АГЪНАТЫ Гæстæн

НОМ

Аивадон-документалон уацау

 

Номдзыд лæг дзыллæйæ хæс дары.
Адæймагæн номгæнæг –йæ хъуыддæгтæ.
Ирон æмбисæндтæ

 

СУДЖЫ УÆРДОН

 

Нæ раздæры сыхаг,
Ирыстоны зындгонд лæгтæй иу –
Дзугкойты Никъалайы мысинæгтæм гæсгæ.

 

Иу сæумæрайсом нын нæ кæрты уисæй быд кулдуар чидæр æрбахоста. Фыццаг æм ракаст мæ мад Дари, стæй та – æз. Дуар æрбахойæг уыд дæ фыд Æмзор. Мæ мадимæ аныхæстæ кодта, стæй мæнмæ разылд æмæ мæм дзуры:

– Лæппу, суджы уæрдон мæ ракæнын хъæуы, æмæ мæм нæ фæкæсдзынæ?

Æмзоры искæд ме ’ххуыс бахъæудзæн, уый æнхъæл никæд уыдтæн, æмæ мын йæ ныхас æхсызгон уыд. Агъайдæр, феххуыс ын кæндзынæн. Æгайтма йæ фарсмæ æрлæууынæн бæззын.

Мидæмæ згъорæгау ацыдтæн, уайтагъд нæ сигæц фæрæтимæ фæзылдтæн. Æз – æртындæс-цыппæрдæсаздзыд лæппу – хъæддзау, гъæйтт-мардзæ лæг. Нæ хорз сыхаг мæ йæхицæн æмбалæн бацагуырдта. Цы ма уа уымæй хуыздæр!

– Уæдæ цæуæм.

Нæ хæдзары цур нæм æнхъæлмæ каст йæ бæх æд уæрдон. Уæрдоны рахиз фарс чысыл асыччы сугтæ æрæлвасынæн – дыууæ бæндæны гæркъатимæ, фæрæт, йæ ком цæхæр калдта. Хъæддзаутæ – алцæмæй дæр ифтонг, алцæмæй дæр цæттæ.

Æмзор уæд куыста хъæдгæсæй, адæм дзырдтой: йæ бæрны цы хай ис, уым алы гæбаз дæр цал æмæ цал хатты басгæрста, алы къахвæндаг дæр ын – зындгонд. Куы бæхыл ацæуы, куы та фистæгæй фæзилы.

Къæдзтæ-мæдзтæ нарæг фæндаг нæ разæй згъоры, куы иуæрдæм фæсаджил вæййы, куы иннæрдæм тындзы, йæ фæстæ нæ скъæфы. Æмбаргæ бæх. Йæ бозитæй йæ здахын нæ хъæуы, æвæццæгæн, кæдæм цæуæм, уый зоны. Фæндаг агурыны мæт æй нæй.

Æрлæууыдыстæм. Æмзор хайуаны суагъта, кæрдæг æмæ бæлæсты къалиутæм куыд æххæсса, афтæ йæ бабаста. Æмæ нæ фæрæттимæ фæцæуæм. Уый разæй, æз, цыма мæлæты лæг дæн, – йæ фæстæ. Цасдæр бауадыстæм – дыууиссæдз, æртиссæдз къахдзæфы. Фыдæлтыккон тæрс æмæ фатхъæд бæлæстæ хæрдмæ фæцыдысты, сæ цъуппытæ арвыл æндзæвынц. Се ’хсæн – дыууæ хус бæласы. Афæлдæхтысты. Ахаудысты. Хуыссынц. Сæ цард аскъуыд. Кæд, чи йæ зоны… Цыма сыстынмæ хъавынц æмæ нæ фæразынц. Æвгъау, тынг æвгъау сты бамбийынмæ. Ехх, уыдон дæ кæрты февзæрæнт. Къола сæ адæрæнтæ кæнид. Пецы цалдæр суджы баппар, æмæ арт гуыппæй судзы, йæ рухс стъæлфæнтæ пæр-пæр кæнынц, фæйнæрдæм хауынц. Уазал хæдзар уайтагъд абана фестад. Сæ хæдзар… сæ хæдзар ма искæд схъарм уыдзæн…

– Ацы дыууæ бæласы алыгтæ кæнæм, – дзуры мæм Æмзор. Бæрæг уыд: хъæдгæс ардæм хуымæтæджы не ’рбазылд: хус бæлæстæ кæм сты, уый хорз зоны.

Сабыр, æдзæм хъæды райхъуыст фæрæтты ‘хсызгон зæлланг. Нæ! Сæ зарын. Цъиутæ, тарст пæрпæргæнгæ, фæйнæрдæм тæхынц, сæ цъыбар-цъыбур æмæ хъæлдзæг зарын атад. Æз цыдæр æхсызгонæй цæгъдын къалиутæ, бæласы цæнгтæ, æвналын æнахуыр разæнгардæй. Хатгай мæм афтæ фæкæсы: нæ сæрмæ цъæх арвы хъæбысы цы мæргътæ цъыбар-цъыбур кæнынц, уыдонæй иу æз дæн. Æмæ, æцæгдæр, уыдонæй иу уыдтæн æз. Æз уыдтæн базырджын, мæ зæрдæ хуры тынты йæхи надта. Æнæнхъæлæджы цыдæр уæлмонц дунемæ бахаудтæн. Цæмæн? Ууыл арæх фæхъуыды кæнын. Æвæццæгæн, уымæн, æмæ æз, æвзонг лæппу, фыццаг хатт мæхи банкъардтон æцæг лæджы хуызы, Æмзор мыл баууæндыд, æххуысмæ мæм фæдзырдта, æз дæн йе ’мсæр лæг.

Суджы схъистæ, суджы æхсныфтæ урс бæлæттау фæйнæрдæм тæхынц. Нæ фæрæты зæлланг дард кæцæйдæр райхъуысы, фæрæттæ зарынц. Æмзор мын цыма мæ сусæг хъуыды бамбæрста, разылд æмæ мæм дзуры:

– Къола, хорз арæхсыс, ды ныр дæр лæджы бындзæфхад дæ. Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у.

Уыцы ныхæстимæ мыл дыккаг хур ракаст. Ноджы фæныфсджындæр дæн, ноджы фæбазырджындæр дæн. Рæстæг цыдæр æнахуыр тагъд цыд. Æз æппындæр нæ бафæлладтæн. Сугтæ æрбахастам. Æз æнхъæлдтон, фыццаг уал сугтæ уæрдоны самайдзыстæм, бæндæнтæй сæ фидар бабæтдзыстæм, стæй Æмзор йæ бæх сифтындздзæн. Уый раздæр сифтыгъта бæх. Æмæ нал фæлæууыдтæн:

– Бæхы, сугтæ уæрдоны самайыны фæстæ нæ хъуыд сифтындзын?

– Хайуан йæ бынат куы ссара, уæд сугтæ уæрдоны куыд хуыздæр сбаддзысты, уый цæст хуыздæр ахсы. Бæхы хъуамæ мацы хъыгдара, йæ фезмæлд йæхи бар уа.

Мæхимидæг мæхиуыл фæхудтæн: уал азы дыл цæуæд æмæ уый ма зон!

Æмзор бæхы рохтыл æрхæцыд æмæ мæм дзуры:

– Ды уæрдоны сбад, æрмæст къалиутæй дæхи хъахъхъæн.

Уый та куыд? Æз хъуамæ уæрдоны сбадон, уый та – ме ’дзард фыды карæн, – ноджы къуылых, æмæ, бæхы рохтыл хæцгæ, фистæгæй фæцæйцæуа? Не сбаддзынæн. Сбадын мæ кодта. Над фæндагмæ куы рахизой, уæд уый дæр уæрдоны сбаддзæн.

Уæ цуры тагмæ æрхæццæ стæм. Раздæрты-иу тынг раивылд. Æрра ивылд. Фæйнæрдæм лæбурдта, йæ разæй, цæуыл хæст кодта, уыдон скъæфта, йæ фæйнæфæрстыл сæ хоста. Фæстаг рæстæджыты дзы дон цъырт дæр нал цæуы. Уæд ма сымах уым цардыстут, хъæугæрон, æмæ-иу адæм арæх дзырдтой: «Æмзорты таг», «Æмзорты фале», «Æмзорты цур» ныууайæны»… Уыцы таг, цас зонын, ныр дæр афтæмæй баззад: «Æмзорты таг».

Фæхæрдгæнæнæй схызтыстæм. Уæ хæдзар æрбазынд. Ныртæккæ уæ кæрты тъæкъæр хус сугтæ æркалдзыстæм. Хæрзаг, хорз судздзысты, арты гуыр-гуыр уайтагъд райхъуысдзæн, йе стъæлфæнтæ пецы дзыхæй æддæмæ схъиудзысты. Цымæ ацы дунейы артæй хуыздæр исты ис? Фæлæ диссаг! Æмзор бæх уæхирдæм не здахы.

– Æмзор, æрхæццæ стæм.

– Чысыл ма бауайæм.

Кæдæм?.. Кæдæм цæуы Æмзор? Хъысхъысгæнаг сугæй дзаг уæрдон кæмæн ласы? Кæй кæрты йæ ‘ркалдзæн? Уæй йæ кæны? Æмæ Æмзор суг фæуæй кæны, зæгъгæ, уый никæд фехъуыстон. Чырыстонхъæуы базары фæуæй кæнынц, дзаг бричкæтæ æмæ уæрдæттæ рæгъ ралæууынц. Бацу, æрзил æмæ дзы равзар. Кæд… кæд дæм æхца ис, уæд.

Æмзор… Æмæ Æмзор бæх нæ цуры цæмæн æрурæдта? Æвæццæгæн, мæн æрбаласта, æмæ… Æмæ зæронд лæг дæн? Æвæццæгæн, зæгъы, бафæллад. Æмæ æз нæ бафæлладтæн, æз ма иу цыд дæр акæнин хъæдмæ.

Æмзор уæрдонæй æрхызт. Æргæпп кодтон æз дæр. Лæг кæртмæ бацæуæн зæронд дуарыл схæцыд. Æз мæ мидбынат сагъдауæй баззадтæн, бандзыг дæн. Нæ! Уæддæр мæ нæма уырны: Æмзор суг махæн æрласта? Уый та куыд? Цæмæн?.. Бæхы рохтыл ахæцыд. Фатхъæд æмæ тæрс сугтæй дзаг уæрдон нæ кæрты астæу æрлæууыд. Уыцы барæвзар суджы уæрдон мах у?.. Уый та куыд? Æмæ уымæн уæвæн и?..

– Сгæпп лас æмæ бæндæнтæ феуæгъд кæн.

Уынæрмæ мæ мад Дари кæртмæ рахызт. Уый дæр цасдæр рæстæг лæугæйæ баззад, æрæджиау кæддæр загъта:

– Æмæ… куыд… æхца нæм куы нæ и, уæд… Кæд æйчытæ… цыхтытæ …

Мæ сидзæр хотæ дæр, чи бæгъæмвадæй, чи йæ скъуыдтæ дарæсы кæртмæ разгъордтой æмæ кæрæдзи дзыхæй цингæнгæ ныхас скъæфынц:

– Сугтæ! Сугтæ!

– Ныр нæ хæдзар схъарм уыдзæн.

– Ныр æцæг арт скæндзыстæм.

– Ныр…

– Дари, мацæуыл тыхс, – дзуры Æмзор. – Ацы сугты уæрдон дæ лæппу Къола ракодта, æз сæм ницы бар дарын, ныр дæр гъæйтт-мардзæ лæг у.

Дари бахудт. Йæ цæсгом æнæ иу ныхас зæгъгæйæ дзырдта: ацы æвзæрст сугты уæрдон чи ракодта, чи сæ æрласта, уый хорз зоны, æмæ, йæ цæрæнбон бирæ æрбауæд, фондзыссæдз азы хъарм цард фæкæнæд.

Хæсты æмæ хæсты фæстæ фыдазтæ… Нæ! Уыдон адæмæй никæд ферох уыдзысты. Фыдбонтæ. Бæстæ – сау хъæдгæмттæ. Хæринагхъуаг. Дарæсцух. Электрон тыхæн йæ кой, йæ хъæр дæр нæма уыд. Газ цы у, уый нæма зыдтам. Сугтæй арт кæн. Æмæ кæм уыди сугтæ! Уæлдайдæр æнæлæг, сидзæр бинонтæн. Хъæдмæ фæцу, истытæ ракæн, истытæ æруидз, сыргъом сæ кæн. Йæ быны фæцудыс, ратас-батас кæныс, æргъом дæ куы иуырдæм ахæссы, куы иннæрдæм. Æрхæццæ дæ, æмæ ацы зæххыл дæуæй амондджындæр ничиуал у. Сугтæй арт! Уымæн æмбал и? Хъæллæгътæ, нартхоры хъузджытæ… Уыдон дæр хорз сты, фæлæ уыдонæй хæдзар афтæ стæфсдзæн? Æмæ уыдон дæр кæм ссардзынæ? Цæхæрадæтты зил, агур. Истæуыл фæхæст дæ, уæд дæ худ хæрдмæ æппар. Æмæ уыцы рæстæг дæ кæртмæ æрбатылд фатхъæд æмæ тæрс сугты дзаг уæрдон. Бæрæгбон уын, стыр бæрæгбон.

Мæ мад Дари куыд æдзæмæй лæууыд, афтæ лæууы. Æвиппайды йыл ахæм хорздзинад æрцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыд, æмæ… Фыр цинæй йе ’взаг ныхас нал ахсы, йæ ком бахус. Кæрæдзимæ фемдзаст стæм. Йæ цæстытæ доны зилынц, урс ставд æртæхтæ йæ рустыл æрфæд кодтой. Цæмæй сæ ма фенон, уый тыххæй йæ сæр иуварс азылдта, сабыр къахдзæфтæй хæдзармæ бахызт.

Арæх-иу хъуыстон: Æмзор адæмы хъыджы никæд бацыд, Æмзор хæрзгæнæг у, йæ бон цы у, уымæй архайы, цæмæй сын исты хорз фæуа, баххуыс сын кæна. Кæмæн йæ кулдуары цур сугтæ æрæппары, кæмæн йæ бæхыл хус хъæд æрласы. Куыроймæ де ’ссинаг ныддавын хъæуы – нæ дæ раздахдзæн. Бæх дæ æд уæрдон цæмæндæр бахъуыд – табуафси. Дæ хуым похцийæ аласинаг у… Никæй ма раздæхта.

Мæ мад Дари хыссæкъухæй кæртмæ згъорæгау рацыд. Æмзор бæхы рохтыл рахæцыд, уый федта æмæ…

– Æмзор, мæ мард фен, ма ацу, бахъуаджы сахатмæ арынджы къуымы ссады тæпп фæуагътон æмæ æртæ сойыфыхы ныртæккæ цæттæ уыдзысты.

– Чи акува, уымæн йæ цæрæнбон бирæ, æз…

– Дæ Хуыцауы тыххæй, мæ хъыджы ма бацу, – мæ мад ыл йе ссадæйдзаг къухтæй рахæцыд.

– Бузныг, бузныг, цыдæр хъуыддаг ма мæ ис, æндæр нæ бафсæрмы кæнин.

– Оу, мæнæ диссаг, уый та куыд? Ахæм хорз ракæн æмæ мидæмæ ма бацу, – йæхи йæм бакъул кодта мæ мад, æвæццæгæн, нæ хæдзармæ ахæм зæрдиагæй никуыма никæй хуыдта.

– Хатыр, хатыр, Дари, – æмæ Æмзор мæнмæ разылд, – кулдуар дæхæдæг æрæвæрдзынæ?

– Æрæвæрдзынæн. Æрæвæрдзынæн, ай-гъайдæр, æрæвæрдзынæн.

Æз мæхимæ ахæм тых æнкъардтон, æмæ цы уыд мæ цуры Хъаныхъуаты Бола? Цы уыд мæ цуры Нарты Батрадз!

Уый фæстæ æмæ ныр дæр арæх фæхъуыды кæнын: «Цæуылнæ бацыд Æмзор мидæмæ? Цæуылнæ скомдзаг кодта мæ мады конд сойывыхтæй? Цæуылнæ?.. Кæд, мыййаг, Дари бахъуаджы сахатмæ цы ссады тæпп ауæрста, махæй дæр æмæ йæхицæй дæр кæй æмбæхста, уымæй конд хæринагмæ æххормаг сывæллæтты цур бавнал, адджынæй дзы скомдзаг кæн, уый йæ зæрдæ нæ куымдта, уый йæ цæсгом нæ хъæцыд.»

Нæ зонын, фæлæ цæмæндæр афтæ фæхъуыды кæнын. Æндæр, хъæддзау лæг æххормаг ма уыдаид, уый мæ нæ уырны…

 

* * *

Цæуынц азтæ. Мæ хорз сыхаг, Ирыстоны зындгонд лæгтæй иу – Дзугкойты Никъала – ныр мæ фыдæй фæхистæр, æмæ йæхи фæндиаг зæрдæрухсæй цæрæд. Куы сæмбæлæм, фылдæрхатт сæмбæлæм зианты, уæд æдзухдæр æрымысы мæ фыды.

– Хорз ном уын ныууагъта Æмзор йæ фæстæ, – фæзæгъы Никъала æмæ йæ къæхты бынæй ныуулæфы, йæ цæстытæ, йæ цæсгом фенкъард вæййынц. Æвæццæгæн, йæ зæрдыл æрлæууынц, зæххыл чи нæма уыд, уыцы æвирхъау, тугкалæн хæст, хæсты фæстæ фыдбонтæ, сидзæр сывæллæтты уæззау цард. Æнæмæнгæй йæ зæрдыл æрлæууы уыцы сугты уæрдон. Æмæ уæд йæ цæстытæ фæирддзаст вæййынц, йæ цæсгом фæрухс вæййы:

– Уыцы сугтæй æндзæрст арты хъарм абон дæр мæ зæрдæйыл æмбæлы, æндавы мæ. Æмæ уыцы хъарм артмæ æдзухдæр мæ разы сæвзæры Æмзор. Йæ рухс ном йæ фæстæ баззад. Уый та у æппæты зынаргъдæр хæзна, – йæ мидбылты бахуды мæ кадджын сыхаг.

– Хорз ном уын ныууагъта, – балхынцъ кæны йæ хъуыды нæ фæрнджын хистæр, нæ раздæры сыхаг Дзугкойты Никъала

О, ном æппæтæй зынаргъдæр у.

 

АХÆСТОНМÆ ФÆНДАГ

Ацы хабар мын Æмзор йæхæдæг радзырдта.
Уæвгæ, йæ цардвæндæгтæ арæх нæ мысыд.
Цæмæн? Нæ зонын.
Бæллиццагæй дзы ницы ардта, йæ зæрдæ сæ нæ рухс кодта.
Æви…

…Бон æрбацъæхтæ. Талынджы зæххæй сыстын нæма фæнды æмæ æнæбары лæбыры, рæстæг ивазы. Æмзор йæ бæх бидаркæйы ифтындзы. Æмбаргæ хайуан ын йæ алы фæзылд, йæ алы ныхасмæ дæр æнхъæлмæ кæсы. Ныр уал æмæ уал азы кæрæдзиуыл сахуыр сты. Æнæ ныхас, æнæ къухæй амонгæйæ дæр кæрæдзи хорз æмбарынц.

Уынгæй хæдтулгæйы уынæр æрбайхъуыст. Хæстæгæй-хæстæгдæр кæны, кæрты цур æрмынæг. Æмæ ацафон… Чи у? Дуар æрбахостæуыд. Лæг бæх ифтындзын фæуагъта æмæ тагъд-тагъд рауад. Уый дын гъе! Æнæнхъæлæджы æхсызгон уазæг. Йæ хъæуккаг, йæ хорз хæлар Габпаты Иван. Ам æй хъæуы цæрджытæ фылдæр йæ мады ном – Гоцейæ зонынц. Уарзон, Хуыцауы сконд адæймаг. Цымæ, искуы искæуыл гадзрахатæй рацыд? Цымæ, æнæхъуаджы искуы искæйы бафхæрдта? Цымæ дзы искуы иу æнæууылд ныхас схауд? Æууæнкджын адæймаг, æргом, комкоммæныхас. Йæ фыццаг мæт – йæ куыст, адæм, – йæ бинонтæ дзы ферох вæййынц. Бирæ бæрнон бынæтты куыста. Фæстагмæ – партийы Дыгуры райкомы разамонæг. Адæмы цæст уынаг у, æмæ йæ уырдыгæй горæтмæ уæлдæр, бæрнондæр куыстмæ аивтой.

– Æмзор, дæ райсом хорз, – уазæг æмæ фысым кæрæдзи къухтæ райстой, се уæхсчытæ кæрæдзиуыл андзæвыдысты, цыма кæрæдзи ахъæбыс кæнынмæ хъавынц. Æмæ цы, нæ сын æмбæлы?

– Райсомы зæдты хорзæх дæ уæд, – загъта хæдзары хицау.

Дыууæ хæлары сæмбæлынц, фæлæ цас арæх? Цыдæр æмбырд. Кæнæ цыдæр хъуыддаг. Кæнæ зианы. Æмæ кæд сæ фембæлдтытæ цыфæнды цыбыр вæййынц, уæддæр – æхсызгон, сæ зæрдæты баззайынц, æхсызгон фæд ныууадзынц. Æмæ уый хорз, фæлæ… Гоце ацафон хуымæтæджы нæ фæзынд, фæдисон ма уæд. Æмæ…

– Æмзор… – уазæджы хъæлæс тыхст, катай хуыз, йæ цæсгом – цыдæр æнкъард. Æмæ исты бæллæх… Сæумæцъæхтыл дзæгъæлы нæ фæзынд. Уазæг ын йæ цонгмæ бавнæлдта, цалдæр къахдзæфы йыл иуварс ахæцыд, æмæ, цыма сæ исчи куы фехъуса, уымæй тæрсы, афтæ ныллæг хъæлæсæй дзуры:

– Æмзор, дæ хъуыддаг хорз нæу, дæ фæндаг æмраст ахæстонмæ цæуы. Æмбарыс мæ, цы зæгъын, уый? Æмæ дæхæдæг дæ аххосджын, дæхæдæг дæхи къухтæй ахæстоны дуæрттæ гом кæныс.

– Гоце, нæ дæ ‘мбарын, – фысым йæ мидбынат æдзæмæй лæууы, йæ сæр ницы ахсы. Куыд ис йæ бынат ахæстоны? Цæмæн? Цæй тыххæй? Цы фыдкæнд ракодта? Йæхæдæг нæ, фæлæ ма йæ бинонтæ, йæ цоты дæр истæмæ фæныхилой, уымæй куы хъахъхъæны. Колхозы сæрдарæн цалдæр секундмæ йæ цардвæндаг фæстæмæ æрзылд. Йæ цæстыты цур сног. Нæ! Йæхимæ ницы азым ары, йæ зæрдæмæ ницы хæссы, йæ цæсгом сыгъдæг у. Уæд уый, йæ хорз хæлар, цавæр ахæстоны кой кæны?

