БИЦЪОТЫ Грис

ЦАРДЫ АУУÆТТÆ
КÆНÆ ФЫССÆГ МÆ ЦÆУЫЛНÆ РАУАДИ

Публицистон уацау

Зæгъæн куыд нæй, ахæм стыр фыдæбон бакодта Грис, алцæуыл дæр æмæ алкæуыл дæр, цас гæнæн ис, уыйбæрц æргомæй дзургæйæ.

Кæд нæм ирон адæмы фæрнджын кад æмæ намысыл зонд æмæ зæрдæйæ тыхсæг фыссæгау фысджытæ ис æмæ уыд, уæд сæ хуыздæртæй иуыл нымаинаг у Бицъойы-фырт.

Уымæн æвдисæн у ацы уацмыс дæр – абон нæ бынтон тыхст æмæ уырыдæй табутæ цы цардарæзтæн кæнæм, уый дзы уырнинагæй æвдыст цæуы, цæмæй нæ раст зондахастыл хуыздæрырдæм фæзына, уый охыл.

 

* * *

1962 азы дунейы рухсмæ фæзынди мæ фыццаг чиныг «Цæргæс тæхгæйæ фидауы». Балхæдтой йæ, ацыди адæмы ‘хсæнмæ. Ацы уацауæн йæ хъысмæт тæхудиаг рауади. 1959 азы дæргъвæтин рæстæг цыбыртæгондæй цыди газет «Рæстдзинад»-ы, «Зарæг сæрибардзинад уарзы», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Мæ хæрзгæнæг Цырыхаты Михалæй (уæд ам культурæйы хайады сæргълæууæгæй куыста) уыйас фæбузныг дæн, æмæ йын зæрдæбындæрæй цы загътаин, ахæм нал ссардтон ирон арфæты ‘хсæн.

Чиныгкæсджытæ, уæлдайдæр фæсивæд, уацау æнувыдæй кастысты. Уæртæ фæсхох – Чъребайы йыл сæрмагонд ныхас дæр æркодтой, сфæлдыстадон æнтыстыл æй банымадтой, зæгъгæ дæр мæм æрбайхъуысти. Уыцы цины рухсæй хъуамæ мæ зæрдæйы сæвзæрдаид, ног чиныг фыссынмæ мæ уæлтæмæны базыртыл бæрзонд чи систаид, ахæм ныфс. Фæлæ мæ «Цæргæс» мæнæ сабитæн гæххæттæй маргъау иу пæррæст скодта æмæ æрхауди.

Рæгъмæ хæссинагыл æй чи банымадта, уыдон кæд бирæ уыдысты, уæд, æвронг, домаг цæстæй йæ чи бакаст, æмæ мæ кæй фиппаинæгтæ æрзæххон кодтой, уыдон та – æдæппæт цалдæр. Джусойты Нафи йæ рахуыдта «цъæхæй рæгъæд». Хъодзаты Æхсар дзы цыдæр аивадон тæппытæ бафиппайдта, фæлæ йæ сæйраг ныхас фæкодта тарæрфыгæй. Редактор ын уыди Цæрукъаты Алыксандр. Фыстæй мæм сты ныр дæр ма йæ бирæ хынцинаг фиппаинæгтæ… Йæ ахъаззагдæр фиппаинæгтæ гæххæтмæ нæ бахаста – ома сæ, мыййаг, æдзæстуарзон адæймаг куы фена æмæ сæ авторы ныхмæ хотых куы сараза, зæгъгæ. Дæ уацмыс, дам, аивадæй хызт схемæйы нывтыл карст у. Дæ архайджытæ, дам, мæнæ резинæйæ конд хæфсыты хуызæн сты, бафтау сæм, йæ кæроныл дымсæн порти кæмæн вæййы, ахæм тасаг лыстæг хæтæл. Дымсæн порти фелхъив, æмæ хæфс йæ бынатæй агæпп кæны. Ома, дам, авторы исты идейон ныхæстæ зæгъын куы бахъæуы, уæд йæ хъайтарты «фелхъивы», æмæ уыдон рупортау конъюнктурон хъуыдытæ скалынц… Уацау «Цæргæс тæхгæйæ фидауы» дæлрæнхъон тæлмацгондæй арвыстон Мæскуйы Литературон институты нæ прозæйы семинары уæнгтæй иумæ – Анатолий Кузнецовмæ. Уый йын карз тæрхон рахаста: «Очень скучная и неинтересная вещь. Треплешься, треплешься, а зачем, к чему? Проблемы, может, для вашей деревни и важные, но для большой литературы – пустячные. Вся повесть носит отпечаток какой-то «святой наивности», словно сельский пасечник писал. Такие вещи иногда хвалит районная газета, но в том мало чести. В Москву можешь с ней свататься, мало какой бес их укусит, возьмут и тиснут – но я за это дело не взялся бы. Эх, Гриша, заедает, видно, тебя провинция. Ты бы потрясся, подышал московским воздухом, или за границу съездил, чтобы масштабы земли и человечества почувствовать. Обязательно есть кто-то, кто тебя за повесть эту хвалит. Похвалам мы верим всегда охотнее, чем ругани».

Уацау фæстæдæр джиппы рацыди уырыссаг æвзагыл дæр, ратæлмац æй кодта фыссæг В. Авдеев. Фынддæс мин чиныджы уайтагъддæр алхæдтой, конференцитæ йыл арæзтой. Мæ номыл чиныгуадзæн «Ир»-мæ иу хъæуæй ссыди фыстæг. Куыддæриддæр сты, афтæмæй йын йæ ныхæстæй æрхæссон – нæ сæ рæстытæ кæнын: «Вот я прочла вашу книгу – повесть писателя Гриша Бицоева «Проводи до порога». И я хочу узнать, это правда была или нет. Мне так понравилась эта книга, что я за эту книгу отдам свою жизнь».

Ацы адæймагыл бахудон, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди æмæ нæй, фæлæ мæ зæрдæ бамæгуыр, ме ‘нæбон, мæ мæгуыр уавæр мыл æртæфст, æмæ, æппын æрæджиау йæ тæссаг низ кæмæн раиртасынц, уыцы адзалы рынчыны хуызæн фæкастæн мæхимæ. Ахæм кæсæджы хъæлæсæй мын æппæлыдысты мæ уацауæй, хъуыдыйæ хызт, æнцонсайæн, дарддæрцыуыдзæнтæ агурæг чиныгкæсджытæ. Мæ уæды уавæр æвдисæг бæлвырд ныхæстæ бирæ фæстæдæр ссардтон, уæд та цыдæр æбæрæг фæлмы бын фæдæн: дæ развæндаг нæ уыныс, фæлæ дын уæддæр æнæ азмæлæн нал ис. Фæраст уаис, фæлæ ныдздзæгъæлтæ уыдзынæ. Уæды онг куыд фыстон, афтæ фыссæн нал уыди. Аивады тавс кæмæй цæуа, ахæм ныхæстæ мæ ссарын хъуыди; мæ карзæй домаг, мæ цæстуарзон æгъатыр критик кæмæ æрыхъуса, царды тыххæй мæм хъуамæ ахæм карз зæгъинæгтæ разындаид.

Мæ дыккаг чиныг – радзырдты æмбыргонд «Мæхи ном уын нæ зæгъын» – рацыди фондз азы фæстæ.

Æмбæрстон æй, хъуамæ утæппæт хъæлæсты астæу дæ хъæлæс ма фесæфа, хъуамæ дын дзырдтæ суой коммæгæс, дзырдты дзыгуыр дын басгуыха рæстдзæвин фатау. Радзырд «Мæ биографи» фысгæйæ йыл цыма фæхæст дæн. Хабæрттæ дзурæг лæппу фыр цинæй «йæ худ арвмæ баллистикон æнтъыгъд ныккодта». Ацы ахорæн радзырды нæ баззади, редакторæн ницы ад скодта, фæлæ мæнæн фегом сты мæ улæфæнтæ, мæ бæндæны бæстытæй феуæгъд дæн. «Реалистон» прозæйы иугæндзон таурæгъон ныхасыуагæй кæй фæрвæздзынæн, уый мæ бауырныдта. Æнæифтыгъд, æнæнуар хъуыдыйад ныффыссын мæ зæрдæ нал куымдта. Ногбоны заз бæлас уазал æрттывдгæнæг хъазæнтæй æгæр куы сфæлындзай, уыйау-иу рауади мæ радзырд – алы хъуыдыйад дæр, хъæуа-нæ хъæуа, барæнтæ, эпитеттæ, метафорæтæй – æнæвгъау ифтонггонд. Æмæ мын æй цæстмæдарæн кодтой фысджытæ, редактортæ; суанг ма нæ республикæйы культурæйы кусджыты съезды Гапбаты Иваны раныхасмæ дæр бахаудтæн: «Нарочито усложняет».

Нæй, мæ дзырдтæй мæм, хъус кæмæй сфæлмæцы, ахæм иудадзыгон сур зæлтæ йеддæмæ ницы хъуысти, царды уынæр чи æрцахса, ахæм ныхас ссарынхъом не сдæн… Мæстыты раз-иу сыстадысты, сæ адæмæн фæндагсар Уастырджиау чи басгуыхти, уыдоны сурæттæ: Толстой, Достоевский, Бальзак, Фолькнер, Чехов, Къоста… Сæ алкæй дæр сæ иу дзырдæй хуыдтой – фыссæг. Достоевский дæр фыссæг æмæ ды дæр… Æрдзы сконды егъау хæрам рачынди, æндæр мæн та уыцы номæй цы хуызы рахуыдтой? Сæдæ хуызы-иу бафарстон мæхи. Сæдæ фарстæн дзуаппытæ агуырдтон. Цалынмæ сын дзуаппытæ ссарон, уæдмæ мæ зæрдæ мæ къухмæ фыссæн сис райсын кæй нæ бакомдзæн, уый æмбæрстон. Мæ иу чиныгæй-иу иннæйы ‘хсæн дзæвгар азтæ рауади. Уырыссаг æвзагмæ тæлмацгонд уыдысты мæ уацмыстæн сæ дзæвгар хай æмæ 1987 азы иумæ хъæбæр цъары тыхтæй рацыдысты («Небесное зеркало»). Чиныгæн йæ бæзн, йæ гуырахсты тыххæй никуы фæаргъ кæнынц. Йæ кæройнаг дамгъæйы онг æй æрнымайынц экономисттæ, бухгалтертæ, пъланаразджытæ æмæ авторæн йæ гонорар раттынц. Æвæдза, гонорар хъуамæ фидиккой уацмысы рæнхъыты тыххæй нæ, фæлæ йæ аивадон хъомысмæ гæсгæ. Уырны мæ, искуы уыцы къуырма уырзтæй нымад ферох кæндзысты, базондзысты уацмысæн йæ аивадон тых барын. Уæвгæ та ахæм дæсны æдзухдæр уыдысты, фæлæ сæм уыцы бар никуы æрхаудта. Уыдон мын кæм æргомæй, кæм фæсномыг ныхасæй æмбарын кодтой: аивады арæнæй нæма бахызтæ.

Ау, уæдæ цард мæ иувæрсты аивылд? Дзуапп не ссардтон мæ царды ме’ргом фарстæн. Æмæ уæд аздæхтæн знонмæ, йæ аууæттæм…

 

* * *

Наукон æгъдауæй куыд сбæрæг чындæуыд, афтæмæй, ноггуырд адæймаг фыццаг фондз азы дæргъы æхсæнадæй, хистæрты дунейæ цы райсы, уыдон свæййынц, йæ дарддæры цард кæмæ гæсгæ арæзт фæцæуы, ахæм æвæрæнтæ.

Адæймаджы царды уыцы азтæ куыд ахадынц, уый тыххæй æвæджиауы хъуыдытæ зæгъы Лев Толстой: «Мæнæ ныр цæй руаджы цæрын, уыдæттæ иууыл æрмæстдæр гъеуæд нæ райстон? Цы райстон, уыдон афтæ бирæ уыдысты, афтæ тагъд мæм æрбафтыдысты, æмæ мæ уый фæстæйы царды дæргъы уыдонæн сæ иу сæдæйæм хай дæр нал райстон. Фондзаздзыд саби æмæ ме ‘хсæн иу къахдзæф йеддæмæ нæй. Ноггуырдæй фондзаздзыды астæу та – æгæрон быдыртæ».

Махæн та, ома мæ фæлтæры минæвæртты царды фыццаг фондз азы баиу сты колхозтæ аразыны рæстæгимæ. Уæд дыккаг революци æрцыди нæ бæстæйы, зæгъгæ, нымадтой нæ историзонджытæ. Ома хицæн хæдзарæдтæ «барвæндонæй» иугонд кæй æрцыдысты, уый руаджы къухы бафтыди хъæууон хæдзарад социалистон уагыл рацаразын. Фæлæ уыдон уыдысты æрмæстдæр рæсугъд ныхæстæ, аргъæуттæ. Уыцы рæстæджы æцæгдзинад хурæнбæрæг раци, æмæ базыдтам: Ног Экономикон Политикæ зæхкусджытæн æнусмæ радта зæххытæ. Зæхкусæгæн йæ бон уыди зæхх хаццоны (аренды) раттын дæр.

Йæ тыллæгæн дæр йæхæдæг уыди хицау æмæ йæ уæй кодта, кæмæн æй фæндыд, уымæн, йæхæдæг-иу ын цы аргъ снысан кодта, ууыл.

Уыцы рæстæг бирæтæ нырма хорз хъуыды кæнынц. Сæ иу – Бекъойты Сидор, фæллойы ветеран, цæры Черменыхъæуы. Уæды хæбæрттæ мысгæйæ, зæрдæрухс бæзвæрста Сидор:

– 1929 азы Къобæй алыгъдыстæм Стъараполы краймæ Георгиевскы районмæ. Цæвиттон, помещикты зæххытæ адæмæн лæвæрдтой. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй уырдæм цалдæр бæрнон лæджы ацыди. Хуыгаты Доментъи æмæ ма дзы Дзæхаты Лекойы хъуыды кæнын. Баныхас кодтой æмæ райстой, хохæгтæ кæм хъуамæ æрцардаиккой, ахæм бынат. Фалæ Иры æмæ амы Иры уынгæг кæмтты цæрджытæй йæм ныллыгъди фарастфондзыссæдз хæдзары. Баныхас кодтой бæхты завод саразыны тыххæй. Коммунæ дæр æй хуыдтой. Цæмæй коммунæйы уæнг суай, уый тыххæй алы хæдзар дæр кæнæ бæх хъуамæ радтаид, науæд та æрмæджы æхцайæ бæхы аргъ. Коммунæмæ истой фæллойгæнæг рæстзæрдæ адæмы. Алкæй хабæрттæ дæр-иу сбæрæг кодтой, – кæд сæ бинонтæй исчи давæг у, кæд æвзæр ми йæ сæрмæ хæссы… Зæхх уæрстой хæдзары сæрыл. Гектар дын – дæ хæдзары раз, дæс гектары та дын – быдыры. Уымы зæхх æлыгбын у, æппындæр уымæл нæ исы. Æмæ уал халагъудтæ арæзтой. Цæрæнтæн се ‘мбис – зæххы бын, æмбис – уæле. Хъамылæй уал сæ-иу æрцагъуыстой. Уый фæстæ самандур кодтой, уырысы хъæуты саратæ æлхæдтой, хъæдæрмæг амал кодтой. Уалынмæ дыгай-æртыгай æддæгуæлæтæ аскъæрдтой. Коммунæйы иумæйаг рæгъауы уыди, цал хæдзары уыдыстæм, уал бæхы. Алы бæхы агъдыл дæр æртæ дамгъæйæ гакк конд – КИС. Уый афтæ нысан кодта: Коммуна имени Сталина. Ефсыты-иу схъазын кодтой англисаг æмæ араббаг мыггаджы уырсытæй, æмæ-иу сæ цот æвæджиауы хорз рауадысты. Æртæ азы фæстæ паддзахадмæ радтам дуне бæхтæ, æвзаргæ та сæ-иу кодта сæрмагонд къамис. Пятигорскы дугъты-иу архайдтой нæ дугъонтæ æмæ-иу æдзухдæр уæлахиздзауты лæвæрттæ райстой. Æввахс нæм цардысты немыц æмæ тæтæр. Немыц цы кусаг уыдысты! Сæ саби дæр – куыстуарзаг. Сæ алы архайд дæр – фидыцджын. Дзæнгæрæджы зæллангмæ-иу сæумæраджы хъæугæрон æрæмбырд сты. Стæй та-иу дзæнгæрæг ныззæлланг кодта, æмæ-иу æмгуыппæй фæраст сты, бричкæты бадгæйæ. Æнуд рæстæг-иу сæхи сатæгмæ байстой, стæй та суанг талынгтæм – кусгæ. Давынæн сæм йæ кой дæр нæ уыди. Мæнæ уый мæгуыр у, зæгъгæ сæм иу ахæм хæдзар хæснагыл дæр не ссардтаис. Сæ астæуккаг цæрæгмæ цы уыди, уый-иу ын радтой. Се ‘мдзард чи нæ фæрæзта, уый-иу се ‘хсæнæй сыстын кодтой. Немыцаг лæг-иу йæ фыртæн æххæст хæдзар сарæзта, ус ын-иу æрхаста æмæ-иу æй чындзæхсæвы фæстæ бон ахицæн кодта, ома ныр дæхæдæг цæр! Уæдæ сæ сыгъдæгдзинадмæ гæсгæ дæр махæн фæзминаг уыдысты. Æмæ сæхиуыл фæхæцыдысты. Кусынæй ма сæ чи æфсæста! Æнæхæрд зæххы мæнæуы хуымтæ тугыл скъуыдысты. Фос-иу афтæ снард сты, æмæ-иу кусæрттаджы дзидзайы сау фыдызгъæл нал уыди. Æхсыры та дæхи дæр най. Дæ хъомтæ æввахс хизынц. Ауай сæм æмæ сæ радуц. Бон сæ æртæ дыгъды кодтам – райсомæй, сихорæй, изæрæй. Давд нæ уыди, æмæ æхсæвæй-бонæй хизгæ кодтой фос.

Академик В. Тихонов куыд зæгъы, афтæмæй Ног Экономикон Политикæ йæ тыхы уыди 1928 азы онг. Уый фæстæ цытæ рауади, уый тыххæй зæгъы: «Æмæ дын мæнæ хор æлхæныны хабæрттæ куы нал рæстмæ кæниккой. Æвæстиатæй арæзт æрцыди «хоры фронт». Гъе уый хъуыддаг! Хæстæн йæ кой дæр никуы, афтæмæй нæ бахъуыд фронты сæр. Зæхкусджыты хордæттæ дзаг куы уыдысты, уæд хор цæттæ кæныны хъуыддаджы уыцы къуылымпытæ цæй аххосæй фæзындысты? Йæ ‘фсæнттæ æгæр æргом дæр ма уыдысты, фæлæ сæ раздæр политиктæ æмбæхстой, уый фæстæ та – историктæ. Индустриализацийæн фæрæзтæ агурыны куыст фæтагъддæр кæныны охыл Сталинæн йе ‘ввахсдæр æмтохгæнджытимæ иумæ йæ къухы бафтыди адæмæй хор æлхæныны æргътæ дæлæмæ æрæппарын, уыцы иу рæстæг, хъæутæм кæй ластой, уыцы индустриалон товартæ та дзæвгар фæзынаргъдæр кодтой. Цæхгæр фæфылдæр сты хицæн сæудæджертыл, æрмгуыстгæнджытыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæг зæхкусджытыл æвæрд хъалонтæ… Ныхмæлæууæг зæхкусджытæ æгъатырæй саст цыдысты: сæ хортæ сын лæгдыхæй истой, гæрзифтонг тыхты руаджы сæ сызмæлын нæ уагътой… Уыцы кампанийы архайджытæ та уыдысты, зæхкусджыты ныхмæ ныббырсты сæргъы чи æрлæууыд, уыцы политиктæ. Сæ сæйраг нысан уыди – бæстæйы хъæуы хор. Хицæн хæдзарæдтæй йæ æлхæнын зиан йеддæмæ ницы у. Æмæ йæ хуыздæр хос – адæмы иумæйаг хæдзарæдтæм – колхозтæм – батæр æмæ сын сæ тыллæг иумæйаг хордонты кал. Ахæм «теорийы» фæрцы æнцондæр уыди, куыд хицæн кълас, афтæ кулакты фесафын æмæ адæмæн коллективизаци садджын кæнын».

Уыцы рæстæджы тыххæй ахæм зæрдæриссæн хабæрттæ фæдзырдта Сидор дæр:

– Иуахæмы райхъуысти: колхозтæ араздзысты æмæ хæдзары фос исгæ кæнынц, зæгъгæ. Æхсæв ничиуал хуыссыд, фос – цæгъдгæ æмæ дзидза – цæхджын кæнгæ. Нымудзынæй тынг тарстысты æмæ фос сусæгæй æргæвстой. Колхозмæ нæ батардтой, фæйнæ стуры æмæ ма нын дæсгай фыстæ ныууагътой. Бæхтæ, зæххытæ айстой. Адæмы зæрдæ амард, æмæ ма кусынмæ чи ради… Фыццаг аз цы мæнæу банай кодтам, уый паддзахад иууылдæр йæхирдыгæй фæкодта. Адæмы къæбицтæ сафтид сты. Цы ауæй кодтаиккам, ахæмæй дæр нæ рæбынты ницыуал уыди. Æххормаг аз ныл скодта. Ноджы аразын байдыдтой джигулгæнæг къордтæ. Уыдон хæдзæрттыл зылдысты, домдтой, дæ хоры уæлдæйттæ ратт, зæгъгæ. Уæд ма сæм цæй уæлдæйттæ уыди! Цы мæнг муртæ ма нæм баззад, уыдон уæрмыты æмбæхстам. Уымы зæхх тынг хус у, хор уæрмы ныккæн, æмæ уыцы дзæбæхæй цалдæр азы дæр фæлæудзæн. Тыхмийы фæрцы истой хор. Адæм сфæлмæцыдысты æмæ уырдыгæй лидзын байдыдтой. Мæ мад æмæ мæ фыд дæр ралыгъдысты. Æз ма уым баззадтæн. Джигулгæнджытæй иу – чысайнаг—тынг æгъатыр уыди. Йæ джебогъджын лæдзæгæй-иу, зæхх рæхойгæ, ацыди æмæ-иу цалынмæ сусæг уæрм ссардта, уæдмæ не ‘рæнцади. Чысайнаг зыбыты иунæгæй цæрæг уыди. Уыцы аз фæрынчын, æмæ йæ иу бабæрæггæнæг нæ фæцис. Æрæджиау кæддæр, йæ мард куы бамбыд, уæд æй базыдтой. Хъæуыхицау хъазахъхъаг уыд. Æмæ нын бауайдзæф кодта: «Ирон адæмæ хорз æгъдæуттæ куы ис, уæд уæ лæджы мард цæуылнæ баныгæнут?» Адæм ын цæхгæр загътой: «Махæй йæ ничи баныгæндзæн». Хъæуыхицау кæйдæр баххуырста, æмæ йæ уый кæмдæр быдыры баныгæдта…

Æхсæзфондзыссæдз хæдзары ралыгъди уырдыгæй фыццаг аз. Хæсты размæ ма дзы баззад æртиссæдз хæдзары. Уыдоны хицæуттæ дæр, хæстæй куы сыздæхтысты, уæд Ирыстонмæ фæлыгъдысты. Ныр дзы ничиуал ис. Хъæууат дзы рауад. Самандур хæдзæрттæ ныккалдысты.

Колхозтæ Ирыстоны куы арæзтой, уæды хабæрттæ мысы Раздзоджы хъæуы цæрæг Хъараты Хъæлæмырзæ:

– Уартæ æртæ æмæ ссæдзæм, цыппар æмæ ссæдзæм азæй фæстæмæ зæххытæ удгоймаджы сæрыл уæрстой. Сывæллоныл æхсæз мæйы сæххæст, уæд ын хай лæвæрдтой. Фылдæр бинонтæн – фылдæр зæхх иумæйаг уыди. Уæдæ райдианты адæм хицауад дæр сæхæдæг æвзæрстой. Цалдæры-иу бавдыстой депутаттæм æмæ-иу, адæмæн адджындæр чи уыд, ууыл схъæлæс кодтой. Æргом æвзæрстытæ-иу уыдысты. Гъе стæй, ацы колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд бынтон заууатмæ æрцыдысты. Уыцы замманайы бæхтæ-иу манхъаджын разындысты. Хъылма сын-иу бадардтой, æви сын-иу сæ цæстыты хъæстæ исты ныттагътой – манхъаджын у, зæгъгæ сæ Елхотмæ тардтой, уым сын сæрмагонд дзыхъхъытæ къахтой. Бæхы ных ныццæв, дзыхъхъы йæ ныппар æмæ йæ баныгæн.

Фос дæр колхозы иумæйаг скъæты цагъды кодтой, сыст сыл-иу схæцыд – æрмæст сæ иу азмæ сæдæмæ ‘ввахс амард. Уый æрмæст дуцгæ хъуццытæй, дыгæрдгуытæ, уæнгуытæ, родтæ æмæ бæхтæ нæ нымайын. Кулак кæй скодтой, уыцы адæмæй иу минмæ æввахс байстой лыстæг фос. Куындыхаты Муссæйы стыр агъуыстыты чъылдыммæ сæ батардтой æмæ сæ æхсæзгай абазитыл уæй кодтой. Адæм, сæ кæрæдзи зæрдæхудтæй тæрсгæйæ, фос æлхæнын нæ уæндысты. Уæд фосы хицæутты адæмы размæ æрвыстой æмæ сæ домдтой, цæмæй зæгъой: «Адон мæн нал сты, ма ‘фсæрмы кæнут, æлхæнут». Æлхæдтой сæ лæварæмхасæнтæй, дзидза цъыкк ластой.

Фæлæ уыцы æфсæст рæстæджытæ бирæ нæ ахастой, смæгуыр стæм. Нæ куыст сæбæркад. Æфсирджын нартхоры пут Беслæны базары кодта 35 капеччы. Зæронд æбæркад æхцайæ 450 сомыл-иу радтон хъуг. Ацу æмæ уый фæстæ адæймаджы зæрдæ куыстмæ барайæд! Уæдæ, бæрнон бынæттæ чи ахста, уыдонæй дæр-иу ахæмтæ разынд, йæхи чæ нæ риссын кодта.

Иу уалдзæг галтæй хуым кодтам. Æз галтæрæг уыдтæн. Иурæстæджы нæ уæлхъус алæууыд барæг – районæй æрвыст лæг. Нæ куыстмæ нын æркаст æмæ йæ къух ариуыгъта: «Æгæр лæмбынæг митæ йын ма кæнут. Афтæмæй ацы быдыртæ фæлдæхт никуы фæуыдзысты. Кæрдæг куыд фæбынæй уа, афтæ йæ базмæнтут. Уалæ Беслæнæй ракæсгæйæ, сау дарæд, æндæр уæхи цы хурхæй марут».

Уыцы фæззæг нæ быдырты ницы æрзади. Фосæй ма нын уагътой иу хъуг æмæ æхсæзмæйдзыд рæуæд, фондз фысы, иу хуы. Хъуг кæй хæдзары нæ уыд, уый æхсыры фиддон нæ фыста. Уый фæстæ уымæ дæр нал кастысты. Алы аз дæр паддзахадмæ раттын хъуыди 1500 литры æхсыр, 50 килæйы дзидза, 50 айчы, 2 – 3 килæйы хъуын. Ноджы æндæр фиддонтæ.

Иуахæмы нæ хъæуккаг Хестанты Даккойы дуармæ балæууыдысты фиддонисджытæ. Дакко бадис кодта, куы ницыуал дарæм, уæд ма уæ хызынтимæ цы ‘рбалæууыдыстут, зæгъгæ. Дæ чызджы тыххæй, дам ма «хæлæстиацки» налог дарыс. Мæстæй рафыхти Дакко, æмæ мæстджын лæг та сонт у. Курæг, дам æй нæй æмæ, дам… Ахæм цæхджын ныхæстæ дзы схауд, æмæ сæ цæсгом зæгъын нæ хъæцы… Лидзæг фесты йæ цурæй…

Уыцы рæстæджы тыххæй суанг ныр дæр алчи йæ хъуыдытæ æдæрсгæ зæгъын нæма уæнды. Зæйау чи раивылд, уынгæджы бынаты чи æвæрдта, туджы чи ахъардта, уыцы тасы амæттæг фесты адæм. Цы тавс ма уыди сæ рæвдауæн ныхасы дæр, афтидарм къухы рæвдыд ма фæлмæн кæцæй уыдаид! Удаист адæймаджы цæстытæй ма цы рухс ракалдаид! Цы диссæгтæ цыди, уыдонæн бамбарæн нæ уыд, зæгъгæ, ныр хистæртæ сæ сæртæ ныттилынц. Рæстæй цас бирæ хорз лæгты фесæфтой, зæгъгæ, сæ зæрдæйы рæбынæй сирвæзы сæ додой…

1988 азы сæрды мæ ме ‘рвад Бицъоты Таймураз Раздзоджы хъæумæ ахуыдта (уымы скъолайы куыста). Хъæуы хистæртæ æмæ фæсивæдæн клубы фембæлд сарæзта. Цæвиттон, æргом ныхасы рæстæг ралæууыд, æмæ, ныронг гуыдырæвæрдæй чи фæлæууыд, ивгъуыд рæстæджы уыцы хабæрттæ хъуамæ фæсивæд зоной, зæгъгæ. Зондæн райсинаг зæрдæбын ныхæстæ загътой хъæуы хистæртæ. Ныхас ныхасы къахта, æмæ сæм рауади сæ фыццаг хъæуыхицау Сокаты Дзыццылы кой дæр. Дзодзиаты Дзатте дзырдта:

– Дзыццыл тынг раст лæг уыди. Йæ къух фыссын цы зыдта, æндæр æм ахуырæй ницы уыд. Сæумæрайсом-иу адæмыл æрзылди, быдырмæ рацæут, зæгъгæ. Йæ бинойнаджы-иу æппæты разæй арвыста. Ды, дам, куы нæ цæуай, уæд цы цæсгомæй бадомон иннæ хæдзæртты æфсинты?.. Хъæугæрон фахсыл тала бæлæстæ ныссагътой. Æртæ талайы дзы рахастон. Дзыццыл хабар радзырдта нæ бинонтæн. Мæ фыд мæ фæцæймардта, хатыртæ ракуырдта хъæуыхицауæй æмæ æртæ туманы ивар бафыста. Æндæр лæппу та иу бæлас фæрæтæй фæцæфтæ кодта. Уый дæр æртæ туманæй иваргонд æрцыд.

Сокаты Дзыццыл æхсæрдæс азы дæргъы уыди хъæусоветы сæрдар. Сæ хъæу Эмаусыл Раздзог ном дæр уый рæстæг сæвæрдтой. 1936 азы Дзыццыл архайдта Æппæтцæдисон Центрон Æххæстгæнæг Комитеты æмбырды. Уым радзырдта, сæ хъæумæ сосæвæдаг куыд сарæзтой, хæтæлыл дон куыд рауагътой, мæгуыртæн куыд æххуыс кодтой æмæ бирæ æндæр фарстыты фæдыл. Уыцы æмбырды чи ныхас кодта, уыдон сæ къам систой Михаил Килининимæ, æппæтцæдисон старостæимæ…

Уый фæстæ бирæ нал акуыста Дзыццыл, иу æхсæв сæ хæдзары смидæг сты цалдæр нæлгоймаджы, ракодтой йæ, æмæ, цы фæцис, уый абоны онг дæр нал рабæрæг. Дзыццылы куы ‘рцахстой, уымæн йæ дыккаг бон хæдзари-хæдзар айхъуысти: «Нæ хъæуыхицау разынди адæмы знаг!» Хабар дзырдтой стыф-ныхасæй. Фыдуац ахызти хъæуы арæнæй, æрзылди дæрддаг хъæутыл, хиуæттыл, зонгæтыл. Пъæззыйау сыл йæ уæз уагъта, сæ дзыхтыл сын цъуттатæ æвæрдта, сыхаг сыхаджы, хъæуккаг хъæуккаджы цæстытæм æдæрсгæ бакæсын нал бауæндыд.

Уымæн æмæ, иугæр Дзыццылы хуызæн æнæазым лæг адæмы знаг кæд разынди, уæд ма кæуыл æууæндыдæуа? Уæд та ацу æмæ базон, иблис та кæй цармы бабырыд. Дзурынц, зæгъгæ, Дзыццылы æрцахсты хабары сусæгдзинадтæ нæ бабсусæг сты. Дзурынц, зæгъгæ, сæ хæдзармæ сын барвыстæуыд, кæуыл нæ фæгуырысхо уыдаиккой, ахæм сабийы. Троцкий æви Бухарины къам бахаста йемæ, аивæй йæ бавæрдта чиныджы. Æхсæвы æнафондзаутæ хæдзары къуымты фæджигул кодтой æмæ чиныгæй райстой уыцы бæллæхæфтауæг къам. Дзыццыл сомытæ кодта, ард хордта: «Чи у ацы фыдбоны лæг, ницы йын зонын, мæ фыны дæр æй никуы фæдтон…»

Æмбырды рæстæг нæ – уый фæстæ хи хъæуы хистæртæй иу басасти, хабæрттæ æргом цæуылнæ дзырдтой, ууыл. Нæ байзæддæгты, дам, иумæ цæрын хъæудзæн æмæ, уæды æнамонд хабæрттæ хурмæ куы ракалæм, уæд кæрæдзийæн фыдгултæ фестдзысты…

Кæд ссыгъдæг уыдзæн туг уыцы æбуалгъ рæстæджы тасæй, йæ судзаг стъæлфæнтæ кæйонгты хаудзысты?..

 

* * *

«Хохæгты хæдзарады сæйраг къабаз у фосдарын, – фыста газет «Пролетарий Осетии»… Æмæ кæд хохæгты хæдзарæдты 1928 азы лыстæг фос уыди 93738 сæры, уæд 1933 азы уыдоны нымæц æрхаудта 10841 онг (газет «Социалистическая Осетия», 1988 аз, 31 май). Уыцы æрмæджы ма кæсæм, партийы обкомы уæнгтæй, стыр куыстуæтты æмæ хæдзарæдты разамонджытæй 1937 азы 79 ахст кæй æрцыдысты, уый тыххæй дæр. «Йæ трагикон фæстиуджытæм гæсгæ уæлдай æвирхъаудæр уыди, «Дæргъæвсаг хъуыддаг», зæгъгæ, кæй схуыдтой, уый, – хъусын кæны газет. – Колхоз фæстæзад кæй у, уый руаджы «хъуыддаг» ныддымстой, уыцы уавæр адæмы цыфыддæр знæгты знаггады аххосæй сæвзæрди, зæгъгæ. Цы 15 адæймаджы æрцахстой, уыдонæн сæ фылдæр, сæ къух æрæвæрын цы зыдтой, æндæр сæм ахуыргонддзинадæй ницы уыди, æмæ сæ цы азымы дарынц, уый бамбарынхъом дæр нæ уыдысты».

Кæд нæ сомбон рухсдæр æмæ фæрнджындæр уаид, кæд нæ рæбынтæ дзаг уаиккой, зæгъгæ, ныфсæвæрд æмæ æнхъæлцауæй цæры кусæг лæг.

Кæцы азы кой кодта мæхи фыд, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын, фæлæ, цы хабар радзырдта, уый æрцыди хæсты размæ. Хъæуы цæрджытæ артельты куы баиу сты, зæххытæ ма алкæмæн йæхи куы уыдысты, цы дзы тауы, уый дæр алкæмæн йæхи бар куы уыди, уыцы рæстæджытæ уæд фæсте аззадысты. Адæмы кулактыл, рæстæмбис цæрджытыл æмæ мæгуыртыл куы ныддихтæ кодтой (æппæты фылдæр бартæ гæвзыкдæр мæгуыртæн лæвæрдтой, фылдæр æууæнк сыл уыди, æмæ, дам-иу сæ риутæ сæрыстырæй ныххостой: «Æз бедняк дæн!»), чидæртæ артелæй колхозмæ куы нæ куымдтой, фæлæ сын æнæ цæугæ кæй нæй, уый бамбаргæйæ, сæ хæстæджы мардмæ цæуыны кæнæ æндæр исты æфсонæй Бухарамæ куы лыгъдысты, уæдæй нырмæ дæр Æрæфы бирæ дон аивылди. Дыууæ бригады ерыс кодтой: чи раздæр байтауа æмæ бахуым кæна йæ зæххытæ, уымæн – Сырх тырыса æмæ кусæрттаг. Бригадтæм æмбæрцытæ уыди бæхæй, галæй, гутонæй. Æмæ сын æнтысгæ дæр æмхуызон кодта. Баззади ма сын бонырдæджы куыст сæ иутæн дæр æмæ иннæтæн дæр.

Тыхджын къæвда æрцыди, зæхх сцъыф, æмæ бæхтæ бастадысты. Уæдмæ æрталынг. Фыццаг бригады бæхгæс атардта бæхты атагъамæ. Ома, дон дæр сын бадара, иучысыл хизгæ дæр акæной. Къæвда фенцади, рауади сахаты бæрц, дыккаг сахат, уæддæр бæхтæ нæма зынынц. Бригадир цæхæртæ акалдта æмæ сæм фæдисы ацыди. Дыккаг бригад та хуым кæнынмæ фесты. Тырыса æмæ кусæрттаг уыдоны кæй фæуыдзысты, ууыл гуырысхо нал кодтой, æмæ-иу сæ цины хъæртæ арвы кæронмæ хъуыстысты. Суанг боныцъæхтæм æнæрæнцой фæхуым кодтой, уæддæр фыццаг бригады бæхтæ нæма фæзындысты. Цæвиттон, бæхтæ иучысыл ахизой, зæгъгæ, фæллад бæхгæс йæхи зæххыл æруагъта æмæ тæгæр фынæй аци. Хайуантæ сыфтæрæмбæрзт атагъайы арфмæ бафардæг сты, æмæ сæ ацу æмæ ды ссар. Хионы хатыр ын бакодта кæцыдæр хицау, æндæр уымæн дæр йæ хабар сæ хæрзтæй нæ уыдаид, ай-гъай…

Куыстой-иу æхсæвæддæ. Цардысты станты, ныййарджытæн сæ дзидзидайтæ дæр – семæ. Сывæллæттæм сылгоймæгтæ радыгай сæ хъус дардтой. Хъæддых æфсин кæмæн уыди, уыцы чындзыты-иу сæ къах хæдзармæ нал хаста. Фæскуыст-иу хъазт дæр скодтой. Алы хъазæн ныхас, алы хъæлдзæг митæ мысыдысты.

Фæлæ, æвæдза, алчи алкæд æхсæвæддæйы кусынмæ йæ былыцъæртæ хордта зæгъын мæнг ныхас уаид. Колхозы куыстмæ цæуа-нæ цæуайæ бар никæмæн уыди. Уыцы рæстæджы койтæ кæнгæйæ-иу, мæ мад арæх æрымысыди, мæ фыдыфсымæры лæппу Виктор быдыры кæй райгуырд, уый. Хабары бæлвырддзинæдтæ ныййарæгæн йæхицæй хуыздæр чи хъуамæ зона, æмæ Викторы мад Магыдайы бафарстон. Æфсæрмытæ кæнгæйæ æмæ хатыртæ кургæйæ мын радзырдта:

– Уыцы хабар хæсты размæ уыди, 1940 азæн йæ фæззæджы. Нартхортонæнтæ æрæййæфтой. Сæрддæргъы дæр фæцыдтæн быдыры куыстытæм. Чи мæ уагъта æнæ цæугæ? Хатыр бакæ, фæлæ, мæ рæстæг кæй æрхæццæ, уый мæ бакастыл дардмæ дæр бæрæг уыди, фæлæ мæ-иу уæддæр нартхор тонынмæ дæр кодтой. Иу сæумæрайсом мæм мæ зæрдæ сдзырдта: абон мауал ацæуон кусынмæ, ныууадзæнт мæ. Уыцы хъуыдытæ куыд кодтон, афтæ нын нæ бригадир Черчесты Увыдзыхъо нæ кулдуар æрбахоста æмæ мæм æрбадзырдта кæртмæ:

– Магыда, цæмæ ма кæсыс, стыр сихорафон куы ссис, уæд?

– Нал ацæудзынæн, – загътон ын къæйныхæй, ома, нæ мæ уыныс, ацы хуызæнæй ма мæ кæдæм кæныс?

– Справкæ дæм ис? – цæхгæр мæ афарста. Дохтырты дæр къуыммæ тардтой, æмæ дын справкæ æнцонтæй ма авæрдтаиккой.

– Нæй мæм справкæ, – загътон æз.

– Уæдæ уæд цæугæ! – æрбадзырдта ма, стæй йæ бæхы æрцавта æмæ йæ дæлæмæ фездæхта, цасдæр ауади æмæ та мæм йе уæхсчы сæрты рахъæр кодта. – Мауал фæстиат кæн!

Гыцца дæр нæхимæ нæ уыди, æндæр ын уый йæ фаг фæуыдаид. Ацыдтæн быдырмæ. Æртæ чыргъæды æртыдтон, афтæ, бахатыр кæн, фæлæ мæ сдардта. Адæргæй ма цы акодтаин, уый мæ сæр нал ахста. Сылгоймæгтæ мæм æввахс уыдысты, фæлæ сын, нæлгоймæгтæй æфсæрмы кæнгæйæ, ницы ской кодтон. Не стантæ – скъæты хуызæн. Уырдæм бауадаин, фæлæ дзы нæлгоймæгтæй чидæр змæлыди. Æмæ уæд хъæуы ‘рдæм ме ‘ргом фездæхтон. Фæндаг мæм куыд зындаид, афтæ нартхоры афардæг дæн. Хатыр бакæ, фæлæ мæ-иу куы сдардта, уæд та-иу дзуццæджы абадтæн. Уалынмæ мæ хъустыл ауади нæ звеновод Черчесты Бабуцкайы хъæр, мæ номæй мæм дзуры: «Магыда, кæм дæ? Дæхи цæмæн ныхъхъус кодтай?» Гъе, мæ уавæр æмбаргæйæ мæм йæ хъус дардта, æмæ мыл йæ цæст куынæуал æрхæцыд, уæд фæфæдис. Æз атындзын, азгъорын æмæ та дзуццæджы абадын. Бабуцка мæ акомкоммæ æрбахæццæ уыдаид, афтæ йæ размæ фæци донласæджы уæрдон. Хабар ын бамбарын кодта æмæ йын лæгъз хъæлæсæй афтæ: «Дæ уæрдон раздах æмæ Магыдайы рæвдздæр сæ хæдзармæ бахæццæ кæнæм». Уæдмæ æз нартхоры хуымæй быгъдæгмæ ахызтæн. Мæ размæ фесты нæ сыхаг Илаты Иван æмæ Токаты Дзиу. Фефсæрмы сæ дæн æмæ мæ мидбынаты мæхи æруагътон, мæ сæр мæ хъæбысы бамбæхстон.

– Цы кæныс, Магыда? – афарста мæ Иван.

– Мæ сæр риссы, – баци ма мæ бон зæгъын.

– Гъæ, сæ сæртæ æмæ сæ зæрдæтæ фæриссой, уыцы хуызæнæй йæ быдырмæ чи ратардта, уыдонæн!

Уæдмæ мæ Бабуцка дæр æрбауыдта. Уæрдоны бадын сын нæ куымдтон, фæлæ мæ нæ ныууагътой. Хъæдзармæ нал бахæццæ дæн, уæрдон хъæуы уынгты куыд фæцæйтылди, афтæ хабар æрцыди…

Уыцы азты бæллæхы цаутæй бирæтæ хурмæ хаст æрцыдысты, сæ аххосæгтæ цæстыты раз, уæддæр чидæртæ афтæ акæнынц: «Сосо ницы зыдта, æппæт дæр бынæттон хицæутты азым у». Абон дæр ма афтæ чи хъуыды кæны, уыдоны дæр æмбарын хъæуы. Афтæмæй та уæларвон Хуыцау нал ахадыдта цæсты, уымæн æмæ адæмы бауырныдта: ам нæхи хуыцауы рухсæй æгас дуне дæр ныррухс ис, сфæрнæйдзаг. Адæймаг сæнæмæт ис, уымæн æмæ хъуыды кæныны сæр никæйуал хъуыди – фæтæг æмæ коммунистон парти сныв кодтой фидæнмæ фæндæгтæ, æмæ сыл æнæгуырысхойæ размæ тындзыдтам.

О, афтæ уыди. Фæтæджы зарджыты стыдтой, уымæн æмæ, дам, уый бахъахъхъæдта социализмы бындуртæ, фæуæлахиз Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цыфыддæр знагыл, аирвæзын нæ кодта уæлæуыл зындонæй… Мах та уыдыстæм æрмæст йæ æгæрон хъомысджын механизмы «лæсгæртæ».

Фæлæ ирон æмбисонд дзæгъæлы нæ зæгъы: «Мæсыг хи дурæй хæлы». Дзыллæтæ кулакгонд кæй æрцыдысты, лагерьтæм сæ кæй фæтардтой, уый адæмæй рох нæ кодта, уымæн, æмæ кусæг лæг куса æмæ йæ гуыбын та æдæрсгæ ма ‘фсада, йе ‘рагъыл лæгъз дарæс ма скæна, уый æвронг зондæй зын бамбарæн у.

Цæвиттон, фæллойуарзаг лæг цас тынгдæр тырныдта хуыздæр цардмæ, уыйас тынгдæр æфхæрд æййæфта. Афтæмæй та, фæллойгæнæг цæмæй æдыхст цардыл фæхæст уа, цард йæ фæндиаг рæсугъд цæмæй суа, уый сæраппонд арæзт цыди социалистон æхсæнад.

Зæгъдзысты: бæстæ раууатмæ æрцыд, æмæ фæсхæст адæмыл алы хъалонтæ æвæрд ма цыдаид, уымæн уæвæн нæ уыди. Колхозонтæ сæ фæллойбонтæн кæй ницы истой, сæхæдæг ма-иу хæсджынæй кæй баззадысты, уымæн дæр, афтæ хъуыдыгæнгæйæ, бамбарæн ис, – ничердæм æххæссыдыстæм, бæстæ иууылдæр рæхсинæгтæ æмæ æмпъузинæгтæ уыди…

Хæстæй хæрзиуджытимæ чи сыздæхт, уыдоныл дæр, стæй, хæсты фæсчъылдым æхсæвæй-бонæй йæ сау хид чи калдта, уыцы зæрæдтæ æмæ æнахъомтыл фæсхæст зарджытæ кодтой, бæстæйы хæдзарад цæмæй бандидза, уый тыххæй дæр та сæ хъарутæ кæй нæ бавгъау кæндзысты, уымæ сæм сидтысты. Социализмы уавæрты фæллойæн ис сфæлдыстадон ахаст, фæллой кæнын у зæрдæрухсы хос, зæгъгæ, фыстой газеттæ, дзырдта радио.

«Молотить нужно круглосуточно», – ахæм уацхъуыды газет «Социалистическая Осетия» 1947 азы 9 августы фыста: «Найгæнæнтæ кæд бонæй æнæбары куыстытæ акæнынц, уæд æхсæвыгæтты та æдзухау æнцад фæлæууынц, уымæн æмæ электрон рухсæй ифтонггонд не сты. Æмæ, найгæнынæн æхсæвæй-бонæй цæмæй уавæртæ арæзт цæуа, ууыл ничи тыхсы».

1948 азы 14 июлы газет «Рæстдзинад»-ы «Советон закъонтæ æххæст кæнын хъæуы фидарæй», зæгъгæ, цы уац мыхуыргонд уыд (йæ автор – Цæгат Ирыстоны АССР-йы прокурор Зæнджиаты Дæкка), уым кæсæм: «…колхозы мидæг, уæлдайдæр та быдырон куыстытæ парахатæй куы цæуынц, уæд кусгæ боныл нымад цæуы, куы æрбарухс уа, уырдыгæй, цалынмæ æрталынг уа, уæдмæ…» Уыцы уацы æндæр ран кæсæм: «…уынаффæйы нысангонд уыди, цæмæй райсомы 8 сахаты фæстæ колхозонтæ уагъд мауал цæуой куыстмæ», ома, уысмы бæрц дæр ма байрæджы кæн…

1942 азы 13 апрелы ССР Цæдисы Адæмон Комиссариат æмæ Партийы ЦК рахаста уынаффæ «Колхозонтæн æнæмæнг бакусинаг фæллойбонты минимум фæфылдæр кæныны тыххæй». Уыцы аз 15 апрелы (дыууæ боны фæстæ!) та ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум рахаста уынаффæ «Фæллойбонты æнæмæнг минимум чи нæ бакуса, уыцы колхозонтыл цы бæрн ис, уый тыххæй».

Цæвиттон, колхозон йæ цард æнæхъæнæй дæр хъуамæ снывонд кодтаид æхсæны куыстæн, ферох кодтаид хи уды, хи хæдзары хъынцъымтæ æмæ сагъæстæ, ныббыхстаид цыфæнды зынтæ æмæ хъизæмæрттæн дæр!

Фæсхæсты газеттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæзынди, æнкъарæнтæй хызт, фæллад нæ зонæг, роботтау бæлвырд программæйæ ифтонггонд колхозонтæ. 1947 азы 29 апрелы газет «Социалистическая Осетия»-йы очерк «Колхозное стадо»-йы Бырнацты А. дзуры уыдонæй иуы тыххæй. Уый уыди змейкæйаг фыййау Ладо. «Колхозы дзуг йæ дзуг у. Æндæр ныхæстæ йын загътай – фæхæрам дæм уаид», – кæсæм очеркы. Дарддæр та: «Иуахæмы йæ дыууæизæрастæу арвыстой сæхимæ, ахсæв дæ хæдзары баулæф, зæгъгæ, фæлæ йæм хуыссæг æмгæрон не ‘рцыди, быдырмæ тырныдта. Æмбисæхсæв сыстади æмæ йæ бинойнагæн загъта:

– Мæ бон нæу, мæ цæстытæ æддæгуæлæ не ‘рæвæрдтон, мæ зæрдæ фосимæ дзуры.

Æмæ фæраст ис Ладо уæтæрмæ».

«Колхозон йæхæдæг хицау у зæххытæн!» – дзырдтой газеттæ, бæрæгбонты докладгæнджытæ, Сталины номыл премитæ кæмæн лæвæрдтой, уыцы фысджыты романты хъайтартæ.

Фæлæ ма байхъусæм, уыцы рæстæджы тыххæй Гуытъиаты Дзыбыртт цы зæгъы, уымæ (1944 азы Назраны æртæ мæймæ каст фæци трактористты курсытæ æмæ æхсæрдæсаздзыдæй кусын байдыдта Черменыхъæуы Черноглазы номыл колхозы):

– Нæ колхозмæ уыди ахæм тракторттæ – иу НАТИ, СТЗ, иу Универсал. Æмæ æгас тъæпæнтыл кæм æххæссыдысты. Нæ трактор-иу йæ цалцæг кæныны рæстæг кæд фенцад йæ кусынæй, æндæр-иу рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ не ‘руазал. Хуым кодтой галтæй дæр, бæхтæй дæр. Мæй, дыууæ мæйы дæргъы-иу алчи хæдзары къæсæрæй нæ бахызт. Кокуаты Петяимæ иу тракторыл бирæ фæкуыстам. Бон æмæ-иу æхсæв бакуыста нæ иу, стæй та-иу уыйбæрц рæстæг бакуыста иннæ. Иунæгæй кусын мæ-иу куы бахъуыд, ахæм рæстæджытæ дæр-иу æрæййæфтой. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы-иу тракторæй кæд комдзаг скæныны охыл æрхызтæн. Йæ тæрыныл чи фæцалх, кæд-иу ахæм прицепщик разынд, уæд дæ амонд – цалынмæ дæргъæй-дæргъмæ хуымгæнды иу зылд кæна, уæдмæ дæ цæстытæ æддæгуæлæ авæр. Мæнæ механизм куыд уа, афтæ-иу сахуыр буар. Трактор-иу куыддæр иу зылд æркодта, афтæ-иу фехъал дæн. Салдаты котелочы алы бызгъуыртæ ныннæм, маслæ дзы ныккæн, ссудз æй æмæ йæ тракторы ныхыл æрцауындз. Радиаторæн йæхи тæвд дæр чысыл нæ уыд, котелок дæр ма йæ æндæвта, трактор-иу ныллæууыд, æмæ уæд дæ рухс аппар. Фонарæй æрмæстдæр тауæнты пайда кодтам. Тракторы разæй-иу æй исчи хаста. Фæныкдонæй æхсадтой адæм сæ уæлæйы дарæс, æмæ-иу ссыст сты. Цалх ыл фæлдæхти, ахæм ставд сыст. Рынчыны гæххæт дæр нын нæ лæвæрдтой дохтыртæ. Куыстмæ-иу сахат байрæджы кодтай – тæрхондонмæ лæвæрд цыдтæ. Гуырдзиаг Каваликашвили Вахтанг нæ районы куыста. Зымæг-зымæджы дæргъы-иу цалцæггæнæнты рæстæг МТС-ы фестæм. Иу бон цыдæр æфсонæй куыстмæ нæ фæзынди, æмæ йын 3 азы ахæстоны фæбадын стæрхон кодтой. Æмæ фæбадт.

Æхсæв дæр-иу бæрæг кодтой быдыры куыстыты рæстæг. МТС-ы директор Гæздæнты Солтан-иу Сунжæйæ фистæгæй рараст æмæ-иу иуафон Череменыхъæуы хуымтæм æрхæццæ. Дæ кусыны рад нæу, уæд вагоны фынæй кæн. Дæ бæмбæджджын æхсæв – дæ хуыссæн, бон – дæ дарæс.

Черменыхъæуы цыппар колхозы уыди. Иуахæмы нæхи фæззыгæнд тыд фестæм æмæ нæ Кировы номыл колхозы дард хуымтæм арвыстой. Æппæлынмæ мын æй ма банымай, фæлæ Петяимæ нæ куыст рæвдз цыди. Нæ «Универсал» та нын «Нигерсант» хуыдтой. Æхсæвæддæйы куыстам. Стан, æндæр дзы ницы уыди. Хъæмпы рагъы фарс мидæмæ байгæрд, æмæ дын уый – фысымуат. Дæ уæлæ дæр ма истытæ ныууадз дæ дзаумæттæй, иннæ дзаумæттæ хъæмпæй æрæмбæрз – халас сыл ма сæвæра, æмæ сæ сæумæрайсом дæ уæлæ куы кæнай, уæд сæ дæ буар уарза.

Фæстаг рæстæджы ирдгæ дзæбæх æлхысчъытæ кæнын райдыдта. Иу æхсæв не ‘мбæлттæ дзæбæх суазал сты, æмæ ма бонмæ дзæвгар рæстæг уыди, уæд сæ хуыссæг фæлыгъди, сæ гæртт-гæртт цыди. Артмæ хи батавынæй хуыздæр хос цы ‘рхъуыды кодтаиккой æмæ цъынайы фарсæй хъæмп рарæдывтытæ кодтой æмæ йыл зынг бафтыдтой. Хъæмп-иу уайтагъд асыгъди. Ныр æнгом бадт рагъæй хал раласын фæллойаг бæллæх уыди. Æмæ йын армæй йæ хæмпусдæр рæттæ агуырдтой… Уыдон арт куы кодтой, уæд æз мæ тæккæ фынæйæ уыдтæн. Петяимæ ныхасгонд куыд уыдыстæм, уымæ гæсгæ-иу трактор скусын кæнынмæ иу райсом нæ иу сыстади, иннæ райсом иннæ. Уыцы райсом трактор хъуамæ æз скусын кодтаин. Æрдæгфынæй ма уыдтæн, афтæмæй мæ цонг баивæзтон ме ‘вæрæнмæ – мæ къух ницæуыл аныдзæвыд! Рахъил кодтон æмæ сгарын – дысон рагъы фарсæй кæй раластон, уыцы хъæмп дæр нал, дзаумæттæ дæр… Мæ хъуырдухæнмæ Петя дæр æрыхъал. Агурæм. Не ‘мбæлттæй уым ничиуал уыди, сыгъдоны тæф фындзы барыди, æмæ фæгуырысхо стæм. Петя артдзæст асгæрста – мæ иу батинкæ ма дзы æрдæгсыгъдæй разынд, мæ иннæ дарæстæ басыгъдысты. Цæвиттон, хæмпус хъæмпимæ мын мæ дзаумæттæ дæр артмæ бакалдтой. Пысулты сыгъды тæф куы бамбæрстой, уæд лидзæг фесты…

Дзидзаимæ хæринаг нын-иу стæмхатт скодтой. Фылдæрхатт – æхсыры, картофы хъæрмхуыпп. Айдагъ ссады хъæрмхуыппы æвджид дæр-иу баззадыстæм.

Иу уалдзæг Уæллаг Камбилеевкæйы хъæууонхæдзарадон артелы куыстам. Æз таугæ кодтон, Кучиты Лев та хуым кодта. Уæрдоны нын дунейы кæрдзынтæ æрбаластой. Афтæ ныддæвдæг кæрдзын, æмæ йæ дæндаг нæ карста, сæттын дæр дыууæ дихыл нæ куымдта. Лев бавдæлд, кæрдзыны бæстасæу ныххуынкъ ласта, æмæ, фæзилæнты гутæттæ хæрдмæ куы систой, уæд зæххыл тулæг гутоны фæстаг цалх раппæрста (хуымгæнгæйæ та ауыгъдæй аззайы) æмæ йын йæ бынаты кæрдзын бавæрдта, йæ фæйнæ фæрсты йын шайбæтæ бакæнгæйæ. Æртæ зылдæн бафæрæзта, цыппæрæмæн асаст. 700 – 800 фæллойбоны-иу бакуыстон, уæддæр ма-иу колхозæй мæхæдæг хæсджынæй баззадтæн, ома, дам, дæ сихоры хæрд зынаргъдæр рауад… Афтæ ахаста суанг 1947 азмæ. Гъе, æрмæст нын МТС фæллойбонæн фыста 2 сомы æмæ ‘рдæг. Æмæ æхцайы дæр цæй бæркад уыди! Мæнæуы литруат банкæ 3 туманы кодта. Горæтмæ исты куыстмæ бацæуон, зæгъгæ-иу афæнд кодтон, фæлæ хъæуккаг адæймагæн паспорт нæ лæвæрдтой. Исгæ мацы кæн, фæлæ хъалон фид. Колхозы ма-иу мыггагæн цы ныууагътой, иннæ хор-иу паддзахад лæварæмхасæнты аласта. Адæм сæ цæхæрадæтты руаджы ирвæзтысты. Æмæ цæхæрадоны тыллæг дæр кæуылты хъуамæ сахадыдтаид: лæг дзы йæ фиддонтæ фыстаид, æви дзы йæ бинонты ирвæзын кодтаид? Хъалон бафидын йæ бон кæмæн нæ уыд, уымæн-иу йæ фыс, йæ стуры, кæнæ исты зынаргъ дзаума аластой.

Хуыскъæл 1947 азмæ фæхордтам. Адæмы аирвæзын кодта. Колхозы чи нæ куыста, уымæн-иу йæ цæхæрадон исгæ кодтой. 1953 азы æз кусынмæ бацыдтæн Черменыхъæуы училищемæ. Æмæ ма мын иу хай ныууагътой мæ цæхæрадонæй. Диссаг мæм цы кæсы: уыцы уавæрты дæр адæм хъæлдзæг уыдысты! Æхсæвæддæ чи куыста, уыцы колхозонтæ-иу алы изæр дæр станы раз фæндырдзагъдимæ хъазт сæрæзтой…

«Зæххытæн йæхæдæг хицау у» кæмæй загътой, уыцы колхозонтæн алы уалдзæг дæр сæ цæхæрадæттæ баргæ кодтой. Цыма зæхх ивæзгæ кодта æмæ сыл-иу уæлдæйттæ бафтыди.

1947 азы 23 майы газет «Социалистическая Осетия», «Всемерно укреплять колхозы», зæгъгæ, ахæм уацы (йæ автор Хъазыбегты Гадзо) фыссы: «1946 азы колхозон зæххытæ æмæ хæдзæртты цæхæрадæттæ иугуырæй дæр сбарыны фæрцы республикæйы 956 гектары разынди цæхæрадæтты уæлдæйттæ, уыцы зæххытæ фæстæмæ колхозтæн лæвæрд æрцыдысты. Республикæйы колхозты хъæууонхæдзарадон Уагæвæрд халджытæй дзуапп агуырд æмæ тæрхонгонд æрцыди 322 адæймагæн».

Фылдæр хъæуты цæхæрадæттæ уыдысты гектары цыппæрæм хæйттæ, æмæ иучысыл куы фæфылдæр уыдаиккой, уæд, æвæдза, тынг тæссаг уыди, колхозон куы схъæздыг уа æмæ ног цардарæзтæн цæлхдур куы феста, уымæй… Зынцъайраг лæг мын дзырдта: «Гектары цыппарæм хай йеддæмæ нын нæ лæвæрдтой цæхæрадонæн Уагæвæрдмæ гæсгæ. Махмæ дыргъ бæлас садзаг сты. Æмæ нын-иу нæ зæххыты «уæлдæйттæ» куы ралыг кодтой, уæд йæ уæлдай гæбазы кæмæн авд бæласы сагъд уыди, кæмæн фондз, кæмæн æртæ. Æмæ диссаг цы уыди – баиугæнæн нæ уыд гæбæзтæн æмæ дзæгъæл сæфт кодтой, сæдзæрæг, схъæддаг-иу сты».

