ДАУЫРАТЫ Дамир

ТОХЫ БЫДЫРЫ

Ацы хабæрттæ мын радзырдтой Фыдыбæстæйы
Стыр хæсты архайджытæ сæхæдæг

СЛОНАТЫ Нинæ:

– Хæсты хатгай салдаты фервæзын кæны канд сæрæндзинад, хъæбатырдзинад нæ. Æз уый мæхицæй зонын…

Снайпер уыдтæн æз. Дыгæйттæй-иу ацыдыстæм, хъæугæ ран-иу æрæмбæхстыстæм æмæ-иу æнхъæлмæ кастыстæм, фале немыцаг кæд фæзындзæн, уымæ. Иугæр ыл нæ цæст æрхæцыд, зæгъгæ, уæд дæ балгъитæг афтæ.

Сæрды уыдис уый. Хъæдрæбын мыртгæ бæласы къалиутæ нæ тæккæ сæрмæ æрзæбул сты, мæргътæ зарынц, мæнæ цыма хæстæн йæ кой дæр никуы ис. Мæ хъæу-иу ауад уæд мæ цæстытыл. Цæхæрадоны кæрон нæм раст ахæм пæлæхсар бæлас уыд, мæ фыд-иу ын йæ пуцæлттæ тонын нæ уагъта, æмæ-иу уыдон зымæг-зымæджы дæргъы дæр йæ уæлæ баззадысты. Куы дæ дзы хъæуа, уæд, табуафси, арф миты ацу, къалиу æрсæтт æмæ йæ хæдзары хъарммæ сырх тырысайау æрбахæсс.

Сихормæ æввахс нæм фæстæты арф кæрдæджы æрбабырыд нæ старшина хæринагимæ. Æцæг дзы, не ‘намондæн, уидгуытæ ферох сты. Цы чындæуа? Уыцы старшина мын фыдæн бæззыди, фæтæригъæд ын кодтон, мæхæдæг йæ фæд-фæд абырыдтæн, зæгъын, æз дæуæй рæвдздæр уыдзынæн, ды мæ бынаты æрæмбæхс.

Æрдæгфæндагыл ма уыдтæн, афтæ бæстæ гуыпп-гæрах ссис. Уидгуытæ бæргæ ‘рбахастон, фæлæ нæдæр ме ‘мбалы ссардтон, нæдæр нæ зæронд старшинайы: сæ бынаты уыд, сармадзаны нæмыг кæм æрхауд, ахæм уæрæх дзыхъхъ, йæ арфы мыртгæ бæласы саст къалиутæн сæ зыр-зыр нæма ссыд, сыджыты къуыбæрттыл туджы пырхæнтæ хурмæ сырх-сырхидæй æрттывтой…

Æз хъысмæтыл не ‘ууæндын, мæ хъуыддаг ацыди, зæгъгæ, зæгъын дæр мæ бон нæу. Уæдæмæ, хæст хæст у…

 

* * *

ДАУЫРАТЫ Никъала:

– Севастополы цур нæ батальонæн тас уыд уацары бахауынæй, знаг ныл хъавыд æрхъула кæнынмæ, æмæ бардзырд райстам, цæмæй къордтæ-къордтæй æдасдæр бынатмæ ацæуæм, уым æрфидар уæм. Бахъавыдыстæм мæйдар æхсæвмæ. Иуафон сæлфынæг кæнын райдыдта, нæ развæндаг нæм мигъæй нал зынд, æмæ ныл немыц хæрхæмбæлд куы фæуой, уымæй тарстыстæм. Хъæуы кæрон иу бæрзонд кауы рæбын æрхуыссыдыстæм нæ фæллад уадзынмæ. Æмæ дæ уырны, куыддæр уыцы кауыл мæ фæсонтæ андзæвыдысты, афтæ мæ хуыссæг ацахста, æмæ мæ фыны мæ хъæу Хуымæллæджы фестадтæн. Цыма нæ кæрты астæу бады мæ фыдыфсымæр
Дриска, йæ цуры та нæ зæронд арынджы урс-урсид гæдыйы лæппын æндахы къуыбылойæ хъазы, ратул-батул æй кæны. Æвиппайды уыцы æндахы къуыбылой… фестади гранат. Дриска фæгæпп ласта, ныхъхъæр кодта:

– Цæхæрадонмæ йæ фехс!..

Æз уыцы хъæрмæ фехъал дæн. Мæ гранат (лимонкæ) асгæрстон мæ фæрсыл, æмæ уым – нал. Æвæццæгæн мын, зæгъын, чысыл раздæр цы сармадзаны дзыхъхъы æмбæхстыстæм, уым ахаудта. Ме ‘мбæлттæ мæ нæ уагътой, фæлæ сæм æз нæ байхъуыстон, йæ агурæг аздæхтæн, уыцы дзыхъхъы алы къуыбар дæр басгæрстон, иу сахаты бæрц бафæстиат дæн. Куы йæ ссардтон, уæд хуымæтæджы цин кодтон, ме ‘мбæлттæй мæнмæ йеддæмæ гранат никæмæуал баззад.

Бон рухс кæнын куы райдыдта, уæд кæсæм, æмæ уæртæ нæ фале – хъæд. Исты хуызы йæм баирвæзæм, зæгъгæ, гуыбырæй згъорын куыд райдыдтам, афтæ иуварсæрдыгæй немыцаг пулемет скуыста, нæ нæ размæ уадзы, нæ – фæстæмæ. Цы чындæуа? Нæ лейтенант Плетнев мæм æрбакаст æмæ зыбыты иунæг ныхас загъта:

– Давай!

Уæдмæ дзæбæх æрбарухс, уыцы пулемет кæцæй æхста, уый мæхицæн сбæрæг кодтон, судзаг пысыраты астæуты йæм мæ фазыл фæбырыдтæн. Мæ гранат йæ куыст бакодта…

Уый фæстæ-иу мæ хæстон æмбæлттæ уыцы лимонкæйы хабар арæх æрымысыдысты, дис кодтой, куыннæ, дам, фæзивæг кодтай фæстæмæ агурæг аздæхынмæ. Хуыцауæй бузныг уыдысты…

 

* * *

ХЪУЫСАТЫ Дзиппо:

– Хæсты кæронмæ бирæ нал хъуыд. Иу зымæгон бон нæ батальон атакæйы ацыд, фæлæ ныл, мах æнхъæл кæцæй нæ уыдыстæм, ахæм ранæй немыцаг пулемæттæ ралæууыдысты, арф миты нæ схуыссын кодтой, сæр сдарыны фадат дæр нын нал уыди. Чысыл фæстæдæр нæ нæ сæйраг тыхтæ дæр хъуамæ раййæфтаиккой. Сахат рацыд, дыккаг, æртыккаг, фæлæ уыдон никуыцæй зынынц. Ныр уазал дымгæ йæ
куыст кæны, уæнгты иннæрдæм хъары, кæй зæгъын æй хъæуы, æххормаг ахсæнтæ дæр хъæрзынц, сæхиуæттæ агурынц, лæджы хъару сæтты.

Уæдмæ æрæхсæв. Иуварсæрдыгæй мæм иу салдат хæстæг æрбабырыд æмæ дын мын афтæ:

– Æмбал лейтенант, уæртæ-ма кæс… Нæ кухнæ нæм æрбахæццæ, сæ къухтæ нæм тилынц, рацæут, дам…

Нæ хицауадимæ ууыл ныхасгонд нæ уыдыстæм, æмæ тынг фæдис кодтон. Акастæн уыцырдæм, фæлæ мæм миты фæлдзæгъдæны се ‘ндæргтæ йеддæмæ ницы зынд, уæрдоны бæх сау уыди, æрмæст уый дзы раиртæстон. Уыцы арф миты абырыдыстæм æмæ дын… немыцаг кухнæ куы разынид дыууæ æрдæгæргъæвст салдатимæ. Зæххыл сæ фæдæлгоммæ кодтам, сæ автоматтæ сын иуварс фехстам. Агтæ тæвд касæй дзидзаимæ – се ‘мдзаг, замманайы пух дзул дзы. Хорз федтам нæхи, стæй немыцæгты æд бæх ауагътам.

Дыккаг бон нæ иннæтæ дæр æрбаййæфтой, хъаруджын æмæ
æфсæстæй знæгты нæ хъæлæсы ахастам, уацайрæгтæ дæр райстам. Се ‘хсæн базыдтон, знон нæм цы дыууæ салдаты æрбадзæгъæл, уыдоны дæр. Афтæ мæм касти, цыма мын сæ тæригъæд цæстæнгас дзырдта: «Рох уæ ма уæд, знон уын хæринаг мах æрбаластам, уе ‘ххормаг гуыбынтæ уын мах бафсæстам…»

Бирæ цыдæртæ мæ ферох уал азы фæстæ хæстæй, фæлæ уыцы дыууæ немыцаг салдаты арæх ауайынц мæ цæстытыл…

 

* * *

БАДРИАТЫ Никъала:

– Зын бауырнæн у, фæлæ мыл фронты æппæтæй тыхстдæр бонтæ скодта, Сталинграды æмæ Хъалмыхъхъы тыгъд быдырты не ‘фсæддонтæ фæстæмæ куы цыдысты, уæд. Немыцаг хæдтæхджытæ-иу нæ сæрты æрбатахтысты, пулеметтæй-иу ныл ралæууыдысты, æмæ уæд зæххыл ныххуысс æмæ Хуыцаумæ кув. Фæлæ æз тынгдæр тыхстæн æндæр хъуыддагæй.

Адæймаг адæймаг у… Бæлæстæ, къутæртæ, суанг дзы арф кæрдæг дæр нæ уыд, ома æмбæхсæн ран, æмæ уыцы мингай салдæттæ сæ доны хуыпп уагътой æппæты раз, сæ хуылфыдзаумæттæ дæр-иу скалдтой, æфсармы кой дзы нал уыд. Уыцы рæстæг-иу немыцаг хæдтæхæг фæзынд, зæгъгæ, уæд-иу гом фæстæгтæй размæ стырындз сты салдæттæ. Æвзæр тæфæй уыцы æнæкæрон тыгъдады дæхи цы фæкодтаис, уымæн ничи ницы зыдта, дæ къах-иу кæм æрæвæрдтаис, ахæм хус бынат-иу дзы нал уыд.

Уыцы уавæры æфсæддонтæ уыдысты тынг мæгуырхуыз, тæригъæд, бындзыты балтæ-иу сæ сæрмæ æрцауындзæг сты, æмæ-иу сæ гуыв-гуыв знаджы хæдтæхджыты хъæрæй æнаддæр уыди…

Иннæтæн нæ зонын, фæлæ уыцы быдыртæ фæсте куы аззадысты, уыцы хъылма тæфæй куы фервæзтæн, Волгæйы цæугæдоны мæхи куы ныннадтон, мæ сыстытæ йын йæ уæздан уылæнты сæр, рæдзæмæдзæгæнгæ, куы федтон, уæд мæм, бауырнæд уæ, уымæй фæстæмæ хæсты иннæ зындзинæдтæ нымады дæр нал уыдысты…

 

* * *

Ацы хабар мын кæддæр нæ редакцийы шофыр Пухаты Валерик ракодта йæ фыд Темболаты тыххæй… Арæх, дам-иу мысыд тохы быдыртæ, тынгдæр та, дам, иу ахæм цау:

– Фыццаг бонты не ‘фсæдтæ фæстæмæ лыгъдысты, æмæ мæ фыд, стæй ма дыууæйæ сæ батальонæй фæиппæрд сты æмæ æхсæвы иу æнæзонгæ хъæумæ бафтыдысты. Кæройнаг хæдзары рудзынг бахостой, зæронд лæг æмæ дзы зæронд ус разынди. Мидæмæ сæ бауагътой. Кæдæй-уæдæй, дам ма нæхи хъарм донæй ныхсадтам. Уæрмæй сын нозт æмæ цæхджын джитъритæ схастой…

Дыккаг бон сæумæцъæхтыл куы цыдыстæм, – диссагæн-иу дзырдта мæ фыд, – уæд, дам, зæронд ус хæдзары асинты цур нæ размæ ‘рлæууыд, йæ къухы æртæ урс-урсид тæбæгъы.