– Æмзор, иу хатт аирвæзтæ, фæлæ ныр… ныр дын мæ бон ницæмæй у баххуыс кæнын. Дæхи нæ бахъахъхъæдтай, дæхæдæг дæхицæн къæппæг сæвæрдтай, æмæ мæнмæ дæр аргъæутты ехс нæй.

Иу хатт аирвæзтæ, фæлæ ныр… Ахæмæй цы ракодта Æмзор, æмæ йæм Гоце сæумæцъæхтыл фæдисы æрцæуа? Фарон… Фæлæ ныр… Фарон сæ картофы иу хай æвзæр æрзад, тынг æвзæр. Къæвдатæ нал æмæ нал æнцадысты, арвы дуар фегом æмæ йын бахгæныны хъомыс нал уыд, зæхх, цыма дзы самандур кæндзысты, афтæ ныллæхъир, цъæпп-цъæпгæнгæ цу. Æмæ хъуамæ доны картоф куыд æрзайа? Уый фæстæ та, картоф йæ тæккæ бын кæныныл куы уыд, уæд хур зæххыл атылд, зæхх ныкъкъæй, аскъуыдтæ, афæстытæ, йæ тæригъæдæй зæрдæ тъæппытæ хауд. Сæ фæллой фæдзæгъæл, цæй картоф æмæ ма цæй цыдæр, дон хиды бынты. Хуыцау хорз, æмæ сæ Урсдоны быдыр нæ асайдта. Губакк ракъах, æмæ урс-урсид картæфтæ скæлынц, цыма сыл карк къуыртты бады. Æмæ уымæй паддзахады хæс бафиддзысты, фæлæ адæм… адæм цы фæуыдзысты?.. Æхсæвæй-бонæй, хурæй- къæвдайæ быдырæй чи нæ цæуы, йæ уыргтæй зæхх чи мæрзы, уыдон хъуамæ æнæ картоф баззайой?.. Сæ фæллойы бонтæн сын цы ратдзысты?.. Уæлдæф? Сæ фылдæрæн, уæлдæр-дæлдæр, бæгънæг-бæгъæмвад сывæллæттæ, сæ тæккæ хæрыныл. Нæ! Æмзор уыдоны тæригъæды нæ бацæудзæн. Картоф дыккаг нартхор у, дыккаг мæнæу, царды æмбис, алы хæринагæн дæр хæринаг. Хæсты фыдрæстæджыты картоф æмæ хуыскъæлæй цæйбæрц адæм аирвæзт? Æмæ цы нæ бавзæрстой? Мыггаг дын нæ фаг кæны – картофы цъæрттæ ныссадз. Колхоз дæр сæ сагъта. Мæгуыр бонтæ, æмæ адæм амæлттæ кодтой. Хæст фæци, æмæ адæм сулæфыдысты, фæлæ уæддæр – зындзинæдтæ бирæ. Æмæ уыдоныл дæр фæуæлахиз уыдзысты. Уый хорз, фæлæ ныр…

Цæмæй адæм æнæ картоф ма баззайой, уый тыххæй исты æрхъуыды хъæуы. Фæлæ цы?.. Картоф куы нæ байуарой, уæд. Нæ! Уымæн гæнæн нæй. Æмæ сæрдар скарста: акт… картоф кæй не ’рзад, уый тыххæй акт скæнын хъæуы. Дунейы æндæр ницы амал и. Партийы обком æмæ хъæууон хæдзарады министрадмæ алцыдæр бæстон ныффысдзæн: æрдзон стыр фыдбылыз æрцыд, æмæ сæ картоф не ’рзад. Къамис саразæнт, æрцæуæнт æмæ алцыдæр сæхи цæстытæй фендзысты. Губакк ракъах, æмæ – афтид, зæрдæ ныккæрзы, кæддæр кæцæйдæр бызычъийы йас картоф схауы.

Æмæ афтæмæй хъуамæ паддзахады хæс куыд бафидой? Цæмæй? Куыд? Æрцыд бæллæх, æмæ сæ паддзахадæн картофы хæс бафидынæй суæгъд кæнæнт. Æппынфæстаг – фæкъаддæр æй кæнæнт. Æмзор æмбæрста: зын æмæ тæссаг хæс райста йæхимæ. Паддзахады пълан хæстон бардзырды хуызæн у: куыд дæ фæнды, афтæ йæ сæххæст кæн, ссар, балхæн, самал кæн. Искæцы колхозæй æфстау ракур. Нæ! Æмзор уыцы фæндыл разы нæу: зонгæ-зонын йæхиуыл дæр æмæ хæдзарадыл дæр æфсондз нæ сæвæрдзæн. Хицауадмæ хъаст ныффысдзæн. Æмæ йæхæдæг цастæ зоны, уæлдайдæр уырыссагау, скъолайы никæд ахуыр кодта, йæхи æгъдауæй кæсын æмæ фыссын цыдæртæ базыдта, фæлæ сæ парторг, раздæры ахуыргæнæг, гæххæттытæ фыссынмæ хорз арæхсы. Æмæ ныффыста. Сæрдары цур æй æрæвæрдта æмæ бафарста:

– Почтæйы йæ арвитæм æви…

– Мæхæдæг æй ахæсдзынæн.

Почтæйы кæд схæццæ уыдзæн сæ писмо, стæй кæй къухтæм бахаудзæн? Исчи йæ йе скъаппы лагъзы куы баппара, уæд…

Æмзор бонивайæнты йæ бæхыл саргъ сæвæрдта, йæхи Уастырджийыл бафæдзæхста. Уый хаста ахсджиаг, вазыгджын гæххæтт. Йæ фæндаг хорз рауад: обкомы дæр æмæ министрады дæр йæ зонгæтæ сæ бынæтты разындысты. Зæрдæ йын бавæрдтой: йæ хъаст кæмæ хæссы, æнæмæнгæй уыдоныл сæмбæлдзæн, æмæ, цæмæй сæм къамис æрæрвитой, ууыл дæр, сæ бон цæмæйдæриддæр у, уымæй бацархайдзысты.

Æмæ сæм къамис æрцыд. Тынг тагъд: æртæ боны фæстæ. Шофыримæ æнæхъæн фондз лæджы. Æмзор, парторг æмæ ма колхозонтæй цалдæр æд белтæ быдырмæ ацыдысты. Къахынц. Иу ран. Иннæ ран. Иу рæнхъæй иннæ рæнхъмæ бахиз. Дарддæр ацу,
æмæ – сæфт, ноджы фыддæр. Нæй, картоф нæй. Æрдз сæ, куыд не ’мбæлы, афтæ бафхæрдта. Æвирхъау фыдбылызтæ сын ракодта.

Æмæ уæд куыд? Афтæмæй паддзахады пълан сæххæстгæнæн и? Кæуинаг куы фесты. Къамис алцыдæр уыны, къамис рæстдзинад равзардзæн. Къамисы уæнгтæ иуварс ацыдысты æмæ цæуылдæр дзурынц, цыма цыдæр быцæу ныхас кæнынц. Æмæ цæуыл дзурынц, Æмзор уый хорз зоны. Цы уынаффæ? Цы тæрхон рахæсдзысты?.. Колхозы сæрдар æмæ йе ’мбæлттæм цы ‘нхъæлмæ кæсы?..

Къамисы уæнгтæй иу фæхицæн, бæрзонд, бæзæрхыг лæппулæг, йе уæхскыл, хæсты рæстæг афицертæм цы даргъбосджын сæрак хызынтæ уыд, ахæм ауыгъд, комкоммæ Æмзормæ æрбацыд, сæрæй къæхтæм ыл йæ цæстытæ æрхаста æмæ йæ фæрсы:

– Картоф ма уын æндæр искæм сагъд и?

Цы дзуапп ын хъуамæ ратта, уый йын цалдæр боны размæ дæр цæттæ уыд, уæддæр йæ буары уазал риз ацыд. Æнæ дызæрдыгæй загъта:

– Нæй.

– Кæд зæгъын… Æмæ афарстон колхозонты дæр, фæлæ…

Уый размæ сæрдар йе ’мбæлттимæ баныхас кодта: мыййаг сæ уазджытæ куы фæрсой, уæд сын картоф иу гага дæр ам йеддæмæ конд никæм и. Сайдта. Уый уыд комкоммæ цæстфæлдахæн ми, фæлæ… Фæлæ йын æндæр цы гæнæн уыд?

Бæзæрхыг лæппулæг йæ хызынæй тетрад систа, йæ хызын сæ хæдтулгæ зæронд «виллисы» капотыл æрæвæрдта æмæ фыссы. Фыссы, фæлæ цы?.. Цы тæрхон рахастой къамисы уæнгтæ?.. Колхозы сæрдарæн йæ улæфт фæтагъддæр, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм хъуысы. Ау, картоф кæй не ’рзад, уый тыххæй акт не скæндзысты? Æмæ куы нæ скæной, уæд куыд? Адæм хъуамæ æнæ картоф баззайой? Кæд ма рæстдзинад ис, уæд…

Къамисы уæнгтæ раст адæм разындысты: æрдз, хæдзарадæн цы стыр фыдбылыз ракодта, уый федтой, уый раиртæстой æмæ сыл паддзахадæн картоф раттынæй цы пълан ис, уымæн йе ’хсай проценты æппарынц. Колхозы сæрдар æхсызгонæй сулæфыд: О, Хуыцау! Хорз, тынг хорз ацыд сæ хъуыддаг. Адæм æнæ картоф нæ баззайдзысты, паддзахадæн дæр ма сæ цы раттын хъæуы, уый ссардзысты. Уæддæр загъта:

– Нæ зонын, нæ зонын, уыйбæрц картоф кæм самал кæндзыстæм.

– Дыууиссæдз проценты ма… цас бирæ сты? Паддзахадæн иу килограмм дæр æххуыс у, – æрбакаст æм актфыссæг, йæ цæстæнгас дзырдта: хорз лæг, æгæр бæрзæндты ма тæх, мах базыртæ æрцæгъдын дæр зонæм.

– Уый æмбарын, фæлæ, – Æмзор ныхъхъус, чидæр, дам, цæст æнхъæл нæ уыд, æмæ æрфыг-æрфыг кодта.

Къамисы уæнгтæ сæ хæдтулгæйы бадынц. Колхозы сæрдар сæ цуры æрлæууыд:

– Афтæмæй ма ацæут, еблуагъæ нæм скæнут. Ахæм уазджытæ… Хуыцауы сконд адæм, Æмзор ницæуыл бацауæрддзæн.

– Бузныг, бузныг, – æмæ фыдæлтыккон «виллис» фезмæлыд. Фæндараст кæнæнт. Къамисы уæнгтæ рæстдзинад хорз равзæрстой, Уастырджи сæ йæ рахиз базыры бын бакæнæд. Хорз адæм, тынг хорз адæм.

Хæдтулгæ ма зынд, афтæ сæрдар æмæ парторг колхозы правленимæ фæцагайдтой. Агрономæй, бригадирæй, звеноводæй – адæмыл æрзилæнт æмæ, куыстхъом чидæриддæр у, уыдон æд белтæ æмæ тæсчъытæ, хорз сын цы картофы зæхх æрзад, уырдæм рацæуæнт. Иу трактор сæм ис, æмæ уый къахдзæн, фæлæ уымæн цастæ бантысдзæн? Фæлæбурын хъæуы. Картоф куыд къахой, афтæ йæ уардзысты. Колхозонтæй йæ фæллойы бонтæм кæмæ цас хауы, уый бухгалтерæн бæлвырдгонд у. Барæнтæ быдырмæ аласдзысты, æмæ…

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ быдыр æмызмæлд сси. Адæм хистæрæй-кæстæрæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй раивылдысты, картофы зæхх мæлдзыджыты губакк фестад. Паддзахадæн цы картоф раттын хъуыд, уый æвзæрстой æмæ сæм цы дыууæ «полуторкæ» машинæйы уыд, уыдонæй йæ амбармæ ластой. Ластой цæмæн? Скъæфтой. Сæ амондæн фæззыгон хур дзаг цæстæй каст, – агургæйæ æнæаргæ рæстæг.

Æртæ боны быдырæй хъæумæ фæндаг тыннывæндæгау кодта: бæхты бричкæтæй, гал æмæ бæхуæрдæттæй картоф хæдзæрттæм ластой: картоф кæрты æркал, дзаг голджытæ æрæппар æмæ – фæстæмæ

…Æмзорæн йæ фæнд сæххæст, хорз, тынг хорз ацыд сæ хъуыддаг, адæмæн картоф байуæрстой.

Фæлæ… Басусæггæнæн истæмæн и? Колхозонтæн сæ фæллойы бонтæм картоф кæй байуæрстой, уый бамбæхсдзынæ? Æвæццæгæн, мах, ирон адæм, кæрæдзиуыл афыссынмæ куыд арæхсæм, уымæ куыд дæсны стæм, кæрæдзи баныгæнынмæ куыд цæттæ стæм, афтæ иу адæм дæр нæ. Чидæр уæлдæр хицауадмæ, йæ пъеро цæхæр калдта, афтæмæй гæххæтт ныссаухъулæттæ кодта: кæсут, сæ колхозы сæрдар Агънаты Æмзор у цæстфæлдахæг, æмæ, дам, коммунист у.

Цавæр разамонæг, цавæр коммунист у уый?.. Картоф не ‘рзад, зæгъгæ, паддзахады сайы, мæнг акт скæнын кодта. Афтæмæй сæ картоф тынг хорз æрзад, тугыл аскъуыд, æмæ йæ адæмæн байуæрста. Цæмæн? Сæ зæрдæтæ сын æлхæны, цæмæй та йыл ногæй схъæлæс кæной æмæ та йæ цæмæй ногæй колхозы сæрдарæй равзарой. Паддзахадæн та цы? Ницы! Фучъи! Афтæмæй паддзахад сæйраг у, паддзахад махæн нæ фыд дæр у, нæ мад дæр, æмæ хъуамæ фыццаджы-фыццагдæр ууыл хъуыды кæнæм, ууыл тыхсæм. Агънаты Æмзор та?.. Уый у нæ паддзахады знаг. Ахæм адæймаг хъуамæ колхозæн разамынд дæтта? Нæ! Уый коммунист у? Нæу! Уымæн йæ бынат Сыбыры ис.

Писмо ахъулæттæгæнæг сæ хъæбатыртæй нæ разынд: йæ мыггаг æмæ йæ ном ныффыссын нæ бауæндыд. Сæйрагдæр, цъыфкалæн фыстæг бахауд Хуыцауы сконд лæг, нæхи Габпаты Гоце–Иванмæ. Æмæ йын уый цыдæр хуызты йæ фæндаг æрæхгæдта, æндæр Æмзормæ ‘нхъæлмæ каст сау ахæстон.

Гоцейæн йæхицæн дæр тæссаг куыд нæ уыд бафхæрынæй, йæ куыстæй сисынæй, фæлæ фæуæлахиз адæймагдзинад. Æмзоримæ куы сæмбæлд, уæд йæ ныхас уыд тынг карз: Æмзор, сæ картофы иу хай хорз кæй æрзад æмæ йæ кæй басусæг кодта, уымæй стыр рæдыд æруагъта. Уый у комкоммæ паддзахады сайын, паддзахадыл гадзрахатæй цæуын. Ахæм хабар ма, уæд ын Хуыцау дæр нал баххуыс кæндзæн.

– Æмæ, Гоце, адæм…

– Æмæ паддзахад адæм не сты? Ды разамонæг дæ, æмæ дæ хъуыдыкæнынад хъуамæ уæрæхдæр уа.

– Æмбарын дæ, фæлæ…

– Иу фæлæ дæр нæ.

– Æмæ та ныр… Ме ‘рцыды сæр цæмæн у, уый зоныс? – æрбакаст æм тарæрфыгæй Гоце.

– Зонын.

Зоны. Йæ хорз хæлар æм сæумæраджы фæдисы цæмæн æрцыд, ныр уый… О, ныр уый хорз зоны. Фæлæ цы кодтаид? Нырма æвирхъау, тугкалæн хæсты хъæдгæмттæ нæма байгас сты. Адæм кæнынц тыхцæрдтытæ. Уæлдайдæр – сидзæргæстæ. Хæринагхъуаг. Дарæсхъуаг. Сæ иумæйаг хæдзарад – уый у сæ ныфс, ууыл дарынц сæ зæрдæ. Æмæ уыдон фæсай, уый стыр тæригъæддзинад у. Сæ фæллойы бонтæн сын нартхор куы нæ радтой, уæд куыд цæрдзысты, цы фæуыдзысты?.. О, паддзахад сæйрагдæр у, фæлæ адæм та, адæм…

Нартхоры хуымтæй зæрдæ рухс кодта: рæхснæг, фидарзæнг, сæ цъæх-цъæхид сыфтæ-иу дымгæмæ куы базмæлыдысты, уæд адæймагмæ афтæ каст, цыма хæрдмæ стæхынмæ хъавынц, цыма кафгæ кæнынц. Æмæ цæстытыл уад: дыгай-æртыгай ставднæмыг æфсиртæ æрзæбул сты, сæ раттæг зæххæн кувынц. Æнæмæнгæй, хорз бæркад райсдзысты. Колхозонты къутутæ барæвзар нартхорæй дзаг уыдзысты.

Адæм – фæндтæгæнæг, Хуыцау – аразæг… Арв чысыл раздæр уыд кæсаджы цæстæй сыгъдæгдæр, иу къæм ыл никæцæй зынд. Æвиппайды Ныгуылæн атар, сау мигътæ æрбагуылф кодтой, кæрæдзи æфсæрынц, фæйнæрдæм ивылынц, æддæг-мидæг ауадысты. Дымгæ нынниуы, фæлдзæгъдæн кæны. Æмзор, парторг æмæ сæ быдырон станы гæс кæрæдзимæ бакæсынц: нæ, хорзмæ нæ расайдзæн æрдзы цæхгæрмæ фæзылд…

Сæрдар æмæ парторг чысыл раздæр механизаторты бригадæй æрбацыдысты. Чысыл аулæфой æмæ… Æмзор йæ бæх бидаркæйæ суагъта. Ничи ницы дзуры. Æбæрæг тас сæ уæнгты ивылы. Арвæй иу рухсы цъыртт нал зыны, сау мигътæ алырдыгæй кæрæдзи ссæндынц, кæрæдзимæ лæбурынц. Дуне ныттар, чысыл рæстæг ма, æмæ сау мæйдар æхсæвы хай бауыдзысты. Дымгæ сыл йæхи æрбаппары, ныууигъы сæ. Станмæ лæбуры, йæхи йыл хойы. Æвæццæгæн æй æд сæр сисынмæ хъавы, йæ бон ыл нæ цæуы æмæ фырмæстæй йæ алыварс фæлдзæгъдæн кæны, æрра ниуд кæны. Стан афтæ ныууигъы, æмæ цыма фезмæлы. Цыдæр, цыдæр æвирхъау бæллæх æрцæудзæн, цыдæр, цыдæр æвирхъау бæллæх сæм æнхъæлмæ кæсы. Æмзор йæхимидæг скуывта: «О, Стыр Хуыцау, фыдих, фыдкъæвдайæ сæ бахиз». Бæх ныммыр-мыр кæны, йæ раззаг къæхтæй зæхх хойы, уый дæр цы бæллæх æрбацæуы, уый æнкъары, æмæ йæ дзылар тоны: йæ сæр æй искæдæм фæхæссын хъæуы, ссонт.

Арв бынтондæр ныттар, сау, бæзджын мигътæ кæрæдзи æууæрдынц, сæрра сты, æддæг-мидæг ауадысты. Æртæ лæджы сæ мидбынат бандзыг сты, кæрæдзимæ тарст каст бакæнынц: цы сæм æнхъæлмæ кæсы? Цы?.. Бæллæх. Стыр бæллæх. О, Хуыцау?.. Цыдæр æнахуыр хъæр, сыф-сыф æрбайхъуыст, æвиппайды ныхы йас æртæхтæ гæр-гæрæй æрызгъæлдысты, сæ сæрмæ станы агуырирдурты къæр-къæр райхъуыст, цыма йыл цалдæр немыцаг фашисты сæ автоматтæ ауагътой. Их… Кæмæй тарстысты, уый… Их… Ницыуал зыны… Бæстæ ныттар. Æнгузы ас тымбыл ихтæ æнауæрдонæй зæхх хойынц. Зæхх сау ностæ кæны. Æмзор иуварс азылд, фæстæмæ акъахдзæф кодта. Бабын сты! Бабын сты! Сæ нартхор фесæфт. Æмæ уымæ кæсын йæ бон нæу. Бабын сты!

Их куыд æвиппайды ныккалдта, афтæ фенцад. Нымадæй ахаста цалдæр минуты, фæлæ цавæр минуттæ! Удмарæн, удхæссæг минуттæ. Дæ фыдгул уыцы нартхормæ бакæсæд. Астæумæ хæццæ кодтой, сæ тæккæ рæзыныл, рæхснæг, сæ цъæхцъæхид сыфтæ рог дымгæмæ кафыдысты, пæр-пæр кодтой, ныр… цæфтæ, рæхуыстытæ, кæрстытæй зæххыл хуыссынц, ахаудысты, адæргъ сты, их сæ нымбæрзта. Нартхоры хъæдтæ -бæгънæг, зыр-зыр кæнынц, цыма скæуынмæ хъавынц. Æмæ колхозы сæрдарæн дæр йæ цæстытæ доны зилынц. Бабын сты! Бабын сты! Сæ нартхоры зæххытæ — æртæ раны, ам иу хай, иннæ, дыууæ… Цымæ, их тæлмæй рацыд, æви?.. О, Хуыцау!..

Æмзор йæ бæх сифтыгъта, хъуамæ парторгимæ агрономтæ æмæ бригадиртимæ сæмбæлдаиккой, фæлæ ныр… Сæ нартхоры иннæ дыууæ хайы. Уыдон… Ацы æнамонд их, цымæ, уыдонмæ дæр баирвæзт?.. Æмæ уæд бынсæфт куы фесты. Æмæ уæд бынтон куы бабын сты. Раздæр сæ нартхор цъæх денджызы хуызæн уыд, ныр… ницы уал дзы аззад афтид хъæдтæ сæркъулæй, астæумæ лыгтæй тæфæрфæсгæнджытау лæууынц.