«Фосы дзугты хицау» кæй хуыдтой, уыцы колхозонæн йæ кæрты уыди нымад сæртæ дарыны бар. Ничердæм сын фаг кодтой, æмæ-иу сусæгæй дæр дардтой фос. Роны дарæгау сæ кодтой. Уæрмы-иу хъыбыл хастаид, кæнæ-иу цæхæрадоны нартхор куы фæбæрзонд, уæд ын йæ бæстастæу къалати сæвæр æмæ уым дæр исты стур хæсс.

Цыбыркъух зæхкусæг йæ тыхстæй куыд фæлæууыдаид – æмæ-иу хорæфснайæнты рæстæг кæм йæ дзæкъул байдзаг кодта, кæм йæ дзыппытæ. Фæлæ йын-иу уый дæр нæ батади. 1947 азы 26 июны газет «Социалистическая Осетия»-йы «Исторические указы», зæгъгæ, уыцы уацы кæсæм: «…ацы аз 11 июны хъæууонхæдзарадон артель «Сырх Украинаджы» колхозонтæ Пустовой, Мальцев æмæ Листовой колхозы фæллойæ радавтой 7 килæйы хъæбæрхоры æфсиртæ. Уый тыххæй дыууæйæ лагеры фæбадтысты фæйнæ аст азы, æртыккаг та – фондз азы».

О, уæззау уавæры уыди бæстæ фæсхæст. Иу карз уынаффæ иннæйы фæдыл хаст цыди, æмæ уыдон домдтой, цæмæй адæймаг дарæс ма дара, къæбæр ма хæра. Советон адæймаджы ном кæй хæссы, æрмæст уый дæр ын хъуамæ хъарутæ лæвæрдтаид, базыртæ йыл сагътаид. «Ленинизмы фарстытæ», зæгъгæ, Сталин йæ уыцы наукон куысты дзырдта: «Фæллойгæнæг лæг йæхи нымайы йæ Райгуырæн бæстæйы гражданиныл. Æмæ уый хорз куы куса, æмæ, йæ бон цы у, уый æхсæнадæн куы дæтта, уæд уый у фæллойы хъæбатыр». Фанатикон хуызы уырнæг лæг «Библийы» ныхæстæ куыд райсы йæ зæрдæмæ, афтæ истой фылдæр адæм фæтæджы ныхæстæ, быхстой хъизæмæрттæн, æвæллайгæ куыстой. Фæлæ уыди, æцæгдзинад йæ цæстæй чи уыдта, буарæй дæр æй чи хатыдта, йæ уд дзы саусыгъд кæмæн кодта, ахæмтæ. Уыдоны нал фæндыд лæвар кусын. 1942 азы 15 апрелы хаст Уынаффæ дæр ницæмæуал дардтой. 1948 азы сæрды мæйты газет «Рæстдзинад»-ы номыртæ куы фæлдахай, уæд цæст æрцахсы ахæм сæргæндтæ: «Паразиттæн колхозы бынат нæй», «Карз тох паразитты ныхмæ». Хуыдтой сæ «æдзæсгом æмæ налат», «мæнг колхозонтæ»…

1948 азы раст тæккæ рувæнты рæстæг иубон, Черноглазы номыл колхозы зæххыл, хæрзсабитæ æмæ æнæбон зæрæдтæй фæстæмæ чидæриддæр царди – се ‘гасы дæр рувæнтимæ арвыстой быдырмæ! Æз уæд 8-æм къласы ахуыр кодтон. Фæрывтам сихормæ. Уый фæстæ нæ æххормагæй æрæмбырд кодтой быдырон мусонджы цурмæ. Æмбырд байгом кодта колхозы сæрдар Цæллагты Уыгъалыхъ. Уый æнахуыр æмбырд уыди. Дзырдтой: «Колхозы куыстæй йæхи чи сайы, уыдон сты лæвархортæ, магусатæ, фыдгæнджытæ. Кусæг, фæллойгæнæг адæмы аууæтты æмбæхсынц». Хурæргом кæй митæ кодтой, уыдон сæхæдæг дæр уым уыдысты. Адæмы акомкоммæ хицæнæй бадтысты… Сæдæгай адæймæгты цæстытæ сæ хуынчъытæ кодтой. Мæнæ-мæнæ сæ быны зæхх хъуамæ фегом уыдаид, æмæ аргъæутты Бæлгъуыры бæстæмæ ныххаудаиккой. Суагъæ фыссæг дæр дзы нæ уыди. Фыцгæ ныхæсты стъæлфæнтæ чи фæкалдта, хъæлæсгæнгæйæ, йæ къухтæ чи сдардта, уыдон – слестгæнджытæ дæр, æвдакаттæ дæр, тæрхонгæнджытæ дæр, прокурортæ дæр басгуыхтысты. Уыдонæй иу – æз. Тæрхон сын рахастам: æппарæм сæ колхозæй, æмæ хъуамæ хаст æрцæуой бæстæйы дард районтæм. Хиуæтты богъ-богъ ма сæ фæстæ хъуыст…

Хуымæллæджы цæрæг Туаты Шурæ мын дзырдта: «Калоты Алыксандр тынг æнувыд кусæг уыди. Йæ чызгæн ын хъæуæй ахæссыны тæрхон куы скодтой, уæд йæхæдæг бригадирæй куыста. Чызджы куы хастой, уæд бинонтæ, сыхæгтæ йæ фæстæ богъ-богъ кодтой. Тюмены облæстæй дзы хабар ссыди. Чызджы фæстæ бинонтæ хъæуæй алыгъдысты æмæ Ирыстонмæ æмгæрон нал ссыдысты».

1948 азы хаст адæмы хабæрттæ мын алы хъæуты фæкодтой. Бирæтæ дзы æгас хæдзар нал ссардтой.

Сæ иу – алагираг Фардзинты Ваня, сахæттæ цалцæггæнæг. Куы йæ бафарстон йæ царды уæззаудæр азты хабæрттæй, уæд мæм сонт каст фæкодта æмæ сдзырдта:

– Кæд æй афтæ нымайыс ды дæр та, æмæ Сталины аххосæй хаст æрцыдтæн, уæд рæдийыс. Ам, махмæ цытæ цыди, уымæн Сталин цы зыдта? Æз ме ‘взагæй фаджыстæ нæ ныммарзтон, æндæр колхозы цы куыст нæ бакодтон, ахæм нæ баззад. Фæлæ мын нæхи бынæттон хицæуттæ бахæрам кодтой. Кæйдæр бæсты мæ баппæрстой æмæ мæ Цæгатмæ ахастой…»

Йæ уд бирæ фыдæбæттæ бавзæрста, фæлæ мын уыцы рæстæг азымы дарын нæ бауæндыд. Сталины ном дæлæмæ кæй кæнынц, æппæт бæллæхтæ дæр ууыл кæй æххуырсынц, уый йын стыр маст хаста. «Сталин раст кодта, цалдæр æфсиры тыххæй кæй ахста, уымæй дæр, – дзырдта Ваня хъæддыхæй. – Афтæ куы нæ кодтаид, уæд бæстæйы адæм сыдæй амардаиккой. Уæрæсейы сæргъы ахæм лæг куы нæ лæууыдаид, уæд хæст нæ рамбылдтаиккам, æмæ нæ немыцаг фашисттæ сæхицæн æххуырстытæ скодтаиккой. Тынг зын уавæры уыди Сталин, æххормаг æмæ гæвзыкк Уæрæсе йæ бæрны уыди, æмæ йæ рæгъмæ ракодта…»

Партийы XX съезды фæстæ Сталины бюсттæ, цыртдзæвæнтæ сæ бæрзонд бынæттæй æппарын куы байдыдтой, уæд Ваня æхсæвыгон Тæмискъæй æрбаласта Сталины бюст (æристой йæ зæхмæ æмæ йæ хъуамæ исты фæкодтаиккой), йæхæдæг ын бындур сарæзта йæ кæрты æмæ йæ цалдæрæй уырдæм сæргъæвтой. Хабар дæрдтыл айхъуысти, суанг Гуырдзыстонмæ дæр бахæццæ. Уырдыгæй дæр-иу æрбафтыдысты Алагирмæ, бахызтысты-иу Фардзинты кæртмæ, фæбадтысты-иу Сосойы дурын сурæты цур. Милицæйы кусджытæ-иу бацыдысты Ванямæ, уайдзæф ын кодтой, домдтой дзы: айс æй, науæд… Фардзины-фырт сæ цыртмæ æмгæрон дæр никæй бауагъта, загъта сын-иу: «Сталины сæраппонд адæм хæсты сæ туг фæкалдтой…»

«Уæгъд дæр мæ Сталин скæнын кодта», – дзырдта мын Ваня. Йæ фыд фыста Мæскуымæ: «Мæ фыртæн мын бахæрам кодтой». Гæххæттытæ йын арвыста, ахæм æмæ ахæм кусæг лæг уыди, зæгъгæ. Фæдзырдта, дам, Сталин йæхимæ хаст лæг Ванямæ, Кремлы, дам йæ кабинеты къæсæрæй бахызт. «Æмбал Ста…» – кæронмæ дзурын дæр, дам æй нæ бауагъта фæтæг, ома, дæ хабар, дам дын зонын. Арвыста йæ бæрнон лæгимæ. Æмæ Ваняйы суæгъд кодтой…

Уый фæстæ Ваня куыста шахтæйы. Уым йæ къах ахауд. Ныссагъæс кодта: цæмæй цæрдзынæн? Царды амæлттæ цæй руаджы кæндзынæн? Сахатгæнæгыл сахуыр кодта æмæ фæстæмæ Ирыстонмæ сыздæхти.

Сталин, бæстæйы алы бынæтты цы цыд, уымæн ницы зыдта, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, Ирыстоны уыдон мингæйттæ сты. Æмæ раст сты – бынæтты чи цы ми кодта, фæтæг уый нæ уыдта, уымæн æмæ йæм нæ уыди, авд хохы, авд фурды æддæ, кæнæ Бæлгъуыры дæлдзæх бæсты цытæ цæуы, уыдæттæ дæр чи æвдисы, уыцы «арвы айдæн». Æцæг уавæрæн та æвдисæн у комкоммæ 1948 азы 20 июны газет «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд уац «Историкон закъон» (ныффыста йæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы юстицийы министр Дудиаты Г.): «Советон тæрхондон йæ куыст арæзта æмб. Сталины амынддзинæдты бындурыл». Уыцы уацы ноджыдæр кæсæм: «Суанг 1926 азы, Ленинграды партион оргæнты активы æмбырды ныхас кæнгæйæ, æмб. Сталин амыдта афтæ: «Адæмон исбонад чи хæлæттаг кæны æмæ адæмон хæдзарæдты интерестæ чи халы, уыцы давæг у шпион æмæ гадзрахатæйцæуæг, кæд ма суанг уыдонæй дæр фыддæр нæу, уæд…»

Ацы ныхæстæ сæ тыхы уыдысты хæсты азты дæр, фæсхæст дæр… Æмæ уæд, æз кæй зыдтон, мæхи цæстæй кæй уыдтон, уыдон се ‘гас дæр шпионтæ æмæ гадзрахатæйцæуджытæм хаудысты.

Быдырты-иу æрдæгтындтытæй баззадысты нартхоры хуымтæ, æнæ ластæй-иу баззадысты æнæхъæн кæритæ. Адæм сыдæй хъырды кодтой. Æмæ-иу æхсæвыгæтты сыхгай къордтæ-къордтæй ахъуызыдысты хи кæнæ сыхаг колхозты кæритæм. Сæ голджытæ-иу байдзаг кодтой æфсир нартхорæй æмæ-иу фæкæл-фестæй аууæтты-аууæтты хъæумæ – тындзгæ. Мах, æнахъом сабиты дæр-иу, семæ ахуыдтой, мах дæр-иу сæккой кодтам дзæкъулгондтæ.

Нæ фыдæлтæ – хæсты тымыгъы, нæ мадæлтæ-иу сæударæй æнафонтæм колхозон быдырты фæкуыстой, барæй-иу сæхиуыл баталынг кодтой, дойнаг уазал згъæлст нартхоры нæмыг-иу сæ рæтты, сæ фадгуыты ныккодтой æмæ-иу, ныгъуылдтытæгæнгæ, сæ хæдзæрттæ бацагуырдтой. Згъæлст нартхоры нæмыг-иу уæдмæ схъарм ис æмæ-иу къухæн цыдæр æнахуыр æхсызгон уыди йæ ‘рбаныдзæвд. Бирæттæ-иу нæмгуыты дойнаг уазалæй низтæ дæр ссардтой, адзалы рынчынтæ-иу фесты…

Æмæ уыдоны шпионтæй тонæм, гадзрахатæйцæуджытæй?

Фæтæджы æгæрон кады ирд рухсæй ма йæ цæстытæ абон дæр тартæ кæмæн кæнынц, уыдон уыцы рæстæджытæм ацамонынц æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц: «Уæд ахæм хабæрттæн уæвæн нæ уыди. Уæд закъон халын ничи уæндыд». Уæдæ ма бакæсæм Токаты Г. уац «Лæмбынæгдæр кæсын хъæуы колхозæй аппарыны фарстамæ» («Рæстдзинад», 1948 аз, 2 июнь). Афтæ райдайы: «Кировы районы иуæй-иу колхозты разамонджытæ гуымиры хæлд кæнынц, колхозæй аппарыны тыххæй хъæууон хæдзарадон артелы уставы цы амынддзинад ис, уый». Дарддæр хъусын кæны: «Елхоты Кагановичы номыл колхозы колхозонтæ се ‘мбырды се ‘хсæнæй аппæрстой 9 адæймаджы, Комсомольскыхъæуы Чкаловы номыл колхозонты æмбырды та – 3 колхозоны. Афтæмæй… æмбырды хъуамæ уа колхозонтæн æппынкъаддæр сæ дыууæ æртыккаг хайы, фæлæ дыууæ æмбырды протоколты дæр фыст нæй, æдæппæтæй цал колхозоны хъæлæс кодта, уый. Чкаловы номыл колхозы æмбырды уыдис 136 куыстхъом колхозонæй æрмæстдæр 75 адæймаджы». Æмæ ма ноджыдæр иу бынат: «18 апрелы Змейкæйы Пашковскийы номыл колхозы иумæйаг æмбырды колхозæй фæсаууонмæ æппæрст æрцыдис колхозон Бублик Екатеринæ, 1947 азы иунæг фæллойбон дæр нæ бакуыста, зæгъгæ, уый æфсонæй. Устав та фæсаууонмæ æппарыны бар нæ дæтты… Бублик Е. уыди рынчындоны Дзæуджыхъæуы. Ноджы рабæрæг – уыцы аз уый бакуыста 113 фæллойбоны».

«Партийы уæнг хъуамæ уа рæстзæрдæ æмæ æнæгæды», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ уацы («Рæстдзинад», 1952 аз, 17 сентябрь) кæсæм: «Артель «Ирыстон»-ы сæрдар, коммунист Хуыдийы-фырт паддзахадæй басусæг кодта лакæйконд цæрмттæаразæн æнæхъæн цех. Уыцы цехы цы продукци конд цыдис, уый уæй кодтой, куыд сæ фæндыд, афтæ. Цы фæрæзтæ истой, уыдон та цыдысты хицæн адæймæгты æмæ цæстфæлдахджыты дзыппытæм».

Кæй зæгъын æй хъæуы, цæстфæлдахджыты æнæзакъон митæй бирæтæ нæ рахъæр сты уæд, мыхуырмæ нæ хаудтой…

 

* * *

Скъолайы цы зонындзинæдтæ истам, уыдонæй мын уæлдай адджындæр фæци литературæ. Уæлдайдæр – поэзи. Алæмæты диссаг мæм фæкасти, рифмæгонд рæнхъыты цыдæр бæлвырд хъуыдытæ бавæрын мæ бон кæй баци, уый. Иннæ предметтæ цæсты уыйбæрц нал ахадыдтой, æмæ сæм фæуазал дæн. Бинонтæ-иу куы бафынæй сты, уæддæр ма-иу нæ фæтæгены цырыгъы рухсмæ бадтæн, ме стæм чингуытæ, мæ тетрадтæ-иу иуварс авæрдтон æмæ-иу байдыдтон рæнхъытæ рифмæбыд кæнын. Мæ мад-иу фехъал ис æмæ та-иу бардиаг кодта: «Ныххуыс, фæтæген сыгъдæй фæдæ. Сомизæр ма ‘хсæвæр цæй рухсмæ бахæрдзыстæм?!» Фыд æнхъæлдта, æз мæ уроктæ ахуыр кæнын æмæ-иу мæ сæрыл рахæцыд. Тетрад дзагæй-дзагдæр кодта мæхи æрхъуыды рифмæгонд æмдзæвгæтæй. Афæдзы бæрц мыл ничи фæгуырысхо. Фæлæ дын иуахæмы мæ тетрад куы бахауид ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгмæ. Нæ сыхæгты чызджы къухы цыдæр хуызы бафтыди, æмæ йæ ахуыргæнæджы къухты фæсагъта, ома, мæнæ дын цы поэт ссардтон! Къулы газеты фæзындысты мæ рифмæбыд рæнхъытæ, йæ сæргонд – «Пушкинæн». Дзырдтæ «бирæ» æмæ «лирæ» рифмæгонд кæй цыдысты, æндæр дзы мæ зæрдыл ницуал лæууы. Нæ мыл бабылысчъил кодтой хистæр кълæсты ахуырдзаутæ, цымыдисæйдзаг цæстытæй мæм джигултæ кодтой ме ‘мкъласонтæ. Æдзух мæ уæгъд рæстæг кæимæ æрвыстон, уыцы æмбæлттæй мын иу мæ кадмæ тынг бахæлæг кодта æмæ мын афтæ: «Мæнæн дæр ма бацамон уыцы чиныг, æмæ дзы æз дæр мæхицæн æмдзæвгæ рафыссон». Мæ хæлæггæнаг æмбалы курдиатæй уæд ницы рауади, фæлæ фæстæдæр, фæрæстæм къласмæ цæуын куы байдыдтам, уæд мæм иуахæмы гæххæтты сыф куы авæрид. «Кæсыс, цы ‘мдзæвгæ ныффыстон!» – аппæлыди мын æмæ мæм йæ цæстытæ ныззынг кодта. Ома, рæвдздæр æй бакæс æмæ мæ æппæлынтæ байдай. Иу цыппаррæнхъон ма дзы хъуыды кæнын:

Мæ кусæрттаг – гайлаг
Æргæвдинаг у.
Мæнæн ма Уарзетæ
Æрхæссинаг у.

Æмдзæвгæйы къæйных хъуыдытæ мæ сæхимæ æрыхъусын кодтой æмæ, мæ зæрдæмæ кæй фæцыди, уый зæгъын дæр мæ ‘рбайрох. Чызгæй, лæппуйæ – алчидæр кæйдæр уарзта, кæйдæр йæ хъуыдыты йæхицæн уæларвон бæрзонд кодта, фæлæ-иу уыцы хъуыдытæ дзырдифтыгьд стæмхатт æрцыдысты – кæмæ сæ баулæфай, ахæм æууæнкджын сыгъдæг удтæ цыма зæххыл нæ фæцæуынц. «Поэт» чызгæй ницы зæрдæвæрд уыди, уæддæр афтæ нымадта, цыма рæхджы чындзæхсæв сараздзысты. Ноджы бавдæлд, æмæ æмдзæвгæ къух-къух алæвæрдта, ома, кæсут æмæ, цы стыр курдиаты хицау дæн, уый зонат.

Не скъолайы ма ахуыр кодта, горæтмæ газеты редакцимæ йæ ‘мдзæвгæ арвитыны ныфс кæмæ разынди, ахæм райдайгæ рифмæтæ бийæг. Æмæ йын иуахæмы раппæлыдтæн Уарзетæйы уарзоны æмдзæвгæйæ. Зæгъын, цы хорз ын рауади! Уый бахудти æмæ загъта: «Баййардта мæ, æмдзæвгæ, дам ма мын ныффысс Уарзетæйыл. Мæхи номæй, дам ын æй балæвар кæндзынæн æмæ, дам, кæд йæ цæсты скадджын уаин».

О, уæд-иу тынг арæх фæзындысты мыхуыры уарзондзинадыл фыст æмдзæвгæтæ, фæлæ лирикон поэттæ, уæды нымадмæ гæсгæ, ныллæг æвæрд уыдысты. Æгас бæстæйыл нæрыдысты Сталины æртæкъæпхæнон премиты лауреатты нæмттæ. Уыдоны къухы бафтыди, чи никуыма уыди, ахæм, æппæты прогрессивондæр литературæ сфæлдисын. Зæрдæ дзырдта уыцы фысджытимæ, стыр аивады дунейы цы цæуы, уыдон зонынæй бæллиццагдæр ницыуал уыди.

Уыцы азты ирон литературæйы цы атмосферæ сæвзæрд, уый æххæстæй цæмæй бамбарæм, уый тыххæй рафæлдахæм газет «Социалистическая Осетия»-йы 1947 азы 27 июлы номыр. «За дальнейший подъем осетинской литературы», зæгъгæ, уыцы æрмæджы ныхас цæуы, ЦК-йы уынаффæ ирон фысджытæ куыд æххæст кæнынц, ууыл. Хъайтыхты Геор карзæй дзырдта: «Ирон фысджытæй иуæй-иутæ нырма сæ хъус тынг дарынц национ формæйы æууæлтæй пайда кæнынмæ, уацмысты идейон мидисыл æвзæрырдæм кæй сахады, уый нæ хынцгæйæ. Марксизм-ленинизмы раззагдæр идейæтыл хъомылгонд чи цыди æмæ рæз чи схаста, нæ иуæй-иу автортæ уыцы чиныгкæсæгæн амонынц, «цæмæй культурæйыл ахуыр кæна Нартыл». Уый та нымайын хъæуы, зиан чи хæссы, ивгъуыд рæстæджы ахæм идеализацийыл». Поэзийы тыххæй ма Геор ахæм хъуыды загъта: «Уый у дзыллæты политикон хъомылады хотых, коммунизмыл тохы хотых».

Сфæлдыстадон кусæджы раз рæстæг цы домæнтæ лæвæрдта, цавæр бæлвырд рецепттæм гæсгæ хъуамæ куыстаид, ууыл дзуры уац «Иуактон пьесæты тыххæй» («Рæстдзинад», 1948 аз, 23 мартъи): «Хацырты С. йæ пьесæ «Ерысонты» равдисынмæ хъавыд дыууæ колхозон бригады ерыс бæрзонд хорæрзад райсыныл тохы. Фæлæ пьесæйы æвдыст не ‘рцыдис æцæг ерысонты, хъæздыг тыллæг зайынгæнæг стахановонты обрæзтæ. Æвдыст дзы не ‘рцыдысты, соцерысы мидæг колхозæн арæхстджын разамынд чи дæтты, уыцы бригадирты цæсгæмттæ дæр».

Æргом, æууылд программæ. Фыссæджы ном æнцонæй райсынмæ разæнгардгæнæг программæ. Журналист цы бафыдæбон кæны, фыссæгæй дæр уымæй фылдæртæ нал домдта рæстæг. Уацы автор фауы Цæлыккаты Мæирбеджы, йæ пьесæ «Ард»-ы æппæрццæг адæймæгты кæй равдыста, уый тыххæй. Уыди, дам, колхозы хæлæттаггæнæг куыст чи кодта, ахæмтæ, фæлæ, дам, уыдон характерон не сты иумæйаг уавæрæн.

Ома, фыссæджы ныхас хъуамæ суа дзыллæты политикон æгъдауæй хъомыл кæныны фæрæз. Фыссæг хъуамæ уа агитатор, рупор.

Мæн дæр бафæндыди уыцы хотыхтæ мæ къухмæ райсын – уадз æмæ агитатортæ иу фылдæр фæуой. Æмæ зæрæдты звенойы раздзæуæг Æхболæтты Æбызыл райдыдтон кадæг фыссын. Нæ сыхаг, стæй нæ хæстæг уыди. Сæ хæдзармæ-иу арæх бафтыдтæн. Абон дæр мæ цæстыты раз уыцы удæгасæй лæууы. Йæ рæстæг, æвæццæгæн, уысмгай барст уыди æмæ йын дзы иу уысм дæр уæгъды нæ цыди. Сæ кæрты кулдуарæй бахызтæ, уæд-иу цыма æнахуыр сыгъдæг æфснайд дунемæ бахаудтæ, уыйау-иу улæфæнтæ феуæгъд сты. Йæ чызджытæ æгæрон тынг фæхайджын сты, сæ удтæн зынæвзарæнау чи басгуыхти, фыдæлтыккон уыцы фырнымддзинадæй. Цард нæлгоймæгты æмсæр кæй æвæрдта, фыдæлтыккон нымадæй нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн цы быдыртæ уыди, уыдоны сæрты бауайынмæ кæй сразæнгард кодтой, сæ фæлтæры уыцы минæвæрттæй адард сты, аууоны баззадысты æмæ сæ сыгъдæг удты фарны рухс нал сахадыдта.

Æбыз йæхи цæхæрадонмæ куыд зылди, афтæ æнæсайдæй зылди колхозы хуымтæм дæр. Мæнæ мæхи равдисон æмæ мæ исты хæрзиуæгæй схорзæхджын кæной, зæгъгæ, уый тыххæй йæ цыргъгом, фæтæн рувæн уæлдай сæрфт дæр никуы æрбакодта. Куыстуарзон, æнæзивæг, цурон ми нæ зонаг рахастой йæ чызджытæ дæр. Æмæ дын бæгуы лæгау мæ къухмæ поэты сис куы райсин – рæнхъытæ мын рифмæлхынцъ кæнын куымдтой, æмæ мæ фидар ныфс уыди кадæг снывæндынæй. Гъе, æмæ Æбызы бинонты тыххæй ныр мæ зæрдыл цы зæгъинæгтæ æрлæууыдысты, уыдон уæд цæсты нæ ахадыдтой; лæппу кæмæн нæ рацыд, уыцы ныййарджыты хъынцъым æппындæр ницæмæ ‘рдардтон. Æбызы чызджытæ-иу уазал къæрццытæгæнаг бон цалдæр доны сæрты куы ахызтысты (хъæуы иувæрсты Æрæфæн цы къабаз калди, уый-иу ныссур, иннæ донвæдты дæр-иу æртах нал калди) æмæ-иу уартæ атагъайы рæбынæй къæлæтыл ауыгъд бедраты цæмæмбæрзтæй кæй æрбахастой, уыцы донæй-иу фыд нæ нуæзта – йæ фæлмæнныхас, æдзухы къæмдзæстыг, йæ æнæуынæр чызджытæ-иу уыйбæрц фыдæбон кæуыл бакодтой, уымæй бануазын тæригъæд у-иу загъта. Æбызы уыцы миниуæг дæр мæ уæд ничердыгæй фæцагайдта. Æбыз æмæ йæ фæлтæры минæвæрттæн колхозон цардарæзт сæ бæллицты гуырæн куы суыдаид, уæд ын фидар цæджындзтæ басгуыхтаиккой. Фæлæ дзы бирæтыл кулаччы ном ныххуырстой æмæ сæ Сыбыры бинаг къæйы амæттаг бакодтой. Чи ма дзы баззад, уыдонæн ног цард аразын кодтой садзгæ зондæй, зноны бонмæ чъылдымыздæхтæй лæугæйæ. Фæлæ уыцы фæлтæр мады ‘хсыримæ цы хорзвæтк æмæ фарны æгъдæуттæ рахастой, уыдонæн æрмæстдæр сæ удтимæ айсæн уыди.

Ставддуртаг Реуазты Цæраимæ нæм ныхас рауади, нæ фыдæлтæ ирон фынджы æгъдау куыд рæсугъдæй хастой, гуыххæл уæвын уæзданы миниуæгыл нымад кæй уыди, уыдæтты тыххæй. Æмæ мын Æбызæй ахæм æмбисонд æрхаста. Бæрæгбоны фынгыл бадтысты. Куыд вæййы, афтæ цыппар лæгæн – фынгæвæрд. Æбызы æмвынг бадджытæй алчи уæздан æвнæлд кодта фынгмæ, кæрæдзимæ дæр-иу бахатыдысты: комдзаг акæн! Æбызы фарсмæ бадт фæци, йæ гуыбындзæлы койтæ æгас хъæуæн дæр зындгонд кæмæн уыдысты, ахæм. Сæ цыппары раз æвæрд хойраг йæ хъуыры ирвæзти, фæлæ йын йе ‘мбадæг адæм нæ бауайдзæф кодтой. Æмбисбадт дæр нæма удысты, афтæ, гуыбындзæл йæ сидт куы анызта, уæд Æбызы разæй дзидзайы дзæбæх хай фелвæста. Æхболы-фырт ын бауайдзæф кодта: «Дæ гуыбыны дын къодæхтæй арт счындæуа, æппын никуы ницы хъæстæ фæдæ?!» Гуыбындзæлы къухы бафтыди дыккаг хай адавын дæр. Æмæ йæм уæд Æбыз бартхъирæнтæ кодта: «Ныр ма ардæм куы ‘рбавналай, уæд-иу мæ хъаст ма ракæн!»

Уалынмæ ралæууыди нуазæнæн раарфæ кæныны рæстæг, æмæ Æбыз сыстади. Цæстызулæй ауыдта – зыдыка та сын сæ фынгæй хай адавта. Æбыз йæ тæккæ арфæ кæнгæйæ уыди æмæ ныссуйтæ. Уæддæр гуыбындзæлы хъахъхъæдта, æмæ та, куыддæр сæ фынгмæ йæ цонг æрбаивæзта, афтæ йын æй йæ кардæй æрцавта – гуыбындзæлы амонæн æмæ астæуккаг æнгуылдзты кæрæттæ адзæнгæл ласта…

Ленины орденæй схæрзиуæгджын кодтой Æбызы, фæлæ уæлдай схъæл, кæнæ сæрыстырхуыз нæ фæци. Йæ хъуызæгау тындзгæ цыдæй-иу атындзыдта йæ хуымтæм. Кусæнгарз-иу ракуырдтаид, йæ куыст дзы-иу бакодта æмæ-иу æй фæстæмæ йæ хицауыл сæмбæлын кодта. Сыхæгтæй дæр уыцы фæтк домдта. Æнæхъолатæн нæ хатыр кодта. Æмæ йæ чидæртæ уый адыл уæззау лæг хуыдтой. Магусатимæ ныхасмæ дæр нæ лæууыди…

Бирæ цыдæртæ зæгъæн ис Æхболы-фырты царды тыххæй, фæлæ уæд мæн кадæг фыссынмæ сцыбæл кодтой, фыссæджы размæ рæстæг цы домæнтæ æвæрдта, уыдон. Кадæджы дзуринæгтæ уыдысты фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ…

Куыннæ, куыннæ, Æбызы кой дæр-иу ракодтой бæрзонд трибунæтæй, фæлæ уæлдай тынгдæр нæрыдысты Социалистон Фæллойы Хъайтарты нæмттæ. Æмæ мæ фæсмоны хуызæн цыдæр æнкъарæн фæцагайта – цæуылнæ равзæрстон уыдонæй искæй мæ кадæгæн хъайтарæн? Цалынмæ мæ мидгуырысхоты мæнг æмæ æцæджы æхсæн арæнтæ агуырдтон, уæдмæ хурæнбæрæг раци: 1948 азы Социалистон Хъайтары ном кæмæн радтой, уыдон се ‘гас хъайтартæ нæ разындысты! Цы ‘рцыди, уый тыххæй уæды мыхуыры сым дæр не ссардзынæ. «Мæнг колхозонты» уыцы аз бæстæйы дард районтæм кæй хастой, уый тыххæй дæр ницы зæгъы мыхуыр. Уæдæ нæ ирон аивадон литературæйы дæр уæды æцæгдзинад æвдыст не ‘рцыди. Афтæмæй та советон литературæйы аивадон мадзал социалистон реализм «фыссæгæй домдта царды æцæгдзинад йæ революцион рæзты æмæ конкретон æгъдауæй æвдисын».

Уыцы рæстæгæн табугæнджытæй цæмæдæр гæсгæ ферох сты, Партийы Горæтгæрон райкомы уæды фыццаг секретарь Хъалæгаты Григори, районы райæххæскомы сæрдар Бæдтиаты Ахамбег æмæ районы хъæууон-хæдзарадон хайады сæргълæууæг Гуыриаты Елдзарæн сæ Социалистон Фæллойы Хъайтары нæмттæ кæй байстой, уый. Гуырийы-фырт æмæ Бæдтийы-фырт ма ахæстоны дæр фæбадтысты. Хурмæ хаст не ‘рцыдысты уыцы хабæрттæ æмæ, къæхтæ-къухтæ кæмæ бафтауынц, ахæм дам-думты хуызы хæлиу кодтой.

Цæвиттон, 1947 азы 29 мартъийы ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум уынаффæ рахаста, хъæууон хæдзарады раззагдæртæн хъæздыг тыллæг æрзайын кæныны тыххæй Социалистон Фæллойы Хъайтарты нæмттæ лæвæрд кæй цæудзæн, уый тыххæй. Уыцы аз Горæтгæрон районы колхозтæ хъæздыг тыллæг æрзайын кодтой. Куысты бæрæггæнæнтæ куы бахыгътой, уæд рабæрæг ис, районы тынгдæр чи фесгуыхт æмæ, хъайтары кад райсынæн цас тыллæг сисын хъуыди, уымæй фылдæр чи æрзайын кодта, ахæмты нæмттæ. Уæд районы разамонджытæ ныхъхъуыды кодтой æмæ ссардтой, къух бакæнæн кæмæ нæ фæуыдзæн, ахæм æвæджиауы мадзал. Колхозтыл зылдысты, цы тыллæг æрзад, уый бæрæггонд кæм фæцæуы, уыцы боныгтæ систой æмæ нымæцтыл æфтыдтой. Уыцы бæрн фыццаджыдæр сæхимæ райстой скълæдты хицæуттæ. Æвзаг дойнаг дур дæр тайын кæны, æмæ сæ-иу сразы кодтой. Цæвиттон, алы мæй дæр скълады хицау саразы хыгъд. Тæссаг у, афæдзы кæрон æцæг уавæр йæхи куы равдиса, уымæй – цы йæм æрбацыд, уыдонæн фæстаг нæмыджы онг хъуамæ бынæттæ ссара. Науæд – йæ сæр судзы.

Уæдæ цы хъуамæ фæкодтаиккой, быдыры чи не ‘рзад, фæлæ боныгты фыст чи æрцыд, уыцы центнерты? Уымæн дæр хос ссардтой. Колхозы правлени-иу сарæзта хæрдзты гæххæт. Уыцы гæххæтт-иу ацыди фермæйы хицаумæ, ома, ды колхозы хордонæй уыцы æмæ уыцы бон уал центнеры аластай холлагæн. Ам дæр та æвзаг ауадзын куыннæ бахъуыдаид. Фермæйы хицау-иу хæрдзты гæххæтты йæ къух бамыхуыр кодта… Ома, чи не ‘рзади, фæлæ скълады хицауы боныджы фыст чи æрцыди, уыцы тыллæг афардæг æгомыг хъомты хъæлæсы. Ахæм дæсны нæма райгуырд, æмæ фосы хъуыдытæ адæймаджы æвзагмæ чи ратæлмац кæна…

Уыцы хабæрттæ ма кæй зæрдыл лæууынц, уыдон фæзæгъынц: Горæтгæрон районы уæды хъæууонхæдзарадон хайады сæйраг агрономы куы нæ фæхъулон кодтаикой хъайтары номæй, уæд районы иннæ æртæ хицауæн сæ стъалытæ сæ алæмæты бонмæ сæ риутæй тæмæнтæ калдтаиккой. Сæйраг агроном зыдта алцыдæр æмæ сыл ныффыста Мæскуымæ. Суанг ма, зæгъынц, хъуыддæгтæ зонынмæ-иу чи ссыди, уыдонæн, куыд хъуамæ архайой, уый дæр амыдта.

Мæнг хъайтарты хабæрттæ куы рахъæр сты, уæд схауди нæ сыхаг Бедтиты Бабулийы масты хæлбурцъ: «Хæмпæлты геройтæ!» Афтæ зæгъыны бар ын уыди – хæсты зындонæн йæ бæстастæуты ахызти, райдианæй йæ банцайынмæ цардæй мæлæты ‘хсæн ауæдзыл фæцыдис, уæдæ, колхоз куы æрфидар, уæдæй дзы суанг йæ амæлæты бонмæ фæкуыста. Афæдзæй-афæдзмæ-иу æнцад не ‘ркодта. Быдырæй йæ æнæфæразгæйæ æрбаластой, æмæ бирæ нал ахаста.

Бабулийæ цы ‘мбисæндтæ баззад, уыдон ныр дæр ма æрæмысынц йæ хъæуккæгтæ, сыхæгтæ. Йæ рæстуды уайдзæф зæгъыныл фæстиат никуы фæкодта. Æмæ йын уацæн дзырдтæй баззадысты. Мæ фыд дзы-иу хæсты рæстæгæй иу хабар арæх æрæмысыд (кæрæй-кæронмæ иумæ фесты). Хъæды бæлæстæ къæрццытæ кодтой, ахæм фыдхъызт рæстæг æрæййæфта. Акъоппыты бадтысты, æдæрсгæ базмæлæн дæр сын нæ уыди, æмæ уазалæй тъæнджытæ хаудтой. Лейтенант, ныгъуылдтытæгæнгæ, сæ разы æрбалæууыд, йæ зæгъинæгтæ сын загъта æмæ хъуамæ дардæр ацыдаид, фæлæ йын Бабули йæ кæрцы тæрттæм февнæлдта æмæ йæ цæхгæр афарста:

– Ты шкурæ здавал?

Лейтенант йе уæхсчытыл схæцыд, ома ницы дын æмбарын.

– Ты шкурæ здавал? – ногæй та йæ афарста Бабули.

Дæ сæрызонд фæцыд, цытæ лæхурыс, зæгъгæ йыл лейтенант бабустæ кодта.

– Я шкурæ здавал, – загъта Бабули æмæ йæ цинелы риу бахоста. – У меня тулуп нету. – Стæй та лейтенанты кæрцы тæрттæм февнæлдта. – Ты шкурæ не здавал, тебе тулуп ешт. Этæ честнæ?

Бабулийы сыхæгтæй иу – йæхи фæлтæрæй – фæмагуса, схъæластæу рахаста. Бабули йæ нæ быхста, куыстафон-иу сæ дуармæ дæргъкъахæй кæй бадти, уый йын нæ ныххатыр кодта. Иуахæмы та схъæластæу сатæджы куыд бадти, афтæ Бабули йæ цурты фæцæйцыд æмæ йæ афарста:

– Цæй, куыдтæ дæ, фынæй хорз кæныс? Дæ зæрдæ хæрын агуры?

– Хур мæ тавы, хур мæ тавы, – сдзырдта сыхаг.

– Хур сæгъы бæркъайы дæр тавы, – бадзырдта йæм Бабули æмæ дарддæр ацыди. Хуыскъастæу æм фæстæ ахъæр кодта:

– Уæллæй, мæ килæ дæ килæйæ уæззаудæр у. Чи нæ кусагдæр у, уый бафæлварæн дæр ис.

Бабули йæм йе уæхсчы сæрты адзырдта:

– Мæлæты хабедзен! Хуымы кæрон мæ лæдзæг æрсадздзынæн, мæ худ ыл æркæндзынæн, æмæ уый дæр дæуæй фылдæр бакусдзæн.

…Зымæгмæ колхозы фосæн холлæгтæ цæттæ кæныны афон ралæууыди. Æмæ Бабулийы дæр арвыстой хохмæ хос кæрдынмæ. Сæ куыстытæ куы бакодтой, куы сæ февдæлди, уæд Бабули йæ ‘мкусæг, йæ хистæр цоты карæн лæппуйæн афтæ зæгъы: «Цом æмæ уисойæгтæ ракæнæм».

Лæппу базивæг кодта, нæ ацыди йемæ. Бабули бæрзы куыристы уæззау баст æрбахаста йе ‘ккойы. Сæхимæ куы æрцыдысты æмæ Бæдтийы-фырт йæ уисойæгты куырис куы раппæрста машинæйы гуыффæйæ, уæд æм æмбал лæппу бахæлæг кодта æмæ йын алæгъстæ кодта: «Иу-дыууæ уисойаджы ма мын дзы авæр!» Бабули хъæрæй афтæ бакодта: «Ай дын диссаг! Уисойаг æй бахъуыд! Æмæ дæ куы хуыдтон, уæд цæуылнæ цыдтæ? – лæппуйы разæй акъахдзæфтæ кодта, стæй йæм фæзылди. – Æниу, ды цæй лæг дæ, хураууон кæныс æмæ хураууон!»

Бабули йæ мидзæрдæйы не сразы, фæллойы тыххæй Хъайтары нæмттæ кæй лæвæрдтой, уыимæ, ома, адæймагæн фæллой кæнын æрдзæй лæвæрд миниуæг у, æмæ уый тыххæй кæйдæрты уæлдай хъулон цæмæн кæнæм?! Хæсты арты лæгæвзарæнты чи схъайтар, уыдоны кад цыма дæлæмæ кæнынц, афтæ йæ нымадта æмæ уымæн схæлбурцъ кодта мæстæлгъæдæй. Районы разамонджытæ кæнгæ хъайтартæ кæй сты, уый куы рахъæр, Бабулийы зæрдыл уæд æрбалæууыдаид, арæх-иу кæй дзырдта, уыцы хабар.

Цæвиттон-иу, НЭП-ы рæстæг æхсызгонæй æрæмысыд. Зæххытæ бинойнаджы сæрыл байуæрстой, сæ авналæнтæ сæхи бар уыдысты æмæ уайтагъддæр сæхиуыл фæхæцыдысты, адæмæн сæ куыст зæрдæрухсы хос сси. Чи куыд сæрæндæр æмæ куыстуарзондæр уыди, афтæ йæ къæбиц – дзагдæр. Фæлæ сæ хъæуы разынди хуыскъастæутæ дæр. Уыдонæй чи цы баци, уый дзы, чи зоны, рох дæр фæци, фæлæ-иу уыдонæй иуы кой ракодта. Йæ зæххы хай иннæты хæйттæй цаудæр нæ уыди, фæлæ-иу æй уалдзæджы хуым æмæ таугæ цы бакодта, æндæр æм-иу къух нал бахæццæ. Кæрдæг æмæ-иу нартхоры æвзартæ æмгуыппæй ссыдысты, кæрдæг-иу сбæлас, æмæ-иу нартхоры æвзарæй йæ зæнг лыстæгдæр нæ уыди. Нартхортонæнты дæр æм-иу нал ацыдысты – искуы дзы-иу дзенкъорыл кæд æрхæцыд цæст, æндæр уыцы æхсæст лæдзæгау лæууыдысты æвзартæ. Йæ хуымтæ-иу чи бафснайдта, уыдон-иу сæ хызынтæ сæ фарсыл абастой æмæ-иу хуымыл азылдысты. Йæ бинонтæ – дзой-дзæллаг, куыддæртæй æмæ кæйдæрты руаджы ирвæзтысты.

Уалынмæ лæг куы бацæуид, абетæ кæм амыдтой æнахуыргæндтæн, уыцы ликбезы ахуырдонмæ. Колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд дын куы фæхъæлдзæг уаид, йæ сæрыл куы схæцид æмæ активонты æхсæнæй куы разынид. Нæ хъуыды кодта бæлвырд, магуса уыди æмæ йын йæ ахуырыл дæр нæ ‘ууæндыди æмæ йын йæ скъолатæм йæ хъус нæ дардта Бабули, фæлæ ма йæ цыдæр курсытæм арвыстой. Бæрнон бынæттæ йæм æрхаудта колхозы. Уалынмæ дын æй районмæ куы акæниккой, æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ æрбайхъусти: хуыскъастæуы та цыдæр стыр скъоламæ арвыстой. Иуахæмы дын кæсынц, æмæ колхозы правленийы къулыл ставд дамгъæтæй фыст хъусынгæнинаг куы баныхасиккой. Адæм æй цымыдисæй кастысты, сæ къухтæ-иу æркъæрцц ластой æмæ-иу, хъæрæй дистæгæнгæ, хъусынгæнинаджы разæй рацыдысты. Рацæй-рабон, æмæ дын, хуыскъастæуæй кæй зыдтой, фидиссагæй чи баззад, уый стыр бынат куы бацахсид районы, æмæ йæ ныр ардæм, цард куыд аразын хъæуы, уый тыххæй доклад кæнынмæ куы æрæрвитиккой. Бабули-иу загъта:

– Уæллæй, ахæм диссаг Нарты рæстæг дæр нæ уыди. Йæ цæхæрадон чи никуы бакуыста, йæ цоты афтид гуыбынтæ чи никуы бафсæста, уый ныр стыр бынаты сæвæрдтой æмæ, цард куыд аразын хъæуы, уый нын хъуамæ бацамона.

Уæд фæуазалзæрдæ бæрнон бынæтты бадджытæм. Фæллойгæнæджы уды фыдæбон барæн тæрæзтæ ахæмты къухтæм бахаудтой, зæгъгæ, хъуыды кодта, æмæ алы хæрæмтты цыдысты. Æмæ сын ницы хатыр кодта. Æмæ-иу цы загъта уый – йе ‘мхъуыдыгæнæг, йе ‘мфыдæбон, йæ ‘мрыст фæллойгæнджыты номæй.

 

* * *

Дзесты Куыдзæджы документалон уацау «Алагираг Сатана»-йæн æз редактор кæд æмæ кæд уыдтæн! Хъуыды ма йæ кæнын, къухфыст куы кастæн, уæд мæм йе ‘взаг æгæр хус фæкасти, æмæ бакатай кодтон, зæгъын, газетты иударон штамптæй нывæст очерктау дзы куы рафæлмæцон. Фæлæ, Уырымты Марияйы царды чиныджы фæрстæ фæлдахын куы байдыдтон, уæд мæ æрбайрох, автор хъуыдыйад куыд аразы, уый дæр. Уыцы уацауы, факттæ æмæ нымæцты æвзагæй дзургæйæ, царды рæстдзинад фылдæр æвдыст æрцыд, авторы къухы бафтыди фылдæр рæстдзинад зæгъын, иуæй-иу фысджыты «психологон романтимæ» абаргæйæ.

Чиныг куы рацыд, уæдæй нырмæ дис кæнын Уырымты Марияйы хъысмæтыл. Йæ царды, йæ бинонты царды фæрнæйдзаг хабæрттæ бæстон фыст æрцыдысты. Марияйы чи зыдта лæгæй-лæгмæ, Куыдзæг-иу уыдонæй бирæты ныхæстæ афæзмыдта. Куыд раст у, йæ бинонтæн, йæхи удæн куыд хæдзардзинæй хæцыд, йæ чъиухид куысты тыххæй-иу цы премитæ æмæ лæвæрдтæ райста, уыдон-иу куыд таучелæй байуæрста, уыцы æмбисæндтæ, дам, мын-иу фæхастой æмæ-иу сæ ныхас балхынцъ кодтой: «Алæ, æдылы у, хæрз æдылы!»

Æвæццæгæн, фæтæджы рæстæджы уæззаудæр бæллæхтæй иу у, уыцы «хæрз æдылыты» уды фыдæбон барæн тæрæзтæ нæм кæй нæ уыди, уый. Ныр ыл бирæтæ басастысты, фæлæ йыл хъуыды дæр чи нæма акодта, уыдонæн нымæц дæр нæй, æмæ уый дæр, уæды рæстæг адæймаджы зонд гæлириртæстытæ кæй ныккодта, ууыл дзурæг у.

Мария цы кæрчыты фермæмæ бацыди, уым-иу афæдзы дæргъы алы карк дæр æрæфтыдта 12 айчы, иу айчы аргъ иу схызтис 15 соммæ. Сызгъæрин æйчытæ сæ хуыдтой. Фараст азы фæстæ Марияйы кæрчытæй алчидæр афæдзмæ æфтауын байдыдта 200 айкæй фылдæр. Йæ кой дардыл айхъуыст, æмæ æнхъæлмæ кастысты, уæдæ йын Фæллойы Хъайтары ном ратдзысты, зæгъгæ. Фæлæ – уыцы барæнтæ, цæстфæлдахджытæ кæй сæбæркад кодтой, уыцы проценттæ! Мария – æппæтæй дæр æххæст адæймаг, фæлæ йын æйчыты нымæц æмткæй нæ фаг кодта. Æмæ йын райкомы секретарь лæгæй-лæгмæ загъта: «200 мин айчы ма ноджыдæр радтай, зæгъгæ дын инкубаторы станцæйы гæххæтт куы саразиккой, уæд дын Фæллойы Хъайтары ном снысан кæнниккам». Мария рамæсты: «Мæ хæс ахицæн кодтон дывæрæй. Мæн тыхарæзт кад нæ хъæуы!» Ацы хабар чиныджы бæлвырд фыст у, фæлæ Мария фыццаг секретары кабинетæй, цæхæртæ калгæ, куыд рацыд, обкоммæ фæдисы цæуæгау куыд фæкодта, бæрнон кусæджы кабинеты куыд смидæг æмæ йæ комкоммæ куыд бафарста: «Уæдæ нæ хъайтартæ иууылдæр ахæмтæ сты?», уыцы хабар чиныгмæ нæ бахауди – «соцреализм» ахæм æцæгтæ зæгъыны бар нæ лæвæрдта…

Чиныгмæ нæ бахауди, хахуырты амæттаг чи баци, рæстæй кæй æрцахстой, ахæм адæймаджы сæрыл Мария кæй сдзырдта, уый дæр. Куыдзæг мын фæзмыдта йæ ныхæстæ, чиныг мыхуырмæ куы цæттæ кодтам, уæд. Райкомы фыццаг лæг, дам ын загъта: дæ бон дæр ын ницы у, мæ бон дæр, дæ дзыхæй дæр макуыуал схауæнт уыцы ныхæстæ. Мария рацыди, хæдзарæй æрхизæн асины къæпхæныл сбадти æмæ йæ цæссыгтæ фæкалдта. Кæй сæрыл сдзырдта, уымæн мын йæ ном дæр загъта Куыдзæг, фæлæ йæ нал хъуыды кæнын. Нал æй æрхъуыды кодта Мария йæхæдæг дæр. 1968 азы кæрон æй бацагуырдтон. Сынтæгæй не стади. Ныхаскъахæн фæрстытæ йæ кодтон, фæлæ йæ зæрдыл ницуал лæууыди, йæ бирæ фыдæбæттæ йыл æруæз кодтой, дзырдæй дзырды ‘хсæн йæ хъуыды кæмæй айрох вæййы, уый уавæрмæ æрхауди. Нæ республикæйы сæйраг горæты – йæ фатер.

Уыцы фатер райсыны размæ мын Марияйы цардæй Алагиры райкомы уæды фыццаг секретарь Дудиаты Мойсей ахæм хабар радзырдта: «Мария пенси иста, фæлæ ма мæргъты дарæны куыста. Иуахæмы æрыхъуыстон: Дзæуджыхъæумæ, дам, лидзы. Мария, зæгъын, ам дæ зонынц, æмæ нæ дæ сæр арæх бахъæуы, æнæ дæу нæ бæрæгбон дæр нал сфидаудзæн, фæсивæд дæ ныхасмæ æхсызгонæй байхъусынц. Цæхгæр мын загъта: «Цæугæ кæнын!» Уæд райкомы ауынаффæ кодтам æмæ загътам: хæстæгдæр рæстæг, Алагиры чи сцæттæ уа, уыцы хæдзары Марияйæн хорз фатер раттæм. Хæдзар заводы кусджытæн арæзтой, æмæ дзы закъонмæ гæсгæ Марияйæн дæттæн нæ уыди, фæлæ, зæгъынц, ахæм адæймаджы тыххæй закъон дæр бабыхсдзæн. Хæдзар куы сцæттæ, уæд æм фæдзырдтон. Дыууæ фатерæй йæ бар уыди. Иу – фыццæгæм уæладзыджы, иннæ – дыккаджы, иу – дыууæуатон, иннæ – иууатон. Мария афтæ бакодта: «Æри-ма дæ дæгъæлтæ, дыууæ фатеры дæр мæ хъæуынц». Ай та, зæгъын, цыдæр ныффæнд кодта, зæгъгæ, ахъуыды кодтон æмæ йæм дыууæйы дæгъæлтæ дæр балæвæрдтон. Фæрухс йæ цæсгом, дæгъæлты бæстытæй иумæ ацамыдта: «Мæнæ уый ратдзынæн бирæгъзæнггаг хъугдуцæгæн, йæ хæдзар æдзæллаг у. Иннæ та, мемæ маргъдарæны чи кусы, уыцы чызгæн».

Дзесты Куыдзæджы чиныг «Алагираг Сатана»-мæ чи нæ бахауд, ахæм æмбисондæн хæссинаг хабæрттæ ма мын фæдзырдта Марияйы хо Маня дæр. Уый бирæ азты дæргъы фæкуыста йæ хойы фарсмæ, йæ дыууæ фырты дæр – йемæ. «Иуахæмы, – мысыди Маня, – мæ къаба æмæ мæ раздарæн ахсадтон. Мæ цъындатæ хуылыдзæй акодтон, атыхтон мæ ногæхсад дзаумæттæ. Зæгъын, нæхимæ сæ ахус кæндзынæн. Хæдзары зылдтытæ дæр мæхимæ кастысты, æмæ фæндагмæ ратындзыдтон».

– Кæдæм фезгъорыс? – фæсте айхъуыстон Марияйы хъæр. – Æрлæуу дын зæгъын!

Фæзылдтæн æм. Топпæргъæвдæй мæ фæстæ рацæйзгъордта мæ хо.

– Ауадз мæ, – алæгъстæ йын кодтон. – Автобусмæ мын æрæджы кæны.

– Æрлæуу, нæ дыл бацауæрддзынæн! – хъæр мæм кæны æмæ мæм топп ныддардта. Æрлæууыдтæн.

– Дæ дæлармы цы фæхæссыс? – æввахс мæм æрбацыд. Мæ хуылыдз дзаумæттæ йæм равдыстон, æмæ уæд æрсабыр.

– Ай æдылы митæн кæрон нæ уыд, кæрон, – загъд кодта йæ хомæ Маня, сынтæджы ‘рдæм-иу фæкасти. – Иуахæмы та нын премитæ радтой, Марияйæн – телевизор, мæнæн – къабайаг. Сæккой сæ кодта æмæ сæ Црауы балæууын кодта! Бæргæ йын нæ лæвæрдтон мæ къабайаг, фæлæ мæм хъуыста! Дæуæн та, дам, ратдзысты.

Мария бахудти æм афтæ бакодта:

– Гъомæ ме ‘взарджытæм телевизор нæ уыди, æмæ сын æй ма баластаин?

«Рекорд», зæгъгæ, ахæм иумæйаг сæргондимæ газет «Комсомольская правда» 1988 азы 15 октябры ныммыхуыр кодта дыууæ уацы. Сæ автортæ дыууæйæ дæр дзурынц, 1935 азы йæ кой æгас дунейыл дæр кæмæн айхъуысти, уыцы шахтер Алексей Стахановы сгуыхты «сусæгдзинæдты» тыххæй. Ныронг зыдтам: Стаханов суткæмæ иунæгæй йæ куысты нормæ сæххæст кодта 14 хатты фылдæрæй. Ныр, куыд рабæрæг, афтæмæй ма йын æххуыс кодтой Борисенко æмæ Щиголев. Æртæйæ дæр æмгуыст фæкодтой, хъайтары ном та æрмæст Стахановæн саккаг кодтой. Стахановонты фæдонты змæлдæн стыр æхсæнадон ахадындзинад кæй уыди, ууыл ныхас дæр нæй, – мингай кусджыты æмæ колхозонты разæнгард кодта хъазуатон куыстмæ. Автортæ зæгъынц, зæгъгæ, 30-æм азты кæмфæнды дæр бынæтты æвæрд цыдысты «чысыл фæтæгтæ», къæм абадæн дæр кæуыл нæ уыд, ахæм раздзæуджыты размæ кодтой. Хъайтары ном кæмæн хъуамæ радтаиккой, уый дæр-иу сасирæй луарæгау бакодтой, уымæн æмæ, хъайтар кæй хъуамæ скодтаиккой, уый-иу куы фæкъуыхцы, уæд-иу йæхиуыл дæр æмæ, чи йæ равзæрста, ууыл дæр мæгуыры бон акодтаид.

 

* * *

Астæуккаг скъолайы ма ахуыр кодтон, уæд мæ хъуыды сфидар – бацæудзынæн педагогон институтмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Нæ йæ сусæг кæнын – ахуыргæнæгæй кусыны зæрдæ мæм нæ уыди. Фæсивæдæй сфæлдыстадон куысты йæ хъарутæ чи æвзæрста, уыдон педагогон институтмæ кæй цыдысты, æдзух уый хъуыстон литературæйы ахуыргæнджытæй, уый базыдтон, ирон фысджыты биографитæ ахуыр кæнгæйæ дæр.

Уыцы институты цыренæй сыгъди бæрзонд аивады артдзæст, æмæ йын дардмæ дæр йæ ‘ндæвд æнкъардтон. Уым нæм æнхъæлмæ кастысты, аивады авд дуары фæстæ æмбæхст сусæгдзинæдтæ чи базыдта, аивады кæлæнгæнæг тых цы у, уый уырзæй сгарæгау чи бакодта, уыцы зондджын æмæ фендджын дæснытæ. Уыдон нын нæ къухтыл ахæцдзысты æмæ нæ бахондзысты Къостайы æмæ, йæ фæстæ ирон литературæйы тырыса чи хаста, уыдоны æрмадзтæм, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæты сæ нæмттæ пехуымпартау кæмæн систы, уыцы фысджыты удæгас сурæттæ нын нæ цыстыты раз слæууын кæндзысты.

Мæ бæллиц сæххæст – сдæн пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты студент. Йæ хъарутæ сфæлдыстадон куысты чи æвзæрста, уыдон кæрæдзи базыдтой. Æрбамбырд нæ кодтой, рахуыдтой нæ «литературон къорд». Нæ фыццаг разамонæг, нæ къухыл нын чи ахæцыд, уый – Джиоты Хазби. Уæд аспирант уыди. Нæ къорды къам газеты дæр фæзынди. Цы ныхæстæ-иу рауад не ‘мбырдты, цытæ нын амыдта, уыдонæй мæ зæрдыл ницуал лæууы. Чи зоны, тауæг æвæджиауы мыггаг фæтыдта, фæлæ нæмгуытæ мæгуыр мæрмæ фæкалдысты æмæ æвзар не суагътой. Уымæн дæр уæвæн ис. Ахæм хъуыдытæ зæгъæджы ныхмæ уæд исты аргументтæ равдисын мæ бон нæ бауыдаид. Уыцы аргументтæ, афтæ бирæ рæстæг нæ рацыд, уæд рабæрæг сты, фæлæ сын зæгъыны фадат нæма уыди.

Уæдæ ма æркæсæм, уæд, 50-æм азты райдиан, мæ фыццаг аивадон разамонæг цавæр зондахастыл хæст уыди, ивгъуыды æмæ уæды фысджыты сфæлдыстады аивадон уæз цавæр барæнтæй барста, уыдæттæм.

Астæуккаг сколайы нын амыдтой, зæгъгæ, Гæдиаты Цомахъ уыди курдиатджын фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг. Эстонийы, Дерпты университеты ахуыр кæнгæйæ, архайдта студентты сусæг къордты, базонгæ ис марксистон литературæимæ, фæллойгæнджыты æхсæн парахат кодта революцион прокламацитæ. Тох кодта хæдхæцæг паддзахы ныхмæ, фыста революцион-публицистон уацтæ æмæ литературон уацмыстæ, тох кодта сылгоймаджы ссæрибар кæныныл. Паддзахадты жандармтæ йæ æрцахстой æмæ йæ ахастой Сыбырмæ, фæлæ ахæстоны уæззау уавæрты дæр нæ ныууагъта йæ революцион куыст.

Цомахъы ном нын сси бæрзонд стъалыйау. Уыди йæ рæстæджы ахуыргонддæр ирæттæй. Фæлæ дын æм Джиойы-фырт куы фæкомкоммæ уаид, æлдарадон социализмы барæнтæй дын куы æрбарид Цомахъы сфæлдыстад æмæ цæхгæр куы алыг кæнид:
«…Цомахъы иуæй-иу уацмыстæ хызт не сты идеологон сахъатдзинадæй, зæгъæм, йæ статьятæ: «Брытъиаты Елбыздыхъо», «Мамсыраты Темырболат – фыццаг ирон поэт», йе ‘мдзæвгæтæ «Сидзæр», «Фæнды мæ», йæ драмæ «Ос-Бæгъатыр». Драмæ, зæгъы, у «историон рæстад зыгъуыммæ чи æвдисы æмæ буржуазон-националистон идеологи чи хæлиу кæны, ахæм уацмыс». «Драмæйы буржуазон-националистон мидис æмбæхст у уый мидæг, æмæ Ос-Бæгъатыр нæу гуырдзиаг адæмы ныхмæ, фæлæ тох кæны æрмæстдæр се ‘лдæрттимæ…» Ацы скъуыддзæгтæ ист сты Джиоты Х. уац «Гæдиаты Цомахъы драмæ «Ос-Бæгъатыры» тыххæй», зæгъгæ, уырдыгæй – (1952 аз, 25 июль, «Рæстдзинад»). Кардæй лыггæнæгау – йæ кæронбæттæн хатдзæг дæр: «Драмæ «Ос-Бæгъатыр» идейон æгъдауæй у зианхæссæг. Уымæ гæсгæ, уыцы пъесæ хъуамæ ист æрцæуа педагогон институты историон-филологон хайады, стæй астæуккаг скъолаты ирон литературæйы ахуыргæнæн программæтæй».

