ДАУЫРАТЫ Дамир

РАДЗЫРДТÆ – ÆЦÆГ ХАБÆРТТÆ

БАЛТÆ НÆ АХУЫРГÆНÆГÆН

Æз дыууæ хатты райстон мæ маст, куы цæрын, уæдæй нырмæ. Дыууæ хатты дæр, саби ма куы уыдтæн, уæд. Дыууадæсаздзыдæй…

Ныр дæр ма йæ арæх æрымысынц Хуымæллæджы: хæсты фæстæ фыццаг уалдзæг бал бæлæстæ æнахуыр дидинæг акалдтой, иунæг къалиу дæр нæ фæмæнг, зæу-зæу кодтой, хуры тынтæм урс зынджы стъæлфæнтау æрттывтой сæ хаутæ, боны рухсыл рухс æфтыдтой, æхсæвы тар фæйнæрдæм сырдтой.

– Уым диссагæй ницы ис, – мæ хъæуккæгтæ-иу сæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл куы ныццавтой, уæд сæ-иу сабыртæ кодта нæ сыхы хистæр Дзиби, – бæлæстæ дæр бамбæрстой зæххы æмæ адæмы цин. Бамбæрстой!.. Нæ зæрдæрухс нын æрдз уыдоны хуызы равдыста. Диссаг æндæр у: циныл ма цин кæнын базондзыстæм, уый æнхъæл та ма чи уыди?! Кæс-ма, чындздзон чызджытæ не сты, зæгъут, æнæ куырдæй ма баззайат…

Дыууæ фырты хæцыд хæсты Дзибийæ. Дыууæ «сау гæххæтты» йæм ссыд уыцы иу бон. Постхæссæг, дæлæмæдзыд Æндрийæн, дам, сæ дуармæ фыр адæргæй йæ зæнгтæ фæтасыдысты, кауы рæбын дзуццæджы сбадт æмæ кæуыс ма нал, цалынмæ йæ Дзиби нæ раййæфта, уæдмæ.

Уалдзæджы фæстаг бонты утæппæт дидинæг зæххы хай баци, уынджы чысыл цæугæдæттæ сæ ластой æмæ ластой. Дæ бæгъæввад къæхтæ малы фæцæв, гуппаргай сæ дæ хъарм армытъæпæны сис, стæй та сæ фæстæмæ уылæнтæм æрдар – уадз æмæ ленк кæной, дæлдæр сæм иннæ сабитæ дæр æнхъæлмæ кæсынц. Бæлæсты бын æхсæвæй-бонæй урс-урсид дардта, хатгай-иу рог дымгæ искуыцæй куы фæзынд, уæд-иу семæ хъазыныл схæцыд, æддæг-мидæг сæ-иу ауайын кодта, стæй-иу, кæл-кæл худт кæнгæ, алыгъд. Йæ фæстæ-иу цы обæуттæ ныууагъта, уыдоны-иу мах нæ къухтæ фæцавтам æмæ та сæ-иу хæрдмæ сцагътам. Стъалытæ хаугæ бон-сихорафон искуы федтай? Æз та федтон уæд! Нæ сыхы чындзытæ-иу уынгты бæлæсты бын барæй нал марзтой, цалынмæ-иу цинхæссæг дидинджыты сонт къæвда цъыфимæ нæ сызмæста, уæдмæ.

Уыцы бонтæй нын иуы, сæумæрайсом, чидæр нæ рудзынг ныххоста. Йе ‘нæфаст сæрыхъуынтæй базыдтон мæ хæлар Биттийы.

– Дысон нын нæ ахуыргæнæджы рынчындонмæ аластой. Артем Сергеевичы. Йæ цæфтæ та, дам, хæф кæнын райдыдтой. Тæрсгæ йын кæнынц дохтыртæ. Абæрæг æй хъæуы. Æцæг, дам, уæ дæлæрмттæ афтидæй ма ахæссут…

Артем Сергеевич, йæ мыггаг Франчук, мах ныв кæныныл ахуыр кодта. Йæ хæстон дарæсы-иу куы фæзынд скъолайы кæрты, уæд-иу иууылдæр уымæ кастысты, фыццæгæм къласы ахуыргæнæг та нымайын йе скъоладзаутæн Артем Сергеевичы риуыл амыдта:

– Цу-ма фенут, цал хæрзиуæджы ис йæ риуыл? Раздæр сæ галиу- ырдыгæй рахизырдæм банымайут, стæй та – рахизырдыгæй галиуырдæм. Фыццаг сæ чи фæуа нымад, уый амбылдта…

Куы йыл-иу амбырд сты, уæд сæ астæу бадт, худти сæм æмæ куыдта. Урокмæ нæм æрбацæуы, уый-иу йæ хæрзиуджыты дзæгъ-дзæгъæй базыдтам. Фыццагдæр нын къласы фæйнæгыл тырыса сныв кодта.

– Уый, Берлины сæрмæ кæй æрсагътам, уыцы тырысайы халдих у. Алчидæр æй хъуамæ ныв кæнын зона…

Мах нæ удæй бацыдыстæм. Дзæнгæрæг ныццæгъдынмæ бирæ нал баззад, афтæ Артем Сергеевич мæ сæрты фæстаг партæмæ ацамыдта:

– Ды та æнцад цæмæн бадыс, лæппу? Истæуыл тæргай дæ?

