БЫРНАЦТЫ Барон

САХАНДЖЕРИ ÆМÆ АМИНÆТ

Радзырд

1

Фæсивæд æрбамбырд сты уайтагъд, кæд дзы ног æрбализджытæ никæмæ фæдзырдтой, уæддæр æмæ ныр хъазгæ-худгæ æвдæлон кæнынц машинæтæй хæдзары дзаумæттæ. Сæ куыст кæронмæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ кæцæйдæр уарийау йæхи æрбаскъæрдта Саханджери йæ дынджыр зыгъар бæх Бердыл. Бæх сармаццаг кодта, стæй дзыхълæуд фæкодта. Барæг йæ цæст ахаста фæсивæдыл æмæ йæ цæстæнгас афæстиат æнæзонгæ чызджы рæсугъд цæсгомыл: «Ай, æнæмæнг, уыдоны чызг у», – ахъуыды кодта. Стæй уæд йæ бæхы æргом фæзылдта æдде дуармæ бадæг устыты къордмæ.

Йæ мад Нинæимæ ныхасы бацыд Бедуха – афтæ хуынд ног æрбалидзæг бинонты æфсин, – æмæ йын уæлбæхæй арфæ ракодта:

– Амондджын бынæттæ уын фæуæнт, Бедуха! Цæрынæй дзы бафсæдут. Фæлæ дын кæд дзæбæх чызджытæ нæй, уæд æз, æвæццæгæн æмæ фæфыдæнхъæл дæн. Рæсугъдты æз мæ удæй фылдæр уарзын, – æмæ та фæстæмæ йæ бæх фæзылдта фæсивæды `рдæм.

– Дæ низтæ бахæрон, Саханджери, дæ разы ис мæ чызг, дæ разы, æмæ, кæд дæ зæрдæмæ фæцыд, уæд æм мауал кæс, скъæфгæ йæ кæн, æрмæст фыдуаг у, æмæ дæ ма ныттонæд, – загъта Бедуха, æмæ иууылдæр бахудтысты.

– Ныттонынæй мын ма фæтæрс. Ахæм гæдытæн Саханджери сæ хъавд хорз зоны: иу къухæй – æвзидгæ, иннæмæй – ахсгæ, – дзуапп радта Саханджери. Йæхæдæг комкоммæ ныккаст Аминæты цæстытæм.

– Саханджери, – чидæр æм йе ’мбæлттæй сдзырдта, – ныхæстæй мæгуыр не стæм, фæлæ ма дæ бæхы уаргъ дæхицæй фæрогдæр кæн æмæ нæм мæнæ фæкæс. Стæй-иу чызджыты койыл цу…

Саханджери йæ цæстæнгас Аминæтæй азылдта, чи йæм дзырдта, уымæ. Аминæт йæхинымæр арфæ кодта уыцы лæппуйæн, кæй йæ фервæзын кодта Саханджерийы рæхойаг цæстытæй, уый тыххæй.

– Фæкæс, зæгъыс, Цæрай? – Æмæ та Аминæты фæсагъта йæ цæс-тытæ, стæй уæд фæдзырдта æххуысгæнæг чызджытæй иумæ:

– Мæдинæт, ардæм-ма рауай.

Саргъæй йæм æргуыбыр кодта, йæ хъусы йын цыдæртæ адзырдта.

– Хорз, хорз, æнæмæнгæй, – фæкодта Мæдинæт.

Уыйадыл та йæ цъæхдзаст хъоппæг цæстытæй ацагуырдта Аминæты. Иу хатт ма йыл сæ цæхæр бакалдта. Æмæ фæфиппайдта, чызджы цæсгомыл гадзрахатæй цæуæг арт куыд сирвæзт, уый æмæ йæхицæй бузныггагæй цæвæрдæр зæрдылдарæн ныфсимæ мидбылхудгæ фесхуыста йæ бæхы. Берды æнæуый дæр чысыл æфсон йедтæмæ нæ хъуыди, ноджы ма йын ехсæй иу куы сæргъæвта, уæд фатау атахти.

– Ныр æм фыццаг хатт чи фæхъусы, уый банхъæлы, ай цыдæр джауыртæй у, зæгъгæ. Афтæмæй йын æппын нæй зæрдæ сывæллонау. Кæд уæ исчи фæхатыдта, машинæтæм куыд бакæс-бакæс кодта, уый? Бирæ æвдæлонгæнинаг дзы кæй нал баззад, уый федта, æндæр та дысфæлдæхтæй балæууыдаид кусынмæ нæ фарсмæ ацы хатт дæр. Ахæм сæрылхаст у Саханджери. Цыфæнды хъуыддаджы дæр фæстæдæр никæмæй æрлæудзæни. Иу цыбыр дзырдæй, абоны цæстæй йæм ма ракæс, – йæ ныхас балхынцъ кодта Цæра.

– Цæра, цæвиттон, Аминæт æм цыма моймæ цæуы, афтæ бæстон ын радзырдтай Саханджерийы удыхъæд, – æрбадзырдта йæм Сона.

– Уæдæ æххæст февналæм. Нырма нын сæ мидæгæй дæр æрбæстон кæнын хъæудзæн, – загъта Цæра, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, – кæцæй фæзынди, кæ? Нæ куыст нын фæкъуылымпы кодта.

Иуырдыгæй, Аминæт цин кодта, Саханджерийы ныхсаг цæстытæй кæй фервæзт, ууыл, иннæрдыгæй та йын цыма йе ’взонг зæрдæйæ къæртт ахаста йемæ, афтæ зын ын уыдис йæ ацыд.