Цомахъы сурæт сыгъдæгæй лæууыди мæ цæстыты раз, æмæ йыл Джиойы-фырт цы цъыф æрбакалдта, уымæй йыл иу æртах дæр нæ фæхæцыди, фæлæ зæрдæмæ цыдæр хъызт ивылди, сæрды бæрæгастæу мит куы ныууара, уыйау ын бамбарæн нæ уыди.

Фыдыбæстæйы хъизæмæрттæ бавзарæг уæлахидзау æфсæддоны тыххæй Плиты Грис карз рæстдзинад загъта йæ чиныг «Салдат»-ы. Лозунгтæ дзурæг рупорты бынаты æрлæууын дæр-иу бахъуыди поэтты, фæдисон удисæн рæстæг афтæ домдта. Уыцы автортæй дæр бирæтæн сæ ныхас сæ мастæй ифтыгъд уыди æмæ-иу йæ нысаныл сæмбæлди. Фæлæ хæст куы æрсабыр, æмæ уæлахиздзауы нæртон сгуыхтыты тыххæй зæрдæбын ныхас зæгъыны рад куы ралæууыд, уæддæр рупор-хъæлæстæ нæ банцадысты. Грисы «Салдат»-ы – хæсты артæй кæй рахаста, – уым ис ахæм трагикон нывтæ. Йæ салдат, сырхзынг æфсæнау чи сси, чи нæ басыгъд, фæлæ æхсидгæ чи бакодта, удæгас адæймаджы миниуджытæй хайджын чи у. Йæ поэтикон рæстдзинад æвдисæг æууæлыл та дзы уый нымайын, æмæ æнæуынон, цыфыддæр знаг дæр удæгасæй æвдыст кæй æрцыд, ома, кодта улæфгæ, тæрсын дæр зыдта, уый дæр фæндыд цæрын.

Поэтикон удæгас æвдисæнтау систы хæсты тыххæй йæ дзæвгар æмдзæвгæтæ, зæрдылдаргæйæ дзы бирæты дзурын базыдтон. Мæ хъуыды мын агайдтой, æнæнцой мæ кодтой. Уæлæмæ зæгъын æй нæ фæрæзтон, фæлæ йæ æргом хатыдтон – ахæм æмдзæвгæтæ цæмæй ныффыссай, уый тыххæй хæсты артæй раирвæзын хъæуы. Уыцы хатдзæг цæмæй скодтаин, уый тыххæй чиныг цал хатты хъуамæ бакастаин, цал хатты хъуамæ байхъуыстаин мæхæдæг мæхимæ, æмдзæвгæтæ хъæрæй дзургæйæ! Мæ хъуыдытæ æрнывыл сты. Æнæгуырысхо, æхсызгон, бæлвырд нысанмæ сидæг хъуыдытæ.

Фæлæ йын адоныл цъыфкалæнты, æбуалгъ «измты» зæй рауагътой Джиоты Х. æмæ Хъыбызты Т. 1952 аз 26 сентябры газет «Рæстдзинад»-ы фæзынди сæ уац «Плиты Грисы иуæй-иу зианхæссæг æмдзæвгæты тыххæй». Уæды азты зылынгæнæг, лæгыл тугтæ мысæг критикæйы мадзæлттæй фæсте ницыуал ныууагътой ацы автортæ. Поэты æмдзæвгæты сæйрагдæр мидис, зæгъынц, у: «зæрдæрисдзинад, сагъæстæ, хъарджытæ…» «Зыгъуыммæ æвдисынц советон адæмы зондхаст, зæрдæйыуаг æмæ æнкъарæнтæ хæсты уæззау бонты».

Мæнæ хæсты быдыр салдаты цæстытыл уайы, фæсхæст сæ хъæумæ куы æрыздæха, уæд ын куыд æгасцуай кæндзысты, цæмæйты йæ фæрсдзысты, уыдæттæ.

Алчи мæ домдзæн нæ хабæрттыл,
Ныхасмæ сæ ‘ппæт æрцæудзысты…
Нæ уæззау цæфтыл, уæззау мæрдтыл
Сæркъулæй бирæ фæкæудзысты.

(Æмдзæвгæ «Мæ Ирмæ»-йæ, «Мах дуг», 1945 аз, №3).

Æмдзæвгæйы темæ æргом нысангонд у. Хæстæй æрæздæхæг цы уынгæг раны уыди! Хъуамæ зæгъа зынгхуыстыты нæмттæ, зæхх кæй нæ уромы, уыцы æцæгтæ. Фæдзура æмæ-иу, чи йæм хъусы, уыдоны цæстытæм комкоммæ дæр бакæса.

Фæлæ дзы Джиоты Х. æмæ Хъыбызты Т. мæнæ цы мидис ссардтой: «Куыд уынæм, афтæмæй нæ адæм фашистон лæгмартимæ хъæбатырæй куы тох кодтой, уæд Плиты Грис та советон Уæрæсейы тыхыл, нæ адæмыл, нæ цардарæзты системæйы хъаруйыл æмæ домбайдзинадыл не ууæндыдис».

Ацы цъыфкалæн уæддæр цæимæ сбарæн ис, зæгъгæ, куы ахъуыды кодтон, уæд мæ зæрдыл æрбалæууыди, газет «Неделя»-йы (1988 аз, ноябрь, №46) филологон наукæты доктор, Куйбышевы университеты профессор Лев Финк (уыди репрессигонд) йæхи тыххæй цы хабар дзуры, уый: «Слестгæнæг мыл цы хъуыддаг сарæзта, уый формалон æгъдауæй райдыдта, Ленинградæй Куйбышевмæ хаст иу литературæиртасæг газеты мæн базылынджын кæныны тыххæй цы загъта, уыдонæй. Ома, дам, æз Октябры агъоммæ сдæн, уый разамынд кæмæн лæвæрдта, гæрзифтонг эсерты уыцы къорды уæнг. Фæлæ æз райгуырдтæн 1916 азы, æмæ йæ хахуыр æгæр раргом. Æмæ уæд цы бакодтой слестгæнджытæ? Мæн æнæмæнг æрцахсын кæй хъæуы, уый тыххæй Куйбышевæй Мæскуымæ (уыцы рæстæг уым цардтæн æмæ ахуыр кодтон аспирантурæйы) арвыстой гæххæтт æмæ уым фæнысан кодтой, 1896 азы райгуырдтæн, зæгъгæ».

Иуæй иннæ æбуалгъдæр хахуыртæ калынц нæ критиктæ Плиты Грисыл: «зыгъуыммæ æвдисы социализмы бæстæйы хæстоны обрæз», «Реакцион æгъдæуттæ æмæ мистицизм пропагандæ кæны «Иунæджы кадæджы», «Советон салдаты» Плийы-фырт æвдисы фыдракæнæгæй», «Фыдыбæстæйы хæсты тематикæйыл поэт цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон цух не сты буржуазон национализмы рецидивтæй дæр («Ма ку», «Хæцæны», «Салдат»). Ома, зæгъынц, Плийы-фырт дзуры советон адæмы номæй нæ, фæлæ «Иры сыгъдæг номæй», «Ирон æмæ иннæ æфсымæрон адæмты æхсæн сарæзта ауæдз».

Поэт йе ‘мдзæвгæ «Салдат»-ы зæгъы: «…Цæй зын дæ, цæ, хæстмæ цæуын, цæй зын дæ!» Æмæ та йæ критиктæ базылынджын кодтой: «Зæрдæрыстæй, сагъæстæ кæнгæйæ, нæ адæм хæстмæ куы цыдаиккой, уæд уæлахиз дæр нæ фæуыдаиккой фашизмыл».

Критикты хотыхдоны разынди алымыггаг хахуыртæ æмæ сæ сæ амæттагыл радыгай скъæрдтой: «Плиты Грисы æмдзæвгæтæ цух не сты диныл æууæндыны æмæ мистикæйы мотивтæй дæр. Йæ лирикон геройтæ сты дингæнджытæ. Æмдзæвгæ «Хæцæны» поэт фыссы: «Ныртæккæ æнæнцой сырды уастæй мæ зæрдæ бамæгуыр куыддæр». Дарддæр: «Æмдзæвгæ «Разведкæйы» дæр тæппуд разведчик – дины фанатик, йæ уды быцъынæг скъуынгæйæ, лæгъстæ кæны мæйæн, цæмæй йæ ма срухс кæна, халонæн, цæмæй ма ныууаса æмæ йæ ма схъæр кæна». Æмæ ма ноджыдæр: «Уыцы дингæнджытæ, тарст сынты цъæхахстæй йæ зæрдæ кæмæн баризы, кувинаг чи сцæттæ кодта, Уастырджийыл йæхи чи бафæдзæхста, уыдон, Грисмæ гæсгæ, сты советон салдæттæ».

Æмæ нæ критиктæ æппынфæстагмæ кæй фæцауæрстой, уыцы хахуыртæ: «Зæгъын хъæуы уый, æмæ æмдзæвгæ «Салдат» кæй у порнографион, натуралистон. Зæгъæм: «Авæрин дæ мæ уæрагыл, андадзин дæ мæ риуыл».

Уæды рæстæг хъомыл кодтой, партион амынддзинæдтæ æмæ хъуыдытæ царды алы къабæзты, уыимæ аивады æмæ литературæйы тугдадзинты чи уагътаид, хотыхтæ сæ чи арæзтаид, ахæм къæрцхъус, тасаг, иузæрдион кадртæ. Со хъомысджындæрты сын рæстæг йæ цырен гуылфæнты рагъмæ систа. Сæ сæйрагдæр хæс – йæхи хъуыды ма кæмæ баззад, уыдоны æгъатырæй хурх кæнын.

Царды цы арæзтæуы фарны хъуыддагæй дæр, фыдæй дæр – цæрæг уд сæ зонды хосæн исы. Кæм афоныл, кæм æрæджиау. Рæмудзæн æрмæгау чи фæзындаид, ахæм уацы ныхмæ иу сдзурæг нæ фæци. Йæ зонд дзæгъæлтæ кодта, ахæм уавæры æвæрд цыди, скъолайы хъуыды кæнын кæй нæ сахуыр кодтой, институты аудиториты дæр æнуд кæмæн уыди, уыцы студент. Уæддæр исты хатдзæг скæнын хъуыди, æмæ иуахæмы уымæн дæр йæ рæстæг ралæууыд.

Ирон литературæйæ нын лекцитæ касти Хъазыбегты Хъазыбег. Лекцийы рæстæг-иу цадæггай къахдзæфтæ кодта, гæххæтмæ никуы касти. Фыссæджы æрмадзы сусæгдзинæдты кой дæр æм-иу рауади, йæ кары фæлтæры сфæлдыстадон кусджыты, уыдоны хистæр æмæ кæстæр фæлтæрты минæвæртты дæр лæгæй-лæгмæ зыдта, æмæ нын-иу сæ цардæй цымыдисаг хабæрттæ æнæ радзургæ нæ фæци. Йæхимæ нæ-иу æрыхъусын кодта. Æмæ йæм фæхъуыстаиккам кæронмæ, фæлæ иуахæмы сусу-бусу ныхасæй райхъуысти: «Хъазыбегты Хъазыбеджы æрцахстой!» Цæмæн? Цы кæнæг уыди? Мах зæрдæ йыл куы никуы ницæмæй фæхудти. Скъолайы йын йе сфæлдыстадæн стыр аргъ куы кодтой. Хæстон сгуыхт лæгыл нымад куы уыди, йæ хæстон хæрзиуджытæ нырма уыцы цырен æрттывд куы кодтой йæ риуæй.

Ау, кæд знаггадгæнæг разынд, уæд æй мах, студенттæ, хъуамæ æппæты разæй ма базыдтаиккам? Цæуылнæ нын исты схъæр кодтой?

Уыцы рæстæджыты тыххæй мын фæдзырдта филологон наукæты кандидат, нæ институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Калоты Георги: «Хъазыбегты Хъазыбеджы куы ‘рцахстой, уæд мæм Паддзахады æдасдзинад хъахъхъæнæг министрадмæ фæсидтысты æмæ мæ лæмбынæг фæфарстой Хъазыбеджы тыххæй. Иумæ бацæттæ кодтам æмæ мыхуыры рауагътам «Ирон адæмон сфæлдыстад». Куыд загътой, афтæмæй уыцы чиныджы разынд гуымиры рæдыдтытæ. Хъазыбеджы тыххæй мæ размæ кæй фарстой, уыдон сын фæнымадтой уыцы рæдыдтытæ. Мæнæй дæр домдтой афтæ зæгъын: «Ирон адæмон сфæлдыстад»-ы рæдыдæй цы ис, уыдон иууылдæр Хъазыбеджы-фырты аххосæй аирвæзтысты.

Æз загътон:

– Кæмæй зæгъут, уыдон кæд рæдыдтытæ æмæ къуыхцытæ сты, уæд мæн аххосæй дæр аирвæзтысты…

– Уый ахст у, ды – сæрибар, уæд ахæм æвзагæй цæмæн дзурыс? – тызмæгæй мæ бафарста министрады кусæг. Бæлвырд дзуаппытæм мæм æнхъæлмæ касти, æмæ йын ахæмæй куы ницы загътон, уæд та мæ баййардта:

– Цавæр лæг у? Нозтуарзаг æй хонынц. Ды йæ нозтджынæй арæх уыдтай?

– Æз уый нæ зæгъин, – загътон æз. – Куысты йæ нозтджынæй никуы федтон. Иу- хатт Ногирæй педагогон практикæйæ куыд сыздæхтыстæм, афтæ нæ фæндаг фæлладуадзæн паркыл акодтам, лæугæйæ фæйнæ сæдæ мисхалы анызтам æмæ институтмæ бацыдыстæм. Æндæр ахæмæй ницы хъуыды кæнын, – дзуапп ын радтон æз. Уый фæстæ та, Хъазыбег-иу лекциты цавæр тæссаг хъуыдытæ дзырдта, уымæй мæ фæфарстой.

– Брытъиаты Елбыздыхъойæ феппæлы, зæгъынц, – уыцы æдзынæгæй мын мæ цæстытæм ныккасти.

– Йæ сфæлдыстадæй йын феппæлы, – дзуапп та радтон æз, – уымæн æмæ курдиатджын драматург уыди. Уыцы хуызы мæхæдæг дæр феппæлын Елбыздыхъойы сфæлдыстадæй. Фæлæ йын йæ политикон архайдмæ критикон цæстæй касти Хъазыбег.

Уый размæ аз газеты æнæхъæн фарс бацахста нæ драматургийы бындурæвæрæджы тыххæй Хъайтыхъты Михалы фыст уац. Знаг æй рахуыдта, контрреволюционер. Ныхас тынгдæр цыди трагеди «Амран»-ы тыххæй. Йæ сæйраг геройы, дам, не суæгъд кодта. Ома йæ уацмысæй, дам, афтæ зæгъы: Октябры революци адæмæн сæрибар не ‘рхаста.

Александр Фадеев тынг баххуыс кодта Хъазыбегты Хъазыбегæн, æмæ йæ рауагътой. Куы суæгъд, уæд мæм йæ дыккаг бон æрбацыд æмæ мын фæарфæтæ кодта. Алы дамтæ, дам мыл кодтой, расыггæнагæй, дам мæ равдыстой. Тынг раст лæг уыди Хъазыбег, йæ риу хæстон хæрзиуджытæй – дзаг. Уый фæстæ йæ институтмæ æмгæрон нал бауагътой. Астæуккаг скъолайы фæкуыста…

Калоты Георгийæн йæхиуыл дæр фыстой хахуыртæ. Пединституты директоры хæдивæг Соколов-иу æм фæдзырдта æмæ-иу ын фехъусын кодта: «Ныффыстой та дыл». Æппæты сабырдæр ирон хуыдта Георгийы æмæ, йæ бон цы уыди, уымæй йæ хъахъхъæдта. Георгийы бинонтæ куы бакъорд сты, уæд та йын афтæ: «Куыстæй дæр, дæ бинонты тыххæй дæр гæххæттытæ сараз, æмæ дын мызд фæфылдæр кæнæм.» Адæмы знаджы фырт институты цæмæн кусы, зæгъгæ, чидæртæ цæхæртæ калдтой, фæсномыгæй йыл фыстой».

Æвæдза, уæды фыдракæндтæ ахæм æбуалгъ æмæ æнахъинон уыдысты, æмæ сын кæронмæ бамбарæн дæр нæй. Æндæр, уымæн уæвæн куыд уыди, æмæ Георгийы фыд Калоты Зауырбегыл адæмы знаджы ном баныхæса, æмæ йæ сæрыл иу уæд та сдзурын ма бауæнда? Æргом хæрам куы чындæуыди, уæд уæларвæй дур ма ‘рхауа æмæ йын йæ хахуыргæнæджы ма ‘ркъуыра?

Хохы фæхстыл æккойæ хаст зæххæй хуымтæ кæм арæзтой, ахæм æвадат ран райгуырди Зауырбег, сидзæрæй баззад, æххуырсты цæрдтытæ бавзæрста. Цардагур афтыди Маньчжуримæ, Японмæ, Персмæ. Революцийы фæстæ, Дзæуджыхъæуы Хуссары æмæ Цæгаты ирæттæн цы съезд уыдис, уырдæм æрвыст лæг уыд Зауырбег Захъайы зылдæй. Уыди Туалгом æмæ Уæлладжыры комы революцион къорд аразджытæй иу.

1924 азы Хæххон республикæйы минæварад ацыди Мæскуымæ Ленинæн фæстаг фæндараст зæгъынмæ. Уый размæ, 1922 азы, архайдта нæ бæстæйы Советты I Бындурæвæрæг съезды, æмæ йæ равзæрстой ССР Цæдисы Центрон æххæстгæнæг Комитеты уæнгæй. Æмæ уæд бирæ хæрзты бацыд ирон адæмæн. Джызæлдоныл ГЭС саразыны фæндонимæ Мæскуымæ уый ацыди. Стыр куыст бакодта Калойы-фырт фыццаг фондзазоны арæзтадтæ – Æрыдоны консервгæнæн завод, Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн завод, авджын дзаумæтты завод æмæ æндæр куыстуæттæ арæзт цæмæй æрцыдаиккой, ууыл дæр. Ирыстоны фæндæгтæ цы уавæры сты, уый тыххæй дзырдта Мæскуыйы Советты сессийы æмбырдтæй иуы. Уый хъæппæрисæй сарæзтæуыд Цъæйы санатори, аудыдта фæсивæдыл, архайдта, цæмæй нæ лæппутæ æмæ чызджытæ уæлдæр ахуырад райсой Мæскуыйы æмæ бæстæйы иннæ стыр горæтты.

Хæсты размæйы азты Ирыстоны æнхъæлдæн æмæ уымæй номдзыддæр æмæ хъуыстгонддæр лæг нæ разындаид. Амарди 1935 азы апрелы, æмæ йæ баныгæдтой Хетæгкаты Къостайы фарсмæ. Цæгат Ирыстоны радиойæн йæ ном радтой, æмæ-иу алы райсом дæр райхъуысти: «Дзуры Калоты Зауырбеджы номыл Цæгат Ирыстоны радиостанцæ!..»

Удæгæсты ‘хсæн царди йæ ном, æмæ цардаид, мæрдтæй дæр Ирыстоныл хæрзаудæн кодтаид, фæлæ… Иуахæмы диктор нал загъта Зауырбеджы ном, нал æй загъта уый фæстæ бонты дæр. Æмæ Калоты бинонтæ мардау фесты.

Рæстæг уæззау уыди, удтæ уынгæджы фесты – «адæмы знæгты» нымæц бонæй-бон фылдæр кодта. Уæдæ ахсæв та мах къæсæрыл æрбахиздзысты ахсджытæ, зæгъгæ, цал æмæ цал бинонтæ рызтысты æмризæджы. Калоты бинонтæ сæ фыды тыххæй бафæрсын дæр нæ бауæндысты, дзургæ дæр сын ничи ницы кодта, æмæ сау мæт æмæ судзгæ маройы хай баисты… Стæй кæддæр, бирæ азты фæстæ профессор Æлборты Барис ахстæй куы ссæрибар, уæд Георгийæн загъта: «Дæ фыдыл дæр дын суанг мæрдтæм дæр бандзæрстой, йæ сæргъы 33 адæймаджы кæмæн лæууыд, уыцы буржуазон-националистон контрреволюцион къорды уæнг æй рахуыдтой».

Æлборты Барисæн йæхи рæстудæй дыууæ хатты æрцахстой.

Æрымысыд Калоты Георги, сæ бинонтыл цы уынгæджы бонтæ скодта, уыдон дæр. 1938 азы Цæгат Ирыстоны Наукон-иртасæн институты аспирантурæйы фæскомцæдисон организацийы секретарь уыди. Уыцы аз ныффыста йæ курдиат, Коммунистон Партийы иузæрдион уæнг суæвын мæ фæнды æмæ мæ йæ рæнхъытæм райсут, зæгъгæ. Хорзæй йæ чи бавдыста, ахæм гæххæттытæ йын ныффыстой Ардасенты Хадзыбатыр, Епхиты Тæтæри æмæ Тотойы Михал. Иституты партион организаци йæ райста. Уый фæстæ йын йæ курдиатмæ æркастысты горæты партион комитеты. Горкомы секретарь Басийы-фырт цыбырæй радзырдта Георгийы тыххæй, уый фæстæ райдыдта фæлварæн. Джигулгæнæгау æм фæлæвæрдтой, политикон æгъдауæй цас æнæзæрдæхудт у, уый бæрæггæнæг фарстатæ. Георги дзуапп лæвæрдта хъуыдыгæнгæ, цы дзы агуырдæуыд, уымæй ма-иу фылдæр дæр загъта. Чи йæм хъуыста, уыдонæй иу – æфсæддон лæг – загъта:

– Мæнмæ ис ахæм фæндон: райсæм æй æмæ, партион фæдзæхстытæ æххæст кæнгæйæ, йæхи куыд равдисдзæн, уымæ дæр æркæсдзыстæм.

Уыцы фæндон хъæлæсмæ куы æрæвæрдтой, уæд иу сылгоймаг йæ къух сдардта æмæ бафарста:

– Зæгъыны бар мын ис?

Бар ын радтой æмæ сыстади:

– Куыд кæсын, афтæмæй сымах нæ зонут, партимæ кæй исут, уый. Æз та йæ хорз зонын. – Фæхъус ис, банхъæлмæ касти, адæм куы фегуыппæг сты, уæд та йæ ныхас азæлыд. – Партимæ исæм, уе ‘гас дæр хорз кæй зонут, фæлæ адæмы знаг чи разынд, уыцы Калоты Зауырбеджы фырты. Æмæ знаджы фырт йæхæдæг дæр знаг кæй у, ууыл та дызæрдыггæнæн нæй.

Зæй чи расайы, уыцы фыццаг тулаг-схъиуаг дурты къæрццыты хуызæн азæлыдысты æдзæм уаты чызджы ныхæстæ. Георги йемæ уый хæдразмæ базонгæ, æмæ, ныхасы бар куы ракуырдта, уæд бацин кодта, ома йæ пайдайæн зæрдæбын ныхæстæ зæгъдзæн. Чызг нывгæнæджы дæсныйадæй фæхайджын, æмæ йæм Георги уый тыххæй уæлдай хæларзæрдæ дардта. Йæ фылдæр рæстæг Мæскуйы æрвыста нывгæнæг. Георги чызджы кой фыццаг хатт горæты фабриктæй иуы хицауæй фехъуыста. Уынджы хæрхæмбæлд фесты, æмæ йын уый афтæ: «Дæ хо та нæ абæрæг кодта».

Георги фæджих, афарста йæ: «Цавæр хо?» Фабрикайы хицау чызджы сурæт ныхæстæй сныв кодта. Калойы-фырт аджих, цымæ, не ‘рвадæлтæй кæй чызг у, зæгъгæ.

«Зауырбеджы чызг дæн, зæгъгæ нын йæхи афтæ бацамыдта, – цымыдисæй дзырдта фабричы хицау. – Ныр нæм цалдæр хатты æрбацыди. Куы уæзласæн машинæ фæкуры, куы цы…»

Уымæй уæлдай Георги куы ницы дзырдта, уæд хабаргæнæг афтæ бакодта: «Гъо, нывгæнæг у, нывгæнæг!» «Гъа-а! Зонын æй!» – загъта Георги æмæ зæрдиагæй ныххудти. Цæвиттон, уыцы нывгæнæг-чызг ын Мæскуйы йæ фыдмæ æххуысагур бацыди. Зауырбег ын йæ курдиат сæххæст кодта. Уый фæстæ йын чызг балæвар кодта Ленины сурæт цыллæ хъуымацыл нывгондæй…

Ныр Георги чысыл йæ ‘муд куы ‘рцыди, уæд фестади æмæ мæстæйдзаг хъæлæсæй райдыдта:

– Уыцы ныхæстæ ды цы цæсгомæй загътай? – баздæхти нывгæнæгмæ. – Мæ фыды номæй пайда кæнгæйæ, дæ хъуыддæгтæ куыд арæзтай, уый æнхъæл нæ дæ? Дæхи Калоты чызг цал раны рахуыдтай, уый дæр нал хъуыды кæныс?..

Сылгоймаг сым дæр нал сфæрæзта, йæ сæр æруагъта. Фæлæ йæ ныхæстæ сæ куыст бакодтой. Залы бадджытæ Георгийæн цæстæнгасæй дзырдтой: рæстытæ дзурыс, фæлæ дын нæ бон ницы у. Партимæ йæ райсæм зæгъгæ, æфсæддон дæр уыцы хъуыдыйы фарс нал радзырдта.

Дыууæ боны фæстæ газеты фæзынди чысыл информаци партийы горкомы æмбырды тыххæй. Уым æргомæй загъд уыди: ахæм æмæ ахæм адæмы знаджы фырт цыди партийы рæнхъытæм, фæлæ æмбырды архайджытæ разындысты къæрцхъус æмæ йын аккаг ныхкъуырд радтой.

– Дæ фыдгул ахæмы цардæй фæцæрæд, нæ бинонтæ дæр, æз мæхæдæг дæр цы цардæй фæцардыстæм, – дзырдта Георги. – Мæнæ сæрсæфæны былгæрæтты цæуæгау… Мæ хистæр æфсымæр Хъазыбег Мæскуыйы æфсæнвæндагæн инженертæ цæттæгæнæг институты сахуыр кодта. Захъайы хохы бынты кæй айгæрстой, уыцы фæндагæн хæсты размæ проекттæ чи арæзта, уыдонæй сæ иу Хъазыбег уыди. Уæд æз хæрз саби уыдтæн. 1942 азы та Мæлгъæвæджы рæгътыл хæстон фидæрттæ чи арæзта, уыдонæн разамынд лæвæрдта. Фылдæр дзы хъуккаг адæм куыстой. Сæ уæлæ-иу хъарм дзаумайæн цы скодтаиккой, æдзух сын уый дæр нæ уыди, сæ къæхтыл-иу фылдæрхатт – рæтыд дзабыртæ. Уыцы дæвдæг салд зæхх къахын цы фæрæзта, æмæ-иу уайтагъд сæ хъарутæ айсыстысты. Иу-дыууæ боны мæ нæхимæ ауадз, зæгъгæ-иу арæх бакъул кодтой Хъазыбегмæ, æмæ сæ-иу ауагъта.

– Цæмæн уадзыс адæмы сæ хæдзæрттæм? – карзæй-иу бафарстой йæхицæй уæлдæртæ. – Знаг лæбуры, Райгуырæн бæстæ – тæссаг уавæры, æмæ ды адæмы сæхи бар ауагътай!..

– Кусынхъом чи нал вæййы, ахæмты ауадзын… Цъыф сæ буары ахъары, – дзырдта-иу Хъазыбег. – Нæ цæстыты раз хъуамæ сæ удтæ сисой?

Æртхъирæны мæй Хъазыбег иу уад скодта сæ хæдзармæ. Æхсæвы сæм бонырдæм фæзындысты. Къуымтæ ракалдтой, бæстæ сфæлдæхтой… Мидхъуыддæгты Адæмон Камиссарады бæрнон кусæг джигулы рæстæг схæлбурцъ кодта:

– Ацы знаджы ахстон раджы басудзинаг уыди, бæргæ!

Хъазыбеджы семæ акодтой. Уый фæстæ цалдæр хатты фæсидтысты Георгимæ дæр.

– Де ‘фсымæры знаггаддзинæдты тыххæй цы зæгъыс? – фарстой йæ.

– Цæй знаг у ме ‘фсымæр?.. Мæнмæ ницы зæгъинаг ис…

– Грекъ зондджын адæм уыдысты, – загъта комитеты кусæг. – Ахæм зонды ныхас сæ баззад: «Из ничего ничего не бывает». Афтæ дæм цæмæн кæсы, æмæ мах ницы зонæм?

– Гъемæ мыл кæд не ‘ууæндут, уæд мæн дæр æрцахсут…

Георги зыдта, æнцад æй кæй нæ уадздзысты, уый æмæ-иу мидæггаг дзаумæттæ батыхта æмæ сæ йæ цуры цæттæйæ дардта. Куы-иу æм фæдзырдтой, уæд сæ-иу йемæ ахаста.

Хъазыбег лымæнæй царди Нигер, Гино, Епхиты Тæтæри, Цуциты Барис æмæ ма ирон интеллигенцийы минæвæрттæй кæимæдæртимæ.

Лагеры амарди Советон хицаудзинады сæрвæлтау хъазуатонæй тохгæнæг Калоты Зауырбеджы хистæр фырт Хъазыбег…

1944 азæй 1956 азмæ Калоты Георги педагогон институтмæ куыстмæ тæрсгæ-ризгæйæ цал хатты бацыди, уал хатты-иу алы райсом дæр йæ фæндаг акодта ректораты хъусынгæнинæгтæ, бардзырдтæ ныхасæн фæйнæджы цурты, уæдæ мæ кæд куыстæй аппæрстой, уæдæ кæд…

– Чи зоны, адæймагæн исты саразын бантыстаид, – йæ рыст зæрдæйы хæлбурцъ сирвæзти, – фæлæ цæй кусыны рæстæджытæ уыди, цæй хъуыдытæ дзурыны…

Сæ лекцитæ фыст кæм æрцыдысты, уыцы гæххæтты сыфтæм-иу ныггуыбыр кодтой нæ ахуыргæнджытæ, сæ фылдæр нын-иу дзырдæй-дзырдмæ сæ фыстытæ фæкастысты, ома, æнæрхъуыды ныхас дзы ма сирвæза, фыдбылыз ма расайа…

 

* * *

Æз мæхæдæг педагогон институты куы ахуыр кодтон, уыцы азты æвирхъау «диссæгтæм» хауы Мамсыраты Д. æмæ Хъаныхъуаты В. уац «Ирон поэтты иуæй-иу уацмысты идеологон рæдыдты тыххæй» («Рæстдзинад», 1952 аз, 23 июль) дæр. Уæд фæтæджы сфæлдыст «æлдарадон социализмы» сæрсæфæнмæ тæрæг идеологи йæ фæстаг уылæнтæ раскъæрдта, адæмы хæрзты сафæн селекцион куыст ма йæ тæккæ тынгыл уыди. Амынд фæндæгтæм тæрын чи нæ куымдта, йæхи хъæлæсæй сдзурыны ныфс ма-иу кæмæ разынд, уыдоныл мæлæты азар æфтыдтой, мыггагыскъуыд хъуамæ фæуыдаиккой. Микроскопау лыстæг æвзарæг æнæууæнчы цæстæй кæсæг къæрцхъустæ систы рæстæджы ахсджиагдæр архайджытæ. Фæхъуыды кæнын: æбуалгъ рæстæджы гуылфæнтæ мæ куы ‘рбаййæфтаиккой, уæд, цымæ, æз та мæхи куыд дардтаин? Нæ ныссуйтæ уыдаин? Алцы рæстмæ бамбæрстаин? Мæ цæсгом мын нæ бахæрын кодтаиккой? Нæ мын ауæй кæнын кодтаиккой, ахсджиаг мын чи у, ахæм æмхъуыды, æмуд адæймæгты? Царды аууæтты æмбæхстæй кæй фæдардтой, уыцы информаци ныр дæ къухы бын, афтæмæй æнцон у абон тæрхæттæ æмæ хатдзæгтæ кæнын, ныфсджын уæвын! Фæлæ уæд сæрсæфæны былгæрæтты куырмæджы цæуæджы уавæры адæймаг куыннæ ныссуйтæ уыдаид?!

Фæсхæст журнал «Мах дуджы» номыртæ къух-къухмæ цыдысты, сæ сыфтæ цæстыты раз ихсыдысты, зæронд кодтой. Мамсыраты Дæбейы роман «Хъæбатырты кадæг»-ы ног сæргæндтæм чиныгкæсджытæ цинцыбæлæй æнхъæлмæ кастысты. Æз дæр – ирон аив дзырдæй мæ мондæгтæ суадзынмæ тырнæг, хъырдыгæнæг чиныгкæсджытæй. Романы архайджытæй мын æппæты зынаргъдæр сси Сослæмбег; сæ хæдзарæй куыд алыгъд æмæ æхсæвæддæ куыд баззад, уыцы нывтæ мын æцæг царды нывтимæ баиу сты. Уæд æз дæр Сослæмбеджы кары бацыдтæн. Æмæ мын уый хъысмæт уæлдай адджындæр фæци. Ноджы Сослæмбег дæр Æрæфы доны былыл схъомыл, æз дæр. Ирон хъæуы, ирон хæдзæртты цыди архайд. Бынæттон æрдзы нывтæ æмæ этнографион æууæлтæ роман цардхуыз кæй кодтой, уый тыххæй иста чиныгкæсæг фыссæджы ныхас йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг.

Æмæ автор, адæмæн йæ уарзон чиныг мыхуыры куы рацыди, уымæй цыппар азы фæстæдæр газеты куы радзурид Ирыстоны цард реалистон хуызы æвдисæг поэтты тыххæй: «…фылдæрхатт ацæуынц национ цыбырзонддзинады фæдыл, сæ уацмысты фыссынц æбæрæг рæстæджы Ирыстоныл, иуварс ацæуынц историон æцæгдзинадæй æмæ æруадзынц националистон рæдыдтытæ».

Цæвиттон, Мамсыраты Д. æмæ Хъаныхъуаты В. уац мыхуыргонд куы æрцыд, уымæй афæдзæй чысыл фылдæр раздæр газет «Правда»-йы фæзынди редакцион уац «Литературæйы мидæг зыгъуыммæдзинæдты ныхмæ». Ныхас дзы цыди украинаг поэт В. Сосюрайы æмдзæвгæ «Уарз Украинæйы» тыххæй. Æмдзæвгæйы авторы аххосджын кодтой, украинаг адæмы иннæ советон адæмтæй фæиртæста, зæгъгæ. Бæрæг, дам, не сты, цы рæстæджы Украинæйы кой кæны, цæй тыххæй йæ уарзын кæны, уыдæттæ.

Газет «Правда»-йы редакцион уацыл æрныхас кодтой партийы Цæгат Ирыстоны обкомы 5-æм пленумы. Æмæ æрцыдысты, мидлитературæйы дæр националисттæ агурын кæй хъæуы, ахæм хатдзæгмæ. Бынæттон Сосюраты цæсгæмттæ хъуыди раргом кææнын. Уыцы бæрнон хæс сæхимæ райстой Мамсыраты Д. æмæ Хъаныхъуаты В. Уыдон фыссынц: «В. Сосюрайы æмдзæвгæ «Уарз Украинæйы» халдих у ирон поэт Балаты Темболы æмдзæвгæ «Уарзут райгуырæны» («Мах дуг», 1950 аз, №9). Цæмæй чиныгкæсæг уæды рæстæджы критикæйы тугмысæнтæн йæхæдæг аргъ скæна, уый тыххæй Темболы æмдзæвгæ æрхæссæм æнæхъæнæй (критикон уацы автортæ дæр афтæ бакодтой):

Рæгътæ, хæхтæ ‘мæ фæзтæ!
Хъæдтæ, горæттæ – худт.
Уарзут Райгуырæн бæстæ,
Уарзут, аргъ ын кæнут.
Уарзут, хи йыл фæдзæхсут,
Хи – æппæты фыццаг.
Исчи, исчи куынæ стут,
Исчи уымæн, мыййаг.
Уарзут, зæрдыл æй дарут,
Зæрдыл, ма уæ уæд рох.
Кад, йæ кад ын стаут.
Кад, йæ кадыл – уæ тох.
Калы дидинæг хæрис,
Калы, кæрдæг фæцъæх.
О, зæгъут-ма, кæмæн ис
Ахæм Райгуырæн Зæхх.
О, зæгъут-ма, кæй тавы,
Кæй нæ хурау йæ цард?
Цард йæ рухс тынтæ уафы,
Цардæй гуыры нæ зард.
Цардæй зæрдæтæ райынц.
Цард, нæ цард у дзæнæт.
Цардæй цъититæ тайынц,
Цардæй зæрдæтæ – ‘лгъæд.
Худынц рæгътæ ‘мæ фæзтæ,
Худынц, хъарм у сæ худт.
Уарзут Райгуырæн бæстæ,
Уарзут, аргъ ын кæнут.

Идейон æгъдауæй уыйбæрц нывыл арæзт у ацы æмдзæвгæ – раст гимнау зæлы, – фæлæ йæ критикон уацы автортæ уæды барæнтæй нæ абарстой æмæ зæгъынц: «…Фæлæ нын цавæр райгуырæн бæстæ уарзын кæны Тембол? Кæцы дуджы райгуырæн бæстæйы кой кæны? Цы хорз миниуджытæм гæсгæ нын æй уарзын кæны? Уыцы фарстатæн дзуапп нæ дæтты поэт. Цы нын равдыста райгуырæн нывтæй? Хæхтæ, рæгътæ, фæзтæ, дæттæ, хæрис бæлæстæ æмæ ‘ндæртæ. Фæлæ уыдæттæ кæддæриддæр уыдысты. Тембол ницы равдыста нæ советон Райгуырæн бæстæйы нывтæй, нæ сарæзта социалистон Фыдыбæстæйы фæлгонц».

Балайы-фыртæн йæ иннæ æмдзæвгæ «Мæ зæрды – мæ уарзон бæстæ»-йы тыххæй та йæ ахæм азымы бадардтой: «…Ирыстоны «æрæхгæдта» национ хъузгæй… йæ уацмысы æвдисы фыдæлтыккон Иры…», «Тембол цы адæймаджы æнкъарæнтæ æвдисы, уыдонæн иумæйагæй ницы ис советон адæймаджы зæрдæйы уагимæ…»

Балаты Тембол йе ‘мдзæвгæ «Райгуырæн бæстæ»-йы фыссы:

Мæ райгуырæн бæстæ – Уæлладжыр, Куырттатæ,
Дыгургом, Æрыдон, Дæргъæвс æмæ Дзау…

Критикон уацы автортæ йæ аххосджын кæнынц: «Поэт хохы цъассы аууон бамбæхста индустриалон æмæ колхозон социалистон Ирыстоны, хæрис бæлæстæ æмæ æхсæрдзæны аууон бакодта æхсарджын кусджыты æмæ колхозонты. Нæ йæ бафæндыд афæлгæсын не стыр Райгуырæн бæстæйыл. Æнæбæрæг рæстæг, æнæбæрæг дуджы Ирыстоны кой кæны поэт».

Епхиты Тæтæри йе ‘мдзæвгæ «О мæ Ирыстон»-ы зæгъы, зæгъгæ, фашисттæ Ирыстонмæ куы ‘рбаирвæзой, уæд:

Сæгдзыд сау рæхыс
Царæй халдзысты,
Уазал сау фæнык
Уадмæ дардзысты.

Уыцы зæрдæйы арфæй цæуæг колоритон рæнхъыты тыххæй йæ азимаг фæкодтой нæ критиктæ: «Тæтæри нæ равдыста, Ирыстоны ирæттæ кæй нæ фервæзын кодтой, фæлæ йæ советон æфсад æмæ æппæт советон адæм иумæ кæй фæрвæзын кодтой, уыцы хъуыддаг. Поэттæ Плиты Грис æмæ Хъайтыхъты Георæн дæр сæ иуæй-иу æмдзæвгæтæ хызт не сты национализмы цыбырзонддзинадæй».

Дæбейы цармы бацыди дыууæ удгоймаджы, сæ иу – «Хъæбатырты кадæг» сфæлдисæг, иннæ, йæхи ныхмæ дæр чи дзуры (йæ роман ын вульгарон-социологон критичы цæстæй бакæс, уæд дзы тæссаг хъуыдытæ куыннæ срæдывдтытæ кодтаид), йæ ‘мсис фысджытыл артæндзарæн æрмæг чи ныффыста. Уæнгты уазал ацыд, уд, зонд кæмæй сæлы, ахæм уазал. Ахæм критикон уац-иу мыхуыргонд æрцæуæд, æндæр-иу йæ кæнонтæ бакодта.

Уыцы рæстæг-иу критикæйы амæттаг чи баци, уыцы фыссæгыл цы бон акодта, уый тыххæй Балаты Темболæн йæхимæ байхъусæм: «Мæ чиныг «Райгуырæн бæстæ» рацыди 1945 азы. Уайтагъд мыл националисты гакк аныхæстой. Къуыммæ мæ тардтой: «Нар, Нар кæныс. Ирыстон йеддæмæ ницы уыныс!» Мæ чиныгыл мын иу хатт Наукон-иртасæг институты æрдзырдтой, иннæ хатт – уæлæдарæсхуыйæн фабричы клубы. Фæстаг æмбырд арæзт æрцыд Битеты Стъепаны хъæппæрисæй. Æз уырдæм нал ссыдтæн. «Йæ аххос зоны æмæ не ‘рбацыд», – сæмбæлдысты мыл Стъепаны ныхæстæ. Уæдæй фæстæмæ-иу искуы национализмы кой рауайæд – мæ ном-иу æнæ зæгъгæ нæ фесты. 1949 азы куыстон Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы хицауæй. Уыцы аз мæм сидын байдыдтой оргæнтæм. Куы мæ-иу Скрынников фарста, куы – Ратнер. Дæрзæг æвзагæй-иу дзырдтой мемæ. Сæ алы ныхас дæр – рæхуыст. Мæ мады дæр мын-иу сæхицæй ралгъыстой. Националист, дам дæ æмæ, дам, иунæг нæ уыдзынæ. Хъуамæ сын ранымадтаин мæ ‘мхъуыдыгæнджыты, мæ ‘мдзæхдон адæмы. Зæгъын, цæй националист дæн, мæ бинойнаг уырыссаг куы у. Уый дæр, дам дын хъуыдыгонд уыд, уый, дам дын ныгъуылæн у. Аз æмæ мæ æрдæджы бæрц алы изæр дæр дæс сахатыл сæхимæ цæуын кодтой. Æдзухдæр мæм иугæндзон фарстатæ лæвæрдтой. Къахæн фарстатæ. Горæтæй мын ацæуæн никæдæм уыди. Мæ хæрз хо Къостайыхъæуы фæзиан, æмæ йæм мардмæ нæ ныццыдтæн. Хæстæджытæ, хиуæттæ мыл фæтутæ кодтой, дæуæн, загътой, дæ хойраг бахæрынмæ нæ бæззы. Дзурæн мын ницы уыди, æмæ мæхи куыд сраст кодтаин?.. Иуахæмы та сæм фæсахсæвæртыл куыд фæцæйцыдтæн, афтæ мæм уынджы иу уырыссаг æрбауырдыг æмæ мæ афарста:

– Махмæ та цæуыс?

– Æз дæу нæ зонын, – дзуапп ын радтон æз.

– Уыйхыгъд дæ æз хорз зонын, мæнмæ-иу æрбацу ацы изæр.

Йæ кабинеты номыр мын загъта. Уыцы изæр уый кабинеты къæсæрыл бахызтæн.

– Цалынмæ дæ сæр нæ фесæфти, уæдмæ дæхи искæдæм айс, – сдзырдта уый, куыддæр къæсæрæй бахызтæн, афтæ, йæ дзыппæй систа уæды æхцаты чысыл цъæпæра (уый фæстæ сæ куы банымадтон, уæд рауадысты 500 сомы). Æрбалæвæрдта мæм сæ æмæ сабыр, фæлæ фидар хъæлæсæй загъта:

– Æвæстиатæй билет балхæн æмæ ардыгæй дæхи айс.

Æз исдуг хорзау нал фæдæн. Кæд мæ, зæгъын, къахгæ кæны, кæд мын къæппæг аразы. Фæлæ æнахуыр æнувыд хъæлæсæй дзырдта æмæ мæ йæхиуыл æрæууæндын кодта. Мæ бинонтæн ма хæрзизæр загътон æмæ уыцы изæр горæты арæнæй ахызтæн. Уыди, уыди уыцы кусæндоны дæр æцæг адæймæгтæ. Йæ ном дæр ын нæ базыдтон, ницæмæуал сарæхстæн. Кæд мард у, уæд ын цырт сæвæрин, кæд æгас у…

Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты 3-аг курсмæ бацыдтæн уыцы аз æмæ йæ 1952 азы каст фæдæн. Уый размæ 1950 азы цытæ ‘рцыди, æххæст уыдоны кой дæр ракæнон. Каникулты рæстæг Ирыстонмæ ссыдтæн. Мæ чиныг «Æмдзæвгæтæ» мæнæ-мæнæ хъуамæ фæзындаид. Чиныг æрурæдтой. Типографийы ахорæнты тæф чи кодта, ахæм экземпляртæ дзы уыди Хъайтыхъты Михал æмæ Гапбаты Иванмæ. Æрныхас ыл кæнæм, зæгъгæ, фысджыты, бæрнон кусджыты æрхуыдтой. Доклад дзы кодта Хъайтыхъты Михал. Цынæ мæ схуыдта – националист, эквилибрист, формалист… Иван та чиныг стъолыл хоста æмæ мæстæлгъæдæй дзырдта: «Ацы чиныг национализмы хъылмайæ йæ тæккæ дзаг у!»

 

* * *

50-æм азты заманæй тынгдæр кæй бахъуыды кодтон мæхæдæг, уыцы бонтæ иннæ бонты ‘хсæн уæлдай мылазондæрæй лæууынц цæстыты раз. Уыцы бонтæй иуы, педагогон институтæн Маркусы уынджы цы бæстыхай ис, уым ныхас кодтой ирон æвзагзонынады фарстаты тыххæй. Мах, студенттæ дæр, залы бадтыстæм, президиуммæ гомцæстæй кастыстæм, къæрцхъусæй хъуыстам. Уæд æз, «хомбыл студент», цæй хъуыды кæнынхъом уыдтæн. Нæ размæ нын цы хастой, уый нымайын хъуыди хорзыл, царды æнæмæнг цы хъæуы, ахæм ахсджиаг хъуыддагыл. Æмæ мæм истæуыл фау сæвæрыны ныфс дæр нæ уыди, нæ мын уыди гуырысхотæ кæныны бар дæр.

Загътой нын, æмæ æрцыдыстæм, хъуыстам. Ныхæсты наукон мидис æмбарынхъом дæр нæ уыдтæн, уæвгæ нæ уымæй уый фæстæ лекциты рæстæг дæр, практикон ахуырты рæстæг дæр фæрсæг нæ фæци. Нæ сæйраг хæс уыди, æвзагзонынады кусджыты æхсæн дæр, наукæйы сыгъдæгдзинадæн тæссаг кæмæй у, ахæм антимарксистон зианхæссæг адæймагтæ дæр кæй ис, уый бамбарын. Мæ хæс уыди уыдоны нæммтæ бахъуыды кæнын. Уыдон уыдысты тæссаг адæм нæ цардарæзтæн, цыдысты, наукæйæн стыр зиан чи ‘рхаста, уыцы академик Марры фæдыл… Марр йæхæдæг æгас нал уыди æмæ ма уымæн кæй бон цы уыди, фæлæ наукæ бахизын хъуыди, йæ куыстытæ йын пропагандæ чи кодта, уыдонæй, йæ ахуыргæнинæгтæй.

Куыд дзырдтой, афтæмæй уыдонæн сæ тæккæ тæссагдæртæй иу уыди Абайты Васо. Куыннæ баууæндыдаиккам докладгæнджытыл, кæд мæ «цытджын фæтæг æвзагзонынады тыххæй цы генион куыстытæ ныффыста, уыдон нæ æвзагзонынады историйы байгом кодтой ног дуг, стыр прожекторау ын ныррухс кодтой йæ дарддæры рæзты фæндæгтæ æмæ йæ систой бæрзонд къæпхæнмæ» (Серебренниковы докладæй).

Абайты Васо та марксистон ахуырадæн цæлхдурæвæрæнтæ кодта.

Цымæ, зæгъын, уæддæр цытæ дзырдтой, зæгъгæ, уæды газеттæ афæлдæхтон, æмæ мæнæ 1952 азы 3 январы газет «Рæстдзинад»-ы номыры стыр æрмæг «Ирон æвзагзонынады фарстаты тыххæй наукон конференци». Конференци уыди хъæууонхæдзарадон институты клубы. Сæйраг доклад дзы скодта ССР Цæдисы Наукæты Академийы æвзагзонынады институты директоры хæдивæг, филологон наукæты кандидат Серебренников «Профессор Абайты Васойы куыстыты марксистон рæдыдты тыххæй». Иннæ докладгæнджытæ – Кодзырты Тамарæ, Хъуылаты Гала, Багаты Никъала æмæ Ардасенты Хадзыбатыр…

Фæнды мæ Серебренниковы докладæй æрмæстдæр иунæг бынат æрхæссын. Цæвиттон, аххосджын кæны ирон æвзагзонджыты, Абайты Васойы марксистон рæдыдтæ сбæрæг кæныныл æмæ сæ аиуварс кæныныл лæмæгъ кæй куыстой æмæ сæ æмбæхсгæ дæр ма кæй кодтой, уый тыххæй. Марры æмæ йæ ахуыргæнинæгты къуыммæ тæры, цы знаггад ракодтой, уый цæстыты раз æвæры: «Марры теори сызмæста ирон æвзаджы грамматикæ. Морфологи æмæ синтаксис æддæг-мидæг ауадысты. Уый аххосæй ирон адæммæ абоны онг нæма ис конкретон фарстаты бындурыл арæзт ирон æвзаджы хорз грамматикæ. Ирон адæммæ нæма ис ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон æххæст дзырдуæттæ, терминологон дзырдуæттæ, нæма ис ирон æвзаджы хæрзарæзт наукон-историон грамматикæ».

Уæды онг Абайты Васойы куыстытæ нымад уыдысты тæккæ хуыздæртыл, студенттæ æмæ скъолаты ахуыргæнджытæ сæ куыст уыдонмæ гæсгæ арæзтой. Уыдонмæ гæсгæ арæзт цыдысты æвзаджы программæтæ дæр. Ныр ыл ахуыргæндтæ фыр тæссæй хъоды бакодтой.

Абайты Васо уый размæ ныффыста, Ирон-уырыссаг дзырдуатмæ кæй бæхаста, уыцы «Ирон æвзаджы грамматикон очерк». Цæрæнбонты кусы, стыр адæмтæй дæр кæмæдæрты чи нæма ис, паддзахадон премийы лауреаты ном ын кæй тыххæй радтой, бирæ наукон кусджытæ иумæ кæй фæаразынц, иунæгæй ахæм фæллойыл – «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ыл. 1952 азæй нырмæ Терчы цас дон акалди, фæлæ уæд «Васойы аххосæй» арæзт цы не ‘рцыди, уыдон абон дæр конд нæма сты. Цымæ сæ Абайы-фырт искæмæн йæ къухтыл хæцыди æмæ хæцы…

 

* * *

Уæлдæр дзырдтон, 1947 азы Хъайтыхъты Геор «национ формæйы æууæлтæй пайдагæнджыты» куыд карзæй æфхæрдта, «культурæйыл Нартыл ахуыр кæнут», зæгъгæ, чиныгкæсджытæн зонд чи амыдта, уыцы фысджыты къуыммæ куыд тардта, уый тыххæй. Геор хъæрæй фæуайдзæфтæ кодта, хахуыргæнæджы уавæры кæй æвæры йæхи, уый зонгæйæ, уый фæстæ уæддæр бавдæлд æмæ йæхæдæг ныффыста æмдзæвгæ «Бакæс нæ хохмæ æдзынæг». Уым ис ахæм рæнхъытæ:

Бакæс нæ хохмæ æдзынæг,
Тых лæгæн уый кой фæдæтты.
Чи загъта: «Амард Уырызмæг?..»

Æвæдза, æрдзон æвронг реалистон зонд амарын нырма никæй къухы бафтыди, стæй бафтинаг дæр нæу.

О, æмæ ныр, фондз азы фæстæ, Мамсыраты Дæбе æмæ Хъаныхъуаты Валодя Хъайтыхъы-фыртæн йæхи аххосджын кæнынц, нарты идеализаци кæны, зæгъгæ. Стæй зæгъынц æппæтæн зондæн райсинаг «философон» хъуыдытæ дзурæгау: «Нарты таурæгътæ сты ирон адæмы сфæлдыстады стыр хæзна. Фæлæ советон адæмы нартимæ иу кæн, нæ фæсивæды уыдоны митыл ахуыр кæн, уæд уый афтæ амоны, æмæ поэт размæ нæ цæуы, фæлæ фæстæмæ, нæ дуджы æхсидгæ цард равдисынæн нæ агуры ног фæлгонцтæ, фæлæ сæ исы ивгъуыд заманæй».

Партийы Центрон Комитет иу уынаффæ иннæйы фæдыл хаста, коммунизм аразæг цавæр аивад æмæ литературæйыл хъомылгонд хъуамæ цæуа, уый кæройнаг дзырды онг æмбарын кодтой сфæлдыстадон кусджытæн. Бардзырд дæттæгау сæ домдтой: æндæр хуызы фыссæн нæй, махимæ æмдзу чи нæ кæны, уый – не знаг. 1953 азы 3-æм февралы партийы Цæгат Ирыстоны обкомы 3-аг пленумы обкомы секретарь Севостьянов дзырдта: «Фæлæ бирæ фысджытæ, куыд Мамсыраты Д., Плиты Г., Токаты А. æмæ æндæртæ партийы Центрон Комитеты уынаффæйы фæстæ нæ ныффыстой иу зынгæ уацмыс дæр. Ахæм хъуыддагæн дарддæр уæвæн нæй».

Æвæццæгæн, рæстæджы домæнты аккаг уацмыстæ цæуылнæ фыссыс, зæгъгæ, искæмæн бауайдзæф кæнын æнцондæр уыди сæ ныффыссынæй, уымæн æмæ, уæвæн цæмæн нæй, уый домдтой сфæлдыстадон кусджытæй. Дунейы литературæйы фæлтæрддзинадæй рабæрæг раджы – царды æцæгдзинад æххæстæй æвдыст кæм не ‘рцæуы, уыцы уацмыс никуы фесгуыхы, аивады æмвæзмæ никуы схизы.

Уæдæ уæддæр цавæр хъуамæ уой, кæй домдтой, уыцы уацмыстæ? Ууыл æнæ ныхъхъуыды кæнгæ нæ фæуыдаиккой мингай фысджытæ. Ныхъхъуыды кодта Бекъойты Елиоз дæр, ныффыста радзырд «Мисурæты лæвар» æмæ йæ ныммыхуыр кодта газет «Рæстдзинад»-ы (1952 аз, 30 ноябрь). Йæ фыццаг хъуыдыйæдтæй йын нымадæй цалдæр фæуадзæм æмæ дарддæр кæсæм: «Фæлæ зæрдæйы фæндиаг рæвдз куы фæцæуы йæ куыст, фæллойадон хæслæвæрд фылдæрæй сæххæст кодта колхозы, Райгуырæн бæстæйы пайдайæн фылдæр бакусын ын бантысти, зæгъгæ, уæд Мисурæты цæсгом фыр цинæй хурау худын райдайы». Æмæ ма иу скъуыддзаг: «…Бригады механизатортæ цытджын партийы XIX съезды номыл социалистон ерысы бацыдысты. Мисурæт æмæ йе ‘мбал тракторист Умар дзырд радтой, цы тракторыл кусынц, уымæй куыстадон хæслæвæрд дыууæ хатты фылдæрæй æххæст кæныны тыххæй».

Елиозы къухы бафтыди аивадон радзырды мæнгтæ дзурæг хус уацхъуыды æмвæзмæ æртæрын. Елиоз нын республикæйы æвзонг фысджыты æмбырды прозаикты семинары теоретикон ныхæстæ фæкодта, ныр та нын, теорийæ практикон æгъдауæй куыд пайда кæнæн ис, уый равдыста. Ома мæнæ уыцы фæндагыл куы цæуат, уæд уæ националист дæр ничи схондзæн, формалист дæр, пессимист дæр, ивгъуыд рæстæджытæ идеализацигæнæджы ном дæр уыл не сбаддзæн. Уæдæ ахæм радзырды порнографи ссарын суанг Джиоты Хазбийы бон дæр нæ бауыдзæн…

Рæстæг цавæр уацмыстæ домдта, налат æхсар æмæ лæгдыхæй кæй фыссын кодтой, ахæмтæ разæнгардæй чи фыста, уыцы фысджытæ æнæхъæн æфсад баисты, рæстæгыл кады зарджытæ кодтой, «советон æхсидгæ патриотон идейæтæй» сæ уацмыстæ ифтыгътой.

Епхиты Тæтæрийы сфæлдыстады райдианты ахсджиаг бынат æрцахста кусæг къласы темæ, зæгъгæ нын дзырдтой ирон литературæйы урокты йæ поэмæ «Слесар Михал»-ы (æмдзæвгæтæй фыст роман дæр ма-иу æй рахуыдтой) тыххæй. Диссертациты йæ зæрдиагæй æвзæрстой. Газет «Рæстдзинад» æй 1948 азы фæмыхуыр кодта цалдæр номыры. Иу зæрдаивæй ист скъуыддзаг дзы бакæсæм:

Нæ кæсæг, æз курын.
Ды ма кæн мæсты,
Уæндонæй дæм дзурын –
Дæуæн мæ фæнды…
Михал æмæ Къостайыл
Кæд нал уыд мæ дзырд.
Уыдысты фæндагыл,
Ныхас сæм нæ уыд.
Æрхæццæ сты мæнæ,
Æрбайхъус мæм ныр.
Куы барухс мæ зæрдæ –
Сæ ныфс у стыр.

Гъе, тæккæ ахæм «уацмысты» тыххæй фысджыты æппæтзонæг фæтæг схуыдта «адæймаджы уды инженертæ». Горькийы аргъау «Девушка и смерть» та кæд æмæ сæвæрдта хохы цъуппыл, эта вещь, дам, посильнее «Фауста» Гете.

Исчи æнæмæнг ахъуыды кæндзæн: цымæ, ацы цæхгæр ныхасгæнаг та йæ рæстæджы йæхæдæг Сталинмæ цы цæстæй касти? Йæ алы дзырдыл дæр ын æууæндыдтæн, табу йын кæнгæйæ, зæххон хуыцау æй чи хуыдта, уыцы милуантæй иу уыдтæн æз дæр.

«Райдайгæ поэттæ се ‘мдзæвгæтæ куы ‘рбахæссынц редакцитæм, уæд уыцы æмдзæвгæтæн сæ фылдæр фыст вæййынц нæ советон царды ахсджиаг темæтыл: не стыр фыдыбæстæ уарзыны тыххæй, адæмты фæтæг И. В. Сталинмæ стыр уарзондзинад дарыны тыххæй…» – фыссы Гулуты Андрей «Ныхæстæй нæ, фæлæ фæлгонцтæй», зæгъгæ, уыцы уацы («Рæстдзинад», 1951 аз, 10 июль).

Газеты уыцы номыры иу-цалдæр æрыгон авторы æмдзæвгæтимæ мыхуыргонд сты ацы рæнхъытæ дæр:

СТАЛИН – НÆ ХУР

Ды нæ хур дæ, мах дæ хъармæй тавыс,
Бон дæ фæрцы рухс вæййы æрмæст.
Ды бæллиццаг царды тынтæ уафыс,
Махæн уымæн у бæрзонд нæ рæзт.
Ды нæ ныфс дæ. Де стыр тыхы руаджы
Скодтай махæн рухс цардмæ фæндаг.
Стæм æнтыстджын н ‘алы стыр хъуыддаджы,
Сæфт æрцæуы мах къухæй знаг.
Буц фæтæг, дæ фæрцы азæй-азмæ
Размæ мах æнтыстджынæй цæуæм.
‘Рттивы фидæн, рухсгæнгæ, нæ размæ,
Уымæн ныр йæ къæсæрыл лæууæм.

Сæдæгай, мингай профессионалон æмæ хæдахуыр рифмæбыд рæнхъытæ ‘лвисджытæ се ‘гас иумæ агуырдтой фæтæджы кады аккаг ныхæстæ. Уымæй бæрнондæр хæс никуыма лæууыди сфæлдыстадон кусæджы размæ, зæгъгæ, æндæр кой нæ уыди. Æмæ æз дæр мæхи амондджыныл нымадтон, уыцы кадæгмæ мæ ныхæстæ дæр æфтыд кæй æрцыдысты, уымæй.

Æууæндыдтæн, фæлæ, механизмы хай кæй уыдтæн, – цыдæр винтик-лæсгæр, рæстæджы пъæззыйы азарæй ме уæнгтæ парахат кæй никуы аивæзтон, уый мæ мидзæрдæйы æнкъардтон. Мæ мад æмæ мæ фыд сæумæцъæхæй изæрдалынгтæм афæдзæй-афæдзмæ колхозы куыстæй хæдзармæ не ‘фтыдысты, дыууæйæ-иу скодтой 1300 фæллойбоны, фæлæ дзы æртхуыз дæр никуы баистæм æмæ хæрдхуыз дæр.