Уый Битти уыдис. Не ‘ппæты сæртæ дæр фæстæрдæм азылдысты. Битти уырдыг слæууыд, ныфсæрмытæ, ныссырх ис, æрæджиау сфæрæзта:

– Берлины сæрмæ кæй æрсагътой, уыцы тырыса сырх-сырхид у… Æз æй сау кърандасæй нæ ныв кæнын!..

Уый æнхъæл ничи уыд, ныссабыр ис кълас, ныр та нæ сæртæ размæ разылдысты, ахуыргæнæгмæ. Артем Сергеевич Биттийы йеддæмæ никæйуал уыдта, ныдджих æм, стæй сыстад, йæ цурмæ бацыд æмæ йæ йæ хъæбысы æрбакодта…

– Æмæ йын цы ахæссæм?

Нæ рæбыны ницы ис райсинаг, уый зыдтон, мæ мад та быдыры уыд рувынмæ. Биттийы мад дæр.

– Дзиби афтæ зæгъы, дæлæ, дам, Ладейы балтæ æппæты разæй батагъд кæнынц рæгъæд кæнынмæ, ныууайут æм æмæ дзы мæ номæй иу-дыууæ армыдзаджы ракурут, рынчындонмæ нæ, зæгъ, хъæуы…

Уайтагъд дæлбылы сыхы балæууыдыстæм. Раздæр нæм сæ рæйаг куыдз ракаст дуары бынæй, стæй та – Ладе йæхæдæг, Дзибийы карæн зæронд лæг, мидбылты нæм бахудт. Нæ курдиат ын куы загътам, уæд ын цыма уазал дон бакалдтам йæ артыл:

– Дзиби зноны Дзиби куы нæу, нæ йæ зоны, фыццаг тыллæгæй мæхи бинонтæ нæма фæхъæстæ сты, уый, уæд ын дзы куыд раттон? Æнæ балæй нал фæразы?

– Рынчындонмæ хъæуынц. Нæ ахуыргæнæг…

– Рынчындонмæ-иу базары фелхæнынц. Мах балтæ уырдæм хæссыны аккаг нæма сты.

Тигъыл цæхгæрмæ уынджы куы фæзылдыстæм, уæд мын Битти мæ цонг ацахста.

– Мæ фæдыл-ма рацу!

Битти кауы сæрты басæррæтт кодта, йæ фæдыл та – æз. Дыууæ цæхæрадоны фæсте аззадысты, дæлæ ис чъынды Ладейы раджы цæттæгæнаг бæлас, ныллæг, фæлæ пæлæхсар, бирæкъабузджын. Сырх-сырхидæй æрттивынц, алы балыл дæр дзы дысоны къæвдайы æртах æрцауындзæг æрхауынæввонг. Мæ цæстытыл ауад, Артем Сергеевич сыл куыд бацин кодтаид, уый.

Тигъмæ та куы рахызтыстæм, уæд ма Битти фæстæмæ иу каст фæкодта:

– Афтæ ма-иу кæсæд…

Цыдæр сфæнд кодта мæ хæлар, æцæг æй мæнæн нæ хъæр кæны.

Дыккаг бон райсомæй мæ хъомтыл куы ахъæр кодтон хизынмæ, уæд тигъыл Дзиби мæ размæ фæцис.

– Æмæ Биттийы хабар нæма фехъуыстай?

Æз æм мæ сæр батылдтон:

– Цавæр хабар?

– Дысон Ладейы балтæм бахызт æмæ йыл дæлæ уыцы зæрондæй æвзæр талынджы йæ дыууæхстон суагъта. Йе ‘рбадæнтæ йын цæххæй байдзаг кодта. Уæ ахуыргæнæджы фарсмæ дын æрæвæрдтой дæ хæлары…

Дыууæ боны йеддæмæ нæ фæцис Битти рынчындоны. Æртыккаг бон мæм нæ кауын дуары хуынчъытæй æрбадзырдта:

– Де ‘ххуыс мæ хъæуы…

Мæ цæстытæм мын афтæ зæрдиагæй никуыма каст.

– Цы у?

– Ладейæ мæ маст райсон…

Дæ фыд хæстæй ссæуы, зæгъгæ мæм исчи хæрзæггурæггаг куы фæуыдаид, уæддæр мæ цин нырæй фылдæр нæ уыдаид. Дысон мæ мад куы ныккатай кодта, Биттийæн хæрзаг тынг дудынц йе ‘рбадæнтæ, зæгъгæ, уæд мæ цæссыгтæ базмæ æркалдысты. Ладейæ та ме ‘сæфт федтон.

Æз фыр цинæй мæ худын нал баурæдтон, ме ‘уæхскæй Биттийы сцавтон. Дуры сæрæй атылд, цалынмæ стгæ кодта, уæдмæ æз тигъыл балæууыдтæн. Ныртæккæ нæ фæнд скæрддзыстæм!

Хурныгуылды размæ фос хизæнтæй куы сыздæхтысты, скъæт сыл куы бахгæдтон, уæд хъомскъæрæн лæдзæг райстон, дæлбылы сыхмæ ныццыдтæн æмæ Ладейы дуар ныххостон. Раздæр мæм йæ рæйаг куыдз ракаст, стæй та Ладе йæхæдæг, мидбылты худгæйæ.