Табу Хуыцауæн, их рацыд тæлмæй, нартхоры иннæ дыууæ хайы нæ бахъыгдардта. Хæдзарады разамонджытæ, адæм уæддæр… Уыцы æнамонд их… стыр, тынг стыр фыдбылыз сын ракодта: æвиппайды сæ нартхоры æртыккаг хайæ æнæ нартхорæй аззадысты. Цалддæр минутмæ. Æмзор цалынмæ цæра, уæдмæ уыцы бон никæд ферох кæндзæн. Тыхст, катай кодта. Къæппæджы та бахаудысты. Куыд? Цы? Адæмæн фæззæджы сæ фæллойы бонтæн цы ратдзысты? Паддзахады пълан куыд сæххæст кæндзысты? Куыд? Адæймаг амалæн райгуырд. Æмæ та Æмзор, горæтмæ, уæлдæр хицауадмæ йæ саргъы бæхыл фæцыд. Акт… Их сæ кæй бабын кодта, уый тыххæй акт скæнын хъæуы. Æндæр дзы фæзилæн нæй. Æмæ скодтой. Хорз акт. Сæ пъланæн сын йе ‘мбис аппæрстой. Тарст: æндæр искæм ма сын нартхор конд и, уымæй йæ куы фæрсой, уæд сын цы зæгъдзæн? Йæ ныхас цæттæ уыд: æндæр сын нартхор никæм и. Къамисы уæнгтæ æртæ лæджы æмæ, табу Хуыцауæн — сæ иу дæр æй нæ бафарста. Йæ дзуапп… Зыдта йæ: сайы сæ, комкоммæ фæливы, коммунист у, разамонæг æмæ уымæн афтæ сайын не ‘мбæлы, фæлæ адæм… адæм… Рагуалдзæгæй митæруарынмæ фæфыдæбон кæн, æмæ гаффутæй аззадтæ, дæ сывæллæттæм афтид къухæй бацу. Æмзор хорз æмбæрста: нартхор ма сын сагъд кæй и, уый кæй бамбæхста, уый куы рахъæр уа, уæд æй партийы рæнхъытæй аппардзысты, æрцахсдзысты йæ, Сыбыры бинаг къæйы балæудзæн, уымæн æмæ уый у комкоммæ цæстфæлдахæн ми, уый у фыдракæнд. Æмæ йæ зоны, фæлæ… Цы уа, уый уæд, адæймаг ацы зæххыл иу хатт цæры, лæджы ном зын хæссæн у.

Нартхортонæнтæм ницы райхъуыст æмæ колхозы сæрдар йæхимидæг хъуыды кодта: æвæццæгæн ыл ничи ницы ныффыста, аирвæзт. Хахуыр фысджытæм, æвæццæгæн, нæ гæххæт разынд, нæ фыссæнгарз. Æви се ’нгуылдзтæ бахуыскъ сты… Нæ! Хахуыр фысджытæ фынæй нæ кæнынц, кæд багæрах кæнын хъæуы, уый хорз зонынц, алцыдæр сын нымад у. Гоце сæумæцъæхтыл фæдисы уый тыххæй фæзынд.

– Æмзор, их уын цы зæхх ныххоста, уымæй уæлдай ма уæм нартхор сагъд уыд дыууæ раны æмæ сæ ды не схъæр кодтай, бамбæхстай сæ. Уый та комкоммæ у цæстфæлдахæн ми, фыдракæнд, паддзахады сайыс, паддзахадыл цæуыс гадзрахатæй.

– Афыстой та?

– Афыстой. Æмæ, бæгуыдæр, чи ныффыста, уый раст у. Фарон, уæ картофы иу хай хорз кæй æрзад, уый не схъæр кодтай. Æмæ уæд аирвæзтæ. Дæ фæндаг уыд карды комыл цæуæгау. Хъуамæ дын уый зонды хос уыдаид, ды та ногæй… Æмзор, æмæ дын ныр мæ бон баххуыс ницæмæй у, дæхæдæг дæхиуыл бандзæрстай, дæхæдæг ахæстоны дуæрттæ гом кæныс.

– Гоце, алцыдæр хорз æмбарын, фæлæ адæм…

– Æмæ иннæ колхозты сæрдартæ сæ хъæуккæгты, сæ хæдзарадты фæллойгæнджыты дæуæй къаддæр уарзынц? Уыдон сæ былæй æппарынц, уыдоны нæ фæнды, къорыпп – дыууæ къорыппы барæвзар нартхор кæрты æркал, дæс-фынддæс голладжы мæнæу æрæппар, картоф… Фæлæ паддзахад… фыццаджыдæр паддзахадыл тыхсын хъæуы. Ды та…

– Æмæ паддзахад æнæ адæмæй паддзахад у? Афтæ куы дзурæм, паддзахад адæмы тыххæй у.

Дыууæ лæджы ныхасмæ æцæгæлон исчи хъусы, уæд загътаид: адон кæрæдзийæн цыфыддæр знæгтæ сты, ныртæккæ кæрæдзимæ къухæй бавналдзысты, кæрæдзимæ кæрдтæ сисдзысты. Æцæгдзинадæй та кæрæдзийы хорз æмбарынц. Гоце æрцыд фæдисы: цæмæй йæ хъæуккаг, йæ хорз хæлары бахъахъхъæна, стыр фыдбылызæй йæ бахиза. Æртын æвдæм аз нал у, уæд дзырдхæсджытæй дуне бæз-бæз кодта, фæлæ дзы ныр дæр хъуаг не стæм, къæппæввонгæй сæ нывондтæм æнхъæлмæ кæсынц, фæлмæндæр къæлæтджын бацахсон, бæрзонддæрæй ракæсон, зæгъгæ, уый тыххæй сæ ныййарджыты дæр фæдæлдон кæндзысты.

– Æмæ хахуырфыссæг бæрæг у?

– Нæ. Чи йæ фыссы, уый бæрæг нæу. Фæлæ сæ иу адæймаг кæй фыссы, уый дызæрдыггаг нæу, æмæ иу бон рабæрæг уыдзæн. Фæлæ ныр ууыл не стæм. Æмзор, сомизæрмæ нартхоры быдырты иу æфсир дæр куыд нæ уал баззайа, афтæ. Хъусыс мæ? Ацы хъуыддаджы дæм стыр фæлтæрддзинад и, — Иван йæ хæлармæ йæ мидбылты бахудт. О, о, уымæ ацы хъуыддаджы стыр фæлтæрддзинад и.

– Хорз, хорз Гоце, – бахудт Æмзор дæр.

– Уæдæ баныхас кодтам. Æз цæуын.

– Фæндараст. Фæндараст.

Сæумæцъæхты æхсызгон уазæг хæдтулгæйы сбадт. Машинæ Чырыстонхъæумæ нæ, фæлæ Цраумæ фæндагыл размæ йæ ных сарæзта.

Дыккаг бон изæрмæ нартхоры быдыры иу æфсир нал баззад. Паддзахадæн йæ хæс бафыстой. Адæмæн нартхор байуæрстой. Колхозонтæ разы уыдысты сæ фæллойæ. Сæ зæрдæты рухс сæ цæсгæмттыл хъазыд. Æмзор сулæфыд, цы уæззау уаргъ ыл æнцад, уый ахауд.

 

* * *

Æмзорыл азтæ куы æруæз кодтой, арвы æгæрон тыгъдадæй зæхмæ арæхдæр куы каст, уæд цæмæндæр, уæлдай арæхдæр мысыд йæ хорз æмхъæуккаг, йæ хорз хæлар Габпаты Иваны – Гоцейы.

– Зын, æвзæр ракæнынæй æнцондæр ницы ис, – дзырдта-иу мæ фыд, – фæлæ исты, уадз, хæрз чысыл хорздзинад дæр уæд, уый ракæнынæн та лæг хъæуы. Æмæ ахæм уыд Габпаты Гоце, – уыцы ныхæстæм-иу йæ фæлмаст цæсгом фæцинхуыз, сагъæсæй æмдзаг цæстытæ-иу фæрухсдзаст сты, йæ зæрдæйы-иу æхсызгондзинады арт ссыгъд, æмæ йæ æз дæр æнкъардтон. Уыцы уæлвонг æнкъарæнтæ цыма ныр дæр мемæ сты, афтæ мæм кæсы. Æмæ, æвæццæгæн, мемæ сты, зæрдæйы баззадысты, мемæ æмдзу кæнынц. Æмзор-иу æхсызгонæй ныуулæфыд, æмæ-иу йæ ныхас балхынцъ кодта:

– Хорз лæджы фæд азты фæстæ дæр зыны, йæ амæлæты фæстæ дæр йæ алыварс чи уыд æмæ чи баззад, уыдоны ныфс уадзы, фидæнмæ сын фæндаг амоны, кадджын сæ кæны.

 

ЦÆМÆН?..

Ацы цауæн мæхæдæг
æвдисæн нæ уыдтæн,
фæлæ йæ нæ бинонтæй
арæх хъуыстон.

Ссæдзæм æнусы фæндзайæм – æхсайæм æмæ уый фæстæ азты дæр быдырон хъæуты цæрджытæй бирæтæ цардагур сæхи æппæрстой Дзæуджыхъæу, Алагир, Беслæныхъæу æмæ ‘ндæр рæттæм, заводтæ, фабриктæ, куыст кæм уыд, уырдæм. Лыгъдысты, цæмæй сæ кæстæрты фидæн амондджындæр уа. Сæ царды фæндæгтæ рухсдæр уой. Хъæутæ нымад уыдысты цъысымыл. Æмæ уырдыгæй аирвæзтæ, о, куыд тæхудиаг дæ уæд. Мах цардыстæм Хъарман-Сындзыхъæу Фалдоны. Æвиппайды нæ хæдзар ауæй кодтам æмæ ног бынæттæ балхæдтам Беслæны. Уæд æз службæ кодтон Советон Æфсады рæнхъыты, Хæстон-Денджызон флоты.

Хабар уайтагъд айхъуыст: уый та куыд, Æмзор, цæрæнбонты хъæубæсты кад æмæ радæй чи фæцард, уый йæ хæдзар ауæй кодта? Уый кæдæмдæр лидзы? Бирæтæн хъыг уыд. Колхозы сæрдар Хъарадзауты Дзастемыр нæм сæрмагондæй æрбацыд æмæ Æмзоры къуылымпы кодта, лæгъстæ йын кодта, цæмæй йæ фæнд аива. Хæдзарадæн йæ фадат куыд у, афтæ йын æххуыс кæндзæн, санаторимæ-иу æй арвитдзысты… Фæлæ бинонты хистæрæн йæ фæнд конд уыд.

Агънатæ æрвадиуæг цы мыггæгтимæ кæнынц, уыдонæй иутæ сты Æмбалтæ. Нæ къабаз, æмæ ма уымæй уæлдай нæ хорз сыхаг, фендджын зæронд ус Æмбалты Аминæтмæ дæр хабар байхъуыст. Куыд нæм ссыд, æз уый нæ федтон, фæлæ арæх мæ цæстыты раз сæвзæры ахæм ныв.

…Урсдадали зæронд ус, йæ лæдзæгыл æнцойгæнгæ, йæ развæндаг уырзæй сгарæгау сгары, афтæмæй фæцæуы. Йæ цæссыгтæ нæ уромы æмæ сæ йæ сæрбæттæны кæронæй асæрфы. Нæ дуармæ схæццæ æмæ хъарæггæнгæ кæртмæ бахызт. Æмзор æнгуз бæласы бын бады, йæ лулæйы фæздæг къуыбылæйттæй хæрдмæ кæлы. Фестъæлфыд, фестад: циу? Цы хабар у? Цы сыл æрцыд? Сæ хорз къабаз, сæ хорз сыхаг Аминæт сæм кæугæ цæмæн æрбацæуы?

– О, Æмзор, кæмæн мæ уадзыс? Мæн та ма чи баныгæндзæн? – Зæронд ус йæ цуры æрлæууыд, æрбахъæбыс æй кодта, йæ риуыл ын, цыма чысыл сывæллон у, афтæ йæ урс сæр æруагъта. Йе ‘нæбон цæнгтæ йыл æрхаудысты æмæ кæуы, йæ цæссыгтæ суадæттау йæ рустыл уайынц.

– О, Æмзор, кæмæн мæ уадзыс? Мæн та ма чи баныгæндзæн? – Кæуы нæ хорз сыхаг, нæ хорз хæстæг, фендджын Аминæт. Йæ цæссыгтæ гæр-гæрæй згъæлынц, йæ кæуын йæ хъуыры акъуыбар вæййы, æмæ ус ферхæцы, йæ сæр нынкъуысы.

Æмзоры цæстытæ дæр доны зилынц, уый дæр йæ цæссыгтæ нал уромы, кæуы уый дæр. Кæуынц дыууæйæ дæр. Кæуынц хæкъуырццæй. Хъæрæй. Æнæфсармæй.

Уыцы бонæй нырмæ цæйбæрц рæстæг рацыд? Мæ сæры иу сау хил нал и, мæхи мин æмæ мин хатты фарстон, æмæ та ныр дæр фæрсын: Аминæт цæмæн куыдта, уый æмбарын – тагъд ыл йæ хур аныгуылдзæн, йæ цæрæнбонтæ бирæ нал сты, уый æнкъары æмæ фендджын сылгоймагæн хъуамæ йæ фæстаг сахат рæсугъд ирон æгъдау чи раттаид, йæ фæстаг фæндагыл æй аив, рæсугъдæй чи афæндараст кодтаид, уыдонæй хъуамæ иу уыдаид, йæ хорз хæстæг, йæ хорз сыхаг, йæ зæрдæйæн адджын, йæ зæрдæйæн зынаргъ адæймаг – Æмзор. Æмæ ныр уый нæ лæудзæн йæ сау чырыны уæлхъус, йæ зæрдæбын, зæрдæагайгæ ныхасæй нæ нынкъуысдзысты мардмæ ‘рцæуæг адæмы зæрдæтæ. Æмæ кæуы фендджын Аминæт. Кæуы йæхиуыл. Фæлæ уый, мæ фыд, Æмзор та цæмæн куыдта хæкъуырццæй? Уыцы бæрзонд, бæзæрхыгтæ, фæтæнуæхск, дæргъæй-дæргъмæ хъайваны кæроныл-иу иунæгæй чи схæцыд æмæ-иу æй иуварс чи æрæвæрдта, уыцы хъаруджын, уæйыг лæгæн афтæ цæмæн суынгæг йæ зæрдæ?.. Цы стыр тыхтæ йын нынкъуысын кодтой йæ фидар зæрдæ?.. Цæмæн? Цæмæн куыдта уæд чысыл сывæллонау Æмзор?..

Цæмæн?.. Цæмæн куыдта уæд Æмзор?..

Æвæццæгæн… Йæ уарзон фондз хъæуы цæрджыты уарзон бынæттæ – уымæн дæр йæ зæрдæйы арф æвæрд сты æмæ зæрдæ уыдонæй атонын нæ комы. Хъабагъуат… Иу гæппæл дзы ахæм нæй, Æмзоры къах кæм не ‘рæнцад. Скъæтты ком… Цъæх фæлыст, цæстытæ дзы атонын нæ комынц. Хъарман бæлас… Арвæмбæрц, пæлæхсар, цыма хъæуы йæ дæлбазыр бакодта, цыма сæ æнæнхъæлæджы фыдбылызæй бахъахъхъæнынмæ хъавы. Хур – Хоры Уастырджи… Йе сфæлдисæг – Едзиты Сослæмбеджы зæрдæйы хъармæй хъарм кæны абон дæр табугæнæг адæмы. Абеты къуылдым… Чи йыл сæвæрдта уыцы æнахуыр рæсугъд ном? Куыд равзæрд? Æвзагæй фæиртæсын нæ комы. Бур фæндаг… Дæ разæй згъоры æмæ дæ иу æфцæгæй иннæ ‘фцæгмæ йæ фæстæ скъæфы. Урсдон… Фондз хъæуы мад, йæ урс уылæнтæ æнусты дæргъы йæ фæйнæварс цæрджытæн – цард æмæ амонды гуырæн. Куыдзæппарæн… Æрдзы сфæлдыст хæзна, кæс æм æмæ йæм кæс. Æмæ уæд Дурджыны ком… Иу фæзилæн. Иннæ. Сæ иуæй иннæ цымыдисагдæр. Хуыцауы дзуары кувæндон… Табу йын кодтой фыдæй-фыртмæ фондз хъæуы цæрджытæ, фондз хъæуы адæмы иугæнæг. Нарты къуылдым… Цыдæр тых дæ йæ сæрмæ æлвасы. Фæлгæсыс уырдыгæй, æмæ цыма нæ фондз хъæуы дæ армытъæпæны сты, афтæ дæм кæсы. Хобыты ком…

Ацы алæмæты бынæттæ иууылдæр Æмзоры зæрдæмæ фидар баст сты, æмæ сæ зæрдæ… Зæрдæ фæиртæсын нæ комы. Æмæ кæд… Кæд Æмзорæн йæ къуыбар цæссыгтæ уымæн згъæлдысты.

Цæмæн?.. Цæмæн куыдта уæд гыццыл сывæллоны хуызæн уыцы уæйыг лæг – Æмзор?.. Кæд… кæд, йæ фараст хъæбулы боны рухс цы къонайы федтой, йæ цардæмбал, йæ уарзон Чендзеимæ фараст авдæны кæм ауызтой, фараст хуры сын цы бынаты рантыст – самандурæй арæзт, къуындæг, фæлæ зæрдæйæн æнахуыр адджын, кæд… кæд зæрдæ уырдыгæй атонын нæ куымдта æмæ кæд… æмæ кæд уымæн куыдта Æмзор?.. Кæд йæ хурсыгъд, æнцъылдтæ рустыл ставд урс цæссыгтæ гæр-гæрæй уымæн згъæлдысты…

Цæмæн?.. Цæмæн куыдта уæд Æмзор?..

 

ЦЫППАР ГОЛЛАДЖЫ МÆНÆУ

Уацауы ацы сæр фыст цæуы, 1998 азы
17-æм ноябры газет «Рæстдзинад»-ы
Бекъойты Алыксандры уац «Кæй аххосæй
ныххæллæттаг»-мæ гæсгæ.

Æрталынг. Æмзор, рæстæг куыд агæпп кæны, уый нæ бафиппайы. Парторг, фæлæ йæ куыст фылдæр адæмы æхсæн: быдырты, фермæты, тракторон бригадты… Сæрдар æмæ агрономтимæ хæстæгдæр бонты адæм цы кусдзысты, кæм кусдзысты, ууыл уынаффæтæ кодтой. Сæ ныхас æгæр адаргъ. Хорз тыллæг райсдзысты ацы аз сæ быдыртæй, зæрдæ сæ рухс кæны. Дыууæ – æртæ боны ма, æмæ сæ мæнæу карст фæуыдзæн. Дæргъæй-дæргъмæ нæрст хæмпус æфсир дæ армытъæпæнты аууæрд, æмæ дæм сызгъæрин нæмгуытæ худынц, цæстытæ сæ ратонын нал фæкомынц. Паддзахады хæс дæр бафиддзысты, адæм дæр хъуаг нæ уыдзысты. Æрдзон фыдбылызæй Хуыцау бахизæд, æндæр бæркадджын уыдзæн сæ фæззæг. Сæ нартхоры зæххытæ цъæх-цъæхид дарынц, бацу дзы æмæ адæймаг нал фæзыны. Сылтаныхъы быдыртæ… уыдон сой сты, сой, саумæр, хæмпус, нæмыг ныппар æмæ дæ нæ фæсайдзæн, алæмæты тыллæгмæ æнхъæлмæ кæс. Уыцы хуыскъæл ма сæ куы нæ хъыгдарид. Уæвгæ хæсты фыдбонты адæмæн дыккаг хойраг уыд, фæлæ ныр… цы нæ йын кæнынц, уæддæр сыскъуыйын нæ комы. Фесафдзысты йæ.

Æмзор фылдæр хатт йæ бинонты фынæй кæнгæ æрбаййафы. Æрмæст йæ цардæмбал Верæ, уæвгæ, уыцы номæй йæ ничи зоны, Æмзоры мад æм «Чындз», зæгъгæ, дзуры æмæ цæрæнбонты Чындзæй баззад, афтæ йæм дзурынц сæ сывæллæттæ дæр. Æмзор та йæ буцдæрæн «Чендзе» хоны. «Чендзе кæм и?» «Чендзе цы кусы?» «Чендзе»… Лæг цыфæнды æрæджиау ма æрбацæуæд, уæддæр æм æнхъæлмæ кæсдзæн, хуыссæг ын йæ цæстытæ æхгæндзæн, рæдзæ-мæдзæ кæндзæн, уæддæр сынтæг йæхицæн нæ саджджын кæны. Фараст сывæллоны мад, уымæн хæдзары чысыл змæлд и? Æмзор ын бæргæ фæзæгъы, – ма йæм æнхъæлмæ кæсæд, фæлæ нæй, коммæ нæ кæсы. Ныр дæр та фæтæгены цырагъы мынæг рухсмæ пецы цур бады æмæ сывæллæттæй кæйдæр дарæс æмпъузы. О, хæдзары сылгоймагæн цæйбæрц змæлд и, цæйбæрц!

– Уæртæ лæг, ахæр.

– Ахæрдзынæн, ахæрдзынæн, Чендзе.

Æмзор бонизæрмæ бафæллайы, йæ сæр базыл куы æрæнцайы, уæд æй уайтагъд хуыссæг йæ быны ануæрды. Ныр йæ дзаумæттæ раласа, йæхи сынтæгыл æруадза, афтæ сæ куыдзы сонт рæйын æрбайхъуыст, кæмæдæр йæхи æппары, кæмæдæр лæбуры. Чидæр кæрты дуар барджынæй æрбахоста. Æмæ ацафон… Æфсин фестад.

– Мæхæдæг æм акæсдзынæн. — Æмзор фæцæуы. Мæйрухс æхсæв, стъалытæ цæхæр калынц, æндæр фæтæгены фанар ссыгътаид. Уый… Сæ колхозы мæнæуы мусгæс Мухадзыр. Æмæ йæ ацы æнафон цы ‘рбахаста?

– Мухадзыр, æмæ кæцæй фæдæ? Исты хабар…

– Нæ, ницы, ма тæрс.

– Æмæ уæдæ…

– Мæнæ дын мæнæу æрбаластон.

– Цы? Цавæр мæнæу? – Æмзор Мухадзыры не ’мбары. Колхозонтæн сæ фæллойы бонтæн мæнæу нæма дæттынц. Стæй ацы афон…

– Мæнæ… æмæ сæ кæм æрæвæрон?

Кæртмæ бахизæн дуары къæсæргæрон мæнæуы цыппар голладжы кæрæдзи сæрыл æвæрд. Мæйрухсмæ хорз зынынц: цыппар бур голладжы.

– Адон цы сты? Чи дын загъта æмæ мын мæнæу æрбаласай?