– Кæрæдзийы фæдыл рахизут, махмæ ахæм æгъдау ис, бæлццон тæссаг фæндагыл куы фæцæуы, уæд, – загъта нын уый.

Раздæр рахызт Даниил Коренев. Ус ын йæ къæхты бынмæ тæбæгъ æрæппæрста, фæлæ уый нæ асаст. Ус æм хæрдмæ дæр не скаст, тæбæгъмæ æргуыбыр кодта, систа йæ. Ныр та Иван Харитонов равæрдта йæ къах. Ус та тæбæгъ уый къæхты бынмæ дæр æрæппæрста, фæлæ та уый дæр нæ асаст. Ныр та йæхи рад уыдис. Федтон, дам, тæбæгъ уæлдæфы куыд ферттывта, куыд æрхауд æмæ… асаст. Абоны хуызæн, дам ма уайы мæ цæстытыл: фондз дихы фæцис. Æз, дам, сæ сæрты ахызтæн, стæй йæ кауы цур цыдæр тых фæстæмæ ракæсын кодта. Ус йæ фæдыл каст, æмæ, куы æрлæууыд, уæд, дам æм æрбазгъордта. Мæ иу къухæй, дам ма кауы михыл хæцыдтæн, уый тæ йын йæ дыууæ хъарм армытъæпæны анорста, мæ цæстытæм, дам мын ныккаст æмæ загъта:

– Ды æнæмæнг сæрæгасæй баззайдзынæ, дæ къонайыл сæмбæлдзынæ. Сыгъдæг сты дæ цæстытæ, де ‘мбæлтты цæстыты та тас æрцард…

Стæй йæ куатæйы дзыппæй æрдæбоны тæбæгъы сæстытæ систа:

– Хъахъхъæн сæ, æмæ дæ адон дæр хъахъхъæндзысты. Айс сæ…

Нæ батальонимæ баиу стæм, фæлæ цалдæр боны фæстæ Даниил хъæды кæрон минæйыл æрлæууыд æмæ йæ уый хæрдмæ фæхаста, цы ма дзы æрæмбырд кодтаиккам баныгæныны охыл, уый дæр дзы нал ссардтам. Уымæй къуырийы фæстæ Иван сгарæг ацыд æмæ нал раздæхт. Æз кæронмæ фæхæцыдтæн, зыбыты иунæг хатт фæцæф дæн, уый дæр нæхи сармадзаны æфсæйнагæй – мæ къахыл æрхауд.

Уыцы бон мын нæ старшина дыууæ бæхы бричкæ радта, ацу æмæ, дам, сыхаг хъæуы госпиталы дохтыртæн дæ къах фенын кæн. Хъæдæй куыддæр рахызтæн, афтæ иу немыцаг танк мæ тæккæ размæ фæци, фæсте мæ расырдта нарæг лæгъз фæндагыл. Æз мæ бæхтыл æркалдтон, уый мыл пулемет суагъта, загътон, фæци мæ цард. Фæлæ, æвæццæгæн, мæ амондæн, иу ран фæндаг фæхæрдмæ кодта, йæ цъупмæ сирвæзтæн. Нал мæ уынынц, уый уырдыджы бамбæрстон æмæ цæхгæр хъæдмæ фæзылдтæн, пæлæхсар бæлæстæ мæ сæ фæтæн сыфтæртæй амбæрзтой. Танк гуыргуыргæнгæ размæ аивгъуыдта, чысыл фалдæр æрлæууыд, стæй фæстæмæ разылд, иу немыцаг дзы йæ сæр сдардта, ракæс-бакæс кæны. Автомат ыл суадзон, зæгъгæ, фæлæ мæ цыдæр тых баурæдта. Госпиталæй куы раздæхтæн æмæ хабар ме ‘мбæлттæн куы радзырдтон, уæд-иу куы ныддис кодтой, дæуæн, дам, дæ амонд хæрæгыл бады.

Уыцы ус мын цы загъта, уый сын цæмæндæр не схъæр кодтон, фæлæ тæбæгъы сæстытæ хæсты кæронмæ мæ роны фæхастон, æцæг ме ‘мбæлттæй иуæн ныффæдзæхстон, зæгъын, исты мыл куы ‘рцæуа, уæд-иу сæ сис, зæгъгæ.

– Нæ фыд рагæй нал ис, – загъта мын фæстагмæ Валерик, – фæлæ уыцы тæбæгъы сæстытæ ныр та мах хъахъхъæнынц, фыдбылызæй нæ хизынц, сæйрагдæр та нын нæ фыды ном рох кæнын нæ уадзынц…

 

УЫЦЫ БОНТЫ МÆ ХЪÆУ ХУЫМÆЛЛÆДЖЫ
БОМБÆТЫ БÆЛЛÆХТÆ

Знаджы къах махæн нæ хъæуы зæххыл не ‘рлæууыд, Елхотæй уæлдæр нæ сирвæзт. Фæлæ хъæубæстæ æнцой цард кодтой, зæгъгæ, уый зæгъæн нæй. Нæ уынгтæ сырхæфсæддонтæ, машинæтæ æмæ сармадзантæй се ‘дзаг уыдысты. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, знаг зыдта æмæ нын йæ бомбæтæ æмæ сармадзаны нæмгуытæй бахай кодта. Фыццаг бомбæ æрхаудта дæлбылы сыхы 27 октябры 1942 азы фæссихор Бедойты хæдзарыл. Сæ ног чындз Æлбегаты Заретæ уыцы тæккæ афон ноггуырд сывæллонмæ авдæны зылди. Сæ дыууæйы дæр хæрдмæ фæхаста. Иннæ хæдзæрттыл дæр нæ бацауæрста знаг. Фæд-фæдыл ма фæмард сты Басаты Тепсарыхъо, Цæлойты Вари, Æлбегаты Бати, Цæгæраты Сандро – æдæппæт фарастæй.

Дыккаг хатт æртæ стыр бомбæйы немыц æрæппæрстой 6 ноябры. Иу дзы æрхауд колхозы правленийы кæрты,– уым салдæттæ сæхицæн фыхтой дзул– цалдæрæй дзы фæмард сты; дыккаг æрхауд уырдæм хæстæг Азиаты кæрты,– уæд уыдон сæ тæккæ арахъхъ уадзгæйæ уыдысты,– хæдзары æфсин фæмард, йæ ноггуырд чызг Винерæ та цæф фæцис, инвалидæй баззад. Æртыккаг бомбæ æрхауд Гæбæгкаты хæдзарыл, Гаситы лæппу цыппараздзыд Таймуразæн бомбæйы схъис ныссагъд йæ хъусæй галиу цæсты æхсæн. Уыцы рæстæг хъæуы скъолайы æфсæддон госпиталь уыдис, йæ мад æй уырдæм ныскъæфта æмæ йын уым йæ цæст бынтондæр систой,– уый дæр инвалидæй баззад. Фæлæ царды нæ фæцудыдта, уæлдæр ахуырад райста, бæрнон бынæтты фæкуыста, абон дзы куырыхон лæг рауад, цæры кæддæры маисон комбинаты поселочы…

Уыцы бонтæй ма иуы нæ хъæу тынг фæрыстысты нæ колхозы фыццаг сæрдар Бедойты Мухайы бæллæхыл. Колхозы фос уæд хæхты уыдысты, Муха сæм йæ бидаркæйы бæрæггæнæг ацыд, фæлæ йæ раздæхтмæ немыц Дзуарыхъæу бацахстой, фæндагыл æрурæдтой Мухайы дæр æмæ йæ куы базыдтой, чи у, цы у, уæд æй уым хъæугæрон фехстой, æрæджиау ын йæ мард раласын бауагътой.

– Æз ма хорз хъуыды кæнын, ноябры немыцаг хæдтæхæг Хуымæллæджы сæрмæ куыд фæзындис, уый, – дзырдта мын мæ дзæбæх сыхаг Бызыккаты Шурæ, – æз уæд фæцæйцыдтæн мæ фыдыхо Лизæйы бæрæггæнæг, уый та цардис Ленины уынджы колхозы правленийы агъуыстæй чысыл дæлдæр, уынджы иннæ фарс. Хæдтæхæгæй бомбæтæ куы æрызгъæлдысты, уæд мæ дымгæйы уылæн размæ аппæрста, фæндаджы астæу рыджы мæ тъæпп фæцыд. Уынæртæ куы банцадысты, уæд мæ фыдыхойы дуармæ – згъоргæ, фæлæ хæдзары цъиузмæлæг – нæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй правленийæ чысыл уæлдæр бомбæ æрхауд Азиаты кæрты, æмæ дзы фæмард хæдзары æфсин. Мæ цæстытыл ма уайы, устытæ куыд згъордтой, уый. Мæ фыдыхо æрæгмæ куы здæхт уырдыгæй, уæд æз дæр нæхимæ рацыдтæн, фæлæ ма абон дæр устыты богъ-богъ хатгай мæ хъусты фæзæлы…

 

САУ ГÆХХÆТТЫТÆ

Фыццаг ахæм ссыди мæ сыхаг Зæйттатæм. Сæ лæппу Алиханæн хæст райдыдта зындгонд Бресты фидары. Нæ иннæ сыхаг, рухсыбадинаг Кокайты Пуцыр дæр уæд уым уыдис, фыццаг уый радзырдта, Алихан знагимæ куыд хъæбатырæй ‘хæцыдис, уый тыххæй.

Хъæуы уæды постхæссæг, æрыгон чызг Бедойты Дипп иунæгæй йæ ныфс нæ бахаста уыцы сау гæххæт Зæйттатæм бадæттын, бацыд хъæусоветы сæрдар Калоты Бадзимæ, æмæ сæм уæд уый цалдæр лæгимæ æрцыд. Мæнæн мæхи мад уымæн æвдисæн уыд æмæ-иу арæх æрымысыд, Алиханы мад Зена куыд ныббогъ кодта, йæ сæрыхъуынтæм куыд фæлæбурдта, йæ рустæ куыд ныттыдта, уый.

Дыккаг ахæм гæххæт балæвæрдтой дæлбылы сыхы Дзгойтæм, уырыссагау дзы уыд фыст, уæ лæппу Хæритон хъæбатырæй фæмард, зæгъгæ. Фæкуыдтой йыл, фæхъарджытæ кодтой, сæ
дуармæ цы акъаци бæлас уыди, Хæритон-иу уалдзæджы кæрон йæ цъуппыл кæмæн балæууыд йæ дидинджытæ хæрынмæ, уый йын цыртæн акалдтой.

