагоныл айхъуысти, Залихан рувас æрцахста, зæгъгæ. Æфсæйнаг хызы йæ бакодтон, цæмæй йын уырдæм хæринаг хæссæм. Райсомæй кæсæм, æмæ йæ дуар – гом, æвæццæгæн æй æхсæвы нæ мад сусæгæй ауагъта, – фæтæригъæд ын кодта. Иухатт та, уæд ног чындз уыдтæн, ме ‘фсинимæ дыууæйæ уыдыстæм хæдзары. Сæрдыгон-иу нæ фос æдде уыдысты. Сæумæцъæхæй мыл цыдæр хъæлæба ссыд. Фæгæпп кодтон, акастæн рудзынгæй: иу цъæх бирæгъ куы иу фысы хурх ацахсы, куы – иннæйы. Æз бауадтæн, хæцæнгарз аифтыгътон æмæ йæ рудзынгæй рагæрах кодтон.
– Нана, æмæ стæй цы фæци?
– Уæдмæ уæ дада фæзынди йе ‘фсымæримæ æмæ йæ аластой. Иу цау мæ зæрдыл бадардтон, æмæ мæ цæрæнбонты никуы ферох уыдзæни. Уæд æртыккаг къласы уыдтæн. Нæ фале уыдис хуымзæхх, Тулойты хай. Фæззæджы йæм арс фæцахуыр нартхор хæрынмæ. Иуæхсæв æй цуанæттæ амардтой, райсомæй машинæ ‘рбацыди, фæсте йыл гуыффæ бабастой æмæ йæ уым сбадын кодтой; мæнæ дзы цыма лæг бады, афтæ зынди. Нæ цуры баурæдтой, адæм æм уынынмæ цыдысты. Мæ дада бацыди æмæ йын йæ дзæмбыйыл схæцыди: «Ехх, æрсой, дæ хæрд дæ фарсæй фæци, искæй фæллой хæрын хорз нæу». Абон дæр мæ цæстытыл уайы, нæ цурты йæ куыд фæцæйластой, уый.
– Раздæр æцæг уыдис уæйгуытæ, нана?
– Æз мæхæдæг никуы федтон, фæлæ-иу зæронд адæмæй хъуыстон сæ кой. Нæ хъæуы кæрон уыдис тулдз бæлас, йæ быны – фондз дуры, раст бандæтты хуызæн. Раздæр уым нæ уыдысты, æнæнхъæлæджы дзы фæзындысты иу æхсæвыгон. Райсомæй адæм æддæмæ куы ракастысты, уæд сæ раййæфтой. Уæйгуытæ, дам сæ æрхастой. Чидæр та сæ æхсæвы уым бадгæ федта, цыдæр æнахъинонтæ, дам, уыдысты.
– Нана, Хуыцау дæ уырны?
– Уый та мын цы загътай? Ис Хуыцау дæр, дзуар дæр, – ацы дуне æнæ хицау нæу. Æз мæхæдæг федтон тæхгæ зæд. Кæцы къласы уыдтæн, нал æй хъуыды кæнын. Изæрыгон кæрты бадтæн, æмæ æваст мæ сæрмæ цыдæр ферттывта; æз скастæн – саби-зæд мæ сæрмæ фæтæхы цæхæртæ калгæ. Бандзыггомау дæн, афтæмæй йæ фæдыл кæсын. Нæ фале Æхслебайы дзуар ис, æмæ уыцырдæм атахти. Нæ фыдымад Гасситы хъæуккаг уыди. Иухатт йæ хойы уынынмæ цыди, мах дæр йемæ акодта – мæн, мæ хистæр хо æмæ мæ хистæр æфсымæр Лексойы. Дыууæ боны сæм фестæм, æртыккаг бон, хур акъул и, афтæ рараст стæм. Æрдæгфæндагыл ныл æризæр и. Иу ран бафиппайдтам, нæ фæдыл цыдæр кæй цæуы. Тас нæ бацыди, фæлæ ницы дзурæм. Уæд Лексо нал фæлæууыди æмæ йæ афарста: «Æна, ницы уыныс?» «Уынын æй, уынын, рацæут», – сабырæй загъта уый. Æваст нæ сæрмæ цыдæр ферттывта, не ‘мдзугæнæг æрбадæлдзæх и. Мах куыд цыдыстæм, уый дæр афтæ цыди нæ сæрмæ цæхæртæ калгæ. Хъæумæ куы ‘рбаввахс стæм, уæд атахти, Æхслебайы дзуар кæй хонæм, уыцырдæм.
