БЫРНАЦТЫ Барон

УРС АРТЫ АМÆТТАГ

Сатирикон радзырд

Йæ фынæйæ æрыхъал Гæмæт. Лæг фыднозты фæстæ куыд вæййы, афтæ ‘взæр йæхи æнкъардта. Йæ къухтæ йæхиуыл æруагъта æмæ – хид, хуылыдз, раст ыл цыма дысон-бонмæ хæйрæджытæ хуым фæкодтой. Цыдæр кæны, фæлæ, цы кæны, уый не ‘мбары. Фыццаг хатт ын куы нæ уыд, мыййаг, ахæм нозт, уæд ыл ацы хатт цы ‘рцыдис?

Зыхъхъыргом рудзынг бынтондæр айтыгъта, цырагъ ахуыссын кодта æмæ фæстæмæ æрхуыссыд.

Зилы иу фарсæй иннæмæ, рафæлдæх-бафæлдæх кæны, архайы, куы афынæй уаид, ууыл. Фæлæ хуыссæг хæстæг нал цæуы. Роцъойы хид акалд. Дæллагхъуыртæ дон фестадысты. Уыдæтты æдде ма йæ хъустыл ауад цыдæр сусæг ныхас. Радио ма дзура, æмæ, цымæ, цал сахаты у? Фестад. Цырагъ ногæй ссыгъта, йæ цонджы сахатмæ æркасти: фæсæмбисæхсæв, æртыккаг æрдæг.

«Уæдæ ма уыцы ныхас кæцæй фæцыди? Æвæццæгæн, Марине фынæйæ дзураг у», – сдызæрдыггаг лæппу, æмæ йæ къахфындзтыл фæцæуы, йæ мадыхо кæм хуыссыд, уыцы уатмæ. Йæ мад Бурдзионы рынчындонмæ куы ластой, уæд æй йæ хойы æвджид бакодта Гæмæты: «Дæ хъус ма-иу æм фæдар: æххормаг æмæ йæ æнæзылдæй ма ныууадз».

Уыцы фæдзæхстмæ гæсгæ Марине ныр къуыри уазæгуаты ис йæ хойы хæдзары… Йæ хъус авæрдта дуарыл Гæмæт. Уатæй айхъуыста фынæй адæймаджы дæргъвæтин арф улæфтытæ æмæ сабыр уынæргъын. Кæд йæ хъустæ сгуыр-гуыр кодтой? Æндæр ма уæдæ уыцы ныхас кæцæй фæцыдаид?

Фæстæмæ йæ уатмæ баздæхт. Йæхи сабыр кæны лæппу. Цырагъ та æркъæпп кодта æмæ та æрхуыссыд. Иу цас ахуыссыдаид, фæлæ та йæм ногæй цыдæр хъæлæс байхъуыст. Бæлвырдæй, дуары фæстæ чидæр ис, хатын æй, уырдыгæй цæуы æмæ, цымæ, кæмæн цы баззад уым ацафон?

Сыстынмæ куыд ахъавыд, афтæ хъæлæс дуарæй нал, фæлæ, цы сынтæгыл хуыссыд, уый тæккæ бынæй сыхъуыст. Кæд фыр тæссæй йæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ ссыд, уæддæр йæхи ныхъхъæддых кодта æмæ архайы ныхас равзарыныл. Фыццаг – иу, стæй дыккаг, æртыккаг, уалынмæ хъæлæстæ ноджыдæр иу-цалдæр баисты. Дæлдæр-уæлдæр, æмтъеры хъæрныхас тынгæй-тынгдæр хъуысын райдыдта: куы рудзынгæй, куы дуарæй, куы царæй, куы та базы бынæй, пецæй. Нырма дзы ницы хатыдта Гæмæт. Фæлæ ныр уыцы æнæсæрфат дзолгъо-молгъойæ ахсын райдыдта йæ хъус дзæбæх æмбæрстгонд иугай тызмæг, æртхъирæн, кæнæ æлгъыст дзырдтæ. «Ныр дæхимæ цы кæсыс!» – мæнæ йæм йæ тæккæ хъусы разæй сыхъуыст лыстæг цъæхснаг хъæлæс. «Ам æнæмæнгæй чидæртæ куы ис», – фæгæпп кодта Гæмæт. Цырагъ ссыгъта. Баз фæхъил кодта. Стæй йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ йæ цæст ахаста сынтæджыты бынтыл. Фæуад æмæ бакаст дуары фæстæмæ. Йæ сæр рудзынгæй адардта, аракæс-бакæс кодта. Никуы æмæ ницы. Æрæджиау, йæ зæрдæ чысылтæ йе ‘муд куы ‘рцыд, уæд та сынтæгыл йæхи æруагъта. Ацы хатт цырагъ нал ахуыссын кодта, хъæлæстæ дæр рухсæй нал фефсæрмы сты æмæ та райдыдтой сæ кæнон. «раны фæдæн!» – фырадæргæй ахъуыды кодта лæппу. «Раны фæдæн!» – сфæзмыдтой йæ æмхуызонæй хъæлæстæ. Нырмæ йæ бон цас уыд, уыйбæрц йæхи урæдта Гæмæт. Фæлæ, фæзмæгой ныхæстæ айхъусгæйæ, фæтæррæст ласта æмæ, йæ мадыхо кæм хуыссыд, уыцы уаты смидæг.