Загътон: фæтæгæн йæ алы дзырдыл дæр æууæндыдтæн, зæгъгæ. Фæлæ уыди, фæтæджы зæххон хуыцау чи нæ хуыдта, гæныстоны рæстæджы бæллæхтæ æвронг цæстæй чи уыдта, йæ ныхмæ æргом чи æрлæууыди, ахæмтæ дæр… Мæн дзы зæгъын фæнды, 1947 – 1949 азты горæт Воронежы чи фæзынди, уыцы организацийы тыххæй, хуыдтой йæ «Фæсивæды коммунистон парти». Уый тыххæй уацау ныффыста поэт Анатолий Жигулин «Черные камни» (мыхуыргонд у журнал «Знамя»-йы 1988 азы). Æрмæст дыууæ азы фæцарди уыцы парти. Йæ уæнгты нымæц схæццæ 60. Агуырдтой, коммунистон идеалтыл иузæрдион чи уыди, фæсивæды уыцы минæвæртты. Разы нæ уыдысты, бæстæйы цы уавæр сæвзæрди, уымæй, разы нæ уыдысты, колхозонтæ цы тыхтона цæрдтытæ кодтой, уыимæ. Сæ сусæг æмбырдты кастысты Ленины куыстытæ. Се ‘гас дæр уыдысты фæскомцæдисы уæнгтæ.
Кастысты, чиныгæмбæхсæнты кæй дардтой, Ленины уыцы куыстытæ, уæлдайдæр «Письмо к съезду». Уыцы куыст кæмæ разындаид, уый хъуыддаг тæрхондонмæ хаудта. Сталинæй хуыцау кæй сарæзтой, уыимæ дæр разы нæ уыдысты. Сæ размæ сæвæрдтой ахæм хæс: бацæудзысты институттæм, зæрдиагæй кæндзысты æхсæнадон куыст. Суыдзысты партионтæ дæр. Тох кæндзысты, партийы уæнгтæй чи сбюрократ ис, давгæ чи кæны, гæртæмттæ чи исы, уыдоны ныхмæ. Сæ сæйрагдæр бæллиц уыди ЦК сног кæнын æмæ уымæн йæ Генералон секретары аивын. Уыцы программæ сæххæст кæнын тагъд рæстæг къухы кæй нæ бæфтдзæн, уый æмбæрстой, уæддæр сæ нысанмæ æдæрсгæ тырныдтой. Дзырд сыл бахастой сæ дыууæ ‘мбалы… Уый фæстæ – лагерьтæ. Æртæйæ сæрра сты. Сæ иу йæ къух йæхимæ систа…

Фæсивæды коммунистон партийы уæнгты æназым реабилитаци скодтой 1956 азы.

Адон мæ фæлтæрæй сты, райгуырдысты коллективизацийы заман. Библийы хуызæн сын ахуыр кæнын кодтой Коммунистон партийы историйы «Цыбыр курс», хъуамæ уыдаиккой коммæгæс, фæлмæнвад, æмхуызон хъуыдыгæнæг.

Фыссæг Хæблиаты Сафаримæ нæм ацы ныхас æнæнхъæлæджы рауади. Пединституты иу рæстæджы ахуыр кодтам, фæлæ йæ æз уæдæй нæ хъуыды кæнын. Филологон факультеты æртæ азы куы сахуыр кодта, уæд æй ныууагъта æмæ историон факультетмæ баивта. Чысылæй чиныгуарзаг рахаста æмæ институтмæ æдзæттæйæ нæ бахауд. Куыд мын радзырдта, афтæмæй сæм 1952 азы кæрон, кæнæ та 1953 азы райдианы марксизм-ленинизмæй уыди семинар. Дзырдæй-дзырдмæ нал хъуыды кодта, ахуыргæнæг сын цытæ дзырдта, уыдон. Ныхас цыди национ фарстайыл, ома, дам, Ленин æмæ Сталин æмхуызон цæстæй кæсынц уыцы проблемæмæ. Сафар кæцыдæр фæзилæны ахуыргæнæгмæ дзырдæппарæн бакодта:

– Мæнмæ гæсгæ, Ленинмæ уыцы койтæ нæй…

Ахуыргæнæг ыл фæтъæлланг ласта:

– Махæн Ленин æмæ Сталинæй хъауджыдæр нæй! Ды та цыдæр антигуырысхотæ кæныс!

– Мæнмæ гæсгæ та, Ленин æмæ Сталин фæрсæй-фæрстæм æвæргæ не сты, – нæ састи Сафар-студент. – Сталин Ленины онг не схызти…

Семинары фæстæ ахуыргæнæг смидæг институты фæскомцæдисон комитеты, æмæ тæссаг хабар тæвдæй бынатыл сæмбæлди. Фæсидтысты Сафармæ уырдæм. Мæстæлгъæдæй йæм фæзагъд кодтой. Хъуамæ дзы тас бацыдаид, æмæ, йæхи дæр æмæ уыдоны дæр фыдбылызы чи æппæрста, уыцы тæссаг хъуыдытыл йæ къух систаид. Цал хатты йæм сидтысты, уал хатты йæм – æртхъирæнтæ, тымбылкъухæй-иу стъол ныггуымс кодтой…

Уымæй рацыди 15 азы. Партийы XX съезды фæстæ æфхæрд адæм сулæфыдысты, уалынджы та «адæмты фæтæджы» мард дæр мавзолейæ рахастой. Сафар горæты уынджы хæрхæмбæлд фæци йæ уæды ахуыргæнæгимæ, салам ын радта æмæ йæ афарста:

– Цæй, куыд кæнæм? Сталины ма Ленины фарсмæ æвæрæм?

– Хуыздæр фæу, – раарфæ йын кодта ахуыргæнæг. – Уый æнхъæл чи уыди, æмæ хабæрттæ афтæ æрзилдзысты…

– Алцы æмбарынхъом та кæцæй уыдтæн, – дзырдта Сафар, – фæлæ-иу зонгæ-зонын мæнгтæ чи дзырдта, уыдонмæ мæхи нал баурæдтон.

 

* * *

Æдылы хъæддзау хъæдмæ дыууæ цыды кæны, зæгъгæ, уыцы æмбисонд мæныл дæр æрцыди – пединститут фæдæн æмæ æвæстиатæй бацыдтæн Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институтмæ. Пединститутмæ цæмæты æнхъæлмæ кастæн, уыдонæй мын ницы радта. Цæуылнæ, уыди дзы зондджын ахуыргæнджытæ, фæлæ сæ алы къахдзæф дæр – хъавгæйæ, сæ алы ныхас дæр – барстæй. Фæстæдæр-иу ам мæ ахуыры азтæ куы æрымысыдтæн, уæд-иу ахъуыды кодтон: пединститутæн йæ пайда фылдæр уыди, æви йæ зиан!

Литературон институты нын советон литературæйæ лекцитæ касти профессор П. Новицкий. Йæ ныхас-иу райдыдта хæрз мынæгæй, цадæггай-иу йæ хъæлæс йæхиуыл схæцыд æмæ-иу кæронмæ фæдзырдта нæргæ хъæлæсæй. Мах-иу нæ цæстытæ нал истам, фыццаг стъолы уæлхъус чи бадти, уыцы фæлурсцæсгом фыдцъылызтæарæзт чызг Голубевайæ – профессоры хъæлæсы срæмыгъдæй-иу алы хатт дæр хæрдмæ фæхаудта. Классикы ном кæуыл сфидыдта, ног рæстæджы литературæйæн бындур чи æрæвæрдта, уыдонæй иу æмæ дыууæйы нæ зыдта лæгæй-лæгмæ, йæхæдæг литературон царды цаутæй бирæ цæмæндæрты æвдисæн уыди. Æмæ нын уый иуахæмы байуæрста анкетæтæ, йæхæдæг кæй æрхъуыды кодта, ахæм фарстытимæ – иу-дыууадæсы бæрц уыдысты. Зæгъæм: «Уырыссаг литературæйы классиктæй, кæнæ советон дуджы фысджытæй фылдæр кæй уарзыс?», «Цæмæй хицæн кæны иннæ фысджытæй?», «В. Маяковскийæн цы аргъ кæныс?..» Фæхъуыды кодтон æмæ æппæт фарстытæн дæр дзуапп радтон. Профессор йæ лекцитæй иу рауæлдай кодта нæ дзуаппытæ æвзарынæн. Сæрмагондæй бафиппайдта, хи хъуыдыйæ чи фæхайджын, ахæм студентты дзуаппытæ. Фæдих кодта, йæ зæрдæ кæмæй нæ барухс, уыцы анкетæтæ дæр. Мæ дзуаппытæ æвзаргæйæ, цыма уæлдай фылдæр фæдзырдта. Мæ ном нæ загъта, фæлæ мæм афтæ касти, цыма мæ кой кæй кæны, уый ме ‘мкурсонтæ се ‘гас дæр бамбæрстой – мæ цæсгом, æвæццæгæн, туджы разылди. Профессоры дзыхы мæ дзуаппытæ хус зæлланг кодтой, касти сæ уазал зæрдæйæ, мæнæ-мæнæ срæмудздзæн, ныннæрдзæн йæ хъæлæс, æмæ мыл æрбазыгъгъуытт ласдзæн мæ анкетæ. Мæ дзуаппытæ «раст» кæй рауадысты, хи хъуыдыйæ хызт кæй разындтæн, уый мæм уæды хуызæн никуы бахъардта. Пединституты иу «рæстæмбис» бæрæггæнæн дæр никуы райстон, æдзухдæр – раззæгтимæ. Æууылд æмæ луæрст хъуыдытæ нын фæтъыстой нæ сæрты 4 азы дæргъы, нæ туджы ахъардтой. Æмæ мæ рарвыстой фæсивæды ахуыр кæнынмæ: уыдоны туджы та æз хъуамæ бауагътаин уыцы тæрæзтыл барст хъуыдытæ.

Ныр мын сæ мæ цæстытæм æхсидав дарæгау ныддардта профессор П. Новицкий.

Цардæй мæлæты æхсæн чи бахауы, ахæм рынчынæн æвдадзы хос цы басгуыхы, уый мын басгуыхти Литературон институт. 3. Архипов нын А. П. Чеховы тыххæй сæрмагонд курс касти. Лекцитæ нæ. Йæ мотор уыцы дзæбæх кæмæн куыста, ахæм машинæйы размæ нæ-иу цыма æрмадзмæ бахуыдта. Машинæ-иу хайгай райхæлдта, стæй та-иу æй фæстæмæ æрæмбырд кодта. Уый æнахуыр æхсызгон куыст уыди. Зæрингуырды къухы-иу йæ алы хай дæр цыма бауддзыд, йæ уæз æмæ-иу ын йæ нуары змæлд уырзтæй куыд банкъардта, уый дæр хатыдтам. Чеховы сфæлдыстадон æрмадзы сусæгдзинæдтæ нын нæ цæстыты раз æвæрдта. Детальтæ, штрихтæ – фыссæджы арæзтадон æрмæг, – йæ аивадон фæрæзтæ йын афтæ хуыдта. Дыууæ сахаты-иу дыууæ цæсты фæныкъуылдау атахтысты.

Алы къуыри дæр нæм иу бон уыди сфæлдыстадон семинартæ. Æз уыдтæн прозæйы семинары. Уым та нын нæхи фыстытæ æвзæрстой. Хайгай, мургай бакæн радзырд, йæ алы дзырды аууонмæ дæр ын бакæс. Семинары уæнгтæй алкæмæн дæр – ныхасы бар. Дзурыс, цыдæриддæр хъуыды кæныс, уыдон, дæ фиппаинæгтæй фæсвæд ницыуал ныууагътай. Штамп, трафарет, схемæ, лакировкæ… Ихсыд дзырдтæ, æфстау ист хъуыдытæ», аслам цыдæртæ, æнæсой ныхæстæ – нызгъæлдтаиккой дыл-иу семинары де ‘мсæр, де ‘мбар уæнгтæ. Нæ дзы уыди бынат цæстмæхъус ныхæстæ æмæ былалгъæй загъд æппæлæнтæн. Критикæ – æгъатыр карз, фæлæ цæстуарзонæй дæуæн баххуыс кæныны охыл. Æмæ йæ æфхæрдæн ничи иста. Быхстай йын фондз азы дæргъы. Критикæ сфæлдыстадон кусæджы уæлдæфау кæй хъæуы, уый дæм бахъардта, адджын хъизæмæрттæ дын чи ‘взарын кæндзæн, ахæм фæндаг кæй равзæрстай, уымæ дæ цæттæ кодта…

Институты конференц-залы мæ рæстæджы зæлыдысты Н. Хикметы, М. Шолоховы, Анна Зегерсы, Луи Арагоны, Л Леоновы, А. Твардовскийы, К. Федины, К. Чуковскийы, А. Арбузовы, И. Эренбурджы,
В. Каверины… хъæлæстæ. Иу кæнæ иннæ уацмыс куыд райгуыры, уый тыххæй-иу фысджытæ сæхæдæг цы дзырдтой, уыдон дæр æвдадзау ахадыдтой. Кæуыл сахуыр дæ, уыцы сыхæгтау фыссæг – хуымæтæг, зæххон, фæлæ-иу дзурын куы байдыдта, уæд-иу уымæй дæу æхсæн æгæрон быдыртæ айтыгътой сæхи, æмæ дæ-иу нал уырныдта, уыйонгты искуы фæхæццæ уыдзынæ, уый. Дзырд – мыр йеддæмæ ницы у, дзырд дæ раулæфтимæ атахти æмæ айсысти. Фæлæ фыссæг дзырд æрцахсы, цыдæр кæлæнтæ йын бакæны, æмæ дзырд дзырд нал вæййы; дзырд дæ зынгау басудздзæн, дзырд дæ ахиздзæн нæмыгау, дзырд дын басгуыхдзæн æвдадзы хос, сдзæбæх дæ кæндзæн, æрæздахдзæн дæ цардмæ. Æрвылбон кæй хъусыс, уыцы дзырдтæ – æгоммæгæс, уазал, афтид агъудтæ, фæлæ фыссæг риссы дунейы рисæй, уæларвон комытæф æм фæхæццæ, йæ дзырдтæй дунейы хъæдгæмттæ æндидзынц, дзæбæх кæны рыст удты, ныфсæвæрд æмæ сæ æнхъæлцау кæны сæ фидæнæй.

Мыхуыры фæзынди В. Дудинцевы роман «Не хлебом единым». Мах, студенттæ, цардыстæм Мæскуыйы бынмæ Переделкинойы. Электричкæйы цыдыстæм. Уымы адæм куыстмæ дард рæттæй цæуынц æмæ, цæмæй сæ рæстæг уæгъды ма сæфа, уый тыххæй семæ кæсинаг рахæссынц. Афæдзы дæргъы электричкæйы чиныгкæсджыты къухты журнал «Новый мир» (Дудинцевы роман уым мыхуыргонд уыд) уыдтон. Мах дæр æй нырыккон советон литературæйы семинары æвзæрстам, æмæ йæ бакастæн. Романы тыххæй ныхасгæнджытыл-иу сæмбæлдтæн метройы дæр, троллейбусы дæр. Кæдæй-уæдæй царды æцæгдзинадæй цыдæртæ загъд æрцыди нырыккон фыссæджы уацмысы, æмæ йыл адæм цин кодтой. Конференцитæ йыл арæзтой. Сæйраг архайæг – инженер-æрхъуыдыгæнæг, размæ йæ нæ уагътой. Хъизæмæрттæ йын бавзарын кодтой, йæ бинонты цард дæр ныссуйтæ. Гæвзыкк уавæрты æрвыста йæ цард. Уый, СЦКП-йы XX съезды фæстæ бæстæйы политикон климæт фæхъармдæр, æмæ фæци уыцы романæн рухсмæ рауадзыны фадат.

Æмдзæрæны кæнæ-иу институты уæгъд рæстæг студенттæ куы бакъорд сты, уæд-иу сæм рауади, уыцы азты дæр ма кæй нæ мыхуыр кодтой, ахæм уырыссаг фысджыты кой. Æнæ чиныгмæ кæсгæйæ-иу дзурын райдыдтой Есенины æмдзæвгæтæ. Хъодыгонд уыди уымæн йе сфæлдыстад, зианхæссæгыл æй нымадтой. Балаты Темболимæ Литературон институты чи ахуыр кодта, уыдонæй иуы атардтой, Есенины чиныг æм кæй разынд, уый тыххæй.

Иуахæмы нæ аудиторимæ æрбацыди къæсхуыртæарæзт бæрзондгомау сылгоймаг. Йæ цæсгомыл æргом фыст уыди: йæ фæллад никуы ссæуы, æххормæгтæ бавзæрста, йæ дарæс дæр – ихсыдвæд, хуызивд. Стъолтæй иуы уæлхъус сбадти æмæ лекцийы кæронмæ уым фæци. Зæгъын, кæд йæ цотæй исчи немæ ахуыр кæны æмæ уый фæдыл æрбацыд – мæ мадæй мæм карджындæр фæкасти. Фæбадти уыцы бон лекциты кæронмæ, æрбацыди уый фæстæ бон дæр. Уалынмæ рахъæр сты йæ хабæрттæ – уыди ссæдз азы размæ репрессигонд, политикон æгъдауæй тæссаг адæмтимæ хаст æрцыди. Ацы институты ахуыр кодта, афтæмæй йæ æрцахстой. Ныр æй сраст кодтой, æмæ йæ ахуыр хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæна. Æвæццæгæн ын, карзæй фæдзæхст уыди, æмæ йæ хабæрттæй никуы ницы дзырдта, койæ зыдтам, йæ лæг æй банымыгъта, æмæ, дам дзы ныр дæрдты лидзы. Уый уыди Ирина Нолле. Суанг институты фæудмæ йæ æрвылбон дæр уыдтон, фæлæ йæм афтæ дæр æдæрсгæ бакæсын нæ бафæрæзтон – цыдæр æбуалгъ сусæгтæ хаста йæ зæрдæйы, йæ буары. Исчи нын хъуамæ бамбарын кодтаид, цы азимаг фæци, æви йæ чи фæазимаг кодта. Фæлæ нырма ничима зыдта, мæлæтхæссæг тасы азарæй куыд фервæзæн ис, уый. Уæддæр, æзæдза, цард йæ кæнонтæ кæны, æназым адæймагæн йæ рæстдзинад тыхы суадон фесты, æмæ зындоны артæй дæр рахизы. Ноллейы кар кæцыдæр рæстæг нал фиппайдтон. Не ‘мцахъхъæн та баци, не ’мныхас кæнын дæр та базыдта. Йæ цард ын тыхыскъуыд кæм фæкодтой, фæстæмæ уыцы кармæ раздæхыны курдиат æмæ хъарутæ дæр ма йæм разынди.

Цæрæнбонты мæ цæстыты раз лæудзысты С. Бондийы, Виктор Шкловскийы сурæттæ. В. Архиповы кой уæлдæр скодтон. Революцийы агъоммæйы рæстæгæй фарн чи æрхаста, энциклопедион зонындзинæдтимæ чи æрцыд, æртæйæ дæр уыдонæй уыдысты. Авдтаргæнæг рæстæджыты сын цыдæр хуыцау æххуыс кодта, цыдæр амонд сæм каст, æвыдæй баззадысты æмæ нын нæ афтид удтæм рухс фæуагътой. Здæхтой нæ рæствæндагмæ, аивады ‘рдæм. Лектортæ схонæн сын нæй, наукæйы кандидатты, докторты хуызæн дæр мæм нæ кастысты. С. Бонди нын касти сæрмагонд курс А. С. Пушкины сфæлдыстадæй. Дзырдтой дзы: уыцы курс кæсы Ломоносовы номыл университеты дæр. Æмæ, дам ын «Евгений Онегин»-æн иу семестр куы радтой, уæд бакатай кодта: «Уыцы рæстæгмæ студенттæн цы радзурдзынæн романы тыххæй?!» Стихы теорийы тыххæй чиныг фыста, чиныгуадзджытæ йын лæгъстæ кодтой: рахæсс дæ къухфыст – дыууадæс азы дæргъы йыл куыста. Фæлæ йæ нæ лæвæрдта, цæттæ нæма у, загъта. Стихы теори махæн дæр амыдта. Ритм цы у, уый мæм уæд бахъардта. Ритмы тыххæй-иу куы дзырдта, уæд хъусты зæлыд уады къуыс-къуыс, денджызы гуылфгæнаг бæрзондрагъ уылæнты нæрын, поезды цæлхыты æмуынæр гыбар-гыбур, уадымсы фæлмæнныхил фендзæвдтытæ. Йæ буар-иу æмызмæлд сси, кафæгау-иу кодта, къухы ‘нгуылдзтæ-иу стъолыл размæ-фæстæмæ – згъоргæ. Зачетты, фæлварæнты рæстæг-иу ныссуйтæ дæ – дæ билеты фарстытæн дын-иу йæхæдæг дзуапп радтаид, афтæ-иу бакодтаид: «Афтæ йæ нымай, æмæ фарстытæн дзуапп радтон» æмæ дын-иу, стипендийæ дæ чи нæ фæиртаса, ахæм бæрæггæнæн сæвæрдтаид.

В. Шкловскийы лекциты рæстæг-иу нæм уæгъд бынат нал баззад, бандæттæ-иу æрбахастой аудиторимæ. Къулрæбынты лæугæйæ йæм хъуыстой. Зын мын уыди йæ ныхасы фæдыл уайын, – йæ хъуыдытæ цалдæр уылæнæй фæрсæй-фæрстæм ивылдысты, кæмдæрты-иу фæиу сты, æмрухс-иу ныккодтой æмæ-иу ныдздзæгъæлтæ дæн. Исты зоныс, нæ зоныс, пединституты уымæ нæ кастысты. Фæлварæны рæстæг комкоммæ дæ билеты фарстæн дзуапп ратт, æндæр, предмет зоныс, нæ зоныс, уый ничи бæрæг кодта. Æмæ райгуырди ног афоризм – базырджын ныхас: «Цыдæриддæр мæм уыди, уыдон иууылдæр радтон, мæхимæ дзы ницуал ныууагътон». Прозæйы теорийы сусæгдзинæдтæ та нын В. Шкловский рахаста нæ размæ. Зачеты рæстæг ын цыдæртæ радзырдтон, – йæ ныхæстæй йын цы бахъуыды кодтон зæрдаивæй, уыдон. (Пединституты нын фылдæр ахуыргæнджытæ цæттæ текст кастысты, мах сæ фæстæ фыстам, æмæ-иу ын фæлварæнты рæстæг дзырдæй-дзырдмæ рафæзм йæ лекцитæ, уæд-иу арфæйаг фæдæ). О, фæхъуыста мæм Шкловский, стæй мæ бафарста, цы адæмыхаттæй дæ, зæгъгæ, æмæ афтæ бакодта: «Уæдæ ма мын зæгъ: Коцойты Арсен куыд арæзта радзырды сюжет?» Уый фæндиаг дзуапп кæцæй радтаин. Æз идейæтæй дзаг уыдтæн, цитатæтæй. Æмæ йæ æмбæрста, цастæ мæ домæн ис, уый. Абон дæр ма махмæ эпикон жанрты кусджытæй бирæтæ сæ хъус нæ дарынц сæ уацмысы сюжетон нывæзтмæ. Цардæй комкоммæ ист хабæрттæ кæрæдзимæ бафтуантæ кæн, теорийы домæнтæ хынцгæйæ, – бабаст, архайды тæмæн, кæронбæттæн – таурæгъы мадзæлттæй йæм фæкæс æмæ йын йæ бæрцмæ гæсгæ жанр ныннысан кæн сæргонды бынмæ. Хабæрттæ сты арæзтадон æрмæг, æмæ дзы уацмыс саразы æрмæстдæр курдиатæй хайджын дæсны лæг.

Ныр ыл ахъуыды кæнын: авдтаргæнæг рæстæджы бæллæхтæ уыцы фарнхæсджытæ æнæмæнг æмбæрстой. Ноджы уый дæр æмбæрстой, æмæ ИВГЪУЫД, АБОН æмæ СОМ æрдзон фæткмæ гæсгæ кæрæдзийыл баст кæй вæййынц, æмæ уыцы фæтк хæлд куы æрцæуы, уæд стыр бæллæхтæм кæй æртæры, цард кæй нырраууат вæййы. Æмæ уыцы фæтк хæлд æрцыди, фæлтæрты ‘хсæн самадæуыд, сыбыртт дæр кæй сæрты нал хъуыст, ахæм сис.

Институты фыццаг дыууæ курсы нын ахуыры тыххæй афæдз дыууæ хатты нæ стипенди урæдтой. Æмæ-иу мæ 22 сомы ничердæмуал æххæссыдысты. Хъарм хæринаджы хъæстæ æдзух нал кодтон. Смоленскы фæзы-иу метройæ схызтæн сæумæрайсом. Уым 2 булкæйы алхæн, дæ дзыппыты сæ атъысс. Цæугæ-цæуын нывнал дзыпмæ, булкæйæ фескъуын гæбаз æмæ дæ куыд ничи бафиппайа, афтæ йæ дæ дзыхы баппар. Арбаты уынджы-иу, комдзæгтæ гæнгæ, фистæгæй бафардæг дæн институтмæ. Иуæй, æхца фæстауæрц кодтон, иннæмæй, – рæстæг. Хæдзармæ фыстон: ницы хъуаг дæн – мæ кæстæртæн дæр скъолайы ахуыры тыххæй æхца фидын хъуыди, хæдзар – тыхстытæ, се рагъыл – алы хæстæ…

Нæ институт нын фыццаг категорийы институтты æмвæзмæ систой, зæгъгæ, кæрæдзийæн æппæлыдыстæм. Рацыди цасдæр рæстæг, æмæ студенттæ нырхæндæг, ныхъхъуынтъызæрфыг сты. Рацæй-рабон, æмæ дын куы рабæрæг уаид – ахуыргæнджыты мызд фæфылдæр кодтой, фæлæ стипендитæ, куыд уыдысты, афтæмæй баззадысты. Уый тыххæй æргом сдзурджытæ разынди студенттæй, тæссаг уыди, уавæр змæстмæ куы расайа, уымæй, æмæ æргом ныхасгæнджытæн сæ ныфсхастдæртæй цалдæры институтæй дыууæ азы æмгъуыдмæ ацух кодтой. Ома, искуыты уал ацæрæнт, акусæнт, æмæ, цард хуыздæр куы базоной, уæд дарддæр сæ ахуыр ахæццæ кæндзысты. Партийы рæнхъытæй æппæрст æрцыди фæсарæйнаг литературæйы кафедрæйы уæнг, профессор Металлов.

Переделкинойæ нæ институтмæ ласын байдыдтой автобустæй. Лæвар. Иу сæумæрайсом, автобустæм куыд æнхъæлмæ кастыстæм, афтæ ныл уæларвæй дур æрхауæгау сæмбæлди æбуалгъ хабар: дысон Фадеев йæхи амардта! Не ‘мдзæрæнæй Фадеевы дачæмæ кæд уыдаид иу километр. Дзырдтой: дзыппыдаргæ хæцæнгарзæй фехста йæхи. Дзырдтой: фæстаг рæстæг нозтыл фæци æмæ йæ къух йæхимæ систа. Иу фыстæг ныффыста Фысджыты цæдисы номыл, иннæ – А. Сурковы номыл. Фæлæ афтæ хъуыдыгæнæг нæ уыди: кæд, рæстæг кæй аивта, репрессигонд адæмæй ма æгас чи у, уыдон фæстæмæ кæй здæхынц, уыдæттимæ баст у йæ трагеди?! Кæд йæ роман «Черная металлургия»-йы цы проблемæйыл фыста (1952-æм азы йæм Маленков фæсидти, радзырдта йын, æфсæйнагтайынгæнæны æвæджиауы ног мадзал кæй æрхъуыдычындæуыди, уый æмæ йын бафæдзæхста, роман ныффыссын хъæуы, зæгъгæ), уый мæнг кæй рауади, йе ‘рхъуыдыгæнæг инженер – цæстфæлдахæг, æмæ, Фадеевы бирæ азты фыдæбон кæй фæмæнг, уыимæ баст у хабар?! И. Эренбург куыд фæзмыдта, афтæмæй Фадеев афтæ загъта: «А дунейыл Сталин æмæ мæ Мадæй фылдæр никæй уарзын. Уæвгæ, уыдонæй тынгдæр тæрсгæ дæр никæмæй кæнын». Æви, зæххон хуыцауы цæсгомыл сау тæппытæ кæй федта, кæд ын уыимæ бæттын хъæуы йæ трагеди! Фæлæ уæд, Кремлы дуæрттæ гом кæмæн уыдысты, æмæ Фадеевы æмсæр чи уыд, уыдон дæр бирæ цыдæртæ нæма зыдтой. Æцæгдзинад æмбæхст кæм вæййы, уым та алы дам-думтæ арф уидæгтæ ауадзынц.

Мæ фондз азы стырдæр фыдæбон – уацау «Фыдуаг у Æрæф». Рецензент Романенко йын йæ хъæнтæ хурварс æрæвæрдта, æмæ мæхи цæсты дæр нал ахадыдта. Паддзахадон къамисы сæрдар В. Иванов загъта бæрцæй цалдæр хъуыдыйады, ома ацы куыст банымаинаг у. Æппæты стырдæр аргъ мын скодта нæ семинары хицау Валерия Анатольевна Герасимова (уыцы рæстæджы-иу йæ уацау «Байдаровские ворота»-йы кой мыхуыры арæх уыди). Афтæ загъта: «Æз ацы лæппуйыл æууæндын, цъапкуыст нæ кæндзæни». Уацау мыхуыргонд æрцыд «Мах дуг»-ы. Чиныгмæ бахæссыны аккагыл æй никуы банымадтон.

 

* * *

Уыцы уацау мын нæ фæци ныфсы хос. Мæ кармæ гæсгæ – мæ 27-æм аз дæр кæронмæ тындзыдта – кæй ницы сарæзтон, уый мæ ныхыл фыстæй хастон. Мæ дыккаг институт мæ бæрнджын кодта, æмæ хъуамæ исты сæнтыдтаин, ирон чиныгкæсæг кæмæ æрыхъуса, ахæм ныхс загътаин. «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусын куы райдыдтон, уæддæр уыцы хъынцъымтæй нæ фервæзтæн. Райстой мæ промышленнон хайадмæ. Мæнæ, ленк кæнын чи нæ зоны, ахæмы гуылфгæнаг арф донмæ куыд баппарай, уыйау æнкъардтон мæхи. Заводы кæддæр экскурсийы рæстæг цы уыдтæн, æндæр ын ницы æмбæрстон, æмæ мæм цы уацхъуыдтæ лæвæрдтой, уыдоны æвзагмæ базилыны ныфс дæр мæм нæ уыд. Уацхъуыд кастæн, кастæн, æмæ дзы дамгъæ дамгъæйыл нал хæцыди, дзырд – дзырдыл. Машинисткæты уатмæ мæ барвыстой мыхуыргонд æрмæг рахæссынмæ. Машинкæтæ нæмыгзгъалæгау къæр-къæр кодтой. Сæ иуы раз бадти журналист Хуытъинаты Махарбег. Æнæ къуызгæйæ, уыцы цæттæ хъуыдыйæдтæ дзырдта, машинкæйыл мыхуыргæнæг æй тыххæйты æййæфта. Æз æм хъусыныл фæдæн. Стæй дын куы бафиппаин – йæ къухы иунæг сыф. Стæмхатт æй йæ цæсты зулæй ауыны æмæ дзуры æдæрсгæ, иу хъуыды иннæйы схойы. Цыма диктор у, æмæ цæттæ текст кæсы. Машинисткæйы раз – цалдæр мыхуыргонд сыфы. Мæ дисæн кæрон нал уыди, Махарбег-иу цы сыфмæ æркасти, уым – æрмæстдæр цыбыр хъуыдыйæдтæ, нымæцтæ кæрæдзи бынмæ фыст. Æмæ йæ фембæрстон – импровизаци кæны. Ме уæнгтæ æркалдысты. Йæ разы мæхимæ мæлдзыджы йас дæр нал кастæн. «Нæ, æз ам ницы бакæндзынæн», – алыг кодтон цæхгæр. Иу бон ма къуыттыйæ фæбадтæн. Тын нывæндæгау кодтой редакцийы кусджытæ, æмæ сæм хæлæгæй мардтæн, зæгъын, сæ хъуыды куыд æрбæстон вæййы, æрвылбон уыйбæрц «рæгъæд» æрмæг раттын сæ къухы куыд бафты! Редакторæн загътон: тынг фæллад дæн æмæ иу мæй баулæфон. Нæхимæ хæдзары та сын афтæ бамбарын кодтон: сфæлдыстадон институт каст фæдæн æмæ æнæмæнг хъуамæ аивадон уацмыс ныффыссон.

Редакцимæ фæзындтæн афæдзы фæстæ. Мемæ бахастон мæ фыдæбон, мæ ныхас кæмæй райдыдтон, уыцы уацау «Зарæг сабырдзинад уарзы».

Дзырдтой: журналист алы бон дæр хъуамæ секретариатмæ дæтта 200 – 250 рæнхъы. Мæхинымæр загътон: уыйбæрц нæ дæтдзынæн, æмæ мын «ацу» куы зæгъой, уæд ацæудзынæн. Мæ дыккаг катай та, раздзырдтæ фыссын мæ куы бахъæуа, уыимæ баст уыди. Æмæ та загътон: раздзырдтæ мæ куы домой, уæд дæр ацæудзынæн. Цасдæры фæстæ базыдтон: уыцы жанр бирæтæн – сæ уд, сæ дзæцц. Телефоны руаджы факттæ райс, истытæ базон, бæрцæй 4 –5 фарсы афысс, æмæ, мæйы дæргъы цы гонорар хъуамæ бакусай, уымæн йæ цыппæрæм хай – дæ дзыппы. Рæнхъытæ дæр мæ нæ бадомдтой, раздзырдтæ дæр, æмæ æрсабыр дæн.

Фæлæ мын мæнæ – ног фæлварæн. Цырыхаты Михал – культурæйы хайады хицау – мæ разы æрæвæрдта Мамсыраты Дæбейы къухфыст. Чырынтæ тетрады – æнгомрæнхъæй фыст радзырд. Загъта мын, Дæбейы къухфыстытæ кусинаг вæййынц, зæгъгæ. Цы мæ домы, уый бамбæрстон, фæлæ, зæгъын, кæд æндæр исты зæгъинаг уыди. Бакастæн радзырд, æмæ дисæй амардтæн: ау, ацы куыст Дæбейы къухæй рацыди! Хъуыдыйæдтæ «хъуыры фæбадынц», кæм хъуыды – æгæр æууылд, кæм дзырд йæ бынаты нæй, кæм – æрбалвасинаг бынæттæ. Рæнхъæй рæнхъы ‘хсæн исты бафыссыны бынат нал уыди тетрады, æмæ йæ машинисткæтæ рамыхуыр кодтой. Æгæр æм куы нæ фæныхилин, зæгъгæ, мæхиуыл хæцыдтæн, фæлæ йæм редакци кæнынмæ куы бавнæлдтон, уæд мæ айрох ис мæ хъуыды… текст ныхъхъулæттæ. Рамыхуыр та йæ кодтой, бакастæн æй. Секретариатмæ куы бацыди, уæд мæм мæ зæрдæ афтæ сдзырдта, цымæ ма мæ цыдæр бакæнын хъуыди. Фæлæ цы!.. Радзырд джиппы уагъдæй газеты фарсыл куы бакастæн, уæд фембæрстон мæ рæдыд: автормæ раттын хъуыди машинкæйæ мыхуыргонд текст. Мæхи уый бынаты авæрдтон – мæ къухфыст ме ‘вастæй уæлæнгай рæстытæ куы бакæниккой, уæддæр мын зын уаид, æмæ хорзау нал фæдæн. Сындзытыл бадæгау фæкодтон кабинеты, телефоны алы зæллангæй дæр-иу мæ уд ауад – ныртæккæ мæ Дæбе бацагурдзæн æмæ мын алывыдтæ фæкалдзæн. Ахæмæй ницы ‘рцыди, æмæ мын æнæ дзуаппæй чи баззад, уыцы диссæгтæ иу фылдæр фесты.

Æмбæрстон æй, газеты кæцыдæр номыры фидауц чи хъуамæ суа, ахæм æрмæг куы нæ ныффыссон, уæд мæ редакцийы кусджытæ се ‘мсæрыл нæ банымайдзысты, æмæ уæд мæнæн семæ кусгæ нæу. Фæлæ мæ æгады цыд акæнын дæр нæ фæндыд. Колхозтæ аразыны дуджы йæ лæджы кæмæн амардтой (цалдæр хатты йæ йæ кабинетмæ бахстой, фæлæ та-иу аирвæзт, маргæ йæ акодтой Ирыстоны арæны æдде, йæ мард ын голладжы æвæрдæй фаджысты баныгæдтой), æхсæнадон куысты цыренмæ йæхи чи æппæрста, ахæм сылгоймагмæ фæцыдтæн. Иу цау, иу хабар дæр мын нæ радзырдта царды æцæгтæй, – уыдон, дам дæ цæмæн хъæуынц. Газеты раздзырдтæй, æмбырды докладтæй ист цæттæ хъуыдыйæдтæ кæрæдзимæ фефтуантæ кодта. Партийы Цыбыр курсы коллективизацийы дуджы цауты тыххæй цы хъуыдытæ загъд уыди, уыдон мын хи ныхæстæй фæзмыдта. Æндæр хатт чырыстонхъæуккаг зæронд лæджы бирæ фæрафæрс-бафæрс кодтон, зæгъын, мидхæсты заман Дыгуры партизанты къорды уыдтæ, æмæ мын уæды рæстæгæй исты бæлвырддзинæдтæ радзур. Зæгъын, уæлæдарæсæй уæ кæуыл цы уыди, хæргæ цы кодтат, уыдæттæ дæр мæ хъæуынц. Мæнæ цыма Тогойты Данелы фарсмæ уыди æдзухдæр, æмæ йæ оперативон бæлвырддзинæдтæ дзурын бахъуыд, уыйау уæды ставд хабæрттæ нымайынмæ фæци, æмæ ныссуйтæ, Фыдыбæстæйы хæсты цаутимæ йын-иу фемхæццæ сты уæды цаутæ. Зæхмæ æрхизын мын нæ бакуымдта.

Æмæ ма ноджыдæр иу фæлтæрæн скодтон, номыры фидауц чи хъуамæ фæуа, ахæм æрмæг бацагурыны тыххæй. Мæ хъустыл æрцыди: дæс къласы каст чи фæци, ахæм лæппу ныр цалдæр мæйы хъугдуцæгæй кусы. Æвæджиауы æрмæг дзы кæй разындзæн, уый мын гуырысхойаг нал уыди. Æмæ йæ æвæстиатæй бацагуырдтон. Ирон адæймаджы цæстæй кæсгæйæ, уый сылгоймаджы куыст уыди, у æмæ уыдзæн. Мæ нымадæй дæр, уыцы фæтк фехалын йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыди. Нæлгоймаджы дыгъд æхсыр æнæрхъуыдыйæ чи бахордта, йæ артæнбынтæ чи фæкалдта, æмæ урссаг кæмæн фенад, ахæм сылгоймаджы дæр зыдтон. Цымæ йæм, зæгъын, уыцы фæтк фехалыны ныфс куыд разынди! Фыццаг хатт хъуджы бын куы æрбадт æмæ йæм алырдыгæй сылгоймаг-дуцджытæ куы ныккастысты, уæд цы уавæры уыди! Науæд ма бонрухсæй уынгты, æдæрсгæ къахдзæфтæ кæнгæ, сæхимæ æрбафардæг? Рагацау цин кодтон: уыцы фарстытæн дзуапп куы райсон, уæд мæ очерк фесгуыхдзæн.

Дæс къласы фæстæ куысты фæлтæрддзинад кæмæ уыд, ахæмты уыцы азты райдыдтой институттæм æнæ конкурсæй исын. Рæстæмбис бæрæггæнæнтæ-иу райсæд (æмæ сын ахæм бæрæггæнæнтæ дæр æнæ æвæргæ нæ уыдысты), æндæр-иу институты фæмидæг. Æмæ та дын ацы хъайтар дæр, раст ын æмдзæгъд кæн, ахæм стыр ныхæстæ дзурынмæ куы фæуаид. Ома, парти æмæ советон хицауад фæсивæдмæ сидынц, цæмæй уыдон суой фæллойы фронты хъазуатонтæ… Бауагътон æй дзурын, гæххæтмæ йын фæкалдтон йæ уæлвонг ныхæстæ. Очерк рауади хъуæгтæ. Фæцыдтæн ма йæм ноджыдæр, фæфарстон уый тыххæй фермæйы кусджыты дæр, бампъызтытæ кодтон очерк. Мæ хъайтар куыддæр институтмæ бахаудта, афтæ æндæр куыст бацагуырдта. Чи йæ зыдта, уыдонæй мын иу афтæ: «Гъер бамбæрстай, хъуджы фæдæгыл цæмæн æрхæцыд, уый!»

Институттæм истой, дыууæ азы-иу чи бакуыста, ахæм æнæхин фыдæбонджынты. Институттæм истой, йæ къух уазал доны дæр чи никуы атылдта, фæлæ дыууæ азы бакуыстон, зæгъгæ, ахæм гæххæттытæ-иу чи самал кодта, уыдоны дæр. Хиды тæф чи кодта, уыцы гæххæттытимæ иу тæрхæгыл æвæрдтой æвæлмон гæххæттытæ. Æмæ амарди бæрнон уынаффæйы фарн. Ныййарджыты, фæсивæды æхсæн фыдæхдзинад æнхъызти. Уый тыххæй газеткæсджытæн исты зæгъын хъуыди, фæлæ ноггуырд темæ сси нæфæтчиаг.

Æмбæрстон æй, мæхимæ диссаг цы фæкæса, газеткæсæг дæр ахæм æрмæг бакæсдзæн æхсызгонæй. Йæ цард кæмæн ныссуйтæ, ахæм лæппутæ Ольгинскæйы звено сарæзтой, зæгъгæ, æрыхъуыстам, æмæ сæм Икъоты Юриимæ араст стæм. Нæ сæ бафæндыд немæ ныхас кæнын. Колхозы сæрдар сын сæ раздзæуæджы сыфцæй ласæгау бакодта йæ кабинетмæ æмæ йын карзæй ныффæдзæхста: адонæн цалынмæ уæ хабæрттæ радзурай, уæдмæ дæ нæ ауадздзынæн. Æмæ ныл дуар сæхгæдта. Дзырдта уазал зæрдæйæ, йæ цæстыдзагæй дæр нæм не ‘рбакасти.

«Мады зæрдæ нал фехсайы», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ рацыди нæ очерк. Газеткæсджыты æууæндын кодтам, хъæубæсты сабыр цардхалджытæ кæй æрнывыл сты æмæ сæ ныййарджытæ æнæмæтæй кæй бафынæй вæййынц, ууыл. Сæ фæззæджы куыстытæ кæронмæ нæма фесты лæппутæ, афтæ нæм редакцимæ æрбадзырдтой: «Мады зæрдæ та æхсайы!» Базыдтам: лæппутæй иу ахæстонмæ бахауди, звено фехæлди… Уый размæ дæр æмбæрстон: уæлæнгай æвæрд хабæрттæ рауыгътам, очерк ацъапп ластам, æмæ нæ лæппутæ æрбайрох сты. Газеты куыст цæсты нал ахадыдта. Мæ фæндиагæй, алы журналист дæр мæй иу хатт хъуамæ ныффыстаид, авд дуары мидæг æмбæхст сусæгдзинæдтæ æргомгонд кæм цæуынц, ахæм ахсджиаг æрмæг. Нагъ, уæд социалон конфликттæ æмæ уæззау проблемæтæ лыг кæныны рæстæг нæ уыди. Лыстæгдæр нæй, ахæм сасирæй луæрст цыдысты æппæт æрмæджытæ дæр, æмæ дзы зæрдæхсаинагæй рухсмæ ницы ирвæзти. Йæхицæн сæрниз ничиуал кодта, газеты кусæг-иу телефоны руаджы цы æрмæг райста, ууыл «дон» аскъæр, æмæ, уавæр куыд амыдта, уымæ гæсгæ дзы-иу радзырд дæр сарæзта, уац дæр, репортаж дæр, очерк дæр…

Хайады хицау-иу спълан кодтаид партийы обкомы бæрнон кусджытæй искæй уац (газеты идейон уæз ахæм æрмæджытæй аразгæ уыди), йæхæдæг-иу ныффыста уац, цæугæ та-иу бæрнон кусæджы номыл ракодта, æхца дæр уымæн, ноджы – иннæтæй фылдæр.

Поэт Тохты Иван Фысджыты цæдисмæ ссыди хъæуæй æмæ цæхæртæ калдта. Паддзахады æхцатæ чи бахордта, сæ хъæуæй иу ахæм бæрнон кусæджы митæ хурмæ рахаста. Редакцийы кусæг фæцыди, зылынджыны бацагуырдта, йæ хæдзары фæминас кодта, сыздæхти æмæ фельетоны бæсты очерк рауагъта.

Газеткæсджыты нымæц къаддæрæй-къаддæр кодта. Редакциты кусджытæ зылдысты райкомтыл, колхозты правленитыл, алы куыстуæттыл, хъуырыцъар ивазгæйæ, лæгъстæ кодтой: рафыссут газет! Адæмы чи нал хъуыди, уыцы газет лæгдыхæй фыссын кодтой. Адæм кæй нал кастысты, уыцы газеты кусын – бегара фидæгау.

Журналисты куыст нал ахадыдта, æмæ йæм сæ ныфс хæссын байдыдтой, хъуыдыйад рæстмæ саразын чи нæ зыдта, ахæмтæ дæр. Журналисты æвдисæндар-иу кæмæндæрты фæци йæ хæдзары тыхстытæ аразыны фæрæз – кæцæй лæварæмхасæн фыдызгъæл рахæсс, кæцæй цы, кæцæй цы…

 

* * *

Куыддæр мын фадат фæци, афтæ чиныгуадзæнмæ кусынмæ бацыдтæн. Уыдтæн аивадон литературæйы хайады редактор. Удæгас фыссæджы сфæлдыстадон æрмадзы сусæгтæ раздæр чи базоны, уыдонæй-иу – редактор. Нырма йæ чернилæ дæр кæмæн нæма басур, нырма йæ дзырдтæ тæлфгæ кæмæн кæнынц, уыцы «ноггуырд» уацмыс – дæ бæрны. Æнхъæлмæ йæм кæсынц æууæндаг, цингæнаг мингай чиныгкæсджытæ. Ды «ноггуырдæн» – йæ фæндаграстгæнæг. Сфæлдыстадон æрмадзы тыххæй дын уый размæ фæдзырдтой, ныр дын фæци йæ къæсæрæй бахизыны фадат. Ныр дæхи цæстæй уындзынæ, зæрдæйæ банкъардзынæ, уым цы алæмæттаг змæлд фæцæуы, уый. Иударон чи ссис, уыцы дзырдтæ фестынц хæрдгæ, æмæ сæ сфæлындынц алы нывæфтыдтæ æмæ фидыцджын фæлгонцтæ, æгомыг предметтæ бауддзыд, бацардæгас вæййынц. Чиныгкæсæг кæй дæ, уый дæ айрох, уымæн æмæ балæууыдтæ уæлфæдзæхстон дунейы.

Ахæм цин æвзæрстон, чиныгуадзæны кусын куы байдыдтон, уæд, уартæ 28 азы размæ. Уæд ма æфтиагджын куыстыл цуангæнджытæ афтæ арæх нæ уыдысты, æви сæ æз нæма фиппайдтон. Мæ цин тагъд æрмынæг. Мæ размæ чиныгуадзæны цы фæтк сфидар, уый æххæст кæнын хъуыди мæн дæр, æмæ мæ фыццаг бонæй мæ фæстаг бонмæ (бакуыстон дзы дæс азы) мæ сæр схъил кæнынмæ дæр нал æвдæлд.

Къухфыст мыхуырмæ куыд хъуамæ цæттæгонд цæуа, уый тыххæй паддзахадон уагæвæрды загъд ис: «Чиныгуадзæн æрбахоны, адæмы домæнты аккаг уацмыстæ сфæлдисын йæ бон кæмæн у, ахæм авторты».

Уæвгæ, эстетикон æфсармæй хайджын фыссæг уагæвæрдтæ æмæ инструкцитæм гæсгæ кæд фæкусы? Фæлæ уыцы домæнтæ бирæ автортæ зонгæ дæр нæ кодтой, дзургæ дæр сын сæ ничи кодта. Мæ рæстæджы сæ исты бадомын йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæнуал уыди. Фиппаинаг æххæстæй дæр нæма загътай, афтæмæй дæ чи бамбæрстаид, ахæм авторимæ кусгæ дын у, зæгъгæ, уæд-иу уый редакторæн бæрæгбон уыди. Рæдыдтытæй бæз-бæз чи кæны, ахæм ирон къухфыст чиныгуадзæнмæ æрбахæссын бирæтæм худинаг нал касти. Уый редактортæ сæхæдæг дæр ницæмæуал дардтой. Ме ‘рбацыдмæ дæр бæрæг уыди, автортæй йæ куыстмæ чи цы цæстæй кæсы, уый. Бæллиццаг автортæ – стæм. Иннæтæ-иу æрбаппæрстой сæ къухфыстытæ, æмæ-иу цалынмæ чиныг джиппыуагъдæй фæзынди, уæдмæ сæ къухтæ уазал доны дæр нал атылдтой. Сæ сæйраг фыдæбон – къухфыст пъланмæ тагъддæр бахауа, хуыздæр гæххæттыл æй ныммыхуыр кæной, хъæздыгдæр аивадон фæлысты рацæуа, фылдæр гонорар ын сæвæрой. Ахæм къухфыстыты-иу хатгай иунæг удæгас хъуыдыйад дæр нал баззад, афтæ «хуымгонд»-иу цыдысты. Текст-иу ритмикон æгъдауæй бынтон æндæрхуызон зæлын байдыдта, æмбис тæнæгдæр-иу фæци. Редактор-иу йæхимæ райста авторы хæстæ, ома уацмысыл-иу бакуыста литературон æгъдауæй. Авторты бартыл дзурæг уагæвæрдты домæнтæм гæсгæ, ахæм куыст бакæнæгæн чиныджы авторы фарсмæ йæ ном фыст æрцæуы, æмæ, цас бафыдæбон кæна, уый бахынцгæйæ йын бахай кæнынц авторы гонорары 40 кæнæ 50 проценты. Фыдæбонджын адæймаг авторимæ æмбар куы нæ свæййы, уæддæр чиныджы титулон сыфыл джиппæйфыстæй фæнысан кæнынц: литературон æгъдауæй йыл бакуыста ахæм æмæ ахæм адæймаг.

Фыссæджы ном хæсса æмæ йæм фыссыны культурæ ма уа, æрдзы мидæг уымæн уæвæн нæй. Нæ цæстытыл ма ауайын кæнæм: радакторы зæрдæмæ нæ фæцыдысты Къостайы «Сидзæргæс»-ы ахæм дыууæ рæнхъы: «Афтæмæй сын дуртæ Цуайнаджы фыхта». Уымæн та уæвæн ис. Зæгъæм, Къоста райгуырди мах дуджы, æрбахаста редакцимæ йæ шедевр (æвдисы ивгъуыд царды нывтæ). Редакторы зæрдæмæ нæ фæцыди, йе та, йæ уацмыс фесгуыха, уый йын йæ цæст нæ уарзы, æмæ йын йæ рæнхъытæм фæныхылдтытæ кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, классикон уацмыс амæлдзæн. Кæд искæй бæсты цæрæн ис, уæд искæй бæсты уацмыстæ фыссæн дæр ис. Адæймаджы хъæдгæмттæм базил, мæрдтæй йæ раздах, уымæн уæвæн ис, фæлæ йæ цармы нæ бабырдзынæ. Лæгъз хъуыдыйæдтæй исты хъуыдытæ æмæ хабæрттæ дзурын аивад нæма у. Аивадон уацмысы æвдыст æрцæуы, зæрдæйы чи ахызти, уыцы рис, уыцы цин…

Литературон æгъдауæй-иу Санаты Уарийы къухфыстытыл кæй бакуыстой, уымæн ма бамбарæн уыди – хъысмæт ын йæ цæстырухс куы айста, сфæлдыстадон куыст кæнын уæд райдыдта. Ахæм æххуысхъуаг уыди Джиоты Дауыт дæр – машинæйы цæугæйæ фыдбылызы бахауд æмæ къахыл цæуынхъом нал сси. Йæ къухфыстытæ мæм иухатт æрбахаудтой, æмæ сыл зæрдиагæй бакуыстон. 1964 азы 2-æм мартъийы мæм фыста: «Дæ бонтæ хорз, мæ хæлар Грисæ. Райстон дын дæ лæвар (йæ чиныджы экземплярты кой кæны). Уæллæй, ахæм уæхскуæзæй бакуыстай мæ уацауыл, æмæ дзы ахæм никуы федтон. Æгæр æй цæлхъывтай, фæлæ æвзæрæй ницы бакодтай. Цæвиттон, уыцы уацау мургай лæвæрдтон «Фидиуæг»-мæ, æмæ уымæн афтæ рауад. Радзырдтыл дæр бæстон бакуыстай. Иу дзырдæй, стыр бузныг. Дæ хъарутæ, дæ рæстæгæй бирæ бахардз, æмæ мын хатыр фæуæд». Дарддæр фыссы редакторы къуыхцыйы тыххæй – чызджы ном уацауы ивд æрцыд лæппуйы номæй. Йæхи тыххæй та ма зæгъы: «Стыр æнамонд хабар мæм кæсы. Мæйы размæ бандзыг сты мæ галиу къухы уырзтæ, ныр та – мæ рахиз къухы. Æнæуи дæр – æнамонд, ныр бынтон сæфт кæнын. Мæнæ мæ фыстытæй дæр бæрæг у». Ахæм авторæн баххуыс кæнын дæхицæн удыбæстæ скæнæгау у.

1947 азы 27 июлы Цæгат Ирыстоны фысджытæн партийы обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады цы æмбырд уыди, уым Битеты Стъепан сæрмагондæй йæ хъус æрдардта уацмыстæ литературон æгъдауæй кусыны фарстмæ. Уый дзырдта, зæгъгæ, журнал «Мах дуг»-ы цы æрмæг цæуы, уый дæр æмæ чиныгуадзæны мыхуыргонд уацмыстæ се ‘гас дæр вæййынц фæлвых, бындуронæй бакусинаг, уымæ гæсгæ-иу æнæмæнг хъуамæ куыстгонд æрцæуой литературон æгъдауæй. Уæдæй нырмæ 40 азæй фылдæр рацыд, фæлæ ма абон дæр ацы хъуыддаг Ирыстоны хынцинаг у.

Ахæм мæгуыр уавæрмæ цæмæн æрхауди нæ литературæ, абон уымæн йе ‘фсæнттæ рухсмæ рахæссын хъæуы. Уыцы уавæр фарнмарæг рæстæджы азарæй сæвзæрди. Нæ фысджытæй æрмæст 1937 азы амæттаг баисты 24. Уыдоны ‘хсæн уыдысты Æрнигон Илас, Барахъты Гино, Беджызаты Чермен, Гатуты Дзахо, Дзесты Куыдзæг, Къосираты Сæрмæт, Къубалты Алыксандр, Хъуылаты Созырыхъо, Малиты Георги, Тыбылты Алыксандр – нæ литературæйы пехуымпартæ. Сæ фылдæры цард аскъуыди ахæстæтты æмæ лагерьты, ирвæзгæ ма дзы чи ракодта, уыдонæн та сæ удтæ нал æрыхъал сты. Уæдæ 37 азы фæстæ дæр курдиатджын, хъуыдыгæнæг ЛÆГТÆ ам æрвыстой уæлæуыл зындон. Æрмæст Нигер цы бавзæрста, уыдæттæ дæр фаг сты уавæр равдисынæн. Ахуыргонд рухстауæг, стыр курдиатæй хайджын поэты æрмадзы артдзæст ныннуд и. Адæмон аргъæутты сюжеттæ ма-иу комкоммæ æмдзæвгæтæй цы раивта, æндæр ын ницыуал бантысти. Йæ амæлæты бонмæ йе ‘хсад мидæггаг дзаумæттæ æфснайд-тыхтæй йæ фарсмæ фæдардта, зæгъгæ, цалæй фехъуыстон хистæр фæлтæры фысджытæй. Æнафонты-иу дуар чи ‘рбахоста, æназымты-иу йæ бинонты къордæй чи атыдта, алы æхсæв дæр, зæгъынц, уыдоны фæзындмæ æнхъæлмæ касти. Ирыстоны фæллойгæнджытæ адæмты фæтæгмæ цы фыстæг ныффыстой, Нигер уый «иттæг арæхстджынæй æмдзæвгæты хуызы рацарæзта». Æмæ йын уый рахуыдтой йæ поэтикон сæйраг сгуыхт, уымæн æмæ дзы æвдыст æрцыди: «Ирыстоны æххæст æмæ ирд обрæз нæ рагон бонтæй нæ абоны цытджын дуджы онг…» «…Ирыстон æвдыст цæуы йæ рæзты фæндагыл». Ацы скъуыддзæгтæ ист сты, Мамсыраты Д. æмæ Хъаныхъуаты В. иумæ кæй ныффыстой, уыцы уацæй.

Советон Цæдис – нæ фыдыбæстæ,
Советон адæм – уæд не ‘фсымæртæ,
Сæ цин нæ цин у, сæ хъыг нæ хъыг у.

Фæтæгмæ æгас нацийы номæй фыстæг арвитыны хъуыды дымысдæртæй кæй сæры сæвзæрд, уый ма рабæрæг уа, уый æнхъæл нал дæн, фæлæ фæсхæст ахæм фыстæджытæ Кремльмæ фæцыдысты алы республикæтæй. Æмæ уæд партийы Цæгат Ирыстоны обкомы дæр райгуырди ахæм фыстæг. Фæлæ зæххон хуымæтæг ныхас куыд хъуамæ ацыдаид Нæртон адæмы байзæддæгты бæстæйæ, æмæ фысджыты бæрны бакодтой уый æмдзæвгæтæй рацаразыны куыст. Уыцы хуызы йыл бафыдæбон кодтой Нигер æмæ Мамсыраты Дæбе. Хуыздæрыл нымад æрцыди Нигеры фыст.

Хъуыды ма кæнын: фæсхæсты цыбыркъух азты сабиты дæр кодтой быдыры куыстытæм. Иу ахæм бон æз дæр быдыры фæдæн, афтæмæй нæм сихæрттæм æввахс фæзындысты æнахуыр уазджытæ æмæ нын фехъусын кодтой: «Нæ зæрды уæ ис, Ирыстоны фæллойгæнджытæ цытджын фæтæджы номыл цы фыстæг æрвитынц, уыимæ базонгæ кæнын». Æмæ нын æй бакастысты.

О, æмæ нæ пехуымпарты аивады рухс махмæ нал ракалди, мæрдтæм дæр сыл тугтæ фæмысыдысты, сæ «зондахасты, се сфæлдыстады» сын агурын кодтой реакцион мидис.

1952 азы 31 декабры газет «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд æрцыд, «Наукон конференци ирон литературæйы фарстаты фæдыл», зæгъгæ, ахæм æрмæг. Конференцийы сæйраг докладгæнджытæ уыдысты И. Шаморников, Хæдарцаты Азæ æмæ Гуытъиаты Хъазыбег. «Партион мыхуыр раст критикæ кодта республикæйы иуæй-иу историкты æмæ фысджыты, сæ фыстыты зæронд царды æгъдæуттæ идеализаци кæй кодтой, литературæйы истори æмæ революцийы агъоммæйы фысджыты сфæлдыстад иртасынмæ раст кæй нæ цыдысты, уый тыххæй, – дзырдта Хæдарцаты Азæ. – …Нæ литературæиртасынады кусджытæ, фысджыты сфæлдыстад ахуыр кæнгæйæ, уыдонæн не сбæрæг кæнынц сæ зондахасты æмæ сфæлдыстады реакциои мидис, сæ хъæндзинæдтæ… Ахæм рæдыдтытæ æруагътой сæ уацты Гæдиаты Цомахъ, Мамсыраты Дæбе, Ардасенты Хадзыбатыр æмæ æндæртæ». Гуытъиаты Хъазыбег дзуры хиуылхæцгæдæрæй: «Мах хъуамæ рох ма кæнæм Хъаныхъуаты Иналы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Секъайы æмæ æндæрты æппæт сфæлдыстад, фæлæ сын сбæрæг кæнæм, се сфæлдыстады адæмты прогрессивон тырнындзинæдтимæ иумæйагæй цы ис, стæй дзы реакционæй цы ис, уый».