– Ничи. Мæхæдæг. Нæ уæ уынын, уæ сывæллæттæ сæ тæккæ хæрыныл, хæринаг та кадавар æмæ…

– Æмæ… Æмæ уæд цы? Уæд сæ хъуамæ давæггаг хойрагæй хæссон? Нæ-æ… Мухадзыр.

– Æмзор, рæдийыс. Паддзахадыл, колхозыл ацы цыппар голлагæй ницы ‘рцæудзæн, уыдонæн-иу æртæх, сымахæн та – хорз æххуыс, дæ цотыл ахъуыды кæн.

– Мæ цотыл ма тыхс. – Парторг йæхимæ ныхъхъуыста: цæмæн? Цæмæн æм бауæндыд Мухадзыр афтæ? Æмзор искуы исты адавта? Искуы истæмæ фæныхылдта? Уал æмæ уал азы адæмы æхсæн кусы æмæ… æмæ уыдоны цур дæр æмæ йæхи цур дæр йæ цæсгом сыгъдæг у.

– Мухадзыр…

– Æмзор, бынтон раст адæймаг у ай, уый дæр хорз нæу. Раст къæцæлы дон тагъддæр ласы. Бафхæрон дæ, зын дын ракæнон, цыппар голладжы мæнæу, уый тыххæй не ’рæвæрдтон ам. Дæ бинонтæ, дæ сывæллæттæ тæригъæд сты. Бакæс ма сæм, сæ фæрсчыты рухс кæлы.

– Ныр нæ хъæуы цæрджытæй алчидæр уал голладжы куы радавид, уæд ма нæ мæнæуы мусы исты баззаид? Мухадзыр, æз дæу фæрсын!

– Æмзор, ды алчи нæ дæ. Уал æмæ уал азы æхсæнады фæкуыстай æмæ кусыс, æмæ самандур хæдзары цæрыс, де скъæт хъæзæй æмбæрзт, суанг, исчи исты куы зæгъа, исчи дын куы бауайдзæф кæна, зæгъгæ, дæ сывæллæтты дзенкъордзуан дæр нæ ауадзыс.

Цытæ дзуры Мухадзыр? Æмзоры сывæллæттæ хæринаг, дарæс хъуаг æййафынц æмæ цы? Ныртæккæ сойы йæхи чи æвдулы? Уый сывæллæттæ хъуамæ хъæуы иннæ сывæллæттæй цæмæй хицæн кæной? Бæрнон бынæтты куыста, ныр та колхозы партион организацийы разамонæг у æмæ цы? Бæрнон бынаты кусыс, уæд хъуамæ давæг уай, дæхимæ ссивай? Уæд хъуамæ иннæ адæмы æхсæн хъулон цард кæнай? Æмæ ма уæд се ’хсæн куыд æрлæудзæн? Разамонæг йæхæдæг давæг куы уа, уæд… Нæ! Уымæн уæвæн нæй. Уый коммунист у. Уый разамонæг у æмæ хъуамæ уый кæддæриддæр сыгъдæг уа. Ууыл хъуамæ къæм дæр ма кæд абада. Уый…

– Мухадзыр, мæнæу кæцæй раластай, уырдæм æй алас.

– Цы?.. Æмзор, нæ дæ æмбарын.

– Æвæццæгæн мæ нæ фехъуыстай. Ды давæг дæ, дæуæн дæ бынат ахæстоны ис æмæ ууыл райсом аныхас кæндзыстæм.

Мæнæуы мусгæс парторджы не ’мбары. Давæг, дам, дæ, къæрных. Æмæ уый цыппар бур голладжы мæнæу йæ кæрты дуармæ æрæппæрста? Уымæн дæр йæ бинонтæ сæ къухтæм æмхасæнтæ куы кæнынц. Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссар. Давæг. Къæрных. Парторг, мæнæуы голджыты сæхимæ бахæссын нæ бауадздзæн, Мухадзыры уый уæддæр нæма уырны. Ау, уый та куыд? Дæ къæсæргæрон бинонты ирвæзынгæнæг цыппар голладжы мæнæу æмæ уыдон раздах? Хуыцауы тыххæй. Сæ парторгæн бынтондæр йæ сæрызонд фæцыд æви… Уый хъуамæ цин кæнид, уый та…

– Æмзор, голджытæ кæм æрæвæрон.

– Мухадзыр, æвæццæгæн, мæ нæ бамбæрстай, мæнæу кæцæй раластай, уырдæм æй алас! Æз дæр демæ цæуын, – æмæ парторг йæ бæх ракодта, саргъ ыл нæ сæвæрдта, афтæмæй йыл сбадт. Мусгæс стыр бур голджытæ уæрдонмæ тыххæй исы, йæхицæн хъуыр-хъуыргæнгæ дзуры:

– Ацы большевиктæ, ацы коммунисттæ диссаг сты, Хуыцау дын ралæвар кодта æмæ йæ дæ къахыфындзæй æддæмæ æппар. – Парторгмæ разылд æмæ йæм кæсы: — Æмзор, æз… æз давæг нæ дæн. Æндæр искæмæн армыдзаг дæр нæ баластаин, фæлæ дæуæн… Дæ бинонтыл ахъуыды кæн.

– Мухадзыр, мæ бинонтыл ма тыхс.

Галтæ фезмæлдысты. Æмзор куы сæ разæй фæвæййы, куы сæ фарсмæ фæцæуы.

Мусгæс æрдæг фæндагыл галтæ баурæдта, уæрдонæй рахызт. Æмæ цы кæны, цы та йæ зæрды æрæфтыд? Мæнæу кæдæм баласын хъæуы, уый дзы рох фæци?

– Æмзор, мемæ цæмæн рацыдтæ, уый хорз зонын: ды мæ давæг æнхъæл дæ, къæрных. Æвæццæгæн, хъуыды кæныс: ныртæккæ Мухадзыр ацы цыппар бур голладжы йæ кæрты æрæппардзæн. Уæллагæй дын ард хæрын, армыдзаг дæр мæнæу нæ хæдзармæ нæ бахастон, кæд мын мæ фæллойы бонтæн исты радтой, уæд табу Хуыцауæн.

– Раст æмæ давæг чи у, ууыл ам нæ дзурдзыстæм. Ахæц.

Мусгæс уæрдоны сбадт, галтыл ахъæр кодта. Уæддæр, Æмзоры сæры хъуыдытæ зилдух кæнынц: Мухадзыр æм афтæ цæмæн бауæндыд? Йæ ныфс æм цæмæн бахаста? Сæ иумæйаг исбон давæгæй йæ зоны? Бæргæ, йæ бинонтæ хуыздæр куы цæриккой, йæ цот æмпъызтытæ, скъуыдтæ дарæсы куы нæ цæуиккой, æдзух æфсæст куы уаиккой, фæлæ не ’ххæссынц, сæ къухтæ цыбыр сты. Бæргæ, сырх агуыридурæй амад хæдзарæй-иу куы рахизид, фæлæ… фæлæ ныртæккæ ахæм рæстæг у. Æнæмæнг, паддзахад, бæстæ та йæ къахыл слæудзæн æмæ алкæмæн дæр фенцондæр уыдзæн, æнæмæнг, цард фæхуыздæр уыдзæн.

Мусмæ бахæццæ сты. Мухадзыр уæззау голлаг сисы, бахæссы йæ æмæ йæ мæсты æппæрст æркæны, æркалы йæ. Парторг иуварс лæууы. Ныр нæ зыны, фæлæ мæнæу хурмæ голладжы комæй куы ракæлы, уæд сызгъæрин уылæнты хуызæн фæзыны, цæстытæ дзы атонын нал фæкомынц. Мæнæу… Æмзоры зæрдæ ныр ницæмæуал æхсайы. Мухадзыры давæг нæ хоны, давæгæй йæ куы зониккой, уæд æй мусгæс сæвæрдтаиккой? Бирæгъ – фысгæс. Фæлæ æвзæр рæстæг æмæ, цы нæ вæййы…

Хъалагъур афтид голджытæ мæнæуы кæрийы сæрмæ баппæрста, æдзæмæй, цыма тæфæрфæс кæны, афтæ лæууы, парторгмæ разылд, йæ сæр æруагъта, æмæ йæ хъæлæс ныхкъуырд, къæзы, афтæмæй дзуры:

– Æмзор, ма мæ бабын кæн, мæнæн дæр бинонтæ и, фондз сывæллоны, ма мæ фесаф, уыдоныл уæд та ахъуыды кæн.

– Райсом аныхас кæндзыстæм, – æмæ парторг йæ бæх разылдта, сæхимæ фæцæуы.

Мухадзырмæ райсом æмæ уый фæстæ дæр ничи фæдзырдта. Цасдæр рæстæг йæ уд удыл нал хæцыд. Тарст. Йæ цæстытыл-иу ауад: фыццаг æй колхозы правленимæ аласдзысты, уым цалдæр милицанеры, æмæ йын уыдон йæ цæнгтæ æрыздухдзысты, йæ фæсонтыл ын сæ цæхгæр авæрдзысты, сау хъæбæр гæрзæй сæ кæрæдзиуыл куыд баныхæсой, æддæг-мидæг куыд ауайой, куыд апырхытæ уой, афтæ æрылвасдзысты, сæ алы фезмæлд дæр ракæнон, æнауæрдон. Æмæ фæцæуы… фæцæуы Сыбыры бинаг къæймæ. Æмæ йæхæдæг авд дæлдзæхы ныххауæд, фæлæ цы фæуыдзысты йæ бинонтæ? Куыд цæрдзысты йæ сывæллæттæ? Ныр уæддæр, куыддæртæ цардысты, цыдæр амæлттæ сын кодта, фæлæ æнæ уый…

Бон-боны, къуыри-къуырийы ивы. Мæй рацыд æмæ Мухадзырмæ ничи дзуры. Ау, Æмзор никæмæн ницы загъта? Мухадзыр аирвæзт? Уæддæр тарст, нартхоры иу æфсиры тыххæй аз куы тæрхон кæнынц, уæд… Æмæ уый… Тыхсы. Катай кæны. Æгъгъæд у ацы мидхъизæмар. Цы йæм æнхъæлмæ кæсы, хъуамæ уый базона, кæдмæ ауыгъдау уыдзæн? Йæ бон афтæ цæрын нал у. Æмæ тæрсгæ-ризгæ парторджы уаты дуарыл бахæцыд. Цы йæм æнхъæлмæ кæсы? Æмзор æм разылд. Цасдæр рæстæг ницы дзырдта æмæ уазæджы буары уазал риз ацыд: æнхъæлдæн йе ‘намонд фæндагыл æрбацыд.

– Мухадзыр, ацу æмæ дæ куыст кæн, фæлæ ма ахæм хъуыддаг, уæд, дæ бынат кæм ис, уый зоныс.

– Зонын. Зонын, Æмзор, — æмæ рацыд. Нæ рацыд! Уый тахт уæлæрвты. Аирвæзт! Аирвæзт! Дард, уазал Сыбыр æм æнхъæлмæ нал кæсы. Йæ дæлдæр-уæлдæр сывæллæттæ æнæ дарæгæй нæ баззадысты. Йæ уд йæхимæ æрцыд. Æрзæххон. Кусæг, фæллойгæнæг лæг йе ‘рдзон гаччы сбадт. Æмæ-иу искæм уа, сæхимæ уа, иу сыкъа куы анызта, уæд, ахæстонæй куыд аирвæзт, уый, йæ цæстытæй цæхæры стъæлфæнтæ хауд, афтæмæй, æхсызгонæй ма радзура, уымæн гæнæн нæ уыд. Ныхас та… дзыхæй сирвæзæд, уæд топпы нæмыг у, бауромæн ын нал и. Æмæ Мухадзыр дард Сыбыры бинаг къæй куыд нæ баис, уый хъæубæсты ахъæр, ахæлиу, апырх.

Æмзорæй никæд ницы схауд.

 

МАЧИУАЛ УÆ СКÆУÆД…

Уацауы ацы хай ист у, ме ‘дзард хъæбул
Уырызмæджы тыххæй цы элеги ныффыстон –
«Сæууон хуры тын», уырдыгæй.

Уырызмæг, мæ мад, дæуæн та дæ Нанайы уæззау рынчынæй нæхимæ горæтмæ куы сластам, уæд, уæлдайдæр та фæстагмæ, нæ бинонтæ – ме ’фсымæртæ, мæ хотæ, нæ чындзытæ – фылдæр уыдысты махмæ. Бирæ цæрæнбон ын нал и, уый куы бамбæрстам, уæд скарстам: нæ фыд Æмзоры дæр сласæм, уадз кæрæдзи фенæнт, нæ мад йæ фæстаг бонтæ нæ фыдимæ арвита. Æмзор нæ куымдта, фæлæ йæ фæстагмæ куыддæртæй сразы кодтам. Хуыссыд нæ мадимæ иу уаты, æз цы сынтæджы хуыссыдтæн, уым.

Мæ мад, дæ Нана ма ахаста цалдæр боны. Цыма йæ мæлæт зыдта, чи зоны, æцæгдæр æй зыдта, æмæ æхсæвы йæхи ныннайын кодта, йæ дзыккутæ йын ныффастой, йæ сæрыл ног сæрбæттæн бабæттын кодта. Æз-иу æм алы райсом дæр куыстмæ ацæуыны агъоммæ бауадтæн: куыд у, куыд улæфы, куыд фынæй кæны?..

Уыцы райсом дæр æм бацыдтæн. Мæ фыд, цæмæй фæздæг ма цæуа, фæздæг нæ мады ма хъыгдара, уый тыххæй – тамако дымæг лæг – афтид лулæ пъæртт-пъæртт кодта, тамако дымынæй йæхи сайдта.

Нæ мад хуыссыд къулырдæм, æз æм æргуыбыр дæн: куыд улæфы? Æмæ… æмæ фæстæмæ мæхи аппæрстон, уатæй разгъордтон.

– Чындз… Чындз…

«Чындз», – афтæ хуыдта нæ фыдымад нæ мады. Афтæ йæ хуыдтой хæстæджытæ, сыхæгтæ, афтæ йæ хуыдтой суанг йæ чындзытæ дæр. Нæ мад йæ царды фæстаг сахатмæ чындзæй баззад, чындзæй мæрдтæм бацыд.

Нæ бинонтæ – æфсымæрæй, хойæ, чындзæй, рынчынфæрсæгæй – чидæриддæр нæм уыд, уыдон уатмæ бакалдысты. Æмæ уатæй раивылд удаист цъæхахст, удаист кæуын. Нæ фыд Æмзор, уæйыджы хуызæн сæвджынтæ, бæрзонд, азтæ сæ уæззау уæз кæуыл æруагътой æмæ йæ хуыссæны дæр тыххæй чи рабады, лæдзæджы æнцæйтты тыххæй чи рацæйцæуы, уый, диссаг, æваст сынтæгæй, цыма æвддæсаздзыд лæппу у, афтæ рагæпп ласта, йе ’мбæрц æмраст слæууыд æмæ æрвнæрæгау йæ хъæлæс райхъуыст.

– Мачиуал уæ скæуæд!

Мах цавддуртау фестæм. Уый та куыд? Æмзор, хъæрзгæ, сынтæгыл йæхи æруагъта, йæ риуæй цыдæр æнахуыр тыхджын уынæргъын райхъуыст, йæ цæстытæ доны разылдысты, стæй сæ дынджыр, æнгуылдзы ныхыйас цæстысыгтæ пъолмæ æргæр-гæр кодтой, йæ хъæлæс æрхæцыд, афтæмæй загъта:

– Кæд ма… Кæд ма йæ уд йæ мидæг и, уæд ын… уæд ын уæ кæуын зын уыдзæн.

Ныфс. Ныфс никæд мæлы! Кæд мæлы, уæд та æрмæстдæр адæймагимæ. Чи уаты баззад, чи æддæмæ рахызт, фæлæ хъæрæй ничиуал скуыдта, æрмæстдæр сусæгæй, Æмзор куыд ницы фехъуса, афтæ.

Цал минуты рацыд, чи зоны: Æмзор базмæлыд, сынтæгæй сыстыныл афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нæ уыд, æмæ мах йæ дæлæрмтты бацыдыстæм, схæцыдыстæм ыл; слæууыд, дуарырдæм ракаст æмæ загъта:

– Ныр… ныр ыл ныккæут, – æмæ йæхæдæг хъæрæй, богъ-богъæй, æнæфсæрмæй ныккуыдта, йæ цæссыгтæ стыр æртæхтæй згъæлдысты, пъол сæ сау хъулæттæ кодта. Мах ыл хæцыдыстæм, афтæмæй нæ мады цурмæ бацыд, æргуыбыр æм, йæ ризгæ армытъæпæн ын цалдæр хатты йæ ныхыл ахаста æмæ загъта:

– Рухсаг у, Чендзе. Рухсаг у, Чендзе.

Мах нæ фыды стыр уатмæ рахуыдтам. Диваныл йæхи æруагъта, азтæй фæллад, кæддæры домбай цæнгтæ йæ зæнгтыл æрхаудысты, йæ сæр æркъул, цыма йæ хуыссæг ахсы. Диссаг! Æз диваныл бадтæн бынтон æндæр адæймаджы фарсмæ, цалдæр минутмæ аивта. О, уый уыд зæронд лæг, азтæн чи быхсы? Фæлæ уæддæр – сæвджын, бæрзонд, фæтæнуæхск, фæтæнриу. Йæхæдæг йæ царды хабæрттæ дзураг нæ уыд, фæлæ уæддæр хъуысыдысты. Йæ хъару, йæ тыхыл куы уыд, уæд-иу, бричкæ къорыпп нартхорæй йедзаг, æмæ, бæхтæн разилæн нæй, зæгъгæ, уæд-иу бричкæйыл фæсте схæцыд æмæ-иу æй иуварс байста. Хъæуы хæдзар куы арæзтам, уæд æй цалдæр хатты мæхæдæг федтон: дæргъæй-дæргъмæ хъайваны кæроныл-иу схæцыд æмæ-иу æй иуварс æрæвæрдта. Æмæ ныр æвиппайды уыцы сæвджынтæ лæгæй ницыуал аззад: атад, ампылд, бынтондæр ныггуыбыр, дзой-дзой кæны, йæхиуыл нал хæцы, хъæлæс къæзы, æрхæцы. Йæ цæстытæ пъолæй хæрдмæ нæ исы, фæлæ куы фæзынынц, уæд… Цæстытæ дæр фендæрхуызон сты: æгъуыз, цыма сыл мигъ ныббадт, цыма сæ дунеты рухсмæ кæсын нæ фæнды.

Фыд йæ сæрыл схæцыд æмæ хъæрзгæ загъта:

– Иу арахъхъ мын рахæссут.

Нæ фыд афтæ раджы, афтæ раджы нæ, фæлæ сихорæй раздæр арахъхъ никуы банызта, фæлæ ныр… Мæ хотæй йын чидæр арахъхъ рахаста. Гыццыл агуывзæйы нæ – нæ мад-иу ын хæрынафон цы агуывзæйы рауагъта – тигъджын, дыууæсæдæ граммы кæм цæуы, ахæм агуывзæйы. Йæ къухтæ бынтондæр сæнæхъару сты, рызтысты, агуывзæйыл дыууæ къухæй æрхæцыд, махыл йæ æгъуыз цæстытæ ахаста æмæ загъта:

– Хуыцау, ды нæ сфæлдыстай, алцыдæр дæуæй аразгæ у æмæ нæ дæ хорзæх уæд. Ам ма бионтæ ис, кæстæртæ, æмæ сын цардамонд саккаг кæн. Чендзе, ды нал дæ æмæ рухсаг у, дзæнæты – дæ бынат, дæ кæстæртыл цардаудæн кæн, – æмæ арахъхъ сабыргай, хуыпгай банызта.

– Исты ацаход.

– Ницы мæ хъæуы.

– Уæд та уал дæхи æруадз.

– Мæхи æруадздзынæн, – æмæ диваныл æд дзаумæттæ æрхуыссыд.

Уæдæй фæстæмæ Æмзор дæр йæхиуыл нал схæцыд. Бынтондæр æрхауд. Аз æмæ дыууæ мæйы фæстæ уый дæр йе ’цæг дунемæ аивгъуыдта. Кæд, æцæгдæр, æцæг Дуне уым ис, æмæ йæ мах нæ зонæм, æндæр… цæмæн, цæмæн æм афтæ тагъд кæнынц адæм?..

 

ХÆРЗГÆНÆГ

Хъарман-Сындзыхъæуккаг Дзбойты Олгæ, фыдæбонджын
сылгоймаг, ацы дунейæ раджы ацыд, фæлæ йемæ фембæлдтытæ зæрдæйы баззадысты.
Уацауы ацы хай фыст цæуы уыдонмæ гæсгæ.

Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институт каст куы фæдæн, уый уыд 1973-æм азы, уæд кусын райдыдтон республикон телерадиокомитеты радиойы хъæууон-хæдзарадон редакцийы уацхæссæгæй. Арæх цыдтæн хъæутæм, колхозтæм, совхозтæм… Уæлдай æхсызгондæрæй ма мæ къæхтæ хастой Фалдонмæ, мæ райгырæн хъæу, мæ уарзон хъæутæ Хъарман-Сындзыхъæу æмæ Къора-Урсдонмæ. Адæймагæн йæ авдæн кæм аузынц, уый йын уæлдай адджын, уæлдай зынаргъ у. Райгуырæн зæхх. Райгуырæн бæстæ. Стыр дуне… Уыдон уæрæхæй уæрæхдæр кæнынц, фæлæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххы гæппæлыл акæнæм, уымæ æрыздæхæм, уый цæрæмбонты немæ æмдзу кæны, уынæм æй нæ фынты, фæстаг сулæфтимæ баст стæм йемæ.

Ныр, азтæ мыл сæ уæз куы æруагътой, уæд уæлдай æхсызгондæрæй фæцæуын, фыццаг хатт мыл хуры хъарм тынтæ сæхи кæм æрбатыхтой, бæгъæмвадæй цы къахвæндæгтыл згъордтон, уыдоныл. Фондз хъæуы, иу хъæуы хуызæн. Сæ астæуты дыууадæс километры дæргъæн фæндаг йæхи размæ æппары. Урсдон – ногдыгъд æхсыры хуызæн урс-урсид. Афтæ урс у, афтæ сыгъдæг у, æмæ дзы судзин ныппар æмæ йæ ссардзынæ, бацу, донмæ кæс æмæ дзы дæхи фендзынæ. Цæмæн дæ хъæуы йæ цуры айдæн? Нæ хъæуккаг – Касаты Алик, кæддæр загъта: «Махæн нæ дон дæр бирæты бæгæныйæ хуыздæр у». Хъазæн ныхас, фæлæ дзы æцæгдзинад ис. Æмæ куыд нæ тындздзынæ уыцы хъæумæ!