Ууыл иу афæдз куы рацыд, уæд хъæуы фале Дудараты станцæйы поезд æрлæууыд, æмæ дзы хæстон дарæсы иу æрыгон лæппу рахызт, лæдзæджы æнцæйтты цыд. Колхозы хуымтæ чи рывта, уыцы чызджытæ йæ базыдтой: уый Хæритон у. Иутæ йыл амбырд сты, иннæтæ хъæумæ разгъордтой цины хабар æзфæраздæронæй зæгъынмæ. Фæндагыл Хæритон уæлмæрдмæ баздæхт, йæ цырт сласта, йе ‘ккойы йæ сæхимæ æрбахаста, йæхæдæг æй ныссаста, кусæрттаг тохъхъыл кæм хъуамæ сфыхтаид, уыцы артæн…

Кцойты Вариса 105 азы фæцард. Дзæбæх ма куы уыд, уæд-иу ын æз йæ таурæгътæм хъусын уарзтон: колхозтæ куыд арæзтой, гæды бæласы къалиу-иу иу цъыккæн чи ахауын кодта, ахæм æхсырфæй-иу мæнæу куыристæн куыд карста, ауæдзы-иу хуымон галы фæдыл куыд цыдис. Йæ фырт Барис хæсты уыдис, æмæ дзы иухатт сыхъуыст, æбæрæгæй фесæфтис, зæгъгæ. Раздæр ын æй нæ хъæр кодтой, стæй иубон сыхы æмæ Кцойты мыггаджы лæгтæ куыройы чъылдыммæ æрæмбырд сты, Варисайæн йæ лæппуйы сæфты хабар фехъусын кæнæм, зæгъгæ. Фæлæ, сæ амондæн, уыцы сахат сæ уæлхъус алæууыд постхæссæг Майрæмыхъуаты Æндыри, мæнæ, дам, Кцойтæм сæ фырт Барисæй телеграммæ ссыд, фæцæуын, дам, нæхимæ…

Æмæ уæд адæм дуар сæ сæрыл бахастой, нæртон симд дзы æрцарæзтой.

 

ХЪАРМ ГАРУЗ, БАЗТÆ, ЦЪЫНДАТÆ

Бирæ арфæйаг ныхæстæ зæгъæн ис, нæ хъæуы адæм фронтæн цы æххуыстæ кодтой, уый тыххæй. Цалдæр дæнцæджы дзы æрхæсдзынæн:

– Æрæмбырд кодтой 311 мин сомы танкты колоннæ «Колхозник Северной Осетии», зæгъгæ, уый саразынæн. Æппæты фылдæр радта Басаты Бабег – 1000 сомы, 500 сомы та – Æлбегаты Уырысхан.

Зымæгмæ хæцæг сырхæфсæддонтæн хъарм дзаумæттæ æмбырд кæныны хъæппæрис равдыста Гæбæгкаты Даццо – хъæусоветмæ æрбахаста дыууæ фысы цармы æмæ фæйнæ цыппар хъарм цъындайы æмæ æрмкъухы. Ахуыргæнæг Цæболты Розæйы лæвар та мæнæ ахæм уыд: бæзджын гæххæтты батыхта хъарм гаруз, къуымбил цъындатæ цалдæр, баз, фындзыкæлмæрзæнтæ æмæ сæ арвыста Краснодары хæстон госпитальмæ. Иуцасдæры фæстæ йæм уырдыгæй ссыди мæнæ ахæм писмо: «Добрый день, Роза! Принесли мне пуховую подушку, моей радости не было конца. То клал ее под голову, то между коленями. Не знаю, как вас называть – сестрой или мамой. Если останусь жить, то этот твой подарок буду считать своей самой ценной вещью… Солдат Иван Козлов…»

Розæ, дам, йæ цæссыгтæ бауромын нæ бафæрæзта…

 

МÆ ДЗЫГЪУЫРТÆ ЙЫН БАХХУЫС КОДТОЙ

1944 аз. Рагуалдзæг. Не ‘рвадæлты ус Ладинкайы дыууæ лæппуйы Максим æмæ Ила хæсты уыдысты. Иубон Дауыраты дуар нæ хъæуы постхæссæг Майрæмыхъуаты Æндыри бахоста æмæ Ладинкайы къухмæ писмо радта, Максимæй уыд. Ладинка кæсын, фыссын нæ зыдта æмæ Æндырийæн ныллæгъстæ кодта, ды мын æй бакæс, зæгъгæ. Уый уынджы гуыркъо бæласы аууон зæронд къодахыл æрбадт, мах дæр ыл, сыхы лæппутæ, амбырд стæм.

Мæнæ цы фыста йæ мадмæ Максим: «Мамæ, зонын æй, хæст
Ирыстонмæ дæр схæццæ ис, уый, æмæ уæм мæ зæрдæ æхсайы. Цæмæй мæ бауырна, дзæбæх мын кæй дæ, уый тыххæй гыццыл Дамиримæ Гогомæ ныццæут, уæ къам сисут, æмæ мæм-иу æй рарвит. Æз ам ме ‘мбæлттæн дæуæй æппæлынæй нæ фæллайын, зæгъын, тынг рæсугъд мад мын ис, мæнæ йæ къамы фендзыстут…»

Ладинка йæ фырты фæдзæхст сæххæст кодта, Гоготæм мæн дæр акодта, уый мыл сырхæфсæддоны пилоткæ æркодта.

Максим хæстæй куы сыздæхт, уæд нæм æрбацыд, йæ хъæбысы мæ систа æмæ мын мæ мадæн раппæлыд:

– Иу тохы хæдразмæ дын дæ лæппуйы цæсгомы дзыгъуыртæ мæ фыны федтон. Уыдон цыма йæ рустæй уынæргæнгæ хæрдмæ стахтысты, райхъал мæ кодтой. Уый нæм комкоммæ немыцаг танктæ æрбацæйцыдысты. Дамиры бæсты дæр сæм дзы хорз æрлæвæрдтам. Тохы фæстæ мæ фын ме ‘мбæлттæн радзырдтон, зæгъын, махæн нæ дзыгъуыртæ дæр хæцгæ кæнынц.

 

ЛÆХЪУГ ÆЙЧЫТÆЙ «ГИТЛЕРЫЛ»
РАЛÆУУЫДЫСТÆМ…

Иу райсом мах, уынджы лæппутæ, хъæугæрон тырыса скъæфынтæй нæ тæккæ хъазгæйæ уыдыстæм, афтæ нæ уæлхъус алæууыд нæ сыхаг зæронд лæг Дауыраты Дзиби. Йæ дыууæ фырты фронты уыдысты, йæхæдæг та колхозы быдыргæс уыди. Йæ къухы – фанеры гæбаз, нæ къæхты бынмæ нын æй æрбаппæрста æмæ загъта:

– Мæнæ уын нæ фыдызнаг Гитлеры сныв кодтон. Цы уæ фæнды, уый йын кæнут…

Æмæ дæлæ фæцæуы.

– Басудзæм æй, – фæцырд Бедойты Саукуыдз.

– Йæ цæстытæ уал ын скъахæм, – мæстыйæ загъта Калоты Тимохæ.

Фæлæ иууылдæр æнхъæлмæ кастыстæм не ‘ппæты хистæр Дауыраты Дзатте цы зæгъид, уымæ. Уый цъусдуг хъусæй алæууыд, стæй загъта:

– Ам мæм фæлæуут.

Æмæ хъæумæ ныййарц, кæройнаг хæдзары фæмидæг, уайтагъд фæзылд, фæйнæ лæхъуг айчы нын байуæрста æмæ та загъта:

– Цæвгæ йыл сæ кæнут!

Фыццаг йæхæдæг фанеры цурмæ бацæуы, йæ къух сисы æмæ айк фанерыл – тъæпп. Гитлеры цæсгом иуыл слæхъир вæййы, айчы бур ын æрлæдæрсы йе схъæл фындзыл, йæ рихитыл, йæ дæргъæццон ныхыл. Стæй та мах рад уыдис. Цæсгом, цæст бæрæг дзы нал вæййы, æмæ махыл худæг бахæцы…

Дзаттейы мад Тауырзæт нæ уæлхъус куыд алæууыд, уый æрæджиау бафиппайдтам.

– Чи уын у ацы фыдынд лæг?

Тимохæ не ‘ппæты разæй фæци:

– Уый Гитлер у, Тауырзæт, Гитлер. Дзиби нын æй сныв кодта.

Хæстæг æм бацæуы, ныккæсы йæм, стæй йе ‘ лгъыст райхъуысы:

– Мæ куыдзы сæр бахæрæд, мæ куыдзы сæр!

Йæ уæрджытыл æрхаудта, йæ цæсгом йæ армытъæпæнтæй бамбæрзта, йе ‘нгуылдзты рæбынтæй цæссыг рахъардта.

Тауырзæтæн æрæджы йæ мойæ сау гæххæтт ссыди…

 

ДÆСНЫ КÆПИЛЫЛ ÆУУÆНДЫДЫСТЫ

Хæсты рæстæг нæ хъæуы уыдис къамæй фæрсæг дæсны Æгайты Кæпил. Мæгуыр, тыхст адæм ыл æууæндыдысты, устытæ-иу æм арæх цыдысты. Иуизæр мæ мад йæ куатæйы хъæбæр цыхт æмæ литр банкæйы дзаг царв батыхта, мæ къухыл мын ахæцыд æмæ йын йæ рудзынг бахоста. Мæн Кæпил, уыцы ныллæджытæ сау ус, мидæмæ нæ бауагъта. Мæйрухсы гом тыргъты баззадтæн, уырдæм цæттæ тута бæласы къалиутæ æртасыдысты, æмæ дзы мæ былтæ самæстон, стæй нал фæлæууыдтæн æмæ уатмæ дуары зыхъхъырæй бакастæн: мæ мад лæууыдис йæ уæрджытыл, Кæпилы къухыл йæ дыууæ къухæй ныддæвдæг, зырзырæг бахæцыд йæ былтыл, цы йын дзырдта, уый мæм нæ хъуысыд…

Нæхимæ куы раздæхтыстæм, Зенайы тигъыл куы фæзылдыстæм, уæд мын мæ мад кæуынхъæлæсæй ныффæдзæхста:

– Кæпил загъта, дæ лæппуйы фыд, дам, æртæ боны фæстæ Дудараты станцæйы поездæй æрхиздзæни… Хъусыс, нырма йæ макæмæн радзур…

Дыккаг бон мæ мад нæ сыхаг ус Æлбегаты Бабеттæй æфстау чъыр ракуырдта, нæ хæдзары къул сцагъта, нæ кæрты кауын дуар зæронд уыдис, дымгæмæ-иу афæлдæхт, ныр æм мæ мад æфсæйнаг згæ хæтæл сарæзта…

Мæ фыд Дудараты станцæйы нæ рахызт нæдæр æртыккаг бон, нæдæр… Мах æй нæ зыдтам, фæлæ йæ уæдмæ баныгæдтой Смоленскы бæстастæу æфсымæрон ингæны. Фæстæдæр-иу нæ сыхы устыты æхсæн хæсты кой куы рацыд, уæд-иу мæ мад загъта:

– Æз уæддæр Кæпилæй бузныгæй баззадтæн. Мæнæ мæ иунæджы фыды ссыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, æз уыцы æртæ боны мæхи æнкъардтон тынг амондджын сылгоймагæй…

 

УАЦАЙРÆГТЫЛ БИРÆГЪ ФÆХÆЦЫД

Хæст Ирыстонæй куы фæдæле ис, уæд, ам не ‘фсæдтæ уацары кæй райстой, уыдоны иу хай цардысты нæ хъæумæ æрбацæуæны зæронд абанайы. Хæринагæй сæм мæлæты хорз нæ кастысты, мыййаг, æмæ уыдон сæхицæн цыдæр амæлттæ кодтой, уалдзæджы халсартæ ныссагътой, тугыл сын аскъуыдысты, фæлæ сæм нæ хъæуы лæппутæ давынмæ фæцалх сты. Æмæ уæд уацайраг румынæгтæ сæ хуымы астæу хус кæрдæг æмæ акъаци бæлæсты къалиутæй халагъуд сарæзтой, æхсæв-иу дзы дыгæйттæй сæ тыллæг хъахъхъæдтой.