 

2

Дыккаг бон изæрæй, нæ ног цæрæн бынæттæн æртæ кæрдзынæй акувæм, зæгъгæ, йæ чысыл лæппуйы рарвыста Бедуха хæстæгдæр сыхæгтæм. Æрбатымбыл сты иуцалдæр лæджы. Аминæт æмæ сыхаг чызг Сона фынгтæ ацарæзтой, сæхæдæг цæхæрадонмæ рацыдысты. Уыд сабыр изæр. Чызджытæ бæлæсты бын сæхи бандоныл æруагътой. Сона уайтагъд дзурыныл фæци:

– Ам тынг хорз у. Ардæм кæй æрбалыгъдыстут, Аминæт, ууыл фæсмон никуы фæкæндзыстут. Фæзил, фæзил, æмæ уæд мах хуызæн Ирыстоны æрдз никуы ис. Хъæд – хæстæг, фæзтæ – дидинæгджын, цъитидæттæ, уæлдæф –сыгъдæг, ног клубы кинотæ æвдисынц æрвылбон дæр. Æмæ уæд нæ адæм та, нæ адæм: цæст- уарзон, фæкæсынмæ гæппæввонг, уæздан æмæ æрхъуыдыджын. Иу ныхасæй, куы ацæрай, уæд сæ дæхæдæг базондзынæ, – дзырдта ма Сона бирæ цыдæртæ.

Аминæт та стыр циндзинадмæ æнхъæлмæ кæсæгау касти, Сона а-ныр, а-уæд Саханджерийы кой дæр скæндзæн, зæгъгæ. Фæлæ йæ ног æмбал фыдæнæнгæнæгау хæстæг дæр нæ цыд уыцы хъуыдымæ. Æмæ уæд Аминæт бар-æнæбары рахызт мидныхасмæ: «Цымæ, нырмæ кæм ис? Нæ фарсмæ куы цæры, уæд нæм куыннæ æрбацæуы. Нæ йын æмбæлы, æви? – дзырдта йæ иу хъуыды. – Æмæ цæмæн хъуамæ æрбацæуа? Нæ йæ фæндыд æмæ не ’рбацыд», – дзырдта йæ иннæ хъуыды. Чи зоны, цас ма ахастаид чызджы хъуыдыты зилдухæн, мæнæ йæ Сонайы ныхас нæ фæурæдта, уæд:

– Мæ хойы хай, цæй, ныр æз цæуон. Бæргæ ма æмбæлд анхъæлмæ кæсын уазджыты сыстынмæ, фæлæ уыдон тæгъдты нæма уыдзысты. Мах та райсом Æнаимæ цæхæра къахынмæ цæуын хъæуы. Стæй æнæуый дæр æнафон у ныр. Дæ хорзæхæй, бахатыр мын кæн. Сомизæр та аныхас кæндзыстæм. Хорзæй уал баззай, – загъта Сона æмæ фæцæуæг.

Аминæт цæхæрадонæй хæдзары рудзынгæй мидæмæ бакаст уазджытæм. Æрмæст кæй агуырдта, уый се ’хсæн нæ разынд. Йæхинымæр æнæбары бахудт йæ митыл, ома, хъахъхъæнгæ йæ куы кодта уæдæй нырмæ, уæд ма цъиу фестад, æви йæ куыд нæ федтаид! Уыдæттæ куыд хъуыды кодта, афтæ йæ хъустыл сиренты къудзиты сæр-сæр ауад. Фæстæмæ уыциу зылд фæкодта, æмæ мæнæ йæ размæ рахызт цыдæр æндæрг.

– Ма фæтæрс, уый æз дæн, – загъта æндæрг, – æз мæнæ дæн, ды та мæ уым агурыс.

Базыдта Аминæт Саханджерийы йæ хъæлæсæй æмæ, цы акодтаид, исдуг уый нал зыдта.

– Дæ Хуыцауы тыххæй, тæрсгæ мæ фæкодтай, æви, куы ницы дзурыс? Дæхи æрæмбар, æз бирæгъ нæ дæн, мыййаг.

– Бирæгъ кæд нæ дæ, уæд цы хъуызыс, – æрсабыр Аминæт. Æмæ худ-гæ хъæлæсы уагæй загъта. – Стæй йæ цæмæй зоныс, æмæ дæу агурын?

– Бахатыр кæн, фæлæ ам бынтон æдас ран нæу: исчи нæ куы раййафа… Фæлтау цом æмæ, уæртæ уæдæй нырмæ кæм бадтыстут Сонаимæ, уым дын æй зæгъон, – загъта Саханджери æмæ фæраст бæлæсты бынмæ. Цыма афтæ æмбæлд, уыйау чызг дæр йæ фæстæ æнæдзургæйæ цыди.

 

3

Уалент æмæ Бухар дих кодтой кусæджы сæрыл цæхæрайы хуымтæ.

– Уæ хорзæхæй, йæ дзæджджынтæ мын бахай кæнут, – дзырдтой сæм иутæ.

– Чи мæм фæкæсдзæн, ахæмы раз мын хай раттут, – дзырдтой сæм иннæтæ.

Хъæлдзæг худт æмæ хъазæн ныхас хъуыст дардмæ сæууон уæлдæфы. Йæ хай бæлвырд кæмæн уыд, уыдонæй йын чидæртæ сæ сыфтæр кæрдын райдыдтой, чидæртæ та – къæхын дæр.

Аминæт æмæ йæ мад Бедухайы Сона ауыдта æмæ сæм æрбауад:

– Сымах дæр ам стут? Уый дын гъе! Æнхъæл нæма уыдтæн, æмæ афтæ тагъд рацæудзыстут. Аминæт, кæд цæуинаг уыдтæ, уæд мын дысон куыннæ загътай? – афарста йе ’мбалы Сона.