Ирон литературæйы фарстыты фæдыл наукон конференци арæзт кæй æрцыд, уымæн уыди бæлвырд æфсæнттæ. Уыдоны тыххæй дзуры Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæды сæрдар Гуытъиаты Хъазыбег: «Цуциты Барис йæ чиныг «Цæгат Ирыстоны АССР-йы экономикон æмæ культурон рæзты очерктæ»-йы ранымадта нæ литературæйы классикты нæмттæ. Къостайы фæстæ дыккаг бынат саккаг кодта Брытъиаты Елбыздыхъойæн, стыр аргъ ын кæны йе сфæлдыстадæн. Уыцы чиныг джиппæйуагъд куы æрцыди, уымæй бирæ нæ рауад, афтæ журнал «Коммунист»-ы (1953 аз, № 5) мыхуыргонд æрцыди Джыккайты А. уац «Цуциты Барисы чиныджы цы антимарксистон зыгъуыммæдзинæдтæ ис, уыдоны тыххæй». Ирон драматургийы бындурæвæрæджы сфæлдыстадæн уацы автор ахæм аргъ скодта: «Брытъиаты Е. у реакцион-буржуазон драматург, буржуазон национализмы иузæрдион идеолог. Брытъиаты Е. уацмыстæ дзаг сты национализмы маргæй, уырыссаг адæммæ цыдæриддæр уырыссагæй ис, уымæ æнæуынондзинадæй… Уыди, Цæгат Кавказ фæсарæйнаг лæбурджытæн ауæй кæныныл чи архайдта, уыцы хæххон контрреволюцийы рупор» …Журнал «Коммунист»-ы хъуыдытæ та уыцы рæстæг нымад цыдысты ЦК-йы æнæмæнг æххæстгæнинаг уынаффæйыл. Уац рамыхуыр кодтой республикæйы сæйраг газеттæ, «Рæстдзинад»-ы фæзынди 1953 азы 1 апрелы. Уацыл æрныхас кодтой партийы Цæгат Ирыстоны обкомы пленумы. Уый фæстæ та арæзт æрцыди наукон конференци. Æмæ конференцийы дæр, пленумы уынаффæйы цы хъуыдытæ ныффыстой, уыдон загъд цыдысты. Цæвиттон, уæле дæлæмæ нын разамынд лæвæрдтой. Æмæ дзы дæхи дæр ничердæм фæсайдтаис, цы домдтой, уый ма зæгъай, уымæн дæр уæвæн нæ уыди. Коммæ чи нæ бакастаид, ууыл уынгæджы бон кодта. Æрмæст-иу гæнæн æмæ амалæй ме ‘ргом тынгдæр здæхтон фыссæджы сфæлдыстадон къуыхцытыл дзурынмæ…»

Уый уыди æбуалгъ тыхми. ЗНОН, АБОН æмæ СОМ æрдзон фæткмæ гæсгæ кæрæдзиуыл бæттæг фарны тæгтæ тыхыскъуыд æрцыдысты. Нæ литературæйы бындурæвæрджыты æмæ сæ фæдонты бынæттæ сафтид сты, Цард та афтид бынæттæ нæ быхсы, æмæ, нæ классикты бынтæ цы хæзнадоны уыдысты, уыдоны бæсты уым фæзындысты «Слесæр Михалы» æмуæз, æмзæл уацмыстæ. Фыссæджы нал хъуыди культурæйы, интеллекты, профессионалон дæсныйады сæр. Хъуыди фæтæджы лозунгтæй ифтыгъд уацмыстæ фыссын, хъуыди уыцы рæстæг стауæг «ног» литературæ. Уымæн хъуыди йæхи теоретиктæ, критиктæ, пропагандисттæ. Партион кусæг æмæ фыссæг иу цармы хъуамæ бацыдаиккой. Аивад схемæйы фæлгæттæ нæ быхсы, курдиат гæнæн æмæ амалæй мæнг фæндагæй йæхи хизы, æмæ уæд агитатор, пропагандист, журналист… бацахста фыссæджы бынат. Хъуыдыйад рæстмæ аразын чи нæ зыдта, се ‘хсæн-иу суанг ахæмтæ дæр разынди. Æмæ ахæмтæ домдтой: «Чиныгуадзæнты редактортæ ма мызд цæй тыххæй исынц, кусæнт къухфыстытыл». Æмæ-иу редактортæ дæр балæууыдысты сфæлдыстадон кусæджы бынаты. Ахæм къухфыст-иу фыццаг фæлæгъзытæ кодтой газетты, журналы кусджытæ, уый фæстæ – чиныгуадзæны редактор, æртыккаг хатт – тæлмацгæнæг. Цымæ цал æмæ цал сты, уыцы хуызы чи сфыссæг ис, уыдон?! Ахæм автортæй цалы схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ ордентæй, цалæн дзы саккаг кодтой цытджын премитæ?

Джиппæй фысты цыма «хуыцауы комытæф» бацыд, афтæ йыл-иу куы цин кодтой, уыцы рæстæгæй-иу Дзесты Куыдзæг ахæм хабар æрæмысыд: сæ уæттæй иуы къултыл фæныхæстой чиныджы сыфтæ. Æвæццæгæн, джиппæйфыст гæххæтт стæм æмæ кадджын кæй уыди, уымæ гæсгæ сæм фидыцы хос дæр касти. Куыдзæг йæ сабибонты уыцы джиппæй фыстытæм кæсыныл фæцалх ис. Йæ цæстыты раз къулыл – æдзухы гом чиныг. Æмæ раджы базыдта кæсын. Уалынмæ Къостайы æмдзæвгæтæ, æнæ чиныгмæ кæсгæйæ, дзурын дæр райдыдта. Хистæрты раз сæ-иу сæрыстырæй дзырдта. Фæлæ сæм, загъта, уый æппындæр диссаг нæ касти. Къостайы зарджытæ дзурын та чи нæ зыдта уæды заман кæстæрæй, хистæрæй! Фæлæ, зæгъгæ, чиныг дæ къухмæ райстай æмæ сæ уырдыгæй кæсыс, уæд-иу сæ цинæн кæрон нал уыди. Ома, дамгъæтæ афтæ æдæрсгæ кæй цæст ахсы, дзырдты мидæг сæ чи фæдзыгуыртæ кæны, уый æцæг ахуыргонд лæг у!

Гъе, æмæ джиппæйфыст дамгъæйы тавс куы нал уыди, риторикон хъуыдытæй йæ куы ифтыгътой, уæддæр ыл чиныгкæсæг нæма сыстырзæрдæ, нæ йæ уырныдта, джиппæй фыстытæн мæнг уæвæн ис, уый. Афтæмæй та-иу литературон æгъдауæй бирæ къухфыстытыл цас кусын хъуыди, цас!

 

* * *

Брежневы рæстæг «адæмон знаджы» ном никæуылуал ныхæстой, фæлæ ма ахæстонмæ тардтой сфæлдыстадон кусæджы. Брежнев цæттæйæ æрбаййæфта курдиæттæ цъистгæнæг милуантæй арæзт бюрократон аппарат, уымæн разамынд дæттын нал хъуыди, йæ кæнонтæ кодта. Фæлæ уый афтæ нымайын нæ хъæуы, æмæ Брежневы рæстæг иппæрдæй аззади – Сталины æмæ Брежневы замантæ иу рæхысы цæгтæ сты. Наукæ, литературæ, аивад, техникæ бынтон заууатмæ æрцыдысты. Узбекистаны мафийы сæр – Ш. Рашидов – стыр æхсæнадон архайæг æмæ стыр фыссæг. Брежнев йæхæдæг – фыссæг, Ленины премийы лауреат, фатертæ æмæ хæрзиуджытæ уарæг. Д. Кунаевы риуыл 3 сызгъæрин стъалыйы сауыгъта, уый йын вагоны дзæгтæй лæвæрттæ кæй ласта, уый тыххæй. СЦКП-йы ЦК-йы Политбюройы раздæры уæнг П. Шелест куыд зæгъы, афтæмæй 1966 азы Брежневыл сæххæст 60 азы, йæ риуæй æрттывта Социалистон Фæллойы Хъайтары стъалы. Политбюройы уæнгтæ бауынаффæ кодтой: раттæм ын дыккаг стъалы дæр. Шелест иумæйаг уынаффæйы бын куыддæр йæ къух æрæвæрдта, афтæ йæм Н. Подгорный æрбадзырдта:

– Петр Ефимы фырт, ды зоныс… Брежнев куры, цæмæй йын раттæм Советон Цæдисы Хъайтары стъалы…

– Ома, куыд куры?! – ныддис кодта уый.

– Афтæ йæ фæнды, æмæ гъер цыфæнды дæр дзур… Цыма йæ айразмæ кæддæр уыцы хæрзиуæгмæ бавдыстой…

– Чи йæ бавдыста, кæд?

– Цæй, ныр мæ цы хурхæй марыс? Мацыуал дзур, бирæты сразы кодта («Строительная газета», 1988 азы 23 июнь).

Брежневы «трилоги» арвмæ систой, æз дзы тынгдæр раппæлон, зæгъгæ, ерысы бацыдысты алы дымысдæртæ. Се ‘ппæты дæр амбылдта СЦКП-йы Краснодары крайкомы уæды фыццаг секретарь Медунов – «трилоги» æрæвæрдта «Сагъæс Игоры æфсадыл»-ы фарсмæ.

Мыхуыры æндæр кой нал уыди – критиктæ сын не ‘вгъау кодтой эпитетты хуыздæртæ, арæзтой дзы чиныгкæсджыты конференцитæ, тæлмацгондæй сæ джиппы уагътой нæ бæстæйы алы адæмты газеттæ, журналтæ. Уæд æз журнал «Мах дуг»-ы редакторы хæдивæджы хæстæ æххæст кодтон. Обкомæй нæм æрдзырдтой: «Æртæ чиныгæй уал дыууæ ныммыхуыр кæнут». «Рæстдзинад»-æй сæ рамыхуыр кодтам. Типографимæ æрвитыны размæ мæхицæн кæсгæ æрцыдысты. Дзырдæй-дзырдмæ тæлмац цы вæййы, уый. Ранæй-рæтты текстæн бамбарæн дæр нæ уыди. Ехх, ныр сæ, зæгъын, «Мах дуг»-ы уырыссагау рауадз! Адæргæй ма Хæблиаты Сафармæ фæдзырдтон («Рæстдзинад»-ы тæлмацгæнæгæй куыста), æмæ дзы иуæй-иу «талынг бынæттæ» фæирддæр кодтам. Брежневы хорз чи зыдта, Хрущевы рæстæг дæр æмæ уый рæстæг дæр ахсджиаг документтæ чи арæзта æмæ бæрнон кусджытæн докладтæ чи цæттæ кодта, уыцы консультанттæй иу – Федор Бурлацкий – Брежневы тыххæй зæгъы: «…Уый æппындæр нæ уыди чиныг кæсыны ‘рдæм здæхт, уæдæ йын бынтон æнад та фыссын уыди» («ЛГ, 1988 азы 14 сентябрь).

«Уый хорз бамбæрста Сталины формулæ: æппæт дæр аразгæ у кадртæй, – кæсæм Брежневы тыххæй уыцы уацы æндæр бынат. – Цадæггай, æнæ хъæр, æнæ цъистæй, фиппайгæ дæр сæ-иу нæ бакодтой, афтæмæй обкомты секретарьтæн аивта се ‘мбисы, министртæн – сæ фылдæры, центрон-наукон куыстуæтты разамонджытæй дæр – бирæты. Ленины æмæ паддзахадон премитæ дæтгæйæ, фæстаг ныхасы бар хаудта йæхимæ. Æниу Брежневмæ куыстадон фарстытæ лыг кæнынæй хуыздæр касти истытæ уарын æмæ лæвæрттæ кæнын…» «XX съезды архайджыты дæр æмæ ныфсхаст новаторты дæр, 30-æм азты куыд уыд, афтæ топпы дзыхмæ нал æвæрдтой. Æнæ цъистæй сæ-иу аиуварс кодтой, ассыдтой сæ-иу, сæ авналæнтæ сын-иу æрцыбыртæ кодтой. Æппæт рæтты дæр уæлахиз кодтой «рæстæмбис курдиаты хицæуттæ…» Уыдон цадæггай бацахстой партион æмæ паддзахадон аппараты бынæттæ, систы-иу канд хæдзарады нæ, фæлæ наукæ æмæ культурæйы разамонджытæ дæр. Бæстæ сæгъуыз, заууатмæ æрцыди…»

Ныр аренæмæ рахызтысты, фарны хъæстæ кæмæ нал уыд, уыдон. Лæгсафæг вульгарон-социологон критикæйы тырыса хæсджытæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд сæ цъыфкалæн ныууадзын. Нæ лæвæрдтой хъуыды кæныны бар, фыссæгæй домдтой, цæмæй пайда кæна æрмæстдæр рухс ахорæнтæй, кады зарджытæ нывæнда.

Джиоты Хазбимæ гæсгæ, колхозы сæрдар «хъуамæ уа раздзог, æгъдауæвæрæг. Уæдæ ма сæрдар цæмæн у!» Тетцойты Таймураз уыцы домæн йæ зæрдыл нæ дардта æмæ йæ уацау «Зынг зæгъынæй ком нæ судзы»-йы хъайтартæй иу, сæрдар «Хъамболаты æвдисы цæстфæлдахæгæй, æхсæнадон исбон давæгæй… Тетцойы-фырт цы сæрдары сныв кодта, ахæм хайгай дæр зын æрæмбырдгæнæн у». «Колхозы сæрдар йæхæдæг архайы давджытимæ… Цымæ куыд æгъдауæй бахауд уый сæрдары къæлæтджынмæ?!» «Кæсыс чиныг æмæ дис кæныс: кæд æмæ кæм æрцыдаиккой ахæм цаутæ?» Уыцы зылынгæнæг фарстытæ нæ критик авторы цæстытæм æхсидæвтæ дарæгау ныддары «Рæстдзинад», 1973 азы 21 декабрь).

Джиоты Хазби Тетцойты Таймуразы уацауы алы дзырды аууонмæ дæр йæ рæдыдтытæ агурæн гиперболон аппаратæй лыстæг куы касти, Ирыстоны колхозтæй иуы уæды æцæг уавæр æвдисæг хабæрттæ мын фæдзырдта, зоотехникæй дзы чи куыста, ахæм адæймаг. Йæ маст-иу схæлбурцъытæ кодта. Цыма хæрзæрæджы æрцыдысты хабæрттæ, афтæ бæлвырд сæ дзырдта: «Мæ бæрны уыдысты родтæ, æмæ уыдонмæ зылдтæн. Иуахæмы нæм æхсыры заводæй хъаст æрбацыд, уе ‘хсыр хъæстæ у, микробтæ дзы разынд, зæгъгæ. Мæнæн бафæдзæхстой: дуцыны рæстæг æхсырмæ дæ хъус фæдар. Аппаратмæ кæсын (урссаг авг хæтæлыл акæлы), æмæ дын иуахæмы æхсыр тугхъулæттæй куы рацæуид. Цы базонын ма мын æй хъуыд, хъуг – никробактериозæй рынчын. Ахæмтæ дзы разынди 50. Се ‘хсыр сын заводмæ нал ауагътон. Ахæм урссаг хъуамæ фермæйы куыстгонд æрцæуа, фыцын æй хъæуы 20 минуты дæргъы. Никробактериозæй рынчын стурты саггæмттæ фехæлынц. Афойнадыл ын хос куынæ кæнай, уæд йæ син нал фæисы. Низ æрхæгмæ бацæуы, ныкъкъуылых вæййы стур, йæ хæцъæфтæ амæлынц. Сæ родтæ зылынкъæхтæй райгуырынц. Ахæм цыхт бахордтай – ахсæн фехæлдзæн, бактери рæуджытæм бахызт – рак дзы фæзындзæн. Æппын ницы, уæддæр адæймаг фæкъуылых вæййы. Дыккаг бон хабар сæрдармæ бахæццæ, æмæ фермæмæ æрбалæбурдта. Рынчын фос иннæтимæ баиу кæнын кодта. Уæдæ, дам мын мæ пълан цæмæй æххæст кæнын кæныс! Горæтмæ фæдисы фæцыдтæн, министрады балæууыдтæн. Лæг æрæрвыстой. Инфекционист йæхи цæстæй федта алцыдæр. Загъта сын мæн тыххæй: «цы ис, уый равдыста, цæмæй йæ зылынджын кæнут?» Æз дзырдтон: «æхсыр фых хъуамæ цæуа». Сæрдар, йæ фарсхæцджытæ мæ кой дæр не суагътой. Знаггадгæнæг мæ рахуыдтой. Хъуыддаг тæрхондонмæ хаудта. 60-æм азты дæр ма закъонæй карз æфхæрд цыди, рынчын стуры рæгъауы чи ныууагътаид, уый. Хъуыддаг хурмæ хаст куы æрцыдаид, уæд колхозы разамонджытæй кæуылдæрты æнæмæнг цæфтæ æруадаид. Цæвиттон, дуцæн аппараттæ, урссаджы мигæнæнтæ хъуамæ æхсад цыдаиккой раздæр сæрмагонд содæйæ, уый фæстæ тæвд донæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй аппараттæ æхсадтой раздæр щелокæй, уый фæстæ уазал донæй. Уый сæхæдæг æрхъуыды кодтой, фæрсгæтæ-йеддæ ма чи кодта. Уазал донæй аппараттæ, урсаджы мигæнæнтæ цасфæнды фехс, уæддæр ыл щелочы хъæстæтæ баззайдзысты. Аппараттæ æмæ мигæнæнтæм зилæг мын афтæ: «Æз æй содæ хуыдтон». Дыккаг бон щелочы голджытæ цыдæр æрбаисты. Ноджы ма цы кодтой? Æхсыр хъæстæ куы уа, уæд дын æй нæ айсдзысты, дæ пълан нæ сæххæст кæндзынæ, æмæ уæд – фæдис райкомæй, обкомæй. Маст кæй хъæуы, æмæ æхсырыл уагътой микробты марæг стрептомицин. Ныр ацы хос йæхæдæг марг кæй у, ууыл та æндæр исчи хъуыды кæнæд».

Зоотехничы тохæй ницы рауади, уал кусæджы дарæн нын нал ис, зæгъгæ йын йæ мызд æмбискъаддæр фæкодтой. Æмæ æндæр куыстмæ ацыди. Бæстæ сæфт у, зæгъгæ-иу ныммарой кодта, дзуапп ничи ницæй тыххæй лæвæрдта: ма мæ хъыгдар æмæ дæ ма хъыгдарон. Фосы низтæ-иу куыд бæрæг кодтой! Иу стурæй туг сис, фондз пробиркæйы йæ ныккæн, ома фондз стурæй туг систон. Хъæуы хъомтæй-иу бирæтæ бынтондæр рохуаты баззадысты. Рынчын стуры рæгъауы куы ныууадзай, уæд хизæнтæм æфты, йæ хæлд саггæмттæй кæрдæгыл цæуы, йæ низ уым зайы. Йæ мизынцъаг, йæ фаджысимæ хъацæнтæ быдыртæм ласт цæуынц, æмæ низ ахæлиу вæййы. Уæдæ давыны алы мадзæлттæй дæр иттæг дæсны пайда кодтой (æмæ кæнынц!) колхозы разамонджытæ. Дзидзайы хæсмæ-иу стур (йæ уæз 300 – 400 килæйы) радтой, æвдисгæ та-иу æй афтæ бакодтой, цыма 2 –3 стуры радтой. Рæгъауы сын уыди уæлдай стуртæ. Бахъуаджы сахат – кусæрттаг.

Зоотехник фæдзырдта, стæй хорзау нал фæци, ныллæгъстæ мын кодта: «Цы дын радзырдтон, уыдонæй фæсномыгæй спайда кæн». Уыцы сæрдары, загъта, уый фæстæ уæлдæр бынатмæ сивтой. Æдас нæу – йæ цот сæ тæккæ цардвæндæгтæ агургæйæ сты æмæ сæ размæ нæ ауадздзысты.

Æвæдза, бирæ азты дæргъы мингай, милуангай адæмты туджы тас хъардта. Амардта сын се ‘ууæнк, ис-цæстæй сæ куырм кодта, ис-хъусæй – къуырма. Нырма кæд æрæууæнддзысты! Се ‘гас ма дзырдхъом суыдзысты! Ног фæлтæрты хъомыл кæныны фарн æмæ хъарутæ ма сæм разындзæн!

Ныхас цы рæстæгыл рауад, уыцы азты мæ рагон зонгæ Гуытъиаты Аврам Черменыхъæуы рынчындоны сæйраг дохтырæй куыста. Ахæм хабар мын радзырдта: «Районы санэпидстанцæйы кусджытæ мæм æрдзырдтой: уæ хъугдуцджытæй ахæмтæ æмæ ахæмтæ рæухъæнджынтæ сты. Æмæ цалынмæ сæхи фенын кæной, уæдмæ сæ мауал рауадз кусынмæ. Æз колхозы сæрдарæн хабар бамбарын кодтон. Æмæ уый дуцджыты фермæмæ нал ауагъта. Хъомтæ дыгъд не ‘рцыдысты. Сæрдар районмæ фæхабар кодта, æмæ бæстæ фæдис сси. Партийы Горæтгæрон райкомы уæды секретарь Катенев æм æрдзырдта, загъд кæны: «Фермæйы куыст цæмæн ныкъкъуылымпы кодтай?» Сæрдар ын хабар бамбарын кодта. Уый бардзырд дæттæгау: «Кæд ма дæ кусын фæнды, уæд ацу, сæйраг дохтыры ссар, хъугдуцджыты фермæмæ рæвдздæр баласут, æмæ зноны хæс дæр куыд сæххæст кæнат, афтæ!» Хъуыддæгтæ та сæ фыццаг джиппы абадтысты. Афтæ домдта рæстæг – робот фест. Робот та фæстæмæ нæ дзуры. Ды дæр – робот, дæ уæле, уый дæр – робот».

 

* * *

Газет «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд æрцыди Цырыхаты Михалы уац «Нæ ныхасы фарн куыд уа». Авторы хъуыдымæ гæсгæ, «абоны цаутæ æмæ ног хъуыддæгтæй хайджын чи у», ахæм уацмыстæ уымæн нæ фыссынц нæ фысджытæ, æмæ «фæндаг ферох кодтой суанг сæ райгуырæн хъæутæм дæр. Сæ цæстытыл уайынц, кæм райгуырдысты, уыцы хæдзæртты кæртытæ. Бæллынц ногдзыд кæрдæг æмæ дидинæджы тæфмæ, сæумæрайсом мæргъты цьыбар-цьыбурмæ байхъусынмæ. Фæлæ дзы абон чи цæры, уыдон цы мигæнæг сты, хорæрзад, фыдызгъæл æмæ хойраджы æндæр продукттæ сбирæ кæныныл цы ног мадзæлттæй архайынц, цæмæ бæллынц æмæ цæмæ тырнынц, уыдæттæ та зонынц æрыхъусæггаг ныхæстæй… Уый мидæг ис, нæ уацмыстæ хъæууон царды æцæгдзинадæй мæгуырау кæй сты, уый аххос дæр». Ацы хъуыдытæ (ома, фыссæг адæмы æхсæнмæ куы ‘фта, командировкæты куы цæуа, уæд ныффысдзæн нывыл уацмыс) кæддæр чидæр йæ доклады загъта, æмæ сæ-иу уый фæстæ бæрнон кусджытæй алчидæр, литературæйыл дзургæйæ, йæхи ныхæстæй афæлхатыдта. Михал сæрдары хæстæ куы æххæст кодта, уыцы азты уыцы домæнтæ æдзухдæр æвæрдта фысджыты раз. Диссаг мæм уый кæсы, æмæ ацы уацы иу сым дæр кæй нæ зæгъы нæ бæстæйы, нæ адæмы царды цы трагикон бæллæхтæ æрцыди, уыдæтты тыххæй. Фæстаг азты æндæр ныхас нæй: курдиатджын, хъуыдыгæнæг адæмы фæтæг æмæ йæ æнæнымæц хъузонтæ мыггагыскъуыд фæкодтой. Канд хуымæтæджы фиппаинаг зæгъæджы нæ сæфтой – йæ сæрæн-иу чи ницы зыдта, ахæм æнахуыргонд рæстзæрдæ фæллойгæнджытæй дæр милуанты басыгъта уыцы рæстæджы азар. Диссаг мæм кæсы, къазармайы уавæрты кæй фæдардтой, уыцы адæм сæ судзгæ фыдтыл куы хъуыды кæнынц, цардивæны зынтæ куы æвзарæм, къуырцдзæвæнæй нæ раирвæзын куы хъæуы, уыцы рæстæджы тыххæй йæ цæсгом куыд хъæцы, сæры магъз кæмæй сдон, уыцы иударон былалгъыл ауыгъд, цурон штамптæй дзурын: «Дымы нæ дарæг зæхх æмæ адæймаджы удыхъæд ивгъуыд рæстæджы рæдыдтытæй æмæ фæлхæрттæй сыгъдæггæнæг дымгæ. Фæтасыд æмæ кæлын райдыдта мидбынаты цоппай кæныны системæ. Рæстдзинад айтыгъта йæ базыртæ æмæ анхъæвзта нæ царды тугдадзинтæм». Сбарæм ма сæ, 18 азы размæ газет «Рæстдзинад»-ы 24 ноябры уац «Поэзи æмæ цард»-ы Михал цы ныхæстæ загъта, уыдонимæ: «Уæдæ уадз æмæ нæ поэзийы дæр ацы фондзазоны (ныхас цæуы 9 фондзазоныл – Б. Г.), стæй уымæй фæстæмæ дæр уа ахæм уæрæх æмæ арф хъуыды. Уадз æмæ денджызау æнхъæвза нæ царды тæккæ ахсджиагдæр къабæзтыл æмæ мин хъæлæсæй зæлланг кæна коммунистон арæзтады фæндагыл». Уæлдæр æрхастон Ф. Бурлацкийы ныхæстæ: «Бæстæ сæгъуыз, раууатмæ æрцыди». Михалы нымадæй, поэзи «мин» хъæлæстæй кæуыл хъуамæ зæлланг кæна», уыцы рæстæджы тыххæй загъд сты ацы ныхæстæ.

Æмæ уæдæ Михалы кæцы «циныл» баууæндыдæуа? Æви, «кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæн» чи загъта, уый хал ахордта! О, уыцы заууаты рæстæг дæр нæм уыди, раууатмæ кæй цыдыстæм, уый чи уыдта, марой чи кодта, адæмы æгомыг рис йæ рис кæмæн сси, æмæ-иу рæстаг ныхас зæгъыны ныфс æмæ лæгдзинад кæмæ разынд, ахæмтæ. «Рæстæджы егъау проблемæтæй иуварс лидзын, ивгъуыд заманы хицæн факттæ æмæ адæймаджы «уæлахиздзинæдтæ» æнæхъуаджы детализаци кæнын – ахæмтæ сты, мæнмæ гæсгæ, Хъодзаты Æхсар æмæ Джыккайты Шамилы сфæлдыстады сæйраг аиппытæ. Хатгай бæрæг нæ вæййы, цавæр эстетикон æмæ политикон хаххыл лæуд сты, уый дæр, æмæ сæ уыцы хъуыддаг æркæны идейон рæдыдтытæм», – фыссы Михал йæ уац «Поэзи æмæ цард»-ы. Акса-ма, Михал уартæ уæд дæр къуыммæ тардта уæды «рæстæджы егъау проблемæтæй иуварс лидзджыты», сæ идейон рæдыдтытæ сын хурмæ хаста, уæды рæстæгимæ æмдзу кодта. Æмæ та мæнæ ныр дæр фæцарæхсти, къуыммæ та тæры фысджыты ныр, рацарæзты рæстæг дæр: «…нæ фысджыты æхсæнадон активондзинад у уæлдæр къæпхæнмæ сисинаг». Уæллæгъи, цы загъдæуа. Нæ зонын! О, уæд, цоппайы рæстæг-иу бæрнон кусæг зондамонæг, уæле дæлæмæ дзурæг сси. Ныр та рæстæг домы: дæхицæй райдай, дæхи зæрдæмæ ныккæс, сбар дæ дæргъ, дæ уæрх, исты равдис. Æцæгтæ дзурæн рæстæг у, талынг къуымтæ срухс кæнын хъæуы.

Театралон дунейы зындгонд у Ленинграды драмон Стыр театры раздæры разамонæг, ССР Цæдисы адæмон артист Георгий Товстоноговы ном. Йæ разы йын æдзухдæр карз домæнтæ æвæрдтой, дæ бынатæй фæхаудзынæ, зæгъгæ-иу æм æртхъирæнтæ кодтой. Уæддæр коммæгæс не сси. Рæстдзинад зæгъын – йæ царды мидис, Æмæ уый афтæ фыста: «Ныртæккæ театр зын уавæры ис. Ралæууыди, æцæг аивадон хынцинæгтæ лыг кæныны рæстæг – хъуамæ басгарæм адæймаджы уды æрфытæ. Афтæ мæм кæсы, æмæ сценæйæ дзурын хъæуы, бирæ азты дæргъы ныл пъæззыйау чи бадт, уыцы тасæй адæймаджы психологи куыд ныггæлиртæ, уый тыххæй. Дзурын хъæуы нымудзыны, цъаммардзинады æмæ, намыс кæй скадавар, уыдæтты тыххæй» (Газет «Известия», 1988 азы 15 сентябрь). Зын у хъуыдыгæнæг лæгæн, зын у рæстаг, рисæнкъарæг лæгæн.

«Уацмысæн – бæлвырд хъуыды», зæгъгæ, уыцы уацы («Рæстдзинад», 1974 азы 25 июнь) Тедеты Ефим зæгъы: «Поэт Ходы Камал «хаттæй-хатт фæкæлы». Йе ‘мдзæвгæ «Поэты хъынцъым»-ы бæрæг дары цардæй æнæразыдзинад». Дæлдæр хæссы æмдзæвгæйæ скъуыддзаг. Поэт хъынцъым кæны, йæ рæстæджы æхсины лæгтæй куыд фервæзæн ис, ууыл, дзуры, цардæй сæхицæн пайдаисджытæ, мæнг кадмæбæлджытæ фыдæлтæй æрцæугæ фарн куыд сафынц, уыдæттыл. Ходы Камал йе ‘мдзæвгæйы комкоммæ нæ бацамыдта, разы цæмæй нæ уыди, адæмы уынгæджы уавæрмæ цы тардта, æмæ йæ хъынцъымтæн иллюстративон æрмæгау чи басгуыхтаид, ахæм факттæм. Уыдæттæ поэзийæ домæн нæй. Уыцы хуызы прозæйы гæнæнтæ уæрæх сты, фæлæ уæды прозаикты уацмысты дæр царды æцæгдзинад æвдисæг æрмæг не ссардзынæ. Уымæн æмæ уæд æрмæстдæр цыты зарджытæ кæнæн рæстæг уыди.

Иуахæмы мын нæ сæйраг горæты уынгтæй иуы сæрты мæ ныхасæмбал ацамыдта бирæуæладзыгон хæдзармæ æмæ сдзырдта: «Уæртæ уым цы ис, уый зоныс?» Зæгъын, чи нæ йæ зоны – институт. Загъта: «Æз зонын, йæ къæсæртæй фæлварæн раттыны охыл чи никуы бахызт, афтæмæй ам диплом чи райста, ахæмты». Зæгъын, ныхасы дымæгмæ факттæ куы нæ æрæвæрай, уæд уыдон дам-думтæ сты. Уымæй, дам, раст зæгъыс. Фæстæдæр фембæлдтæн, ме ‘фсымæримæ уыцы институт иу аз каст чи фæци, ахæмимæ. Рауади нæм сæ институты кой. Хъуыды, дам ма кæныс, де ‘фсымæрæн «2» куы сæвæрдтой, æмæ, ахуыр нæ кæныс, зæгъгæ йæм загъд куы кодтай, уый? Рæстæмбис бæрæггæнæны фаг дзуапп раттын, дам, йæ бон уыди, фæлæ, дам, уыцы ахуыргæнæг, цы зоныс, уымæ нæ, фæлæ дзыпмæ касти. Лаборанткæ, дам-иу, æхца æрæмбырд кодта, ахуыргæнæгæн-иу бамбарын кодта: курс цæттæ у. Æмæ-иу уæд æрбацыд фæлварæн исынмæ Чи ницы лæвæрдта, уыдоны хурхæй мардта. Чи, зæгъын у, куыннæ, зæгъын-иу схъæлæба кодтат? Ахуыр кæнын кæй нæ фæндыд æмæ бæрæггæнæнтæ æхцайæ чи ‘лхæдта, уыдонмæ, загъта, уый хорз касти. Уый фæстæ бафтыдтæн мединститутмæ. Мæ зонгæ ахуыргæнæг мын – партийы историйæ лекцитæ касти – йæ хъæстытæ фæкодта. Загъта: «Ахуыр кæнын никæйуал фæнды. «2» сæвæрдтай студентæн, уæд дæм искæцæй бæрнон кусæг æрбадзæнгæрæг кæндзæн, æмæ ма йын йæ «2»-йæ «4» ма сараз, стипенди дæр ма хъуамæ иса. Фæссаууонмæ чи ахуыр кæны, ахæмтæ мын дзырдтой: стæмтæй фæстæмæ алы студент дæр æрмæст «курсон куыстытыл» афæдзмæ схардз кæны 200 –300 сомы».

«Лобко Мария Федоры чызг æмæ Александр Василийы фырты куыд тынг фæндыди, цæмæй сæ фырттæ Минскы мединститутмæ бахауой, уый. 1983 азы августы мæй 1000 сомы банымадтой сæ хистæр фырт Андрейы æнувыд аудæджы къухы. Сæ кæстæр фырт Александр институты цæмæй фæмидæг уыдаид, уый тыххæй та ныййарджыты 1986 азы бахъуыди 1200 сомы ауæлдай кæнын… Фиддонты нымæц бынтон фидар нæ уыд. Институты раздæры проректор П. И. Касько гæртæмттæ иста 509 сомы дæр, 4000 сомы дæр (чи цас лæвæрдта, уыйас)… Уæвгæ, æрмæст æрмæджы æхца нæ иста. Хъуыддаджы цыдысты картофы голджытæ дæр æмæ фæткъуыйы асыччытæ дæр, вареннæйы банкæтæ дæр æмæ коньячы æвгтæ дæр, сау еугæф æмæ шведаг шампунь дæр…» («Медицинская газета», 1988 азы 29 июль).

Уæлдæр кæй кой скодтон, уыцы дохтыр Гуытъиаты Аврамы маст-иу мæ разы арæх схæлбурцъ кодта: «Рынчын никæй хъæуы. Санитаркæтæ дохтырæй зындæр ссарæн сты. Сæумæрайсом фæзынынц рынчындонмæ, хæринæгты уæлдæйттæ амбырд кæнынц (адæмæн хæринаг бирæ хæссынц), чи зоны, мæрзгæ дæр нывыл ма ныккæной, æмæ сæ хæдзæрттæм афардæг вæййынц. Рынчынтæ сæхæдæг бафснайынц сæ палатæ. Æмæ санитаркæтæм сдзырд дæр нæй. Сæ мызд чысыл у, æмæ уайтагъд лидзынмæ фæвæййынц… Дохтыр сбæрæг кодта, рынчынæн цавæр уколтæ хъуамæ кæной, цавæр нуазыны хостæ йын дæттой, фæлæ, рацæй-рабон, æмæ уыдонæй рынчындоны ницы разынди. Хостæ уæвгæ сты, фæлæ сæ рæгъмæ нæ уадзынц. Фондз-дæс хатты зынаргъдæрæй сæ уæй кæнынц. Рынчыны тыххæй ничи ницæуыл бацауæрддзæн, уый зонынц æмæ сæ туджы аргъ кæнынц. Хостæ сты сæйраг дохтыры хæдивæджы бæрны, бар сæм дары хистæр медицинон хо дæр. Уыдон æхцассивæн кæнынц.

Иуахæмы æруæззау хæсты 1-аг къорды инвалид (сгарæг ротæйы командир уыди) Федор Власов. Ничи йын уыд æппындæр. Намысы ордентæ æртæ дæр райста. Чермены консервгæнæн заводы куыстон. Сæвæрын æй хъуыди Горæтгæрон районы рынчындоны. Бон сæм-иу æртæ хатты сдзырдтон æмæ та-иу рынчынæн йе сгуыхты нысæнттæ дæр ранымадтон, фæлæ мæм хъусæг нæй. Уæд мын дохтыртæй иу афтæ бацамыдта: йæ хæстон диагноз ма йын скæн. Æз ныффыстон: йæ цæнгтæ æндзыг кæнынц, сисын сæ йæ бон нæу, йæ галиу роджы æцæгæлон буарыхъæд, ома æфсæйнаджы схъис. Дыууæ къуырийы фæдзурыны фæстæ йын бынат скодтой районы рынчындоны. Æрмæст терапевтон хайады. Сызмæлын йæ бон нæ уыди. 5 боны фæстæ йæ фæстæмæ консервгæнæн заводмæ æрластой. Хабар мыл сæмбæлд æмæ йæ бабæрæг кодтон. Ставд цæссыгтæ ныккалдта. Хъуамæ, дам, мæ къух мæхимæ систаин, фæлæ, дам ма дæумæ æнхъæлмæ кастæн. Уый фæстæ бирæ нал ацард.

Хæсты чи фæци, уыдоны афæдз 4 хатты хъуамæ уыной дохтыртæ. Фæлæ сæ нæ бæрæг кæнынц. Ныр сыл æрзилын хъæуы, зæгъгæ, уæд та сын сæ карточкæтæ рахæссынц æмæ та дзы фæсаууонмæ истытæ ныффыссынц. Карточкæтæ ныннæрсынц. Амæлынц зæрæдтæ, уæддæр ма сын сæ карточкæтæ фæсаууонмæ фыстытæй фæдзаг кæнынц…»

Бирæ азты горæты рынчындоны чи кусы, ахæм æндæр дохтыр мæ фарста мæ фæстиноны рæстæг. Рынчындонæй йын цæмæйдæрты
рахъаст кодтон, æмæ афтæ бакодта: «Хуыцау бахизæд адæймаджы уырдæм бахауынæй». Уыцы ныхæстæ мæ зæрдæйы судзгæ нæмыгау ахызтысты, цыма зæхх мæнæ-мæнæ фенкъуысдзæн æмæ дуне ныффалгæрон уыдзæн…

Гъе, уыдæттæ æмæ ма ноджы бирæ æндæр æбуалгъ диссæгтæ уыдысты Камалы хъынцъымы æнæсысгæ суадон. Уæд дæр æй æмбæрстон. Ефим дæр æмбæрста бæстæйы уавæр, фæлæ уый размæ æндæр хæс лæууыди – иуæй, йæхи равдиса нæ цардарæзты сæраппонд иузæрдион тохгæнæгæй, иннæмæй та, 30-æм азты кæрон нæм чи стыхджын, уыцы сафæг критикæйы традицитæ дарддæр хæццæгæнæджы бынаты балæууа… Искæмæйты йæ маст сиса. Æхсæнады цæсты сæ бафтауа. Æмæ Камалы тыххæй карзæй фæрсы: «Кæм цæры, кæй æхсæн, кæцы дуджы автор у? Цы йын фæцагъта йæ базыртæ, цæмæй фæсастис афтæ йæ ныфс? Кæм фæсаджил йæ фæндаг, не ‘ппæтæн дæр рагæй, амондмæ æнæгуырысхо чи ссис, уыцы развæндаг цæуылнæуал уыны?» Уацы кæронбæттæн ныхæстæ бакæсгæйæ – «Цæмæн гуырынц нæ литературæйы ахæм æнæидейон, зианхæссæг уацмыстæ? (Цæрукъаты А.
æмæ Хъодзаты Æ. æмдзæвгæтæй дæр зæгъы), «Чи сын радта фæндаг мыхуырмæ?» – иунæг хъуыды райгуыры адæймагмæ: уыцы рæстæджытæ та ногæй куы æрыздæхиккой, уый куыд тынг фæнды уацы авторы!

Уæддæр цымæ Тедейы-фырт цы ныфсæй схызти нæ хуыздæр поэтты хъысмæттæн тæрхонхæссæджы бæрнон æмæ бæрзонд бынатмæ, зæгъгæ, куыд хъуыды кодтон, афтæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты Æхсæртæгкаты У. ныхæстæ: «Поэты зæрдæйы сабузта царды цин, адæмæй ракуырдта ныхасы бар æмæ парахат хъæлæсæй ныззарыдис нæ абоны амондджын цардыл. Нæ рухсдæр фидæныл, фарныл, амондыл, фæллойыл, сабырдзинад æмæ хæлардзинадыл, уарзондзинадыл…» Ацы ныхæстæ ист сты Æхсæртæгкаты У. рецензи «Фарн уæм бадзурæд»-æй («Рæстдзинад, 1972 азы 27 декабрь). Рецензийы автор Ефимæн Парнасы бæрзондыл цытджын бынат скодта, зæгъы: «Суанг йе сфæлдыстадон куысты райдианæй фæстæмæ Ефим йæхи бахъахъхъæдта хус поэзийæ… фидарæй æрлæууыдис йæхи ауæдзыл, фæхæст ис йæхи сæрмагонд хъæлæсыл».

Республикæйы Фысджыты цæдисы правлени æмæ газет «Литературная Россия»-йы хъæппæрисæй цы «Ныхас» арæзт æрцыд, уым нæ нырыккон литературæйы уавæрæн аргъ кодта сæйраг докладгæнæг, зындгонд критик А. Турков. Тедейы-фырт, æнæидейон æмæ зианхæссæг æмдзæвгæтæ фыссы, зæгъгæ, аххосджын кæй кæны, уыцы поэт – Хъодзаты Æхсары тыххæй – критик зæгъы: «Бафиппайын хъæуы уый, æмæ Æхсары æмдзæвгæты æмбырдгонд «Кремень» уырыссаг æвзагыл кæй фæзынди 1985 азы, бæстæйы царды стыр ивддзинæдтæ цæуын куы байдыдтой, уымæй раздæр, фæлæ йе ‘мдзæвгæтæ дзаг сты, бæстæйы цытæ цæуы, уыдоныл судзгæ сагъæстæй». Чысыл дæлдæр кæсæм: «Фæлæ мæнæ рафæлдахæм, 1987 азы октябры мæйы мыхуырмæ æрвыст чи æрцыд, Тедеты Ефимы уыцы чиныг. Автор йæхи хоны «дуджы æууæлтæ агурæг», афтæмæй, нæ царды цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдонæн чиныджы сæ кой дæр нæй. Кæцыфæнды рæстæг дæр чи сбæздзæн, ахæм зæлланггæнаг декларацитæ та дзы æгæр бирæ дæр ма ис».

Абон «заууаты азтæ» кæй хонæм, уыцы рæстæг дæр сфæлдыстадон хъуыды нæ амарди. Бæстæйы къуырцдзæвæнæй ракæныны мадзæлттæ агуырдтой йæ удæйатонагæнджытæ, æлдариуæггæнæг бюрократон разамонджыты сфæлдыст догмæтæй амад фидæрттæ-иу срæмыгътой удвидар фарнтауджытæ.

Тедеты Ефимы уац мыхуыргонд куы ‘рцыд, Алагиры районы уыцы аз фæзындысты, абон æгас хъæууон хæдзарады куыст дæр кæмæ гæсгæ арæзт цæуы, хæдзарадон хыгъды нардуатæй кусыны уыцы мадзæлттæ. Уыцы рæстæг мысы партийы Алагиры райкомы уæды 1-аг секретарь Дудиаты Моисей: «Æз нефты куыстгæнæг уыдтæн, хъæууон хæдзарадæн ницы зыдтон. Æмæ мæ размæ ахæм хæс сæвæрдтон: 2 –3 азмæ хъæууон хæдзарад хъуамæ базонон уæд та дзæбæх бригадиры бæрц. Ног фæлтæрддзинады тыххæй цы литературæ уагътой – æнæ кæсгæ мын дзы ницы ирвæзт. Уæд базыдтон, Стъараполы æмæ Краснодары крайты кæй агурынц хæдзарадон хыгъды нардуатæй кусыны мадзæлттæ. Фæцахуыр сын кодтон сæ фæлтæрддзинад, Цал æмæ сæм цал цыды ныккодтон. Мемæ-иу ахуыдтон районы хъæууон хæдзарады хицау Цогойты Аслæмбеджы, районы сæйраг агроном Хъæрджынты Сергейы. Æмбырдты дзырдтон нæ сыхæгты фæлтæрддзинады тыххæй. Кæд, зæгъын, искæй сцымыдис кæнин, кæд æй исчи йæ зæрдæмæ райсид. Цæвиттон, агуырдтон, фыццаг къахдзæф чи акæна, ахæм хъæппæрисджын адæмы. Фæлæ мæ цыма нæ хъуыстой – ничи баразæнгард. Уæд бацагуырдтон бирæгъзæнггаг механизатор Гæбуты Таймуразы. Сæ хæдзармæ йæм бацыдтæн. Мæ хъуыдытæ йын æууилæгау фæкодтон, æмæ мын афтæ: «Махмæ дæ хуызæн секретарьтæ цал æмæ цал уыди, æмæ нæ се ‘гас дæр сайгæ кодтой». Зæгъын, иу сайдæн ма бафæраздзынæ. Дæ хæрæфыртæн æй, зæгъын, ныббардзынæ. Сразы. Бирæгъзæнджы колхозæй рацыди æмæ Алагиры совхоз «Коммунист»-ы кусын райдыдта. Сразы кодтон Айларты Алешæйы дæр, уый дæр Бирæгъзæнджы куыста. Семæ бадзырдтæ сарæзтам. Бадзырдмæ гæсгæ, дæ зæххæй цы тыллæг сисай, уымæй дын, цы ‘мбæлы, уый бафиддзыстæм. Уымæй уæлæмæ цы хор бафснайай, уымæн йæ растæмбис – дæхи.

Паддзахады уынаффæйы гæххæттытæ куыд амыдтой, уымæ гæсгæ уæлæмхасæн мызд 30 процентæй фылдæр дæттыны бар нæ уыди. Маст мæм дзы чысыл кæй не ‘рхаудзæн, ууыл дæр нал ахъуыды кодтон. Уый размæ 15 – 20 азы дæргъы, ацы колхоз æмæ совхозы тыллæг цас истой, уыцы бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ, бадзырды хæслæвæрдтæ сфидар кодтам. Чысыл дæр сæ нæ домдтам, æгæр бирæ дæр, архайдтам, цæмæй ног хъуыддагæй разæнгард уой, ууыл. Уæд зæхх хаццоны (аренды) дæттæн нæ уыди. Фыццаг аз Айларты Алешæ уæлæмхасæн мызд райста 200 тоннæйы. Зæгъын, уадз æмæ адæм сæхи цæстæй феной алцыдæр, æмæ йын йæ нартхор машинæты уыцы иу æвгæд скодтам. Машинæтыл æрсагътам тырысатæ, фæд-фæдыл араст сты. Алагиры кинотеатры раз митинг байгом кодтам, машинæтæ дæр – ам. Адæмы сæ цымыдис уырдæм тардта. Ныхасæй дæр сын æй бамбарын кодтам. Фæлæ, цæстæй цы фенай, уый – æппæты хуыздæр амидингæнæг. Районы разамонджытæ дæр – ам. Араст сты машинæтæ Бирæгъзæнгмæ. Суанг хъæуысæрмæ схæццæ сты, уырдыгæй разылдысты, æмæ – Алешæйы хæдзармæ, ома, хъæубæстæ дæр ын феной йе сгуыхтдзинад. Куывд скодта Айлары-фырт. Уый размæ ахæм тыллæг никуы æрзад уыцы зæххыты (гектарæй систой 50 – 60 центнеры). Æртæ азы дæргъы районы фæзынди 9 механизацигонд къорды. Мæ куыстæй мæ систой, æндæр 80-æм азмæ æгас район дæр ивд æрцыдаид хæдзарадон хыгъдмæ».

Айларты Алешæ æгас нал у, фæлæ уæды хабæрттæ мисхалы онг дæр йæ зæрдыл дары Гæбуты Таймураз, нырма йæ бадзырды гæххæттытæ дæр сæ хæдзары æфснайдæй лæууынц, æрвылбоны, мæйы, афæдзы хыгъдтæ кæдæм хаста, уыцы тетрæдтæ дæр ма æгас сты. Сæ кой кæм ис, районы газетты уыцы номыртæ… Диссаг мæм цы фæкасти – куыстæн механизаторы цæстæй дæр аргъ кодта, экономист дæр уыди, разамонæг дæр, хъомыладон куыстгæнæг дæр. Йæ алы ныхас дæр армы æвæрдау – æргом. Уæды хабæрттæ мысыди Таймураз: «Совхозы директор Хъайтыхъты Амырхан ацы хъуыддæгтыл тынг цин кодта. Мехкъорд куы сарæзтам, уыцы бон нын радтой, техникæйæ нæ цыдæриддæр хъуыди, уыдон. Æввахс ауæдзтæ фæлдахæг трактор ма нæ хъуыди, æмæ нын уый дæр Краснодарæй сластой. Дыккаг бон технологон картæтæ скодтам. 153 гектары нын зæхх радих кодтой, 100 – нартхорæн, 50 – силосæн. Амырхан мын афтæ: «Махонтæ дæ куы нæ бамбарой, – нæ бакусдзысты, æмæ замманай хъуыддаг фæмæнг уыдзæн». Куыд цин кодта ног мадзалыл, фæлæ мæйы фæстæ фæзиан. Йæ бæсты æрбарвыстой Габолаты Аслæмбеджы. Уый нæ нæ бамбæрста. Цæлхдурæвæрæн кодта. Ноджы йæ зæронд кусджытæ дæр ардыдтой. Уæд æм Моисей йæхимæ фæдзырдта, æмæ йын карзæй ныффæдзæхста: технологон картæйы цыдæриддæр фыст æрцыди – сæххæст сæ кæнут. Ма сæм цæут, уынаффæ сын ма кæнут. Совхозы кусджытæй иунæг райстон, иннæтæ – бирæгъзæнггæгтæ.

Уыцы аз совхозы кусджытæ пъланмæ гæсгæ хъуамæ гектарæй нартхор æрзайын кодтаиккой 28 центнеры. Уæд мах байтыдтам, æрæгмæ чи цæттæ кæны, ахæм мыггаг, æмæ нæ нартхорæй бирæ фесæфт, уæддæр гектарæй систам 39,4 центнеры. Совхоз та – 14 центнеры. Мах нартхоры центнеры хиаргъ сыстади 3 сомы æмæ 12 капеччы, совхозы та – иуæндæс сомы. Совхозы уыди дыууæ хайады, дыууæйы дæр – сæйраг специалисттæ. Хайады – бригадтæ, уым дæр та – уыцы специалисттæ. Бригадты – звенотæ. Алы звеномæ дæр – 100 гектары. Цæвиттон, лæгмæ хауд 1 гектар. Мах фыццаг аз уыдыстæм 8 лæджы, æмæ нæм уыди 150 гектары. Дыккаг аз ма нæ къорды баззад 5 лæджы, зæхх та нæм уыди 420 гектары. Совхозы бригадты трактористтæн алы бон дæр æхгæдтой нарядтæ. Сæ быдыртæ рувынæн ницы фæрæзтой æмæ сæм-иу æрбаластой Зджыды шахтерты, Алагиры заводы, рынчындоны кусджыты. Ам цъыкк-уым цъыкк куыстытæ-иу акодтой. Махæн нæ сæйрагдæр къуылымпыгæнджытæ, не знæгтæ уыдысты нæ хицауад. Фæллойадон æгъдау чи фехала, уымæн къорды бынат нал ис. Ома, æмбæлтты æвастæй нæ уыди техникæйæ пайда кæнæн, кусын хъуыди хæдзардзинæй. Иу чыргъæды дзаг нартхор чи адава, уый йæ уæлæмхасæн мыздæй иу æфсир дæр нал райста. Хъайтыхъты Бутусыл-иу æнæ бануазгæ иу бон дæр никуы ацыд. Сабырæй йын фæныхæстæ кодтон, æмæ мæм байхъуыста. Бригады кусгæйæ, кæмæ смæсты, уый дæгъæлтæ-иу адавта, ома, æгуыст фæуа. Ныр та-иу æххуыс кæнынмæ фæци. Ахæм фæтк нæм сфидар: цауддæр кусæджы трактор асаст, уæд-иу æй рæвдз тракторыл сбадын кодтой. Дæсны кусæг та-иу хæлд трактормæ базылди, ома рæстæг минутгай нымад цыди. Заводы конд тауæнтæ рацарæзтам, ныр-иу уæрæхдæр хæс ахастой. Æмæ тракторты хъуыди 2 хатты къаддæр тæрын. Нæ хуымты дур уыгътам хуым кæнгæйæ, таугæйæ æмæ культиваци кæнгæйæ. Бирæ гектартæ бакусынмæ нæ тырныдтам – зæххытæ бæстон куыстгонд цæмæй цыдаиккой, ууыл тох кодтам. Техникæ хъахъхъæнын байдыдтам. Цалцæгæн цы æхца уагътой, уый куы сфæстауæрц кæнай, уæд дæхимæ цæуы. 1974 азы совхозы директор Габолаты Аслæмбег ахæм хъуыдымæ æрцыд: гектар нæм нартхор 15 центнеры йеддæмæ нæ дæтты, æмæ нæ уый тыххæй бригадтæ цæмæн хъæуынц? Хайадтæ æмæ бригадтæ сæфт æрцыдысты. Сарæзтой 5 мехкъорды, уыдон куыстой 3200 гектары зæхх. Уыцы аз кусджытæ 13-æм мызд дæр райстой. Хыгъд нæм фидар æвæрд уыди. Алкæй акомкоммæ дæр фыст цыди, цал сахаты бакуыста, уый. Мæйы кæрон-иу 3 гæххæтты гæбазы радтон къантормæ. Фыццаджы фыстон, куыстыл цы рæстæг хардзгонд цыди, уый. Дыккаджы – цы бахордтам, уый, æмæ æртыккаджы – мæйы дæргъы трактортæй цы бакуыстам, уыцы бæрæггæнæнтæ. Æнæуи бригады та хицæнæй хыгътой, мæйы дæргъы-иу цы бахуым кодтой, уый, культивацийæн – гæххæтт, тауыны куыстытæн – гæххæтт. Алы лæджы куыст дæр цыди хицæнæй хыгъд. Артаг æмæ сæрдæн æрмæджы хæрдзтæ нымадтой хицæнæй. Алы тракторы ивæн хæйттæн дæр – гæххæтт. Хыгъдхæссæг æхгæдта нарядтæ. Дыккагмæ уыдысты артаг æмæ сæрдæн æрмæг. Ивæн хæйттæ – скълады хицаумæ. Уыдонæй алчидæр цас рæстæг сæфта утæппæт документаци рафысс-бафысс кæнгæйæ!

Махмæ ахæм фæтк сфидар: зноны куысты бæрæггæнæнтæ абон сæумæрайсом фæйнæгыл ныффысс. Къæвда бон кодтам цалцæг кæныны куыст. Мах хорæй иу æфсир дæр нæ фесæфт. Æхсæв дæр æй хъахъхъæнгæ кодтам. Бригадтæ-иу сæ хор совхозы хордонмæ баластой. Йæ цыппæрæм хайы бæрц ын-иу быдырæй адавтой, цасдæр та дзы скъладæй сæфт, æмбигæ дæр дзы-иу бакодта. Паддзахадмæ-иу цауд хор кæй радтой, уый тыххæй сын-иу æй къаддæрмæ банымадтой. Мах нæ нартхор быдырæй комкоммæ ластам хорцæттæгæнæн пунктмæ. Сыгъдæг дæр æй кодтам нæхæдæг. Сылгоймæгты-иу баххуырстам, нæ уæлæмхасæн нартхорæй сын фыстам мызд. Совхозы кусæг трактористæн-иу мæймæ йæ мызд рауад 90 – 120 сомы, мах мызд та – 700 – 800 сомы. 1978 азы артаг сфæстауæрц кодтам 60 тоннæйы, 30 проценты райстам æфтиаг фæстауæрцы тыххæй. Мах кæй куыстам, уыцы хуымты рувæнæй иу хал дæр ничи ракъуырдта. Уалдзæджы ныл адæм былысчъилтæ кодтой. Къæпи кæм нæ расæрфай, уым, дам, чи кæд æрзайын кодта хор. Таймуразы, дам, ахсгæ кæндзысты. Уыцы рæстæг-иу рувынмæ кæцæй нæ ластой адæмы. Нæ мызд районы хицæуттæй кæйдæрты цæстытæ къахта. Фæстæмæ, дам, капитализммæ фæтулæм. Æрæхгæдтой нын нæ мехкъордтæ 1978 азы, фæстæмæ сног кодтой бригадтæ, звенотæ, штаттæ та ногæй ныннæрстысты. Адæм Хæтæджы-фыртмæ сæ хъаст хастой. Æмæ совхозы директор Габолаты Аслæмбеджы йæ куыстæй фæтардтой. 1965 азы Бирæгъзæнджы колхозы уыди 2 бухгалтеры æмæ 1 кассир, ныр нымайджытæ баисты 10. Æмæ ма уæд Уынал æмæ Мызур дæр мах совхозмæ хаудысты».

Алагиры районы хъæууонхæдзарадон управленийы уæды хицау Цогойты Аслæмбег дæр æхсызгонæй мысы мехкъордты куыст, загъта: «Уыдоны тыххæй дын Гæбуты Таймуразæй бæлвырддæр ничи радзурдзæн». Мысыди, ног хъуыдыйæн цы цæлхдурæвæрæнтæ кодтой, уый. Дудиаты Моисей йæ арвыста Казахстанмæ. Уымы совхозтæй иуы директорæй куыста Социалистон Фæллойы Хъайтар, не ‘мзæххон Беккуызарты Руслан. Уымæй балхæдта таугæ кæрдæджытæ сульфия æмæ сидайы мыггаг. Байтыдтой сæ «Ленинец» æмæ Цæлыччы номыл колхозты æмæ совхоз «Коммунист»-ы. Клевер-иу гектарæй дыууæ карстæн систой 600 центнеры. Сульфия æмæ сидайы зæххы гектарæй та-иу иу карстæн систой иу мин центнеры бæрц. Украинæйæ та турнепсы мыггаг сласта – холладжы цæхæрайау кæны бын, цæхæрайау дзы фос се ‘фсис нæ зонынц. Фæлæ цæхæрайæ дзæвгар фылдæр пайда хаста хæдзарæдтæн. Зæгъæм, мæнæу æркарстой, уæд дзы турнепс байтау æмæ-иу хъæрмыл сцæттæ ис. Йæ вегетативон рæстæг фылдæр-фылдæр ахæссы дыууæ мæйы æмæ æрдæг. Гектарæй-иу турнепс систой 600 –700 центнеры. Цæвиттон, иу зæххы хай лæвæрдта дыууæ тыллæджы. Цæхæра кæм байтауай, уыцы зæххытæй та сисæн ис иу тыллæг. Аслæмбег куы æруатон ис, уый фæстæ ног кæрдæджы мыггæгтæ дæр нал байтыдтой, турнепс дæр ферох, афтæмæй, зæгъы, сызгъæрин æхцатæй æлхæд æрцыдысты.

 

* * *

Райдианы загътон: саби йæ царды фыццаг фондз азы дæргъы æхсæнадæй цы райсы, уый бындурыл арæзт фæцæуы йæ дарддæры цард кæрæй-кæронмæ.

Сыктывкараг скъола-интернаты директор, ССР Цæдисы адæмон ахуыргæнæг А. А. Котоликов зæгъы: «Сывæллæттæ сты, æхсæнады цытæ цæуы, уый æвдисæг барометр… Социалон бæллæхтæ комкоммæ баст сты сабиты хъысмæттимæ» (Газет «Социалистическая индустрия», 1988 аз, 18 декабрь). Газеты уыцы æрмæджы загъд ис: «Фарон бæстæйы сывæллæтты хæдзæрттæ æмæ интернаттæй алыгъди 17 мин сабийы. Уыдон, стæмтæй фæстæмæ, сты, ис мад æмæ фыдæй сидзæры ном кæуыл сбадти, ахæмтæ. Ахæм интернаттæ ис нæ республикæйы дæр. Къорд хатты сæ бабæрæг кодтон. Йæ сабиты чи ныууадзы, æрдзы ахæмтæ цæмæн рантысынц? Цы ‘рцыди? Кæм агургæ сты уыцы бæллæхты æфсæнттæ?» Уыцы фарстытæн дзуапп раттыныл фæлтæрæнтæ скодтон мæ очерк «Курдиат»-ы. Очерк, уæды барæнтæй баргæйæ, хорзыл нымад æрцыди æмæ мыхуыры фæзынд («Мах дуг», № 3, 1980 аз). Фæлæ абоны цæстæй кæсгæйæ, зæгъæн ис: уæды бирæ дзæгъæл гæрæхтау нæ фæрæстмæ. Уымæн æмæ, цы фарстытæ сæвæрдтон, уыдонæн дзуапп лæвæрд не ‘рцыди. Проблемæйы социалон уидæгтæ æмбæхстæй баззадысты. Аххосджыны бынаты æвæрд цыдысты æрмæст ныййарджытæ. Æхсæнады дзуапп дæттын нæ фæндыд, Æмбæхст цыди æцæг уавæр. Мæ очеркы цы чысыл фиппаинæгтæ уыди интернаты тыхст уавæры тыххæй, уыцы бынæттæ редакци аппæрстой. Фыссæгæй домдтой, «сабиты йæ фæдыл чи хона», ахæм уацмыстæ. Уыцы уавæрты рухсмæ фæцыдысты æмæ ма ныр дæр цæуынц сæдæгай мæнг чингуытæ. Æвзонг ирон чиныгкæсджытæн сæ эстетикон æмбудæнтæ хуыдуг кодтой. Зæрдæцъæхы хос сын фæци ирон дзырд. Уымæн нæм нал ис хъуыдыгæнæг, аивадæн аргъ кæныны миниуджытæй хайджын чиныгкæсæг.

Сывæллæттæн чи фыста, уыцы фысджыты раз заууаты рæстæг цы домæнтæ æвæрдта, уыдоны тыххæй дзуры Цæгæраты Гиго: «Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæрты, ныййарджыты æхсæн ис расыггæнджытæ, чъындытæ, йæ усы чи нæмы, ахæмтæ. Фæлæ уыдоны тыххæй сабитæн дзурын раст нæу. Саби хъуамæ хистæрмæ, ныййарæгмæ хорз цæстæй кæса… Нæ фыдæлтæ карз хæстыты байстой сæрибар, æмæ сæ кæстæрты цæсты нæ хъæуы æфтауын. Кæд исты хъуагдзинадыл фыссæм, уæд сæ агурæм сывæллæттæн сæхи ‘хсæн» («Рæстдзинад», 1970 азы 23 январь).