Иухатт сæм боныцъæхтыл æрра бирæгъ балæбурдта, фынæйæ сæ баййæфта, тынг сыл фæхæцыд. Беслæныхъæуы рынчындонмæ сæ аластой, нæ хъæуæй сæ фæдыл бирæ адæм ацыд, устытæ сын тынг тæригъæд кодтой, хъарæг дæр дзы райхъуыст, афонмæ сæм сæ ныййарджытæ та æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ.

Амардысты дыууæйæ дæр, Беслæныхъæуы зæронд уæлмæрды сæ баныгæдтой. Æз уым æрæджы сæмбæлдтæн, уæлмæрды арфы бацыдтæн, фæлæ сын сæ акъаци цыртытæ нал ссардтон…

Мæ сабидуджы хæлар Азиаты Викторимæ нæм ацы цауы тыххæй ныхас рауад, æмæ мын мæнæ цы æрымысыд уый та:

– Мæ къухы – гоппонцъиу, чидæр мын æй радта, афтæмæй уыцы абанайы цурты скъоламæ æрцæйцыдтæн. Иу уацайраг мæ размæ фæци æмæ мын къухæй амоны, æз, дам дын сæкæры къæртт дæттын, ды та – уыцы цъиуы. Абон дæр йæ лæгъстæйаг цæстытæ мæ цæстытыл уайынц. Фæтæригъæд ын кодтон цæмæндæр, сразы дæн. Бахудти мæм, йæ къух мын мæ сæрыл æруагъта. Æз уымæй адджындæр сæкæр уымæй размæ дæр, уый фæстæ дæр нал бахордтон. Уæд мыл цыдис фарæстæм аз…

Уæдæй фæстæмæ арæх фæхъуыды кæнын, уыцы гоппонцъиу æй цæмæн бахъуыд, ууыл. Кæд ын, зæгъын, мæгуыр, йæ райгуырæн хъæу æрлæууын кодта йæ зæрдыл…

 

УАРЗГÆ ДÆР КОДТОЙ

1943 аз, фæззæг. Нæ хъæуыл ахъæр, æфсæддон хæйттæй иуы æрыгон лейтенант, сомихаг лæппу Гриша Давтян æмæ, дам, Дауыраты Дзибийы рæсугъд чызг Минæт кæрæдзи уарзынц. Чидæртæ сын æвдисæн уыдысты сæ сусæг фембæлдтытæн, суадæтты цурæй йын быдираг дидинджыты баст куыд æрбахаста, уый уынæг дæр фæци. Хабар Минæты мад Ладинкамæ дæр бахæццæ, уый йæ чызджы йæ цуры æрбадын кодта æмæ йын загъта:

– Уый нырма тохы быдырмæ ацæудзæни. Удæгасæй ма раздæхдзæни, уый дæ уырны? Дæ бынат зон!

Лейтенант æцæгæйдæр ацыд, уыд Берлины, хæцыд Японы ныхмæ хæсты дæр æмæ 1946 азы уалдзæджы, йæ къухы быдираг дидинджыты баст, йæ риу хæрзиуджытæй дзаг, афтæмæй Дауыраты кæрты дуар бахоста, Дзиби æмæ Ладинкайæн йæ фæндон загъта:

– Æз мæ фæндаг Хуымæллæгыл ракодтон, цæмæй мемæ Ереванмæ аласон Минæты дæр… Рауадзут æй.

Нæ йæ уагътой. Æмæ уæд иуæхсæв нæ сыхы æрыгон чызджытæ Туаты Иркæ æмæ Дзибытт лейтенанты фарс фесты, Минæты йæ хæдзарæй расайдтой, æмæ уый дыккаг бон… Сомихы балæууыд… Аскъæфта йæ…

Рагуалдзæджы мæм сæ чызг Аникæ телефонæй дзырдта, зæрдæ мын бавæрдта, 9 майы, дам, Хуымæллæгмæ фæцæуын.

Гришæ æмæ Минæт сæхæдæг уæлæуыл нал сты…

 

АМАРДТА ЙÆ ХЪÆУЫ АСТÆУ

1942 азы сæрды тæвд бонтæй иуы æрыгон лæппутæ Бызыккаты Борик æмæ Æлбегаты Чермен лæууыдысты хъæуы астæу æмæ æвдисæн уыдысты, сæ тæккæ цур цы æнахуыр бæллæх æрцыд, уымæн. Кæсынц, æмæ колхозы правленийы ‘рдыгæй цалдæр хæстон гуыффæджын машинæйы уæлæ æртæхынц, кæдæмдæр, æвæццæгæн, фæдисы тагъд кодтой, уасынц.

Æппæты разæй цы машинæ уыд, уый æваст рахизырдæм æгæр зылд фæци – æвæццæгæн, фаг фæлтæрддзинад кæмæ нæ уыди, ахæм шофыр уыд – æмæ фæфæлдæхт, йæ рахиз фарсыл æрхуыссыд. Иннæ машинæты гуыффæты цы салдæттæ бадт, уыдон се ‘ппæт дæр рагæппытæ кодтой, февнæлдтой æмæ машинæйы йæ цыппар цалхыл авæрдтой.

Мæнæ цы æрцыд дарддæр. Кабинæйы цы афицер бадти, уый рагæпп кодта æмæ шофыры багæрах акодта, стæй иннæтыл схъæртæ кодта, дамбацайæ сæм бавзыста, уыдон сæхи гуыффæты бакалдтой æмæ уæртæ сæ фæндаг дарддæр акодтой. Бурсæр æрыгон лæппу мардæй Борик æмæ Чермены цур зæххыл хуысгæйæ баззад.

Цы чындæуа? Устытæ сыл амбырд сты, Кучиты Настя сын ныллæгъстæ кодта: «Мæ къонатæ, зæххы бын æй фæкæнут, тæригъæд у». Схæцыдысты йыл, сæ фæндагыл Дауыраты Масойæ белтæ ракуырдтой æмæ йæ уæлмæрды кæрон баныгæдтой, йæ сæрыл ын нæууытæ сæвæрдтой.

Уыцы ран сæ ссардта колхозы бригадир Æгайты Æндыри, йæ бидаркæйы Чермены сæвæрдта, дæ трактор, дам, Цæлыччы обауы цур кæдмæ лæудзæн, похци ласын дæ хъæуы, уый дæ рох фæци.

– Черменæн йæхи фронтмæ куы кодтой, – арæх-иу æрымысыд уыцы бон Борик, – уæд нын нæ дуар æрбахоста, иумæ уæлмæрдмæ ацыдыстæм, æбæрæг салдаты ингæны цур алæууыд, æрæнкъард, чи зоны æмæ йæхи дарддæры хъысмæтыл хъуыды кодта…

Уыцы ингæн абон зæххимæ сæмвæз…

 

ГАНИНÆЙЫ ОБАУ

Ацы обау нæ хъæуы дæллаг кæрон ис. Хæсты кой нæм куы рауад, уæд мын мæнæ цы радзырдта, ацы обау кæй ном хæссы, уыцы Калоты Ганинæйы лæппу Илайы чызг Зинæ:

– Немыц Ирыстонмæ дæр куы сцæйхæццæ кодтой, уæд ацы обауыл дæр зениткæ æвæрд уыдис, уæртæ-иу дзы Æрыдоны ‘рдæм æхстой. Нана алы бон дæр салдæттæн ардæм тæвд кæрдзынтæ æмæ æхсыр хаста. Хæст дæлæ кæдæмты ахæццæ ис, уæддæр ма-иу се ‘хст
гилдзытæ обауы фæрстыл уыдысты, мах сæ хуымæтæджы тарст кодтам. Обауæн йæ дæллаг фарс та мард салдæттæ ныгæд ис, уæртæ-иу сæ Терчы ‘рдыгæй ластой, Цымытийы цурæй, арф дзыхъхъы-иу сæ кæрæдзи сæртыл ныккалдтой. Уæлæ нæ сыхаг зæронд ус Бадриаты Женя-иу арæх æрымысыд, сæ удтæ, дам ма-иу сæ мидæг уыдысты, афтæмæй, дам-иу сыл сыджыт калын райдыдтой. Афонмæ сæм сæ ныййарджытæ куыд æнхъæлмæ кæсынц, уый дам-иу мæ зæрдыл куы æрлæууыд, уæд, дам-иу мæхи гыццыл уд дæр мæ риуæй сцæйхаудта. Мæ фыдымад цалынмæ уæлæуыл уыд, уæдмæ сын-иу алы 9 Маймæ дæр фынджыдзаг скодта, сыхы зæронд лæгтæм-иу бадзырдта, фæстæдæр та-иу сæ ныххæлар кодтой нæ сыхы лæппутæ Томайты Гадзыба æмæ Дулаты Мир…

Обау раздæр нырæй бæрзонддæр уыд, фæлæ мæнæ советон дуг куы фехæлд, колхозтæ куы нал уыдысты, уæд обау дæр никæйуал хъуыд. Къулбадæг лæппутæ сæ машинæтæ æзфæраздæронæй уырдæм стæрынц… Уæртæ дзы Бедойты Къоста Ганинæйы номыл бæлæстæ ныссагъта, сæ алыварс сын кау сбыдта. Æнхъæлыс, бирæ фæлæууыдысты? Чидæр сæ стыдта, уырдыгæй сæ дæлæмæ фехста. Адæмæн исты фидауы? Уыцы ныгæд салдæттæ дæр рохы баззадысты, никæй хъæуынц, ничи сæ агуры…

Зинæйы æнкъард цæстытæм кæсгæйæ, мæнæн мæхи зæрдæ дæр суынгæг…

 

ГÆБЫЛАЙЫ КÆРТ

Дауыраты Гæбылайы тыххæй мæнæ куыд фыссы Кокайты Саламджери йæ чиныг «Селение Хумалаг», зæгъгæ, уым: «В начале 20-го века значительная часть хумалагцев экономически окрепла и стала обновлять свои жилища, кирпич стал основным материалом. Строители в основном были пришельцы: русские, греки, по дереву работали грузины. Но вскоре появились местные замечательные мастера. Среди них своим природным дарованием и прогрессивным строительным опытом выделялся Габла Дауров, заслуживший славу строительного мастера. Многие дома в Хумалаге, построенные его руками, поныне украшают улицы села, являясь вечным памятником ему».

Нæ хъæуы кадджындæр хистæртæй иу Кокайты Пуцыр та зæгъы: «Раздæр не скъолайы алыварс фæзынд кау Туацъæйæ ласт хæрис бæлæсты къалиутæй. Сбыдтой йæ Бызыккаты Дзаналды æмæ Луккæ, стæй Азиаты Ладе, чидæртæ ма. Уый уыдис 1928 азы. Уымæй фондз азы фæстæ уыцы кауы бынаты райдыдтой дурын сис амайын. Иуырдæм æй амадта Дауыраты Гæбыла, иннæрдæм та – Гугкаты Будци. Се ‘хсæн цыд æцæг ерыс, æмæ-иу уым арæхдæр уæлахиздзау разынд Гæбыла…»

Гæбыла æмæ йæ бинойнаг Сæниатæн уыдис æртæ чызджы: Маруся, Розæ æмæ Венера, стæй лæппу Барис. Мæнæ йæ куыдæй æрымысыд Марусяйы чызг Заретæ – цæры Елхоты:

– Мæ дадамæ аразæджы сæрмагонд ахуыргонддзинад нæ уыд. Уый йæ тæккæ лæппуйæ куы уыд, уæд æй арвыстой уæртæ Бакуымæ, æмæ уым каст фæци аргъуаны скъола. Нæ хъæуы аргъуаны акуыста, стæй йæ Уæрæсейы æфсадмæ акодтой, службæ кодта Хæстон-денджызон флоты æмæ уым цыдæр бæллæхты бахаудта, йæ къæхты низ бацыд, се ‘нгуылдзтæ йын алыг кодтой, афтæмæй Хуымæллæгмæ раздæхт æмæ ам аразæджы дæсныйад бауарзта.