Мæ фыд Æмзоры карæн чи у, уыдонæй ныр æгас ничиуал баззад. Радиойы уацхæссæгæй куы куыстон, уæд ма дзы чидæртæ уыдысты куыстхъом, лæгæй-лæгмæ йæ чи зыдта, уыдон та ноджы фылдæр. Æмæ-иу семæ куы сæмбæлдтæн, уæд мæ æдзухдæр фарстой Æмзорæй; цы ми кæны, йæхи куыд æнкъары, куыд у йе ’нæниздзинад?.. Хъарман-Сындзыхъæуæй Беслæны æхсæн мингай километртæ нæй, фæлæ уæддæр цас арæх æмбæлдысты.

…Дзбойты Олгæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй нал сыздæхт йæ цардæмбал, æрыгон сылгоймаг сидзæргæсæй баззад. Йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ дысвæлдæхтæй фæкуыста сæ иумæйаг хæдзарады.

…Фалдон. Црауы быдыр. Колхозонтæ ерысæй, æз фæраздæронæй, нартхор рувынц. О, уæд ма адæм афтæ иузæрдионæй куыстой. Æз фæразæй уон, мæнæн фылдæр бантыса. Æваст сылгоймæгтæй иуы удаист цъæгъахст райхъуыст:

– Хъæуы… хъæуы астæу цыдæр, кæйдæр… кæйдæр хæдзар судзы!

Рувджытæ сæ куыст фæуагътой, цы уыдысты, уымæй иууылдæр цæстытæ фестадысты. Хъæуы астæу сау фæздæг сау къуыбылæйттæй хæрдмæ ивылы. Æмæ цы судзы? Уыцы æвирхъау бæллæх кæуыл æрцыд? Чи бабын?.. Чи бабын?..

– Мæгуырыбонтæ! Уый… уый мæ хæдзар судзы! – йæ къæпи фехста, йæ уæрджытæ ныххоста Олгæ æмæ размæ йæхи аппæрста. Згъоргæ! Згъоргæ! Тагъддæр! Тагъддæр! Фæцæй-иу хауд, уæлдæф ын нал фаг кодта, йæ дзаумæттæ хидæй дон фестадысты, йæ буарыл баныхæстысты, йæ зæнгтæ-иу фæдыдагъ сты, фæлæ уæддæр згъоргæ! Тагъддæр!

Сыгъд Олгæйы хæдзар. Адæм, сыхæгтæ йæ, бæргæ хуыссын кодтой: бедратæй, цыдæр къоппытæй дон скъæфтой, фæлæ сахъарикъул хæдзар спичкæйы къоппы хуызæн ныггуыпп кодта, цалдæр минутмæ сау æвзалы фестад. Æмæ басудзæд, сау æвзалы фестæд! Фæлæ йæ сывæллæттæ… Йæ дыууæ лæппуйы кæм сты?!.

– Дæ сывæллæттæн ма тæрс, – дард кæцæйдæр хъуысæгау æм хъуысы кæйдæр хъæлæс. Сылгоймаджы хъæлæс. Мигъвæлмæй йæм зынынц йæ хъæбултæ, йæ дыууæ лæппуйы. Æрбазгъорынц æм. О, Хуыцау, æгас сты! Уыны сæ! Сæхи йыл æрбаппæрстой. Мигъвæлм бæзджынæй-бæзджындæр кæны, йæ цæстытæ йын æхгæны. Фынæй… Хуыссæг æй ахсы… Олгæ ницыуал базыдта. Йæ зæрдæ бахъарм. Хъæбæр зæххыл æрхауд…

– Адæмы фарн бирæ у, – куы сæмбæлдыстæм, уæд-иу мын дзырдта Дзбойты фендджын, фыдæбонджын сылгоймаг. — Хионтæ, сыхæгтæ, хъæубæстæ нæ цуры æрбалæууыдысты, колхоз дæр иуварс нæ баззад. Уæд Æмзор цы куыст кодта, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын, сæрдар уыд, æви парторг, æрбацыд нæм: æмæ загъта: «Хæдзарад дæр иуварс нæ баззайдзæн, йæ бон цы у, уымæй уын феххуыс кæндзæн». Æмæ нын феххуыс кодтой. Адæмы, колхозы фæрцы мæ сидзæр лæппутæ зымæг уынджы нæ баззадысты.

– Хорз фыд дын уыд, – загъта-иу Олгæ, – уый адæмимæ уæлбæхæй никæд дзырдта. Æрхызтаид-иу, дæ къух дын райстаид æмæ-иу йæ зæгъинаг загъта.

Олгæимæ-иу куы сæмбæлдтæн, уæд мæ æдзухдæр дисы æфтыдта иу хабар, æмæ иу рæстæг мæ цымыдис бамбæхсын нал бафæрæзтон: хæсты фæстæ иннæ колхозонтимæ Црауы быдыры нартхор кæм рывта, уырдыгæй Хъарманы хъæуы æхсæн цалдæр километры, уырдыгæй уырдæм сæ хæдзар судзы, уый куыд базыдта? Уымæй йæуæд йемæ быдыры чи уыд, уыдон дæр фарстой æмæ иу æмæ дыууæ хæтты нæ. Куыд, уымæн йæхæдæг дæр ницы зоны. Фæздæджы сау къуыбылойтæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ буар ныррызт, кæйдæр… кæйдæр хъæлæс æм хъуыст: «Уый … уый дæ хæдзар судзы». Уый уыд йæ зæрдæйы хъæлæс, йæ зæрдæйы цъæгъахст. Æмæ згъоргæ! Згъоргæ!

Цæргæ-цæрæнбонты йæ астæу чи никæд сраст кодта, уыцы куыстдзагъд зæронд сылгоймаг æппæты арæхдæр мысыд хæсты æмæ хæсты фæстæ уæззау, тыхст, катайаг фыдбонтæ. Ай-гъай дæр. Уыдонæй алы бон дæр йæ зæрдæйы сау хъæдггомæй баззад. Сармадзанты богъ-богъ, автоматты къæр-къæр, хæдтæхджыты ниуын куы банцад, ууыл рацыд æвдай цыппар азы. Фæлæ æвирхъау хæсты хъæдгæмттæ абон дæр нæма байгас сты, уæд та сæ туг цыхцырæй калд. Хоры алы нæмыг, картофы алы гага дæр – уды хос, удирвæзынгæнæг. Футæг, лебæда, лæджирттæг, пысыра… агур, зил æмæ кæд истæуыл фæхæст уай, уæд амондджын дæ: цæхæра сфыцдзынæ æмæ фæхъыртхъом уыдзысты дæ бинонтæ, се ‘ххормаг, мæллæг кæуын фæсабыр уыдзæн.

Хæсты фæстæ азты колхозонтæн сихор скæнынæн хæринаг ластой, кæм куыстой, уырдæм. Доны хуызæн хъæрмхуыпп, кæд дзы иу картофы мур æрцахсай, кæд дзы иу макъароныл фæхæст уай, уæд хорз. Æмæ хъæрмхуыппимæ мамæлайы къæбæр, фæлæ уый уыд сызгъæринæй зынаргъдæр. Дæ роны йæ атъысс, ма йæ уын. Æххормаг дын у, тынг æххормаг, дæ комыдæттæ уайынц, дæ афтид ахсæны æххормаг хъуыр-хъуыр хъуысы, фæлæ дæхиуыл хæц, дæхи ныффидар кæн. Хæдзармæ куы бацæуай, уæд æй дæ дыууæ лæппуйæн дыууæ æмхуызон дихы акæн. Дæ сидзæртæ хъæбæр кæрдзыны комдзæгтæ æууилынц, сæ цæстытæй рухс стъæлфæнтæ хауынц. Æмæ ды дæр амондджын, æххормаг дæ, уый дæ æрбайрох.

– Æмæ уыцы фыдбонты, дæ фыд Æмзор, мæн æмæ мæн хуызæттæн уыд хæрзгæнæг, – загъта-иу зæронд Олгæ æмæ дард кæдæмдæр æдзæмæй каст. Æмæ-иу цæмæндæр ахъуыды кодтон: дард кæцæйдæр æм фæлмæй зынæгау зыны мæ фыд, хæстæгæй йæм хæстæгдæр кæны, йæ цæстытæ уымæй нал исы. Куыстдзагъд сылгоймаг-иу йæхимæ ныхъхъуыста, кæдæм-иу æй ахастой йæ хъуыдытæ, чи зоны. Кæдæм, уый зын бамбарæн нæ уыд: хæсты фæстæ уыцы фыдцæрдтытæ, уыцы тухитæ зæрдæйæ атонын нæ куымдтой.

Цы рæстæджытæ уыд, цы! Йæ сидзæртæ куыд аирвæзтысты, ууыл дис фæкæны Олгæ. Æххормагæй сæ рæсийын нæ бауагъта. Амал кæн. Агур. Зил. Закъонтæ тыхджын. Æгъатыр. Нартхоры æфсир дæм ссардтой, æмæ хъуыддаг тæрхондонмæ бахæццæ, уæд ахæстоны дæ бынат цæттæ у. Æмæ афтæмæй… куыд цардæуа? Цы чындæуа? Æнæ фæныхилгæ…

Мæнæу сцæттæ. Дæхи ‘рæмбæхс. Ничи дæ уыны. Фестъæлф. Дзаджджындæр ранмæ базгъор, мæнæуы æфсиртæй хæлофæй ратон. Фæфæстæмæ у. Дæ армытъæпæнты сæ аууæрд, ныффу сыл кæн. Мæнæуы нæмгуытæ цæхæр калынц. Дæ ронæй дæ зæронд сæрбæттæн фелвас, уым сæ æрбатух, мæнæуы баст дæ роны атъысс… Æмæ афтæ цалдæр хатты.

– Цы рæстæджытæ уыд, цы! – Йæ сæр-иу нынкъуыста цардæфхæрд Олгæ. – Æмæ уæд адæмы зын уавæр, адæмы зын цард чи æмбæрста, уыдонæй иу уыд Æмзор.

Мæн фæндыд: мæ фыды тыххæй-иу йæ ныхас куы фæбæлвырддæр кодтаид, афтæ мæм каст, цыма йæ зæгъинæгтæ кæронмæ нæ дзуры. Фæлæ цас аив у цымыдис фарст, æмæ-иу мæхиуыл ныххæцыдтæн.

Æгъатыр цард дурæй дон рауадзын кæндзæн.

Олгæ æмæ йæ дыууæ сыхаг сылгоймаджы кæсынц: тракторы фæстæ нартхортауæн кæм фæзилы, уым нартхоры нæмгуытæй уæлзæхх дзæбæх аззайы, цас цæхгæрдæр фæзилы, афтæ фылдæр. О, сæ сæртæ сын рачындæуа! О, сæ цæстытæ бакуырм уой! Нартхоры нæмгуытæй уæлзæхх афтæ бирæ аззайы, уый нырмæ куыд никæд фæхъуыды кодтой?! Сырддонцъиуты, сау халæтты амæттаг цæйбæрц нартхор баци. Трактор адард, цæст æй нал ахсы, сылгоймæгты ничиуал уыны, æмæ азгъор, фæзилæнты дæхи дæлгоммæ ныппар æмæ нартхоры нæмгуытæ хæлофæй уидз, дæ ронмæ сæ кал. Æрмæст дæ мачи фенæд, ды давыс садзинаг нартхоры нæмгуытæ. Ды дæ давæг! Фыдгæнæг! Ды дæ паддзахады знаг!

Нартхортонæнтæм æнхъæлмæ кæс. Уыцы рæстæг бæркадджын у. Хицауадæй дæ ничи уыны, æдас дæ, уæд фæлæбур, нартхоры æфсир тагъд-тагъд азгъал, йæ хъузг ын хæмпæлты амбæхс, кæнæ куыд нæ разына, афтæ йæ иуварс фехс, кæнæ йæ дæ къæхты бын зæххы ануæрд. Æмæ та ногæй. Æмæ та ногæй. Нартхор азгъалын дын нæ бантыст, уæд цалдæр æвзæрст æфсиры дæ роны атъысс. Фæззыгон, уазал, æрдæгих æфсиртæ… Хъуамæ ды сæ уазалæй гæртт-гæртт кæнис, де ‘нгуылдзтæ нал тасиккой, уыдон та дын дæ буар судзынц. Уыдон нартхоры æфсиртæ не сты, фæлæ цæхæры къæрттытæ. Ды дæ амондджын, дæ бинонтæ та фæхъыртхъом уыдзысты. Сылгоймæгты кæд ничи баурома, кæд сæ хæдзæрттæм баирвæзой, уæд дзæрна сфыцдзысты, æмæ дæ бинонтæн бæрæгбон. Цы нартхор ма дзы аззайа, уый Олгæ æрмгуыройæ касæн расдзæн. Кæд ма йæ къухы исты бафта, æмæ кæд бафтид, мард нæу. Кæд ма нартхор иу путы æрдæг, иу пут æрæмбырд кæна, уæд æй куыроймæ ныддавдзæн. Ног фых кæрдзын… Цы ис уымæй адджындæр? Йæ æнахуыр адджын тæф ракалд æмæ уый æхсызгонæй улæф, улæф. Зæрдæйыл æмбæлы, хæрын дæ нал хъæуы. Де ‘ххормаг ахсæны хъуыр-хъуыр банцад. Æхсыр ма дæм куы разына, кæнæ мисын, ноджы хуыздæр та – цыхт, уæд ды дæ бинонтæн скодтай нарты куывд. Олгæ кæрдзын цалдæр састы акæны, иннæ кæрдзын дæр стъолыл æрæвæры. Хæрæнт, цас сæ фæнды, уыйбæрц хæрæнт йæ лæппутæ.

Хорз, рæсугъд хъуыдытæ, фæлæ…

Сылгоймæгтæ фæцæуынц, сæ фæндаг карды комыл цæуæгау. Куы ничи сæ бауромид. Аирвæздзысты? Сæ нартхæрттæ сæ рæттæй калгæ не ‘рцæудзысты? О, Хуыцау! Дæ хорзæх сæ уæд! Æмзор… Æмзор сыл куы амбæлид, уый сæ хæрзгæнæг у. Уый хæрзæмбæлæг у. Сæ колхозы разамынд иууылдæр ахæм Хуыцауысконд лæгтæ куы уаиккой, уæд, бæргæ, фæлæ…

Сылгоймæгтæ фæцæунц. Уыдон сты къæрныхтæ, давджытæ, æмæ уыдонæй иу у Олгæ. О, уый у къæрных, давæг! Æмæ уæдæ цы кæна? Йæ лæппутæ æххормагæй ныррæсийой? Æххормагæй амæлой? Исты хуызы сæ хæдзæрттыл куы сæмбæликкой. Хуыцау!.. Лæгтыдзуар!.. Уæ хорзæх. Олгæ йæ роны исты куы рахæссы, уæд цыма тæфсæгæй рынчын у, афтæ йыл ризæг бахæцы, йæ буар æмхуызонæй зыр-зыр кæндзæн. Нæй, нæ ахуыр кæны, фæлæ йын хуыздæр гæнæн исты ис? Фæцæуыс, æмæ цы дæ, уымæй иууылдæр цæстытæ фестадтæ, кæс иуырдæм, аннæрдæм. Исчи æрбацæуы, барæг кæнæ бидаркæ бафиппайдтай, уæд дæхи иуварс аппар, хæмпæлты, къудзиты æхсæн абыр. Дæхи амбæхсын дын бантыст. Фервæзтæ. Фæлæ дæ тых улæфт хæдзары дæр нæма æрсабыр уыдзæн. Фыдæмбæлæг дыл амбæлд, уæд адæймаг нал дæ. Ды дæ куыдзæй æгаддæр, дæ мидбынат судзыс. Хицауы цæстытæ дыл зилынц, джигул дæм кæнынц, рахойынц дæ, ныхсынц дæ, цыма хъаматæ сты æмæ ды зæххы скъуыды ныххауынмæ цæттæ дæ.

– Уæ нартхæрттæ æркалут! – Арауы, абухы хицауы барджын хъæлæс, æмæ ды æдзæмæй лæууыс, æдзæмæй лæууынц де мбæлттæ дæр: къæрныхтæ, давджытæ, фыдгæнджытæ…

– Нæ хъусут! – нæры бæрнон кусæджы хъæлæс. Хъусынц! Алцыдæр хъусынц, фæлæ… Исты хуызы куы аирвæзиккой. Куы сæ ауадзид. О, Хуыцау…

– Бахатыр нын кæн.

– Нæ сидзæрты тæригъæды ма бацу.

– Мæнæ фæйнæ æфсиры, æндæр…

– Уый æз зонын! Фæйнæ æфсиры! Æркалут сæ зæгъын!! – Хицауы хъæлæс ноджы фæкарздæр, фырмæстæй къæзы.

– Дæ хорзæхæй…

– Не ‘ххормаг сывæллæттæ…

– Æз та уын афтæ зæгъын, уæхи зонгæ-зонын ахæстоны амæттаг ма кæнут! – Хицау пихылæйттæ калы. Йæ бæх дæм разылдта æмæ дæм афтæ кæсы, цыма дыл æй ныртæккæ баскъæрдзæн æмæ хæрзхаст, хъал хайуаны æндон сæфтджыты бын ацъæлтæ уыдзынæ.

Олгæ, исчи йæм баджигул кæна, уый онг йæхи никæд æруагъта æмæ не ’руадздзæн, кæйдæр æнгуылдзтæ йыл хъуамæ андзæвой? Фæлтау амæлæд. Æмæ нартхоры æфсиртæ — сызгъæрины къæрттытæ зæхмæ кæрæдзи фæстæ хауынц. Кæсыс сæм æмæ сæ фæстæ дæ цæссыгтæ згъæлынц, цыдæр рæстæг ницыуал ауыныс. Ох, амæл æмæ мацыуал зон, фæлæ йæ лæппутæ, йæ лæппутæ…

– Уæддæр, табу Хуыцауæн, хъуыддаг милицæмæ, тæрхондонмæ никæд æрцыд, – загъта-иу фендджын, куыствæллад сылгоймаг. Æмæ ма-иу йæ ныхасмæ бафтыдта: – Хицауады ‘хсæн хъулон бæрæг дардта иу адæймаг, æмæ-иу нæм афтæ каст: уый нын Хуыцауæй æрвыст у, уый нын зæххон Лæгтыдзуар у. Æмæ уый уыд дæ фыд – Æмзор.

Æз-иу, ай-гъай дæр сцымыдис дæн: цы амонынц зæронд Олгæйы ныхæстæ?.. Уыйас хорз цы ракодта Æмзор, фыдæбонджын сылгоймæгтæн æмæ йæ бирæ азты фæстæ дæр афтæ æхсызгонæй мысой. Уый-иу сабыргай йæ хъуыды райхæлдта:

– Мах, сылгоймæгтæ, быдырæй æрбацæуæм. Нæ рæтты нартхоры æфсиртæ. Нæ буæрттæ нын судзынц. Дæ хæдзармæ иу æфсир æнæ бафæрсгæйæ æрбахæсс, уый дæр зын у, тынг зын. Уымæн æмæ ды дæ давæг. Фæлæ уыцы мæгуырбонтæ, уыцы фыдазтæ… Сæ нартхæрттæ сæ хæдзæрттæм баирвæздзысты? Куыд ацæудзæн сæ фæндаг? Цы сæм æнхъæлмæ кæсы? Æмæ Хуыцаумæ кув: фыдæмбæлæгæй сæ бахизæд. Æмæ нæ бахызта… Кæсæм æмæ уæртæ барæг фæзынд. Æрбацæуы. Кæрæдзимæ нырма дард стæм, кæрæдзимæ зынæм аууæтты хуызæн. Барæг… барæг йæ бæх иуварс фæзылдта. Дæлæты фæцæуы. Нал зыны, нал æй уынæм. Фæлæ уый чи у, уый мах, сылгоймæгтæ, сæ рæтты нартхоры æфсиртæ чи рахæссы, уыдон хорз зонынц. Уыдон, барæг чи у, уый… уый у Агънаты Æмзор. Нæ хæрзгæнæг. Нæ зæххон Лæгтыдзуар. Фæсте æрбацæуы, кæнæ, кæцæйдæр фæзынд æмæ нæ федта, уæд-иу йæ бæх цæхгæр фæзылдта, йæхи-иу фæиуварс, фæаууон кодта, цæмæй ма сæмбæлæм, ма фæиу уæм, кæрæдзи ма фенæм. Фыдбылызæй нæ хъахъхъæдта. Гъе, ахæм лæг у дæ фыд, – æмæ-иу мæм фыдæбонджын Олгæ æрбакаст, йæ мигъбадт цæстытæ-иу фæрухсдзаст, фæирд сты, æмæ ма-иу йæ ныхасмæ бафтыдта: – Æмзорæн-иу саламтæ ратт, зæрдиаг саламтæ. Мах æй мысæм, нæ зæрдæтæй абон дæр нæ цух кæны, — æмæ-иу мыл сæрæй къæхтæм, къæхтæй сæрмæ йæ цæстытæ ахаста. Æмæ иу нæ, фæлæ цалдæр хатты. Æмæ-иу мæм афтæ фæкаст, æмæ, æвæццæгæн, афтæ уыд: фендджын, цардвæлтæрд сылгоймаг мæ йæ цæстæнгасæй фарста:

– Дæумæ… дæумæ та исты ис дæ фыды тугæй?..

– Дæумæ… дæумæ та исты ис дæ фыды миниуджытæй?..

– Дæумæ… дæумæ та исты ис дæ фыды фарнæй?..

 

* * *

Азтæ кæрæдзи ивынц. Дзбойты Олгæ раджы ацыд йе ’цæг дунемæ. 1987 азы фæстаджы фæндараст загътам нæ фыд Æмзорæн. Уыимæ ацыд мæ царды иу хай. Уый афтæ кæй у, уый, цас фылдæр азтæ мыл цæуы, афтæ ‘мбарын хуыздæрæй-хуыздæр. О, афтæ у царды æнæмæлгæ фæтк: фæлтæр фæлтæры ивы. Мæныл дæр, Æмзоры кæстæр фыртыл, азтæ сæ уæз æруагътой, æмæ цас кардзыддæр кæнын, афтæ арæхæй-арæхдæр мæ зæрдыл æрлæууы Олгæйы цæстыты цымыдис фарст:

– Дæумæ… дæумæ та исты ис дæ фыды тугæй?..

– Дæумæ… дæумæ та исты ис дæ фыды миниуджытæй?..

– Дæумæ… дæумæ та исты ис дæ фыды фарнæй?..

Цы дзуапп сын раттон?..