– Цы дын загътаид, мæ къона, нæхæдæг дæр æй нæма зыдтам, – йæ чызджы бæсты дзуапп радта Бедуха, – фæлæ Уалент райсомæй куы зылд адæмыл, уæд нын салам раттынæй уæлдай ницы ской кодта. Мæхæдæг ын загътон, Уалент, мах цæуылнæ хоныс кусынмæ? Æмæ, дам, уæ кæд, мыййаг, нæма æвдæлы. Абон нæ куыннæ ’вдæлы, сæ цæрæнбон, зæгъын, бирæ, нæ дзæбæх сыхæгты фæрцы бабæстæттæ кодтам, бафснайдтам нæ хæдзары дзаума æмæ ма, зæгъын, цы кусæм?

– Тыхсгæ мæ кæн, Бедуха, махмæ дæр лæг нæй, фæлæ нæ нæ сыхаг лæппутæ афтæ нæ ныууадздзысты. Æрмæст нын фæрсæй-фæрстæм куы уыдаиккой, уæд хуыздæр уыдид. Цæй, ницы кæны, мæлæты дард куынæ стæм кæрæдзимæ, – загъта сæ зонгæ ус Госæ.

– Цæй, куыд у? Уæ хай уæ зæрдæмæ фæцыд? – фæзынд сæ цуры Уалент.

– Куыд кæсын, афтæмæй, ацы зæхх æмхуызон хъæздыг у иууылдæр, иу хайæ иннæйы ᾽хсæн, мæнмæ гæсгæ, ницы хъауджыдæр ис. Æрмæст йед… Хорз уаид сæ ракæрдын, науæд дзы азмæлæн нæй. Стæй ацы бæзджын кæрдæг тæригъæд у къæхты бын ныккæнынмæ, хъомæн та холлагæн æвæджиауы хорз у, – йæ уынаффæ бамбарын кодта Уалентæн Бедуха.

– О, уый уæлдай хорз уаид! –Уалынджы Аминæт ауыдта, тæргæ бæхæй хуымты кæрон фæндагыл Саханджери куыд æрбацæйтахт, уый. Чызджы зæрдæ цинвæдисы гуыпп ныккодта. Æмæ йæ сæр фæгуыбыр ласта æмæ къахыныл балæууыд.

– Уалент, мæ ног сыхæгтæн уазæджы хатыр уæддæр фæкодтаис, уайтæккæ сæ куысты сæр куы авæрдтай, – йæ бæх уромгæ, дзырдта Саханджери.

– Бæргæ сæ нæма уыдтæн ракæнинаг, афтæ сæхи бафæндыд, æндæр, – дзуапп ын радта Уалент, – фæлæ сын ды дзыхæй аудыны бæсты мæнæ ацы кæрдæг куы ракæрдис, уæд хуыздæр уаид. Сыхаг лæппу афтæтæ фæкæны.

– Æмæ уымæн ахæм рæстæджытæ ис?! Дысон дæр нæм не ᾽ртæ кæрдзынмæ куынæ ᾽рбацыд. Кæм уыдтæ кæ, мæ къона, æви нæ дæ сæрмæ нæ хæссыс? – уайдзæфгæнæгау æй афарста Бедуха.

– Дысон, зæгъыс? А-а, дысон… хатыр, – дысон мæ иу хуыснæгæй нæ равдæлд. Цас æй фæхъахъхъæдтон. Йæ фæстæ бафтыдтæн. А ныр мæ къухты ис, куыд загътон, афтæ мæм йæхæдæг фæраздæр ис æмæ мæ тынг нырриуыгъта. Уый мын цы ᾽гъдау у рагæй-æрæгмæ дæр: нырма хъуыддаг кæронмæ нæма равзарын, афтæмæй мæхи уæлахизхæссæгыл банымайын, – Уалентæн цыма дзырдта, уыйау, уыйырдæм кæсгæйæ, йæ ныхас кодта Саханджери.

– Уый æцæгтæ дзурыс, æви? – тыхстæй йæ афарста Бедуха.

– Кæмæ хъусыс ныр? Уый дын бындзæй пыл ацараздзæн, – сылгоймагæн дзуапдæттæгау бакодта Уалент æмæ фæцæуыныл.

– Бындзæй пыл бæргæ ацаразын. Ацы хатт та пылæй бындз арæзтон æмæ йæ, куыд фехъуыстат, афтæмæй, уый мæ бон нæ баци, – Уаленты фæстæ адзырдта Саханджери.

– Ома дæ истæмæй ныццавта, æмæ дыл бæрæг дæр куы ницæмæй у, – рафæрс-бафæрс æй кæны Бедуха. Йæ куысты æмбæлттæ Фена æмæ Ануфæ дæр æм хæстæгдæр балæууыдысты æмæ дзуапмæ æнхъæлмæ кæсынц.

– Дружиниккы куыст зын у, уæлдайдæр, Саханджери куыд кусы, афтæмæй. Стæ-ма, æцæгæйдæр дæ тынг ныццавта? – йæ алыварс æрзылди Ануфæ æмæ йæм ракæс-бакæс кæны.

– Цæф, ахæм цæфы фæдæн, æмæ ныр дæр ма йæ цæхæрæй мæ уадул нæ, фæлæ мын мæнæ ам судзы, – бацамыдта йæ риумæ Саханджери, йæхæдæг хинæйдзаг кастæй хъахъхъæны Аминæты. Йæ фæстаг ныхæстæм ын йæхи нал баурæдта, фæкасти йæм, ома, кæдæм амоны, зæгъгæ, æмæ тынг ныххудт чызг. Бахудт йæ мидбылты æхсызгонæй лæппу дæр.