Цымыдисаг у цыртдзæвæны фæзынды хъуыды: аразын æй райдыдта Фыдыбæсты Стыр хæсты фæуæлахизы кадæн. хъуамæ, дам, уый тыххæй мæ номыл дæр исты баззайа… Алцыдæр уæлмæрды кодта йæхæдæг йæхи къухтæй. Йæ хæрæфырт Гутнаты Беллæ ма чысылтæ мысы уыцы бонтæ: «Ингæн, æртæ чырыны кæм бацæуа, ахæм скъахта, бетон ын скодта йæ бын дæр æмæ йæ фæрстæ дæр. Уыдон куы ныхъхъæбæр сты, уæд-иу мах ме ‘мхæрæфырт Разетæимæ уырдæм ныггæппытæ кодтам, уым-иу хъазыдыстæм, ницы æмбæрстам, цалынмæ-иу ныл дада не схъæртæ кодта, уæдмæ. Цырт цæттæ нæма уыд, афтæ фæрынчын йæ лæппу Барис,– мах æм йæ мады номæй дзырдтам Бæппыдз, зæгъгæ, æмæ уал æй хицæнæй баныгæдтой. Нæ нана куы æррынчын, уæд ныффæдзæхста, мæ ингæн, дам-иу мын мауал ракъахут, бонырухс мын-иу мауал фенын кæнут. Æмæ йын уæд йæ фæдзæхст сæххæст кодтой – Гæбылайæн сæ фарсмæ хицæн бынат равзæрстой ныгæнынæн. Гæбыла йæхæдæг кæй скъахта, уым ма уыд иу чырын бавæрыны фаг бынат. Йæ чызг Марусяйы хистæр чызг Разетæ, дам, фæдзæхста, мæн, дам-иу уым бавæрут, фæлæ йын йæ фæдзæхстмæ йæ хъус ничи æрдардта. Уыд нæхи хъæуы Колыты чындз…»

Æз ма мæхæдæг хорз хъуыды кæнын, нæ хъæу Гæбылайы хъæппæрисыл куыд дистæ кодтой, уый. Арæх æм цыдысты кæсынмæ, уæлдайдæр та-иу зианы бон уæлмæрдмæ иннæ рæттæй цы мæрддзыгой адæм æрбафтыд, уыдон. Йæ алыварс уыд æдзухдæр сыгъдæг æмæ æфснайд. Нæ хъæуы адæм æй хæсты фæстæйы азты дæр ма «Гæбылайы кæрт» хуыдтой…

Абон уыцы æнахуыр цыртдзæвæн нæ хъæуы зæронд уæлмæрды кæмдæр астæуæй аззади, фыдæлтыккон акъаци бæлæстæ йæ сæрты акастысты, æмæ уый æддæмæ нал зыны, æрмæст ма уыцы бæлæстæн фæззæджы кæрон сæ сыфтæртæ зæхмæ згъæлд куы фæвæййынц, уæд, йæ цъуппыл цы фондзтигъон стъалы ис, уый зына-нæзына хуры тынтæм ферттивы, Уæлахизы 9-æм Май нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны…

 

БЫЗЫККАТЫ Шурæ:
«МÆ ФЫД МÆ МАДЫ КОММÆ НÆ БАКАСТ…»

– Мæ фыд Хæритоны мын фронтмæ акодтой хæсты фыццаг бонты. Мах цыппар сывæллонæй хæдзары ныууагъта, нæ кæстæр Светæйыл цыд æрмæст æртæ мæйы. Нæ кæрты астæу баззад, колхозы кæуыл куыста, уыцы бричкæ æмæ дыууæ бæхы, сæ ныхтыл ма сын йæ армытъæпæнтæ авæрдта, цыма сæ исты тых райсынмæ хъавыд, уыйау. Фыццаг писмо дзы райстам Гуырдзыстонæй, стæй дзы хабар нал уыд.

Хæсты дыккаг аз нæ хъæумæ иу цæф хæстон ссыд фронтæй, адæм сусу-бусу кодтой, йæхæдæг, дам, топп ныццавта йæ зæнгыл. Æмæ уыцы лæг кæмдæр дзырдта, æз, дам, Бызыккаты Хæритонимæ иу тохы сæмбæлдтæн, мæ цуры, дам, фæмарди, мæхæдæг, дам æй баныгæдтон. Уый нæхи Мысырбимæ дæр фехъуыст, йæ хæдзармæ йын ныццыд, уымæн дæр та афтæ радзырдта. Мысырби йыл баууæндыд, нæхимæ æрбацыд, мæ мад Лизæйæн рахабар кодта, æмæ бауынаффæ кодтой хуыцаубоны, дам ын дыууæ чъирийы акæнæм, адæммæ бадзурæм, рухсаг ын зæгъой, мæнæ нæ дуармæ цы акъаци бæлæстæ ис, уыдонæй йын иу цыртæн акалæм.

Абоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын: хуыцаубоны æз пецы æхсынæны хъæдтæй арт бандзæрстон, йæ цуры бадын, арты мынæг æвзæгтыл бафу-бафу кæнын. Уалынмæ дын кæсын, æмæ уæртæ нæ къæсæрыл мæ фыд хæстон дарæсы æрбахизы… Уый махыл цы цинтæ фæкодта, уый махыл цы цинтæ фæкодта!

Куыд радзырдта, афтæмæй йæ зæрдæ рысти, æмæ йæ хæстон дохтыртæ фронтæй бынтондæр суæгъд кодтой, æнæуи иу цæф дæр нæ фæци, иу цъæррæмыхст дæр. Фæлæ мæнæ цы бакодта: æртæ мæйы фæстæ кæсы, æмæ хъæуы иу йæ карæн лæг дæр нал уыд, æрмæст зæрæдтæ, æмæ уæд загъта:

– Æз ам сылгоймæгтимæ кæдмæ баддзынæн? Адæймаг иу хатт йеддæмæ нæ мæлы…

Хæстон комиссариатмæ бацыд æмæ йæхи фæстæмæ хæстмæ акæнын кодта. Иу афæдзы фæстæ гæххæтт райстам, æбæрæгæй, дам, фесæфт. Мæ мад-иу куы ныккатай кодта æз, дам æй нæ уагътон, мæ уæрджытыл ын æрхаудтæн, уæддæр мæм нæ байхъуыста, йæ цоты сæр дæр нæ ахъуыды кодта…

Мæ цуры фæмарди, зæгъгæ, мæ фыдæй чи ахъæр кодта, уый хабæрттæ рабæрæг сты, худинаджы гакк ыл сбадт, йæ цот Хуымæллæгæй сыстадысты æмæ æндæр хъæумæ алыгъдысты, ардæм хæстæг нал цæуынц…

 

МИТЯ ФЫЦЦАГ ХАТТ КУЫ НЫЗЗАРЫД…

1942 азы сентябры фыццаг бонтæй иуы Хуымæллæгмæ æрбацыд нæхи хæстон машинæты колоннæ, сæ фæстæ – сармадзантæ æмæ зениткæтæ баст. Иутæ дзы æрлæууыдысты Сталины уынджы. Сæ кабинæтæй рагæппытæ кодтой афицертæ, уынджы аракæс-бакæс кодтой, стæй фæкомкоммæ сты Æгайты Æндырийы хæдзармæ:
равзæрстой йæ штабы бынатæн. Изæры та фæзынд рог хæстон машинæ, æмæ дзы рахызт иу æрыгон инæлар, скодтой йæ дыккаг уæладзыгмæ æппæты уæрæхдæр æмæ райдзастдæр уатмæ, уырдæм ын схастой йæ дзаумæттæ, кæрты дæр æмæ уынджы дæр лæууыдысты фæйнæ дыууæ сырхæфсæддоны автоматтимæ.

– Нæ къахбавæрæн цæхæрадоны уыдис, – мысы уыцы бонтæ Æгайты Ким, – уырдæм-иу уыцы сырхæфсæддонтæ дæр йемæ ацыдысты, уым-иу фæлæууыдысты, стæй та-иу æй æрбакодтой. Уæд æй æз не ‘мбæрстон, афтæ тынг æй цæмæн хъахъхъæныц, уый. Нæ цæхæрадоны бæстастæу акъаци бæласы бын лæууыд сармадзан, чысыл фалдæр æфсæйнаг боцкъайы сæр та – стыр пулемет. Цалдæр хатты нæ сæрты немыцаг хæдтæхæг æрбатахт æмæ йыл-иу дæнг-дæнгæй ралæууыдысты, мах та-иу нæ сæртæ акъоппыты фæцавтам. Куы-иу схызтыстæм уырдыгæй, уæд-иу нæм сырхæфсæддонтæ мидбылты худтысты, къафеттæ æмæ-иу нын сæкæры ставд къæрттытæ байуæрстой, æнахуыр адджын-иу уыдысты.

Кæд нæ рæдийын, уæд уыцы аз ноябры кæрон чидæр нæ сыхыл фæссихор æрзылд, уæртæ, дам, Кæсæбиты Митя дæр хæстæй ссыд, чысыл раздæр, дам, уæртæ Дудараты станцæйы поездæй æрхызт. Чи баурæдтаид мах, уырдæм – тъæбæртт. Уæд мыл цастæ цыд, фæлæ Митяйы æнæ къахæй, дыууæ лæдзæджы æнцæйтты куы федтон, уæд ын хуымæтæджы тæригъæд фæкодтон. Уым æй тачанкæйы сæвæрдтой, æмæ мах, нæ сыхы лæппутæ, суанг Кæсæбиты дуармæ бæхты фарсмæ згъоргæ фæкодтам.

Никуы мæ ферох уыдзæн, хæсты фæстæ Митя Цъæхилты куывды фыццаг хатт куыд ныззарыдис, уый. Уыцы цау, нæ хъæумæ фарн фæстæмæ кæй раздæхти, сабыр цард та нын кæй райдыдта, уымæн æвдисæн уыд. Æвæццæгæн, Митяйы хуызæн зарæггæнæг суæвыны бæллиц уæд райгуырдис мæ зæрдæйы…

 

БЕРЛИНÆЙ КУЫДЗ СЛАСТА…

Хуымæллæг, 1949 аз. Уæлæсыхаг Цæра, нæ хъæуæй тохы быдырмæ чи фæраст, уыдоны фыццæгтæй иу уыдис, здæхгæ та æппæты фæстæ скодта, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ дæлæ Берлины баурæдтой. Æз уæд нырма гыццыл лæппу уыдтæн, фæлæ цæмæндæр мæ зæрдыл бадардтон, уыцы бонты нæ хъæуккæгтæ куыд сусу-бусу кодтой, куыд æй фаудтой, уый:

– Иутæ Германы зæххæй сызгъæрины голджытимæ сыздæхтысты, Цæра та дзы йæ фæдыл немыцаг бур куыдз сласта…

Скъолайы дæр æндæр кой нал уыдис, æмæ иубон фæсурокты æртæ цымыдис хæлары, æз, Гугкаты Ермак æмæ Кцойты Феликс, уæлæсыхмæ араст стæм, кауы хуынчъытæй йæм бирæ фæкастыстæм. Абоны хуызæн ма уайы мæ цæстытыл: уыд æнахуыр стыр, æз ахæм куыдз фыццаг хатт федтон, Туацъæйы хус фæсалы хуызæн йæ хъуынтæ – бур, йæ хъустæ залмы сыфтау– дæлæмæ фæлдæхт йæ цæстыты онг, йæ зæнгтæ – хъуынджын, уыд хæдзармæ бацæуæны къаххафæнмæ баст. Уырдыгæй нæ фæндаг Кцойты куыройыл ракодтам, доны малмæ-иу нæхи сæрбынмæ фехстам, Феликс нын йæхицæй раппæлыд, æз, дам, уыцы немыцаг куыдзы сымахæй раздæр федтон, Цæра йæ мæнæ ардæм æркæны найынмæ…