Цы сын зæгъон…

Нæ зонын…

Нæ зонын…

 

МÆ ФЫДЫ ЦÆСТЫТÆ

Ацы радзырд фыст у 2009 азы.
Уæд, цасдæр рæстæджы фæстæ, мæ фыд
Æмзоры тыххæй уацау фысдзынæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн.
Æхсызгонæй йæ хæссын мæ уацмысмæ.

Нæ бинонтæй, мæ зæрдæмæ хæстæг адæмæй ацы дунейæ чи ацыд, уыдоныл цас фылдæр рæстæг цæуы, афтæ мæ дарддæр нæ кæнынц, фæлæ – диссаг – хæстæгдæр. Уый… уый сæм æз кæнын хæстæгæй-хæстæгдæр. Не ’хсæн цы рæстæг ис, уый иу бонæй иннæ бонмæ цыбырæй-цыбырдæр кæны, фæндаг тайы. Афтæ у цард. Æрдзы æнæфыст закъонтæ цыфæнды, суанг, сызгъæринæй фыст закъонтæй дæр тыхджындæр сты, мингай æмæ мингай азты дæргъы нæ ивынц, æххæстгонд цæуынц зæххы къорийы алыран дæр.

Рæстæг, дам, хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у. Чи зоны, чи зоны, кæмæндæр, фæлæ… Нæ! Уый бынтон раст нæу. Хатгай, цалдæргай сахæттæ нæ, фæлæ бонтæ – мæ фырт Уырызмæг æмæ, мæ зæрдæмæ хæстæг чи уыд, уыдонимæ баст хъуыдыты æвджид бахауын, æртыхсынц мыл, æрбагуылф кæнынц. Æз вæййын сæ уацайраг. Æвиппайды, æнæнхъæлæджы нæ бинонтæй чи ацыд ацы дунейæ, уыдонæй куы сæ иу, куы сæ иннæ мæнæн вæййы æгас. Фæхъусын ын йæ хъæлæс, йæ ныхас; фæуынын ын йæ алы чысыл змæлд дæр, йæ улæфт мæ зæрдæйыл фембæлы. Чи сæ кæд ацыд, раджы æви æрæджы, уый нымад нал вæййы. Рæстæджы цалх фæстæмæ æрзилы, ивгъуыд сног вæййы, фæцæрæм иу рæстæг.

…Мæ фыд Æмзор сабыргай йæ лæдзæджы ’нцæйтты сыстад. Хатгай сыстын нæ фæфæразы, æмæ, бинонтæй йæ цуры исчи куы вæййы, уæд æм йæ цæнгтæ сивазы, скæсы йæм æмæ йæ уый æнæзæгъгæйæ фæзоны: сыстын æй фæнды æмæ йын феххуыс хъæуы. Бинонтæй йæ цуры ничи ис, зæгъгæ уæд адзуры:

– Кæм стут?

Æмæ чи фæразæй уа, уый йæ цуры алæууы, уый йын йæ цæнгтыл схæцы, уый йын йæ дæлæрмтты йæ къухтæ бакæны æмæ йын сыстынæн феххуыс кæны.

Æрхауд, бынтондæр æрхауд нæ фыд нæ мады амарды фæстæ, цыма йын исчи йæ къæхтæ цæвæгæй ракъуырдта: йæ зæнгтæ æппындæр йæ коммæ нал кæсынц, сæцæгæлон ын сты, нал æй хæссынц, йæ быны кæрдæджы хæлттау фæдыдагъ вæййынц. Кæддæр метры дæргъæн къахдзæфтæ чи кодта, уымæн ныр уыдисны йас дæр нал сты йæ къахдзæфтæ. Йæ алы чысыл санчъех дæр ын – зын, хъизæмайраг. Хауæгау бандоныл æрбады æмæ йæ мигъбадт цæстытæй æнæныкъулгæйæ джихæй æддæмæ, кæдæмдæр фæкæсы, кæдæмдæр нымдзаст вæййы. Æмæ афтæ – сахатгæйттæ… Æдзæмæй фæбады. Æмæ æддæмæ кæсдзæн æмæ кæсдзæн. Йæ цуры исчи ис æви нæй, исчи йæ хъусы æви нæ, уæддæр фæзæгъы:

– Чендзе куыд æрæгмæ цæуы.

Æмзор бандоныл йæхи æруагъта. Нæ! Æрхауд. Цыма цыдæр уæззау уаргъæй фервæзт æмæ йын фенцон, афтæ йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, ныууынæргъыдта. Цалдæр къахдзæфы ацæуын дæр ын хохы сæрты ахизæгау у. Азтæ! Азтæ! Куыд æгъатыр стут. Цæмæй йын фæтæрсын: бандоныл, куыд æмбæлы, афтæ куы не сбада, бандон æй куы фæсайа. Æмæ хæдзары куы вæййын, уæд, куыд ницы бафиппайа, афтæ йæ фæстæ кæнæ йæ фарсмæ фæцæуын – ацахсынæввонг. Йæхиуыл мæ хæцын нæ уадзы, йæ сæрмæ йæ нæ хæссы. Йæ бон ницыуал у, кæддæры домбай, бæрзонд, сæвджын лæг баруад, тайы, фæлæ ма уæддæр бирæ лæгтæй бæрзонддæр, фæтæнуæхскдæр æмæ уæззаудæр у.

Сбадт. Йæ цæнгтæ йæ уæрджытыл сабыргай хъавгæ æруагъта. Уыцы цæнгтæ… цыма ауæдзы галтæ сты æмæ сæ фæллад уадзынц. Æмæ та Æмзор ныджджих, йæ цæстытæ нæ ныкъулы, афтæмæй гом рудзынгæй дард кæдæмдæр, арвгæронæй йæ мигъбадт цæстытæ нæ исы. Æдзæмæй бады æмæ кæсы, æмæ кæсы, йæ лулæ дымын дæр дзы байрох. Æз… æз æй хорз зонын. Кæдæм æмæ цæмæ кæсы, æз уый хорз зонын: уый… уый агуры мæ мады, йæ цардæмбалы, кæсы йæм æнхъæлмæ. Йæ цæстытæ фæирд, фæрухсдзаст вæййынц: нæ мад, йæ цардæмбал, йæ Чендзе цыма арвгæрон фæзындзæн, æрбацæйцæудзæн… Цыдæр уысм æм æрбацæйцæуы.

– Чендзе… Чендзе куыд æрæгмæ зыны, – мæнырдæм сабыргай йæ сæр разылдта, йæ цæстытæ мыл æрæвæрдта æмæ мæм æдзæмæй кæсы. – Чендзе нырмæ кæм и?.. – фæрсы мæ, агуры мæ дзуапп. Æмæ канд йæ цæстæнгасæй, йæ хъæлæсыуагæй нæ – йæ буары алы стъæлфтæй дæр. Фæрсы мæ: дæ мад афтæ куы никуы фæстиат кодта, уæд уый бæрц рæстæг кæм и? Кæдæм ацыд? Кæд фæзындзæн? Æнхъæлмæ кæсынæй йæм мæ цæстытæ куы ныуурс сты…

Мæ фыд мæ агуры дзуапп, бæлвырд дзуапп. Нæ, дзуапп уый бæрц нæ: мæ фыд мæ агуры æххуыс. Æмæ… Æмæ цы кæнон? Дунейыл ын мæ бон баххуыс ницæмæй у. Зæххы скъуыды ныххау æмæ…

Æмзор мæ йæ цæстытæ нæ исы: цæуыннæ исты дзурын, дзуапп ын цæуыннæ дæттын? Æмæ йын цы зæгъон? Ехх, йæ цуры куы нæ фæуыдаин ацы минут! Зындоны минуттæ.

– Тагъд æрбацæудзæн, ма тыхс. Тагъд æрбацæудзæн. – Ацы цалдæр ныхасы фыццаг хатт нæ зæгъын, уæддæр мын мæ хъуыр æхгæнынц. Тыххæй… тыххæй мæ схауынц. Æмæ мыл ныртæккæ арв рафæлдæхдзæн, мæ буар ризы.

– Хорз уæдæ. – Æмæ мæм фыццаджы хуызæн æдзæмæй нал кæсы, йæ цæстытæй мæ тыхфарст нал кæны, тыхагуырд мæ нал кæны дзуапп. Цыма йæ цæстытæ чысыл фæрухсдзастдæр, фæцардхуыздæр сты, цыма, цы бæзджын фæлм мигъ сыл ныббадт, уый атайынмæ хъавы. Æмæ кæсы, кæсы арвгæронмæ. Чендзе уырдыгæй фæзындзæн æмæ… Æз… азгъор, нæ лоджæйæ дæхи мидæмæ аппар. Нæ! Уыцы-иу гæпп акæн æмæ сынтæгыл ныххау, дæ цæсгом базмæ нылхъив æмæ хорз фæку, дæ хъæлæсыдзаг ныббогъ кæн. Фæку афтæ, æмæ куыд сафтид уай. Фæку афтæ, æмæ, ногæхсад хæцъил хуры зынг цæстмæ куыд ахус вæййы, афтæ куыд бахус уай. Фæку афтæ, æмæ дæ бон слæууын куыд нал уа. Фæлæ… Нæ-æ, мæнæн уый гæнæн нæй: уæд нæ фатер иууылдæр кæуын фестдзæн. Уæддæр цæстытæ доны зилынц. Æмæ цæмæй ма скæуон, уый тыххæй ме ’нгуылдзтæ здухын, цъæл сæ кæнын. Уадз асæттæнт.

Лоджæйæ, мæ фыды цурæй хъуызæгау рацыдтæн, мæ цæсгомыл уазал дон скалдтон.

О мæ уæздан, мæ фæрнджын фыд! Сайын дæ, сайын дæ, æмæ мын ныббар, ныххатыр мын кæн. Мæ бон æндæр ницы у. Зонгæ-зонын дæ фæливын, фæлæ мын æндæр гæнæн нæй. Дæуæн дæ цардæмбал, æртиссæдз азæй фылдæр «а» æмæ «о»-йæ кæимæ фæцардтæ, æртиссæдз азы царды гакъон-макъон фæндæгтыл кæимæ фæцыдтæ, фараст сывæллоны дын чи балæвар кодта, мæнæн та мæ мад – Чындз, «Чындз» æй хуыдта дæ мад æмæ цæрæнбонтæм Чындзæй баззад, ды дæр æй Чендзе уымæ гæсгæ хуыдтай – уый… уый кæдæм ацыд, уый у фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндаг, уырдыгæй фæстæмæ здæхæнтæ нал и.

О, мæ уарзон фыд. Уым сывæллон мад нæ зоны, уым рæстæг сау æдзæм у. Дзæгъæлы, дзæгъæлы ма йæм æнхъæлмæ кæсыс. О, мæ бон, дæхицæн ма ныфсытæ дзæгъæлы æвæрыс. О, мæ хорз хистæр, нæ мад, дæуæн та дæ цардæмбал уый нæ æнустæм ацыд. О, мæ бон, уый кæдæм ацыд, уырдыгæй рацæуæнтæ нал и.

Арæх дызæрдыджы бахауын: Æмзорæй, нæ мад нал и, уый-иу дзы рох фæци, æви… Æвæццæгæн, æвæццæгæн-иу дзы ферох. Æви, амард, уый йæ нæ уырныдта, уымæн ма æгас уыд æмæ йæм æнхъæлмæ каст. Нæ-æ, уымæн нæ амард! Мæнæ ныртæккæ æрбацæудзæн, йæ фарсмæ æрбаддзæн æмæ сабыр, фæлмæн хъæлæсæй цæуылдæр дзурдзысты, ныхас-иу куы сæ иу айсдзæн, куы сæ иннæ…

Нæ гыццыл, нæ фæлмæн мад нæ зынд. Фæлæ йæм нæ фыд уæддæр æнхъæлмæ каст. Æнхъæлмæ йæм каст, сывæллон йæ мады æрбацыдмæ куыд фенхъæлмæ кæсы, афтæ. Нæ мад-иу йæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд-иу, бæргæ, уыцы рæстæг йæ цуры куынæ фæуыдаин. Фæлæ-иу цæмæндæр арæх, тынг арæх уæд йæ цуры фæдæн. Æви мæнмæ афтæ каст…

Нæ бинонтæ, бæргæ, иууылдæр архайдтам, цæмæй нæ фыд йæхимæ ма ныхъхъуса, йæ суйтæ, сагъæсæй семдзаг хъуыдыты ахасты ма аныгъуыла, йе нкъард сагъæсты азары ма бахауа. Фæлæ… Нæ мад йæ зæрдæйы цы бынат ахста, уый æвиппайды ахауд, æвиппайды дзы афтидæй аззад. Æмæ нæ фыд нæ мады амарды фæстæ æххæст лæг нал уыд. Йæ цардæмбалмæ æнхъæлмæ каст, æнхъæлмæ йæм каст фæстаг сулæфты онг, фæлæ уый нæ зынд æмæ йæм йæхæдæг атагъд кодта.

…Уыцы мигъбадт, æнкъард сагъæсæй се ’мдзаг дынджыр цæстытæ… Æнхъæлмæ кæсынц. Æнхъæлмæ кæсынц æдзæмæй, дард кæдæмдæр æрвгæронмæ нымдзаст сты. Чысыл ма, æмæ доны разилдзысты, ставд къуыбар цæссыгтæ сæ æрызгъæлдзæн. Æрæнцадысты та мыл æмæ та мæ ног æмæ ногæй фæрсынц:

– Куыд… куыд æрæгмæ зыны Чендзе?..

Æмæ сын цы зæгъон?..

Цы сын зæгъон?..

 

* * *

Аз æмæ дыууæ мæйы фæстæ мæ мад æмæ мæ фыд сæмбæлдысты. Ахæм фембæлдтæ къаддæр уæнт, фæлæ… Цы нæ бон у?

Уæд æз уыдтæн Коктебелы фысджыты сфæлдыстадон хæдзары. Æмæ – телеграммæ: мæ фыд нал и. Тагъддæр! Тагъддæр сæмбæл! Æмæ схæццæ дæн сихорыл, йæ фæстаг бон. Йæ цурмæ бацыдтæн, сылгоймæгтæ тынгдæр ныккуыдтой, Бутаты Тамарæ ныхъхъарæг кодта.

Æз цæмæндæр сылгоймæгты фарсмæ сбадтæн æмæ мæ фыды ныхыл, йæ рустыл мæ уырзтæ хастон. О, зонын æй, æнæмæлгæ дуне нæй, фæлæ уæддæр… Мæлæт, афтæ æгъатыр цæмæн дæ? Нæ мад нал и. Ныр та нæ фыд фæцæуы. Фæцæуы, нæ бинонты, нæ хæдзарвæндаг нын кæмæй зыдтой, нæ хæдзар фæрнджын кæмæй уыд, уый. Фæцæуы… Фæцæуы, дæсгай азты нæм кæй номæй дзырдтой, уый.

Иурæстæг… Цыма Æмзорæн йæ цæстытæ байгом сты, афтæ мæм фæкаст. Фæлурс, мигъбадт, фæллад, сагъæсæй се ’мдзаг цæстытæ. Æмæ æгас куы уыд, уæд-иу мæ куыд фарстой. Афтæ мæ фæрсынц:

– Чендзе кæм и? Куыд æрæгмæ зыны дæ мад?.. Кæд æрбацæудзæн? – Æмæ йæ уæззау цæстыуæлтъыфæлттæ æрæхгæдта.

Æз мæ армытъæпæнтæй мæ цæсгом амбæрзтон, ирон æфсарм мæ нæ урæдта, уæд чырыны цурæй мæхи иуварс аппæрстаин.

Фæцæуы, фæцæуы нæ фыд Æмзор йæ царды фæстаг фæндагыл, фæлæ ма уæддæр йæ зæрдæ ’хсайы: æнхъæлмæ кæсы нæ мад, йæ иузæрдион цардæмбал Чындзмæ – Чендземæ. Агуры йæ. Фæстаг хатт ма йæ агуры ацы мæнг, уæлзæхх дунейы.

Цы уыд уый? Мæ фыды цæстытæ æцæг байгом сты æви мæнмæ афтæ фæкаст? Æцæгдæр, йæ цæстытæ ма нæ мады фæстаг хатт агуырдтой æви… Цы уыд? Цы уыд уый?.. Нæ зонын. Абон дæр ын ницы зонын.

Цæуы рæстæг, азтæ кæрæдзи ивынц. Фæлæ уыцы цæстытæ, мæ фыды цæстытæ, æнкъард, фæллад, сагъæсæй се ’мдзаг мигъбадт цæстытæ… Нымдзаст мæм вæййынц æмæ мæ фæрсынц:

– Кæм и? Кæм и Чендзе? Кæд æрбацæудзæн дæ мад? Куыд æрæгмæ зыны?..

Æмæ сын цы дзуапп раттон?

Æмæ сын цы зæгъон?..

 

ФÆСНЫХАС

Ацы фæсныхас райгуырд, уацауы цы рæстæг,
æхсæнад, цард æмæ адæм æвдыст цæуынц
æмæ ныр цы рæстæг æмæ æхсæнады цæрæм,
уыдоныл, не ’мдугонтыл, ивгъуыд æмæ абоныл сагъæстæй.

Раст, сыгъдæг адæм ныр дæр куыд нæй? Бирæ! Фæлæ иуварс, фæсдуар аззадысты, сæ хъæлæс нæ хъуысы. Уыдон сты уæлдай уаргъы хуызæн. Æнусты дæргъы тох цыди æмæ цæуы Рæстдзинады сæрвæлтау æмæ уый цъыфы лæзæры. Уæлахиз кæны хицæн адæймæгты рæстдзинад – чъизи, æлгъаг, æхца, исбон…

Афтæ мæм кæсы, цыма, ныр цы дуг, цы æхсæнад, цы рæстæджы цæрæм, уый у бирæгъты дуг, бирæгъты ‘хсæнад. Æмæ, хъыгагæн, хъуамæ ды дæр сбирæгъ уай, науæд дæ иннæ, дыкъахыг бирæгътæ афæскъау кæндзысты, аныхъуырдзысты дæ. Æнахъинон æхсæнад адæмы йæ джиппы уадзы. Æви рæдийын?.. Æхца! Пайда! Исбон! Уыдон нæ Хуыцæуттæ систы. Æмæ лæбур! Скъæф! Дав! Дæхимæ ссив! Бахъуыд, уæд адæймаджы стджытыл бацу, слæуу сыл æмæ бæрзондæй рафæлгæс. Дæ къухтæ куыд даргъдæр сты, уый та цы бынат ахсыс, куыд тынгдæр æххæсыс, уый та цы куыст кæныс, уымæ гæсгæ у æмæ афтæ дæ авналæнтæ фылдæр, мацæуыл ауæрд, табуйаг дын мацы уæд. Дзургæ иу – кæнгæ æндæр. Ныхас æмæ хъуыддаг зæххы полюстау кæрæдзийæ – дард. Закъон?.. Цæй закъон? Адæмы, паддзахады исбон йæхи чи бакодта, уыдонæн сæхи закъонтæ и. Йæхи удвæллойæ чи схъæздыг, уыдоны дæр цæстфæлдахджыты азар басыгъта æмæ адæм никæуыл уал æмæ ницæуыл уал æууæндынц. Фесæфт æууæнк! Фесæфт уды сыгъдæгдзинад! Цæстфæлдахджытæ сиу сты, æфсымæртæ загътой, рæхысы цæгтæ фестадысты æмæ сын кæрæдзийæ фæиртасæн нал и. Уыцы згæ рæхыс, адæмы фылдæр хайыл æртыхст, æмæ сын сæ къубæлттæ æлвасы, цæстыты цур сæ цъысыммæ æппары…

Æмæ уæд куыд?..

Цы райсом, цы фидæн нæм æнхъæлмæ кæсы?..

Куыд цардæ уа?..

Кæдæм цæуæм?..

Раздæры фæлтæртæ, рæстуд æмæ сыгъдæгæй чи фæцард, рæстдзинад йæ тырыса кæмæн уыд, æгъдау æмæ æфсарм се стырдæр хæзнатæ кæмæн уыдысты, уыдон райгас сты, уæд цавæр цард, цавæр æхсæнадæн уаиккой æвдисæн? Чъизи æмæ æлгъаг! Фæлитой æмæ æлгъыст! Цæстфæлдахæн æмæ мæнгард цардæн! Æмæ уæд дыккаг мард нæ акæниккой?.. Уæд сæ сау чырынты сау фæйнæджытæ фæйнæрдæм нæ атониккой?..

…Æрыгон лæппу фондзмин сомы æхцайæ йæ фындз асæрфта æмæ йæ уый фæстæ æнæрвæссонæй къæхтыбынмæ æрæппæрста.