– Дзибитæ сæ мæрдтæн цыдæртæ скодтой æмæ, дам, суай, ныххæлар сæ кæнæм. Демæ, дам æй ракæндзынæ…

Ладе мæм ныдджих, стæй ныуулæфыд:

– Æнхъæлдæн æмæ мæ уыцы Дзиби нал ныууадздзæн. Ацу, фæндаг амонын мын нæ хъæуы. Дзидзидай нæ дæн, мыййаг…

Мæйрухсы Ладе Дзибийы дуарыл куы бахæцыд, уæд мах та дæлбылы сыхмæ – згъоргæ, кауы сæрты – сæррæт æмæ бал бæласы лыстæг зæнгыл фæрæтæй ралæууыдыстæм, фæйнæ зад къабузы æркъуырдтам, нæ фæд-фæд та рацыдыстæм, куыдз срæйæг дæр ныл нæ фæцис. Хъæугæрон къуыбырыл сбадтыстæм, балы бырынцъаг апп дарддæр кæмæн ахауид, зæгъгæ, сбыцæу стæм.

Дыккаг бон фæссихор хъæуы æдде уæлмæрды чъылдыммæ пысыраты астæуæй систам Биттийы æмбæхст нымæтхуд, балæй йæ тæккæ дзаг, къахвæндагыл Дудураты станцæмæ бацыдыстæм, дыздызгæнаг рельсыты астæу, хъарм спъалытæ нымайгæ, Беслæныхъæумæ рахæцыдыстæм.

Артем Сергеевичæн не ссыд тынг æхсызгон уыд. Битти йын нымæтхуд йæ дæлфæдтæм æрæвæрдта, фæлæ куы здæхтыстæм, уæд ын уый йæ хъустыл фæхæцыд, фæстæмæ йæм æй радта:

– Дохтыртæ мын дыргътæ хæрын нæ уадзынц. Уæхæдæг сæ-иу фæндагыл…

Мах, дызæрдыггæнгæ, рацыдыстæм: кæд æм, мыййаг, Ладейы бæласы хабар сыхъуыст?.. Фыццагдæр цы цæугæдонмæ бахæццæ стæм, уым Битти йæ нымæтхуд фæкъул кодта. Дæле хæрис бæласы бын хъазтæ æмæ бабызтæ сæ хъæлæба фæуагътой, уылæнты сæр сырх-сырхид тыппыр балтыл сæ хуылыдз бырынчъытæй ралæууыдысты…

Къуырийы бæрц Хуымæллæджы мах кой йеддæмæ æндæр кой нал уыд. Иутæ Ладейы фарс хæцыдысты, иннæтæ загътой, уыцы дыууæ лæппуйы, дам, тынг раст бакодтой уыцы чъындыйæн, афтæ йын хъуыди. Иу райсом ныл Дзиби дæр Зенайы тигъыл хæрхæмбæлд фæцис, фæлæ йæ дзыхæй ныхасы æрдæг дæр не схаудта, нæ нæм æрлæууыд, æрмæст йæ урс сæр дыууæрдæм батылдта, мидбылты нæм бахудт…

 

ДЫВДЫВ НЕМЫЦИМÆ АЛЫГЪД

Кæцыдæр аз мæ фæззæджы хъарм бонтæй иуы мæ рухсыбадинаг хæлар Æгъуызарты Саукуыдз йемæ Дур-Дурмæ акодта, дæ хæлар дунейы рухс кæм федта, уыцы хæдзар, дам, фен, мæ кæстæр æфсымæр Таймураз та, дам, цуанон у, æмæ дын уый та, иу æхстæн дыууæ хъæддаг хуыйы куыд афæлдахы, уый равдисдзæн, зæгъгæ. Физонæджы тæф ма хъуыды кæныс?..

Хъæуы астæу автобусæй куыддæр рахызтыстæм, афтæ махæй чысыл фалдæр иу урс «Жигули» дзыхълæуд æркодта, бæрзонд фæтæнуæхск лæппу дзы рахызт, морæ нымæтхуд йæ сæрыл. Саукуыдзимæ кæрæ- дзиуыл ныттыхстысты, цæуылдæрты аныхас кодтой, нæ мæм хъуыст, стæй уыцы мæнæн æнæзонгæ мæнмæ дæр æрбацыд, йæ ном мын загъта – Тазрет, – йæ машинæйы раззаг дуар, мидбылты худгæйæ, ныттыгъта:

– Мæнæ-ма мæ фарсмæ æрбабад!..

Иуцасдæр куы ауадыстæм, уæд æй бамбæрстон, хъæуæй ахызтыстæм, уый. Хæдзæрттæ дзы нал уыд, быдыр райдыдта, æцæг дзургæ ницы скодтон. Саукуыдз фæразæй:

– Дамир, мæнæ мæ хæлар Тазрет ныцъцъæх ис, дæ уазæджы, дам дын раздæр æз хъуамæ бабуц кæнон. Разы йын кæнæм?.. Искуы Къорайы уыдтæ?

Ахæм уавæры ды мæ бынаты цы бакодтаис, мæ кæсæг? Цы гæнæн мын уыдис, зæгъын, сымах куыддæриддæр фæнды, афтæ.

Хъæуы астæу иу бæрзонд агуыридурæй амад хæдзары цур егъау, фæтæнкъабузджын бæласы бын аууоны æрлæууыдис нæ машинæ. Æз, мæ къах зæххыл куы æрывæрдтон, уæд фыццаг фæкомкоммæ дæн уымæн йæ цалдæр уидаджы зæххы цъар куыд стыдтой, уымæ, уыдысты æнахуыр ставд, иуыл дзы чидæр фæтæн фæйнæджы гæбаз зæгæлтæй дæр ма ныххоста бадынæн.