 

* * *

– Ныр лæг дæ. Раздæр-иу, гимназ каст чи фæцис, уый æнæхъæн зылды хъуыстгонд уыд. Курдиæттæ æмæ суагъæтæ фыссынмæ-иу уымæ хастой. Ды дæр дæсæмтæ фæдæ. Стæй сæ уыимæ дæр куыд фæдæ: хорз æмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Æнæхъæн скъолайæн уыдтæ йæ цæсгом. Гъемæ, мæ хур акæнай, хъуамæ æз æмæ ды уый тыххæй мæнæ ацы фæйнæ сыкъайæ бануазæм. Амондджын дзаума у. Æз дæр фыццаг хатт амæй бануæзтон. Дæ лæджы кары дæ ды дæр, æмæ, лæг цы кары уа, хъуамæ уый митæ кæна. Уый дын æз зæгъын, дæ мадыфсымæр. Ома йæ зонай, æз дæ рæдыд фæндагыл кæй никуы сараздзынæн. Æвзæрдзинад дын мæ зæрдæ никуы бауарздзæни. Куы нæ дын æмбæлид, уæд ма дын æй æз дæ къухтæй дæр стонин. Æз дæуæй хуыздæр зонын цард: цыппæрдæс азы дæуæй хистæр дæн, – алыг кодта цæхгæр расыг Михел. Уыйадыл дынджыр сыкъа йæ тæккæ дзаг бакодта арахъхъæй. Йæ галиу къухæй фидар æрхæцыд Гæмæты бæрзæйыл. Рахиз къухæй та йын нуазæн йæ былтæм схаста. Фестынмæ бæргæ ахъавыд лæппу. Йæ сæр ма дыууæрдæм араскъæф-баскъæф кодта, йæхи феуæгъд кæныныл бæргæ ацархайдта, цыдæр ма сцæйдзырдта, фæлæ йын уæдмæ йæ дзых ахгæдта, литры æрдæг кæм цыд, уыцы фыдбылызы цъæх сыкъа.

Схыл кодта йæ лæппумæ зæронд Косер дæр, фæлæ йæ нал суагъта расыг Михел Гæмæты, цалынмæ йын сыкъа иууылдæр йæ хъуыры нæ ауагъта, уæдмæ. Цы фæци, уымæн ницуал бамбæрста æвзонг Гæмæт. Сæхимæ куыд бахауд, уый дæр нал хъуыды кодта. Фæрыст, тынг фæрыст уыцы бон нуæзтæй.

 

* * *

Уыцы сæрд Гæмæт бацыд Хъæууон-хæдзарадон институтмæ, агрономы дæсныйадыл ахуырмæ. Уым уайтагъд бафиппайдтой зæрдæргъæвд студенты. Йæхæдæг хорз кæй ахуыр кодта, уый иу хъуыддаг уыд, фæлæ ма цæстуарзонæй æххуыс кодта йæ лæмæгъдæр æмбæлттæн. Цыфæнды баргонд хъуыддаг дæр æхсæнадон царды æххæст кодта тынг разæнгард æмæ æнæзивæгæй.

Æвæдза, диссаг та куыд нæу студенты цард йæ бирæ тыхстытимæ: сесситы рæстæг æгъуыссæг æхсæвтæ чингуыты рæдзæгъдты уæлхъус, фæлварæнтæ, куыстады дæсныйады ахуыры фæлтæрæнтæ æмæ уыдæттимæ куыд нæ дзы вæййы бынат хъазтизæртæн, фембæлдтытæн, театртæн, кинотæн! Æнæ сæмбæлгæйæ-иу кæм уыдис бæрæгбоны фынгыл дæр, кæнæ райгуырæн бон бæрæггæнгæйæ, Гæмæтæн дæр.