Мæ нанайæ фехъуыстон ахæм хабар. Нæ дыккаг хæдзæрттæ Есетæ уыдысты. Уыдонмæ уæйыг æргомæй цыди, сæ цуры-иу фæбадти æнæдзургæйæ, стæй-иу æрдæгæхсæв ацыди. Иухатт, æвæццæгæн, лæгтæй хæдзары ничи уыди, дуар ын нал бакодтой, уый фæстæ нал фæзынди.
– Нана, айразмæ нын, дæ дада арсимæ куыд фæныхæй-ныхмæ ис, уый куынæ радзырдтай.
Таугазон куыддæр кæрдзын пецы бавæрдта, афтæ дуары хъæр фæцыди.
– Æрбахæццæ стут, нанайы хуртæ? Цыдæр тарстхуыз стут, исты хабар æрцыди?
– Нæ, нана, ницы ‘рцыди. Сордиты фæзилæнæй куы рахызтыстæм, уæд нæ рæзты иу дынджыр сау калм ацъыввытт ласта.
– Гъемæ йæ кой фесæфæд. Хорз у, æмæ уæ никæуыл фæхæцыди. Абадут уал, ацы кæрдзын ма райсон, æмæ исты ахæрæм.
– Нана, куадзæн та кæд уыдзæни?
– Тагъд уыдзæни, тагъд. Дæс боны фæстæ та нæм йæ къуылых бæхыл куы ‘рцæуа!.. Æйчытæ та уын сфыцдзынæн, æмæ та къуырцц кæндзыстут, – загъта мидбылхудгæ, кæрдзын пецæй райста, стæй йæхи уæззау уагъд æркодта бандоныл. Абон цыдæр йæ уагыл нæу, тыхулæфт кæны.
– Нана, исты дæ риссы? – афарста йæ Минтæ. – Сынтæгыл дæхи æруадз. Миланæ, нана цыдæр кæны, йæ цуры-ма æрбад, æз дохтырма ауайон.
Чысыл фæстæдæр æрбацыдысты дохтыр æмæ медицинон хо. Йæ туджы æлхъывдад ын сбарстой, йæ зæрдæмæ йын байхъуыстой, стæй кæрæдзимæ ацамыдтой. Фæстаг хатт ма ракасти йæ цотмæ нана йæ рæсугъд цъæх цæстытæй æмæ сæ æнусбонтæм æрæхгæдта.
– Æвæццæгæн, пецы фарсмæ бирæ фæархайдта, æмæ йæ сæры тугдадзин аскъуыди, – загъта дохтыр.
* * *
– Бабу, мæнæ уый ахæссæм нанайæн?
– Уый та цы у?
– Кæлмæрзæ-æ-æн, цъæх кæлмæрзæ-æ-æн, нана цъæх хуыз уарзта, йæ гуырæнбонмæ йын æй балхæдтон, – кæуынхъæлæсæй загъта Миланæ.
– Уæдæ, уæдæ, бабу дын цард феста, ахæссæм ын æй, уый нанайæн æппæты зынаргъдæр лæвар уыдзæни.
– Бабу, зоныс, знон Минтæ дохтырмæ куы ацыди, уæд æз нанайы фарсмæ бадтæн сынтæгыл, мæ къух мын йæ риумæ нылхъывта, стæй йæ цæссыг йæ русыл æртылди æмæ мæ къухыл æркалди, никуы мæ ферох уыдзæни.
Бабу йæ йæ хъæбысы æрбакодта, æмæ сæ дыууæ дæр ныккуыдтой.
Цæуынц Уасилы хæдзармæ хионæй, зонгæйæ. Къухбакæнæн нал ис мæрддзыгой адæмæй. Абон Гæрæмы хизынмæ нал ауагътой, æргæвдгæ йæ кæнынц нанайы хистæн, фæстаг хатт ма йын радыгътой йе ‘хсыры цъыртт. Цыма йæ адзал базыдта, уыйау кауы сæрты ракæсы æмæ зæрдæхалæн уаст ныккæны.
Æваст фæхъус и фыдохы музыкæ, æмæ райхъуыстысты Симды рæсугъд зæлтæ. Уый нана йæ цотæн бафæдзæхста, куы амæлон, уæд-иу мын Симд ацæгъдут, зæгъгæ. «Скæнут-иу мыл, иухатт мын мæ сæрыхицау цы цымгъуыз къаба балхæдта лыстæг сау тæппытимæ, уый». Иу къуырийы фæстæ ацыди хæстмæ, æмæ йæ йæ цæст скæнын нал бауарзта, фæстæмæ куы æрыздæха, уæд æй скæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ… Æхсай азæй йæ фылдæр фæдардта шифанеры æфснайдæй, ныр ыл æй мæрддзагæн скодтой. Куыд хорз дыл фидауы, куыд, афонмæ дæр æй куыд никуы скодтай, гормон…
Систой бæрзонд дидинвæлыст чырын, йæ рæсугъд цæсгом ын раздæхтой хæдзары ‘рдæм, стæй йæ рахастой æддæмæ. «На-на-а, ма нæ ныууадз!» – æмбу кæнынц йæ бирæ цот йæ фæдыл.
