АГЪНАТЫ Гæстæн

ХÆРЗГÆНÆГ

Уацау

Уацауы ацы хай фыст у нæ хъæуккаг
Цыдаты Николайы мысинæгтæм гæсгæ.

– Уæд æз мæ хистæр æфсымæр Хъазыбегимæ куыстон Фалдоны, Црауы бæркадджын быдырты зæхгæсæй. Колхозтæ – сæ тæккæ тæмæныл. Уæд магуса æгад уыд. Цард цæджинагау фыхт. Быдыры нæ хæдзар – нæ мусонг, нæхи арæзт, бæрзонд, парахат, хъæзæй æмбæрзт. Арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойæнт, тæрккъæвдатæ къуыри дæр цæуæнт – иу æртах дзы не ‘рхъардтаид. Дуне судзæд, хур зæххыл атулæд – нæ мусонджы та – сатæг. Иу ныхасæй, зæххон – дзæнæт.

Иунæг никæд уыдыстæм. Црауы, Салыгæрдæны ‘рдæм чи цыд æмæ фæстагмæ чи здæхт, уыдон нæм ма афæстиат уыдаиккой, уымæн гæнæн нæ уыд. Тамако дымæг йæ тамако ссыгъта, хиирхæфсæн цалдæр ныхасы, цалдæр æхсызгон пъæртты æмæ дарддæр йæ фæндаг нывæнды. Хъæдмæ æмæ хъæдæй фæндаг цыд нæ мусонджы рæзты. Фатхъæд кæнæ тæрс сугтæй дзаг бричкæйы цæлхыты хъæр, сæ хъыс-хъыс. Нæ! Уый хъыс-хъыс нæ уыд, уый уыд æхсызгон музыкæ, уый уыд зарæг, зæрдæйыл æмбæлд. Лæмбынæг æм ныхъхъус æмæ йын бахъырн.

Хъæддзаутæ-иу нæ цуры æрлæууыдысты. Дæ бæхтæ, дæ галтæн дон бадар. Дæхæдæг дæр аулæф, дæ дойны суадз, иу тамако бадым, æмæ дæм дарддæр дæ фæндаг æнхъæлмæ кæсы. Æмæ та райхъуыст сугтæй дзаг уæрдоны, сугтæй дзаг бричкæйы цæлхыты æхсызгон зарæг.

Уæд дæ фыд Æмзор куыста хъæдгæсæй. Махмæ-иу арæх æрбауад, бон дыууæ-æртæ хатты дæр. Куы ма йæ загътон: хъæдмæ фæндаг цыд нæ мусонджы хæдрæзты. Æмзор – махæй бирæ хистæр, фæлæ кæрæдзийæн куыддæр фæадджын, фæхион стæм, раст цыма æмгæрттæ, æмдæндаг уыдыстæм.

Æфсæрмы дзы куыд нæ кодтам. Æгæр дæр ма. Йæ бæх-иу суагъта, æмæ æмбаргæ, æрмахуыр хайуан мусонгмæ хæстæг хызт, цыма, йæ хицау æм кæд фæдзурдзæн, уымæ æнхъæлмæ каст.