Тазрет мын кæнæ мæ цымыдисдзинад бамбæрста, кæнæ та, чи зоны, алы уазæгæн дæр афтæ кæны, фæлæ мын радзырдта, ацы бæлас, дам, мæ фыды фыдыфыды сагъд у. Немыц иу советон афицеры уацары райстой, тæхæджы, æмæ йæ ацы тулдзыл æрцауыгътой, цалдæр боны йыл дзедзыкка фæкодта. Хæсты фæстæ чидæр нæ хъæуыхицауы сардыдта, уыцы тулдз бæлас, дам, йæ бындзарæй афæлдахын хъæуы, не знæгтæн, дам, сæ сау ми бакæнынмæ фæахъаз… Ноджы цыдæртæ ма. Фæлæ æгас хъæубæстæ дæр ууыл не сразы сты, уый, сæрыстыр кæмæй стæм, нæ ахæм фидауц куы у, зæгъгæ. Æцæг уынаффæ рахастой, нæ тæхæг цы къалиуыл ауыгъд уыдис, уый, дам, ахауын кæнут…

– Тазрет, Дамир фыссæг у, уый нæ зоныс?.. Уæртæ ма йын уæ куыдзы хабар дæр ракæн…

Уый нæ йæ фæдыл цъылинаджы хуымты уæрæх астæуты цæхæрадоны кæронмæ акодта, дыууæ æхсæр бæласы бын егъау дуры цур æрлæууыд, æргуыбыр кодта, йæ нымæтхудæй йæ асæрфта æмæ дзы мæнмæ разынд сырх ахорæнтæй фыст «Ам ныгæд ис Дывдыв».

– Ацы Дывдыв мæ фыдæн йæ кæсгон хæлар цуанон Хизиры лæвар уыд, – Тазретæй нæ ферох Саукуыдзы курдиат. – Уыцы æнахуыр фæлмæн ном та йыл ам нæхимæ сбадт, мæнæ иуæй-иу хъуырхъуыргæнаг зæронд лæгæй уæлдай нæ уыд, æдзух хъæуа-нæ хъæуа рæйгæ кодта, æхсæв та – ниугæ, æвæццæгæн, ам махмæ йæ зæрдæмæ нæ цыд. Мæ фыд æй уæддæр бирæ уарзта, хæстмæ куы цыд, уæд мæ мадæн фæ- дзæхсгæ бакодта, ме ссыдмæ, дам мын æй мацы фæкæнут.

Немыц нæ хъæуы дæр куы æрбынатон сты, уæд Дывдыв бынтон æндæр хуызæн фестад, нæ – рæйгæ, нæ – ниугæ. Иу бурсæр офицер Шульц мæнæ ам махмæ нæ уаты цардис, æмæ-иу уый бын атылд. Уымæ уый хорз касти, алыхуызон хæринæгтæ йын лæвæрдта, суанг æй печенитæ хæрын дæр ма сахуыр кодта. Æз æмæ мæ хо уæд гыццылтæ уыдыстæм, нæ цуры-иу ын сæ тыргъты акалдта, цыма мах мæстæй мардта, уыйау. Чысыл уырыссагау дзырдта уыцы Шульц æмæ иухатт мæ мадæн бамбарын кодта, ацы хъæуы, дам, махыл уæ куыдзæй тынгдæр ничи бацин кодта. Куыд æм хæлæг кæнæм, уый нæ мад уыдта, фæлæ цы йæ бон уыд, æлгъыста йæ…

Иу зымæгон райсом немыц лидзынмæ фесты. Мах нæ рудзынгæй кастыстæм, æмæ нæхи цæстытæй федтам, Шульц цæугæ-цæуыны йæ сау рог машинæйы дуар куыд ныттыгъта æмæ, сæ фæдыл чи ныййарц, уыцы Дывдыв кабинæмæ куыд багæпп кодта, уый. Мæ мад ныхъхъæр- зыд, уынгмæ разгъордта, суанг Бесолты тигъы онг ныххæццæ, сæ фæдыл ма бирæ фæкаст. Кæддæр-уæддæр нæхимæ куы раздæхт, кæрты дуар йæ фæдыл куы сæхгæдта, уæд уынгæг хъæлæсæй цы загъта, уыцы ныхæстæ мæ никуы рох кæнынц:

– Фыдвæндаг фæу!.. Уæ фыд куы раздæха, уæд ын цы зæгъдзыстæм?..

Уыцы бон æгас хъæу дæр базыдтой Дывдывы хабар. Не ‘мгар лæппутæ æмæ чызджытæ нæ тулдз бæласы бын кæрæдзиуыл миты къуыбæрттæ æхсынтæй хъазыдысты, кæрæдзийæн, махмæ амонгæйæ, дзырдтой:

– Сæ куыдз немыцы фарс фæцис. Ныууагъта сæ…

Хъуыды ма кæнын, æз уый ницæмæ æрдардтон, фæлæ мæ хо скуыдта æмæ мидæмæ балыгъд. Уыдон дæр фæйнæрдæм фæпырх сты, зыдтой йæ, ныртæккæ сæм нæ мад ралæбурдзæнис, уый.

Æртыккаг æви цыппæрæм бон нын сæумæрайсом нæ сыхæгты ус Ламикка нæ рудзынг ныххоста æмæ, æгас хъæу дæр куыд хъусой, афтæ хъæрæй æрбадзырдта:

– Мæнæ уæ бæлццон раздæхти, Хестантæ. Ракæсут æм!..