Райдайæны хъæддых лæууыд йæ ныхасыл. Фæлæ иухатт йæ дзырд фæсайдта, йæ зонгæ чызджы райгуырæн боны бануæзта иу чысыл агуывзæйы дзаг сæн. Уый фæстæ ма йыл бæргæ фæсмон кодта, кæд ын уымæй æппындæр ницы уыд, уæддæр. Æндæр хатт цавæрдæр хъæлдзæгдзинады бануæзта æртæ нуазæны, æмæ йын цы уыд? Фылдæр-фылдæр йæ зæрдæйы цыдæр æхсызгондзинад бафтыд æрмæстдæр. Афæлвæрдта ма уый фæстæ дæр нуазыныл, æмæ, куыд рабæрæг, афтæмæй йæм иухатты хуызæн æвзæр никуыуал фæкасти.

Фæлæ фыднозтыл тынг уæлæхох уыд. Йæхицæн – нæ, фæлæ йæ искæмæн дæр нæ барста. Фæци ахуыр хорз æмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ институт Гæмæт, æмæ йын уымæ гæсгæ бар лæвæрд уыд, кусынмæ йæ кæдæм фæндыд, уырдæм ацæуынмæ. Гæмæт равзæрста йæ райгуырæн хъæу.

Хъæуы цы вæййы, уый иумæйаг у, уæлдайдæр ахæм чысыл хъæуы. Ницы дзы ис басусæггæнæн. Уайтагъд бамбæрстой æмæ хæстæг æрбайстой сæ зæрдæмæ æрыгон специалисты хъæуы цæрджытæ. Фыццаджыдæр, агрономы куыстмæ дæсны кæй арæхст, уый тыххæй, дыккаджы та, – йæ хæрзæгъдауы тыххæй.

Фæлæ, мæнæ иухатт афойнадыл нæ фæзынд йæ куыстмæ. О, куыд æфсæрмы кодта, куыд ныгъуылдтытæкæнгæ цыд тракторты калоннæмæ Гæмæт уыцы райсом! Изæрæй æгæр раджы цыд дæр ма фæци къантормæ, æмбырдмæ. Дуары бахизæны хæрхæмбæлд фæци сæрдаримæ. Нал арæхст, цы загътаид, уымæ.

– Ды дæр æгæр раджы цыд фæдæ, Гæмæт, – бафиппайдта уый æмæ ма иу хатт æркаст йæ сахатмæ. – Цæй, кæм æрцыдтæ, уым цом æмæ уал истæуылтыл адзурæм, хъуыддæгтæ нæм нæй, æви? – йæ ныхасмæ ма бафтыдта сæрдар æмæ фæраст йæ кусæн уатмæ. Цалынмæ иннæтæ æмбырд кодтой, уæдмæ æрдзырдтой иуæй-иу хъуыддæгтыл, уæлдайдæр та – хуым кæнынмæ техникæйы цæттæдзинадыл. Гæмæт æнхъæлмæ каст, кæд æй афæрсдзæн, абон райсомæй та кæм уыдтæ, цæмæн байрæджы кодтай дæ куыстмæ, зæгъгæ. Йæ зæрдæ уыдæттимæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ бынтон бæстон нæ уыдысты йæ дзуæппытæ сæрдары иуæй-иу фарстатæн. Дзæгъæлы уыд йæ катай, уый тыххæй йæ хъазæн хуызы дæр нæ бафарста. Кæд ницы ской кодта, уæддæр Гæмæт хорз зыдта, сæрдары цæстæй кæй ницы бааууон уыдзæн, уый.

Фæци æмбырд æмæ ныр, сæхимæ цæугæйæ, алы къахдзæфæн дæр Гæмæт йæхицæн дзырдта: «О, марг мын фæуа ацы нозт. Нал… Кæрон скæнын хъæуы ацы къухылхæцджытæн, сиахсимæ цыдтытæн, æнæсæрфат ницæйаг æмбæлттимæ хæрæндæтты бадтытæн, æндæр хъуыддæгтæн: иу цыбыр дзырдæй, бануазæн мын нал ис», – æмæ ныр, цыма пъæззыйæ фервæзт, цыма цыдæр уæззау уаргъ йе ‘ккойæ ахауд – сæрибардæрæй сулæфыд. Уыцы хъуыдытимæ байгом кодта хæдзары дуар.