Ныр рабæрæг сты уыцы рæстæджы зæрдæхалæн бæллæхтæ. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæмбæг тыд кæм цæуы, Ашхабады зонæйы уыцы районты бæмбæг æфснайыны куыстыты чи архайдта, уыцы сывæллæттæй бирæтæ сты тугхъуаг, иннæ сабитæй вæййынц æдзæллагдæр. Фæсæйынц рахит, дистрофи æмæ æндæр низтæй. Фылдæрхатт сабитæ фæкусынц сæумæйæ изæрдалынгтæм, иу бон дæр нæ баулæфынц, нæ сын ласынц нуазыны дон æмæ хъарм хæринаг. Хæдзарадон разамонджытæ, ас адæм куыстмæ цæмæй хоной, æмæ техникæйæ эффективон æгъдауæй пайдагонд цæмæй цæуа, ууыл бацархайыны бæсты куыст бакодтой скъоладзауты æвджид. Йæ тыхы чи ис, уыцы закъонты мурмæ дæр нæ дарынц. Уый тыххæй бæлвырддæр бакæсæн ис газет «Правда»-йы (1988 азы 24 ноябрь).

Заууаты азты цы бæллæхтæ цыди, уыдоны уидæгтæ раздæры азты мæры агургæ сты.

Хъайтыхъты Геор 1947 азы дзырдта: культурæйыл Нартыл ахуыр кæнут, зæгъгæ, чиныгкæсджыты ахæм зондыл чи ардауы, уыдон идеализаци кæнынц ивгъуыд рæстæг æмæ уымæй хæссынц зиан. Абарæм ма уыцы хъуыдытæ, Цæгæраты Гиго аргъæутты тыххæй цы зæгъы, уыимæ: «Сывæллоны зондахаст хъомыл кæнынæн стыр ахъаз сты аргъæуттæ. Фæлæ уыцы хъуыддагмæ дæр æркæсын хъæуы. Рæстæг ивы, цард стыр санчъехтæй цæуы размæ. Кæд æмæ фыццаг аргъæутты фылдæр æвдыст цыдысты дæлимонтæ, усбирæгътæ æмæ æндæртæ, уæд ныр хъуамæ бынтон æндæр хуызы ивд æрцæуа аргъауы конд». Цавæр хъуамæ уа, «ног аргъауы конд», уый тыххæй уацы бæлвырдæй ницы загъд æрцыд. Уæвгæ, сæ рæстæджы хистæр фысджытæй чидæртæ афтæ дæр загътой, аргъау нал хъæуы, зæгъгæ. Уыцы зондыл хæст уыди Боциты Барон дæр. Уый уырныдта: аргъæутты цы сгуыхтдзинæдтæ æвдыст цыди, уыдон ницыуал ахадынц, уымæн æмæ зæххыл рантысти, æмбал кæмæн нæй, ахæм ЛÆГ. Уый сгуыхтдзинæдтæ нымайы: «Ды разылдтай зæхх, хур æмæ дон».

… Мæ хионтæй иуы рагæй нал федтон æмæ иуахæмы горæты нæ иумæйаг хæстæджытæм фембæлдыстæм, æмвынг сбадтыстæм, аныхæстæ кодтам, стæй мын йæ каисы кой скодта. Сымахырдыгæй, дам, цæры æмæ йæ æнæ уынгæ нæ уыдзынæ. Афарстон æй: чи у, цы у? Йæ сурæт мын сныв кодта, загъта мын йæ мыггаг… уырыссагау. Нæ кæцыдæр мыггæгтæ иронау фæйнæ-фæйнæ хуызы фæзæлынц, уырыссагау рауайынц æмзæл. Зæгъын, нæхирдыгонау ма мын зæгъ дæ каисы мыггаг. Уырыссагау та йæ скъæрцц ласта. Зæгъын, дæ каисы мыггаг иронау куыд зæлы, уый нæ зоныс? Йæ къух ауыгъта, цы уæлдай, дам, у. Æмæ мæ нал фæндыди уыцы фынджы уæлхъус бадын. Ноджы мын чысыл раздæр мæ комкоммæ бадæг мызыхъхъ ирон мæ водкæйы æрдæгдзаг нуазæн мæ разæй фелвæста (ирон арахъхъ нæ нуæзта, водкæ та дзы, загътой, нал ис…)

… Æндæр хатт мын мæ зонгæтæ балæгъстæ кодтой: нæ сиахсы хонæм, йемæ ма, куыд вæййы, афтæ – уазджытæ, æмæ, дам сын ды хистæрæн абад. Мæхи фæтылиф кæнинаг уыдтæн, фæлæ мæ кой дæр не суагътой. Бафарстон сæ: сæ мыггаг иронау куыд у? (Йæ мыггаг ын æдзухдæр уырыссагау дзырдтой). Бинонтæ, цал уыдысты, уалæй ныхъхъуыды кодтой – ничи йын зыдта йæ мыггаг иронау².

² Цинты фæцæут, фæлæ нын нæ мыггæгтæ алы куывдтæ-чындзæхсæвты дæр, мысайнаг куы фæдæттæм, зианты та – сабæттаг, æгъдау куы фæкæнæм æхцайæ, уæд æрмæст уырыссагау фæфыссынц. Уæдæ нæ уæлмæрдты цыртытыл дæр стæмхатт амынд вæййы иронау, чи дзы æфснайд ис ингæны, уый мыггаг. Уæвгæ та суанг Къостамæ дæр йæ цыртыл ныффыссынмæ иу ирон дзырд куы не ’рхаудта… (Ред.)

 

* * *

Ацы ʼрмæгыл мæ тæккæ кусгæйæ куыд уыдтæн, афтæ газет «Рæстдзинад»-ы фæзынди Хъайттаты Сергейы райгуырды 70 азы бонмæ аивадиртасæг, наукæты кандидат Бæциаты Агуыдзы уац «Уарзы цард». Кастæн æй, æмæ мæм исдуг мæ зæрдæ афтæ сзырдта, цыма иу къорд азы размæйы фыст юбилейон цыдæр кæсын. Фæлæ газеты номыры (1988 аз, 17 декабрь) типографийы ахорæн уырзтыл зади. Ныр цалдæр азы цас æргом æмæ карз ныхæстæ загъд æрцыди аивад æмæ литературæйы кусджыты съездты, пленумты, стæй мингай уацты, радио æмæ телеуынынад дзурджыты ныхæсты мæнг литературæйы гуырæнты тыххæй.

Загъд уыди: аивады æгъдауæй ныллæг æмвæзадыл фыст конъюнкту-рон уацмыстæ рухс уыдтой бирæгай томтæй. Стыр литературæимæ абаргæйæ, бынтон сагъæссаг уавæр та ирон литературæйы сæвзæрди. Æргом ныхас критикæйы жанры раджы кæй амарди, уый азарæй нæм нал уыдис, уацмыс аивадон цæмæйты вæййы, уыдон бæрæггæнæг критериты бæрцбарæнтæ. (Нæ фысджытæй графомантæ афтæ дзураг уыдысты: æмæ йæ чи кæд сбæрæг кодта, аивадон уацмыс цавæр вæййы, уый?).

Бæциаты Агуыдзмæ рацарæзты уддзæфæй иу стыф дæр нæма бахæццæ æмæ, дæсгай азты дæргъы чи сфидар, уыцы фæтк нæ фехæлдта – штамптæй фæлыст гаджидау рауагъта. Зæгъы: Сергей-драматурджы, дам, «бахъуыд новаторон куыст бакæнын». Ома юбиляр ирон драматурги фæхъæздыгдæр кодта, ныронг нæм чи нæма уыдис, ахæм ног аивадон мадзæлттæй. Йе сфæлдыстад ын æмткæй хоны «бæрæгбоны бæркад».

О, раст у: нæ фысджытæй бирæтæн сæ фылдæр чингуытæ-иу бæрæгбæттæм фыст цыдысты.

Поэт Тетцойты Таймураз дæр цæстуарзон разынд, Тедеты Ефимы райгуырдыл 60 азы кæй сæххæст, уый фæдыл уац ныффыссыны тыххæй йæ къухмæ йæ фыссæн сис куы райста, уæд. Газет «Рæстдзинад»-ы (1989 аз, 11 май) йæ уац «Сфæлдыстадон фæндагыл», зæгъгæ, уым кæсæм: «Тедейы-фырты поэзийы бæрзæндтæм систой йæ чингуытæ «Цæрæнбоны зарæг», «Фарн уæм бадзурæд», «Фæдзæхст дуне», «Урсдоны былыл сау фæрдыг», «Кадæггæнæг», «Хæхты дзæнгæрджытæ» æмæ иннæтæ».

Поэзийы бæрзæндты кой чи фæкæны, уыдонæн, цымæ, сæ цæстыты раз нæ сыстынц Шекспиры, Дантейы, Байроны, Пушкины, Руставелийы, Къостайы… (нал сæ нымайын) сурæттæ? Поэзийы бæрзæндтæ, æнæмæнгæй, баст сты уыцы нæмттимæ, æмæ Тетцойы-фырт уыцы генитимæ бафыста Тедеты Ефимы ном. Йемæ сразы сты «Рæстдзинад»-ы редакци дæр.

 

* * *

Иу хабар раджы раиртæстон: æрдзон курдиатæй чи фæхайджын, уыдон критикæйæ никуы схъиудтой. Уæвгæ, уыдон рæстаг литературон критикæйы æвджид нæ задысты – æнауæрдон цъыфкалæнты амæттаг-иу баисты. Аивадмæ схъиуæццагæй чи бахауд, уыдон та хуымæтæджы фиппаинагæн дæр нæ быхстой. Иу автор мæм иуахæмы мæ хæдзармæ телефонæй æрбадзырдта: «Райсом мæ критикæ кæндзынæ, уый зонын. Хатыр бакæ, фæлæ… Дæ хорзæхæй, обкомы минæвар баддзæн не ᾽мбырды, æмæ мæ уый цæсты ма бафтау». Чиныгуадзæны пълан-иу æппæты фæстагмæ обкомы сфидар, уыдоны фæстæ йæм-иу исты ивддзинад ма бахæссай!..

Сфæлдыстадон æрмадзы сусæгдзинæдтæ зын æмбарæн кæмæн сты, уыдонæй исчи бафæрсдзæн: айдагъ сатæгсау ахорæнтæй ахорыс уыцы рæстæджытæ, ау, аивад уæд бынтондæр бабын? Аивадæн кæд рæстæг цæлхдур æвæрæнтæ кодта, уæддæр уыцы æнуд уавæрты дæр нæ бамынæг, бæгуыдæр сæ цард-иу нывондæн æрхастой, уæддæр-иу галиу фæндагмæ здахын нæ бакуымдтой, мæнг ныхас никуы загътой аивадон сфæлдыстады æцæг лæгтæ. Мыхуыры-иу сын карз тæрхонгонд æрцыди, сбадт-иу сыл «космополитты», «националистты», ивгъуыд замантæ тæхудиаг æвдисджыты нæмттæ, загътой сæ-иу: сты, Советон адæмæн æцæгæлон чи у, ахæм зондыл хæст. Цæвиттон, знаг, фыдгул, ахæстоны даринаг. Фæлæ дуне фæрнджынгæнæгыл цъыф цасфæнды куы фæкалай, уæддæр йæ фарны ныхас дунейы рухсыл æфты, дуджы хъæдгæмттæн басгуыхы æндидзæн хос. Аивады æцæг лæгтæ æдзухдæр вæййы, уыдоны руаджы кæддæр кæрон æрцæуы фыдбон æмæ фыдлæгæн.

Заууаты азты рæстæй цæрæджы æргом хæрамгæнджытæ уынгæг къуырцдзæвæнмæ куы тардтой, хъуыдыгæнæджы уд уæлæуыл зындоны арты куы сыгъди, уыцы рæстæг бакастæн Назым Хикметы уырыссаг бинойнаджы мысинæгтæ. Фæсхæст Сабырдзинад Хъахъхъæнынады Æппæтдунеон Комитеты æмбырдмæ нæ бæстæйæ цы минæварад тахти, уыдонимæ уыди туркаг революционер, поэт Назым Хикмет дæр. Поэт зыдта: семæ цæудзæни, фæндагыл сын лæггад чи кæндзæн, ахæм адæймаг дæр. Хæдтæхæджы куы сбадтысты, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыди, лæггадгæнæг сын чи уыдзæн, уымæй афæрсын дзы кæй æрбайрох. Фæрсгæ нал, фæлæ йе ᾽мбæлццæттыл афæлгæсыд æмæ сæ иуыл йæ цæст æрæвæрдта æмæ ахъуыды кодта: «Уæртæ уый уыдзæн нæ «завхоз». Афтæ йæ схуыдта.

«Завхоз» уыди се ᾽гасæй хуымæтæгдæр арæзт, хæдæфсарм, æнæ уæлдай змæлд. Суанг сæ балцы фæуынмæ-иу «завхозæн» куы цы бафæдзæхста, куы цы. Уый уæлдай ныхас дæр никуы скодта, йæ цæстæнгас уæлдайхуызон дæр нæ фæци – Хикметы алы куырдиат дæр æххæст кодта. Фæстæмæ Мæскуымæ стахтысты æмæ, мæнæ ныр фæхицæнтæ уыдзысты, зæгъгæ, уæд поэт «завхозæн» радта йæ визиткæ, ома, мæ зæрдæ дæ барухс, зæгъгæ, фæарфæтæ йын кодта. «Завхоз» дæр йæ дзыппæй систа ахæм гæххæтт æмæ йæ Хикметæн радта. Поэт æм æркасти æмæ… Лæггадгæнæг разынди, æгас дунейы хъуыстгонд, йæ цæргæйæ гени у, зæгъгæ, кæмæй загътой, уыцы композитор Дмитри Шостакович. Мысинæгты автор фыссы, Хикмет цы зæрдæнкъуыст бавзæрста, уый тыххæй. Уæд фыццаг хатт федта, йæ райгуырæн бæстæйы, Турчы ахæстоны бадгæйæ-иу кæмæ хъуыста æмæ йæ удвидар чи кодта, тохмæ йæм чи сидти, уыцы «ленинградаг симфонийы» авторы!

Адæймаг-иу йæ зæрдæ ницæуылуал дардта уыцы заууаты азты, фæлæ та-иу дæ дуне фæрнджынгæнджытæй кæйдæр уды рухс-стъæлфæн ныфс бауагъта, хуыздæр бонтæй дæ-иу æнхъæлцау скодта.

 

* * *

Мæхæдæг æвдисæн фæдæн, Фыдыбæстæйы хæсты размæ мыхуыры йæ ном кæмæн фæзынд, фысджыты уыцы фæлтæры минæвæрттæй иу райдианæй кæронмæ йæ юбилейы хъуыддæгтæ йæхи къухæй куыд арæзта, уымæн. (Уыцы рæстæг йæ юбилейон сæрмагонд къамис дæр æнцад нæ бадти). Типографимæ бон цалдæр дзырды кодта: домдта, цæмæй хуынды билеттæ зынаргъдæр гæххæттыл мыхуыргонд æрцæуой, цæмæй афойнадыл фæзыной. Домдта, цæмæй йæ цытгæнæн изæры архайой хуыздæр солисттæ, декламацигæнджытæ. Агуырдта, йе ᾽сфæлдыстадæн ын бæрзонд аргъ чи скæндзæн, ахæм докладгæнæг. Редакциты, радио æмæ телеуынынады кусджытæн дæр аивæй æмбарын кодта, ома кæд уый тыххæй исты зæгъинаг стут, уæд ахæм æмæ ахæм автортæм æххуысмæ фæсидут. Хæрзиуæгмæ йæ цæмæй бавдисой, уый тыххæй дæр æнæмæнг базмæлыдаид, уымæн æмæ-иу уый размæ фысджыты æмбырдты арæх хъаст кодта: фаг аргъ нæ кæнынц фыссæгæн. Уартæ Дагестаны цас ис, адæмон фыссæджы ном кæмæн радтой, ахæмтæ, уæд мах цæуылнæ зонæм нæхицæн аргъ кæнын?

Йæ цытгæнæн изæрмæ дæр мын æдзæугæ нæ уыди. Былалгъ арфæтæ, йæ ном дæр ын кæм нæ зыдтой, ахæм заводтæй, куыстуæттæй æрвыст арфæйы адристы къæбæлдзыг ныхæстæ, юбилейон къамисы хъæппæрисæй кæй æрæрвыстой, уыцы телты иударон арфæтæ… Нырхæндæг дзы дæн, йæ бæсты мæ цæсгом сыгъди, зæххы скъуыды хъуамæ ныххаудаин. Ау, сфæлдыстадон кусджытæ иууылдæр ахæмтæ сты? Кадфæлгъауæджы бынатмæ сæхи цæмæн æруадзынц? Ау, иннæтæ сæ уыцы миниуджытæ æмбæхсын кæй зыдтой, уый тыххæй сын нæ рахъæр сты? Уыцы хъуыдытæ мын æнцой нæ лæвæрдтой. Мæ цæсты æрныллæг аивады кусæджы ном.

Уыцы рæстæджы бакастæн, ссæдзæм æнусы бæрзонддæр нæмттæй иу, америкаг фыссæг Уильям Фолкнер Нобелы преми куы райста, уæд ын уый тыххæй æппæты разæй раарфæ кодта шведаг журналист. Газеты минæвар зыдта, хъуыстгонд фыссæг журналистты йæхимæ æмгæрон кæй никуы уагъта æмæ йын бирæ ныхæстæ кæй нæ зæгъдзæн, уый æмæ йæм радта æрмæстдæр иунæг фарст: куыд цæттæ кæны йæхи преми исыны балцмæ æмæ преми исыны рæстæг цы зæгъдзæни? Фолк-нер уæлдайхуызон дæр нæ баци, æвронг хъæлæсæй дзуапп радта: æз фермер дæн, хортæ æфснайыны рæстæг æрæййæфта, æмæ мæ уырдæм цæуынмæ нæ равдæлдзæн. Æмæ, æвæццæгæн, нæ ацыдаид, фæлæ йæ чызг рагæй бæллыд Европæ фенынмæ, дыккаг ахæм фадат ын кæй нал уыдзæн, уый æмбæрста æмæ йæ фыдыл фыдымады бацардыдта – Уильям та йæ мадæй тынгдæр никæмæ хъуыста. Уый йæ ныддомдта, æмæ фыссæг абалц кодта Швецимæ.

Цы ʼхцайы преми йын радтой, уый нымадта лæвар æфтиагыл, ома мæ чъиухид сыл нæ акалд, æмæ сæ стипендийы хуызы снысан кодта, Оксфорды Африкæйæ чи ахуыр кодта, уыцы студенттæн.

Æмæ та мын цард ад кæнын байдыдта, æмæ та мæ-иу ныфс бацыди.

Фæлæ нырма алы бон дæр кæмдæр кæмæндæр хæрам чындæуыди. Хъуыди кæйдæр сæрыл сдзурын, цæлхдурæвæрджытæм хъæддых фæлæууын. Царды æцæгтæ æвдисæг тæппытæ-иу кæм разынди, уыцы къухфысты хъуыди хъахъхъæнын. Литературон æгъдауæй йыл бакус, уæддæр чи ницæмæн сбæздзæн, чиныгкæсджыты хъуыди ахæм æнæбон, зианхæссæг къухфысттæй хизын. Знаг дын фестдзæн йæ автор, йæ маст дæ исдзæн цæрæнбонты, ууыл аудæг бæрзонд бынаты бадæджы фыдæх дæ баййафдзæн, уæддæр хъуамæ дæ хъуыды ма аивай, дæ намыс бахъахъхъæнай.

Цæрукъаты Валодяйы уацау «Боныцъæхтыл зындзынæн» бакастæн æмæ йæ банымадтон чиныгуадзæны пъланмæ бахæссинаг къухфыс-тыл. Уыцы аз сабитæн кæй уагътам, уыцы уацмыстæй мæм бирæтæй æххæстдæр, аивадондæр фæкаст – немыцаг лæбурджытæ æлдариуæг кæм райдыдтой, ахæм ирон хъæуы къуырцдзæвæны уавæр дзы уырнинагæй æвдыст цыди, йæ архайджыты иуцасдæр бауагъта сæхи бар, ноджы æвзонг чиныгкæсæджы цымыдис цыренгæнæг архайды æууæлтæй фæхайджын. Цæвиттон, ныфсджынæй йæ хастон пъланмæ. Сдзырддаг уыдзæн, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Фæлæ дын æй иуахæмы Фысджыты цæдисы прозæйы секци куы агурид, пъланмæ хаст къухфыстытæй, дам, хъуамæ кæцыдæртæм æркæсæм. Тынг фæдис кодтон – сфæлдыстадон секцитæ нæ кусынц, зæгъгæ-иу Съездты дæр æмæ Фысджыты цæдисы æмбырдты дæр æндæр кой нæ уыди. Æмæ, зæгъын, цы хорз у!

Литературон институты сфæлдыстадон семинартæ-иу арæх æрымысыдтæн. Тæхуды æмæ, зæгъын, нæ фысджытæй чидæртæ цы «хом» къухфыстытæ æрбаппарынц чиныгуадзæнмæ, уыдон уыцы семинары размæ рахæсс!

Мæ зæрдæ фæкъæпп кодта Фысджыты цæдисы курдиатыл – цыдæр дзы ис! Уый размæ сæм-иу чиныгуадзæнæй къухфыстытæ ссыди, секциты æмбырдты сæ равзарут, раст аргъ сын скæнут, зæгъгæ, фæлæ-иу уыцы курдиатмæ сæ хъус никуы æрдардтой.

1967 азы 3 апрелы чиныгуадзæн Фысджыты цæдисмæ барвыста Бæдоаты Хъазыбеджы роман «Амонд агурджыты» къухфыст ахæм фыстæгимæ: «Мах тынг лæмбынæг бакастыстæм авторы куыст æмæ нæ фæнды, фысджытæ дæр ыл куы æрныхас кæниккой æмæ йын æмбæлгæ аргъ куы скæниккой, уый». Уыцы аз 2 августы чиныгуадзæнæй Фысджыты цæдисмæ бацыди дыккаг фыстæг ахæм курдиатимæ: «Уæ хорзæхæй, цы амал ис, уымæй тагъддæр æрдзурут Бæдоаты Хъазыбеджы роман «Амонд агурджытыл». Уыцы курдиатыл афæдз æмæ дыууæ мæйы куы рацыди, уæд та чиныгуадзæн Фысджыты цæдисмæ барвыста æртыккаг фыстæг, йæ къух дзы бавæрдта директор Зæнджиаты Дæгка, афтæмæй, – къухфыст уæддæр æвзæрст не `рцыди прозæйы секцийы.

Ацы ран æмбæлы хабары райдианы кой скæнын. Бæдоаты Хъазыбеджы романы къухфыст Фысджыты цæдисы кусджытæй йæ цæстæй дæр ничима федта, афтæмæй республикæйы культурæйы кусджыты съезды докладгæнæг фехъусын кодта цины уац: фæзынди нæм ног, геологты цардыл фыст фыццаг роман. Уый фæстæ ног уацмысы райгуырды тыххæй хъусын кодтой газет «Рæстдзинад», журнал «Мах дуг» æмæ газет «Литературная Россия».

Цæрукъаты Владимир хорзау нæ фæци. Загъта: уый мын Фысджыты цæдисы сæрдар Цæгæраты Максим цæлхдурæвæрæн кæны, мæ къухфыст цæмæй пъланмæ ма бахауа, ууыл архайы. Ау, фысджыты сфæлдыстадон секцийæ, зæгъын, Цæдисы сæрдар маст исыны хотых куыд хъуамæ сараза? Сæрдар цæттæ кодта, секцийы чи раныхас кæндзæн, ахæмты, автор дæр фысджыты æхсæн агуырдта, йæ сæрыл чи сдзурдзæн, ахæмты. Секцийы бон рабæрæг Цæгæрайы-фырты фыдвæнд – къухфыст цæмæй пъланмæ ма бахауа, ууыл æппæты тынгдæр йæхæдæг архайдта. Йæхимæ чи æрыхъусын кæна, уацауы хъæнтæ цæстыты раз чи авæра, ахæм аргументтæ, цæсты ахадгæ рæстдзæвин фиппаинæгтæ йæм нæ разынди, фылдæр дзырдта къухфысты æвзагыл, фаудта йын йæ хъуыдыйады арæзт.

Æз загътон: уацауы фразæ ранæй-рæтты инверсивæлдæхт кæй рауайы, уый йын аивадон мадзал у, ахæм фразæйы руаджы хуыздæр æвдыст цæуы хæсты уæззау уавæрты бахауæг хъæуы уавæр! Æниу, зæгъын, æдзух нæ уацмысты æвзаг иу сасирæй луæрст цæмæн хъуамæ цæуа, иу ритмикон зæл сын цæмæн уа? Авторæн ма рæстæг уыди, æмæ, йæ къухфыстыл кæй бакусдзæн, ууыл гуырысхо нæ кодтон. Цæвиттон, уацау цæмæй пъланы баззайа, уый фарс рахæцыдысты Мамсыраты Дæбе, Дзесты Куыдзæг…

Уацау пъланмæ хаст æрцыди, рацыди ирон æвзагыл, фæстæдæр та уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй Мæскуыйы чиныгуадзæн «Детская литература»-йы.

 

* * *

Уыцы азты Фысджыты цæдисы цы иумæйаг уавæр сæвзæрд, уый фадат лæвæрдта цыфæнды хæрæмттæ æмæ сфæлдыстадон кусæджы намыс цъыфмæ æппарæн митæн дæр. Курдиаты базыртæ куыдцыбырдæр къуырдтой, тасы азар ыл æфтыдтой, ома хъуыды кæнынхъом мауал уа, мæстæлгъæдæй судза.

Уыдæттæн æвдисæн у, 1970 азы апрелы мæй Мæскуыйы УСФСР-йы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар С.В.Михалковмæ цы фыстæг арвыстой, уый: «Æрæджы йæ куыст чи фæци, УСФСР-йы фысджыты уыцы съезд у нæ бæстæйы æхсæнадон æмæ литературон царды ахсджиаг цау. Советон Уæрæсейы аивадон дзырды хъысмæт зынаргъ кæмæндæриддæр у, уыдонимæ мах, ирон фысджытæ дæр, стыр цымыдисæй нæ хъус дардтам уыцы ахсджиаг форумы куыстмæ. Съезд нын зонды æмæ зæрдæрухсы хос кæй фæци, рухс хъуыдытыл нæ кæй бафтыдта, ууыл дзырд дæр нæй. Фæлæ æнæ зæгъгæ нæй, стыр сагъæсты нæ кæй баппæрста, уый дæр: докладтæй иуы дæр нæ ирон литературæйæн йæ кой дæр нæ рауад, афтæмæй та зындгонд у, йæ традицитæ куыд арф сты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй докладгæнджыты нæ азымджын кæнæм, фæлæ Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы ныры разамонджыты – уыдоны аххосæй литературæйы хъуыддаг республикæйы нывыл æвæрд нæ цæуы, ирон фысджыты хуыздæр уацмыстæ æппæтцæдисон чиныгкæсджыты размæ хаст цæмæй цæуой, ууыл хъыгагæн, нæ кусынц, ахæм цæстæй æрмæст нырыккон фысджыты уацмыстæм нæ кæсынц, фæлæ нæ литературæйы классиктæм дæр.

Не ’мбырдты æмæ нæ съездты иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтам, фысджытæн раст разамынд лæвæрд кæй нæ цæуы, сфæлдыстадон атмосферæ нæм кæй нæй, уыдæтты тыххæй. Нæ литературæйы рæзтæн цæлхдурæвæрæн чи кæны, пропагандæйы куысты йæ галиу митæ ныу-уадзинаг чи нæу, уыдоны нæмттæ-иу лæгæй-лæгмæ загътам. Фæлæ нын-иу бирæ цæмæйдæрты зæрдæтæ цы бавæрдтой, æндæр уавæр нæ хуыздæр кодта. Æмæ мæнæ ныр æвдисæн стæм, нацийы культурæйы раз цы æбæрнондзинад æвдыстой, уый фæстиуджытæн – ирон литературæйы уацмыстæй иу дæр ныхасмæ хаст не ᾽рцыд, Уæрæсейы фысджыты съезды докладгæнджыты цæст дзы ницæуыл æрхæцыд.

Афтæ зæгъæг фæуыдзæн: ирон фысджыты чингуытæ Мæскуыйы дæр куы цæуынц. О, фæлæ уыдон автортæн сæхи æмæ сæ тæлмацгæнджыты хъæппæрисæй уагъд æрцæуынц. Ноджы ма уый зæгъын дæр хъæуы, æмæ уыцы чингуытæ Фысджыты цæдисæн дæр æнæнхъæлæджы кæй фæзынынц. Гъе уымæ гæсгæ фылдæрхатт уыцы уацмыстæ нæ вæййынц нæ литературæйæн цæсгомгæнæг, йæ абоны æнтыстытыл дзурæг.

Ирыстоны фысджытимæ бастдзинæдтæ чи хъуамæ дарид, Фысджыты цæдисы правлени ахæм дæсны тæлмацгæнджыты хоныныл нæ архайы, уæдæ бынæттон фысджытæй цæмæй исчи уыцы ахсджиаг куыстмæ йе ’ргом раздаха, ууыл дæр нæ кусы. Уый аххосæй ирон литературæйы хуыздæр уацмыстæ иннæ нациты чиныгкæсджытæй авд дуары мидæг æхгæдæй лæууынц.

Нæ зæрдæтæ риссынц, Цæгат Ирыстоны фысджыты æмбырдты æмæ съездты бирæ азты дæргъы нæ литературæйы ахсджиагдæр фарстаты æмæ проблемæты фæдыл алывæрсыг профессион ныхас кæй нæ ра-уади, ууыл. Уыцы уавæр нæм, фыццаджыдæр, сæвзæрди, правленийы сæргъы чи лæууы, уыдоны аххосæй.

Мах куыд нымайæм, афтæмæй афон у, æмæ хъуамæ нæ фысджыты `хсæн рауайа ахæм зæрдиаг ныхас. Уым хъуамæ архайой Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы минæвæрттæ дæр. Нæ литературæйы хъысмæт нæ цы сагъæсты бафтыдта, æмæ къуырцдзæвæны уавæрæй цы хуызы фервæзæм, уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ дæм æрвитæм нæ ацы фыстæг. Ныфс нæ ис, нæ бæллæхтæ кæцæй гуырынц, уыцы аххосæгтæ рабæрæг кæныны хъуыддаджы нын кæй феххуыс кæндзынæ æмæ, ирон литературæйы рæзт чи къуылымпы кæны, уыцы цæлхдуртæ иуварсгонд кæй æрцæудзысты, уымæй».

Фыстæджы бын Цæгат Ирыстоны 41 фыссæгæй сæ къухтæ бавæрдтой 24.

Фыстæгимæ арвыстæуыд, йæ мидисæн ын æвдисæндарау чи уыди, ахæм уæлæмхасæн æрмæг цалдæр фарсыл. Уым комкоммæ загъд цыди, Фысджыты цæдисы цы уæззау уавæр сæвзæрд, уым сæйраг аххосджын кæй у 12 азы дæргъы правленийы сæргъылæууæг Цæгæраты Максим.

Республикæйы уæды разамындæн уыйбæрц фæадджын ис Цæгæрайы-фырт, æмæ йыл къæм абадын дæр нæ уагътой, йæ кæцыфæнды митæ дæр ын-иу батадысты. Йæ 50 азы бонмæ цы чиныг уагъта, уымæн разныхас чи хъуамæ ныффысса, уый дæр йæхæдæг бацагуырдта. Уæд æз чиныгуадзæны редакторæй куыстон. Æрбахуыдта нæм Джусойты Нафийы, филологон наукæты кандидаты, æмæ загъта: «Уæд та Нафи ныффыссид разныхас?»

Сразы стæм, уæдæ цы. Разныхас тагъд райстам. Юбиляр æй ба-касти æмæ йæ аиуварс кодта, уымæн æмæ йын Нафи скодта иуцалдæр цæстуарзон фиппаинаджы.

Мæскуымæ æрвыст фыстæг Ирыстоны фысджыты цæдисы цы ’мбырд расайдта (Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисæй дзы уыдысты поэттæ Татьяничева æмæ Ладонщиков), уым хурмæ калд æрцыдысты, кæй ранымадтон, ахæм æмæ бирæ æндæр фыдуынд, цæлхдурæвæрæн хабæрттæ. СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Хъæбæлоты Билар Цæгæрайы-фыртæн фæлмæн уайдзæфтæ бакодта. Æлхыскъ дæр æй акодта, хорз, дам, зонæм Цæгæрайы-фырты хъæнтæ, суанг ма уый дæр зонæм, æмæ йæм дыууæ къухфысты куы уа, иу – йæхи, иннæ – кæйдæр, уæд йæхион кæй фæраздæр кæндзæн. Æмæ та куыста. Æмæ та йын тадысты йæ митæ. Борис Шелеповы фыст чиныг «Дети Золотого ущелья» йын йæхи номыл уагъдæй куыд батад, афтæ.

Мыртазты Барис æмæ Хъодзаты Æхсаримæ æртæйæ нæ къухы уыдысты чиныджы къухфыстытæ. Рæстæгмæ дзырдæй нын сæ радта Б.Шелеповы бинойнаг. Чиныджы фыццаг вариант уыди чырынтæ æмæ иухаххон театрады Б.Шелеповы къухæй фыст. Уыди нæм машинкæйæ мыхуыргонд æмæ Шелеповы къухæй рæстытæгонд текст дæр. Цалдæрæй сæ Татьяничевамæ уазæгуатмæ бахастам, фæлæ сæм йæ хъус не ’рдардта, йæ къухмæ дæр сæ нæ райста. Чи зоны, обкомы инструкторы цур æй дзурын нæ бафæндыди – уый дæр баййæфтам уазæгуаты. Æви, хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый рагацау дæр зыдта æмæ йæхи нæуынæг, нæхъусæг скодта. Хъуыддаг бакодтой республикæйы уæды разамынды бар. Уыдон та сæхи æвзæрст кусæджы куы бафхæрдтаиккой, уæд, кадртæ æвзарын кæй нæ зонынц, ууыл сæ басæттын хъуыд.

Плагиаты хабар куы рахъæр, уæд хæрз æнцонæй сбæрæг кæнæн уыди чиныджы æцæг авторы ном – уæлæнгай æвæрдæй лæууыдысты чиныг сфæлдисæджы фыдæбæттæ æвдисæг алы æвдисæндартæ. Уæдæ Мæскуымæ æрвыст фыстæджы фæдыл СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы хæдзары цы æмбырд уыди, уым дæр плагиаты хабар рæгъмæ хаст æрцыди. Гаджиты Георги афтæ загъта: «Хæсты рæстæг мæрдкъахтæн кодтой марыны тæрхон, сабыр рæстæг та сын хъуамæ цавæр тæрхон хаст цæуа?»

Æмбырды уыдысты республикæйы уæды партион æмæ советон разамонджытæй бирæтæ. Фæлæ сæ хъусты разынди къæрмæджытæ тъыст. Хабæрттæ ныммынæг кæныныл архайдтой бæрзонд бынæтты бадджытæ, уæддæр-иу рахъардтой боны рухсмæ – Борис Шелеповы бинонты ныссабыр кодтой, уыдонæн мæскуыйаг чиныгуадзæн «Детская литература» нæ бафыста гонорар, фæлæ… Цæгæраты Максим йæ дзыппæй!

 

* * *

1973 азы джиппы уагъдæй фæзынди мæ уацау «Дон æй нæ ласы, арты нæ судзы». Кæуыл æууæндыдтæн, йæ фиппаинæгтæ мын-иу цæстуарзонæй чи дзырдта, уыдонæй дзы никæй зæрдæ барухс. Хъо-дзаты Æхсар та мыл æргом бабустæ кодта: «Ахæм макуыуал ныффысс!» Аивады тавс дзы нæй, загъта, хабæртты уацарæй нæ аирвæзтæн, æнкъарæнты зилдухæнтæй не схуызæнон уацау.

Иу чиныгæй иннæмæ уæлдæр хъуамæ хиза автор, æз та ныллæгдæр æруылæн кодтон. Æнхъæлмæ кастæн: уацау ныхасмæ хаст æрцæудзæн, æмæ, Æхсар кæй райдыдта, уыцы фиппаинæгтæ дарддæр ахæццæ кæндзысы прозæйы секцийы. Æз цæттæ уыдтæн цыфæнды домаг æмæ хъæнтæ æргом æвдисæг ныхасмæ байхъусынмæ дæр. Мæн хъуыди уыцы æххуыс. Æмæ мæм фæзынди Нарты æртæ стыр мыггагæй иуы минæвар – Æхсæртæккаты У. Стырдæр амонд кæд кæмæ æрхаудта! Йæхи мæм нæ равдыста, абоны онг дæр æй нæ зонын, ай кæй фæсномыг у, уый. Йæ хъуыдытæ мæм æрхаста газет «Рæстдзинад»-ы 1973 азы апрелы номыртæй иу. Ныхъхъуыстон æм, æмæ мæнæ – нæртон диссаг! Уартæ «сау азты» йæ кæнонтæ чи райдыдта æмæ сæ ныр дæр ныууадзинаг чи нæу, уыцы дæлджинæггæнджыты хъæлæсæй дын ногæй куы сдзурид. Райдианы мын уæзданæй хатыр курæгау загъта: «… Нæ размæ повесты æппæт хорздзинæдты тыххæй бындуронæй радзурыны хæс не ’вæрæм, стæй куыд фæзæгъынц, автормæ къуымых фæрæт райсынмæ дæр нæ хъавæм».

Зæгъын, нæртон мыггагæй лæгмæ цæуылнæ хъуамæ разына цыргъ фæрæт. Æмæ дын Джиоты Хазбийы куы бафæзмид мæ нæртон критик æмæ мын йæ зылынгæнæг фарстытæ мæ цæстытæм куы ныддарид: «Цымæ, кæцы скъолайы фембæлд автор ахæм «рухс-тауджытыл?», «Цæмæн æй бахъуыдис советон ахуыргæнæджы фæлгонц ахæм æнæхъола ахорæнтæй сфæлындын?», «Кæм федта ахæм «ахуыргæнæджы?», «Цымæ, цæмæн бахъуыдис авторы советон мыхуыры кусæджы ахæм рæузондæй равдисын, йæ хъайтарты номæй цæмæн фæхудтис газетыл?», «Цымæ, цæмæн бахъуыдис рæстзæрдæ æмæ куыстуарзаг механизаторы ахæм æгады бынаты сæвæрын?»

Критик кæны ахуыргæнæг Сосайы кой. Фæсхæст кадртæ нал уыд. Афтæ-иу рауад, æмæ-иу ахуыргæнæг 3 – 4 предметы дæр амыдта. Æмæ уыцы уавæры Сосай ахуыргæнæг сси. Æргом хъуыдытæ нæ аирвæзтаиккой, фæлæ иугай тæппыты руаджы мæ зæрды равдисын уыди, гуырымыхъхъ, æнæхсæст зондыл хæцæг фæрнджын бынатмæ куы баирвæзы, уæд рæзгæ фæсивæды царды цы бæллæхтæ æрцæуы, уый. Абон æгæр дæр басастыстæм, ахуыргæнæг дæр йæхи бар кæй нæ уыди, тæссармæзонд функционер дзы кæй сарæзта рæстæг, ууыл.

Критик мæстыйæ сдзырдта «советон мыхуыры кусæджы» сæрыл, ома сыл уацауы автор цъыфкалæн кæны. Уацауы иунæг зынд фæкæны журналист Харбе. Фæндыдис мæ, хи хъуыды кæмæ нал баззади, уæлæнгай æвæрд æрмæгдзуан-иу чи ракодта, йæ гонорар-иу алы мæй дæр æххæстæй чи бакуыста, цард цы уыди, уымæй йæ сæдæ хатты рæсугъддæрæй чи ’вдыста, лакировкæйы мадзал цы хуыдтой, уымæй чи пайда кодта, ахæм журналисты равдисын. Харбейы хъустыл æрцыди, хъæутæй, дам, иуы фæсивæд звено сарæзтой, фыдуæгтæм, дам, кусыны зонд æрцыди, æмæ уый хъæумæ – тъæбæртт! Звено Ту-гъаны руаджы бакъорд, æмæ уымæй хуыздæр чи хъуамæ зона хъуыддаджы бæлвырддзинæдтæ. Харбе сæ колхозы тыххæй амæй размæ цы мæнгтæ фæфыста, Тугъан уый хъуыды кодта æмæ йæм мæстæй хæлди, уæддæр йæхи афтæ равдыста, цыма йæ тынг фæнды, куы та сыл ныффыссид, уый.

Зыдта, цы йын радзура, уый йæм фаг кæй фæкæсдзæн, æмæ йæ сцымыдис кодта йæ фыццаг ныхасæй: «Нæ звено райгуырди Гатойы руаджы!» Харбе йæм фæцырд: «Лæппутæй исчи афтæ хуыйны?» Тугъан зæрдиаг хъæлæсæй: «Хъæуы исты куы вæййы, уæд хистæрæн уый фæбады. Æрæджы дæр ма-иу хос карста… Ацы хъæуы фыццаг хæдзары бындур дæр Гато æрæвæрдта…». Ныр рухсаг фæуинаг Гатойæн Тугъан йæ койтæ цы хъуыста, æндæр ын ницы зыдта. Хохаг рæбыноз хъæутæй кæцыдæры ныгæд раджы æрцыд. Быдыры уæвгæ дæр никуы уыди. Зæрæдтæ-иу ын йæ ном æмбисондæн æрхастой, хъазæн ныхас чи не ’мбары, ахæмы кой-иу куы рацыди, уæд.

Гъе, æмæ уыцы Гатойы мæрдтæй рацæуын кодта Тугъан æмæ йæ сæ хъæуы æрцæрын кодта. Нал уыди Гатойы бон лæппуты æнæчетар митæм кæсын æмæ сфæнд кодта: хъуамæ сæ раст зондыл сардауа. Иуахæмы сæ сæ хæдзармæ фæхуыдта, дзаджджын фынгтæ сын æрæвæрдта, кæм сын гаджидæуттæ уагъта, кæм сын алы æмбисæндтæ хаста.

Фæсæмбисæхсæв кæддæр загъта: «Ныр, мæ хуртæ, мæнмæ дунейы рухсæй бирæ нал хауы. Суæгъд кæндзынæн иу бынат æмæ уæлæуыл фæсæрибардæр уыдзæн. Гъе фæлæ уæ ахсæв иу хорздзинад курын, æмæ мын æй куы сæххæст кæнат, уæд уыл мæрдты ᾽рдыгæй хæрзаудæн кæндзынæн». Лæппутæ йæ дзурын дæр не суагътой. Гато сын сæ сарайæ рахаста белтæ, къахæнтæ æмæ сæ, фæтæгенæй судзгæ цырагъæй фæндаг рухс кæнгæйæ, хъæугæронмæ фæхуыдта. Скуывта Хуыцаумæ, цæмæй лæппуты фыдæбон ма фæдзæгъæл уа. Иуран сын хуырджын зæхмæ бацамыдта: ам къахын райдайут. Лæппуты уырныдта, цыдæр сусæг æвæрæнтæ йын дзы кæй ис, æмæ суанг бонрухсмæ зæхх фæфæйлыдтой. Бонрухсы сын Гато загъта: «Ныр ныккæсут уæ къахт дзыхъмæ. Цы сыджыт скалдтат, уый дæр басгарут, цымæ дзы цы ссариккат». Лæппутæ æдзæмæй лæууыдысты. «Гъе уæдæ, мæ хуртæ, уæ хъарутæ афтæ хæрз дзæгъæлы схардз уыдзысты», – дзырдта сын Гато, стæй дзыхъмæ ныххызт æмæ сæм уæлæмæ сдзырдта:

– Уæ фыдæбон цæмæй ма фæдзæгъæл уа, уый тыххæй мыл сыджыт æркалут.

Тугъаны æрымысæггаг хабар Харбейы очеркæн – агургæ æмæ æнæаргæ æрмæг – газеты номыртæй иуы фидыц фæци.

70-æм азты райдианы мын мæскуыйаг чиныгуадзæн «Совре-менник»-ы курдиатмæ гæсгæ мæ уацмыстæн дæлрæнхъон тæлмацæй аргъ кодтой æртæйæ. Сæ иуы – Анатолий Чеховы – рецензи æрбалæууыд мæ зæрдыл. Пайдайаг фиппаинæгтæ мын дзæвгар уыди, фæлæ мын мæнæ ахæм уайдзæф дæр бакодта: «Вызывает сомнение сама постановка проблемы: если из трех действующих главных героев двое готовы положить саму жизнь на алтарь Отечества, а третий – дезертир, не слишком ли это много в процентном отношении, поскольку литература всегда, хочет этого автор или не хочет, – обобщение», æмæ дзы мæ зæрдæ бамæгуыр, зæгъын, мæскуыйаг рецензент æмæ фыссæг дæр хуыздæр раны не сты. Ам ныхас цæуы уацау «Норст цæхæр»-ыл.

…Фæсхæст адæммæ хоры гагатæ фæзынди, фæлæ нырма се рæгътæ гом уыдысты, æмæ Астраханьмæ, æндæр рæттæм цыдысты, хор ластой семæ, уæй йæ кодтой æмæ æлхæдтой хъуымац, дарæстæ. Ацы хабæрттæ ирон хъæуты хистæр фæлтæр ныр дæр ма тынг хорз хъуыды кæнынц. Афтидæй дзы-иу чи сыздæхт, уыдонæй дæр ма чидæртæ æгас сты. Иуæн дзы йæ хъæдуры чумæдан йæ цурæй фелвæстой, йæ бынаты йын авæрдтой бызгъуыртæй дзаг голлаг æмæ афардæг сты. Уацауы уыцы хабæртты кой дæр цæуы, æмæ уый тыххæй мæ критик зæгъы: «Бицъойы-фырт нæ æууæндын кæны… уыцы хабарыл. Фæлæ мах нæ уырны, уымæн æмæ æцæгдзинадæй афтæ никуы уыди».

Ай бæллæх нæу: мæ критик цы нæ федта, æмæ цы нæ зоны, уыдæтты кой кæнын мæ нæ уадзы, йæхи дæр мæм не ’вдисы, куыд фыссын хъæуы, уый дæр мын нæ амоны!

Ацы уацауы тыххæй ма журнал «Мах дуджы» 1973 азы 10 номыры сæ хъуыдытæ загътой Джиоты Хазби æмæ Джыккайты Шамил.

Хазби нæ ивы æмæ ивинаг дæр нæу йæ иударон вульгарон-социологон критикæйы джиппытæ. Уыдон ын уыдысты æмæ сты ифтыгъд хотыхтау æмæ йын басгуыхынц маст исыны фæрæзтæ. Уацмыс «джиппы» аккаг куынæ рауайы, уæд уым æмбæхст ис, нæ цардæн тæссаг кæмæй у, ахæм халæн æрмæг. Хазби уацауы хъайтары тыххæй зæгъы: «Иу дзырдæй, уыцы гуыбындзæлты, расыггæнджыты иууылдæр сæ сабибонты æбуалгъ хъысмæт бафхæрдта, иуты, – сæ мадæлтæ æмæ фыдæлтæ кæй фæхъуыдысты, иннæты та, – сæ мадæлтæ моралон æгъдауæй хæлд кæй разындысты, уый аххосæй. Ахæм у авторы концепци. Уый та бынтон раст нæу. Ау, æфхæрд, æвæгæсæг æмæ тыхст сабитыл æхсæнадон организацитæ куыд нæ аудыдтаиккой!»

Хазби æгæр хорз дæр ма зыдта, æхсæнадон организацитæ раджы кæй сбюрократон сты, инструкцитæй амад фидæртты сæ кæнонтæ кæй кодтой, æмæ мæ ныхас дæр уыдæттæ зæгъыны охыл кæй у. Фæлæ йын æз уый размæ йæ радзырдты æмбырдгонд «Хыртт-мыртт мæм нæй»-ы тыххæй загътон ахæм хъуыдытæ: «Йæ радзырдтæ сатирикон рахуыдта, фæлæ уыцы жанрмæ ницы бар дарынц, уымæн æмæ не схызтысты аивадон уацмысты онг. Ацы радзырдтæ сты схематикон, цъапгонд, сæ хъайтартæ – æнæудтæ, адæймаг цæмæй адæймаг у, сæ царды сын ахæм мидис нæ ары, ахæм æууæлтæй хайджын не сты, примитивон дзырдхæсджыты, дамдумгæнджыты æмвæзæй уæлдæр не схизынц. Йæ алы радзырды дæр чидæр кæуылдæр цъыф калы, дамтæ мысы, дзырд хæссы. Царды та суанг дамдумгæнджытæ дæр иу джиппы уагъд не ’рцæуынц, Хазбийы хъайтартау уæлæнгай æвæрд нæ вæййынц сæ митæ…».

Гъемæ мæнæ Хазбийæн фæцис йæ маст мæнæй райсыны фадат…

Уæвæн ис, æмæ иу кæнæ иннæ уацмыс аивадон æгъдауæй ма фæрæстмæ уа (Джиойы-фырт мын мæ уацау «литературон брак» рахуыдта). Раст у, «брак» дæр рацæуы фыссæджы къухæй, æмæ йыл, литературон критикæйы домæнтæ хынцгæйæ, цыфæнды карз ныхас куы рауайы, уæддæр æм автор байхъусы. Бæллæх уый мидæг уыдис, æмæ-иу критик, йæ маст кæмæй иста, уыцы авторы уацмысы аивадон къуыхцытыл нæ дзырдта, фæлæ дзы-иу агуырдта, советон дугыл æй цъыфкалæджы бынаты чи сæвæрдтаид, ахæм тæссаг мидис. Ахæм критикæ-иу басгуыхти фыссæгæн къухтæбæттæн къæппæгау. Æппын- фæстаг æй здæхта аивады удмарæг схемæмæ.

Шамил мæ уацау «Дон æй нæ ласы, арты нæ судзы»-йы тыххæй фыста: «Уацмысы архайджытæй иуæн дæр нывыл æвæрд нæ уыд йæ бинонты цард, иу дæр дзы нæ хъомыл кодта æмбæлгæ уавæрты. Афтæмæй хæлд сæ зæрдæйы уаг, иппæрд кодтой ахуыр æмæ нæ царды стыр нысантæй». Хазби уацмысы æвзагæй зæгъы: «уæззау æмæ гуырымыхъхъ у». Шамилмæ гæсгæ та: «Йæ ныхас у нывæфтыд æмæ нуарджын, рæстдзæвин æмæ ахадгæ». Хазби зæгъы: «Бицъойы-фырты чиныджы нæй, бæлвырд проблематикæйæ чи равзæрд, ахæм сюжет, конфликт æмæ фæлгонцтæ. Уымæ гæсгæ чиныгкæсæг тыхамæлттæй бакæсы уацмыс». Шамил зæгъы: «Куыд хуымæтæг у йæ фабулæ, йæ сæйраг архайд, афтæ вазыгджындæр у йæ сюжет, ома, централон æмæ фæрссаг къабузтæ фæд-фæдыл цы хуызы æвæрд цæуынц, уыцы таурæгъон арæзт».

Шамил скодта, уацау цæуылнæ фæрæстмæ, уыцы сæйраг æфсонæн æрмæстдæр йæ кой, фæлæ йæ хъуыды æргом нæ райхæлдта. Уацау куы фыстон, уæддæр æй хатыдтон, хабæртты уацарæй кæронмæ кæй не ссæрибар дæн, уый. Къæрцхъус мидредактор хæцыди, мæ фыссæн сис цы къухмæ райстон, ууыл æмæ йæ не суагъта. «Рæдийын» мæ нæ бауагъта. Æмæ уацауы сæйраг хъуыды лозунгау рауади æргом, ома æрмæстдæр хорз ныййарджытæ схъомыл кæнынц хорз цот, зæгъгæ. Аивадон уацмыс бирæ вазыгджындæр, æмбæхстдæр фарстытæн дзуапп кæй хъуамæ дæтта, уый æмбæрстон. Цæмæн свæййынц ныййарджытæ (æниу канд ныййарджытæ не свæййынц) расыггæнджытæ? Цæмæн лæвæрдта цард Сосайы хуызæн æнæзæрдæ, æнæхсæстытæн ахуыргæнæг суæвыны фадат?

Уацмыс уыцы æмæ бирæ æндæр уæззау «цæмæн»-тæн дзуапп куы ратты, уæд свæййы аивадон. Ахæм уацмысы хъайтартæн æнцонæй дыууæ къордыл фæдих кæнæн нæ вæййы. Социалистон реализмы мадзалмæ гæсгæ чи фыссын кодта, уыдон комкоммæ домдтой: дæ уацмысы архайджытæ искуы-иу стæмтæй фæстæмæ хъуамæ суой, адæм кæй фæдыл хъуамæ цæуой, ахæм фæзминæгтæ, зæххон зæдтæ. Царды æцæгдзинад зади аууæтты, уыди сусæггонд, авд дуары мидæг æмбæхст. Сæттын ыл: ацы уацау мын аивадон уацмысы ад не скодта райдианæй фæстæмæ дæр – очеркы тавс мæм дзы цæуы. Къæрцхъус, алцы фиппайаг редакторы сасирæй луæрст очеркы тавс.

Мæ уацау «Газгайы чындз» дæр нæ аирвæзт комкоммæ мастисæг критикæйæ. Фæлæ мæ уый тыххæй дзурын нал фæнды. Стыр ныхасы аккаг мæм кæсы, уæды дуджы æппæтцæдисон критикæ национ литературæты минæвæртты сфæлдыстадæн цы аргъ кодта, уый. Уырыссаг литературæйы дæр æлдариуæг кодта уæды рæстæджы домæнтæ æххæстгæнæг официозон критикæ – дымгæ чердæм дымдта, уыцырдæм-иу фездæхти. Ахæм критикæйы бартæ æмæ фадæттæ уыдысты æгæрон бирæ. Фæлæ уыди, литературæ аивад цæйты руаджы вæййы, ууыл ныфсджынæй дзурæг, æцæг аивады сæрыл тохгæнæг критикæ дæр.

Уый минæвæртты ныхасмæ арæх нæ хуыдтой, уыдысты æбар, æвадат. Национ литературæтæ задысты официалон критикæйы бар. Аргъ нын кодтой хиуылхæцгæйæ, нæ уацмысты цас аивадон æндæвд ис, уый сбарыны бæсты-иу фæнымадтой, ног дуджы ног æууæлтæ æвдисыны дæсныйадæй чи тынгдæр фæхайджын, уыцы авторты мыггæгтæ. Съездтæм, бæрæгбæттæм арæзтой сæрмагонд номхыгъдтæ. Фæткмæ гæсгæ номхыгъды хъуамæ уыдаиккой алы нацийы минæвæрттæ дæр. Уырдæм-иу чи бахауд, уыдон – литературæйы хъаймагъ. Центрон мыхуыры дæ раппæлыдысты, уæд цыма æргъæу мæсыджы бадыс, ­– къух бакæнæн дæм нал уыдзæн.

Центрон мыхуыр-иу мæ куысты тыххæй дзæбæх куы загътой, уæд-иу нæ бацин кодтон, куы зæгъин, уæд мын уый мæнг ныхас уаид. О, фæлæ уæддæр адæймаг иуахæмы ма ахъуыды кæна, алæ-ма, цæй тыххæй мын ахæм аргъ кæнынц, зæгъгæ, уымæн куыд уæвæн ис?..

«Дух Осетии, жизнь ее людей, их радости и печали питают творчество Гриша Бицоева, писателя яркого и самобытного», – фыссы Светлана Сотскова («Литературная Россия», 1980 аз, 8 февраль). Ныхас цæуы уацау «Газгайы чындз»-ыл. Мыхуыры рацыди уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй Мæскуыйы чиныгуадзæн «Современник»-ы 1979 азы. Иу фиппаинаг дæр мын нæ загътой, æрмæстдæр æппæлгæ: «… речь героев индивидуализирована, образна, насыщена национальным колоритом. Порой рассказы героев повести напоминают закончнные новеллы».

Чысылæй фæстæмæ нын нæ сæрты ахæм хъуыды тъыстой: ивгъуыд дуджы баззайæггæгтæй чи ссæрибар уа, æрмæстдæр уымæн у йæ бон рæстæгимæ æмцыд кæнын. Советон дуджы чи схъомыл, уыдон – раззагдæр идеалтæ хæссæг, революцийы размæ чи райгуырд, уыдон уыцы дугæй алы низтæ æмæ хъылматæ сæ туджы, сæ буары æрхастой æмæ ног дуджы размæцыдæн фестынц цæлхдуртæ. Уый дын – схемæ, уый дын – конфликтты гуырæн.

Уыцы схемæйы нывтыл нывæст æрцыди мæ уацауы сюжет. Цин кæны федерацийы фысджыты сæйраг газет дæр, ома хуыздæр фест, Бицъойы-фырт, афтæ чи сарæхст, æмæ мын фæдзæхсы: уыцы фæндагæй иуварс ма фæзил. «Отправной точкой конфликта становится стремление свекрови держать невестку в рамках старого осетинского обычая», – фысссы рецензийы автор, мæ уацау æм зынаргъ цæй тыххæй фæкасти, уый тыххæй, ома, æфсин, ивгъуыд дуджы чи райгуырд, уыцы талынг зондыл хæст адæймаг йæ чындзы, советон фæлтæры минæвары, хурхæй мары. Ома, ивгъуыд æнусæй нæм иу фæрнджын æгъдау, иу рæстмæ фæтк не ᾽рхастой, æмæ сыл уæ къух сисут, бындзарæй сæ сыскъуынут…

Джыккайты Шамил ма афтæ дæр загъта: «Бицъоты Грис ирон прозæмæ æрбацыд, ихсыд литературон фæрæзтыл æнауæрдонæй къух чи систа, ахæм фыссæгæй».

Уый стыр хъизæмар уыди. Иударон штамптæ, цæттæ схемæтæ æмæ, æввонгæй цы ихсыд мадзæлттæ æрæййæфтай, уыдонæй æнæмæнг хъуыди фервæзын. Уый тыххæй бахъуыди рæстæг æмæ хъарутæ схардз кæнын. Уыдон сфæлдыстадон куысты «технологийы» фарстытæ сты, æмæ фыссæджы къухы уыцы хуызы истытæ кæй бафтыди, уымæй хъуамæ æппæлгæ кæниккам? Уацмысæн аргъгонд хъуамæ цыдаид æмæ цæуа, æппæты карздæр домæнтæ хынцгæйæ. Хъуамæ-иу искуы æргом исчи загътаид: уæртæ уымæй фыссæг нæ рауади, фыссæджы ном фæхаста, уæртæ уый та у фыссæг. Æргом ныхас-иу рауади литературæйы тыххæй съездты, афæдзы куыстытæ хынцæн æмбырдты, сфæлдыстадон секциты, чиныгуадзæны курдиатмæ гæсгæ фыст рецензиты, эстетикон æфсармæй хайджын фысджыты уацты. Æргом аргъгонд-иу æрцыди, аивадмæ чи ницы бар дары, темæ цæсты чи æфтауы, уыцы уацмыстæн. Фæлæ ахæм критикæйæн уæрæхгонд мыхуыры бынат нæ лæвæрдтой, æмæ чиныгкæсæг дзыллæтæм нæ хæццæ кодта.

80-æм азты райдианты мын бахæс кодтой, цæмæй афæдзы фыдæбæттæ хынцæн æмбырды доклад скодтаин нæ прозæйы тыххæй. Дзырдтон, иударон штамптæ, сыдывд дзырд-ахорæнтæ, трафаретон дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ иу фыссæджы уацмыстæй иннæйы уацмыстæм кæй хизынц, къухæй-къухмæ кæй цæуынц, æмæ ахæм уацмыстæ æнæуд, фæлурс, рæстæджы æууæлтæй иппæрд кæй рауайынц, уый тыххæй. Загътон, уыцы уавæр цæмæн сæвзæрд, уый æфсæнтты тыххæй дæр. Фольклор аивадон литературæйæн басгуыхы æвæджиауы æнæсысгæ гуырæн, фыссæг дзы сфæлдыстадон хуызы куы фæпайда кæны, уæд. Æвидигæ йын кæны йæ аивадон мадзæлтты гуырæн, фæпарахатдæр вæййынц йæ дуне уыныны арæнтæ.

Фæлæ адæмон сфæлдыстады мадзæлттæ механикон хуызы куы фæлхатай, уæд уый асайы фактографи æмæ къæбæлдзыг ныхасмæ. Цæвиттон, фыссæг цардæй исты хабæрттæ комкоммæ райсы æмæ сæ аргъæутты, таурæгъты стилизацигонд æвзагæй радзуры. Ахæм уацмыс таурæгъ дæр не свæййы, реалистон уацмыс дæр дзы нæ рауайы. Загътон, уыцы фæндагыл цæуы Цæгæраты Максим дæр, зæгъгæ. Йæ хъуыдыйад лæгъз фыст вæййы, йæ къухфыстытæм уыцы хуызы зилын нæ фæхъæуы, редактортæй-иу кæмæ бахаудысты, уый-иу бацин кодта. Уæд дын Гаджиты Геор Максимы сæрыл рахæцыди, фæнымадта, уый сфæлдыстадæн аргъ кæнгæйæ, официалон критикæ цы эпитеттæй пайда кодта, уыдон. Уый фæстæ мæнырдæм раздæхт; дзырдæй-дзырдмæ йын йæ ныхæстæ нæ афæзмдзынæн, фæлæ загъта ахæм хъуыдытæ: «Ды зæгъыс, Максимы уацмыстæ не сты оригиналон. Æмæ кæд, оригиналон чи нæ рауад, ахæм уацмыстæ агурæм, уæд мæнæ, фыццаджыдæр, дæ роман «Арвы айдæн». Цæрмыстыгъд бакодтай уырыссаг фыссæг Виктор Авдеевы чиныг «Гурты на дорогах».