…Стыр, кадджын бæрæгбон… Уырдæм хуынд сты Уæрæсейы хуыздæр æмæ зынаргъдæр эстрадон артисттæ, æппæт бæстæйы дæр сæ нæмттæ нæрынц. Уыдон, дыууæ-æртæ сахаты фæстæ сæ фæрныг хæдзæрттæм, сæ дзыппытæ доллæртæй нæрст, афтæмæй ацæудзысты. Бæрæгбон… Юбилей… Уый, хæдзары хицау, йæ хъæздыгдзинадæн кæрон кæмæн нал и, уый… уый юбилей кæны… йæ иузæрдион… йæ уарзон…. Куыдзæн… Стыр… Кадджын… Бæрæгбон… Юбилей… Куыдзæн…

Уыцы рæстæг…

…Гуыбыр-гуыбыр, мæллæг, йæ царм йе стджытыл баныхæст, йæ къæхтæ зæххæй тыххæй тоны, афтæмæй лæдзæджы æнцæйтты фæцæуы æнцъылдтæ цæсгом, æнæдаст зæронд лæг, йæ фист сæрыхъуынтæ, йæ бæрзæй æмæ уæхсчытыл æркалдысты æнцъылдтæ, мæллæг цармыл баныхæстысты. Йæ дарæс ай-гъайдæр, скъуыдтæ, чъизи, æмпъызтытæ. Зæронд лæг фæцæйхауы, йе ’дых, йæ æнæхъару зæнгтæ йæ быны фæцудынц, фæцæйсæттынц, зыр-зыр кæнынц. Ныртæккæ… Ныртæккæ ахаудзæн, куы ахауа, уæд нал сыстдзæн… Ох, цы æнæхъару ссис, цы!.. Фæлæ… фæлæ йын æнæцæугæ нæй, æххормаг… тынг æххормаг ын у, æртыккаг бон доны хъæстæ дæр нæма фæци. Куынæ æрхауид. Æмæ уæртæ, йæ ирвæзынгæнæг: зæронд лæджы астæумæйы бæрзæндæн пластмассæ мигæнæн – дынджыр, морæ ведра. Ресторан – хæстæг. Уырдыгæй бырæттæ æмæ хъал, æфсæст адæмы фæстæ цы фæлхæрттæ баззайы, уыдон уырдæм рахæссы сырх-сырхид былахуырст, хуры тыны хуызæн, æрыгон чызг. Зæд æмæ зæд. Зæронд лæг æмæ чызг куы фæиу вæййынц, уæд æм уый бахуды æмæ æххормаг, æнæхæдзар лæгмæ афтæ фæкæсы: уымæ худы. Уый дæр бæргæ фæфæнды, куы-иу æм бахудид, фæлæ йæхимæ ахæм тых, ахæм хъару не ссары. Уый бæсты йæм райхъуысы, цы цалдæр бур згæ дæндаджы ма йыл баззад, уыдоны хъыррыст. Зæронд лæгмæ афтæ фæкæсы: чызг, дынджыр бедрайы бырæттæ, фынджы сæрфæнтæ, æфсæст, хъал адæмы фæстæ ма цы фæлхæрттæ баззад, уыдон сæрмагондæй уымæн рахæссы. Зоны йæ: раст нæу, йæхи сайы, фæлæ йæм уæддæр афтæ кæсы. Æрыгон, рæхснæг чызг бырæттæ рахæссы бырæттæласæг хæдтулгæйы æрбацыдмæ. Шофыры фарсмæ Астæуккаг Азийæ куыстагур лæппу кабинæйæ рагæпп кæны æмæ сæ цæстыфæныкъуылдмæ уæзласæн машинæйы гуыффæмæ ныккалы. Кæддæр, уый карæнæй уый дæр афтæ цæрдæг уыд. Дымгæйæ цы кæныс. Фæлæ ныр… Æнæхæдзар зæронд лæг зоны: чызг фæлхæрдтæ уымæн рахæссы, зæгъгæ, уымæй йæхи сайы, фæлæ йæм уæддæр афтæ кæсы. Исты… исты хуызы уыцы царддæттæг ведрамæ куы бахæццæ уаид, уæд… уæд та йын бæрæгбон. Стыр бæрæгбон! Дыууæ куыдзы йæ хæстæг нæ уадздзысты. Уыдон ам паддзæхтæ сты, цыма уыдон йеддæмæ иннæты цæрын нæ хъæуы. Æмæ зæронд лæг йæхи хæстæввонг æрцæттæ кодта: йæ лæдзæг бæрзонд систа. Фæстæмæ… нæ раздæхдзæн… Æххормаг, тынг æххормаг ын у. Æндæр йæ бынат, йæ «хæдзар хъарм, райдзаст» – фондзуæладзыгон галуаны пъадвалæй иу къахдзæф дæр нæ ракодтаид. Фондз, авд къахдзæфы. Фæлæ сын кæрон нал и. Цалдæр æххормаг, æнæхæдзар, лæбырдтæ, тæбæкк, гæдыйы йæ алыварс зилдух кæнынц, хæрдмæ сæхи æппарынц. Зæронд, æххормаг лæджы уæнгты уазал риз ацыд: байрæджы… байрæджы та кодта, уыцы налат, ракæнон, æдзæсгом дыууæ куыдзы та йæ разæй фесты. Ма ахауæд… Нæ! Не ’рлæудзæн! Нæ раздæхдзæн!

Бырондон пластмасс, дынджыр мигæнæны дыууæ куыдзы бацахстой æмæ цыма сæрмагондæй уыдоны тыххæй æвæрд сты ам: хицауиуæг кæнынц. Æнæхæдзар лæг сæ рагæй зоны, арæх сæмбæлынц ам. Сæ иу бурхъус, иннæ урс хъулæттæ. Уыйас стыртæ не сты, фæлæ фыдзонд, фыдракæнон, æдзухдæр хылмондаг, цæсгомы хъæстæ сыл нæй. Бырæттæ æмбырдгæнæн сæхи бакодтой æмæ йæм хæстæг никæйы уадзынц. Уыдон дæр адæмы хуызæн хæлæф кæнынц, бафсис нал зонынц. Афтæмæй… афтæмæй дзы алкæй фаг дæр хæринаджы фæлхæрттæ разындзæн. Æмæ уый, зæронд лæджы бирæ цыдæртæ, бæргæ, нæ хъæуы: дзулы къæбæр, уадз, хъуына дæр уæд, ныкъкъæй, ныддур уæд, йæ комыдæттæй йæ сфæлмæн кæндзæн, йæ мылытæй йæ ’хсындзæн. Кæд ма дзы исты æрдæгæмбыд дыргътæ, халсартæ разына, уæд дын бæрæгбон. Дзидзайы кæрстытæ, дзидзайы муртæ… Фæлæ ацы дыууæ æххормаг куыдзы… уыдонæй исты аирвæза?.. Дзидзайы кæрстытæ, дзидзайы муртыл сæхи ныццæвынц. Уæддæр…

Тыххæй сыстад, йæ стджыты хъыс-хъыс цыд, цыма кæрæдзийæ фæхицæнтæ уыдзысты, йæ къæхтæ йæ фæстæ тыххæй ласта, здыйы къæрттытæ фестадысты, фæлæ… æххормаг у, тынг æххормаг. Мæлын æй нæ фæнды æмæ… Ныртæккæ уый æмæ дыууæ куыдзы ‘хсæн ахъаззаджы тох бацайдагъ уыдзæн, мæлæтдзаг тох, царды сæрвæлтау тох. Уыдон, зæронд лæг æрбацæуы, уый базыдтой æмæ рæйынц, бырæттæ æмбырдгæнæн дынджыр ведрайæ хæрдмæ лæбурынц, хæрдмæ сæхи æппарынц, сæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодтой: чи куыдз, чи хæрæг, чи сæм æрбауæндыд?.. Зæронд лæджы лæдзæг — зæронд швабрæйы хъæд сæ сæрмæ зилы, ныртæккæ бурхъус куыдзы рагъыл сæмбæлдзæн æмæ уый йæхи хæрдмæ фехста. Фæтарст иннæ, хъулæттæ куыдз дæр æмæ хъис-хъисгæнгæ йæхи иуварс аппæрста.

О, цард зынаргъ у. Зæронд лæг сулæфыд, фæуæлахиз. Уæддæр æдас нæу: йæ дыууæ знаджы йæм сусæгæй куы æрбахъуызой, сусæгæй йыл сæхи куы ныццæвой, æмæ ракæсы, хъахъхъæны сæ, йæ лæдзæг – зæронд швабрæйы хъæд æрцæвын æввонг цæттæйæ дары. Иннæ къух, иннæ цонг бынмæ йæхи ивазы, йе стджытæ риссынц, фезмæлын нæ комынц. Фæлæ… Йæ хæрвбадт цæстытæ бырæттæ æмбырдгæнæн дынджыр къусы къуымты зилынц, агурынц, джигул кæнынц: истæуыл фæхæст уыдзæн? Дзулы къæбæр, исты… Уадз, хъуына дæр уæд, уадз, дуры хуызæн хъæбæр разынæд, уæддæр…

…Стыр бонджын лæг, йæ куыдзæн юбилей чи сарæзта, уыцы бæрæгбонмæ дзыллæты чи æрхуыдта, уый Лондоны йе ’ртæ уæладзыгон галуаны, йæ кусæн уæрæх, парахат, райдзаст уаты фæлмæн къæлæтджыны йæхи фæстæмæ ауагъта, йæ цæстытæ æрдæгцъынд, цыма йæ хуыссæг ахсы. Йæ хъуыдытæ йæ йе ’рыгон, йе ’взонджы бонтæм арæх ахæссынц. Гуыргъахъ, бырынцъаг, къæдзтæ-мæдзтæ фæндæгтæ. Йæхи мин æмæ мин хатты бафарста: æмæ кæд уыдысты цардвæндæгтæ æнцон? Лæгъз? Фæлæ кæд лæг дæ, уæд дæхицæн нысан сæвæр, æмæ йæм цу! Цу! Хъуамæ дæ цыфæнды тыхтæ дæр æруромын ма бафæразой. О, цард тох у! Уый кæддæр йæ куыст райдыдта афтид гæххæтытæй, йæ дзыппыты дымгæ зилдух кодта.

Ивгъуыд æнусы æнæферохгæнгæ æстайæм азты кæрон æмæ нæуæдзæм азтæ. Суйтæ, æмтъеры рæстæг, цæвæг марæджы нал æмбары, дуне æддæг-мидæг ауад. Æмæ уый йæхицæн загъта: афтæ цæрæн нæй, цæрын та хъæуы. Куыд? Цы? Æмæ сарæзта квартирæтæ, хæдзæрттæ уæйгæнæн, ивæн æмæ арендæйы дæттæн чысыл агентад. Зил. Агур. Æхсæв-бон ма зон. Цырен кæн. Æхцатæ арвæй нæ хауынц.

…Сылгоймаг йæ цардæмбалæй рахицæн. Фараст азы иумæ «а» мæ «о»-йæ фæцардысты, фæлæ… фæлæ стыр бæллæх: кæстæр, бындур сын рантыст. Æмæ уый, сылгоймаджы та сывæллон, хъæбул хъæуы. Хуыцау æй уый тыххæй сфæлдыста, цæмæй мад уа, ныййарæг. Царды йе стырдæр бæллиц уыд æмæ у, цæмæй йæ хъæбулы æрбахъæбыс кæна, йæ риумæ нылхъива. Æмæ хъуамæ уыцы æнахуыр уæлмонц, æнахуыр æхсызгон æнкъарæнтæ ма бавзара? Уæлхъæдæй бахус уа? Æмæ йæ зоны: уый йæхæдæг аххосджын нæу, аххосдджын у йæ лæг. Артæй доны æхсæн бахауд. Цы кæна? Цы фæуа? Æмæ… скарста: цæуы, хицæн кæны йæ къайæ. Зынæй. Тынг зынæй. Æмæ… æмæ лæгыл æвиппайды арв рафæлдæхт, æнæнхъæлæджы сау нæмыг зæрдæ кæрдгæ ацыд. Уæвгæ, æнæнхъæлæджы уыд? Фæлæ зæрдæ уый нæ зыдта, лæг æвиппайды бахауд сæрсæфæны былмæ, дуне ныссуйтæ, фæндаг разæй – саудалынг. Æмæ уыцы рæстæг йæ «амондæн» фæзонгæ, бирæ азты фæстæ йæ куыдзы кадæн стыр бæрæгбон чи скодта, бæстæйы хуыздæр артистты уырдæм чи æрхуыдта, уыимæ – хуымæтæг, гыццыл агентады хицауимæ. Уыимæ кæй фæзонгæ, уый уыцы æнамондæн уыд йæ амонд: уый йæм йæ уæхск бадардта, уый йын разынд цæджындз. Йæ куыдзæн юбилей чи кодта æмæ кæны, уый адæмон æмбисонд, «тагъд дон фурды не ’ййафы», нымадта æмæ абон дæр нымайы стыр хæзнайыл. Банхъæлмæ кæсын зон æмæ алцыдæр йæ гаччы сбаддзæн. Æмæ æнхъæлмæ каст. Алцыдæр лæмбынæг базыдта: уыцы æнамондæн хион – къабаз нæй, уый у хъæды сау халоны хуызæн иунæг. Хорз! Иттæг хорз! Чысыл агентады хицау уымæн ссис æфсымæры хуызæн. Æнамонд уымæй банкъардта æфсымæры ад, ууыл афтæ æууæндыд, йæхиуыл куыд æууæндыд. Чысыл агентады хицау æй дардта буц, тынг буц: вермут, портвейн, водкæ, спъирт… дæхи дæр дзы най. Афтæ йыл тыхст, афтæ, æмæ чысыл цыдæр хъуаг у, уæд æхсæв нæ бафынæй уыдаид. Æмæ æнæхъæн дыууæ азы фæстæ…

Дыууæ азы дæргъы цы сахат, цы минутмæ æнхъæлмæ каст, уый æрхæццæ; уыцы æнамонд, уыцы тæригъæддаг цъымарайы нынныхст, аныгъуылд дзы, исты хуызы дзы хъуыд раирвæзын. Цъысымы бахауд. Хæстæ… Хæстæ… Хæсмæ цы ‘хца фæиста, уыдон, æмæ сæ проценттæ бонæй-бонмæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, хæрдмæ тæхынц. Алырдыгæй йыл ивынц. Æмæ цы кæна? Цы фæуа? Уæд æмæ сæ уæдмæ куы нæ бафида, уæд йæ фæстаг бон æрхæццæ. Кæдæм фæхæсса йæ иунæджы сæр?.. Æфсымæры ад кæмæй базыдта, уый ницы дзуры, фæлæ иннæтæ… Æмæ уæд куыд?.. Йе ’ртæуатон фатер… Зынаргъ ын у, адджын, йæ мад æмæ йын йæ фыдæй баззад, фæлæ… Ауæй йæ хъæуы. Ауæй йæ хъæуы! Хуыздæргæнæн ын исты ис? Стæй, иунæг… Цæй æртæуатон фатер æй хъæуы? Уыцы æхца?.. Уæдæ сæ хъуамæ цæмæй бафида? Цы кæна?..

Æнамонд æнцад бадт, йæ цæссыгтæ йе ’нæдаст рустыл уадысты: цы мæгуыр, цы æнæбон у. Ауæй, ауæй хъæуы фатер. Æмæ хъуамæ йæ хъуыды, йæ фæнд æппæты фыццаг кæмæн загътаид? Æфсымæры ад кæмæй базыдта, уæд чысыл агентады хицау чи уыд, ныр та стыр бонджын чи у, уымæн. Уый уыцы уысммæ æнхъæлмæ каст, æнамондимæ цы сахат базонгæ, уæдæй фæстæмæ. Сæххæст! Сæххæст йæ бæллиц! Фæлæ уый нæ фестъæлфыд æмæ æнамонды йæ хъæбысы хæрдмæ нæ фелвæста, нæ йыл ныттыхст: уадз, мацæуыл гуырысхо кæнæд, йæ зæрдæйы æцæг уаг йæ буары иу стъæлфæй дæр нæ равдисдзæн. Æмæ йын загъта: куыд æй фæнды, афтæ. Уый ууыл гадзрахатæй никæд рацыд æмæ нæ рацæудзæн, никæд æй ауæй кодта æмæ йæ нæ ауæй кæндзæн, æууæнк у æппæты зынаргъдæр æмæ уый йе ’ууæнк никæд бахордта æмæ нæ бахæрдзæн. Уый уымæн у æфсымæр æмæ æфсымæр та зынаргъ у.

Вермут, портвейн, водкæ… Ноджы фæарæхдæр, фæпарахатдæр сты, дæхи дзы æхс, дæхи дзы най. Уый йе ’фсымæрæн ницы бавгъау кæндзæн, йæ уд дæр ын ратдзæн. Фатер?.. Ссардзæн ын. Уæдæ хъуамæ хуыздæр кæмæн баххуыс кæна? Æмæ йын ссардта. Иумæйаг кæрты. Хорз фатер. Æнамонд иу бон йæ фатер кæй уæй кæндзæн, кæнæ йæ кæй ивдзæн, уый, уæд чысыл агентады хицау, ныр та стыр хъæздыг лæг раджы зыдта. Уымæн æмæ йæ уыцы цъысыммæ батардта уый йæхæдæг. Сабыргай. Къахдзæфгай. Сахатгай. Фемдзаст æм дуканийы æнæнхъæлæджы. Уæвгæ, æнæнхъæлæджы исты вæййы? Фемдзаст æм æмæ банкъардта: æнæзонгæ лæг… чифæнды дæр уæд, хорз уавæры нæй, артæй доны æхсæн бахаудта. Йæ цæстытæ æнкъард, сагъæсæй се ’мдзаг, йæ сæр ныртæккæ йæ риуыл æрзæбул уыдзæн. Куы иуырдæм ацæуы, куы иннæрдæм, цыдæр рæстæг æдзæмæй баззайы. Йæ цæстытæ карз нозты тæрхæгыл æрзилынц, алыхуызон рæсугъд æвгтæй ратонын нал фæкомынц, цыма сæ ахуынкъ кæнынмæ фæхъавынц. Лæгдыхæй сæ ратоны.

Æмæ ныр, стыр хъæздыг лæг, уæд та чысыл агентады хицау ахъуыды кодта: ацы æнæзонгæ лæг цыдæр бæллæхы бахауд, зындоны арты судзы, хъуамæ йе ’гæрон зын карз нозты бын фæкæна, фæлæ… йæ дзыппытæ афтид, хуынкъ суари дæр æм нæй æмæ… Нозт та йæ хъæуы, тынг æй хъæуы, ныртæккæ йæ ирвæзынгæнæг уый у. Ахæмæн феххуыс кæн, уый… уый удыбæстæ у, уый… уый сæфт нæ уыдзæн. Æмæ чысыл агентады хицау водкæйы авг райста, æнæдзургæйæ йæ æнамондмæ дæтты. Уымæн йе ’нкъард цæстытæ уæрæх байгом сты, нал сæ ныкъулы, нымдзаст æм, ныдзагъуыр æм. Цæстытæ фæрсынц: чи у ацы æнæзонгæ хæрзгæнæг? Чи йын кæны ахæм лæвар?

– Райс, ма ‘фсæрмы кæн, – дзуры йæм лæппу. Уый æдзæмæй лæууы, цалдæр хатты йыл къæхтæй сæрмæ йæ цæстытæ ахаста. Чи у йæ хæрзгæнæг? Ахæм лæвар… Кæд дзы æнæзонгæ лæг хынджылæг кæны, кæд æй барæй цыбæл кæны, æндæр… Мах рæстæджы ма ахæм рæдау адæймæгтæ ис? Ахæм лæвар… Адæм бирæгътау кæрæдзимæ куы лæбурынц, чи цы радава, чи цы раскъæфа…

– Райс, ма ‘фсæрмы кæн, – дзуры та йæм лæппу.

Æнамонды къухтæ, сæхи æгъдауæй байвæзтысты водкæйы авгмæ, цыма йын æрхауынæй, гъе байсынæй тæрсы, афтæ йыл дыууæ къухæй хæцы. Æмæ цынæ вæййы: адæймагæн… адæймагæн бамбарæн и?..

– Бузныг. Дæу хуызæн адæймæгтæ зæххыл бирæ нæй, — загъта къæзгæ нозтуарзаг æнамонд. Йæ былтæ змæлынц, кæсы йæм, цыдæр зæгъын ма йæ фæнды, фæлæ нæ фæразы æмæ тыхсы, катай кæны. Æрæджиау, кæддæр йæ хъæлæс райхъуыст:

– Ды Хуыцауысконд адæймаг дæ æмæ дын кæд гæнæн ис, уæд мемæ мæ фатермæ саккаг кæн æмæ иумæ фæйнæ баназæм.

Уый æнхъæлдта: æнамонд уынгмæ ацæуынмæ нæ банхъæлмæ кæсдзæн: дуканийы дуары фæстæ къуыммæ базгъордзæн, авджы сæр тагъд-тагъд фегом кæндзæн, водкæйы æмбис ахъуырытт кæндзæн, йæ афтид ахсæнæй йæ хæл-хæл райхъуысдзæн. Нæ! Æнамонд бынтон сæфт нæма у.

Чысыл агентады хицаумæ, цæмæй йæ ног зонгæимæ йæ фатермæ ацæуа, уый тыххæй хатын нæ бахъуыд. Цалдæр хатты арвы æрттывдау йæ сæры атахт: ацы æнамонд кæм цæры? Цы къæсæртæй бахизы? Чи у? Цы у? Æмæ йын уыдæттæ базонынæн æвæджиауы фадат. Уый фæстæ йæхи мин æмæ мин хатты фарста: цæмæн фембæлд уыцы æнамондимæ? Цæмæн? Уый уыд Хуыцауы фæндон. Цæмæн фæраст йемæ? Цæмæн? Зæрдæ… зæрдæ, уый алцыдæр раздæр банкъары, уый алцыдæр раздæр базоны. Æнамондæн йæ цæрæнбынат фендзæн, æнамонд дыууæ-æртæ куы аназа, уæд йæ зæрдæйы дуæрттæ фегом уыдзысты, йæ зæгъинæгтæ скалдзæн.

Æмæ нæ фæрæдыд. Ахæм æнамондæн, ахæм расыггæнагæн ахæм фатер! Сталины рæстæджы арæзт æртæуатон уæрæх, бæрзонд, парахат райдзаст фатер. Бæхтæй дзы дугъ уадз. Фатер нæ, фæлæ галуан. Лæппу йæ цымыдисдзинад æмбæхста, урæдта, фæлæ цæстытæ коммæ нæ кастысты: фатеры къуымты зылдысты, сгæрстой. Бæрæг уыд: цалдæр мæйы размæ фатер цæхæр калдта: æфснайд, аив, сыгъдæг. Фæлæ ныр… дзаумæттæ алы рæтты кæлдтытæ, цæлгæнæны тæбæгътæ, уидгуытæ рæдзæгъдæй лæууынц, кæд сæ ныхсдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсынц.

Агентады хицауæн цы бамбарын хъуыд: йæ зонгæ карз нозты ахæсты бахауд, йæ фатер раууатмæ цæуы.

Фысым дыууæ агуывзæйы водкæ рауагъта. Цæй комдзаг æмæ цæй цыдæр. Агентады хицау, уый зонгæйæ, дзул уæддæр балхæдтаид.

– Уæдæ фæйнæ баназæм, — хæдзары хицау йæ уазæгмæ агуывзæ дæтты.

– Æз нæ нуазын…

– Уый та куыд, куыд нæ нуазыс? – Стыр дисы бацыд фысым. – Уæдæ дæ нуазæн бирæ, – æмæ водкæ хуыпгæнæгау анызта. Ау, иу къæбæр æм никæм и. Диссаг! Йæ къухтæ зыр-зыр кодтой, фæлæ водкæйæ иу æртах не ’ркалд. Анызта дыккаг, æртыккаг… Дон ахуыпп кæны, цæхх асдæры.

Æмæ уазæг ахъуыды кодта: ацы лæг ахæм цардæй бирæваг не суыдзæн. Фысым цалдæр куы анызта, уæд йæ къухтæ раздæры хуызæн нал зыр-зыр кодтой, йе ’нæдаст цæсгом фæцардхуыз, æнцонæй сулæфыд. Карз нозты уацайраджы миниуджытæ. Æмæ та чысыл агентады разамонæджы цымыдис цæстытæ фатеры къуымты æрзылдысты. Уыцы цыбыр рæстæгмæ цалæм æмæ цалæм хатт. Замманай… замманай фатер æмæ – сæфы. Ацы расыггæнаг ацы фатер нæ бахъахъхъæндзæн, æвгъау ын у. Кæуылты фатер у, кæуылты! Уый дæу ма уæд! Хорз æхца райсид.