Мæ мад æй чи банхъæлдта, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ йæ хъæццул иуварс фехста, йæ ныхæй рудзынгыл баныхæст, æрæджиау мæнырдæм æнæбары разылд æмæ æнкъард хъæлæсæй загъта:

– Цу-ма, уыцы æвзæрæн кæрты дуар бакæн. Æз дæр дæ феййафын…

Æз æнхъæлдтон, зæгъын, уый мыл йæхи æрбаппардзæн, фæлæ мæ цыма уынгæ дæр нæ фæкодта, уыйау мæ сагæхты æхсæнты ауад, дыккаг уæладзыджы тыргътæм асинтыл сызгъордта. Фæстаг къæпхæнмæ нæма схæццæ, афтæ гæрах райхъуыст æмæ Дывдыв дæлæмæ ра- схъиудта, уайтагъд йæ туджы пырхæнтæ ногуард миты ахъардтой. Æз хабар бамбæрстон, мæ фæсонтæ каумæ сарæзтон æмæ кæуыс ма – нал. Ладикка мæ æрбахъæбыс кодта:

– Ма фæтæрс, ма фæтæрс!..

Гæрахы хъæрмæ нæ сыхæгтæ цалдæрæй нæ кæртмæ æрбакалдысты. Абоны хуызæн ма мæ цæстытыл уайы: иуы дзыхæй дæр дзы ныхасы æрдæг не схаудта. Мæ мад æд топп тыргътæм бахизæны куы æрбадт, йе уæхсчытыл зырзырæг куы бахæцыд, уæд уыдон сæргуыбырæй иугай уынгмæ ахызтысты, нæхи бар нæ ныууагътой…

Æрæджиау федтон, мæ мад йæ хæцæнгарз фæйнæджытыл æрæ- вæрдта, уый. Дывдывы цурмæ æрцыд, йæ фæстаг къахыл ын схæцыд, стæй мæнæн загъта:

– Мæ фæдыл-ма белимæ рацу…

Мæнæ йæ ацы тæккæ цур баныгæдтам, дуры бын байбын ракъахтам, уæд ацы æхсæр бæлæстæ нæма уыдысты. Йæ сау сыджыт цæмæй бæрæг ма дара, уый тыххæй йæм мит æрбакалдтам. Фæстæмæ хæдзармæ куы здæхтыстæм, уæд та мæ мад йæ катайæн нæ бафæрæзта:

– Цы зæгъдзыстæм ныр дæ фыдæн?..

Æз уæд нырма ныфсæвæрæн ныхас зæгъынхъом нæма уыдтæн. Уæвгæ йын зæгъын дæр ницыуал бахъуыд: нал нæм раздæхт…

Фæссихор нæ Тазрет Дур-Дуры, Саукуыдз дунейы рухс кæм федта, уыцы хæдзары цур раргъæвта.

Дыккаг бон нын сæумæцъæхтыл Таймураз нæ уаты дуар ныттыгъта, бæстæ йæ сæрыл систа:

– Цас хуыссут, горæтæгтæ, цас!.. Афонмæ хъæддаг хуытæ кæрдохæрдæй ныддæнгæлтæ сты. Цæуын хъæуы…

Æз ын не сразы дæн, æфсон ын ссардтон, зæгъын, мæхи æвзæр æнкъарын, æвæццæгæн мын, æппынæдзух кæмæй æппæлут, Дыгургомы уыцы климæт нæ фæбæззыд. Мæхи та фæндыд ногæй Къорайы фестын, уыцы фыдæлтыккон тулдз бæласы бын æнæдзургæйæ алæууын, Дывдыв цы стыр дуры бын ныгæд ис, ууыл банцой кæнын…

 

БЕРЛИНÆЙ КУЫДЗ СЛАСТА…

Хуымæллæг, 1949 аз. Уæлæсыхаг Цæра, нæ хъæуæй тохы быдыр- мæ чи фæраст, уыдоны фыццæгтæй иу уыдис, здæхгæ та æппæты фæстæ скодта, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ дæлæ Берлины баурæдтой. Æз уæд нырма гыццыл лæппу уыдтæн, фæлæ цæмæндæр мæ зæрдыл бадардтон, уыцы бонты нæ хъæуккæгтæ куыд сусу-бусу кодтой, куыд æй фаудтой, уый:

– Иутæ Германы зæххæй сызгъæрины голджытимæ сыздæхтысты, Цæра та дзы немыцаг бур куыдз сласта…

Скъолайы дæр æндæр кой нал уыдис, æмæ иу бон фæсурокты æртæ цымыдис хæлары – æз, Гугкаты Ермак æмæ Кцойты Феликс – уæлæсыхмæ араст стæм, кауы хуынчъытæй йæм бирæ фæкастыстæм. Абоны хуызæн ма уайы мæ цæстытыл: уыд æнахуыр стыр, æз ахæм куыдз фыццаг хатт федтон. Туацъæйы хус фæсалы хуызæн йæ хъуынтæ – бур, йæ хъустæ залмы сыфтау дæлæмæ фæлдæхт йæ цæстыты онг, йæ зæнгтæ – хъуынджын, уыд хæдзармæ бацæуæны къаххафæнмæ баст. Уырдыгæй нæ фæндаг Кцойты куыройыл ракодтам, былæй-иу нæхи малмæ сæрбынмæ фехстам. Феликс нын йæхицæй раппæлыд, æз, дам, уыцы немыцаг куыдзы сымахæй раздæр федтон, Цæра йæ мæнæ ардæм æркæны найынмæ…

Ууыл иу мæйы бæрц, чи зоны, чысыл фылдæр рауади, афтæ та Хуымæллæджы æндæр кой нал уыд: чидæр дзидзайы фæлмæны æрцындз батъыста, кауы сæрты йæ Цæрайы кæртмæ баппæрста, куыдз æй аныхъуырдта æмæ амарди. Æфсæйнаг къаххафæн, дам ма йæ катайæ кæрты дуары онг рахæр-хæр кодта…