– О, æгас цæуай, мæ бæзджын хæрæфырт. Æз хохæй быдырмæ цынæ зæд, цынæ бардуаджы тыххæй банызтон, ахæм куынæуал ис, уæд мын, гормон, тæригъæд уæддæр нæ кæныс? Хæц де ‘мбæлæггагыл. Æмбæлæггаг та æнæдзургæйæ нуазгæ у! – æмæ йын йæ къухтæм нал, фæлæ йын æй йæ дзыхыл сдардта Михел. Нозт йæ ахсæнмæ дæр нæма ныххæццæ ис, афтæмæй йын, куывдтытыл оммен, зæгъ, зæгъгæ, дыккаг агуывзæ дæр ауагъта йæ хъуыры. Йæ мад Бурдзион ма бæргæ цыдæртæ дзырдта: «Нырма уый æрыгон у. Уымæн дæ разы нуазын нæ, фæлæ бадын дæр нæма ‘мбæлы», – фæлæ ма кæмæ хъуыста Михел.

Фæтæвд та ис Гæмæт дæр. Карз ныхæстæй карздæр рауад арахъхъ. Æрбадти бæстон æмæ иу рæгъ иннæйы фæдыл нуазын райдыдта.

Кæддæр уыд, уæддæр Михел фæстаг сыкъа банызта Къæсæры Уастырджийы тыххæй æмæ ныххæцыд Гæмæтыл:

– Нæхимæ… Ныртæккæ ды мемæ нæхимæ нæ рацыдтæ, уæд дымды фæуæд дæ минас дæр, дæхæдæг дæр мæ нал хъæуыс, – лæхурдта расыг Михел. Фæлæ дзы уыцы ныхæсты сæр ницæмæнуал хъуыди. Æнæуый дæр Гæмæт тынг дзæбæх цыд йæ фæстæ. Йæ мадмæ дæр нал байхъуыста.

Михелтæм ма сын чидæртæ ноджы дæр бамбал ис. Уым фæнуæзтой, стæй ма уырдыгæй кæдæмдæрты бахаудтой, фæлæ кæдæм, ацу æмæ ма йæ æрхъуыды кæн! Куыд æмæ кæд æрбацыд сæхимæ, уымæн ницуал зоны. Цымæ, истытæ срæдыдаид? Ома æвзæртæ – нæ, уый тыххæй дзы ничи ницы зæгъдзæни. Æлгъитгæ нæ ракæндзæн, хылкъахæг нæу, афтæмæй зоны йæхи, афтæмæй йæ зонынц æгас хъæубæстæ дæр.

Райхъал æмæ хъуыдытыл фæци Гæмæт: «Байрæджы та йын ис ацы хатт дæр куыстмæ. Ныр дæс сахаты у, уый та ма хуыссæны ис. Цæмæн? Стæй куы уа, уæддæр цы? – иннæрдыгæй йæхи афарста Гæмæт. Æмæ дарддæр æнæдзургæйæ йæхиимæ мидныхас кæны: «Райсомæй суанг баталынджы онг куысты куы вæййын, уæд уый хорз у, уæд дæуæй лæгдæр нæй. Фæлæ айрæджы кодтай, уæд цыма Хуыцауы хъуг радавтай, ныфсæрмытæ у æмæ æмбæхстытæгæнгæ цу дæ куыстмæ. Ацы хатт иу æфсæрмы дæр нал! Уæдæ ма йæм исчи сдзурæд!.. Цæмæн ис хуыссæны нырмæ, нæма йæ фæнды сыстын, æмæ уымæн», – кæрæдзи фæдыл тахтысты хъуыдытæ нырма йæ расыг сæры магъзы. Фæстагмæ йæхи афтæ срæстытæ кодта æмæ йын цыма афтæ æмбæлд, уыйау уæлæмæ сыстыныл хъуыды дæр нал кодта. Стгæ нæ, фæлæ йæхи æрнуæрста æмæ фæстæмæ афынæй.

– Уæлæмæ, де ‘гæрыл, нырмæ цы фынæй кæныс? – йæ уæлхъус алæууыд Михел æмæ йæм хъазæнæмхасæнæй дзуры. – Дæ сæр, мыййаг, ма риссæд? Фест-ма, уæдæ, æмæ мемæ цом, Хъылцыхъойы фырт та дæ адзæбæх кæна.