Мусонджы фарсмæ – дыууæ хъæды лыггагæй арæзт даргъ бадæн. Быдыртæ дæр æмæ хъæдмæ фæндаг дæр, цыма дæ армытъæпæны сты, афтæ сæм кæсыс. Æмзор уыцы бадæны йæхи æруадзы, йæ лулæ сисы. Йæ лулæ… Цымæ, цал æмæ цал азы сты кæрæдзийæ æнæфæхицæнгæнгæ? Лулæ кæм сау у, кæм бур, йе ‘нгуылдзты, йæ уырзты æхсæн афтæ слæгъз, цыма авг у. Йæ дзыппæй сисы сау хъæдабæ чысыл дзæкъул, йæ ком синаг бæттæнæй фидар æлвæст. Дзæкъул æдзухдæр у дзаг: махоркæйæ, арæхдæр та хисагъд тамакойы карстæй. Æмæ цæмæн, уый мах хорз зыдтам. Тамакодымæг дæм æрбаулæфыд, æмæ йын ды зæлдаджы хуызæн фæлмæн бур тамако йæ армытъæпæны æркодтай. Уый йæ газеты скъуыддзаг кæнæ, азтæй чи сбур, ахæм чиныджы сыфы гæбазы тагъд-тагъд æрбатыхта. Æмæ тамако сулæфыд. Æхсызгонæй, зæрдиагæй, йæ къæхты бынæй. Хиконд сигареты фындз цæхæр акалдта, бæзджын цъæх фæздæг йæхи хæрдмæ ивазы. О! Цы стыр хорздзинад ын ракодтай, цы! Йæ уд æрдуйыл нал хæцыд æмæ аирвæзт. Аирвæзт. Дæ фæрцы та йæм цард йæ мидбылты бахудт. Тамакодымæгæн тамако раттын у, цыма йын хæдзар балæвар кодтай, афтæ.

Æмзор рæстæгæй-рæстæгмæ хъæды фæндагмæ акæсы, ницы дзуры. Хъæддзаутæ уырдæм дæр æмæ фæстæмæ дæр цы афон фæцæуынц, уый хорз зоны. Æмзоры нæхи хъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ ма чырыстонхъæуккæгтæй дæр бирæ чидæртæ зыдтой. Электрон тых, уæлдайдæр та газæн, уæд йæ кой, йæ хъæр дæр нæма уыд. Дурæвзалы дæр чи зыдта? Искуы иу. Суг… Суг цы у, уый ныры кæстæртæй чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæмтæ иу æмæ дыууæ нæ разындзæн. Суг никæд федтой æмæ… фæлæ уæд суг… Уæд суг царддæттæг уыд, удирвæзынгæнæг. Суг дæм и, уæлдайдæр та зымæгон, уæд амондджын дæ, уæд ды цæрыс зæххон дзæнæты. Хъæдгæс… Уый уыд адæмæн хæрзгæнæг кæнæ та знаг. Чи уыд, цавæр адæймаг уыд, уымæ гæсгæ. Æмзор уыд хæрзгæнæг. Дæ зæрдæ дын балхæнон, уый тыххæй йæ нæ зæгъын. Адæмы чи уарзы, адæймаджы чи æмбары, уый у зæххон Уастырджи.

Чырыстонхъæуæй дæр нæ хъæдмæ суг ласынмæ бирæтæ цыдысты. Сæ иу, йæ фæндзай азæй чи ахызт, ахæм кары лæг. Ныр æз уымæй бирæ хистæр дæн, фæлæ уæд уый мæнæй уыд дзæвгар асдæр. Гъæйтт-мардзæ лæг, æз та –æвзонг лæппу. Мах дзы, ай-гъайдæр, æфсæрмы кодтам. Уæвгæ, æфсæрм æмæ уæздандзинад уымæн йæхицæй цыдысты. Иу æнæууылд, иу æнæрхъуыды, иу стыр ныхас дзы никæд схауд. Йæ ном дæр ын бахъуыды кодтон. Даукуй. Бæрзонд, бæзæрхыг лæг, бæзджын сау рихи, бæзджын сау æрфыг. Цæстытæ – æдзухдæр хурæнгæс, æдзухдæр дзырдта мидбыл худгæйæ. Хъæууон, куыстдзагъд лæг. Суг ласта колхозонтæн, хæдзарадæн. Цал къонайы стæфст йæ æрмтты хъармæй? Цал адæймаджы зæрдæ ныррухс йæ сугты артæй? Хъуыцаубоны-иу барæвзар фатхъæд кæнæ барæвзар тæрс сугтæй дзаг бричкæ Чырыстонхъæуы базары кæрон иннæ бричкæтæ æмæ уæрдæтты фарсмæ æнхъæлмæ каст æлхæнæгмæ. Уæд сабат æмæ хуыцаубоны базарты суг арæх уæй кодтой. Табуафси, фен, равзар, суг дын дæ кæрты æркалдзысты.