Ууыл иу мæйы бæрц рауади, афтæ та Хуымæллæджы æндæр кой нал уыд: чидæр дзидзайы фæлмæны æрцындз батъыста, кауы сæрты йæ Цæрайы кæртмæ баппæрста, куыдз æй аныхъуырдта æмæ амарди, æфсæйнаг къаххафæн, дам ма йæ катайæ кæрты дуары онг рахæр-хæр кодта…

Уыцы фыдгæнæг чи уыдис, уый уæд афтæ дæр не сбæрæг, фæлæ мæнæ цы радзырдта мæнæн, районы газеты æрыгон уацхæссæгæн, нæ хъæусоветы уæды азты сæрдар Æгкацаты Федыр, Цæрайы кой дæр нæм куы рауадис, уæд:

– Йæ дардæй ласт куыдзæн ын чидæр афтæ куы бакодта, уæд мæм дыккаг æви æртыккаг бон Цæра хъæстмæ æрхæццæ, кæмæн, дам, цы кодта мæ куыдз, мæ сæрæн куы ницы ‘мбарын, уæд, никæуыл, дам, гуырысхо кæныс, ацы хъæуы чи цы гæнæг у, уый дæуæй хуыздæр чи зоны… Æмæ йын цы загътаин?.. Мæ дзыхæй дæр никуы схауди, фæлæ мæм уымæй размæ уыд хæсты ветеран, Цæрайы дæллагварс цæрæг Темыр, – се ‘хсæн ныллæг кау быд йеддæмæ ницы ис. Æмæ мын афтæ зæгъы, дæ хорзæхæй, мæнæ, дам ма дæ кабинеты дуар мидæджырдыгæй дæгъæлæй сæхгæн, æз дæм цыдæр равдисон…

Мæ цуры йæ хæлаф фадхъулты онг æрæппæрста, йæ хæдоныл хæрдмæ схæцыд. Æз мæхæдæг дæр хæсты быдыры уыдтæн, бирæ цыдæртæ федтон, фæлæ йын йæ фæтæн фæсонтæ æмæ йе ‘рбадæнтæм куы бакастæн, уæд мæ скæуынмæ бирæ нал хъуыд. Куыд мын радзырдта, афтæмæй хæсты фыццаг бонтæй иуы Житомиры бынмæ уацары бахауд, къуырийы фæстæ дыууæ ‘мбалæй ралыгъдысты, фæлæ сыл немыцæгтæ сæ куыйты сардыдтой, уыдон сæ баййæфтой, хъæды цъымарайы, дам, размæ бахаудтæн, æмæ мæ дыууæйæ сæ быны скодтой, гæбазгай мæ фæтыдтой…

Æз æм хъуыстон æмæ йæ уайтагъддæр бамбæрстон, мæнмæ йе ‘рцыды сæр цæй тыххæй у, уый. Дзургæ ницыма скодтон, йæхæдæг фæразæй:

– Мæ сыхаг не знаджы зæххæй хуыздæрæн цы сласта, уый куыннæ зондзынæ?.. Ды мæ бынаты уым фæцæрис? Куыд дæ фæнды, æз хъуамæ алы бон дæр, уымæ кæсгæйæ, мæ кæддæры хъизæмары бонтæ мысон? Æмæ йын кæдмæ фæраздзынæн? Исты хос нын æрхъуыды кæн. Æмбарыс мæ?..

Æз æй æмбæрстон, фæлæ, цалынмæ абон райсом кодтон, уæдмæ уыцы хабар æрцыди…

Дарддæр цы уыд, уый æз мæхæдæг зыдтон: Цæра фæтæргай,
хъæубæстæмæ фæхæрам, горæтмæ алыгъд цæрынмæ. Иуцасдæр та хъæу фæсусу-бусу кодтой:

– Цæра Берлинæй сызгъæринтæ дæр сласта, æндæра Дзæуджыхъæуы Терчы был цъæхсæр хæдзæрттæ цæмæй балхæдта?..

 

ДЫВДЫВ НЕМЫЦИМÆ АЛЫГЪД…

Кæцыдæр аз мæ фæззæджы хъарм бонтæй иуы мæ рухсыбадинаг хæлар Æгъуызарты Саукуыдз йемæ Дур-Дурмæ акодта, дæ хæлар дунейы рухс кæм федта, уыцы хæдзар, дам, фен, мæ кæстæр æфсымæр Таймураз цуанон у, æмæ дын уый та, иу æхстæн дыууæ хъæддаг хуыйы куыд ис афæлдахæн, уый равдисдзæн. Физонæджы тæф ма хъуыды кæныс?..

Хъæуы астæу автобусæй куыддæр рахызтыстæм, афтæ махæй чысыл фалдæр иу урс «Жигули» дзыхълæуд æркодта, бæрзонд, фæтæнуæхск лæппу дзы рахызт, морæ нымæтхуд йæ сæрыл.
Саукуыдзимæ кæрæдзиуыл ныттыхстысты, цæуылдæрты аныхас кодтой, нæ мæм хъуыст, стæй лæппу мæнмæ дæр æрбацыд, йæ ном мын загъта – Тазрет, йæ машинæйы раззаг дуар, мидбылты худгæйæ, ныттыгъта:

– Мæнæ-ма мæ фарсмæ æрбабад!..

Иуцасдæр куы ауадыстæм, уæд бамбæрстон, хъæуæй кæй ахызтыстæм, уый, хæдзæрттæ дзы нал уыд, быдыр райдыдта, æцæг дзургæ ницы скодтон. Саукуыдз фæразæй:

– Дамир, мæнæ мæ хæлар Тазрет ныцъцъæх ис, дæ уазæджы, дам дын раздæр æз хъуамæ бубуц кæнон. Разы йын кæнæм?.. Искуы Къорайы уыдтæ?..

Цы гæнæн ма мын уыдис, зæгъын, сымах куыддæриддæр фæнды, афтæ.

Хъæуы астæу агуыридурæй амад иу бæрзонд хæдзары цур егъау, фæтæнкъабузджын бæласы бын аууоны æрлæууыдис нæ машинæ. Æз мæ къах зæххыл куы æрæвæрдтон, уæд фыццаг фæкомкоммæ дæн, уымæн йæ цалдæр уидаджы зæххы цъар куыд стыдтой, уымæ, – уыдысты æнахуыр ставд, иуыл дзы чидæр фæтæн фæйнæджы гæбаз зæгæлтæй дæр ма ныххоста бадынæн.

Тазрет мын кæнæ мæ цымыдис бамбæрста, кæнæ та, чи зоны, алы уазæгæн дæр афтæ кæны, фæлæ мын радзырдта, ацы бæлас, дам, мæ фыды фыдыфыды сагъд у. Немыц иу советон афицер тæхæджы уацары райстой æмæ йæ ацы тулдзыл æрцауыгътой, цалдæр боны йыл дзедзыкка фæкодта. Хæсты фæстæ чидæр нæ хъæуыхицауы сардыдта, уыцы тулдз бæлас, дам, йæ бындзарæй афæлдахын хъæуы, не знæгтæн, дам, сæ сау ми бакæнынæн фæахъаз… Ноджы цыдæртæ ма. Фæлæ æгас хъæубæстæ дæр ууыл не сразы сты, уый, сæрыстыр кæмæй стæм, нæ ахæм фидауц куы у, æцæг уынаффæ рахастой, нæ тæхæг цы къалиуыл ауыгъд уыдис, уый, дам, ахауын кæнут…

Тазрет нæ йæ фæдыл цъылинаджы хуымты уæрæх астæуты цæхæрадоны кæронмæ акодта, дыууæ æхсæрбæласы бын егъау дуры цур æрлæууыд, æргуыбыр кодта, йæ нымæтхудæй йæ асæрфта æмæ дзы разынд сырх ахорæнтæй фыст «Ам ныгæд ис Дывдыв».

– Ацы Дывдыв мæ фыдæн йæ кæсгон хæлар цуанон Хизиры лæвар уыд, – Тазретæй нæ ферох Саукуыдзы курдиат. – Уыцы æнахуыр фæлмæн ном та йыл ам нæхимæ сбадт, мæнæ иуæй-иу хъуырхъуыргæнæг зæронд лæгæй уæлдай нæ уыд, æдзух хъæуа-нæхъæуа рæйгæ кодта, æхсæв та – ниугæ, æвæццæгæн, ам махмæ йæ зæрдæмæ нæ цыд. Мæ фыд æй уæддæр бирæ уарзта, хæстмæ куы цыд, уæд мæ мадæн фæдзæхсгæ бакодта, ме ссыдмæ, дам мын æй мацы фæкæнут.

Немыц нæ хъæуы дæр куы æрбынатон сты, уæд Дывдыв бынтон æндæр хуызæн фестад, нæ – рæйгæ, нæ – ниугæ. Иу бурсæр афицер Шульц мæнæ ам махмæ нæ уаты цардис, æмæ-иу уый бын атылд. Уымæ уый хорз касти, алыхуызон хæринæгтæ йын лæвæрдта, суанг æй печенитæ хæрын дæр ма сахуыр кодта. Æз æмæ мæ хо уæд гыццылтæ уыдыстæм, нæ цуры-иу ын сæ тыргъты акалдта, цыма мах мæстæй мардта, уыйау. Чысыл уырыссагау дзырдта уыцы Шульц æмæ иухатт мæ мадæн бамбарын кодта, ацы хъæуы, дам, махыл уæ куыдзæй тынгдæр ничи бацин кодта. Куыд æм хæлæг кæнæм, уый нæ мад уыдта, фæлæ цы йæ бон уыд, æлгъыста йæ…

Иу зымæгон райсом немыц лидзынмæ фесты. Мах нæ рудзынгæй кастыстæм æмæ нæхи цæстытæй федтам Шульц цæугæ-цæуыны йæ сау рог машинæйы дуар куыд ныттыгъта æмæ, сæ фæдыл чи ныййарц, уыцы Дывдыв кабинæмæ куыд багæпп кодта, уый. Мæ мад ныхъхъæрзыдта, уынгмæ разгъордта, суанг Бесолты тигъы онг ныххæццæ, сæ фæдыл ма бирæ фæкаст. Кæддæр-уæддæр нæхимæ куы раздæхт, кæрты дуар йæ фæдыл куы сæхгæдта, уæд уынгæг хъæлæсæй цы загъта, уыцы ныхæстæ мæ никуы рох кæнынц:

– Фыдвæндаг фæу!.. Уæ фыд куы раздæха, уæд ын цы зæгъдзыстæм?..

Уыцы бон æгас хъæуы дæр зыдтой Дывдывы хабар. Не ‘мгар лæппутæ æмæ чызджытæ нæ тулдз бæласы бын кæрæдзиуыл миты къуыбæрттæ æхсынтæй хъазыдысты, кæрæдзийæн, махмæ амонгæйæ, дзырдтой:

– Сæ куыдз немыцы фарс фæцис…

Хъуыды ма кæнын, æз уый ницæмæ æрдардтон, фæлæ мæ хо
скуыдта æмæ мидæмæ балыгъд. Уыдон дæр фæйнæрдæм фæпырх сты, зыдтой йæ, ныртæккæ сæм нæ мад кæй ралæбурдзæнис, уый.