Уыцы уацмысы тыххæй Авдеевы 50-æм азты схорзæхджын кодтой Сталины номыл премийæ.

Гаджийы-фырт æнæ гуырысхойæ нымадта: уыцы чиныгæн æз комкоммæ райстон йæ темæ, йæ идейæ æмæ йæ хъайтарты сурæттæ. Авдеевмæ ахæм чиныг ис, уый зыдтон – уæды рæстæджы-иу Сталины премийы лауреатты нæмттæ стъалытау сбæрзонд кодтой, фæлæ йæ нæ бакастæн. Гаджийы-фырты ныхасæй хорзау нал фæдæн æмæ исдуг афтæ ахъуыды кодтон: дыууæ чиныджы дæр ныхас цæуы, Фыдыбæстæйы хæсты заман нæ адæмы исбон, нæ хæзнатæ немыцаг лæбурджыты къухтæм цæмæй ма бахауой, уый тыххæй сæ фæсвæд районтæм куыд æрвыстой, уыцы рæстæгыл. Æмæ, зæгъын, кæд бар-æнæбары чингуыты исты æнгæс бынæттæ разынди. Куыд зæгъынц, афтæмæй велосипед иу æмæ дыууæ хатты нæ сарæзтой.

Æз сдзурынхъом дæр нал сдæн. Геор мыл уæззау уаргъ ных-хуырста! Малиты Васо загъта: «Ахæм къамис саразæм, рæстдзинад чи сбæрæг кæна. Ацы ныхасæн афтæ уадзæн нæй – аххосджын хъуамæ æфхæрд æрцæуа». Фысджыты цæдисы уæды сæрдары æмæ правленийы уæнгтæй кæйдæрты нæ бафæндыди ахæм къамис саразын. Цъыфкалджытæ æмæ мастисджытæ сæ тæккæ кæнонтæ кæнгæйæ уыдысты æмæ сæ хъахъхъæдтой, бартæ кæй къухы уыдысты, уыдон. Тынг æхсызгон сæ хъуыдысты. Йæ хъуыды æргом чи дзырдта, сауы сау чи хуыдта уыдонæй-иу чидæртæ ахæстонмæ дæр бахаудысты, иннæтыл мыхуыры цъыф калдтой, æбуалгъ хахуыртæ сыл мысыдысты, цæсты сæ æфтыдтой.

Фæстæдæр бакастæн Авдеевы «Гурты на дорогах». Бакасти йæ мæ уацмыстæ мын уырыссаг æвзагмæ тæлмацгæнæг Тотраты Руслан дæр. Цасдæр рæстæджы фæстæ Фысджыты цæдисы ног æмбырды загътон: кæд æз уыцы чиныгæй иунæг тæпп, иунæг штрих дæр райстон, уæд мæ уæнгон билет мæнæ ам уæ разы стъолыл æвæрын. Хъодзаты Æхсар дзырдæппарæн бакодта: «Раздæр уал, искæуыл рæстæй тугтæ чи фæмысыд, уый æрæвæрæд йæ билет». Уæйыджы хъусы уад уайы…

 

* * *

Искуы æргом ныхасы дуг ралæудзæн, уый нæ фыны дæр куы нæма уырныдта, уыцы рæстæг сæмбæлдыстæм, йæ мыздæй дарддæр кæмæ ницы ’фтиаг хауди, рæстæй цæрын йæ царды фæтк кæмæн сси, ахæмтæ цалдæрæй. Нæ хъынцъымтæ кæрæдзийæн дзырдтам, бонæй-бон заууатдæрмæ кæй цæуæм æмæ нын хуымæтæджы фиппаинаг зæгъыны бар дæр кæй нæй, уыцы судзаг мæстытæ кæрæдзийæн калдтам. Стæй нæ чидæр афтæ бакодта: «Æвæдза, уникалон рæстæджы цæрæм, иу раст адæймаг дæр кæм нал ис, ахæм бæстæйы». Раст адæм та нæм куыннæ ис, зæгъгæ йæм фæлæбурдтам. Уый афтæ бакодта: «Уæдæ ма уæ алчидæр йæхимидæг йæхиуыл йæ цæст æрхæссæд, цымæ никуы фæкъуыхцы дæ? Нæ дæ фæндыд, афтæмæй дæ нæ фæрæдийын кодтой… Иу дæр уæ ахæм нæй, давгæ чи нæ кæны…»

Кæд дæхæдæг истытæ давыс æмæ дæ мах нæ зыдтам, æндæр махæй давæг ничи у, зæгъгæ йæм фæрæвдз стæм. Уый та загъта: «Рæстæг давут. Куыстмæ уæ чи цал хатты байрæджы кодта, кæнæ куыстæй афонæй раздæр цал æмæ цал хатты ацæут?» Фæстæмæ сдзурынхъом ничи сси. «Гъе уæдæ не ᾽гас дæр давджытæ стæм, – йæ ныхас балхынцъ кодта не ’рдхорд. – Уæхимæ дзæбæхдæр куы баджигул кæнат, уæд ма уæ алкæмæ дæр разындзæн, уæ дзæнæтмæ фæндаг лæгъз кæй тыххæй нæ рауайдзæн, ахæм хабæрттæ дæр».

Мæхимæ джигул кæнын мæ нæ бахъуыди. 60-æм азты райдианы мын фыццаг хатт радтой, æмкъул дыууæ уаты кæм уыди, ахæм фатер. Мæ уазджытæй иуæй-иутæ цалдæр азы дæргъы уыцы иу ныхас кодтой: «Замманай фатер уын радтой, фæлæ æгæр афтид у». Æмæ, 1967 азы Мæскуымæ куы ныфтыдтæн, уæд хæдзары хъуыддæгты фæдыл дæр зылдтæн, «Мебель» нысан кæуыл уыди, уыцы дуканитæ дæр-иу абæрæг кодтон. Æртыккаг бон иуран ахæм ныв баййæфтон: дуканийы кусæг æмбырд кодта тарморæ немыцаг гарнитур. Æввахс æм лæууыд æрыгон сылгоймаг æмæ, йæ цæссыгтæй йæхи æхсгæйæ, ивазгæ хъæлæсæй хъарæггæнæгау дзырдта: «Хуссарæй саулагъз адæм цæуынц æмæ сæ уыдоны фыццаг скæнут. Æз ам уæ фындзы бын цæрын, фæлæ ныр æртыккаг аз мæ къухы ницы æфты… Æмæ сын сæ цæуылнæ дæттат – дзагармæй уæм фæзынынц…».

Азылдтæн ма ноджыдæр дуканитыл, фæлæ зæрдæ ницæмæй барухс. Æлхæнджытæй иу загъта: ныр æртæ къуырийы зилын æмæ ницæуыл хæст кæнын. Иннæ фæзылди ноджы фылдæр рæстæг… Иубон иу дуканийы дуармæ мæ уæлхъус алæууыд иу мæхи карæн. Цы мæ хъæуы, уый куы базыдта, уæд «ис», зæгъгæ, йæ сæр батылдта, такси фæурæдта æмæ – Ленины проспектмæ. Уыцы уынджы разынди стыр дукани. Мæ «хæрзгæнæг» мын товар фенын кодта æмæ, мæ зæрдæмæ кæй цæуы, уый куы бамбæрста, уæд мæ хибар ранмæ акодта æмæ мын мæ хъусы баулæфæгау кодта: «Чекы аргъ у 90 сомы». Бамбæрстон æй, ома, товар дын кæй ссардтон, уый тыххæй мын гæртам ратт фараст туманы.

Гæртам дæттын кæм хъæудзæн, цард мæ искуы ахæм уынгæг ранмæ батæрдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ мæ цыма æлгъаг истæмæй самæнтдзысты æмæ цæсты æвæрд фæуыдзынæн, афтæ мæ зæрдæ хæссæгау кодта. Зæгъын, мæ къух ауигъон æмæ ардыгæй мæхи айсон, фæлæ хæдзары бинонтæн фидар зæрдæ кæй бавæрдтон æмæ сæм афтидæй куы ссæуон, уæд сын цы зæрдæниз сараздзынæн, уыцы хъуыдытæ мæ сызмæлын не суагътой.

Бафыстон гарнитуры аргъ, бафыстон, вагзалмæ мын сæ чи аласдзæн, уыцы машинæйы тыххæй æмæ «хæрзгæнæгæн» дæр йæ гæртам радтон. Стæй дуканигæстæм бавдыстон мæ чек, зæгъын, мæ товар мын радтут. Нæ мæ хъусынц. Дзæбæх мæ куы фæмæстæй мардтой, уæд сæ иу мæ чекмæ æркаст, йæхи фенхъырдтæ кодта æмæ мæ афарста: «Чи дын æй рафыста?» Зæгъын, ацы дуканийы мын æй рафыстой. Нæ кусджытæй, дам дзы никæй къухæвæрд ис. Æмæ та мæ разæй йæхи айста уый дæр. Цасдæр рæстæджы фæстæ мын æндæр афтæ: «Товар цæмæй батухой, уый тыххæй дæ фидын хъæуы 10 туманы». Уæд сæ фембæрстон – дыууæ цармы мæ бастигъинаг сты. Фыр мæстæй схæлбурцъ кодтон, зæгъын, сымах гæртамхортæ стут. Æрæджиау кæддæр мын мæ товартæ рахастой сæрмагонд уатмæ. Стæй та мæ фæйнæ цармы бастыгътой уæзæгтæхæсджытæ, вагзалы мын мæ дзаумæттæ гæххæтты чи батыхта æмæ сæ гæххæттын синагæй чи бабаста, уый, æмæ, æппынфæстаг, вагоны сæ чи сæвæрдта, уыдон. Алы æфсæнттæ-иу кодтой: нæ куысты рæстæг фæци, дыууæ сменæйы кусæм æмæ нæ къæхтыл лæууынхъом нал стæм…

Къорд азы фæстæ мæ хабæрттæ дзырдтон мæ иу зонгæйæн. Уый мын афтæ: «Дæ бонæй у, дæуæн асламæй ацыдысты. Ныр гарнитурæн дыууæ-æртæ аргъы зынаргъдæр бафидын хъæуы…».

 

* * *

1988 азы сæрды Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдис æрбахуыдтой Абайты Васойы. «Абон мæ исчи мæ наукон куыстæй куы фæфæрсы, – дзырта номдзыд ахуыргонд, – уæд сын фæзæгъын: æмæ ма ныр наукæйыл стæм! Абон нæ разы ис иунæг хæс: нæ удтæ ссыгъдæг, ссæрибар кæнæм». Сабийы цинау йæ цин æнахуыр рæсугъд уыди. Нæ фысджытæй мын иу уыцы сахатыл загъта: «Гъе ныр куыд у, афтæ ахæссæд, æндæр айдагъ дон æмæ сур къæбæрæй цæрыныл дæр разы дæн».

Æргом ныхасы, дзырды сæрибар зæрдæйæ чи райста, уыдоны цин цы æнæкъæм, цы æнувыд, цы зæрдæбын у! Уыдоны нымæц рæзы, фæлæ æгæр сындæг. Нырма æрдзæты уæнджы бады æндзыггæнаг, дзыхтыл цъутта æвæрæг тас. Æлдариуæг кæнын чи сахуыр, егъау бæстæ заууатмæ чи æртардта, уыдон æвдудонтæ сты æмæ та сæ фарчы хай тондзысты.

Царды уæз кæуыл æрæнцайы, уыдоны хъысмæт у æппæты нымаинагдæр æмæ хъуыдыйагдæр. Рацарæзтыл уыдон куыд æнувыд æмæ зæрдæйæ уой, уымæй аразгæ уыдзæни йæ фесгуы-хын. Æнувыд та йыл уæд уыдзысты, æмæ йæ рухс зæрдæтыл куы ’мбæла, сæ фыдæбонæн сын кæдæй-уæдæй, цы фæтчы, уый фидын куы байдайой. Ахæм фæтк куы сфидар уа: кусæг – дзаг арм, магуса – афтид арм.

Рацарæзт йæ фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, социализм нæ бæстæйы нæ фæрæстмæ ис, зæгъгæ, æргом загъд куы æрцыди, ноджы, цæй тыххæй нæ фæрæстмæ, уыцы æфсæнттæ хъæрæй дзурын куы байдыдтой, уæд мæ, базыртæ чи садзы, ахæм ныфс бацыди, уæдæ мæнæ ныр милуантæ сæ гипнозæй æрыхъал уыдзысты, иу фарны хъуыды нæ бабæтдзæн, сдзурдзыстæм æмхъæлæсæй, цæрæнбонты нæ цагъарты уавæры чи æвæры, æрдзон адæймаджы хуыз æрмæстдæр æддаг бакастæй кæмæн ис, уыцы бæрзонд бынæттæ ахсæг советон æлдæртты ныхмæ, адæмон цæдис нæ æрбангом кæндзæн…

Цы тæлæссонд разындысты мæ хъуыдытæ, мæ бæллицтæ!.. Цæрæнбонты цы зæххон хуыцæуттæн фæкуывтам, уыдоны удæгас сурæттæ рæстдзинады рухсмæ цы фыдуынд, гæлиртæ æмæ мæгуырадæфтауæг разындысты, цы хъазайраггæнæг, æзуонгæнæг, хæйрæджыты сайд… Рухс фидæнмæ хонæг нысанттæ æмæ бæллицтæ фæмæнг сты, æмæ ралæууыди милуантæн хъизæмæрттæ æвзарыны рæстæг, мидхæсты тасæй адæмы ницыуал æндæвта, сæ удтæ сæ армы хастой…

Ахæм рæстæг-иу интеллектуалты ныхас хъуамæ æвдадзы хос басгуыхид адæмæн, ныфс сæ-иу бауадзид. Æрмæстдæр культурæ дæтты адæмæн уды сæрибар, культурæтауæг та вæййынц æцæг интеллигенцийы минæвæрттæ. Мæхицæн уыцы ныфсæвæрæнтæ куы кодтон, уæд федтон чингуыты дуканийы тæрхæгыл чиныг «К сияющим вершинам».

Исдуг мæм ахæм хъуыды фегуырди: кæд альпинистты ног сгуыхтдзинæдты тыххæй дзурæг у. Фæлæ йæ 1988 азы чиныгуадзæн «Ир» кæй рауагъта æмæ йæ Течъиаты Васили кæй ныффыста, уыдæттæ бафиппайгæйæ йæ балхæдтон. Æмæ дын йæ дыккаг фарсыл кæсын: «…Успешно развивались наука, искусство, литература. В искусстве и литературе утвердился метод социалистического реализма. В ходе строительства социализма сложилось морально-политическое единство советского народа, и укрепилась дружба народов СССР».

Фæфæлдæхтон, фæкастæн чиныг – кæрæй-кæронмæ дзуры уыцы цъæлхъæр риторикон хъæлæсæй, æмæ бадис кодтон: цымæ ма цы хуызы фæзынди ацы чиныг? Чиныгуадзæны кусджытæ мын æй афтæ бамбарын кодтой: уый йæ диссертацийы темæ уыди, æмæ йын æй рауагътам… Уæддæр цæй охыл?!

Нырыккон уырыссаг критиктæ социалистон реализмы мадзал рахуыдтой «фантом», ома, уæвгæ чи нæй, фæлæ цæстытыл чи ауайы, ахæм цавæрдæр æндæрг. Иннæтæм гæсгæ та уыди, сфæлдыстадон кусæджы дзых чи æхгæдта, ахæм цъутта.

Цымæ ма, зæгъын, уæддæр ацы чиныг кæй бахъæудзæн? Нæ аивад, нæ литературæ нын чи пропагандæ кæны, уыдоны? Чи зоны, литературæйы ахуыргæнджытæ афæлдахдзысты чиныг æмæ 95 фарсыл бакæсдзысты: «Продолжателями лучших традиций осетинской прозы, ее революционной страстности и идейной заостренности явились писатели среднего поколения Максим Цагараев, Тотрбек Джатиев, Кудзаг Дзесов, Сергей Марзоев, Александр Царукаев, Тазе Бесаев, Ашах Токаев, Умар Богазов и др.»

Нæ ахуыргæнджытæ æдзух уыцы ныхас кæнынц: тынг æхсызгон нæ хъæуы, нæ фысджыты сфæлдыстад бындуронæй анализгонд кæм цæуа, ахæм критикон, наукон литературæ. Æмæ, цымæ, ныр ацы чиныджы ахæмæй цы ссардзысты? Дзесты Куыдзæг æмæ Мæрзойты Сергей иу фæлтæры минæвæрттыл нымад кæй æрцыдысты, уый? Æви, Цæрукъаты Алыксандр айдагъ прозаикæй кæй агæпп кодта, уыцы информаци?

Фыссæг мæ цæуылнæ рауад, уыцы хъуыды райхалыны тыххæй алы уырнинаг аргументтæ куы агуырдтон, уыцы рæстæг мын Течъиайы-фырт та йæ чиныджы бæрзонд бынат саккаг кодта. Уæлдæр цы скъуыддзаг æрхастон, уый дарддæр кæсæм: «В духе честного служения народу воспитывается идущее за ними поколение осетинских писателей. Среди них Гриш Бицоев, Васо Малиев, Георгий Гагиев, Шамиль Джикаев, Ахсар Кодзаев, Сафар Хаблиев, Ахсар Чеджемов, Камал Ходов и др.»

Сæ иуы иннæмæй нæ раиртасдзынæ, ахæм æмвæлыст, æмкъахдзæфгæнæг курсантты хуызæнæй ауайынц мæ цæстытыл, ноджы та ам дæр дыууæ фæлтæры минæвæрттæ фаззæттæй агæппытæ ластой. Диссертацийы хицау хъусгæ дæр никуы фæкодта, æвæццæгæн, Хъодзаты Æхсар ныр бирæ азты дæргъы уырыссагау йæ мыггаг Кодзати кæй фыссы, уый дæр.

Æгас дуне дæр сæ хъус кæмæ дарынц, абоны уыцы диссæгтæ чиныг рауадзджыты æппындæр нæ бандæвтой, раст цыма, адæмы хъæр кæдæм нæ хъуысы, ахæм сакъадахыл цæрынц…

 

* * *

Алцыдæр паддзахадон дуканийы чи ’лхæны, æз дæр уыдонæй дæн, æмæ гæнæн æмæ амалæй нал бахизин йæ къæсæрæй, уымæн æмæ нын уæй кæнынц хорæй хоры сæфт, кæмæй фæзæгъынц, донæй доны сæфт, ахæм хойраг. Ноджы ма дзулы аргъыл бафтыд, фæлæ мисхалы бæрц дæр нæ фæхуыздæр…

Конституцимæ гæсгæ нацитæн æмхуызон бартæ лæвæрд цыди, автономийыл нымад цыдыстæм, ома наци хъуамæ йæхæдæг уыдаид паддзахадон хицаудзинад æххæстгæнæг. Уыдон уыдысты гæххæттыл фыст ныхæстæ. Бынæттон разамонджытæм ницы бартæ лæвæрд цыди, сæ куыст арæзтой Мæскуыйы домæнтæм гæсгæ. Æндæр уымæн уæвæн куыд ис, æмæ, автономон республикæ цы адæмы ном хæссы, уый фæсивæд сæ мадæлон æвзагыл газет ма кæсой? Суанг хистæр кълæсты онг не скъолаты æппæт предметтæ дæр ирон æвзагыл куы ахуыр кодтой, уæды рæстæджы ирон интеллигенци ныры ахуыргонд фæлтæрæй ныллæгдæр нæ уыдысты. Уæвгæ ма цæй ирон интеллигенцийы кой кæнын – иронау кæсын æмæ дзурын сси фæстæзады, æнахуыргонды нысан. Газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуг»-мæ стæмтæй фæстæмæ ирæттæ сæ хъуыдытæ, сæ наукон куыстытæ уырыссаг æвзагыл фыстæй хæссынц. Нæ уацмысты нæ адæмы ивгъуыд дугты цардыл дзурæг этнографион æвдисæнты кой кæнæн нæ уыди.

Селекци йæ куыст кодта, нациты ахæм уынгæг уавæрмæ тардта, цæмæй сын сæхи цæсгом мауал уа, сæмхуызон уой, иу уæрдоны зарæг зарой, иу кæйдæр æвзагыл дзурой…

Уыцы тыхмийы заманты алы ’взæгтыл фыст сæдæгай чингуытæ-иу рауадысы фаззæтты хуызæн. Ирон романы ирон нæмттæ аив кæсгон нæмттæй, ирон топонимтæ кæсгон топонимтæй, ратæлмац æй кæн уырыссаг æвзагмæ æмæ йæ Мæскуыйы кæсгон фыссæджы номыл рауагътаиккой. Ахæм фæлварæн йæ рæстæджы скодта поэт Михил Светлов. Ныффыста æмдзæвгæтæ сомихаг мотивтыл æмæ сæ радта мæскуыйаг чиныгуадзæнмæ, ахæм æмæ ахæм еревайнаг поэты æмдзæвгæтæ ратæлмац кодтон, зæгъгæ. Чиныг рацыди, фæлæ гонорар йæ авторы не ссардта – ахæм поэт Сомихыстоны нæ разынди!

Ирыстоны Фысджыты цæдисы консультантæй куы куыстон, уæд мæнæн мæхимæ æрбахаудысты Кæсæг-Балхъары цæрæг цавæрдæр Дорошевы къухфыстытæ. Уырыссаг автор ирон адæмы цардыл ныффыста радзырдты чиныг. Бацин кодтон, зæгъын, хъус æм æрдарын хъæуы. Йæ хъуыдыйад – лæгъз арæзт, йæ темæтæ – актуалон, йæ хъуыдытæ, – къух бакæнæн сæм нæ уыди, афтæ раст. Уый мæ фыццаг дыууæ-æртæ радзырды ацыбæл кодтой. Афæлдæхтон къухфыст æнæхъæнæй æмæ, нæмыг кæм нал баззайы, ахæм зыгуым… Литературон «зыгуым…»

Авторы ном никуы æрыхъуыстон, литературæзонджытæй дæр æй ничи зыдта. Кæд рæдийын, зæгъгæ, радзырдтæй æхсæнмæ-æхсæнты ногæй цалдæр бакастæн. Æмæ дын куы фæкомкоммæ уаин, ирон хъайтарты нæмттæ рæнхъыты сæрмæ къухæй фыст кæй уыдысты, уымæ. Уый фæстæ та цæст ацахста: къухæй фыст нæмтты бынмæ – тушæй ахуырст уаццæгтæ. Афæлдæхтон къухфыст æмæ дын иу-цалдæр раны уæлæнгайдæр ахуырст бынæтты куы бакæсин кæсгон нæмттæ. Кæсæг-Балхъары чиныгуадзæн ын аздæхта йæ къухфыст æмæ загъта: «Алæ-ма, дзæгъæл сæфтæн æвгъау сты, æмæ сæ Ирыстонмæ арвитон». «Акуыста» сыл æмæ нæм сæ æрбарвыста. Уæвæн уыди, æмæ уыцы радзырдтæ æндæр ран дунейы рухс федтаиккой – литературон æгъдауæй сыл кусын тынг нæ хъуыди…

Нæ бæстæйы бирæ национ литературæ стæм фысджыты уацмыстæй фæстæмæ аивадмæ кæй ницыуал бар дардта, политикон хотых кæй сси, – сфæлдыстадон кусæг комкоммæ æххæст кодта агитаторы, пропагандисты хæстæ, – абон уыцы уавæр у нæ литературæйæн аргъгæнæг номдзыддæр лæгты сæйраг ныхасы сæр. «Крушение абстракции», зæгъгæ, ахæм уацы журнал «Новый мир»-ы 1989 азы фыццæгæм номыры зындгонд уырыссаг критик Игорь Золотусский зæгъы: «В России никогда не было ведомственной литературы, работающей; например, на жандармское управление».

 

… БАХИЗÆМ ДÆБЕЙЫ ÆРМАДЗЫ КЪÆСÆРÆЙ

1989 азы августы Мамсыраты Дæбейы райгуырдыл сæххæст 80 азы. «Писатели Северной Осетии», зæгъгæ, 1973 азы уагъд чиныджы Дæбейы тыххæй загъд ис: «Дабе Хабиевич Мамсуров – крупный писатель, прозаик и поэт…», «…За создание произведений большой художественной правды, значительно обогативших осетинскую художественную литературу, Дабе Мамсурову присуждена премия им. К. Хетагурова за 1964-1965 гг.»

«Дабе Мамсуров обогатил осетинскую литературу множеством рассказов, романов, пьес, воспроизводящих образ нашего современника», – афтæ фæвæййы чиныг «Ирон советон литературæйы историйы очерк»-ы дæр, фыссæджы тыххæй дзы цы сæрмагонд иртасæн куыст мыхуыргонд æрцыд, уый.

5-æм къласæн арæзт «Ирон литературæйы хрестомати»-йæ ахуыр- дзаутæ базонынц: «Дæбейы «прозаикон уацмыстæ, уæлдайдæр та йæ романтæ «Уæззау операци» æмæ «Хъæбатырты кадæг» ирон советон литературæйы ахсынц зынгæ бынат». «Ирон советон литературæйы историйы очерк»-ы роман «Уæззау операци»-йæн стыр аргъ кæнынц. Йæ хъайтарты, колхозон цард аразджыты хонынц, адæймаджы удæн операци чи скодта, ахæм дæсны хирургтæ. Уыцы операцийы руаджы бирæ мингай адæймæгтæ мæлæтæй фервæзтысты, æмæ ралæууыди ног дуг (103 фарс). Роман «Уæззау операци» фыст у, хъæуы революци куыд æрцыд, хи исбоныл æнувыдуæвджыты дуне куыд нынкъуысти æмæ колхозтæ куыд арæзт цыдысты, уыдæтты тыххæй. Раздæрау ныр дæр автор йе ’ргом здахы иууыл ахсджиагдæр проблемæтæм» (240 ф.).

О, ахæм аргъ кодтой Дæбейы ацы уацмысæн, уартæ фыст куы ’рцыди (1934 аз), уæдæй Рацарæзты азты онг. Фæлæ хурæнбæрæг раисты зæхкусæг дзыллæты цагъайраггæнæг дуджы сау бæллæхтæ, мыхуыры фæзындысты æгъатыр тыхмигæнджыты цæсгом æвдисæг документтæ. Æнхъæл уыдтæн: ныр гуырысхойаг никæмæнуал у соцреализмы мадзалæй уыцы темæйыл фыст уацмыстæ аивадæн æцæгæлон кæй рауадысты æмæ зиан кæй хæссынц… Æнхъæл уыдтæн, æцæгтæ дзурæн рæстæджы æвзагæй сын аргъгонд æрцæудзæн. Уыцы бæрнон хæс фыццаджыдæр сæхимæ райсдзысты фысджытæ, журналисттæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Æнхъæл уыдтæн…

«…И как бы яснее представляешь те приоритеты художественного творчества писателя, которые мы за ним и только за ним признаем и которые дают нам право говорить, что Дабе Мамсуров как раз из числа тех писателей, кто своими произведениями мощно и широко отозвался на зов времени, чувствами и в переживаниях своих героев как бы дал возможность современнику глубоко понять самого себя, взыскательно оценить смысл своего существования, побудил к анализу своей, как говорят сегодняшние критики, духовной и материальной самодостаточности…» – кастæн «Очень уж я люблю людей», зæгъгæ, Сакъиты Эльбрусы уацы, мæ цæстытыл-иу нал æууæндыдтæн æмæ та-иу газет «Социалистическая Осетия»-йы сæргонды бынмæ æркастæн – 1989 аз, августы 13 бон.

Исдуг афтæ дæр ахъуыды кодтон: уацмысы хæрзхъæд æмæ аивадон хъомыс-иу, йæ темæ цас ахсджиаг у, уымæй куы барстой, Сакъийы-фырт кæд уыцы рæстæджы рахаста ацы хъуыдытæ гæххæтмæ æмæ абоны онг мыхуыргонд не ’рцыдысты?

Юбилейтæм фыст уацты автортæ-иу ерысы бацыдысты, æз тынгдæр сыстауон фыссæджы, мæ джиппыуагъд ныхæстæй нывæзт гаджидау хъæрдæрæй азæла!

Æндæр кой нал ис центрон мыхуыры: аивады, литературæйы мауал агурæм политикæ, аивадæн мауал аргъ кæнæм, пропагандисты, агитаторы барæнтæй баргæйæ, уымæн æмæ политикæ æмæ аивады æхсæн ис бæрæг быдыртæ. Политикæ æмæ аивад, æнæмæнг, андзæвынц, фемарæн вæййынц, фæлæ сын иу агъуды батæрæн нæй. Ома иу адæймаджы цармы политикон кусæг æмæ нывгæнæг æмдзæрин кæной, уымæн уæвæн нæй.

Байхъусæм-ма, Эльбрус, Дёбейы фыццаг дыууæ романæн аргъ кæнгæйæ, цы хъуыдытæ дзуры, уымæ: «Справедливо будет отметить, что именно с «Ахсарбека» писательская мысль в последующих произведениях ярче и убедительнее, сильней и разносторонней. Это сказалось в романе «Тяжелая операция» – о революционных преобразованиях в осетинском селении. Борьба с отживающим миром продолжается, отражаясь, порою трагическими моментами, но все же произведение – радостное удивление перед Октябрьской новью, властно входящей в судьбу народа».

Ацы ныхæстæ зæгъæн уыди, зæгъæм, коллективизацийы рæстæг æвдыст кæм цæуы, экономисты, политикы кæнæ философы ахæм куыстыты тыххæй дæр. О, æмæ Сакъийы-фырты уац фондз азы размæ куы кастаин, уæд æй, зæрдæ кæмæй сцъæх вæййы, фæлæ дын æрвылбон дæр æнæ байхъусгæ кæмæ нæй, ахæм зарæгау ныббыхстаин, фæлæ ныр…

ССРЦ*-ы Адæмон депутат, ВАСХНИЛ-ы академик В.Тихонов зæгъы: «Раскрестьянивание деревни не было, на мой взгляд, просчетом или перегибом… Какие цели преследовались? Для «больших индустриальных скачков» нужны были средства, нужна была рабочая сила. Ничего этого в тот момент в городе не было. Где взять? Привлечь из-за границы? Но тогда пришлось бы отказаться от курса на изоляцию страны, а в нем был свой расчет: легко управляем народ, не знающий, как и чем живут за пределами его отечества…»

Журналист Сакъиты Эльбрусæн Дæбейы ныхас нырма цардвæндаг рухсгæнæг цырагъау ахады, бæстæйы абон цытæ цæуы, уыдон æм нæма хъарынц…

Уæдæ чи хъуамæ зæгъа ныр нæ литературæйы тыххæй рæстаг ныхас? Æргом æмæ рæстытæ дзурыны бæрнон рæстæджы домёнты бæрзæндæй кæмæ хъуамæ разына нæ фысджыты сфæлдыстадæн рæстаг аргъ скæныны ныфс æмæ арæхстдзинад? Æвдадзы хосау нæ чи хъæуы, уыцы фæткæн сæрæвæрæн чи хъуамæ скæна? Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджы-фыццагдæр уыцы бæрны сæхи хъуамæ æрæвæрой нæ фысджытæ.

Мамсыраты Дæбейы райгуырды 80 азы бонмæ газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Социалистическая Осетия»-йы фæзындысты фысджытæ Цырыхаты Михал æмæ Мæрзойты Сергейы уацтæ. Сæ дыууæ дæр бацархайдтой Дæбейы сфæлдыстадон сурæт сныв кæныныл. Мæ разы не ’вæрын ацы уацтæ сæрæй-бынмæ равзарыны хæс. Фæнды мæ, роман «Уæззау операци»-йæн аргъ кæнгæйæ, абон цы хатдзæгтæм æрцæуынц, уый бафиппайын.

Михал зоны, романы цы цаутæ æвдыст æрцыдысты, уыдон, «абоны цæстæй кæсгæйæ», æнæгуырысхойаг кæй нал сты, уый. Гъемё зæгъы: «Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы бæстæйы уæды политикон уавæртæ æмæ æууæлтæ. Уыдонæн ныры онг дæр раст аргъгонд нæма æрцыд, æххæстæй нæма сæргом сты сæ уидæгтæ, нырма бирæ цæмæйдæрты сты фæлмæмбæрзт, æмæ сын нæ бон нæу цæхгæр аргъ скæнын». Михалы сагъёссаг хъуыдытыл нæ бафтыдта, колхозтæ аразыны рæстæг милуангай зæхкусджытыл цы уынгæджы бон скодта, уый.

«Колхозтæ аразыны рæстæг 1929 азы кæронмæ хицæн зæхкусджыты хæдзарадтæй куынæггонд æрцыд 3 милуаны бæрц, – фыссы академик В.Тихонов («Литературная газета», 3 август, 1988 аз). – Ома, æппынкъаддæр 15 милуан адæймаджы æнæ хæдзар фесты. Дыууæ милуан адæймаджы сæхи бакодтой индустриалон арæзтæдты æвджид. Иннæты æрцæрын кодтой сыбираг хъæдгуыстгæнæнты. Куыстхъом ас адæмæй милуаны бæрц ахæстæттæм фæндæгтæ ныннадтой. Уæдæ, коллективизацимæ ных чи нæ лæууыд, донаг станицæты, украинаг æмæ æндæр облæстты хъæуты æнæ цъист, æнæ хъæрæй сыдæй чи фæмарди, уыцы милуангай адæймæгтæ дæр рохгæнгæ не сты».

Михал æрмæстдæр Дæбейыл æууæнды. Уымæн æмæ: «Фыссæг йæхæдæг уыд уыцы цауты гуылфæнты æмæ уыдта, Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады коллективизаци скæныны куыст куыд цыдис, уый». Æмæ уыцы хъуыдытæ чысыл дæлдæр бафидар кæны ахæм ныхæстæй: «Иу хъуыддаг бæлвырд у: цаутæ æмæ уавæртыл æнцайгæйæ, Дæбе йæ уацмыс снывæзта царды æцæгдзинады бындурыл. Æмæ, æппынфæстаг, йæ хъуыдытæ æнæгуырысхо скæныны тыххæй, «Йæ адæмы сæрвæлтау», зæгъгæ, ахæм уацы автор (Рæстдзинад», 1989 аз, 26 август) æрхаста фæстаг аргумент: «Йæ мидис, йæ архайджыты фæндæгтæ æмæ нысантæ хæстæг лæууынц Шолоховы «Поднятая целина»-йы нуæрттæм».

Æмхъæлæс, æмхъуыды рауадысты Цырыхаты Михал æмæ Мæрзойты Сергей, роман «Уæззау операци»-йæн аргъ кæнгæйæ. Газет «Социалистическая Осетия»-йы (1989 аз, август), «Большой труженик литературы», зæгъгæ, уыцы уацы Сергей дæр, Дæбейы романы аивадон ахадындзинад абон дæр стыр кæй у, уыцы хъуыды ныффидар кæныны тыххæй æххуысмæ фæсиды Шолоховы номмæ: «В романе Дабе Мамсурова «Тяжелая операция» явственно ощущаются шолоховские уроки мастерства, очевидна приверженность писателя к процессу выпрямления душ и судеб людей. Живет, действует, страдает, надеется на лучшее побратим Семена Давыдова Заурбег, но дед Щукарь едва ли узнал бы себя в Мамсуровском Соли, столь самоценен этот даргавский наследник нарта Сырдона, язвительный и находчивый, простоватый и плутоватый балагур и весельчак».

Уыцы мадзалæн йæ рæстæджы уыди бæлвырд ахадындзинад – иу кæнæ иннæ фыссæджы ном скадджын кæныны тыххæй йæ абар Парнасы бæрзондмæ схизджытæй искæй номимæ, ома, удæгас классикы кады рухсмæ йыл цæст кæд хуыздæр æрхæцид.

Хæрзæрæджы дæр ма цардвæндæгтыл æмкъахдзæф кодтам, æмзæл уыдысты нæ зарджытæ, æмвæнд, æмхъуыдыйæ арæзтам рухс фидæн. Абон, Рацарæзты рухсмæ цæст суынаг ис, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, цæст цы уыны, уымæн ис комкоммæ йæ номæй рахонæн. Аивады дыууæ æмхалдих, æмхъуыдыгæнæгæй иу уæлдай кæй у, ууыл дæр басастыстæм. Æмæ уæд уымæн уæвæн куыд ис, æмæ дыууæ фыссæджы æмæ иу журналист иу уацмысæн уыцы иу ныхæстæй аргъ кæной, иу хъуыдытæ дзы ссарой? Нæ зæгъинаг фæбæлвырддæр кæнгæйæ та, уыцы уацмысы тыххæй æнусы æрдæджы размæ нæ критикæ цы загъта, уыцы хъуыдытæ комкоммæ фæлхатгондæй, уыцы иу рæстæг рæгъмæ рахæссой юбилейон уацты автортæ æмæ номарæн изæрты докладгæнджытæ? Уыцы уацмысы тыххæй халæмдих хъуыдытæ литературæйы урокты скъоладзауты хъусты цагътой æмæ ма цæгъддзысты литературæйы ахуыргæнджытæ. Уый уыди уæле дæлæмæ æруадзгæ фæтк æмæ йæ хъахъхъæдтой æлдариуæггæнджытæ. Ныр уыцы фыдвæтк хæлы. Цæмæн? Уый чиныгкæсæгæн фыссæгæй хуыздæр чи хъуамæ бамбарын кæнид! Фæлæ…

«Диалог Недели», зæгъгæ, уыцы сæргонды бын («Литературная газета», 1989 аз, 21 июнь) зындгонд уырыссаг нырыккон критиктæ Станислав Рассадин æмæ Дмитрий Урнов сæ хъуыдытæ дзурынц, уырыссаг литературæйы æцæг аивадон хæзнатыл банымайæн кæмæн ис æмæ мæнг чи разынд, уыцы уацмысты тыххæй.

С. Рассадин: «В искусстве есть своя духовная иерархия, и для меня полуудача великого (уж прости, но время успело это выявить) писателя выше шедевра, допустим, Нагибина…»

Д.Урнов: «Понимаешь, это бедствие литературы нашего века: насыщенность «великими неудачами». Раньше литература складывалась из великих удач…»

С. Рассадин: «Судьбы наших писателей не могут не быть драматичны – в той или иной форме. Когда я говорю о Шолохове, я понимаю, что он и автор великого «Тихого дона» и замешанной на фальши, но еще талантливой «Поднятой целины», и глав военного романа, сочиненных как будто в соавторстве с дедом Щукарем, и, по-моему, совершенно лубочного рассказа «Судьба человека», где и язык не шолоховский, стертый, вплоть до «скупой мужской слезы», и, наконец, не могу не помнить его поистине исторического выступления на ХХIII съезде, где он заклеймил посочувствовавших Синявскому и Даниэлю и пожалел, что их судили не по нормам «революционного правосознания…». И такой Шолохов, ломанный-переломанный, сам когда-то чуть не погибший, а потом подключившийся к гонителям, – интереснейшая, трагичнейшая фигура эпохи, а не унижающий художника парадный его портрет».

Уыцы ныхасы рæстæг Урнов суанг Гомермæ дæр бауæндыд: «… и у него не все образцово, не все получилось. Это принципиальная проблема: критика классики, но даже не ради нее самой, а ради современности. Ибо если современный писатель говорит: «Я пишу длинно, как Гомер», – то ему надо сказать, что и у Гомера некоторые куски затянуты».

Рассадин æмæ Урновы ныхæстыл чидæртæ бабылысчъил кæндзысты, сæ миднымæр сын карз тæрхон чи рахаста, ахæмтæ дæр иу æмæ дыууæ нæ разындзæн. Мæхимæ нæ исын зындгонд критикты ацы хъуыдытæн аргъ кæныны хæс. Уæвгæ, æз сæ фарс рахæцин. Цæрæнбонты кæмæн фæхæрæмттæ кодтой, Хуыцауæй лæвæрд уæлфæдзæхстон миниуæгæй хайджынты се сфæлдыстады тыххæй фыдгулыл кæй нымадтой, уыдоны æрхæм зæрдæтæм та æндидзаг рухс ныккæлдзæн ацы ныхæстæй. Ныр кæд фæтæгты дугæн кæрон æрцæуид. Политикты социалон фæдзæхстытæ æххæстгæнæг сфæлдыстадон кусджыты сурæттæ кæд сызгъæрин фæлгæтты нал æвæриккой æмæ нын сæ зæдты нывтау нæ сæрмæ нал ауындзиккой.

Роман «Уæззау операци» Дæбе фыста 1932-1934 азты. Уый размæ, 1930 азы, Цæгат Ирыстоны педагогон техникум каст фæуыны фæстæ куыста Заманхъулы скъолайы. Михал раст зæгъы: «Дæбе йæхæдæг уыд цауты гуылфæны æмæ уыдта… коллективизаци скæныны куыст куыд цыди, уый». Алцыдæр кæй уыдта, бирæ кæй зыдта, ууыл дзырд дæр нæй. Царды æцæгдзинад йæ романы куыд æвдыст æрцыди, уæды рæстæгæн цас æнæсайд æвдисæндар рауади йæ уацмыс, сæйраг ныхасы сæр уый хъуамæ уа абон.

Уыцы фарстæн дзуапп раттыны размæ уал зæгъын хъæуы, Ирыстоны литературæ æмæ аивады кусджытæ цы уавæрты куыстой, уыдæтты тыххæй. Æлборты Хадзы-Умар йæ чиныг «Ирон литературон критикæ 30-æм азты», зæгъгæ, уым уыцы рæстæджы тыххæй афтæ зæгъы: «…Ирыстоны пролетарон фысджыты хицæн къордты ’хсæн, стæй уыдон æмæ хистæр, ома, æмбæлццон, кæнæ лыстæгбуржуазон-националистон кæй хуыдтой, уыцы фысджыты ’хсæн лæбурдтыты, цæхæркалæг кæрдты дзæхстыты аренæ уыдысты литературон æмбырдтæ, мыхуыры оргæнтæ… Уыцы быцæутæ сæ равзæрд фылдæр хастой раздæры рæстæджытæй, – быцæу цы хъуыддæгтæ сайдтой, уыдон æрцыдысты дыууынæм азты, фæлæ сæ фæйлауæнтæ ранхъæвзтой» (12 фарс). 14 фарсыл та кæсæм: «Уавæр афтæ кæй æмбæрстой дыууæрдыгæй дæр, зæгъгæ, социализм тыхджындæр кæнынимæ кълассон тох дæр цыренæй-цырендæр кæны, æмæ цыма фысджыты æхсæн дæр фылдæр кæнынц буржуазон-националистон, троцкистон элементтæ, уымæ гæсгæ 1930-æм азы РАПП-ы* къухдариуæггæнджытæ цы лозунг раразмæ кодтой – «Сидæм хъазуатонтæм литературæмæ», зæгъгæ, ууыл ныххæцыдысты æмæ тынг активонæй байдыдтой хонын кондады хъазуатонты сæ рæнхъытæм».

Дарддæр критик Æлборы-фырт дзуры, фыссæджы курдиат кæмæ нæ уыд, ахæмтæ литературæмæ кæй ныххæррæтт кодтой, уый тыххæй. 1931 азы 7 октябры газет «Рæстдзинад» ныммыхуыр кодта пролетарон фыссæг Бæдоаты Хъазыбеджы ныхæстæ: «Афæдзы размæ РАПП фæсидт хъазуатон кусджытæм, цæмæй æрбацæуой литературæмæ… æмæ ныр сæ рæнхъыты ис мин æмæ æрдæг фыссæджы бæсты дæс мины…»

Аивадæн комкоммæ чындæуыди, бамбарæн ын нæй, ахæм тыхми. Æппæты кадджындæр уыдысты, пролетарон идеологи æвдисын сæ бон кæмæн у, уыдон, ома кусæджы хæдзары чи райгуырд, ахæмтæ. Хъæуты чи схъомыл, уыдон – «лыстæгбуржуазон», «цъулберон» идеологи хæсджытæ».

Хетæгкаты Къостайы «фыстытæ ныры рæстæгæн се ’ппæт нæ бæззынц», – фыссы Дзагуырты Гуыбады. Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Тохмæ»-йæн цы разныхас ныффыста, уым æй хоны «динджын», зæгъы: «Къостамæ национализмы низ дæр хæццæ кæны».

Гъе уыцы уавæрты рауади Дæбейæн сфæлдыстадон куыст кæнгæ. 1927 азæй фæстæмæ мыхуыры зынын байдыдтой йе ’мдзæвгæтæ. Сæ фыццаг æмбырдгонд рацыди 1931 азы.

Уæлдæр цы хъуыдытæ загътам, уыдон теоритæ нæ уыдысты. Фыссæгæй домдæуыди, цæмæй йæ ныхас, йæ фыстытæ басгуыхтаиккой разæнгардгæнæг хотых, – фæлæ йæ хæс æрмæст уымæй нæ хицæн кодта, – бахъуаджы сахат хъуамæ йæ дыстæ батылдтаид æмæ кусджыты разæй ацыдаид.

Газет «Власть труда»-йы 1931 азы 9 июны номыры «Стихи, не делающие сталь», зæгъгæ, уыцы уацхъуыды кæсæм, поэт Александр Безыменский цы литературон бригады сæргъы лæууыди, уый Мæскуыйы Петровскийы номыл заводы кусджытæн зын сахат куыд баххуыс кодта æмæ уыйадыл сæ пълан сæххæст кæнын сæ къухы куыд бафтыди, уый тыххæй. «Гъеуæд рабæрæг, æмдзæвгæтæ дæр куыстадон хотыхтæ кæй басгуыхынц, уый… О, æмдзæвгæтæ аразынц æндон. Æмдзæвгæтæн сæ бон у æвзалы дæр, цинк дæр æмæ цистернæтæ аразын дæр. Хор зайын кæнын дæр. Уæвгæ, канд æмдзæвгæтæ не сты ахæм хъомысджын, фæлæ, агитбригадæ цæмæй ифтонггонд у, уыцы аивадон æмæ фæлгонцгæнæн фæрæзтæ се ’ппæт дæр», – кæсæм газеты.

Уыцы газеты 1933 азы 2‑æм январы мыхуыргонд цæуы, пролетарон поэт Демьян Бедный Мæскуыйы консерваторийы фæллойы хъазуатонты æмбырды цы ныхас ракодта, уымæй скъуыддзаг. Афтæ дзырдта: «Товарищи ударники, успехи вашей работы все бодрят и веселят, но при всех наших успехах, товарищи, помните о главном. Сжимая в работе трудовые кулаки, помните, как опасно разжать их. Можно уронить то, что мы в них зажали. Вот почему так знаменателен и так важен новый декрет. «Один день неоправданного прогула – и нет тебе за это никакой поблажки!» Правильный декрет? Правильный!»

Поэт дзуры, куыстæй тылифгæнджытимæ тох кæныны æмæ, уыдон карз æфхæрд цæмæй цæуой, уый тыххæй 1932 азы 15 ноябры советон хицауад цы уынаффæ рахаста, уый тыххæй. Куыстмæ 20 минуты чи байрæджы кодта, уыдон куыстæй цыдысты æппæрст æмæ сæ ахæстоны бадын кодтой.

Коллективизацийы темæйыл фыст уацмысты ’хсæн æппæты сгуыхт- дæрыл банымадтой М.Шолоховы роман «Поднятая целина».

Ацы уацмысæн дæр йæ аивадон хъомыс барстой, политикон æгъдауæй йын цы ахадындзинад уыди, уый хынцгæйæ. 1934 азы 16 октябры газет «Правда»-йы романы тыххæй мыхуыргонд рецензийы загъд уыди: «Роман Шолохова может послужить своеобразным учебником о деревне. Читайте эту книгу в момент хлебозаготовок, во время сева, в момент уборки, она будет пособием, как успешнее решить задачу».

Уыцы дуг ирон фысджыты размæ дæр æндæр хæстæ не ’вæрдта. Уыдоны къухæй дæр хъуамæ рацыдаид роман-плакат, роман-лозунг, колхозтæ куыд аразын хъæуы, уый амонæг, уымæ разæнгардгæнæг роман-инструкци.

Куыд фыссын хъæуы, цард цы нывтæм гæсгæ кæрдын хъæуы, Дæбе уыдæттæ æгæр хорз дæр ма базыдта. Цы рæстæг, цаутæ æвдыстой, уыдон-иу рухс романтикон фæлмæй æрæмбæрзтой: рагагъоммæ кæй сныв кодтой, уыцы дзæнæтон социализмы сурæтыл сау тæппытæ цæмæй ма абада, уый дæ зæрдыл дар, алы хъуыдыйад фысгæйæ дæр. Царды æцæгдзинадæй æнæрхъуыдыйæ, мыййаг, истытæ куы равдисай, уымæй тæссаг уыди. Хи хъуыды ма кæмæ баззад, йе ‘рдзон курдиат мæнгфæндагыл цæуын чи нæ бауагъта, аивады уыцы кусджыты карзæй æфхæрдтой, ахстой сæ, мардтой.

20-æм азты Украинæйы æппæты номдзыддæр фыссæг уыдис Остап Вишня (Павло Губенко). 1928 азы онг рауагъта 30 чиныджы. Буцæн æй рахуыдтой «Октябры Революцийы Гоголь». Йæ фельетонтæй, йæ хъæлдзæг радзырдтæй-иу сфидыдтой газеттё, юмористон журналтæ. 20-æм азты кæрон æмæ 30-æм азты райдианы йыл литературæйæ политикон хотых аразджытæ цъыфкалæн кæнын райдыдтой, схуыдтой йæ «кулакты быдзæу», советон хицаудзинады знаг. 1933 азы 7 декабры йæ ‘рцахстой. Банымадтой йæ, уæвгæ дæр чи никуы уыди, уыцы контрреволюцион украинаг хæстон организацийы уæнгыл, ноджы, цыма партийы Украинæйы ЦК-ы секретарь Постышевы амарынвæнд чи скодта, уыдонимæ дæр æмдзæхдон уыди. Цæмæй йæ сраст кæной, уый тыххæй æфсæддон прокурормæ цы курдиат фыста Остап Вишня, уым кæсæм: «Психикон æмæ физикон æгъдауæй æфхæрд кæй æрцыдтæн, уый тыххæй мæхиуыл хахуыртæ фæмысыдтæн, мæхимæ райстон лæг марыны уæззау аххос». Скодтой йын 10 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон, йе статья – 58.8.11 (Кæс Остап Вишняйы хъысмæты тыххæй «Литературная газета», 1989 аз, 15 ноябрь).

Астæуккаг скъолайы нæ-иу ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыр- гæнæг бахуыдта Мамсыраты Дæбейы сфёлдыстадон æрмадзмæ. Уый цæстытæй кастыстæм мах дæр «Уæззау операци». Ахуыргёнёг нын дзырдта: революциимæ сын абарæн ис, хъæууон адæмы царды ахæм цаутæ равдыста фыссæг йæ романы.

Пединституты дæр махæн, хомбыл студенттæн, «Уæззау операци» зæххоны хъуыды кæдæм нæ хæццæ кæны, уыцы бæрзæндмæ истой.

Фæстæдæр кусын куы байдыдтон, уæд иуахæмы сфæлтæрæн кодтон ацы уацмыс бакæсыныл, – йæ кæлæнгæнæг хъомыс не ‘рыхъал ис æмæ йæ кæронмæ нал афæлдæхтон…

Ныр æй кастæн алцы хурæргомгæнæг дуджы айдæны рухсмæ. Цæст ахста, сæмбæлдзынæн сыл, зæгъгæ, рагацау кæмæ æнхъæлмæ кастæн, ахæм зæрдæхсаинаг, мæнг бынæттæ, æмæ сыл-иу нæ бадис кодтон. Афтæмæй ахæццæ дæн 67 фарсмæ: «Хъæусоветы сæрдар, æрыгон сидзæргæс чындз Ханиффæ, партион, уыдис ныфсхаст, куыстуарзаг, дæсны уыдис адæмимæ ныхас кæнынмæ, фæлæ йæ хъыгдардта, йе уæнгты ма фыдæлты æгъдæуттæй цы æфсармы фæд баззад, уый».

Ацы ран фæкалдтæн. Уысмы дæргъы мыл æртæфстысты, амæй размæ соцреализмы мадзалæй гуырд аивадæн æцæгæлон, æнæтуг чингуытæ мæ цы фыдæнхъæл æмæ фырсайд фæкодтой, уыцы мæстытæ. Аивады сæфты æфсæнттæ мæм ныры хуызæн æбуалгъ æргомæй никуы бахъардтой. Дæбе йæ уацмысы хъайтарты миниуджытыл дзуры сæйраг архайæг Зауырбеджы дзыхæй. Партийы обкомы æрвыст лæг З-хъæуы цасдæр ацарди æмæ йæ бон у, колхоз кæимæ араздзæн, уыцы бынæттон бæрнон кусджыты тыххёй дзурын. Кæмæ дзы цы фау æрхаста, кæмæ цы.

Ханиффæйы та хъыгдардзæн «йе уæнгты ма фыдæлты æгъдæуттæй цы фæд баззад, уый». Иннæтæм уыцы хуызы йæ зæрдæ нæ фехсайдта. Уæдæ уыцы хъæнтæ уыныны курдиатæй хайджын чи у, уый, Зауырбег, йæхæдæг фыдæлты æгъдæуттыл йæ къух кæй систа, ууыл гуырысхогæнæн нæй. Зауырбеджы хуызæн фарнæйхызт адæймаг цæттæ уыд йæхи цард дæр æмæ йæ бинонты цард дæр «зæронд дуне рацаразыны» сæраппонд нывондæн æрхæссынмæ. Цы æнахъинон логикæйы бындурыл амад цæуы ног цард аразджыты философи! Фæллойгæнæг лæг цæмæй цардамæндтæй бафсæда, уый тыххæй нывондæн æрхæссын хъуыди хи бинонты амонд, къух сисын хъуыди хи уды сæрибарыл. Милуангай хицæн адæймæгты коллективизацийы цуайнаджы сфыц æмæ, сæ бас куы сæмхæццæ уа, уæд дзы рауайдзæн «мах».

Мæнæ куыд хъуыды кæны йæ цардæмбалы, йæ цоты мады тыххæй, зæронд дуне чи хъуамæ рацарæзтаид, уыцы Зауырбег: «… искæй хардзæй хъуамæ дара хорз дарæс, хæра хорз хæринаг æмæ уыцы дарёс æмæ хæринаг ссарæг мойæн йæ дзæбæхдзинæдтæ фида йæ буарæй».

Ам Верæйы кад не ’рхауы къæхты бынмæ – уыцы ныхæстæ Зауырбегæн йæхи цæсгомыл ныууадзынц сау мылазон фæд. Цынæ фæкодта, цæмæй йæ бинойнаг йæхи æмхалдих феста, уый тыххæй, фæлæ Верæ нæ ракуымдта йæ «чысыл дунейæ» æрымысæггаг цардыл тохмæ. Зауырбегæн уый йæ цæстмæ бадардта обкомы секретарь дæр: «хæдзары къæсæрыл æй нæ рахизын кодтай æмæ йæ цардмæ нæ ракодтай». Ацы ныхæстæ æвæджиауы æвдисæн сты, уæды рæстæджы партион разамонджытæ æмхъуыды кæй уыдысты, сæ зæрдæтæ æмдзавд кæй кодтой, уыдæттæн. О, фæлæ Зауырбег у романы сæйраг хъайтар. «Зæронд дуне» чи хъуамæ рацараза, уыцы фæзминаг адæймаг. Уымæ та хъуамæ къухбакæнæнтæ ма уа.

Газет «Власть труда»-йы 1931 азы 16 февралы «Поднять новую волну коллективизации», зæгъгæ, уацæй базонæм, бæстæйы 7 милуан æмæ 708 мин хицæн хæдзарадтæ колхозтæм конд кæй æрцыдысты, уый тыххæй. Газет хъусын кæны: «Коллективизацийы пълан æххæстгонд цæмæй æрцæуа, уый тыххæй хæстæгдæр 20 – 30 боны ССРЦ-ы колхозтæм хъуамæ ноджыдæр конд æрцæуой 2 милуан хæдзарады». Уыцы пълантæ цы мадзæлттæй æххæстгонд цыдысты, уыдон дæр ныр сусæг нал сты.

Хи бинонты цард сæвæрын чи нæ зоны, йæ хъёбулты чи ферох кодта, уый искæй цард куыд хъуамæ сараза? Бинонтæ уыдысты чысыл паддзахад, иу фæлтæр иннæмæ фарн лæвæрдта.

Абон базыдтам: мад æмæ фыды фæлмæн армы аууон чи байрæзы æмæ паддзахады рæвдауæндæтты æвджид чи баззайы, уыцы сабиты ‘хсæн бирæ быдыртæ вæййы. Зауырбег бындур æвæрдта, сабиты сæ ныййарджыты бæсты паддзахад кæм хъомыл кæндзæн, ахæм æхсæнадæн.

«Ирон советон литературæйы историйы очерк»-ы æрхастой роман «Уæззау операци»-йы сæйраг хъайтартæй иу, дохтыр Хатуйы ныхæстæ: «Адæймаг райгуыры, æппæты фыццагдæр, йæхи тыххæй. Йе ’ппæт тох дæр царды у йæхи уды цард фæхуыздæр кæныны тыххæй». Вульгарон критиктæ кæддæр райдианы Хатуйы ацы ныхæстæ сыскъуыдтой романæй æмæ йæ рахуыдтой «буржуазон интеллигенцийы минæвар». Уымæн æмæ адæм хъуамæ суыдаиккой механизмтау иу миниуæгджын, иу нысанмæ тырнæг, иу ахорæнæй ахуырст. Романы Хату йæ хъуыды дарддæр афтæ фæбæлвырд кæны: «Адæймаг исты æхсæнадон куыст æххæст кæны, уымæ гæсгæ пайда дæтты æппæт æхсæнадæн дæр. Æхсæнады æппæт уæнгты ахæм куыстытæ сиу кæн, уæд уый та у прогрессы мæцъис».

Адæймаг йæхицæн аргъ кæнын кæм зона, царды йæ бынат бæрæг кæм уа, ахæм æхсæнадон цардарæзты кой кæны Хату, фæлæ йын уыцы хъуыдытæ уый фæстæйы къорд фæлтæры критиктæ æмæ литературæиртасджытæй ничи бафиппайдта, уымæн æмæ, уæд куыд нымад уыди, афтæмæй «буржуазон интеллигенцийы минæвармæ» раппæлинаг æмæ фæзминаг миниуæгæй ницы вæййы.

Романы сæмбæлæм, Дæбе-иу рæстытæ кæм загъта, ахæм бынæттыл дæр. Уый у, æрдзæй лæвæрд курдиат æм кæй уыди, ууыл дзурæг.

Гъе æмæ «буржуазон интеллигенцийы минæвæрæй» кæй фæтыдтой нæ критиктæ æмæ нæ литературæиртасджытæ, уыцы Хатуйæн З-хъæуы рынчынтæм кæсын зын у, æххормаг адæммæ кæсгæйæ йæ комдзаг йæ хъуыры нæ хизы. Зауырбеджы нымадæй, уыдæттæ сты «чысыл фæтыхст», «цæсты фæныкъуылд, æмæ, уыцы тыхсты фæстæ цы уыдзæн, уымæ у нæ каст, ууыл у нæ тох».

Хъæу иугуырæй дæр коллективизацигонд цæмæй æрцыдаид, уый тыххæй Зауырбеджы хъуыди йæ фæдонты иу зондыл ардауын. Фæскомцæдисон чыры раздзог Муссæ нырма хайджын уыди Хуыцауы сконд адæймаджы миниуджытæй. Бахъуаджы сахат-иу разынди карз, домаг, фæлæ зыдта йæ рæдыдыл æрфæсмон кæнын дæр, фæкъæмдзæстыг-иу ис. Зауырбег уый æнæ бафиппайгæ нæ фæци æмæ йын ныффæдзæхста: «Ды партимæ цæудзынæ, æмæ хъуамæ дæ зæрдæйы уаг фидар уа. Рæдыд федтай, уæд æгæр мæсты ма кæн, афтæмæй йæ цæв. Уæд дæ цæф тыхджындæр уыдзæн. Ныццавтай, уæд та йыл фæсмон мауал кæн».

Гъе, ахæм зондахастæй ифтыгъта колхоз аразджыты уæды æгъатыр рæстæг. Уæдæ милуанты цард ныкъкъаппа-къуппа кæнын къухы куыдæй хъуамæ бафтыдаид?

Коллективизацийы сæраппонд амёттагён æрхастæуыд æрыгон ахуыргæнæг Нинæйы цард дæр. Уроктæ дæтгæ йæ уæвгæ дæр нæ уынæм. Хъæздгуыты хортæ кæм æмбæхст сты, уыцы сусæг æвæрæнтæ агурын – йæ хъомылгæнинæгты сæйраг абетæ. Нинæ йæхи зондæй æрцыди, йæ хортæ чи æмбæхста, уыцы хъæздгуыты «раргом кæнын» стыр хъуыддаг кæй у, уыцы хъуыдымæ. Хор æмбæхсджыты ном- хыгъд фыст кæуыл уыди, Зауырбегмæ уыцы гæххæтты сыф ратгæйæ, ахуыргæнæг зæгъы: «Уый æз мæхи хъæппæрисæй сарæзтон… æмæ мæ бафæндыдис æхсæны организацитæн уыцы хортæ раргом кæныны тыххæй баххуыс кæнын…» Дарддæр базонæм: бирæ кæй уарзы, «иннæ ахуыргæнджытæй искæй бар бакæнын» дæр йæ цæст кæй нæ уарзта, уыцы фыццаг къласы ахуырдзауты бафтыдта хъæздгуыты æмбæхст хортæ агурыныл. Номхыгъд дæр уыдоны руаджы сарæзта.