… Даукуй нæ цуры æрлæууыд. Фыццаг райста Æмзоры къух. Ай-гъайдæр, уый – нæ хорз, нæ кадджын хистæр, дзуары хуызæн лæг. Уæдæ хъуамæ фыццаг мах къухтæ райстаид? Хъæддзау нæ разы афæстиат цыбыр рæстæг. Хæрзхаст бæхтæ сæ мидбынат кафыдысты, сæ мыдхуыз синтыл сæууон хуры тынтæ цæхæртæ калдтой. Даукуй йæхимæ афтæ нæ зилы, йæ бæхтæм куыд зилы: хæрзхаст, сыгъдæг, цыма сæ дугътæм цæттæ кæны.

– Цæй уал, уæдæ, – загъта хъæддзау æмæ бозийыл æрбахæцыд.

– Фæндараст. Уастырджи дæ йæ рахиз базыры бын бакæнæд, – йæ мидбынаты йæхиуыл схæцыд Æмзор. Æмæ та йæ лулæ йæ къæхты бынæй сулæфыд. Æхсызгонæй. Зæрдиагæй. Цыма дзы йæ мондæгтæ уадзы. Уæвгæ, æдзухдæр дымдта афтæ æхсызгонæй. Æмзор дæр, чысыл ма бафæстиат, йæ бæхыл сбадт æмæ ацыд. Мах æй, кæдæм цæуы, фæстæмæ кæд фæзындзæн, уымæй нæ бафарстам, стæй никæд фарстам. Афтæтæ йæм уæндыдыстæм? Æнæмæнг, æрбацæудзæн, фæлæ кæд?..

Хур йе ‘хсæв бынатмæ фæкъул, афтæ Æмзор йæ бæхæй нæ цуры æрхызт. Хъæддзаутæй чи цы афон æрцæудзæн, уый Æмзор нæ, фæлæ ма мах дæр зыдтам. Даукуйæн йе ‘рцæуын афон уыд, нæ фæлæ ма ивгъуыйгæ дæр акодта.

– Цæй, нырма рæстæг и, зындзæн, – загъта ме ‘фсымæр Хъазыбег. Хъæдмæ æмæ хъæдæй фæндаг иу у, Даукуйæн æндæр рæтты ацæуæн нæй. Дæ фыд æнæдзургæйæ бадт, куы-иу иууырдæм акаст, куы – иннæрдæм. Бæрæг уыд: йæхимидæг тыхст. Даукуй æгæр фæстиат кæны, мацы фыдбылыз ыл æрцæуæд, исты бæллæх… Хъæдæй сугæй дзаг бричкæтæ хъысхъысгæнгæ цал æмæ цал æрласта? Зымæг дæр æмæ сæрд дæр. Фæлтæрдджын хъæддзау, фæлæ уæддæр… Æгæр æрæгмæ зыны. Æмæ Æмзор загъта:

– Лæппутæ, бабæрæг æй хъæуы, – комкоммæ мæнмæ æрбакаст. – Къола, Даукуй хуымæтæджы нæ зыны, мæ бæхыл абад æмæ йæ рацагур.

– Хорз. – Хайуанæн йæ саргъ йæ уæлæ, сгæпп кодтон æмæ бæх хъæдмæ фæндагыл сарæзтон. Æфсæнвæндаджы сæрты ахызтæн. Фæндаг фæнарæгдæр, ноджы тынгдæр фæкъæдзмæдзытæ. Мæнæ ныртæккæ таджы сæрты бахиздзынæн. Æмæ… Æмæ дзагъуырæй баззадтæн. Даукуйы бричкæ таджы доны тæккæ астæу лæууы, уылæнтæ сугтыл сæхи хойынц. Бричкæйы фæстаг цалх нызгъæлæнтæ, сæмæн донæй нæ зыны. Æмæ Даукуй йæхæдæг кæм и? Кæм сты йæ бæхтæ? Уæртæ. Фæндагмæ хæстæг фæрв бæласыл цыбыр баст.