Æртыккаг æви цыппæрæм бон нын сæумæрайсом нæ сыхæгты ус Ламикка нæ рудзынг ныххоста æмæ йæ æгас хъæу дæр куыд хъусой, афтæ хъæрæй æрбадзырдта:

– Мæнæ уæ бæлццон раздæхти, Хестантæ. Ракæсут æм!..

Мæ мад æй чи банхъæлдта, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ йæ хъæццул иуварс фехста, йæ ныхæй рудзынгыл баныхæст, æрæджиау мæнырдæм æнæбары разылд æмæ æнкъард хъæлæсæй загъта:

– Цу-ма, уыцы æвзæрæн кæрты дуар бакæн. Æз дæр дæ феййафын…

Æз æнхъæлдтон, зæгъын, уый мыл йæхи æрбаппардзæн, фæлæ мæ цыма уынгæ дæр нæ фæкодта, уыйау мæ сагæхты æхсæнты ауад, дыккаг уæладзыджы тыргътæм асинтыл сызгъордта, фæстаг къæпхæнмæ нæма схæццæ, афтæ гæрах райхъуыст, æмæ Дывдыв дæлæмæ расхъиудта, уайтагъд йæ туджы пырхæнтæ ногуард миты ахъардтой. Æз хабар бамбæрстон, мæ фæсонтæ каумæ сарæзтон æмæ кæуыс ма – нал, Ладикка мæ æрбахъæбыс кодта:

– Ма фæтæрс, ма фæтæрс!..

Гæрахы хъæрмæ нæ сыхæгтæ цалдæрæй нæ кæртмæ æрбакалдысты. Абоны хуызæн ма мæ цæстытыл уайы: иуы дзыхæй дæр дзы ныхасы æрдæг дæр не схаудта; мæ мад æд топп тыргътæм бахизæны куы æрбадт, йæ уæхсчытыл зырзырæг куы бахæцыд, уæд уыдон сæргуыбырæй иугай уынгмæ ахызтысты, нæхи бар нæ ныууагътой…

Æрæджиау федтон, мæ мад йæ хæцæнгарз фæйнæджытыл æрæвæрдта, уый. Дывдывы цурмæ æрцыд, йæ фæстаг къахыл ын схæцыд, стæй мæнæн загъта:

– Мæ фæдыл ма белимæ рацу…

Мæнæ йæ ам баныгæдтам, дуры бын байбын ракъахтам, уæд ацы æхсæр бæлæстæ нæма уыдысты. Йæ сау сыджыт цæмæй бæрæг ма дара, уый тыххæй йæм мит æрбакалдтам. Фæстæмæ хæдзармæ куы здæхтыстæм, уæд та мæ мад йæ катайæн нæ бафæрæзта:

– Цы зæгъдзыстæм ныр дæ фыдæн?..

Æз уæд нырма ныфсæвæрæн ныхас зæгъынхъом нæма уыдтæн. Уæвгæ йын зæгъын дæр ницыуал бахъуыд: нал нæм раздæхт…

Фæссихор нæ Тазрет Дур-Дуры, Саукуыдз дунейы рухс кæм федта, уыцы хæдзары цур раргъæвта.

Дыккаг бон нын сæумæцъæхтыл Таймураз нæ уаты дуар ныттыгъта, бæстæ йæ сæрыл систа:

– Цас хуыссут, горæтæгтæ, цас!.. Афонмæ хъæддаг хуытæ кæрдохæрдæй ныддæнгæлтæ сты. Цæуын хъæуы…

Æз ын не сразы дæн, æфсон ын ссардтон, зæгъын, мæхи æвзæр æнкъарын, æвæццæгæн мын, æппынæдзух кæмæй æппæлут, Дыгургомы уыцы климæт нæ фæбæззыд. Мæхи та фæндыд ногæй Къорайы
фестын, уыцы фыдæлтыккон тулдз бæласы бын æнæдзургæйæ алæууын, Дывдыв цы стыр дуры бын ныгæд ис, ууыл банцой кæнын…

 

ХЪЫСМÆТЫ АХÆМ РАЙДИАН

Иу уалдзыгон бон Олгинскæйы мæ хæлар бинонты бæрæгбоны мæхи цахъхъæн лæджы фарсмæ бадт фæдæн. Чи нæ кæмæй у, чи нæ кæцæй у, уый нæ иу дæр нæ зыдта, афтæмæй нæм ныхас рауад иуæй-иу ирон мыггæгтæ æмæ нæмттæ равзæрды тыххæй. Мæнæ дзы цы фехъуыстон:

– 1942 азы немыц Ирыстоны ныгуылæнырдыгæй кæройнæгдæр хъæу Иран бацахстой. Сæ афицертæй иу æрбынатон ис, æрмæст зæронд лæг æмæ зæронд ус кæм цардысты, ахæм хæдзары уаты. Æвзæр сын нæ уыд, тызмæг цæстæй сæм нæ каст, хатгай-иу сын хæринæгтæ æмæ адджинæгтæй дæр фæхай кодта. Иухатт цалдæр боны нал уыд, стæй фæзынд, йæ хъæбысы та – дыууæ-æртæ азы кæуыл цыдаид, ахæм саухил рæсугъд ирон лæппу. Йæ фысымтæн уæзданæй загъта:

– Фæкæсут æм… Ничиуал ын ис… Æз уын уæ хорздзинад нæ ферох кæндзынæн. Мах куы фæуæлахиз уæм, – уый та тагъд æмæ æнæмæнг уыдзæн, – уæд æй æз мемæ Германимæ аласдзынæн…

Дыгай-æртыгай бонтæ-иу кæмдæр фæцис, стæй-иу æмбисæхсæв дæр фæлладæй дуарыл æрбахæцыд, цыдæр хæринæгтæ-иу йемæ æрбахаста, лæппуйы-иу æрбахъæбыс кодта. Иухатт æппындæр нал фæзынд, уæд, дам, немыц Дзæуджыхъæумæ бырстой æмæ, чи зоны, уым фæмард, чи зоны та йын, фæстæмæ лидзгæйæ, æрбауайынæн амал нал фæцис.

Дыууæ зæрондæн сæхи дыууæ лæппуйы дæр хæсты уыдысты, фæлæ афтæ рауад, æмæ сæм постхæссæг уыцы иу бон сæ дыууæйы сау гæххæттытæ дæр æрбалæвæрдта. Фæрыстысты, се ‘нæниздзинад фæцудыдта. Загътой, исты ныл куы ‘рцæуа, уæд ацы лæппу цы
фæуыдзæнис, кæй хъæудзæн ахæм сидзæр, æмæ, уæд ахъæр кодтой, уæздан адæмы къухтæм æй раттиккам, зæгъгæ.

Иубон сæм Дзæуджыхъæуæй иу дзæбæх лæг æмæ ус æрцыдысты, лæппу тынг сæ зæрдæмæ фæцыд. Фæрсынц æй, кæмæй у, йæ ном цы хуыйны, йæ мад, йæ фыдæй. Ницы зыдта, ницы хъуыды кодта. Æмæ уæд баныхас кодтой афтæ: хæсдзæни, амæй фæстæмæ кæй къухы хъомыл кæндзæн, уыдоны мыггаг – Дзампаты, йæ ном та уыдзæн, нырмæ кæй къухы уыдис, уыцы мыггаджы ном – Хъантемыр…

Йæ ныхасæй фæлæууыд лæг, чысыл æрæнкъард æмæ уæд æз мæхи нал баурæдтон, зæгъын, цы бацис уыцы лæппу… Уый мæм бахудтис:

– Мæнæ дæ цуры бады!..

Цалынмæ фынгтæ æвæрдтой, цалынмæ, æрæджы чи кодта, уыцы уазджытæм æнхъæлмæ кастыстæм, уæдмæ ма мын йе ‘нахуыр хъысмæты тыххæй цыдæртæ радзырдта, фæстагмæ ма загъта:

– Уыцы немыцаг афицер йæхæдæг кæй систа, мæ уыцы къам мæ чызг цалдæр хатты Интернеты тыгъдады равдисын кодта, цы нæ вæййы, кæд, дам дæ исчи базонид…

Æрбадзурæг нæм нæма ис…

 

АХУЫРГÆНÆДЖЫ БАФХÆРДТОЙ

Федыр, нæ хъæуæй хæстмæ чи ацыд, уыдонæн се ‘ппæтæй раздæр сыздæхт фæстæмæ. Цæфтæй, уæззау операцийы фæстæ йæ галиу къах фæцыбырдæр. Не скъолайы военрук уыдис. Иухатт нæ ахуыр кодта, хæстон парады куыд цæуын фæхъæуы, ууыл. Бацамыдта нын, стæй нæ рæнхъгай цыппæргæйттæй слæууын кодта, йæхæдæг – разæй, фæстæмæ нæм командиры хъæлæсæй тызмæг радзырдта:

– Æз куыд цæуын, афтæ цæут. Шагом марш!

Махмæ йæ ныхæстæ худæг фæкастысты, ома, æз куыд цæуын, сымах дæр афтæ цæут, зæгъгæ, æмæ не ‘ппæтæй дæр «къуылыхтæ» рауади. Цæй сæртæг, цæй фыдзæрдæтæ уыдыстæм, хæстон лæджы зæрдæхудт райстам. Æвæццæгæн æм нæ чыр-чыр фехъуыст, цæхгæр фæзылд æмæ уыйас «къуылыхтæ» куы федта, уæд ма йын æй цы бамбарын хъуыд, фæзмгæ йæ кæй кæнæм, уый. Йæ цæстыты масты уылæнтæ абухын райдыдтой, уый куы федтам, уæд дзыхълæуд æркодтам æмæ цавддуртæ фестадыстæм.

Йæ къухæй нын ацамыдта, ома, ацæут, нал мæ хъæут, зæгъгæ, йæхæдæг йæ сæр фæгуыбыр кодта, бæлæсты бын зæронд къодахыл йæхи æруагъта. Мæнæй йæм хæстæгдæр лæуд ничи фæци, æмæ æз федтон, уыцы домбæйттæ арæзт, фæтæнуæхск лæджы цæссыгтæ куыд рахъардтой, йæ фыдхуыз рустыл куыд æрлæсыдысты, уый.

Дыккаг бон Федыр йæ куыстмæ нал рацыд. Никуыуал рацыд…

Ныр хатгай нæ хъæуы уæлмæрдмæ куы бафтын, уæд ын æнæмæнг йæ ингæны цыртыл мæ къух авæрын, хатыр дзы ракурын… Æндæр ма мын уæдæ цы баззад? Æвæдза, хатгай æрыгæттæ куыд æгъатыр, куыд æнæрхъуыды вæййынц…

 

МЫГГАГМÆЙЫ ФÆСМОН

Нæ хъæуы кадджындæр хистæртæй иу–Барисы–йæ хæдзары бабæрæг кодтон, йе ‘фсин нын кæрты астæу æнгуз бæласы бын фынг авæрдта, ныхас ныл бацайдагъ, æрымысыдыстæм ын йæ ныййарджыты дæр.

Мæнæ мын цы радзырдта йæ фыды тыххæй:

– Хæст куы райдыдта, уæд мыл дыууадæс азы цыдис. Мæ фыд цуанон уыдис. Иухатт мæ тæккæ цур тæрхъус амардта, æмæ æз уыцы рæсугъд сырды тæригъæдæн куыд бафæрæзтон, уый диссаг уыди. Фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд мæ фыд, сыхы лæгтимæ абадон, зæгъгæ, уынгмæ куы рацыд, уæд æз бавдæлдтæн æмæ йын йæ гилдзыты топпыхос ракалдтон, стæй, цыма æппындæр ницы ‘рцыд, уыйау сыхы лæппутимæ хъæугæроны къуыбыртæм хъазынмæ ацыдтæн.