– Чызг, дæ зонд фæцыди, æви цæуыл худыс? Лæджы кæмдæр чидæр маргæ кодта, дæуæн та худæджы хос у, – схыл кодта Аминæтмæ йæ мад.

– Омæ куыннæ бахуда адæймаг йæ ныхæстыл, цæвгæ йын йæ уадул ныккодтой, йæ зæрдæ та рисгæ кæны, – худгæйæ дзырдта Аминæт.

– Æмæ уый не ᾽мбарыс, сæлхæр, йæ зæрдæ уый тыххæй риссы, æмæ йæ чи ныццавта, уымæй йæ маст нæ райста, йæ къухы нæ бафтыд! – æмбарын кæны йæ чызгæн Бедуха.

– Уый нырма а лæппуйæ никуыма ничи аирвæзт! Мæ къухтæм æй хъæуы абон-райсом, – загъта Саханджери. Иу хатт ма фæкаст Аминæтмæ æмæ фесхуыста йæ бæхы. Аминæт æдзынæг каст йæ фæстæ. Уалæ Саханджери, йæ бæхы дæр æххæст нæма æрурæдта, афтæмæй дзы æргæпп кодта. Иу чызг æм æрбазгъордта æмæ цæуылдæр ныхас кæнынц. «Цыма Мæдинæ у. Æнæмæнг, уый у. Кæсыс, кæсыс, махимæ та уæлбæхæй дзырдта. Знон дæр ын цыдæр сусæг ныхæстæ кодта. Æвæццæгæн, се ᾽хсæн цыдæр ис».

Æмæ, цыма йыл уазал дон бакалдæуыд, афтæ йæхи хъуыдытæй фæтарст Аминæт. Кæсы дарддæр: далæ иу лæппуйæ цæвæг райста уыцы чызг æмæ йæ радта Саханджеримæ, æмæ уый хæмпæлтæ кæрдыныл балæууыд. Уымæй дæр куыд арæхстджын риуыгъд кæны! Раст, бæхыл куыд аив бады, цæвæг дæр йæ къухты афтæ фидауы…

 

4

– Кæд ма исты зонын, уæд ай мæ хай у. Рахизæрдыгæй дæ хай уыди, Ануфæ, галиуæрдыгæй – дæу, Фена, астæуæй та – мæн. Цымæ нын æй чи ныккарстаид? Акæсут-ма, суанг нын йе ᾽мбисмæ карст у. Æвæццæгæн, Уалент цы цыппар лæппуйы кой кодта, уыдон уыдысты. Æмæ ма йæ, цымæ, цафон ныккарстаиккой? Знон мах бынтон æрæджиаумæ ам куы фестæм. Абон уыдаиккой, æмæ нырма æхсæвы цъæх куы у. Мæйрухсмæ йæ ныккарстаиккой, æндæр куыд? – Дисæй мард Бедуха. Дисы бафтыдысты иннæ дыууæ усы дæр.

– Цыдæр æххуысгæнæг дын ис, нæ ног æмбал. Кæс-ма, кæс, мах хæйттæм куыннæ æрбарæдыд, – дзуры Ануфæ дæр.

– Дæлимонтимæ кæд исты баст дæ? – хъазæнæмхасæнты йæ афарста Фена дæр, æмæ æртæйæ дæр бахудтысты.

– Уæ сæ мад, сæ фыды фæллой сын хæлар уа. Ам, æцæгæйдæр, сыгъзæрин адæм куы цæры, – загъта Бедуха, – фæлæ кæмæн раарфæ кæнон? Куыдæй йæ базонон? – йе ᾽мбæлтты фæрсæгау акодта сылгоймаг.

– Рабæрæг уыдзæн фæстæдæр. Адæмæй ницы сусæг кæны, – загъ- той йын уыдон æмæ цæхæра къахын байдыдтой.

Аминæт базыдта, чи уыд уый, æмæ йæ зæрдæ дзæнгæрæг фестад. Ома сын кæй баххуыс кодта, уый цинæй нæ, фæлæ æндæр цавæрдæр бæрзонддæр æнкъарæнтæй ссыгъд чызджы риу. Фæлæ йын уыйбæрц ныккæрдын куыд бантыст?..

Уайтагъд йæ хъустыл ауадысты Цæрайы ныхæстæ: «Саламджери ныртæккæ йæхи куыд æвдисы, ахæм нæу. Йæ сæр бахъуыд, уæд йæхи нæ бафæсвæд кæндзæн».

Бынтондæр йæхицæн бынат нал ары Аминæт, Саханджерийы фендмæ бæлгæйæ. Фæлæ Саханджери дыккаг æмæ æртыккаг бон дæр нал фæзынд.

Æрмæст та æртыккаг бон уыцы æбæрæг чидæр ныккарста, сæ хайæ ма чи баззад, уыцы хæмпæлгæрдæг дæр. Ноджы тынгдæр сцымыдис сты Бедуха æмæ йæ куысты æмбæлттæ. Дисы бафтыд суанг Цæра дæр.

 

5

Фесæфт, фесæфт Саханджери: «Кæд мæ афтæмæйты дæ маст исыс, уæд уый æгæр уæззау æфхæрд у», – йæхинымæр ныхас кодта Аминæт. Уæлдай тыхст уымæй кодта, æмæ дзы кæй бафæрса, уый нæ зоны, – кæмæ бауæнда, кæмæ бацæуа. «Изæры, изæры Сонайы æнæ бафæрсгæ нæй, уадз, æмæ мыл худæд. Кæд уый тыххæй фегад уон, уæд уадз æмæ фегад уон», – фидарæй скарста чызджы зæрдæ.