Уыцы фыдгæнæг чи уыдис, уый уæд афтæ дæр не сбæрæг, фæлæ мæнæ цы радзырдта мæнæн, районы газеты æрыгон уацхæссæгæн, нæ хъæусоветы уæды азты сæрдар Æгкацаты Федыр, Цæрайы кой дæр нæм куы рауадис, уæд:

– Йæ дардæй ласт куыдзæн ын чидæр афтæ куы бакодта, уæд мæм дыккаг æви æртыккаг бон Цæра хъæстмæ æрхæццæ, кæмæн, дам, цы кодта мæ куыдз, мæ сæрæн куы ницы æмбарын, уæд, никæуыл, дам, гуырысхо кæныс, ацы хъæуы чи цы гæнæг у, уый дæуæй хуыздæр чи зоны… Ды йын, Дамир, мæ бынаты цы загътаис?.. Бауырнæд дæ, мæ дзыхæй дæр никуы ссыди, фæлæ мæм уымæй размæ уыд хæсты ветеран, Цæрайы дæллагварс цæрæг Темыр. Се ‘хсæн фыдæлтыккон ныллæг кау быд йеддæмæ ницы ис. Æмæ мын афтæ зæгъы, дæ хорзæхæй, мæнæ дам-ма дæ кабинеты дуар мидæджырдыгæй дæгъæлæй сæхгæн, æз дæм цыдæр равдисон… Мæ цуры йæ хæлаф фадхъулты онг æрæппæрста, йæ хæдоныл хæрдмæ схæцыд. Зоныс æй, Дамир, æз мæхæдæг дæр хæсты быдыры уыдтæн, бирæ цыдæртæ федтон, фæлæ йын йæ фæтæн фæсонтæ æмæ йе ‘рбадæнтæм куы бакастæн, уæд мæ скæуынмæ бирæ нал хъуыд.

Куыд мын радзырдта, афтæмæй хæсты фыццаг бонтæй иуы Житомиры бынмæ уацары бахауд. Къуырийы фæстæ дыууæ æмбалæй ралыгъдысты, фæлæ сыл немыцæгтæ сæ куыйты сардыдтой, уыдон сæ баййæфтой, хъæды цъымарайы, дам, размæ бахаудтæн æмæ мæ дыууæйæ сæ быны скодтой, гæбазгай мæ фæтыдтой…

Æз æм хъуыстон æмæ йæ уайтагъддæр бамбæрстон, мæнмæ йе ‘рцыды сæр цæй тыххæй у, уый. Дзургæ ницыма скодтон, йæхæдæг фæразæй:

– Мæ сыхаг не знаджы зæххæй хуыздæрæн цы сласта, уый куыннæ зондзынæ?.. Ды мæ бынаты уым фæцæрис? Куыд дæ фæнды, æз хъуамæ алы бон дæр, уымæ кæсгæйæ, мæ кæддæры хъизæмары бонтæ мысон? Æмæ йын кæдмæ фæраздзынæн? Исты хос нын æрхъуыды кæн. Æмбарыс мæ?..

Æз æй æмбæрстон, фæлæ цалынмæ абон райсомы фæхъхъау кодтон, уæдмæ уыцы хабар æрцыди…

Дарддæр цы уыд, уый æз мæхæдæг зыдтон: Цæра фæтæргай, хъæубæстæмæ фæхæрам, горæтмæ алыгъд цæрынмæ. Иуцасдæр та хъæу фæсусу-бусу кодтой:

– Цæра Берлинæй сызгъæринтæ дæр сласта, æндæра Дзæуджыхъæуы Терчы был цъæхсæр хæдзæрттæ цæмæй балхæдта?.. Йæ сыстытæй?..

 

РАХИЗ КЪАХ

Æрæджы сыхаг хъæуы мæ хæлар Хасыгаты кæхцы бон фынгыл мæ бакомкоммæ бадт фæцис зындгонд дзабырхуыйæг Нугзар. Æз чысыл æрæджы бакодтон, уым æй ныййæфтон. Сидтæй сидты æхсæн исты дзурын хъуыд, æмæ мын афтæ зæгъы, знон, дам дæ рынчындоны кæрты ауыдтон. Зæгъын, æз уым уыдтæн, фæлæ дзы ды та цы куыстай, æнæниз, цардхуыз лæджы каст куы кæныс, уæд. Уый æвиппайды хъуыдыты аныгъуылд, чысыл фенкъардхуыз, æрæджиау загъта:

– Мæ рахиз къах дзы бабæрæг кодтон…

Æз ын раздæр хынджылæг кæнын æнхъæл уыдтæн. Нæ йыл æууæндын, уый, æвæццæгæн, бамбæрста æмæ мын афтæ зæгъы, мæнæ, дам-ма стъолы бынты мæнырдæм æрбакæс. Цалынмæ æз гуыбыр кодтон, уæдмæ уый йæ хæлафы фæтæн фадыгыл хæрдмæ схæцыд, æмæ дзы мæнмæ разынд… хъæдын протез. Уый мæнæн æнæнхъæлæджы уыд, цалдæр хатты йæм йæ кусæн уаты дæр уыдтæн æмæ ууыл никуы фæгуырысхо дæн, æцæг-иу æй æдзухдæр баййæфтон бадгæйæ. Лæугæйæ нæ, фæлæ йæ цæугæйæ дæр никуы федтон.