Фæцæуы нана, æвзонгæй сæрыстырæй кæуыл цыди, зæрондæй – фосы фæдыл, дуканимæ йе та мæрддзыгой, уыцы фæндагыл фæстаг хатт. Кæлынц йæ мæрдвæндагыл æнкъард сырх дидинджытæ.
– Нанайы фæстæ Силæм хæдзармæ нал фæзынди, гæды та æхсæв йæ уаты схуыссы, райсомæй та цыдæр фæвæййы, – дзуры йæ чызг Асиат постхæссæг Аминæтимæ. Абон ын йæ фæстаг пенси æрбахаста.
– Куыд хъыг мын уыди, мæ бонылæй, алкæд дæр-иу мæ размæ мидбылхудгæ рауади, лыстæг æхца никуы бакуымдта, дæхицæн, дам сæ уадз, – йæ зæрдæ æрбауынгæг Аминæтæн.
Асиат къамоды чырынæй систа, нана фæстаг хатт цы рæсугъд нывæфтыд цъындатæ сбыдта, уыдон, фæлæ сæ ничиуал бакуымдта йæхицæн, – уадз æмæ ‘вæрд уой йæ номыл.
– Бабу, дысон нанайы фыны федтон, цыма йæ хæдзары уыдтæн. Кулдуарæй мидæмæ æрбахызти, йæ сæрыл, кæй йын балхæдтон, уыцы цъæх кæлмæрзæн. Йæ мидбыл мæм бахудти æмæ кæрдо бæласы бын æрбадти. Æз дæр йæ фарсмæ æрбадтæн. Мæ къух мын йæ хъæбысы æрæвæрдта æмæ мæ бафарста: «Мурат куыд у?» Дзæбæх у, зæгъын. Уый размæ йын загътон, операци йын кæй кæндзысты, уый. Стæй сыстади. Æз æм дзурын: «Нана, ма ацу». – «Нæ, нæ, мæн цæуын хъæуы, уæлæ-ма скæс, хур фæныгуылы, æмæ бынаты хъуамæ уон». Гæрæм цыма скъæты ‘рдыгæй рацыди, нæ цуры æрлæууыди, æмæ йæ цæссыг калди. Нана йæ къухæй æрсæрфтытæ кодта, уый ныббогъ кодта, æз фыр тæссæй фехъал дæн. Рухсаг у, нана, мæрдтæй дæр дæ цотмæ æхсайы дæ зæрдæ.
Айразмæ та йæ Земфирæ федта йæ фыны: «Цыма цыдæр æнахуыр фæндагыл фæцæйцыдтæн. Мæ разæй иу ус фæцæуы. Æз æй базыдтон, уый нана кæй у æмæ йæ баййæфтон. Уый мæм æрбакасти æмæ мын афтæ: «Зифæ, куыд бафæлладтæн ацы фæндагыл». Æз ын мæ къух йæ дæлармы акодтон, æмæ фæцæуæм. Иу ран нæ размæ цæхгæрмæ фæндаг æрцыди, уый мын афтæ: «Ды мауал рацу, ныр мæхæдæг ацæудзынæн». Æз йæ фæдыл кæсын æмæ тыхсын, гыццыл ма мæм зыны дардæй. Куыддæр ныхъхъæр кодтон «на-на-а», афтæ фехъал дæн. Абон сабат у, уæлмæрдмæ куы ацæуиккам…»
Рæсугъд, хæрздæфгæнаг мæтæгтæ æрхуыссыдысты нанайы мæрдон сыджытыл, кæсы мидбылхудгæ йæ цотмæ сау къæйдурæй, цыма сын афтæ зæгъы: «Бузныг, мæ хуртæ, мæнæй дæр рох не стут Мæрдты бæсты».
Фæлæ мæнæ царциаты диссаг: æваст арвыл фæзынд урс мигъы бындзыг, рацыди лыстæг уарын. Нанайы цæстыты бын дыууæ æртахы сæрттывтой раст дзындзы фæрдгуытау. Цыма йæ цины цæссыгтæ уыдысты, уыйау…
20.06.2024 аз