Æнамондыл карз нозт уайтагъддæр фæзынд. Æххормаг æмæ йæ цастæ хъæуы. Йæ ныхас кæрæдзиуыл нал хæцыд, æвзаг ныссуйтæ. Уазæг æнцад бадт æмæ йæм хъуыста. Хъуыды та бынтон æндæр цæуылдæр кодта. Фатерыл. Ацы расыггæнаг ацы фатер нæ бахъахъхъæндзæн. Нозт… Нозт хорз куы уаид, уæд æй уый нæ зонид. Æрыгонæй дæр æмæ ныр дæр карз нозт нæ, фæлæ бæгæныйы хъæстæ никæд фæци, стæй нæ фæуыдзæн. Уый марг у, адæмы сафæг. Æнæ фынг, æнæ нозт, дам, аразæн ницы ис. Ис!

Ныр стыр бонджын чи у, уый кæддæр уыцы æнамонды фатерæй куы рацыд, уæд ын цалдæр боны иу хъуыды æнцой нæ лæвæрдта: йæ къухтыл цал æнгуылдзы ис, уыдоны нымæц куыд хорз зоны, афтæ зоны: уыцы расыггæнаг уыцы фатер нæ бахъахъхъæндзæн. Ницы хуызы! Æмæ афтæ фесæфынæн æвгъау нæу? У! Æмæ уæд куыд?..

Чысыл агентады разамонæджы сæры хъуыдытæ зилдух кодтой, ивылдысты, кæрæдзиуыл сæхи хостой. Æмæ æрцыд, æппындæр дызæрдыг цæуыл нæ кодта, ахæм хаццæгмæ. Æмæ раст уыд. Тынг раст! Уыцы æнамонды фатер йæ къухы куы нæ бафта, уæддæр æй чидæр, чи йæм фæраздæр уа, чи йæм фæрæвдздæр уа, уый йæ йæхи бакæндзæн. Æмæ уый дард кæддæр нæ уыдзæн. Æмæ уæд куыд? Æмæ уыцы чидæр уымæй лæгдæр у? Æмæ уыцы чидæр уымæй зондджындæр у? Нысан!.. Нысан равзар æмæ йæм цу. Ма æрлæуу! Цыфæнды цæлхдурты сæрты дæр ахиз. Кæд лæг дæ, уæд хъуамæ дæ фæнд сæххæст кæнай. Цард æгъатр у. Исчи дын исты ратдзæн? Ничи ницы! Арвæй цæттæйæ исты хауы? Ницы! Уæдæ тох æмæ тох! Æрмæст æнхъæлмæ кæсын зон.

Афтæ хъуыды кодта уæд чысыл агентады хицау, афтæ хъуыды кæны ныр дæр. Æмæ раст у! Тынг раст! Уыцы æнамондыл йæ цæстытæ куы аныдзæвыдысты, уæд се ’хсæн цы æрцæудзæн, уый цыдæр… цыдæр хуызы бамбæрста. Æрмæст… æрмæст ма тагъд кæнæд. Æртах дур ахуынкъ кæны, уæд… Æмæ уыцы æртах разынд нозт, фæлмæн ныхас, «æууæнк», «æфсымæрдзинад». Уый æрлæууыд æртæ вариантыл, зыдта йæ – сæ иу дæр нæ фæмæнг уыдзæн. Чысыл агентады хицаумæ цас стыр фæлтæрддзинад уыд, фæлæ йæ зæрдæйæ æнкъардта: йæ къæппæг дзæгъæлы нæ сæвæрдта, чи йæм бахауа, уый æнцонæй нал аирвæздзæн. Уæвгæ дæр аирвæздзæн? Æнамонд у нозты уацайраг, йæ дадзинты туджы бæсты лæдæрсы водкæ. Æмæ уый дæу у, цы дæ фæнды, уый йын кæн, æрмæст арæхстгай. Уый хъуамæ æппындæр мацæуыл фæгуырысхо уа. Фæнды дæ, уæд æй рынчындоны амæттаг бакæн, уым афтæ ныссæдздзæн æмæ йæ тракторæй дæр ничиуал раласдзæн.

Æмæ уæд цавæр рынчындон? Психикон, зондхъуæгты, хуымæтæг дзургæйæ та – бæттинаг æрраты рынчындон. Уым дын йæ бынат. Уымæн æмæ йæ зонд фæцудыдта, адзæгъæл вæййы, лæбуры, йæ дæндæгты къæс-къæс æхсæвæй-бонæй не ’нцайы. Æхсæнадæн цæттæ фыдбылыз. Æмæ уымæн йæ бынат кæм и? Æрраты рынчындоны. Уымæй цалдæр мæйы раздæр йæ фатер скодта дæуыл. Уæд ма æнæниз уыд. Гæххæттытæ, закъон куыд амоны, афтæ конд. Нотариусы. Къух бакæнæн сæм нæй.

Ха-ха-ха! Цы нæ вæййы: ацы вариант нæ фæрæстмæ, фæсыкк, уæд дыккаг… Æнæ æхцайæ цæрæн нæй. Расыггæнаджы дæр æхца хъæуы, стæй, чи зоны, фæллойгæнæг чи у, уымæй фылдæр æмæ кæм и? Хæс… хæстæ исæд. Æмæ æгуыст, расыггæнагæн хæс чи ратдзæн? Исчи æдылы у?

Ис иу ахæм адæймаг. Йæ ног «æфсымæр», чысыл агентады хицау, æрмæст уый чысыл агентады хицау у, уый нæ зоны æмæ никæд базондзæн, уымæн æмæ йæ хъуамæ ма зона. Табуафси, цас æй хъæуы æхца? Æрмæст алцыдæр закъонмæ гæсгæ. Уый юристы дæсныйады диплом дзæгъæлы райста? Кæд, цас, ном, мыггаг, паспорты бæрæггæнæнтæ. Æвдисæнтæ? Табуафси. Уый мин дæр ссардзæн. Æрмæст æхца кæй райста, уый тыххæй гæххæтт йæхи къухæй ныффыссæд. Мæнæ ацы фыстмæ гæсгæ. Æмæ æнамонд дамгъæ дамгъæйыл æфтыдта. Æхца-иу райста æмæ фæцæуы. Цас, уый никæд ничи банымадта. Ууыл æууæндыд, йæхиуыл куыд æууæндыд, афтæ, æмæ йæ хæстæ æд проценттæ бонгай нæ, фæлæ сахатгай хæрдмæ гæпп кодтой. Чысыл агентады хицау, ныр та стыр бонджын чи у, уый уæд æнамондæн цы къæппæг сæвæрдта, уым арфæй-арфдæр ныгъуылд. Æрмæст æй йæхæдæг не ’мбæрста. Цалдæр хатты дурсæттæгау ныллæууыд: уымæн ацы зæххыл ис иу хæрзгæнæг, ома чысыл агентады хицау, уый йын у æфсымæр, уый у йæ удылхæцæг æмæ йæ фатер ууыл куы скæнид, уымæн æмæ уый – æнамонд райсом цы фæуыдзæн, уымæн ницы зоны. Уый ууыл æууæнды, йæхиуыл куыд æууæнды, афтæ. Нæ! Уымæн гæнæн нæй. Уый йæхæдæг у цардбарæг æмæ хъуамæ йæ фатер йæхи номыл уа. Уæвгæ, чысыл агентады хицауæн цалдæр хатты арвырттывдау йæ сæры ферттывта: уæд та йемæ сразы уаид, уадз балæвар ын кæнæд йæ фатер. Стæй… стæй æнамонд цалдæр мæйы фæстæ сау расыгæй хæдтулгæйы бынмæ бахауд æмæ… фæмард. Æмæ фатер кæй у? Чысыл агентады хицауы, æндæр кæй? Нæ! Уый афтæ нæ бакæндзæн. Уый адæймаг у.

Æнамонд йæ къæппæджы арфæй-арфдæр ныгъуылд, хæфс калмы дзыхмæ йæхæдæг куыд быра, афтæ æмæ иу рæстæг, йæхи зондæй æви чысыл агентады хицауы дæлгоммæ, фæсномыг æви комкоммæ ныхасæй бамбæрста: цъысыммæ бахауд æмæ йын дзы фæстæмæ рацæуæн нал и, нынныхст дзы, аныгъуылд дзы. Йæ коммуналон хæрдзтæ банымайæн нал и, газ æмæ доны хæтæлтæ алыг кодтой, электрон тых дæр ма йæм йæ хорз хæлары фæрцы цæуы, æндæр… Йæ фатер ауæй кæнæд, æмæ ма цæй фатер у, ныггуыдзæг, ныдздзæллаг, кæй ма хъæуы афтæмæй? Кæнæ йæ къаддæрыл баивæд, науæд хъуыддаг æмраст тæрхондонмæ цæуы æмæ æнæ ницæмæй, хæрæг ихы сæр куыд аззайа, афтæ аззайдзæн. Ноджы стырдæр бæллæх та йæ хæстæ, йæ хæстæ, йæ хæстæ! Æхца кæмæй цас райста, уыдон зонгæ дæр нал кæны. Сæ проценттæ… Сæ быны фæци. Хæсджын кæмæй у, уыдон цалдæр лæппуйы.

Æцæгдзинадæй та йын æхца стыр процентыл лæвæрдта иу адæймаг – чысыл агентады хицау. Уый, йæ хорз зонгæтæй кæуыл æууæндыд, уыдонимæ баныхас кодта: æхца-иу сын ссардта æмæ уыдон уыцы æхца стыр процентыл лæвæрдтой æнамондæн. Æмæ уæдæ цы кодтаид? Цард тох у, æнусон тох. Кæнæ хъуамæ æрхауай, кæнæ фæуæлахиз уай. Æмæ æцæг лæг хъуамæ æдзухдæр уæлахиз кæна!

– Мæ фатер уæй кæнын, – загъта æнамонд сæ иу фембæлды. Уый, квартирæтæ æмæ хæдзæрттæ ивæн æмæ уæйгæнæн чысыл агентады хицау æдзæмæй лæууыд, цасдæр рæстæг ницы дзырдта, уæвгæ та уыцы минутмæ рагæй, фыццаг хатт куы сæмбæлдысты, уæдæй фæстæмæ æнхъæлмæ каст, æмæ мæнæ æрхæццæ йæ афон. Кæддæр æрæджиау загъта: уый уавæры уый у тæккæ растдæр фæнд, тæккæ растдæр уынаффæ. Фæлæ цы райсдзæн уыцы æдзæллаг фатер, афтид къултæ кæй хъæуынц.

– Цасфæнды дæр райсæд, кæд йæ хæстæ æмæ коммуналон хæрдзтæй фервæзид. Йæхæдæг цыфæнды къуымы дæр цæрдзæн, — кæуæгау дзырдта æнамонд. Æмæ кæуинаг уыд. Фæлæ йын чи уыд аххосджын? Йæхæдæг! Чи йæ батардта цъысыммæ? Йæхæдæг йæхи!

Æнамонд йæ фатер кæй уæй кæндзæн, агентады хицау уый хорз зыдта. Ныр ын цы гæнæн æмæ амал и, уымæй бацархайын хъæуы, цæмæй йын йæ аргъ бынмæ æртæра. Асламдæр. Асламдæр. Æрмæст къæрцхъус уæвын хъæуы, науæд æм исчи куы фæразæй уа. Йе ’лхæнæг æм, чысыл агентады хицау, рагæй æнхъæлмæ кæсы, æнамондимæ фыццаг хатт куы сæмбæлди, уæдæй нырмæ. Æмæ уый фатер искæмæ уадзы? Ницы хуызы! Æнамонд цы фæуыдзæн, уый дæр ын хъуыдыгонд у: æвддæс бинонтæ кæм цæрынц, ахæм иумæйаг кæрты йын хæдзар ссардта. Иу уат, сынтæг æмæ дзы дыууæ бандоны. Æмæ уый æвзæр у? Æндæр исчи йæ зæронд псулы æппæрст уынгмæ ракæнид. Фæлæ уый, чысыл агентады хицау фыццаджы-фыццагдæр адæймаг у.

Цыбыр рæстæгмæ фатер ауæй кæнын æмæ балхæнынæн, æнамондæн уыцы æнæрудзынг къуым райсынæн гæхæттытæ цæттæ уыдысты. Цы, цы! Фæлæ агентады хицау уыдæттæ нæ зыдта? Тынг хорз! Алцыдæр закъонмæ гæсгæ, цыфæнды дæсны юрист дæр сæм аипп не ссардзæн. Уый, агентады хицау, æнамондæн йæ «галуаны» йæ сынтæгыл йæ гæххæттытæ æрæвæрдта æмæ загъта:

– Нæ ног фембæлдмæ уал, – æмæ рацыд. Зыдта йæ, никæдуал сæмбæлдзысты, фæлæ йын афтæ кæй загъта, уый тыххæй йæ æхца фидын хъуыд? Уадз, ныфс ын уæд.

…Йæ куыдзæн юбилейтæ чи кæны, алы бæстæты йæ галуантæ хæрдмæ кæмæн фæцыдысты, йæ лæппу фондз мин ’хцайы гæххæттæй йæ фындз чи асæрфы, уый кæддæр йæ коммерцион куыст райдыдта чысыл агентады хицауæй. Фыццаг хатт æм æхца æрбахауд Сталины рæстæджы арæзт уæрæх, бæрзонд, райдзаст æртæуатон фатерæй. Хорз аргъ ын райста. Цас рæстæг рацыд, æмæ уыцы доллæрты хъарм ныр дæр йæ уырзтæ æмæ йæ зæрдæйыл æмбæлынц. Уыцы фатер уыд стыр дунемæ йæ фæндаджы райдайæн.

Зæронд лæг рестораны цур, ресторанæй цы бырæттæ, цы фæлхæрттæ рахæссынц, æмæ сæ цы мигæнæны ныккалынц, уырдæм бацæуы тыххæйты, лæдзæджы ‘нцæйтты, гуыбыр-гуыбыр, йæ къæхтæ йæ фæстæ тыххæй ласы. Ныххæрæгъ, ныллæбырдтытæ, ныффист, мæллæг, йæ царм йе стджытыл баныхæст, бафу йыл кæн, уæд ахаудзæн. Йæхи ма фæстаг хатт кæд адаста, йæ буар ма фæстаг хатт доны хъæстæ кæд фæци, уый дзы раджы ферох. Фондзуæладзыгон хæдзары пъадвал – йæ цæрæнбынат. Кæддæр-иу рахызт уæрæх, бæрзонд, райдзаст æртæуатон квартирæйæ. Сыгъдæг итуæврд, ногдаст, æлвæст, йæ туфлитæ хуры тынтæм цæхæр калдтой. Ныр та… Йæ царды фæстаг бонтæ æрхæццæ сты, фæлæ йæ мæлын нæ фæнды æмæ йыл йæхи хуызæн æнæхæдзар куыйтимæ рестораны цур фæлхæрттæм чи фæраздæр уа, кæмæ дзы фылдæр æрхауа, уый тыххæй мæлæтдзаг тох бацайдагъ вæййы.

Уыцы æнæхæдзар, цардæй мæлæты æхсæн дзедзырой чи кæны, уыцы зæронд лæг у, кæддæр цъысымы чи бахауд æмæ уыцы зын рæстæг æфсымæры хуызæн йæ цуры чи æрбалæууыд æмæ уымæн йæ фатер чи ауæй кодта, уый.

… Æххормаг, тынг æххормаг ын у. Иу дзулы къæбæр, дуры хуызæн хъæбæр дæр уæд, хъуына дæр уæд…

…Хæдтæхæг. Бæлццæттæ. Æвзæрст хоры хуызæн фæсивæд. Цардбæлон, рухсдзæсгом æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ. Хæдтæхæг йæхи бæрзондæй-бæрзонддæр исы, æнæкъæм цъæх арвы хъæбысы ныгъуылы. Фæсивæд уырзæй сгæрстау; хæрзконд, рæсугъд, цардæфсæст, сæ хъæлдзæг цæсгæмттæй хуры тынтæ хауынц. Амондджын сты æмæ амонды денджызы сæхи найынц. Лæппутæ, цыма дзырд бакодтой, сæ фылдæры хъуыртыл ставд цæг сызгъæрин рæхыстæ, ферттивынц, цæхæртæ акалынц. Бирæтæн дзы сæ цæнгтыл дæр ахæм сыгъзæрин рæхыстæ. Æрфыг, цæстыхау, былахуырст, æрдæггомриу, чызджытæн се ’нгуылдзтыл цалдæргай бриллианттæ æмæ сызгъæрин зынаргъ къухдарæнтæ, рухс стъæлфæнтæ сæ схъиуынц. Се ’нгуылдзтæ – даргъ, лыстæг, сæ ныхтæ кæркæ-мæркæ ахуырст, се ’нгуылдзтæ куыддæр фæтасынц, фæкъæдз вæййынц, цыма сыл уыцы зынаргъ къухдарæнтæ уæз кæнынц.

Ацы лæппутæ æмæ чызджытæ сты, нæ рæстæджы нырыккон æвзагæй сызгъæрин фæсивæд кæй хонынц, уыдоны минæвæрттæй. Кæдæм сарæзта хæдтæхæг йæ ных? Парижмæ. Лондонмæ?.. Сыгъзæрин фæсивæды ’хсæнты фæцæуы бæрзонд бæрзбæласы хуызæн æлвæст чызг – стюардессæ. Дыууæ къухæй хæцы сызгъæрин доны тылд цыппæртигъон тæбæгъыл, тæбæгъ йе дзаг дзыхъхъынног, фондзгай мины æмхæст æхцатæй, цыма тæрхæй сызгъæрин тæбæгъмæ ныртæккæ æрхаудтой. Лæппутæй иу стюардессæмæ сабыргай разылд, фондз мин æмхæст æхца систа, æмæ… æмæ дзы йæ фындз асæрфта æмæ… æмæ йæ чызджы къæхты бынмæ æнæввæрсонæй æрæппæрста. Стюардессæ æргуыбыр, æхца, йæ астæуыл бырæттæн цы сæрмагонд дзæкъул баст ис, уым нытътъыста: уый чъизи у, бырон æмæ хъуамæ бырæттимæ уа, йе ’нгуылдзтæ урс-урсид, йæ мидбылхудгæ сæ асæрфта æмæ дарддæр акъахдзæф кодта.

Ахæм æхцайы гæххæттæй йæ фындз чи асæрфта, уый… уый у… кæддæр Сталины рæстæджы арæзт райдзаст, уæрæх æртæуатон фатер йæ къухы кæмæн бафтыд, йæхи йæ чи бакодта, кæддæр йе стыр бизнес уымæй чи райдыдта, ныр та йæ исбонæн ныггæнæнтæ кæмæн нал и, йæ куыдзы райгуырды кадæн юбилейтæ чи аразы, уый сызгъæрин лæппу, уый сызгъæрин фырт, уый у, ныр сызгъæрин фæсивæд кæй хонынц, уыдонæй.

 

* * *

Æз бадын, фыссын мæ уацау. Кæрон. Хъуамæ фæстаг стъæлф сæвæрон. Фæлæ – диссаг! Цæмæндæр фæстаг стъæлф нæ арын, цæмæндæр мын фæстаг стъæлф сæвæрын нæ комы. Æмæ цæмæн? Цы ‘рцыд? Кæцæйдæр… Кæцæйдæр мæм хъуысы Гæдиаты Цомахъы хъæлæс. Йæ зындгонд, йе ’нæмæлгæ æмдзæвгæ «Адæм». Æфхæрд адæмы гимн. Йæ алы ныхас, йæ алы дзырд дæр зæлы, зæрдæйыл æмбæлы. Стæй… диссаг… иу адæймаджы хъæлæс нæ хъуысы, фæлæ бирæ, мингай æмæ мингай, милуан æмæ милуангай хъæлæстæ. Хъæлæстæ сиу сты æмæ зæлынц тынгæй-тынгдæр, ивылынц, нæрынц…

Адæм куы стыхсой цагъайраджы цардæй,

Адæм куы бамбарой се ’фхæрд, сæ марæг,

Зон, уæд кæй сыстдзысты иу бон хъыгдардæй,

Зон, уæд кæй фехъуысдзæн иу бон сæ зарæг.

Цомахъы æнæмæлгæ æмдзæвгæ… Æмæ уый цы у? Ныр… Ныр та мæм хъуысы зарæджы хуызы. Æмæ йæ иу адæймаг нæ зары, фæлæ минтæ, милуантæ… æрыгæттæ æмæ зæрæдтæ, нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Зарæг йæхи бæрзондæй-бæрзонддæр исы, гуылф кæны. Мæ цæстыты раз… Æртытæ… Æртытæ… алы рæтты. Судзынц… Фæйлауынц… Уыдон…

Революци… Ау, ногæй та революци?.. Революцийы æртытæ?..

Чи зоны, исчи ахъуыды кæна, зæгъа исчи: уацмысæн ис æнахуыр фæсныхас, æнахуыр кæрон. Цы бар æм дары Цомахъы æмдзæвгæ? Дары! Дары! Мæ хорз хæлар. Ацы фæсныхас райгуырд уацауы иумæйаг хъуыдыйæ, йæ аппæй, райгуырд æрдзон хуызы.

Адæм куы стыхсой цагъайраджы цардæй…

Æнхъæлдæн, мæ уацауæн йæ кæронбæттæн æрхæццæ, æрхæццæ стъæлф сæвæрын афон, фæлæ… О, фæлæ хорз адæм, стъæлф æвæрæг сымах стут. Æмæ…

Æмæ та мæхи фæрсын, фæрсын дæу, мæ зынаргъ чиныгкæсæг: раздæры фæлтæртæ, рæстуд æмæ сыгъдæгæй чи фæцард, рæстдзинад йæ тырыса кæмæн уыд, æгъдау æмæ æфсарм се стырдæр хæзнатæ кæмæн уыдысты, уыдон райгас сты, уæд цавæр цард, цавæр æхсæнады астæу февзæриккой? Уæд цавæр æхсæнадæн уаиккой æвдисæн? Чъизи æмæ æлгъаг. Фæлывд æмæ цæстфæлдахæг! Давæг æмæ лæгмарты цард æмæ æхсæнадæн. Æмæ уæд дыккаг мард нæ акæниккой? Уæд сæ сау чырынты сау фæйнæджытæ фæйнæрдæм нæ атониккой?..

Уæддæр…
Цавæр æхсæнады цæрæм?..
Цы нæм æнхъæлмæ кæсы?..
Кæдæм цæуæм?..

Лæджы ном зын хæссæн у.
Адæймагмæ йе ’цæг кад
йæ амæлæты фæстæ ’рцæуы.

Ирон æмбисæндтæ

Дзæуджыхъæу – Уæллаг Фыййагдон.
10.09.2018 – 06.06.2019 аз.