Æмæ ныр куы ныддис кодтон, уæд мын мæнæ цы радзырдта:

– Иу-фынддæс азы размæ нæ кæрты тæккæ астæу ихы сæр Хуыцауы ницæйы аххосæй фæбырыдтæн æмæ мын мæнæ ацы къах дыууæ дихы фæцис. Дохтыртæ мын æй ахауын кодтой, уым æй уазалгæнæны арф сæвæрдтой. Федтай йæ, протез мыл ис, уый. Интернеты руаджы йæ ссардтон, фæсарæйнаг у, цыдæр æнахуыр æрмæгæй. Рог у, ныхас дæр ыл нæй, æхсæв æй раппарын. Æмбалæн æй мæ сынтæджы фарсмæ бандоныл æрæвæрын. Фæлæ цыфæнды куы фæуа, уæддæр дзы мæхи къахæн аргъ нæй. Тынг цæрдæг уыдтæн, ме ‘мгæрттæй мæ дугъы никуы ничи æййæфта.

Кæддæр мын мæ мад афтæ бафиппайдта:

– Ацы зæххыл фыццаг дæ рахиз къах андзæвыд…

Уый мæ рох нæ уыд, æмæ-иу мæ нæ хæдзарæй искуыдæм цæуын хъуыд, зæгъгæ, уæд-иу раздæр нæ къæсæрыл уый æрæвæрдтон, искуы уæладзыгæй дæлæмæ хизгæйæ дæр – афтæ. Нæ царæй асинтыл бынмæ быргæйæ дæр – афтæ. Цæмæндæр ацы къах фылдæр уарзтон, тынгдæр ыл-иу æууæндыдтæн, исты тæссаг уавæры бахаугæйæ, фылдæр ныфс мæ-иу дзы уыдис. Уыдæттæй цалдæр хатты кæйдæрты цур раппæлæгау кодтон, æмæ мæ æдзæстуарзæттæй чидæр ралгъыста. Уæдæ æндæр цы уа?..

Зæгъæм, Хуыцау бахизæд, фæлæ мыл исты куы æрцæуа, уæд мын æй рынчындоны куысты фæткмæ гæсгæ фæстæмæ ратдзысты. Мæ бинонтæн ныффæдзæхстон, исты, уæд-иу æй æнæмæнг æрласут, мæ фарсмæ мын-иу æй баныгæнут…

– Уый нырма кæд уыдзæн?!

Мæ хъазæн ныхасæй йæ баурæдтон, зæгъын, йе ‘нкъард хъуыдытæ йын асурон, фæлæ мын æй уый ницæмæ æрдардта.

– Нæ дæ бауырндзæн, фæлæ йæм мæ алы гуырæн бон дæр хъуамæ ссæуон. Стæй мæ æнæуи бонты дæр цыдæр æнахуыр тых бæласау банкъуысы, уырдæм мæ ахоны. Уазалгæнæн мæ къахимæ цы агъуысты ис, уырдæм алкæмæн бацæуыны бар нæй, фæлæ мæныл амы дохтыртæ сахуыр сты, мæ цæстытæм мын куы бакæсынц, уæд мын фæтæригъæд кæнынц. Йæ цуры авджын стенды фарсмæ алæууын, цыма мæ бинонтæй исчи у, уыйау йемæ, æнæ исты сдзургæйæ, фæныхæстæ кæнын, кæддæры æвзонг амондджын азтæ æрымысын, хатгай æнæ уынæрæй кæугæ дæр акæнын. Диссаг мæм цы кæсы, уый дын зæгъон? Рынчындонæй куы æрцæуын, уæд уыцы æхсæв æнæмæнг фенын ме ‘рыгон мады, мæхи та – гыццыл лæппуйæ. Цыма мæ уый Къуыдаргомы хохы уæлвæзы, цины хъæртæ кæнгæ, фæсте суры, æрцахсынмæ мæ фæхъавы, фæлæ мæ никуы баййафы, мæнæн иу къах йеддæмæ нæ вæййы, уæддæр. Ахæм фынтæ, цымæ, цæмæ рацæуынц, ницы йын зоныс?..

Æз æм, æнæ исты сдзургæйæ, мæ сæр батылдтон, зæгъын, нæ зонын, тынг тæригъæд мæм фæкаст, уый дæр ын не схъæр кодтон…

 

УÆЛМÆРДТЫ КОЙ БÆЛАСЫ БЫН

Фæззæджы фæстаг хур бонтæй иу. Нæ горæтаг хæдзары кæрты мæ сыхаг хистæр кары сылгоймæгтæ каштан бæласы бын аууоны сæхи бандоныл æруагътой. Иугай хус сыфтæртæ сыл уæлейæ згъæлынц, кæмæн йæ хъæбысмæ æрхауынц, кæмæн йе уæхсчытæм. Ныхас ныхасы къахы. Венерæ знон хъæуы йæ цæгаты уыд æмæ сæ куыд буцæй раздæхт, уымæй раппæлыд. Фæстæмæ цæугæйæ йын такси баххуырстой, йæ уæрæх гуыффæ йын алыхуызон халсартæй байдзаг кодтой, сæхи цæхæрадоны æрзадысты, экологон æгъдауæй – сыгъдæг, фаджыс сæм бирæ ис, химийы мур сæм нæ бахæццæ, Хуыцау бахизæд. Дуни та иннæ хæттытау нал фæлæууыд, йæ пенси гыццыл кæй у, уыцы капеччытæ йын цæрынваг кæй не ‘сты, æндæр искуыцæй йæм кæй ницы хауы, уый тыххæй йæ катай нæ бамбæхста. Дуса ивгъуыд къуырийы райдиан Дзæуджыхъæуы кæйдæр зианы сæмбæлд. Марды ахæм рæсугъд чырын фыццаг хатт федта, уым цы сылгоймаг æвæрд уыдис, уымæ, дам, хуымæтæджы хæлæг бакодтон. Джызæлы сæрмæ уæлмæрды йын æппæты хуыздæр бынат балхæдта йæ хъæздыг лæппу, алкæмæ дæр, дам, стæй алырдæм дæр зындзæн йæ ингæн…