Куыддæр куыстæй æрцыд, афтæ тагъд-тагъд йæхи арæвдз кодта, ныр фæраст уа, афтæ дуарæй худгæ æрбахызт Сона. О, уæлдай цин ыл бакодта ацы изæр Аминæт.

– Æз та ма дæумæ цæуинаг уыдтæн, æмæ дæхæдæг фæраздæр дæ, – нæ басусæг кодта йæ хъуыды Аминæт.

– А, уый Сона куы дæ, мидæмæ, мидæмæ, мæ къона, æвæджиауы цæхæраджынтæ ракодтон. Рацу, цалынмæ тæвд сты, уæдмæ дзы ахæр, – къæбицæй рахизгæйæ, хуыдта Бедуха Сонайы.

– Хæрдджын дæн, фæлæ, цæхæраджынтæ бирæ кæй уарзын, уымæ гæсгæ сын сæ дзаджджынтæй ахæрдзынæн, – бахудт Сона æмæ фæраст Бедухайы фæстæ. А ныр къæсæрыл бахиза, афтæ фæлæууыд, фæзылд Аминæтмæ æмæ йæм дзуры:

– Ды та рæвдздæр дæхи адзæбæхтæ кæн. Ацы изæр клубы диссаджы кино цæуы, æмæ йæ, зæгъын, фенæм. Ацы цæхæрайæ нæ кинотæм дæр нал æвдæлы.

– Ой, уæ бонæй уат, ныры фæсивæд, кинотæ æмæ сын театртæ, стæй хъазтизæртæ йедтæмæ мацы ратт! Кино та цы у, кино? Дзæбæх фын куы фенай, уæд дын уый кино, – фынгыл чъиритæ æвæргæйæ, дзырдта Бедуха.

– Æмæ кинойæ хуыздæр та цы ис! Стæй дын, уадз æмæ, дæ чыз-джы адæм базоной. Нырма иу хатт дæр нæма уыд клубы, – дзырдта, хæргæйæ, Сона.

– Æз ницы зæгъын, фæлæ уым æнуды бадыны бæсты фæлтау дзæбæх бафынæй кæн, уый хуыздæр нæу? Афтæ уæхи пайдайæн дзурын, – Сонайы фарсмæ æрбадт Бедуха дæр.

Уæдмæ æрбахызт Аминæт.

– Уый дыл диссаджы къаба куы ис! Бынтон ныррæсугъд дæ. Цу æмæ цауддæр исты акæн. Науæд дæ, мæ хур, исчи куы аскъæфа, уæд мæ дæ мад чызг агурдзæн, æмæ йын æз кæцæй æрхæсдзынæн ахæм рæсугъд чызджы…

– Киномæ, зæгъыс? Цæй, лæууæм абон, райсом ацæудзыстæм, – загъта Аминæт.

– Æвæццæгæн, дæхицæн æцæгæйдæр фæтарстæ аскъæфынæй. Цом-ма, цом, æз демæ куы уон, уæд дæм ничи бауæнддзæни, – худти Сона.

– Нæ… Куыддæр мæ нæ фæнды, – æцæгдæр нæ разы кодта Аминæт.

– Ой, гормон, уый та куыд? Чызг, цæвиттон, дæу тыххæй æрбацыд, ды та… – сбустæ йыл кодта Бедуха.

– Бедуха, уадз æй, нырма нæ хъæуы уазæг у, æмæ ацы хатт йæ фæндон фæуæд, – загъта Сона æмæ сыстад. Иу карст цæхæраджынтæй йæ къухы райста æмæ Аминæтимæ чысыл цæхæрадонмæ ахызтысты. Сона хæрд куы фæци, уæд дзуры Аминæтмæ:

– Мæнæ чызг, ацы фæстаг заманты дæ чемыл нæ дæ. Цыдæр æн- къард кæныс. Æвæццæгæн, кæм цардтæ, уым уарзон ныууагътай, æмæ йæм дæ зæрдæ ахсайдта. Æви дæм ам хорз нæ кæсы?

– Ныууадз ма мæ, дæ хорзæхæй! Ам æз бæргæ хъæстаг ницæмæй дæн, фæлæ мæхæдæг цыдæр катайаг сдæн, æмæ йæ не ᾽мбарын, цы кæнын, уый, – æфсæрмхуызæй загъта Аминæт æмæ Сонайыл йæхи бакъул кодта.

– Иугар чызг афтæтæ куы байдайы, уæд уый уарзондзинадæй вæййы. Мæн дзы нæ асайдзынæ. Æз æй мæхицæй хорз зонын. Уæвгæ, Хуыцау дын уый ма бавзæрын кæнæд, æз цы ныууыдтон æнæхъæн дыууæ азы! Фæлæ, уыныс дæхæдæг, ацыд уарзт, æз та ма ныр дæр æгас дæн…

– Радзур ма йæ бæстондæр, – æрхатыд æм Аминæт.

– Æмæ мыл дæхи худæгæй куыд схæссай…

– Уый та куыд? Мæнмæ худæг нæ кæсы искæй уды хъизæмар.

– Уæдæ хъус: æз уæд дæсæмты ахуыр кодтон. Ардæм нæм иу киномеханик æрцыд. Цы бон æй федтон, раст уымæй фæстæмæ мæ зæрдæ сагъæссаг фæци. Хъæуа-нæ хъæуа хъуамæ-иу истæй ᾽фсон клубмæ бауадаин, кæд мæ лæппу æппындæр нæ хъуыды кодта, уæддæр. Уæд сфæнд кодтон, мæхæдæг ын æргом зæгъон мæ хъуыды. Иубон ме ᾽мбал Замирæтимæ æнхъæлмæ кæсын лæппумæ. Кинойы фæстæ адæм иууылдæр рацыдысты. Æрæджиау клубы цырæгътæ æрхуыссыдысты, æмæ уæртæ фæзынд Хазби, – афтæ хуынд йæ ном.