– О, Михелæй баззайай, Михелæй! Куыстмæ цæуын дæр ма дзы фæхъæуы, куыстмæ! Ныр ды скъолайы æхсæвгæс дæ, æртæ бонæй æртæ бонмæ дæ цæуын фæхъæуы æмæ искæй куыст дæр афтæ хоныс?! Ды куынæ ныццæуай, уæддæр дæ чи уыны, уæлдайдæр сæрдыгон. Чи дзы ис ныртæккæ? Фæлæ мæнæн мæ куыст æндæр у. Мæ бæрны адæм сты, техниктæ. Иучысыл куы айрæджы кæнын, уæддæр мæ цæсгом нал фæхъæцы. Ныр дæр æмбисбон у, фæлæ ма уæддæр ацæуин, мæ бон куы уаид уæд, – раныхас кодта Гæмæт.

– Цавæр куысты кой кæныс ацафон? Стæй, бирæ чи фæкуыста, уый дæр раджы амарди. Фæлтау нæхимæ цом æмæ пъахмел скæнæм. Куыдзы хæст йæхи хъуынæй дзæбæхгæнгæ у, – загъта Михел æмæ Гæмæты йæ хуыссæнæй расхуыста. Уый дæр йæхи ахсадта æмæ цанæбары, фæлæ фæцæуыныл Михелимæ. Уыдонæн дæр сæхимæ ничи уыд. Михел нозтæй дзаг дурын, уазал фыдызгъæл, нартхоры кæрдзын, нурытæ фынгыл авæрдта.

– Ой, дæ рыг ныккæла, Гæмæт, дысон дæ сæрмæ та куыд æрцыд уыцы хъуыды. ныр та дзы цырагъы авгæй бануазæм, зæгъгæ? Уæ, макуы мын амæлай, – худæгæй мæлгæйæ, дзуры Михел, уартæ йе ‘мхæрæфырттæм куыдтæ нуæзтой дысон, уыдæттæ æмæ дзаг сыкъа Хуыцауы ном ссарыны фæстæ кувæггаг Гæмæтмæ авæрдта.

Гæмæт йæхи нынцъылдтæ, нынхъырдтæ кодта, мæнæ цыма раст марг нуæзта, афтæ зивæггæнгæ йæ бануæзта. Æркодта дзы ног æмæ йæ балæвæрдта Михелмæ.

– Тыхсгæ ма кæн, йæ нуазын зын вæййы, æндæр дын ныртæккæ бæлвырд фенцондæр уыдзæн, – зæрдæтæ йын авæрдта Михел, куы федта, Гæмæт æй куыд зынæн бануæзта уый, уæд.

– Уæдæ нæ Хуыцауы хорзæх уæд, – загъта Михел æмæ сыкъа авдæлон кодта.

Куыддæр дыккаг сидт рауагъта Михел, афтæ дуар фегом, æмæ дзы æрбахызт Ахберд, йæ фæстæ та Дзабег. Сæ дыууæ дæр нуæзтуарзæгойæ зындгонд уыдысты æнæхъæн хъæуæн дæр.

– Кæс-ма, кæс, сæхæдæг куыд рабадтысты! Искæмæн ма йæ сæр риссы, уый та Хуыцау æрхъуыды кæнæд, – хъазæн уайдзæфæй загъта Ахберд, æмæ æрлæууыдысты фынджы уæлхъус.

– Се ‘мбæлæггæгтæ ма сæм авæр… О, æгас нæм æрцæуат, æгас! – бацин сыл кодта фысым.

Бадт ацайдагъ. Баизæр сыл. Афтæ фæрасыг сты, æмæ фынджы фæйнæ фарс ахæудтытæ кодтой.