– Даукуй!

– Чи дæ! – бæлæсты аууонæй хъуысы зонгæ хъæлæс. – А-а, Къола дæ. – Йæ хъæлæсы фæстæ йæхæдæгдæр фæзынд. Æнæ худ, йæ рахиз къухы фæрæт, йæ иннæ къухы дыууæ метрæй чысыл даргъдæр чи уыдзæн, æхсæр хъæды ахæм лыггаг, цонджы стæвдæн.

– Даукуй, Æмзор мæ дæу агурæг рарвыста, – бæхæй йæ цуры æрхызтæн.

– Æмзор, – хъæддзау йæ мидбынат æдзæмæй лæууы, кæдæмдæр джихæй кæсы, йæ цæстытæ… цыма ныртæккæ доны разилдзысты. – Ер…ер, уымæн аргъ и. Æмзоры зонын, фæлæ афтæ… Адæймаг… Адæймаг, уый у сæйрагдæр. Адæймаг уæвын… – Даукуй бæласыл банцой кодта. Йæ къухы цы хъæды лыггаг и, уый йæ цæмæн хъæуы, уый мын цас зын базонæн уыд: цы цалх асаст, уый мидæггаг фарс æй сæмæны бынты ауадздзæн, – фидар æй бабæтдзæн æмæ кæд афтæмæй… Тагæй фæндаг цæхгæр фæхæрдмæ. Хъæддзау йæ сæр банкъуыста:

– Гæнæн и, æмæ бæхты бричкæ исты хуызы фæуæле кæной, фæлæ уый фæстæ та куыд?

Æз хорз æмбæрстон Даукуйы. Бæхтæ бричкæ исты хуызы сласдзысты, фæлæ уый фæстæ та… Сугтæ ракал æмæ афтидæй ацу, ай-гъай, уый Даукуйы нæ фæндыд. Уымæн æмæ зыдта: райсом дзы йе ссыдмæ æхсныф дæр нал æрбаййафдзæн. Хъæддзау йæ къæхты бынмæ джихæй кæсы, цалдæр хатты йæ сæр банкъуыста:

– Цалх нæ ссарын хъæуы, – йæ цæстытæ мыл ахаста Даукуй. – Æмæ кæм? Йæ цалх алкæмæн дæр йæхи хъæуы. Æмзоры… Æмзоры ма афæрс, кæд искæмæ исты зоны.

– Æмзоры… Афæрсдзынæн, – æмæ бæхмæ сгæпп кодтон. Дæ фыд æмæ мæм ме ‘фсымæр æнхъæлмæ кастысты. Нæ сыхæгты дыууæ лæппуйы дæр мусонджы баййæфтон. Хабар зæгъынмæ мæхæдæг фæразæй дæн:

– Таджы Даукуйы бричкæйы фæстаг цалх асаст.

– Уый дын, гъе, – æрбакаст мæм Æмзор. Ничи ницы дзырдта. Æдзæм сабыр, тæссаг, æрхæндæг сабыр. Бирæ нæ ахаста, фæлæ цыма бирæ рæстæг рацыд, мæнмæ афтæ фæкаст. Æмзор йæ сæрыл схæцыд:

– Даукуйæн цалх ссарын хъæуы.

– Æмæ…

– Мæ уæрдоны цæлхытæй иу раппардзыстæм, зæронд цалх мæм и æмæ йыл уый бакæндзыстæм. Чи мæм фæкæсдзæн? Къола ды?

– О. Æз, – æмæ йæ фæсарц сбадтæн.