– Чызджытæ, ам цы лæуут? Æви дыккаг сеансмæ æнхъæлмæ кæсут? Мæ бон у, æмæ ма уын æй иу хатт равдисон.

– Мæнæ, зæгъын нæ ды кæд нæхимæ акæнис, науæд нæхæдæг нæ уæндæм, – афсон кодта Замирæт.

– О, ахæм рæсугъд чызджыты æз уалæ мæймæ дæр схæццæ кæндзынæн. Цомут-ма, уæдæ, цомут, – зæгъгæ фæкодта Хазби æмæ не ᾽хсæн балæууыд. Нæ дæлæрмтты нын йæ къухтæ фæтъыста æмæ ныл размæ ахæцыд. Æрхауынмæ мæ бирæ нал бахъуыд.

Фæндагыл нын бирæ худæджы ныхæстæ фæкодта, фæлæ мæм иууыл дзырдтæ нæ хæццæ кодтой, хорз мæм нæ хъуыстысты мæхи мидныхасæй. Æз катайыл сдæн: «Ныртæккæ, зæгъын, Замирæт сæхимæ куы бацæуа (æз чысыл дарддæр цардтæн) æмæ, зæгъын, æз иунæгæй куы аззайон лæппуимæ, уæд куыд кæндзынæн, мæ уарзт ын куыд раргом кæндзынæн?..

– Æз нæхи раз дæн ныр. Фæлæ дыл ме ᾽мбалы фæдзæхсын. Хæрзæхсæв ут, – арфæ нын ракодта Замирæт, стæй йæ къух афæлвæрдта Хазбийы къухæй суæгъд кæныныл. Хазби йын æй суагъта æмæ загъта:

– Цæй, æххæст демæ Сонайы схæццæ кæнæм…

Замирæт ницуал сдзырдта, махимæ рацыд. Цалдæр мæйы фæстæ Хазби æмæ Замирæт Бухарамæ афардæг сты…

Æз сæ иумæ дæр нæ мæсты кæнын. Стæй сæм цæй тыххæй хъуамæ мæсты кæнон? Цы ахосджын сты? Фæлæ йæ мæ бон нæ уыд ферох кæнын æнæхъæн дыууæ азы. Суанг ма йæ мæ фынты дæр уыдтон. Æвæдза, ныр дæр мæ бынтон нæ ферох ис. Уыцы хъуыддаджы æз тынг хæлæг кæнын Саханджеримæ. Æй, тæхуды, уый зæрдæ мын куы уаид! Кæй фенай, уый та бауарз.

– Саханджери, зæгъыс? Æмæ Саханджери цы кæны? Радзур ма, цавæр зæрдæ йын ис, – йæхи нал баурæдта Аминæт.

– Нæ хо, ма йæ бауарзай! Æгæр фæрæвдз дæ йæ коймæ. Дæхи дзы бахиз, уый нырыккон Дон Жуан у, кæд æм лæгдзинæдтæ дæр бирæ ис, уæддæр.

– Радзур-ма, радзур, цавæртæ? Мацы дæ ферох уæд, цыдæриддæр дзы зоныс, уый радзур.

– Саханджери куыд фæзæгъы, уый зоныс: тæхуды, æмæ, дам, зæрдæйæн адихтæ кæнæн куы уаид! Æз, дам, уæд мæ зæрдæ æппæт чызджытыл байуарин. Æвæдза, уыцы аипп æм нæй, уæд, цымæ, йæхицæй лæгдæр уаид. Чи йæ амбулид кусынмæ, æгъдау раттынмæ. Ноджы ма йæм иу диссаджы миниуæг ис: мæт ницæуыл кæны. Дыууæ азы хъæуæй иу-авдæй, уый размæ азты чи никæдæм бахауд, уыдон иумæ фæкæнæм экзаментæ. Чызджытæй чи нæ бахауы, уыдон кæугæ рацæуынц, лæппутæ та сæ сæртæ æруадзынц. Саханджери та худгæ рацæуы. Афтæмæй ныр æртæ азы дæтты экзамен æмæ, дам, 10 азы куынæ хаон, уæддæр, дам, уырдæм цæудзынæн – мæн дам, юрист йедтæмæ ницы хъæуы. Æмæ ахæм у: цы сфæнд кæна, уый йын нæй æнæ саразгæ. Стæй, цы куыст кæна, хъуамæ уый арвы онг сиса. Донласæгæй куыста æмæ йæ уый онгты систа, æмæ йæм йе ᾽мбал лæппутæ хæлæг кæнын райдыдтой. Чидæртæ ма дзы афтæ дæр дзырдтой, уый, дам, куы зыдтаиккам, ахæм диссаджы хъуыддаг у донласæджы куыст, уæд, дам дзы мах нæ куыстаиккам, нæ разы, дам, нæ уыди, æви.

Уæдæ ныр дæр та, дæхæдæг æй зоныс, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр – дружинник, фæлæ ма йæм бакæс, – кънйазы цыдæй нæ рацæйцæуы йæ бæхыл. Ам дæр та йæм цы фау æрхæсдзынæ, – быдыры хуымтыл цъиу абадын дæр нæ уадзы.