– Гæмæт, ды махмæ куы ‘рбацыдтæ, уæд мах загътам, зæгъгæ, æппынфæстаг нæ къухы бафтыд æцæг агроном. Дæсны, тынг дæсны сарæхстæ дæ куыстмæ. Дæ ахуыр куыд æнтыстджын уыд, уымæй ноджы æнтыстджындæр та – дæ куыст. Уый махæй алчидæр рахатыдта. Рахатыдтой йæ хъæубæстæ се ‘ппæт дæр. Де сгуыхт фæллойы тыххæй дын иу æмæ дыууæ хаты аргъ не скодтой ам, районы, суанг республикæйы дæр. Дæ арæхстджын куыстæй лæджы зæрдæ рухс кодта. Фæлæ а фæстаг рæстæг ды æрлæууыдтæ тынг тæссаг фæндагыл. Æрæджытæ, цухтæ кæнын райдыдтай дæ куыстмæ. Дæхицæн ссардтай цавæрдæр æнæсæрфат æмбæлтты æмæ уыдонимæ нозтыл свæййыс. Ферох дæ вæййы дæ бæрнон куыст, адзæгъæл вæййыс сыкъайы фæстæ. Демæ ныхас цыди уый фæдыл, æмæ-иу нын зæрдæтæ бавæрдтай, кæй никуыуал бануаздзынæ, уый тыххæй. Æмæ та-иу нæ алы хатт дæр фæсайдтай. Мах дæр нæ цæстытæ куыд бацъынд кæнæм, цыма нæ уынæм, ды комкоммæ сæрсæфæн былмæ кæй цæуыс, уый. Æмæ ма дæм абон хъуамæ иу хатт байхъусæм, цы нын зæгъдзынæ, уымæ, – загъта парторг, сæрмагондæй кæй сарæзтой партбюбро, фæскомцæдис æмæ правленийы уæнгтæ Гæмæты тыххæй, уыцы æмбырды. Гæмæты æнæуаг æгъдауы фæдыл раныхас кодтой фæскомцæдисы секретарь Бек æмæ иу цалдæр æмбалы. Фæстагмæ ныхасы бар æркуырдта сæрдар:

– Гæмæтæн цыфæнды хъуыддаг дæр бабар кæн, уæд-иу æй йæхицæй хуыздæр ничи скодтаид. Фæлæ парторг куыд загъта: фæстагмæ йæ размæ хох фестад арахъхъы сыкъа æмæ йæ сæрты ахизын йæ хъару нал у. Гæмæт, ды нозтыл баивтай дæхи, дæ ныййарæг мады сæр, гадзрахатæй рацыдтæ æгас колхозонтыл дæр. Æмæ нæ абон базонын фæнды, дарддæр дæ зæрды цы ис, куыд кæнынмæ хъавыс, уый… Фод афтæ, мах ма дæм иу хатт байхъусдзыстæм, – фæци йæ ныхас сæрдар æмæ æнхъæлмæ каст Гæмæтмæ.

Иууылдæр азылдысты, уæдæй нырмæ йæ цæстытæ зæххы чи нытътъыста, фыр æфсæрмæй йæхицæн бынат чи нæуал ардта, уыцы Гæмæтырдæм, ома цы радзурдзæн. Æрæджиау цыдæрхуызон тагъд фестад Гæмæт. Йæ цæсгомæй уыцы æфсæрмдзæстыг хуыз æрбайсæфт, фæкъæйныхдзаст æмæ уыцы сахат сонт хъæр фæкодта:

– Сфæнд мæ кодтат мæ куыстæй фæсурын æмæ ма йыл цы дæрдты дзурут! Зæгъут мын æргом: нал нæ хъæуыс æмæ ацу. Æндæр мын цы райдыдтат, æрæджытæ, дам, кæныс, цухтæ кæныс, нуазыс. Ныр мæ дзырд раттын домут. Цыма уын сывæллон дæн! Нæ, мæ хуртæ, æз ницавæр ныхас раттинаг дæн, фæлтау мæ мæ куыстæй фæсæрибар кæнут. Æз кæмфæнды дæр ссардзынæн куыст…

Уыйадыл бадгæ дæр нал æркодта, фегом кодта дуар. Уырдыгæй ма, «хæрзбон ут», зæгъгæ, æрбадзырдта æмæ федде ис.

 

* * *

Марине фехъал ис уатмæ Гæмæты сонт æрбагæппæй.

– Марине, сæррамæ мæ бирæ нал хъæуы. Мæ хъустæ мын цыдæр хъæлæстæ фæхæрынц, – загъта уый. Йæ хъустыл ныххæцыд æмæ иу къуымæй иннæмæ цоппай кæнын байдыдта.

– Ма тæрс, мæ къона, цавæр хъæлæсты кой кæныс? Ма тæрсын кæн дæхи, – зæрдæтæ йын æвæрдта зæронд ус, йæхæдæг тагъд-тагъд йæ къаба йæ уæлæ акодта æмæ рæвдз æрбадавта Косер æмæ Михелы. Косер куыддæр лæппумæ бакаст, афтæ ахъуыды кодта: «Хæйрæджыты сайд у» æмæ Маринейы хъусы бадзырдта: «Тагъд æртæ кæрдзыны ракæнæм æмæ – кувгæ».