– Лæппутæ, банхъæлмæ нæм кæсут, бричкæйыл схæцын хъæудзæн, – æмæ бæх фезмæлыд. Цас бауаинаг уыд мусонгæй сымахмæ. Бæх уæрдоны сифтыгътам. Дæ фыд скъæтæй зæронд цалх ратылдта, гуыффæйы йæ æрæвæрдтам æмæ рацыдыстæм. Ме ‘фсымæр Хъазыбег æмæ нæ сыхаг дыууæ лæппуйы дæр немæ сбадтысты. Даукуй нæм æнхъæлмæ каст, зыдта йæ æнæмæнг ссæудзыстæм, æнæмæнг ын цалх сласдзыстæм. Æмзор ыл йæхи дзæгъæлы бафæдзæхста?!.

– Æмзор, ды… ды зæххон Уастырджи дæ, – йæ цæстытæй хуртæ каст Даукуйæн.

– О, о, зæххон Уастырджи. Ма хуынджылæг кæн. Рæстæг цæуы, – дæ фыд йæ цырыхъхъытæ раласта, йæ хæлафы фадгуытæ хæрдмæ стылдта. Мах дæр нæ дзабыртæ феппæрстам, цыма уый фæзмыдтам, цыма уымæ æнхъæлмæ кастыстæм.

– Мах æмхуызонæй фæсте бричкæйыл схæцдзыстæм, ды та, Даукуй, саст цалх раппардзынæ æмæ йыл иннæ бакæндзынæ, – йæ цæстытæ нæ алкæуыл дæр ахаста Æмзор.

– Хорз, – Даукуй нæ разæй донмæ бахызт. Тæрс сугты бричкæ хус хъæмпы тъыфыл нæу, фæлæ цалдæр адæймаджы сæ тыхтæ куы сиу кæной, уæд хох дæр афæлдахдзысты. Æмзоры уæрдоны цалх, цыма бричкæйæн конд уыд, афтæ йыл сбадт. Не ‘ппæт дæр æхсызгонæй сулæфыдыстæм. Даукуй йæ бапъироз – Беломор (канал) ссыгъта.

– Бузныг. Бузныг уе ‘ппæтæй дæр. Æмзор, бузныг, стыр бузныг, – цыма кувæндоны бын лæууыд, ахæм хъæлæсы уагæй дзырдта хъæддзау.

– Даукуй, тыхст рæстæг, зын сахат кæрæдзи цур куы не ‘рбалæууæм, уæд ма нæ цард цы у, – йæ цырыхъхъытæ кæнгæ, загъта Æмзор. Хъæддзаумæ разылд æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: – Уæддæр, цалх куыд асаст, уый мæм диссаг кæсы. Ды зæрдæхсайгæ цалхимæ рацыдаис, уый мæ нæ уырны.

Нæ, йæ цалх зæрдæхсайгæ нæ уыд. Тагмæ доны сæрты ныууайæн, алчидæр зоны, тынг уырдыг у. Бæхтыл фæстæмæ хæц, тыххæй сæ уром.

Тагæй хæрдмæ суайæн – цæхгæр фæхæрдмæ. Гæнæн ис, æмæ сæ уæззау бричкæ йæ разæй ахæсса. Бæхты цыд æгæр фæсабыр кодтай, уæд сын дзаг бричкæ зын сласæн у æмæ сæ афтæ араз, лæгъз фæндагмæ æнцондæрæй куыд схизой. Даукуй ацы доны сæрты иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыд. Æвæццæгæн, мин хатты, æмæ Хуыцауæн табу – æнæ фыдбылызæй. Фæлæ ныр… Уыцы суджы лыггаг кæцæй фæци, доны уылæнтæ йæ кæцæйдæр æрбаскъæфтой, цалхы дыууæ дæндаджы æхсæн фæныхст, æмæ дæ фыдгул афтæ: фыццаг иу дæндаг фæсаст, стæй дыккаг… цалх фæчъил, мидæмæ бахауд, сæмæн зæххы аныхст. Бæхтæ æрлæууыдысты.