Уæдæ фæдисы хъæр фæцыди, зæгъгæ, уæд æй зонгæ та куыд тагъд бакæны: хъуамæ уайсахат уым балæууа. Фарон сæрды сывæллæттæ артæй хъазыдысты далæ Садуллæты раз. Чи вæййы хъæуы, сæрдыгон бон куыстæй кæй февдæлы, зæрæдты йедтæмæ, цæстдард нæ фæци сабитæм, æмæ сын сæ арты зынг куыддæртæй тапкайы сæрмæ схауд. Ныггуыпп кодта топпы хосау хус хъæмп – хъæмпæй æмбæрзт уыд тапка. Арт уырдыгæй сарамæ баирвæзт. Сара хæдзармæ æмныхæст уыд. Хъуамæ сау фæнык фестадаиккой, Саханджери, зæгъгæ, нæ фæзынд, уæд. Йæхи, дам, арты гуылфæны баппæрста. Кæм донæй, кæм фæрæтæй архайгæйæ, уайтагъддæр арт ахуыссын кодта.

Æмæ науæд… Стæ-ма, Саламджерийы йедтæмæ нын ныхасæгæй ницуал ис? Кæд та нæм искуыцæй хъусы, уæддæр, уымæн, æнхъæл кæм нæ уай, уым дæр разыны.

– Бæргæ, бæргæ куы ма фæзынид! Ныр авд боны кæм ис, уый бæрæг нæй, – йæхи та нал баурæдта Аминæт.

– Нæ загътон, нæ, бауарзтай йæ! Куыд бæлвырд æй зоныс, цал боны йæ нæ федтай, уый дæр! Дæхиуыл хæц. Намæ уый Саханджери куы фембара, уæд дæ хъазæн хъул сараздзæн. Ма йын раргом кæнай дæхи…

– Куы ма фæзынид, куы ма йæ фенин! Кæд мæ адзал уымæй уы-дзæн, уæддæр… Стæй, Сона, ахæм хъæбатыры куы бауарзай уæд уым æвзæрæй цы ис? Фæлæ кæм ис? – ныуулæфыд Аминæт.

– Уый та цыдæр æрхъуыды кодта, хуымæтæджы æнæзынгæ та нæу, – æмæ ма цыдæр зæгъинаг уыд Сона, фæлæ йæ Аминæт фæурæдта:

– Цыдæр радзуринаг ма дзы куы уыдтæ. Нæ дæ ныууадздзынæн, цалынмæ мын æй радзурай, уæдмæ.

– Мæнæ цы тыххæйгæнæг ис! Хъус, уæдæ. Уый мæнæ мæй раздæр уыдис: раст æмбисбон хабар айхъуыст хъæуыл. Мæдинæты, дам, æвæндонæй фескъæфынц цæвæрдæр къулбадджытæ. Лæппутæ афæдис кодтой. Фæлæ уайтагъд фæстæмæ фæзылдысты. Саханджери хъæугæрон йæ бæхыл сæ ныхмæ фæци, йæ фæсарц Мæдинæт, афтæмæй. Кæмдæр скъæфджыты ныййæфта æмæ сын æй байста. Адæмы дæр, чызджы мад æмæ фыды дæр хорз фæхудын кодта. Æз, дам уын уæ хъæбулы цардæгасæй, æнæфыдбылызæй сæмбæлын кодтон. Æцæг, дам æй ам нæ раргъæвдзынæн, комкоммæ, дам æй ласын нæ тæккæ хæдзармæ, æз, дам æй байстон, æмæ, дам, хъуамæ ныр мæн уа! Йæхицæн дзы æфсымæр загъта Мæдинæт. Æмæ кæрæдзиуыл, æцæгдæр, хо æмæ ᾽фсымæрау æнувыд сты. Уæдæ дæхæдæг дæр уый зоныс, – уыйадыл Сона фестад, ныххудти æмæ лидзынмæ фæци.

Аминæт ма йæ фæстæ бæргæ разгъордта, фæлæ йæ нал баййæфта. Баздæхт фæстæмæ йæ уатмæ. Йæ дзаумæттæ дæр нæ раласта, афтæмæй сынтæгыл йæхи æруагъта æмæ ахъуыды кодта: «Уæдæ æз загътон, мæн йедтæмæ йæ ничи зоны, Саханджери нын кæй ныккарста нæ хуымы сæртæ, стæй йын Мæдинæт дæр кæнгæ хойæ дарддæр кæй ницы у», – æмæ циндзинады мидбылхудтимæ афынæй.

 

6

Тыхсы Аминæт. Йæхицæн бынат нал ары. Саханджери кæй нал зыны, уый тыххæй сагъæсты бынтон бафтыд.

Нал-иу уыд кæрон бонтæн дæр. Уæдмæ скъахтой бирæтæ сæ цæхæра. Фесты сæ хæйттæ Ануфæ æмæ Фена дæр. Фæци йæ хай Бедуха дæр. Аминæт йæ мадимæ фæкæсынмæ баздæхтысты Сонатæм. Æрмæст машинæмæ авгæнын ма баззад уыдонæн дæр сæ цæхæра. Дыууæ чызджы ауагътой сæхимæ сæ ныййарджыты, нæхæдæг, дам, сæ бавгæндзыстæм. Сымах та, дам, нæ ныццыдмæ уæлибæхтæ ракæнут.

Фæстаг цæхæратæ ма баппæрстой, æмæ машинæ араст. Фæссихорæй ахызт рæстæг, фæлæ нырма тæвд уыд. Нæхи ахсæм, зæгъгæ, чызджытæ доны былмæ ныххызтысты. Пыхсбыны бæзджын кæрдæгыл æрбадтысты.