Нинæ уыцы митæ авторы зондæй кæны, зæгъгæ, ахъуыды кодтон, фæлæ романы хъайтары ацы змæлдæн ис бæлвырд социалон гуырæнтæ. Уыдон та дзурæг сты, колхозтæ аразыны рæстæг хъæууон адæм стырæй-чысылæй цъысымы кæй бахаудысты, ууыл. Романы 100-æм фарсыл кæсæм: «Цæмæ йæм фæсидтис Зауырбег, уый куы базыдта Нинæ, уæд йæ цæсгомæй тасы æнгас фæтар, йæ цæстытæ зынджы къуыбæрттау ферттывтой…» Цæвиттон, Нинæйæн тас йе уæнджы бадтис æдзухдæр, ома, цы нæ вæййы, исчи мæ истæмæй азымы куы бадара æмæ, дардмæ дæр кæмæй тарстысты, уыцы хæдзæрттæй мæм искæдæм куы фæсидой. Зауырбег æм куы фæсидти (цы дзы кæны, уый нæ зыдта), уæд æм Нинæ тæрсгæ-ризгæйæ бацыди, ме сæфты дуг æрцыди, зæгъгæ. Æмæ тæссаг хабарæй куы ницы фехъуыста, уæд «уалдзыгон сырх дидинæгау йæ цæсгом хъæлдзæг сырх аци».

Зауырбег зæгъы: «Хъуамæ историйæн скæнæм операци æмæ йын сдзæбæх кæнæм йæ хъæдгæмттæ». Æмæ йæ фæдыл ацыдысты, ног царды сæраппонд йæхи цард суæлдай кæнынмæ цæттæ чи уыди, ахæмтæ. Сæ иу – Муссæ, райсомы кæркуасæнтæй фæсахсæвæртæм æнцой нæ зыдта, йæ уарзоны цур æнæдæстытæй балæууыд æмæ йæхи афтæ раст кæны: «хи адасынæй стырдæр фарстатыл» хæцын хуыздæр у.

Коллективизацийы рæстæг йæ кæнонтæ чи фæкодта, уыдон фæстæдæр, 30-æм азты, цæттæ уыдысты цыфæнды æбуалгъ фыд- ракæндтæ аразынмæ дæр.

Поэт Хæмæт уазæгуаты йæ худ нал исы, ома, дам, уый динимæ баст æгъдау у, «зæдтæн æмæ хуыцæуттæн искуы хæдзары къуымы бадын æнхъæл куыд уыдысты, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ истой сæ худтæ æмæ уый уæд хорз æгъдауыл нымад уыд, фæлæ ныр никæй æмæ ницæмæнуал хъæуы».

Роман «Уæззау операци» дзуапп нæ радта бирæ вазыгджын фарстытæн. Уæвгæ роман-плакат ахæм хæс йæ размæ кæд æвæрдта?

Борис Можаевы роман «Мужики и бабы»-йæн академик В.А.Тихонов цы разныхас ныффыста, уым кæсæм: «Коллективизацию, то есть коренное социальное переустройство села, ломающее вековые устои крестьянской жизни, разрушающие веками накопленные традиции и хозяйственные интересы крестьянина, попытались осуществить за считанные дни. Не было сколько-нибудь серьезной ни социальной, ни психологической, ни материальной подготовки предпосылок массового обобществления крестьянских дворов, земли, скота, инвентаря».

Дарддæр Тихонов дзуры, зæгъгæ, 1929 – 1930 азты зымæджы, цъаппарæзт колхозон скъæттæм кæй фæтардтой, зæхкусджыты уыцы фос цагъды кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, колхозмæ чи нæма бацыд, уыдонæн уый зонды хос фæци, æмæ сæ фосы суанг бæхты онг цæгъдын байдыдтой. Сомбон сæм цы ’нхъæлмæ кæсы, уый чи ’мбæрста, уыдон, цæрæнбонты кæм фæцардысты, уыцы фæрнджын цæрæнтæ, сæ фыдæлты ингæнтæ уагътой æмæ алчи йæхицæн агуырдта, сæ удтæ æнцой кæм ссардзысты, ахæм бæстæтæ. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Хицауад сæм фæкомкоммæ æмæ 1930 азы февралы рахаста сæрмагонд уынаффæ «Кулакты хæдзарадтæн æвастæй сæ цæрæн бынæттæй лидзыны æмæ сæ исбон уæй кæныны бар нæ дæттыны тыххæй». Зæхкусæг дывыдон арты бахауд – дæ бынатæй ма фезмæл, дæ фæллойæ базармæ мацыуал алас, дæ цотæн дзы мацы бахай кæн.

«Раскулачивание, как отдельные акты конфискации имущества тех, кто противился вступлению в колхоз, – загъы В.Тихонов, – было заменено официальной государственной крупномасштабной политикой «ликвидации кулачества как класса».

Уалдзæджы хортауæнты куыстытæ куы фæсыкк уой, уымæй тæрсгæйæ, Сталин, йе ’мхъуыдыгæнджыты дæр ницæмæуал æрдардта, афтæмæй зæхкусджытæм фæфæлмæндæр. 1930 азы 2 мартъийы мыхуыры фæзынд, йе ’мтохгæнджытæн дæр æнæнхъæлæджы хабарау чи рауад, йæ уыцы уац «Головокружение от успехов». Уым йæ фæдонты аххосджын кæны се ’нæхъоладзинады тыххæй.

Уацы фæзынд басгуыхти бомбæйы срæмыгъдау. Уалдзæджы дæргъы колхозтæй фæстæмæ чи рацыди, зæхкусджыты уыцы хæдзарадты нымæц схæццæ 9 милуанмæ. Фæтæджы ныхæстыл баууæндыдысты зæхкусджытæ æмæ сæ риуты дзаг сулæфыдысты. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй æгæр фæтагъд кодтой… Уыцы аз сентябры мæй арвыста «Кооперацийы тыххæй» зæгъгæ, йæ бардзырд-фыстæг. Уым амынд уыди: 1932 азы уалдзæгмæ хъæууон районтæ иугуыр коллективизацигонд куыд æрцæуой, афтæ. Ног тыхтæ æрбамбырд кодтой, куыд архайын хъæуы, уый сын бацамыдтой. Колхозмæ цæуын кæй нæ фæндыд, уыдон та-иу кулакты хал ахордтой… Æмæ та хъуыддæгтæ базмæлыдысты…

Дæбейы хъайтартæ цы дунейы цæрынц, уым арв никуы рангæс вæййы, тас адæмæн сæ туджы ахъардта. Уымæн ирд æвдисæн сты Хатуйы ныхæстæ. Обкомы секретарь æм куы фæсидт, уæд, цы тас бавзæрста, уый тыххæй Верæйæн афтæ зæгъы: «Обкомæй, ГПУ-йæ чидæриддæр фæдзура лæгмæ, уæддæр мæнмæ уæлдай нæ кæсы. Уыдон политикон организацитæ сты æмæ, кæд сæ хъуыддæгтæм гæсгæ æмхуызон не сты, уæддæр сæ æз бæлвырд нæ иртасын, æмæ, цыма иу куыст кæнынц, уыйау мæм кæсы».

Ацы ныхæстæ фысгæйæ, æвæццæгæн, Дæбейæн йæ мидредактор æрфынæй æмæ, автормæ цы æрдзон курдиат уыди, – лæвæрд та йын æнæмæнг уыди, – уый йæ коммæ нал бакаст. Роман ногæй куы уагътой, уæд уыцы ныхæстæ цензурæйы уынаг цæстытæй куыд аирвæзтысты, дисы мæ уый бафтауы.

Сæрыхъуын арц сбады уæды газеттæ кæсгæйæ. Колхозмæ тæрын кæй нæ куымдтой, уыйадыл-иу æнæхъæн хъæутæ æмæ станицæ зæрондæй-ногæй, стырæй-чысылæй цыфыддæр знæгтæй агæпп ластой. Уый размæ уырдыгон, ома хъазахъхъаг æмæ ирон адæймаг искуы исты хорз ракодта, фыдæлтæй сæм исты фарны фæтк æрхæццæ – уыдæттæ нымад нал уыдысты… Æмæ куыд рауади: газеты кусæг журналист æмæ фыссæджы раз уыцы иу хæстæ æрæвæрдтой, сæ «æрмадзтæ» иу цары бын æрæнцадысты…

Академик В.Тихонов загъта: «Кулакты къласс нæм уæвгæ дæр нæ уыди». В. Даль дзырд кулак афтæ æмбарын кæны: «Скупец, скряга, жидомор, перекупщик, переторговщик, маклак, прасол, сводчик, особенно в хлебной торговле, на базарах и пристанях….». Иу дзырдæй, зæххы куыст чи кæны, фос чи дары, йæхи фæллойæ чи цæры, ахæм нæ, фæлæ сæудæджергæнæг, фæлывд, цæстфæлдахæг…

«О признаках кулацких хозяйств», зæгъгæ, паддзахады уыцы уынаффæмæ гæсгæ кулакыл нымад цыди, канд æххуырстытæ чи дардта, ахæм адæймаг нæ, фæлæ ма, механикон æгъдауæй чи куыста, ахæм кусæнгарз кæй рæбыны уыди, уыцы хæдзары хицæуттæ дæр. Ахæм кусæнгарзыл нымад цыди, зæгъæм, къухæй зилгæ нартхор- згъалæн кæнæ хырхæйфадæн… Бон, дыууæ боны æмгъуыдæй-иу мæгуыр лæг дæр искæмæ фæдзырдта хорæфснайæн фæдисон рæстæджы, фæкæс мæм, зæгъгæ, æмæ ахæм адæймаджы дæр, æххуырстытæ дарыс, зæгъгæ, къуымы батæрæн ис?

Чиныгкæсджытæ раджы сыстырзæрдæ сты, царды рæстдзинад-иу заробайау кадаварæй æвдыст кæм цыди, уыцы чингуытыл. Сæхæдæг дæр-иу æй нæ бафиппайдтой, афтæмæй мыл-иу æргом бахъуыр-хъуыр кодтой: «Ай бæстæ куы бабын, уæд сымахæн гæды ныхæстæ фыссын уæ цæсгом куыд хъæцы?» Педагогон институты кæимæ ахуыр кодтон, уыдонæй мæ-иу чидæртæ афарстой: «Цас дын бафыстой дæ чиныгæн?» «Фыссæг дæн» зæгъын мæ цæсгом нæ хъæцыди. Фысджыты Цæдисы уæнг дæр ма мæ хуыдтой, æмæ мыл ацы ном хуыздæр фидыдта. Фыссæг нагъ, фæлæ Фысджыты цæдисы уæнг! Дзырд «цæдис»-иу баивтой «авангардæй» дæр. Афтæ хонынц разæй цæуæг æфсæддонты. Хицæн фысджытæ нæ нæ хъуыди – коммæгæс æмхъуыды фысджытæй арæзт къордтæ, авангардтæ нæ хъуыдысты.

Иуахæмы фембæлдтæн, йæ фыдæлты хабæрттæ хъусæггагæй кæмæн зыдтон, мæ ахæм зонгæ Хабийыл. Иу ныхас, иннæ ныхас æмæ мын Ирон театры кой куы ракæнид. «Æрæджы иу спектакльмæ фæкастæн æмæ сæм мæстæй хæлдтæн, – райдыдта мын йæ хъæстытæ кæнын Хаби. – Иуцасдæр мæхи урæдтон, стæй сæм сценæмæ бахъæр кодтон: «Мæ бабайы хабæрттæ мын æвдисут æмæ, цы уыди, уыдæттæ æргом цæуылнæ дзурут?»

Хаби мын йæ судзгæ мастимæ йæ дзуринæгтæ скалдта. Колхозтæ аразыныл фыццаг фæлтæрæнтæ куы райдыдтой, уæд Хабийы фыд Тембо йæ фыд Уанийæн балæгъстæ кодта:

– Цард чердæм зилы, уыцырдæм не ’ргом аздахæм. Нæ фос сын раттæм. Кæд нæ фæсивæд скъолаты сахуыр кæниккой…

Уани цæрæнбонты æнцой нæ базыдта, зымæг Хъызлармæ тардта йæ фос, сæрд сæ хæххон хизæнты дардта. Йæ фырттæ Уане æмæ Гæстæн куы бахъомыл сты, уæд уыдон дæр йæ фарсмæ балæууыдысты. Гуырдзыйы меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты сæ бæстæйæ куы ратардтой, æмæ уыдон Цæгат Ирмæ æфцгуытыл куы фæлыгъдысты, фæндæгтыл алы низтæй куы цагъды кодтой, уыцы рæстæджы Гæстæны бахъуыди быдырæй Уæлладжыры коммæ цæуын. Алагирæй Тæмисчъы астæу Цъыфджыны ракомкоммæ фæндаггæрон дзыназгæ баййæфта æнахъом сабиты – дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Нывыл ныхас зæгъын сæ никæй бон баци, сæ хæкъуырццæй кæуын нал æмæ нал урæдтой. Сæ ныййарджытæ гуыбыннизæй амардысты, фæндагыл сæ кæмдæр дурты бын нынныгæдтой се ’мбæлццæттæ… Сабиты ардæм æрбахæццæ кодтой æмæ сын ныффæдзæхстой: «Ам банхъæлмæ кæсут. Макæдæм ацæут, науæд адзæгъæл уыдзыстут». Ничиуал сæм фæзынди… Гæстæн сæ йæ фæндаггæгтæй бафсæста, йемæ сæ аласта, кæд сæ зонгæтæй исчи мæ размæ фæуаид, зæгъгæ. Иу агурæг нал фæци сабиты, æмæ сæ сæ хæдзармæ æрбаласта. Уанийы хæдзары ма йæхи цотёй уёлдай хъомыл кодтой сæ хæстæг æрвады æртæ сидзæр чызджы æмæ лæппу дæр. Бахъомыл сты сидзæр сабитæ, лæппутæ фесты хæдзары зылдтытæ кæнынхъом, фыййау цæуын дæр байдыдтой.

Йæ комдзаг дæр не ’вгъау кодта фосæн Уани. Цыдæр дзырдæнгæс мыртæ æмæ хъæлæсивæн уынæртæй-иу æй æгомыг фос бамбæрстой. Иуахæмы йын йæ дзугæй барæй иу сæр бамбæхстой. Иу хаст сыл акодта йæ цæст Уани æмæ, хъуаг кæй сты, уый базыдта.

Æмæ йын ныр колхозы кой куы скодтой, уæд Уани цæхæртæ ныккалдта:

– Уыцы ныхæстæ дæ дзыхæй уæлæмæ макуыуал суадз! Сæрдæй-зымæгæй сæ фæстæ цæугæйæ мæ уыргтæ рафтыдтон. Сымах фесафдзынæн, уыдоны – нагъ!

Гæстæн – цоты кæстæр, фыдмæ ницы суæндыд. Тембол хæдзарæй йæхи айста. Тæмисчъы йæ каистæм æрфысым кодта, хъæдгуыстмæ бацыди. Уырдæм æм байхъуысти: «Уæ фосы уын байстой!» Æмæ сæ хъæумæ фæдисон цыдæй фæуади. Уæд ма æфсымæртæ æд бинонтæ иу цары бын цардысты. Цъалхæй-малхæй сæ уынгмæ миты рагъмæ ратардтой. Раппæрстой авдæны баст дзидзидай сабиты дæр – Темболы лæппу æмæ Гæстæны чызджы. Куыдтой ныййарджытæ, дзынæзта сæ нана, ниудтой сабитæ… Арвы дæлгоммæ фæлдæхт къус суынгæг. Кæд сæм сыхагæй, хъæуккагæй, хионæй æркæсиккой, кæд сæ тæригъæд иу искæмæ бахъарид, зæгъгæ, сæ боны рухс сæнтурс миты рагъыл ныддиди кодта. Фæлæ боны рухс разынди комдзог цæуæг, æмæ сæм ничи хаста йæ ныфс…

Уынгты æрцæйцыди Хабийы номæвæрæг Боблийы æфсымæр Хари. Цъусдуг алæууыд, зæхмæ кæсгæйæ, сабиты дзыназынмæ ныхъхъуыста æмæ атындзыдта, бацагуырдта йе ’фсымæр Боблийы. Хари йæхæдæг фæскомцæдисы рæнхъытæм цæуынмæ цæттæ кодта йæхи æмæ, кулакы бинонтæн баххуыс кодта, зæгъгæ дзы куы айхъуыстаид… Бобли фæдисон тъæбæрттæй Уаниты дуармæ балæууыди. Дыууæ авдæны йæ дæлæрмтты фелвæста, иннæ сабитæ йæ фæдыл уадысты. Иу хæдзары куы базмæлыдаиккой утæппæт адæм, æмæ сабитæй цалдæры сæхимæ бакодта Боблийы сыхаг Бобо. Уый дæр Хариимæ фæскомцæдисмæ цыди. Уый фæстæ уыцы бон куы ралæууа, уæд ын йæ цæстмæ бадардзысты йæ ныры митæ æмæ йæ нал райсдзысты фæскомцæдисмæ.

Хъæуæй чи фæлыгъди, ахæмы хæдзармæ рæстæгмæ бауагътой Уанийы бинонты. Мæ куыстмæ цæуын, зæгъгæ, Тембол иуахæмы хæрзбон загъта сыхæгтæн æмæ хъæуæй йæхи айста. Сæ хæдзарæй сæ чи тардта, уыдонимæ уыди уæлæсыхаг Ладе дæр. Авдæнты баст сабиты дæр миты рагъмæ уый рахаста. Йæ галиу къах тасгæ нæ кодта æмæ-иу æй уисойæ мæрзæгау иувæрсты уыцы хъандзалæй размæ байста. Иннæтæ дæр сын хастой хæдзарæй уынгмæ сæ дзаумæттæ, æнæ исты сдзургæ дæр-иу кæм фесты, фæлæ се змæлд – ныгъуылдæй, сæ ныхас – мынæгæй. Ладейы ныхас хъамайау дзæнгæл ласта.

– Цъулбертæ стут, тугцъиртæ! – азæлыди Ладейы хъæлæс. – Цæрæнбонты адæмы туг фæцъырдтат æмæ ныр хъуамæ уæ фарсытæнæгæй ракæлой…

Уани Гæстæнæн бафæдзæхста, æмæ уый Темболы иуварс акодта, ома йæхи сæм куынæ баурома. «Дзамбас хæрæг, – мæстæлгъæдæй дзырдта йæхинымæр Тембол. – Иуахæмы та дæ мæ къухтæм хъæуы, æмæ мын ацы хатт нал аирвæздзынæ».

Ладе сыхаг хъæуæй фондз азы размæ æрлыгъди ардæм. Иу-дæс азы цæуы, уæд Уаниты фос æрдæг фæкодтой давджытæ. Æрдуйы бæрц дæр дзы нал разынди. Рацыди иу аз, æмæ та сын сæ фос фæтардæуыди. Ацы хатт сæ фæдыл бафтыдысты Тембол æмæ, Германы хæстæй дыууæ дзуаримæ сгуыхтæй чи æрыздæхт, йæ уыцы æрдхорд. Давджытæ Уаниты фос Чырыстонхъæуы сæрмæ Гæдыты комы бамбæхстой. Æнæхъæн æфсад уыдысты – фынддæс лæджы. Цух сæ не суагътой Тембол æмæ йе ’мбал. Давджытæ фæсахсæвæрты сæ физонджытæй фыццаг комдзæгтæ сæ дзыхтæм куыд схастой, афтæ сæм Тембол бадзырдта:

– Ацы хатт уын уæ нард комдзæгтæ нал батайдзысты, лæвархортæ!

Темболы рæстдзæвин æрдхорд дзы цалдæры æрфæлдæхта. Уæдæ дзы Темболы нæмыг дæр кæйдæрты баййæфта. Ладе зæххыл уæззау хауд куыд ныккодта, уый хорз ауыдта Тембол æмæ ахъуыды кодта: «Дзыхъмард фæци!»

Уый та йæхи мардæфсон скодта…

 

* * *

Физонджытæй скомдзæгтæ кодтой Тембол æмæ йе ’рдхорд. Фысты, бæхты Гуырдзымæ атардтой æмæ сæ ауæй кодтой.

Ладеты хъæуы Уанийæн разынди йæ дард хæстæг, æмæ йын уый æрхаста бæлвырд хабæрттæ: давджыты мæрдтыл сдзурæг дæр нæ фæци. Загътой, кæмдæр æфцæгыл куыд фæцæйцыдысты, афтæ сæ зæй æрæййæфта. Фæдисы сæм фæцыдысты, фæлæ сын сæ мæрдтæ не ссардтой. Цасдæры фæстæ та райхъуысти: Ладе зæйы бын нæ фæци, цæфæй йæ фазыл куыд бырыди, афтæ йыл иу фæндаггон бамбæлди æмæ йæ йæ хæдзармæ фæласта. Йæхиуыл куы фæхæцыди, уæд æй йæ хæрзгæнæг сæ хæдзармæ æрласта. Дзæвгар фæсади, сыстади, фæлæ дзамбасæй баззади.

Рацæй-рабон, æмæ, цæрæнбонты зæххы иу хоры нæмыг чи нæ ныппæрста, уыцы давæг лæг сси партион кусæг, колхозтæ аразæг. «Ладе зоны, ме здыйæ кæй фæдзамбас, уый, – хъуыды кодта Тембол, – æмæ йын маст исынæн замманай фадат фæци».

Сыхæгтæн хæрзбон куы загъта Тембол, уый фæстæ йæ хъæубæстæй дзæвгар рæстæджы дæргъы ничиуал федта. Тембол хъæумæ фæзынди æхсæвыгон, зыгъуыммæ кæрц скодта æмæ бахъуызыди йæ фосы цурмæ. Фосимæ – сæхи куыйтæ. Стыф уынæрæй сæм басидти. Хъалагъур нæ райхъал. Тæнджытæ арæзт лæг уыди æмæ йæ бæндибæстытæ скодтаид, йæ дзыхы йын къæрмæг ныннадтаид. Уæлладжыры коммæ атардта йæ фосы, хиуæттæ æмæ сæ зонгæтыл байуæрста. Йæ фæдтæ йыл комдзог нæ рацыдысты, æмæ иучысыл йæ маст ссыди Темболæн. Рацыди ма цасдæр рæстæг, æмæ йæхи раргом кодта. Йæ хъустыл æрцыдысты Ладейы ныхæстæ: «Кулаччытæ æд уидæгтæ сафинаг сты!»

Темболты сыхаг Угъалыхъ рынчынтæ хаста. Хуыссыди æфсæйнаг къух цъæтджын сынтæджы. Æмæ йæ хъæздыг цæрæгыл банымадтой. Ладе йæ къордимæ æрлæууыди рынчыны уæлхъус, рахизын æй кодтой сынтæгæй, сæхи бричкæ сын сифтыгътой, сынтæг дзы бавæрдтой æмæ йæ торгмæ уёй кæнынмæ аластой… Угъалыхъы бинонтæ цардысты сахъарикъул хъæмпынсæр хæдзары. Йæ самандуркъул хæдзар та æрдæг-арæзт уыди, уёддёр ын æй галуан рахуыдтой.

Уанийы хуызæтты цъулбертæ хуыдтой æмæ сæ æд бинонтæ Сыбыр- мæ хастой. Уанийы бинонтæ хъæуы баззадысты, æмæ адæм дисæй мардысты: кæдмæ сын хатыр кæндзысты?

Адæм се ‘гас колхозмæ нæма бацыдысты, уæд зæхх уарын байдыдтой. Æппæты фылдæр тыллæг чи æрзайын кодта йæ зæххы хайæ, уыдонимæ уыдысты Уанийы бинонтæ. Сæ кæртæй сын аластой сæ фæллой. Радтой сын хæдзар аразыны бар. Хъæугæрон бавнæлдтой хъæмпынсæр, сахъарикъул къуымтæ кæнынмæ. Уыцы хабæрттæ атындзыдтой æххормаг азмæ. Фосы мыггагæй сæм ницыуал баззади, хуыскъæл арæхæн цы хордтой, æндæр сæм ницы æфтыди, æмæ сыдæй мæлынмæ æрцыдысты. Хабийы нана, йæ баба æмæ йæ хистæр хо ныррæсыдысты. Уымæ та афтæ касти, цыма нард систы. Сæ буар сæрттиваг. Æнгуылдзтæ-иу сæ буарыл кæм аныдзæвыдысты, уым-иу уырзты фæдтæ дзыхъхъытæй аззадысты. Нана æмæ баба ницы дзырдтой, фæлæ Хабийы хо æдзухдæр иу ныхас кодта: «Стонджы мын у!» Раздæр амарди баба, йæ фæстæ бирæ нал ацарди нана дæр. Уыдон сæхимæ айстой Хабийы хистæр хойы…

Боблийы бинойнаг Сасæ-иу Уанитæм цæхæрадæтты ныгъуылдтытæгæнгæ æрбацыди. Хабимæ-иу фæдзырдта, систа-иу йæ ронæй æхсырæй дзаг авг, йæ хъузгæ-къæрмæг-иу ын сæппæрста, йæ кæлмæрзæны бын-иу фæкодта Хабийы æмæ-иу ын авг йæ дзыхыл сдардта…

Урсаг цал хатты фены Хаби, Саса уал хатты йæ зæрдыл æрлæууы, йе ’хсыры тæфгæнаг хъарм къухты æнахуыр æхсызгон æндзæвдтытæ банкъары йе уæхсчытыл, йæ фæсонтыл… Уæд-иу, ногдыгъд æхсыр хъуырттытæ кæнгæйæ, цы удæнцой, цы цин бавзæрста, уый фæстæ ахæм цин никуал бавзæрста…

Сæ каубыдкъул хæдзар арæзт нæма фæци, уæд Темболы зæрдæ фехсайдта, кулак кæныны рæстæг-иу Ладеимæ арæхдæр чи уыди, уыдонæй иумæ. Иуахæмы, фæталынггæрæттæ, афтæ чидæр сæ каурæбынты хъуызгæ базгъордта. Тембол æй кæртæй рауыдта. Иу гёпп аласта йæ фæдыл, стæй йæхиуыл фæхæцыд. Ладейы адæм дзых хæссыныл нæ ауæрдынц, зæгъгæ, хъæуы хъус-хъус дзырдтой. Темболтæм, цы сæ адавой, ахæмæй æндахы гæбаз дæр нал уыди. «Уыцы афон нæм дзырдхæссæг йедтæмæ чи хъуамæ æрбацæуа, зæгъгæ, ахъуыды кодта Тембол. Сым дæр никæмæн скодта. Фæсахсæвæрты-иу цуайнаджы дон рафыхта, скъæты сæрмæ-иу схызти æмæ-иу уым хосыл схуыссыди. Иннæ бинонтæй чи уæрдоны гуыффæйы фынæй кодта, чи хъæмпыл. Фыцгæ донæй дзаг цуайнаг – скъæты, йæ хæцæныл бæттæн баст кæмæн уыди, ахæм бедра – цуайнаджы хуылфы, бæндæны кæрон – Темболы къухмæ баст.

Иуæхсæв та фæзынди æнафондзог. Каурæбынты æрбахъуызыд. Тембол хуыссыд дæлгоммæ æмæ цырддзастæй касти хæдзармæ æрбацæуæнтæм. Æндæрг-иу йæ мидбынаты æндзыгæй афæстиат æмæ та-иу рахъуызыд. Цуайнаджы бынæй ма рухс кодтой æртхутæгхъус цæхæры муртæ. Мынæг уылæнæй ма чи фыхти, уыцы доны бедра сласта Тембол хæдзары сæрмæ æмæ йæ фæкъул кæнынæввонг кæронæй æрфидар кодта. Æндæрг йæ тæккæ бынмæ куы ‘рбахæццæ, уæд бедра фæкъул кодта.

Сонт æрдиаг айгæрста мæйрухсхъæстæ фæлмæн талынджы… Ладейы адæмæй иу лæг цасдæр рæстæг нал разынди, уæззау рынчын у, зæгъгæ, дзы райхъуысти…

Хаби куы бахъомыл, уæд бæхгæсæй кусын байдыдта. Бахъомыл, зæгъгæ, нырма хъуамæ йе ’мбæлттимæ хъазыдаид, фæлæ бинонтæ æдзух сæ къухтæм æмхасæнтæгæнгæйæ цардысты, сæ нана æмæ бабайы рæсыд, уазалæрттывдгæнаг цæсгæмттæ сæм-иу разындысты рудзгуытæй, кауы гæмттæй, арвы риуæй… Хабийы хистæр хойы кæуын хъæлæс азæлыди æлыгсæрст зæхбын хæдзары къуымтæй, уæлмæрдты ингæны арфæй… Æмæ бинонтæй алкæй дæр хъуыди уæхскуæзæй кусын…

Ладейы сыгъдсин æмбалæн дæр уæд рауади бæхгæсæй кусгæ. Хистæр Хабийæ никуы ницы сусæг кодта æмæ хабæрттæ лыстæг луæрстæй зыдта. Куы адынджыр уаид æмæ сæ бинонты мæстытæ куы райсид, уый куыд тынг фæндыд лæппуйы! Йæ маст йæ зæрдæйы æнхъызти æмæ иуахæмы сыгъдсины цур, йæхæдæг дæр æй нæ бамбæрста, афтæ сонтæй срæмыгъта: «Æз куы сдынджыр уон, уæд дын дæ туг дойныйæн нуаздзынæн!»

Хаби йæ лæджы кары бацыди, сыгъдсин æрзæронд, рæгъæд дыргъы калм куыд хæра, афтæ йæ цыдæр низ хордта, йæ къæхтæ йæ быны нал цыдысты. Доны былмæ-иу æй рахастой… Хабийы маст æм ныкъкъуырма, йæ фæндаг-иу барæй рынчыны цурты акодта, йæ тæккæ уæлхъус-иу балæууыд, ныггуыбыр æм-иу кодта æмæ-иу æм ныдздзырдта: «Цæй, куыд? Истæйты руаджы ма цæрыс? Дзырдхæссын дæ зæрдæ нал фæзæгъы?» Сыгъдсин-иу йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ-иу мæрдхъус ныцци.

Колхозмæ сæ айстой 1936 азы. Хабийы фыд Тембол ацыди колхозы фосимæ Хъызлармæ æмæ афæдзы дæргъы нал сæфтыди хъæумæ. Йе ’фсымæр Гæстæн фæкуыста тракторыл прицепщикæй, уалынмæ йæхæдæг байдыдта трактор скъæрын. Хуымгæнæнты æхсæв-бон нæ хынцтой. Ладе йын æдзух йæ куыстмæ йæ хъус дардта, йæ ауæдз цæй æрфæн у, уый уысмæн барст кодта.

Иубон та йæ бæхыл быдырмæ фæзынди Ладе. Трактористты сæ тæккæ сихор хæргæйæ баййæфта. Салам дæр сын нæ радта – Гæстæныл йæ цæхæртæ ныккалдта: «Æппæты разæй Сыбырмæ сафинаг сымах уыдыстут! Уе знаггад никуы ныууадздзыстут! – Гæстæнæй йæ цæстæнгас райста æмæ иннæтæм баздæхти. – Уæртæ ма йын йæ куыстытæм бакæсут. Калмобауы алыварс дунейы тъæпæнтæ æфсоны змæст бакодта æмæ хуым гæрæмæй баззад».

Гæстæн йæ комдзагимæ йæ маст нынныхъуырдта, йе ‘мкусджытæм бакъул кодта, Ладейæн цы зæгъинаг уыди, уый уыдонæн загъта: «Æмæ æз уыцырдæм уæвгæ дæр куынæ бацыдтæн! Уым Къибо куы хуым кодта…» Йæ ехсы цъæхснаг къæрццы бын фæкодта барæг Гæстæны ныхæстæ, фæзылдта йæ бæхы æмæ йын йæ фæрстæ хъæбæр цырыхъхъыты зæвæттæй ахъаззаг бацавта. Бæх хъæуы ‘рдæм адугъ кодта…

Уымæн йæ дыккаг бон Гæстæны быдырæй аластой. Йæхи ныхсыны бон дæр æй нал фæци…

Хъæуæй-иу Хъызлары уæтæртæм куы чи ныфтыди, куы чи, фæлæ Темболæн ницы хъæр кодтой. Афæдзы бæрц рацыдаид, уæд базыдта йе ’фсымæры ахсты хабар. Хъæуы æрбалæууыди. Уыцы æхсæв ын йæхи дæр ахастой.

Хаби дзырдта: «Кулак нæ куы скодтой, нæ бинонты нын уæд хъуамæ ахастаиккой, фæлæ нæ Ладе ам ныууадзын кодта. Мæ хистæртæн куыст зæрдæйы рухс уыди æмæ, ома, æвæццæгæн, хъуыды кодта: мыййаг, искуы æнæхæрд ранмæ куы бахауой æмæ та ногæй дидинæг куы рафтауой. Æнæмæнг истытæ хъуыдытæ кодтаид. Уæвгæ, йæ цуры цæмæй уæм æмæ йын æдзух йæ маст исыны фадат цæмæй уа, ууыл кæй хъуыды кодта, ууыл æппындæр гуырысхо нæ кæны.

Колхоз нæм куы нæма сæнтысти, уæд нын цы зæхх радтой, уым фыццаг аз нæ мæнæу тынг фесгуыхти. Нæ фыдыфыд кæмæйдæр найгæнæн машинæ баххуырста, сахат дæр дзы нæма акуыстам, афтæ нын æй Ладе байста. Уыйбæрц хъалонты бын нæ фæкодта, æмæ, кæд нæхи ауæй кодтаиккам, æндæр сæ бафидынæн нæ бон ницы уыди. Мæ фыдыфсымæры мын куы ’рцахстой, уæд, сидзæртæй кæй схъомыл кодта, уыдон йæ фæстæ районмæ ацыдысты, цыдæр хицауы ссардтой æмæ йæм сæ хъаст бахастой: «Афтæ фехъуыстам, Гæстæн æххуырстытæ дардта æмæ йæ уый тыххæй æрцахстой. Æмæ мах цæй æххуырстытæ стæм, йæхи цоты хуызæн нæ куы рæвдыдта…»

Ницы адавта сæ ныхас. Гæстæн кæй схъомыл кодта, уыцы сидзæртæ сæхи нæ мыггагыл ныффыстой æмæ сæ скаст нæ бауагътой: сымах дæр, дам, цъулберты тугæй фæхъæстæ стут. Уæлæмæ скæсын сæ никуы бауагътой… Хæстæй нал сыздæхтысты дыууæ лæппуйы дæр…»

Хаби фæхъус ис, йæхимæ фæхъуыста, стæй йæ зæрдæбын улæфтимæ схаудысты йæ ныхæстæ:

– Куыд æгъатыр у цард. Адæймаг сбирæгъ вæййы. Давæг дæ куыд сараздзæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ… Нæ рæбын ракæл-ракæл фæкæны, уæддæр мын цыдæр æнцой нæ фæдæтты… Æхсæв æрыхъал вæййын, цыма мæ кæдæмдæр мæ фос кæнынмæ атындзын фæхъæуы…

Уыцы азты кулак кæй скодтой, Сыбыры бинаг къæй чи баци, уыдон цытæ бавзæрстой, уый тыххæй дзырдæуы поэт А.Твардовскийы æфсымæр Иван Твардовскийы документалон уацауы, мыхуыргонд уыди журнал «Юность»-ы (№ 3, 1989). Сæ бинонты сын ахастой Цæгаты хъæдгуыстгæнæнтæм. Уыцы рæстæг поэт йæхæдæг уыди Смоленскы: «И ни сама работа, ни климат нас не пугали, начинал мучить голод, – кæсæм уацауы. – Питание было совсем никудышнее, хлеба – мало, для горячего выделялось ничтожно мало крупы, изредка – воблы. Полученный паек никак не удавалось разделить на все дни, и, как правило, день-два-три есть было вовсе нечего… Никаких рублей мы не получали, хотя подсчет их как будто был. На рубль полагалось 113 граммов муки, еще меньше крупы и совсем ничтожно сахара».

Æмæ ма уацауæй ноджыдæр æрхæсдзынæн иу бынат: «Отношение к спецпереселенцам усугублялось еще тем, что звучавший повсюду лозунг «Ликвидировать кулачество как класс!» многими из низовых руководящих работников был понят в том смысле, что все позволительно по отношению к спецпереселенцам, которые в массе своей голодали, болели сыпным тифом, умирали… Каждый случай конфликта на работе заканчивался напоминанием: «Вас ликвидируют… как класс! Ясно?!»

Поэт Твардовскийы бинонты хæссынмæ чи æрбацыд, уый – хъæусоветы сæрдар æмæ æвдисæн лæгтæ – сæ хæдзармæ сын æркастысты æмæ дзы мæнæ цытæ федтой: «Здесь были стулья, называемые венскими, но уже скрепленные отцом проволокой, сиденья, изношенные до дыр. Он перевел взгляд на старый обеденный стол, потом на стоявший у стены под окном истертый жесткий диван – место, где мы, дети, проводили дни и вечера в зимнее время. У глухой стены виднелась занавешенная наполовину единственная в семье старая отцовская кровать, на которой под выцветшим одеялом угадывалась впалая утроба матраца. Небольшое зеркало в раме с украшениями из наклеенных ромбиков висело на стене – тусклое, с ровными пятнами изъеденной амальгамы. Потом председатель вышел в сени, заглянул в кладовую: она была пуста, сел рядом с понятыми, сцепив руки и опершись локтями на колени и склонив голову, похоже, что-то думал, может быть, про себя сочувствовал, но отменить он ничего уже не мог».

Газет «Комсомольская правда»-йы экономикон фарстатыл фæлгæсæг П.Вощанов, уæлдæр кæй кой скодтам, уыцы уацы хъуыды кæны, адæмы кæрæдзи кæрдтыл æфтауæг уавæр бæстæйы цæмæн сæвзæрд, уый æфсæнттыл. «Был ли смысл в этой идее «равенства в бедности?» Оказывается, был. Страна к началу коллективизации как бы жила в двух измерениях: город, лишенный прав владения какой-либо собственностью… и деревня, еще сохраняющая черты хозяйственного отношения к труду, а потому подчиняющаяся лишь законам «вольного» рынка. Такое противоестественное состояние не могло сохраняться долго. Оно и без того привело к хлебозаготовительному кризису… Потому-то и допускался лишь один подход к крестьянину: «Отдай!»

Кто первым воспротивился этому грабительскому диктату? Зажиточные крестьяне. Кого использовали в борьбе с ними? Крестьян-бедняков. На долгие годы в деревне воцарилась атмосфера произвола, взаимной ненависти и страха, в которой одинаково задыхались все – богатые и бедные».

20-æм азты кæрон æмæ 30-æм азты райдианы хъæуы цы революци сарæзтой, уый æвдыст кæм æрцыди, уыцы уацмыстæ цас мæнг рауадысты, уый нæ цæмæй тынгдæр бауырна, уый тыххæй ма уæды рæстæгæй бирæ диссæгтæ æрхæссæн ис. Фæлæ нæ ныртæккæ уый сæр нал хъæуы. Уыцы рæстæджы тыххæй нырма йæ ныхæстæ зæгъдзæн нæ публицистикæ дæр. Уæлдай тынгдæр та нæм уæды рæстдзинад аивадон дзырды руаджы фæхæццæгæнинаг у.

Ралæууыд æбуалгъ æцæгтæ зæгъыны рæстæг, сыгъдæг зæрдæйæ рæдыдтытыл басæттыны æмæ бирæ цæуылдæрты æрфæсмон кæныны рæстæг.

1989 азы 21 июны зындгонд литературон критик Станислав Рассадин «Литературон газет»-ы загъта Шолоховы тыххæй: «интереснейшая, трагичнейшая фигура эпохи». Уымæй дыууæ мæйы фæстæдæр СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы секретарь Къониаты Юри та ирон фыссæгæн скодта ахæм аргъ: «Мамсыраты Дæбе йæ цæргæйæ сси национ литературæйы классик… Йæ романтæ «Хъæбатырты кадæг», «Уæззау операци», йæ повесттæ, радзырдтæ æмæ пьесæты равдыста 20-æм æнусы фыццаг æмбисы ирон адæмы царды социалон парахат нывтæ» (газет «Социалистическая Осетия», 1989 аз, 29 август). Ацы ныхæстæ загъд æрцыдысты, фыссæджы райгуырды 80 азы юбилейы бонты, йæ ном чи хæссы, нæ респуб- ликæйы сывæллæтты уыцы библиотекæйы къулыл Дæбейæн бюст гом кæнгæйæ.

 

БÆЛОН

Адæймагмæ йæхи æввахс чи ласы, уыцы къуыркъуыргæнаг маргъ адджын кæмæн фæци, æвæццæгæн ыл уыдонæй исчи сæвæрдта уыцы ном. Номæвæрæджы зæрдæ ноггуырдæн æнæмæнг загътаид, цæмæй рæсугъдæй бахъомыл уа, сабыр æмæ йын фæрнджын заманты цæргæ рауайа.

Сыхæгты чызг-иу Къозаты Бæлоны цæстызулæй цы ауыдта, æндæр æм уæлдай каст дæр никуы æрбакодта – иннæ устытæй йæ ницæмæй хицæн кодта. Фæлæ дын иуахæмы Къозаты кæртмæ куы бахизид чызг. Исдуг дзургæ дæр ницы кодта, бæгъгъæтгом цæстытæй æдзынæг ныккасти Бæлонмæ, цыма йæ фыццаг хатт уыдта.

– Абон нын ахуыргæнæг урочы дæу тыххæй дзырдта, – загъта саби цымыдисæй дзаг хъæлæсæй, йæ цæстытæй калди зæрдæйыл æмбæлæг сыгъдæг рухс. Бæлон бадис кодта: уагæры цы загъта ахуыргæнæг, чызджы æнахуыр хъуыдытыл чи бафтыдта, уыдон цавæр ныхæстæ уыдаиккой?

– Мæн тыххæй цы радзурæн ис? – бацымыдис Бæлон.

Кæддæр æй скъолайы директор фæурæдта уынджы æмæ афтæ бакодта: «Дæ хабæрттæ мын дзырдæуыди». Æмæ йæ фæфарста, фæ- хъуыста йæм. Æндæр æй никуы ничи æрымысыд, дзыхы ныхасæй дæр æй никуы ничи æрхъуыды кодта хицауадæй.

– Ау, æмæ ма куыд цæрыс, куыд, Бæлон? – сабийы риуы арфæй сирвæзтысты уыцы ныхæстæ.

… Бæлоны ныхасмæ куы федтон, йæ кой йын æз дæр уымæй размæ фехъуыстон. Загътой: æрыгон чызгæй тракторыл сбадти æмæ, уартæ фæсхæст кæддæр, цалынмæ нæ фæсахъат ис, уæдмæ дзы нал æрхызти дæлæмæ.

Бæлоныл иуæндæс азы цыди, уæд амарди йæ фыд. Мады æвджид баззадысты авд сидзæр сабийы, сæ хистæр – Бæлон. Мамæлайы къæбæры муртæй сæ хаста ныййарæг мад, се ’рæгътæ дæр – гом. Уыцы аз сыл 300 сомы æхцайы хъалон æвæрд уыди. Къамбецы царв хæсмæ нæ истой, уый, дам, сырдыл нымад у. Æфстау æхцайæ ахицæн кодтой сæ хъалон, стæй афæдзы дæргъы се ’фстау фæфыстой. Фыды- фсымæры бон дæр сын ницæмæй уыди баххуыс кæнын. Сæ тыхстмæ кæсын йæ бон куынæуал уыди, уæд Бæлонмæ фæдзырдта: «Хуымæллæгмæ трактористты курсытæм æрвитынц. Дæ цахъхъæн чызг хъуамæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн йе ’мбæлттимæ хъазид, фæлæ цы гæнæн ис. Ацу æмæ ды дæр сахуыр кæн, науæд сыдæй амæлдзыстут». Мад æй бахъæрмттæ кодта, къæхтыл – хæцъил дзабыртæ, æмæ йæ зымæгон бон афæндараст кодтой. Æртæ мæймæ курсытæ каст фæци. Уый уыди 1936 азы. Уыцы уалдзæг фыццаг ауæдз адардта.

1940 азы Бæлон фарны къах бавæрдта Эммаусы хъæуы Къозаты хæдзармæ. Нудæс адæймаджы кæм змæлыди, ахæм бинонты ‘хсæнмæ бацыди. Цал уыдысты, уалæй сæ алкæмæн дæр чындзы лæггæдтæ хъуыди, æмæ, æхсæвæй-бонæй чи судзы, ахæм цырагъ фестади. Кæмæн ног дарæс хуыдта, кæмæн йæ дæрдджын дзаума æмпъызта, кæмæн сæ æхсгæ кодта.

Цоты цин куы бавзæрста Бæлон, уыцы рæстæг æй арвыстой Дзёуджыхъæумæ бригадирты курсытæм. Ахаста йемæ йе ’нахъом сабийы дæр. Хион-зонгæ йын ничи разынди горæты, æмæ-иу æй ахуыртæм йемæ ахаста. Сывæллон-иу уайтагъд афæлмæцыд æмæ-иу уæд – тæргæйттæ, кæугæ. Куы-иу æй ахуыргæнæг барæвдыдта, куы мады ’мбæлттæй исчи. Дæхи дæр хурхæй марыс æмæ сабийы дæр, зæгъгæ, йын-иу уайдзæфгæнджытæ дæр фæци. Æрæджиау ын иу зæронд ус йæ сывæллоны йæхимæ райста. Бæлон бригадиры курсытæ каст куы фæци, саби уæд ауади йæ къахыл.

Æрыздæхти Бæлон хъæумæ æмæ райдыдта тракторыл кусын. Йæ чысылæй фæстæмæ уыцы фырнымд рахаста. Гутонёфтауёг æмбал æй куыд æхсызгон хъуыди! Уыди, чи бакуыстаид, ахæмтæ – йæхицæй æрыгондæртæ, йæхи æмгæрттæ, чысыл хистæртæ, фæлæ сæ ‘мгæрон никæй æрбауагъта. Æмæ куыста дыууæйы бæсты, быхста. Стæй йæм иу зæронд лæджы æрбахуыдтой. Бæлон-иу йæ къухтæм дæр æмхасæнтæ кодта, уый та йæ удыл ауæрста. Иуахæмы фæскъавда хуым кодтой. Цæлхытыл, гутоныл цъыф ныддæвдæг æмæ сын размæ ницуал æнтысти. Бæлон æрурæдта трактор, йе ’мбал бирæ хистæр кæй у, лæг кæй у, уый дæр дзы æрбайрох æмæ йæм знæтæй сдзырдта:

– Гутон бахсæд! Цы кæнын дæ хъæуы, уый æнæ зæгъгæйæ цæуылнæ кæныс?

– Мæ хъару йыл нæ цæуы, – йе уæнгтыл уæззау хæст скæнгæйæ, загъта зæронд лæг.

– Гъемæ уæд ам цы мигæнæг дæ? Дæ хæдзармæ цæугæ! – нал баурæдта йæ маст Бæлон.

Уымæн йæ дыккаг æви йе ‘ртыккаг бон сын сæумæйæ сæ дуар æрбахостой. Æфсин ауад æддæмæ æмæ уайтагъд фæстæмæ фæзылд.

– Нæ лæг, дæлæ дæ чидæр агуры, – загъта Бæлоны æфсин. Æдзух нæлгоймаджы куыстытæ кæй кодта, уый тыххæй йæ «нæ лæг» хуыдта.

Цæвиттон, Бæлонмæ хъæусоветмæ фæсидтысты. Уым ныййæфта хъæуыхицау Сокаты Дзыццылы, районæй æрвыст дыууæ лæджы æмæ æнæбон зæронд лæджы.

– Ай цæмæн ратардтай быдырæй? – мæстæлгъæд хъæлæсæй йæ афарста æрвыст лæгтæй иу æмæ йыл йе ’лхынцъ æрфгуыты тар æрбакалдта. Иннæ уазæг дæр, мард кæуыл æрцæуы, ахæмы каст кодта. Бæлон иучысыл йæ чемы куы ’рцыди, уæд, хабар куыд рауад, уый сын бамбарын кæнон, зæгъгæ, дзурын байдыдта, фæлæ йын æрвыст лæг йæ ныхас фескъуыдта:

– Чи дын радта ахæм бартæ, æмæ кусæджы рæстæй æфхæрай? Де ’ххуырст куынæ у, уæд ыл цæмæн хъæртæ кæныс?!

Тугтæ йыл фæмысыди зæронд лæг, уый бамбæрста Бæлон, йæхи хъуамæ сраст кодтаид, фæлæ ницæмæуал арæхсти. Æниу дзы хи раст кæнын дæр цæмæн хъуыди – куы уыдтой, сæ цуры куыд ныссуйтæ ис æмæ къуыбарыйас дæр кæй нал у. Фæлæ æрвыст лæгты цæстытыл къуырма маст хæрв сæвæрдта æмæ уынынхъом нал уыдысты.

Дзыццыл сæм фæхъуыста, фæхъуыста, стæй фæлмæнæй загъта:

– Ацы сылгоймаг, барæй æвзæр исты чи бакæна, ахæм нæу. Æнувыддæр уæвæн нæй, афтæ у æхсæны куыстыл. Кæд дзы æнæрхъуыдыйæ исты сирвæзти, æндæр æй уæлдай хъæрæй дзургæ дæр никуы ничи федта. Иу хатыр вæййы…

– Дзыццыл нæ уыди, уæд мæ фесæфтаиккой, – уыцы æнамонд рæстæг мысыди Бæлон. – Гъе, мæн куы ’фхæрдтой, уымæй бирæ рæстæджытæ нæ рауади, афтæ æрцахстой Мысойты Алыкси æмæ Томайты Мæндзийы. Сокаты Дзыццыл дзы йæхæдæг дæр бахауди. Уыцы дистæ-иу фæкодтон æз дæр, хъæуккæгтæ дæр – куы ницыгæнæг уыдысты хорзæй дарддæр, уæд сæ цæмæн фесæфтой? Дзыццыл æмæ Алыкси нал фæзындысты. Мæндзи ма сыздæхти, йæ къæхтæ сёстытё-здыхтытæ, афтæмæй, фæлæ уайтагъддæр амарди…

Колхозы хъуыддæгтæ ничердæм рæвдз кодтой. Лæгдыхæй аразгæ куыстытæ æмæ цыдæртæй фылдæр сæм цы уыди.

– Ныры трактористтæн цы кусын хъæуы, – дзырда Бæлон. – Къахæй бахæц æмæ трактор фæцæйцæуы. Уæд та зыхъхъыр дæр дæхæдæг æвзар, скусæн зынг дæр… Цилиндры хуылфы-иу хъæд ныкъкъуыр. Авг ныцъцъæл, ныммур кæн æмæ йæ цъындайæ балуар. Гъе, æмæ-иу клапан ахæм авджы ссадæй сыгъдæг кодтам. Капот æмпъузынæн-иу тасмачъийæ зæгæлтæ скодтам. Мачи сæ адава, зæгъгæ, сæ-иу æхсæв нæ нывæрзæнты сæвæрдтам. Бон ахæм куыстытæм кæй æвдæлди. Соляркæ куыстгонд маслæйыл бафтау æмæ дзы арт скæн. Сындæггай-иу сыгъди æмæ-иу уый рухсмæ кодтам зæгæлтæ дæр, æндæр куыстытæ дæр. Арт сусæгæй кодтам – иу æртах дæр æвастæй схардз кæнæн нæ уыди. Иу куыст иннæйы æййæфта, æмæ нæ-иу нæ уд исынмæ дæр нал æвдæлд. Бæттæнтыл бабæтт хъуыдыды нартхоры æфсиртæ æмæ сæ радиаторы фыцгæ донмæ ныууадз. Фæтæгены ад-иу скодтой, фæлæ ма уыдæттæ чи хъуыды кодта…

Трактортæн дон цæмæй ластаиккой, иу ахæм уæрдон нæ разынди колхозы. Æмæ, куыст ма фæкъуылымпы уа, зæгъгæ, дон хæссыныл бафтыдтой дыууæ зæронд усы – Хестанты Дуна æмæ Созанаты Женяйы. Сæхиуыл бæргæ нæ ауæрстой, Суадæттæй хуымы ’хсæн тыннывæндæгау кодтой сæ дзаг бедратимæ, уæддæр æфсæйнаг «кæфхъуындарæн» бафсис нæ уыди.

– Уас тъæнджытæ ахауай, цы трактор дæ, ды ма искуы куы бафсæдай! – ралгъыстой-иу, сæ бедратæ-иу аппæрстой æмæ-иу сæ цæссыг ныккалдтой. Уый фæстæ та-иу Бæлонмæ фездæхтысты:

– Ды дæр, хæйрæг кæд нæ фестадтæ, уæд нын цы дæ зæрды ис? Иу уысм нæ сулæфын бауадз!..

Гæнæн æмæ амалæй-иу бонрухсæй хъæуы уынгты нæ ацыдаид Бæлон. Йæ цæсгом-иу дымгæтæ æмæ къæйгæнаг хурмæ фæхсынхуыз ныцци, йæ цæстытæ та-иу ирд æрттивæн калдтой. Æмæ-иу ыл ныддис кодтой: «Уæртæ йын цы цæсгом ис! Конд хæйрæджы хуызæн!» Уыцы ном ыл, йёхицён ёххуысгёнёг куынæ бауагъта æмгæрон, уæд сæвæрдтой.

Нæлгоймæгты æмрæнхъ уæззау куыст кæн, фæлæ дын бинонтæ кæй ис, цардæмбал, цот, уый дæр дæ рох ма уæд. Нæлгоймæгты ’хсæн змæлыс, фæлæ хъуамæ дæ фарн ма фæкъахыр уа. Дæ алы къахдзæф дæр дын чидæр уыны æмæ хъуамæ макуы фæкъуыхцы уай.

Кæд мын фылдæр бантысид æмæ афоныл мæ бинонтыл сæмбæлин, зæгъгæ-иу бон-изæрмæ æнцой не ’ркодта Бæлон, уæддæр-иу ыл банафон.

… Бонæй ма дзæвгар уыди, уæд къæвда балы стæвдæн æртахæй ныккалдта. Бæлон æмæ йе ’ххуысгæнæг æмбал ма хъæмпы цъынамæ баирвæзтысты. Фæйнæ-фæйнæ раны йын йæ фарс арф бакъахтой. Алчи йæ хуыккомы бабырыди. Æхсæв-бонмæ æрвгæлæн фæкодта. Бæлон йæ цæст не ’рцъынд кодта: куыд æй бамбардзысты? Цы цæсгом ма равдисдзæн хæдзары?.. Уыцы ’хсæв йæ удæй цас ахаудта!.. Уымæй цас рацыдаид, æмæ та Бæлон æнафонтæм ныффёстиат быдыры. Йе ’мбæлттæ-иу фæзилæнты дзæбæх гæбæзтæ æнæкондæй фæуагътой, æмæ йæм уый тыххæй дæр чысыл мæстытæ нæ хауди. Афæлдæхта уыцы зæххы гæбæзтæ дæр, æмæ йыл дзæбæх банафон. Уыцы фæлладæй фистæгæй кæд æмæ кæд фæхæццæ сæ хæдзармæ! Йæ цардæмбалы ма бадгæ баййæфта. Къæсæрæй куы бахызти, уæд фемдзаст сты – йæ судзгæ цæстæнгас дзы иннæрдæм ахызти. Йæ масты ныхæстæ йыл нызгъæлдта, стæй йæ хъуыды балхынцъ кодта:

– Ныр, кæм уыдтæ, уырдæм цæугæ!

Бæлон йæ сæрыхицауы æмбæрста: лæг цардæмбал уымæн æркæны, æмæ йын йæ цоты рæвдауа, сылгоймаджы зылдхъуаг ма ’ййафа хæдзар. Йæхинымæры агуырдта Бæлон, хæдзарæй йæ чи нал аиртаса, ахæм куыст. Уыцы фадат ын сарæзта хъæуы хицау Сокаты Дзыццыл. Бæлоны хъæусоветмæ бахуыдта, нымайджытæй кæйдæрты бафæдзæхста, цæмæй йæ сæ дæсныйадыл сахуыр кодтаиккой. Дыууæйæ йæм сæ цæст дардтой æмæ фæцалх уыдаид, фæлæ йын æртыккаг иуахæмы нымайæн йæ разæй систа æмæ загъта:

– Дæхицæн дзæгъæл зæрдæтæ мацæмæй æвæр, ды ам нæ кусдзынæ!

Къуырмакуыдæй фæкуыдта, нынныхъуырдта йæ маст. Æмæ та тракторы здухæныл æрхæцыд. Боныцъæхтæй-иу хъæуæй ахызти. Чи-иу æй федта, уыдон-иу ныддис кодтой:

– Бирæгъæй дæр нæ тæрсыс, æппын? Дæхи дæр бабын кæндзыæ æмæ дæ цоты дæр.

Уæд хæсты рæстæг та? Немыцы хæдтæхджыты æхситт æмæ нæрынæй-иу хъæуыл арв æрцæйхауди, уæддæр сæ быдыры куыстытæ нæ уагътой. Иуахæмы та сæумæйæ хъæуæй федде кодта Бæлон Къозаты Цеска æмæ Годжиты Аминæты. Сæ трактортæ скусын кодтой, кæрæдзи фæстæ фæраст сты, зæхх фæлдахынц… Бирæ нæ акуыстой, афтæ сæ сæрмæ фегуырдысты… Сæ хъæр дæр сæ не ’ййæфта, афтæ æрбасыффытт ластой. Алчи сæ йæ тракторы бын фæмидæг. Фæлæ цыма тыгъд быдыры ныддæлгом кодтой, уымæй уёлдай сæ тарст не ’рцыд. Трактортæ-иу æдзæм мысантæ фестадысты. Уыцы бон сыл сæхи цалдæр хатты рахафтой немыцаг хъæрццыгъатæ. Цæй куыст æмæ ма цæй цыдæр!..

Бæлон мын йæ хабæрттæ дзырдта кадавар ныхасæй. Уæвгæ иу хабар дæр мæ размæ æххæстæй нæ рахаста. Иу ранæй – мур, иннæ ранæй – тæпп. Дзырдта, йæ ныхæстыл былысчъилтæ кæнгæйæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу хатыртæ курынмæ фæцис æмæ-иу афтæ бакодта:

– Ме ’дылы ныхæстæ мын фæфыстай!

Фыдёбæттæ, тухитæ… Давон миты бынæй голладжы æрдæг цæмæй скъахай, уый тыххæй дæр-иу цас хъарутæ æмæ рæстæг схардз кæнын хъуыди! Уый фæстæ йæ Эммаусæй æккойæ Беслæнмæ фæхæсс. Поезды ссæуынмæ цæмæй фæхæццæ уыдаиккой, уый тыххæй-иу æхсæвдзу акодтой… Бæлццæттæн уæй кодтой æйчытæ дæр, дыргътæ дæр…

… Цæлыччы къанау къахынмæ дæр уыди Бæлон. Уазал зæххыл-иу бакодтой сæ хуыссæнтæ, гом арвы бын… Ласинаг рынчын дзы фæци…

Дзырдты аууон цыдæртæ фенынхъом чи у, уымæн Бæлоны царды тæппытæ бирæ цыдæртæ зæгъдзысты.

Йæ зæрдæ-иу æрбауынгæг, йæ цæстытæ-иу доны разылдысты. Йæ хъару цас нал амоны, уыйбæрц ын фæзын ис йæ фыдæбæттæ уромын, сæ хæссын. Йæ цæссыгтæй дæр æфсæрмы кодта, фæлæ йыл-иу комдзог рацыдысты.

Йæ пенси – æхсад цыппар туманы. Цытæ дзы хъуамæ бампъуза, чердæм сæ айваза? Йæ цот æй рох нæ уадзынц, фæлæ йын цыдæр маст йæ зæрдæ риссаг æлхыскъ ныккæны: йæ утæппæт фыдæбæттæн ын æндæр аргъ цæуылнæ скодтой? Уæвгæ, æрмæст уый куы сæвæрдтаиккой ахæм уавæры…

Сусæггаг нал сты, пенситæ нысан кæныны хъуыддаджы дæр цы хæрæмттæ фæкодтой, хæрæмттæ цæмæй кæной, уымæн цы æвæджиауы фадæттæ арæзт цыди. Бæлон дæр цыппар туманы исы æмæ, колхозы куыстмæ-иу æхсгæ уад чи акодта искæдæй-искæдмæ, фæлæ гæххæттытæ чи самал кодта, уый дæр. Æниу, æппындæр чи никуы куыста, ахæмтæ не ссардтой, кæлæнгæнæг тых кæй мидæг бацыд, уыцы гæххæттытæ, цы?..

Гъе, уæддæр йæ чызгон дуджы фырнымддзинад йæ туджы баззад, нæ фæфыдæхзæрдæ Бæлон.

Рахиз зæнгыл фылдæр уæз цыди – тракторы уромёнтæ æдзух алвас-алвас кодта. Зæнг æндзыг кæнын байдыдта, тугдадзинты туджы зилдух нывыл нал уыди. Иуахæмы йæ зилгæ-зилын трактор ракъуырдта, цæф рахиз зæнгыл бауади. Схæрам рахиз зæнг. Дохтыртæм къахихсыд баци. Æхсæз хатты операцигонд фæци.

Зæрдæрисы хос йедтæмæ йын цы сты йæ бирæ мысинæгтæ, фæлæ искæдæй-искæдмæ ивгъуыд бонтæй йæ зæрдыл исты æрбалæууы æмæ та сæ радзуры. Кæстæр фырт ын афтæ фæзæгъы:

– Мауал ма сæ дзур. Мæ фыны сæ фенын æмæ хурхæй амæлын.

Иу фæлтæрæй иннæйы ‘хсæн сис куы самадæуы, кæстæр хистæры рис куы нал фембары, дуне уæд стæссонд вæййы…