Дыууæ сылгоймаджы уайтагъд арæвдз кодтой æртæ уæлибæхы. Фынгыл сæ авæрдтой арахъхъы графинимæ. Рауагъта Михел гыццыл агуывзæмæ æмæ йæ балæвæрдта Маринемæ:

– О, Хуыцау, ма нæ фесаф. Нæ иунæг – де уазæг, сыгъзæрин тæбæгътæй дæм фæкуывдæуа. Бахатыр ын кæн, кæд дæ разы истæмæй фæрæдыд, уæд, – акуывта Марине æмæ нуазæн фæстæмæ радта Михелмæ. Михел æй фæхаста Гæмæтмæ, саход дзы, зæгъгæ. Уый йын æй йæ къухтæй ратыдта, цы арахъхъ ма дзы аззад, уый ануæзта, йæхæдæг фæуад фынгмæ. Дыккаг дæр рауагъта æмæ уый дæр ануæзта. Æртыккаг дæр æркæнинаг куыд уыди, афтæ йын Михел графин йæ къухтæй ратыдта.

Гæмæт фæстæмæ бандоныл æрбадт, йæ зæвæттæ зæхмæ нылхъывта. Дыууæ усы йæ фæйнæ фарс æрдзуццаг кодтой æмæ йын йæ къæхтæ сæрфтытæ кæнынц.

– Мæнæ мын мæ зæвæттæй мæ уд куыд ласынц! – тарст хъæлæсæй сдзырдта лæппу.

– Кæм сты, алæ-ма? Куы ницы дзы ис. Чи дæ хъыгдары? Уæд сæ мах нæ уыниккам, – йæ цæссыгтæ калгæйæ йæм дзуры Марине.

– Ау, куырмытæ стут, æви сæ куыннæ уынут, мæнæ мын мæ зæвæтты сæ сæртæ куы нытътъыстой! – фæхъæр сыл кодта Гæмæт.

– Ай хорз хъуыддаг нæу, – загъта Косер Михелæн, – лæппу хæйрæджыты сайд у, æмæ йын дохтыртæм хос нæй. Фæлæ тагъддæр цæут æмæ кæсгон дæсны моллойы сласут. Æцæг уæ мачи базонæд, – афæдзæхста ма Косер йæ фыртæн.

Михел батындзыдта сæ хæрæфырт Уасилмæ, æмæ уый машинæйыл фæраст сты Кæсæгмæ…

Фæдисæй æрбалæууыдысты Уасилы мад æмæ йæ чындз. Сæ размæ рауад Косер.

– Куыд у, куыд, Гæмæт? – афарстой йæ.

– Тынг æвзæр… Цыдæр бындзыты кой кæны…

Æртæйæ дæр, Гæмæт цы уаты хуыссыд, уырдæм бахызтысты. Гæмæтæн йæ хуыз бынтондæр фæлыгъд, афтæмæй раздæрау бадт уаты астæу гыццыл бандоныл.

– Суадз ма дæ къæхтæ, пъолмæ сæ цы нылхъывтай, мæ къона, æмæ æрхуысс, – балæгъстæ йын кодта Марине.

– Арахъхъ ма мын рахæссут, æмæ кæд нал æмбарин мæ къæхты рыст, нал хъусин ацы бындзыты æнæрæнцой гуыв-гуыв, – дзуры Гæмæт устытæн. – Мæ фæсонтæ мын аууæрдут. Мæ къæхтæ мын уæ къухты æхсæн бакæнут. Ма мæм кæсут. Дæлæ ма цавæрдæр хъуынджын цæрæгой, нæдæр лæг у, нæдæр куыдз у, нæдæр арс у, сынтæджы бынæй мæм куыд ныджджыгъгъытт ис. Йе ‘взаг мæм фелвас-фелвас кæны. Йæ дзыхæй кæд кæлы арт.

Уромынц рынчын лæппуйы устытæ, куыд æмæ цас сæ бон уыд, уыйбæрц. Æмæ стыр зæрдылдарынæн æнхъæлмæ кастысты, Михел æмæ Уасил кæмæ ацыдысты, уыцы дæсныйы ссыдмæ. Кæддæр уыд, уæддæр схæццæ ис. Суанг дæр æй сарамæ баластой æмæ дынджыр кулдуæрттæ ахгæдтой сæ фæстæ.