Дыккаг бон æз йемæ цуаны нал акуымдтон, мæ сæр риссы, зæгъгæ йын сæфсон кодтон, мæхæдæг æнхъæлмæ кæсын, куы раздæха, уæд цы уыдзæнис, уымæ. Кæрты дуарæй куыддæр æрбахызт, афтæ æз йæ размæ фæдæн, уыцы æнæ исты дзургæйæ мыл йæхи андзæрста æмæ ронæй нæмыс ма – нал…

Уыцы бонæй къуыри дæр нæма рацыд, афтæ йæ хæстмæ акодтой. Кæрты астæу мæ æрбахъæбыс кодта, æмæ æз æнхъæлдтон, ныртæккæ мæ хатыр ракурдзæнис, зæгъгæ. Иу ныхас дæр не
схаудта йæ дзыхæй. Æз, æнæзонд, мæстыгæр, уыцы изæр Куыдзиаты дыргъдоны цур кувæндонмæ мæ мады сусæгæй ссыдтæн æмæ зæрдиагæй скуывтон:

– Мауал дзы раздæх!

Мæ куывд æрцыдис…

Æвæдза, мæхи йеддæмæ йæ ничи зоны, æз уæдæй нырмæ куыд фæсмон кæнын, мæхи куыд æфхæрын, уый. Азтæ мыл цас фылдæр цæуы, уыйас фылдæр æмæ тынгдæр.

 

ТÆВД КÆРДЗЫНТÆ ÆМÆ СÆРБÆТТÆН

Ацы æнкъард хабар мын ракодта мæ хæлар Пагæты Аслæмбег:

– 1933 аз тынг æххормаг аз скодта, æмæ уæд дæлæ Уæрæсейæ ардæм цы мæгуыр адæм лыгъд, уыдонæй иутæ бахæццæ сты суанг махмæ дæр – Зынцъармæ. Иу бон нын нæ дуар æрбахостой æрыгон мад æмæ йæ дыууæ бурсæр гыццыл лæппуйы, мæнæ, дам нæм, дæуæн чи сбæзза, ахæм рæсугъд хъуырбæттæн ис, æмæ йæ хойрагæй ивæм. Мæ Нана сæ мидæмæ æрбахуыдта, сæ цуры сын уайсахат, пецæй кæй райста, ахæм тæвд кæрдзын æрæвæрдта, уæрмæй сын дурыны уазал æхсыр схаста. Уыдон цы зыд хæрд кодтой, цы!

Уæдмæ иннæ кæрдзын дæр къæйыл æрæвæрдта, уазджытæм бакаст æмæ сын сæ цæстæнгасæй бамбæрста: нæма бафсæстысты. Уый дæр та сын сæ цуры æрсаста. Фæлæбурдтой та уымæ дæр. Æртыккаг кæрдзын та сын урс хæцъилы батыхта, афтæ сын зæгъы, кæрдзын, дам, хъæбæр хойраг у æмæ, дам уал æгъгъæд скæнут хæрынæн, науæд уæ афтид ахсæнтæ исты кæндзысты.

Уазджытæ сыстадысты, сылгоймаг Нанайы йæ хъæбысы æрбакодта æмæ уыцы диссаджы рæсугъд хъуырбæттæн стъолыл æрæвæрдта. Нана йын æй фæстæмæ йæ къухты фæсагъта:

– Махмæ хæринаг дзаумæттыл нæ фæивынц!..

Ууыл азтæ рацыд. Хæсты фæстæ нын иу фæссихор чидæр нæ кулдуарыл æрбахæцыд, æз æм акастæн. Бæрзонд бурхил лæппу лейтенанты дарæсы, йæ риуыл – цалдæр хæрзиуæджы. Æз, дам, иухатт тæвд кæрдзын æмæ уазал æхсырæй кæй бахынцтат, уыцы уырыссаг лæппутæй иу дæн. Мæ Нанайæн фæхъæбыстæ кодта, стæй, йæ къухы цы тыхтон уыдис, уый райхæлдта, рæсугъд хъулæттæ сæрбæттæн дзы систа, суанг, дам æй Берлинæй сластон, йæхæдæг ын æй йæ сæрыл æркодта. Хъуамæ, дам дæм мæ фаззон æфсымæримæ ссыдаиккам, фæлæ мæ уымæн Эльбæйы былгæрон мæхи къухтæй ингæн скъахын бахъуыд…

 

НЫР ФИНКÆ АУЫГЪДÆЙ ЛÆУУЫ…

Цалдæр азы размæ мæ зæрды уыд бирæгъты цардыуаджы тыххæй чиныг ныффыссын, æмæ фембæлдтæн, уыцы æгъатыр сырдтыл чи цуан кодта, ахæм лæгтимæ дæр. Сæ иу – Дзугкойты Никъала. Иухатт нæм ныхас рауад хæсты тыххæй дæр, æмæ мын радзырдта:

– Хæст кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд мæ сиахс Мæрзойты Хадзымырзæ хæцыдис Венгрийы арæнтыл. Иухатт тæссаг уавæры бахауд, немыц – бирæ фылдæр, акъоппы иунæгæй аззад. Йæ гилдзытæ æхст куы фесты, уæд, байбыны фæстаг гранатмæ куыд фæцæйлæбурдта, афтæ йыл дыууæ салдаты сæхи æрæппæрстой, сæ быны йæ анорстой, йæ цæст ын джебогъæй бахъыгдардтой, иуцасдæр дзы нæ уыдта.

Немыц иннæ акъоппытыл дæр æрзылдысты, кæд ма исчи æгасæй баззад, зæгъгæ, фæлæ мæ сиахс иунæг разынд, æмæ уæд хистæр афицер сæхи æвзагыл уыцы дыууæ салдатæн загъта, акæнут, дам æй æмæ йæ уæртæ нартхоры хуымы астæу фехсут. Мæ сиахс немыцагау зыдта, фæлæ цы йæ бон уыд. Хъæуы кæройнаг хæдзары дуармæ лæууыд немыцаг дæлбулкъон, уый салдæтты æрурæдта æмæ сæ бафарста, кæдæм æй кæнут, зæгъгæ. Мæ сиахсмæ мын нымдзаст. Хуыцау йæ зонæг, цы ахъуыды кодта, уый, фæлæ сын афтæ зæгъы, æз, дам уал штабы йемæ аныхас кæнон. Уым ын йæ риуы дзыппытæй йæ хæстон æмæ партион билеттæ сласта, фæракæс-бакæс сæм кодта, рудзынджы цурмæ бацыд, цæуылдæр аджих. Æрæджиау цæхгæр фæзылд, фæстæмæ йын йæ документтæ йæ къухтæм радта, стæй лагъзæй, мæнæ финаг кард кæй хонынц, ахæм систа кæрддзæмы æвæрдæй æмæ йын æй галиуырдыгæй, хæлафæй роны æхсæн, нытътъыста, кителей æддæмæ куыд нæ зындаид, афтæ. Дзургæ ницы скодта, æрмæст æм ныфсæвæрæн каст æрбакодта, ома, дам, ныр та – дæ хъару æмæ дæхæдæг, стæй салдæттæм фæдзырдта.

Иучысыл куы ауадысты, уæд фæсте чи цыд, уый карст нартхоры бындзæфхадыл йæ къах скъуырдта, иуварсырдæм ахауд. Мæ сиахс йæ лæвар финкæ фæцъортт ласта æмæ уал дзы раззаджы барæхуыста, стæй фæстæмæ фæзылд æмæ уый дæр ныццавта. Уымæн йæ автомат зæхмæ æрхауд. Фелвæста йæ мæ сиахс, дыууæйыл дæр автомат ауагъта æмæ – лидзгæ. Уæдмæ ‘рталынг.

Фыццагдæр цы хъæумæ бахæццæ, уым кæройнаг хæдзары кæртмæ фæстæты хъæдын бруйы сæрты бахызт. Дæргъæй-дæргъмæ сара дзы, уым та рæбынæй – хосы бæстытæ амад суанг бæрзонд цары онг. Къулæй уыдоны ‘хсæн бабырыд, куы мæлон, уæд, дам, ам.

Боныцъæхтыл цавæрдæр æнахуыр хъæртæм райхъал, немыцæгты дыгъал-дыгъул хъуысы. Агуырдтой йæ, кæйдæр рафæрс-бафæрс кодтой. Иу сахаты бæрц рацыдаид, афтæ кæйдæр цæстæнгас банкъардта йæхиуыл: уæлейæ йæм бынмæ кастис иу сылгоймаг. Рабырын æй кодта уырдыгæй, немыц, дам, фæлидзæг сты ардыгæй, уæртæ, дам, сыхаг хъæуы советон æфсæддон хай æрбынат кодта, уырдæм ын фæндаг бацамыдта…

Хæст нырма цыди, афтæ мæ сиахсы йæ цæсты тыххæй фронтæй
суæгъд кодтой æмæ йæ арвыстой Ростовмæ. Снысан æй кодтой, немыцаг уацайрæгтæ кæм уыдысты, уыцы лагеры комендантæй. Иубон, дам, кæрты фæцæуы. Кæсы, æмæ цалдæр немыцаг афицеры хицæнæй бæласы бын лæууынц, æмæ дзы иуы базыдта: Венгрийы зæххыл ын финкæ чи радта, уыцы дæлбулкъон. Уæд æм ницы сдзырдта, фæлæ дыккаг бон уыцы финкæ сæхицæй йемæ рахаста, дæлбулкъоны йæ кабинетмæ ‘рбакæнын кодта. Къæсæрæй куы æрбахызт, уæд æм дзургæ ницыма скодтон, нырма дызæрдыг кодта, уый у, æви нæу, ууыл. Уый йæм йæхæдæг нымдзаст, ныццин кодта æмæ сыгъдæг уырыссагау загъта:

– Я знал, что тебе удалось бежать, но не ожидал такой встречи…

Куыд уыди, цы уыди, уый йын радзырдта, раарфæ йын кодта.

Йæ баххуысгæнæгæн мæ сиахс уым лагеры цыдæр æнцон куыст радта, стæй, кæуыл æууæндыд, уыцы хæринаггæнæгæн та бабар кодта, цæмæй йæм фæкæса, уæлдай буцдæр æй дара. Фæлæ уый нæхи афицертæй чидæр бафиппайдта æмæ йæ банымыгъта: лагеры комендант, дам, æнахуыр æмцегад кæны иу немыцаг дæлбулкъоныл, арæх фæныхас кæнынц дыууæйæ, цæуыл, уый, дам, хæйрæг базонæд…

Иубон æм Æдасдзинады комитетмæ фæдзырдтой, æрфарстой йæ, немыцаг дæлбулкъонимæ, дам дын иумæйагæй цы ис. Æмæ сын уæд, хабар куыд уыдис, уый радзырдта. Æнæбафæрсгæ нæ фесты уацайраджы дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй уымæн йæ фыд уыдис коммунист, 1919 азы йæ ‘рцахстой æмæ йæ фехстой, йæ лæппуйы та йын тыххæй æфсадмæ акодтой. Хабæрттæ куы сбæрæг сты, уæд мæ сиахсы уыцы бынатмæ нал бауагътой, немыцаджы та сæхимæ æмгъуыдæй раздæр арвыстой…

Уыцы финкæ мын фæсхæст мæ сиахс балæвар кодта, иухатт нæм Ростовæй бæрæггæнæг куы ссыди, уæд. Æз-иу æй райстон, хъæддаг хуытыл цуаны цæугæйæ. Ныр та ауыгъдæй лæууы мæ уаты къулыл: кæддæры цаутæн æвдисæн….