– Гъеныр дын чындзы цæуынмæ дæр бар ис. Цæхæра æфснайд фæци. Цы ᾽фсон ма скæндзынæ ныр та? – бакъуырдта йе уæхскæй Сона Аминæты.

– Æмæ дын цæхæрайы аххос кодтон нырмæ? Стæй кæмæ фæцæ- уон? Мæ уындæй æмбæхсгæ чи кæны, уымæ? – æрхæндæг хъæлæсæй загъта Аминæт.

– Нæй… уæддæр æй уарзыс, уæддæр ыл дæ зæрдæ нæ ивыс. Дæ бар дæхи, фæлæ Саханджери уарзтæн гуырд нæу, ома æцæг уарзтæн. Бинойнаг кæмæй зæгъа…

– Уарзгæ нæ, Сона, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма æнæ уый цæрын мæ бон нæ бауыдзæн. Нырмæ иу афтæ загътон, цæлынмæ ахуыр скæнон, уæдмæ мын чындзы ацæуæн нæй. Фæлæ мын ныр Саханджери æрмæстдæр æфсоны загъд дæр куы кæнид, кæнæ мын æй иучысыл истæмæй куы бамбарын кæнид, уæддæр йæ фæстæ алидзин. Уый онгты сдæн. Мæ царды ссæдз азмæ уый нæ бавзæрстон, ныр цалдæр бонмæ зæрдæрыстæй цы федтон. Мæнæ куыд æвирхъау у уарзт!.. Мæнæ мыл куыннæ ауæрды, мæхи ма дзы цы фæкæнон, уый нал зонын…

– Алæ-ма, кæугæ кæныс, æви? Цы хабар у? – йæ сæр ын йæ риумæ æрбайсгæйæ æмæ йын йæ цæстытæм æдзынæг ныккæсгæйæ, афарста Сона Аминæты. – Ай ма мæнæй æррадæртæ куы ис. Дæ цæссыгтæ рæвдз асæрф, нæуæд дæ афтæмæй куы ᾽рбаййафа Саханджери, уæд та йæ фындз арвыл сæвæрдзæн.

Раст тæккæ уыцы сахат бæхы къæхты хъæр ауад чызджыты хъустыл.

– Дæхи адзæбæхтæ кæн, фæзынди дæм. Лæхъирхуызæй ма равдис дæхи йæ разы. Уый чысыл æфсон йедтæмæ нæ хъæуы, – фæдзæхсы йе ᾽мбалæн Сона æмæ йын йæ цæссыгтæ асæрфта, стæй йын загъта:

– Уый дæлимонтæй уæлдай нæу, цыма зæххы бынты фæцæуы, афтæ æваст февзæры адæймаджы раз.

Мæнæ æцæгдæр сæ уæлхус алæууыд Саханджери. Чызджытæ фæгæппытæ ластой.

– Кæд исчи афтæ фенхъæлы, æмæ æз хынджылæг фæкæнын. Мæ къухтæм æй хъæуы, зæгъгæ уын нæ дзырдтон уыцы хуыснæджы, – загъта Саханджери æмæ æртæррæст ласта йæ бæхæй. Аминæты бирæ нал бахъуыд бауадзыгмæ.

– Кæм уыдтæ, кæ, нырмæ? Уыйбæрц дын цы кодтон? Цæмæн мæ æмбæхсыс? – тыххæйты ма йæм сфæрæзта.

Ацы фæлмæн кæуынæввонг ныхасыуаг Саханджерийы хъаруджын къухтыл, чызгмæ февнæлынмæ кæй фæцæттæ кодта, уыдоныл цыма хъадамантæ авæрдта, уыйау сæ фæстæмæ уырдыгмæ æруагъта. Чызджы сырх уадултыл бынмæ æрызгъæлдысты цин æмæ уарзты цæссыгтæ. Бынтондæр æрсаст, æртад Саханджерийы хъæддаг зæрдæ. Исдуг йæ бынаты лæугæйæ баззад.

Аминæт ын йæ цæстытæм ныккаст æмæ йыл ныттыхсти. Саханджери сындæггай йæхи суæгъд кодта, фæуад йæ бæхмæ, йæ фæдыл æй раласта. Йæ дæлармы æрбакодта Аминæты æмæ йын йæ хъусы бадзырдта:

– Нæ зонын, куыд дæм фæкæсдзæн, фæлæ æз абонæй фæстæмæ дæу дæн. Кæд дæм барвитон мæ минæвæрттæ? – афарста Аминæты æмæ йын йæ дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй фæсидти кæмдæр пыхсы бын æмбæхсæг Сонамæ.

– Цы фæдæ, де ᾽мбалы кæмæн ныууагътай? – йæхæдæг Аминæты фелвæста æмæ йæ бæхмæ сæппæрста.

– Мæнæ дæн, мæнæ æз дæр, – пыхсы бынæй йæ сæр радардта Сона. Аминæт саргъæй æргæпп ласта.

– Ма та-иу фесæф, – дзуры лæппумæ. – Ма та-иу мæ ферох кæн, уæд мын æнæ амæлгæ нал уыдзæн. – Æмæ цингæнгæ Сонамæ базгъордта. Цалынмæ чызджытæ къардиуы аууон нæ фесты, уæдмæ сæ фæстæ каст Саханджери. Стæй йæ бæх иннæрдæм фæзылдта æмæ доны фæллаг фарс фæци. Уæлбылмæ дугъæй стахт. Иу хатт ма акаст чызджытæм, иу хатт ма сæ æрцахста йæ цæст, æхсызгон худт бакодта æмæ рог сæппæй нартхоры кæрæтты заргæ фæраст и.

Ныгуылæны хур æм йæ уæрæх мидбылты худти.