Дæсны тагъд къахдзæфтæй бахызт рынчыны размæ. Бакаст ын йæ цæстытæм.

– Гæмæт, æхца мæ хъæуы, – йæ къух æм бадаргъ кодта дæсны.

– Цавæр æхцайы кой кæныс ды та? Стæй чи дæ? – бафарста йæ лæппу æмæ та куы йæ иу къахмæ февналы, куы – иннæмæ.

– Тагъд мысайнаг, – басусу-бусу кодтой устытæ.

Марине 15 капеччы авæрдта Гæмæтмæ. Уый сæм цымыдисæй æркаст. Уæдмæ йын æй йæ къухæй айста дæсны. Йæхæдæг стъолы фарсмæ æрбадти. Гæххæтт æмæ тæбæгъ æрцагуырдта. Цыдæртæ афыста, уымæй дæр араббагау – рахизæй галиумæ. Стæй гæххæтт тæбæгъы авæрдта æмæ йыл андзæрста. Гæххæтты сыгъдæттæ, æртæ литры кæм цæуы, ахæм авджы ныккалдта. Донæй йæ йæ тæккæ дзаг бакодта, хорз æй азмæста. Æмæ афæдзæхста: бон ын æртæ хатты куыд дæттой уыцы донæй.

– Дæ хорзæхæй, адзæбæх нын æй кæн, æмæ нæ хæдзæрттæ дæуыл ныффысдзыстæм, – загъта йын Марине, йæхæдæг дæс туманы Михелмæ радта. Уый дæр сæ дæсныйы дзыппы фæтъыста.

 

Уый машинæйы бабадт, æмæ йæ Уасил фæстæмæ афардæг кодта йæ хæдзармæ. Уайтагъд фæлварын райдыдтой дæсныйы æлутон хостæ рынчыныл, фæлæ – никуы æмæ ницы, дыккаг бон ноджы фыддæр фæци: йæ сæр дзæгъæлтæ кæны бынтон, æцæг цы у æмæ мæнг цы у, уыдон кæрæдзийæ нал æвзары…

 

* * *

Æрчъицыдта Гæмæт рынчындоны. Кæм ис, ууыл бæстон нæма ахъуыды кодта, афтæмæй йæхимæ ныхъхъуыста æмæ рахатыдта цавæрдæр фæзмæгой хъæлæс. Йæ сæрмæ фæзынди иу-цалдæр бындзы.

– Ссардтой та мæ, – йæ зæрдæ ныггуыпп ласта Гæмæтæн.

– Цы загътай? – афарста йæ, йæ цæст æм чи дардта, уыцы медицинон хо. – Дон дын радавон, æви дæ хæринаг хъæуы? – Уыйадыл фестад æмæ ‘рбахаста хъæрмхуыпп дæр æмæ дон дæр.

– Адарон дын, æви дæхæдæг ахæрдзынæ?

– Мæхæдæг, мæхæдæг, – йæ хуыссæны рабадт Гæмæт. Куыддæр уидыг йæ дзыхмæ схаста, афтæ йæм йæ сæрмæ зилæг бындзытæ æмхъæлæсæй сдзырдтой:

– Ма бахæр, ма бахæр! Дæ туг дын бацъирдзыстæм! Бакал æй чызгыл!

Гæмæт фæстæмæ йæ уидыг æруагъта.

– Цы у? Цæуылнæ хæрыс? Дæ зæрдæмæ нæ цæуы? – афарста йæ æрбацæуæг дохтыр. – Уæд та ма мын радзур: кæд æмæ кæм райгуырдтæ, кæм цæрыс? Скъола каст кæд фæдæ, стæй та институт?

– Бæргæ дын радзурин æппæт дæр, фæлæ мæ дзурын нæ уадзынц.

– Чи?!

– Бындзытæ…

Дохтыр бакаст медицинон хомæ, загъта:

– Урс арты судзы. Æнахъинон рæвдауæнты урс арты… Ницы йын уыдзæн ацы хатт – цы уколтæ йын рафыстон, уыдон ын скæнут.

…Кæй фервæзт, уый тыххæй йын гал аргæвстой, æцæг куывдмæ Гæмæты курдиатмæ гæсгæ Михелмæ хонæг нæ арвыстой…