– Æгайтма фыдбылыз ницы æрцыд, ныр та, не ‘ппæты дæр Уастырджийы хорзæх уæд, – Æмзор уæрдонмæ схызт, бæхы бози йæхимæ æрбайста. Мах дæр сбадтыстæм, чи йæ фарсмæ, Даукуй та цыд нæ фæстæ. Нæ мусонджы цур фæхицæнтæ стæм. Даукуй, æнæмæнг, райсом Æмзоры цалх сласдзæн.

– Фæндараст.

– Сымах дæр фæндараст.

Æмæ нæ фæндæгтæ фæсаджил сты.

Дыккаг бон сихормæ хæстæг Даукуй фæзынд, цалх сласта. Фæлæ æрмæст цалх нæ: ссыд уæззау хуын, рæсугъд æгъдауимæ: æртæ уæлибæхы, гогызы йас уасæг, иу къух æй тыххæй фæрæзта, четверт бур бадт арахъхъ, картæфтæ сойы фыхæй, джитъритæ, пъамидортæ. Суанг ма агуывзæтæ дæр нæ ферох кодта.

Æмзор хъæдмæ ацыд æмæ нæ зынд. Даукуй тыхст: йæ хæрзгæнæг кæм и? Кæд фæзындзæн? Уый йæм райсоммæ дæр æнхъæлмæ кæсдзæн, фæлæ кувинæгтæ æгæр ныууазал уыдзысты.

Сахатырдæг рацыдаид æви фылдæр, афтæ дæ фыд фæзынд. Фынг – цæттæ, æмæ йын цы базонын хъуыд: Даукуй æгъдауимæ ссыд. Æмзор, цыма æвзонг лæппу уыд, афтæ ныфсæрмы:

– Уый… уый та куыд?! Цавæр хуын? Цалх кæй сластай, уый хорз, фæлæ… Дæ хъуыддаг дын ацарæзтам, æмæ уым диссагæй цы ис? Ау, уæдæ куыд? Цæй тыххæй цæрæм? Æвзæр ракæнын æнцон у, хорз ракæнын та – зын. Æмæ адæймаг хъуамæ хæрзгæнæг уа, – йæхицæн дзурæгау дзырдта Æмзор.

– Æмæ… æмæ ды адæмæн хæрзгæнæг дæ, – загъта Даукуй æмæ Æмзоры уæхскыл, цыма гыццыл лæппу у, афтæ йæ сæр æруагъта.

Къола мæм æрбакаст, йæ цæстытæ – фæллад, сагъæсæй се ‘дзаг. Азтæ сæ кæнон кæнынц. Кæддæры æрыгон, æнæрцæф лæппуйæн йæ кой, йæ хъæр дæр нал и, баззади ма дзы æрмæстдæр мысинæгтæ… мысинæгтæ… Мæ цуры лæууы ас, кардзыд лæг, урс сæр, рæстæджы фæдтæ йæ ных, йæ рустыл ауæдзы фæдтау сау æндæргтæй зынынц. Æз дæр, Æмзоры кæстæр лæппу, ныр гъæйтт-мардзæ кардзыд дæн.

– Æмзоримæ цал æмæ цал хатты сæмбæлдыстæм, фæлæ цæмæндæр, æппæты арæхдæр мæ зæрдыл æрлæууы, Даукуйæн цалх цы бон сласта, уый. Хъæддзау лæджы зæрдæбын ныхас мæ нæ рох кæны, ныр дæр мæ хъустыл уайы: «Æмæ… æмæ ды адæмæн хæрзгæнæг дæ», – æмæ та Даукуй, цыма æцæгдæр гыццыл лæппу у, уыйау Æмзоры уæхскыл йæ сæр æруагъта…

Хæрзгæнæг… Цымæ дунейы уымæй стырдæр хорзæх исты ис?..