Цыдæр зæгъинаг ма уыдис Дуса, фæлæ йæ Кати йе ‘нахуыр фарстайæ баурæдта – се ‘ппæтмæ дæр ын хаудта:

– Æмæ ницы фехъуыстат?.. Уæртæ, дам, аэропорты цур чидæр зæхх райста уæлмæрдæн. «Частное кладбище» – афтæ хуыйндзæн уырыссагау. Цытæ кæнынц ныртæккæйы хъæздгуытæ, уымæ нæ кæсут?! Цытæ ма фехъусдзыстæм?..

Иууылдæр хъустæ æмæ цæстытæ фестадысты. Лубæ йæхи нал баурæдта, дзурæджы разæй фæцис:

– Йæхи-иу ын ахæссæнт уырдæм фыццаг!

Уый фæндон уыдис æви æлгъыст, нæ йæ бамбæрстой, ничиуал та ницы дзырдта, хъуыдыты аныгъуылдысты. Æрæджиау кæддæр Шуринкъа нал фæлæууыд:

– Сымах цыфæнды дæр дзурут, фæлæ кæд уыцы хабар æцæг у, уæд дзы фыццаг кæй баныгæной, уымæн йæ хъуыддаг цæуы: газеты, радиойы, уæлдайдæр телеуынынады æндæр кой нал уыдзæн. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ ингæн тæккæ бацæуæны уыдзæн, уæлдай тынгдæр æм зилдзысты, æрбацæуджытæ йæм уæлдай цымыдисдæрæй кæсдзысты, æмæ йын йæ номæн уæлæуыл ферох кæнынæй тас нæу. Гъер уал абон ды цыфæнды сызгъæрин дæр у…

– Уæртæ рæбыны хъæутæй кæцыдæры иу чидæр цы бакуыста, уый нæ зонут? – йæ ныхас сæм баппæрста Вали, – хæрзтимæ нымад нæ уыд уыцы лæг йæ мыггаджы дæр, хъæуы дæр, æцæг сæ йæ зондæй амбылдта. Йæ царды фæстаг бон мæнæ-мæнæ æрлæудзæн, зæгъгæ, уый куы бамбæрста, уæд йæ фыртмæ бадзырдта æмæ йын ныффæдзæхста:

– Уæртæ-иу мын хъæугæрон обауы сæр дурын цырт сæвæр!

– Æмæ уæд уæлмæрды та? – ныддис кодта лæппу.

– Уым мæ баныгæндзыстут. Нæ акъаци бæлас мын цыртæн акалдзынæ, уадз æмæ æмбийа, обауы сæр та, цавæр дын загътон, ахæм…

Лæппу, мæгуыр, йæ мадæн уыдæттæ радзырдта, фæлæ йын уый дæр загъта:

– Чи амæлы, уый фæдзæхст æнæ æххæстгæнгæ нæ вæййы, уæд йæ тæригъæды цæуыс, æмæ дын æй нæ ныббардзæни…

Цыбыр ныхæсæй, абон дæр ма лæууы хъæугæрон обауы сæр уыцы цырт, адæм йæ рæзты кæдæмдæрты цæуынц, хуымты кусынц, чи дзы фæзæгъы, æвзæр лæг уыди, чи та йæм уæддæр исты хорздзинад ссары. Æмæ йæ ном цæры. Мæнæ Шуринкъайы загъдау, ды та уал абон цæхæркалгæ сызгъæрин дæр фест…

Вали йæ ныхасæй фæлæууыд, лæмбынæг æм чи хъусы, йæ уыцы сыхæгтыл йæ цæст ахаста, цæмæндæр фарста раттынмæ Шуринкъайы равзæрста:

– Шуринкъа, æнæгæды ма мын зæгъ: дæу кæцыйы бынаты фæндид уæвын? Фыццаг дзы кæй баныгæной, уый, æви уæлмæрд саразæджы?

– Мæнæ диссаг, мæнмæ уыйас æхца кæцæй æрцыд? – йæ къухтæ стылдта Шуринкъа. – Цы хъуамæ саразон? Фæлæ… Иннæйы бынаты мæ фæндид, æцæг бирæ-бирæ азты фæстæ.

Æмæ хъæрæй ныххудти, иннæтæ дæр æй бафæзмыдтой, сæ кæл-кæлæй сыфтæрты сыбар-сыбур нал хъуысти. Иуцасдæр та ничиуал ницы дзырдта, æвæццæгæн, сæ мидхъуыдыты сæ алчидæр дызæрдыггаг кодта, чи ма сæ цы зæгъдзæн, ууыл, науæд та сæ сæ алкæй дæр фæндыд уыцы æнкъард темæйæ фæхицæн уæвын, сæхи æндæр ныхасмæ цæттæ кодтой. Уыцы сабырдзинад цас ахастаид, уый иунæг Хуыцау йеддæмæ ничи зыдта, фæлæ йæ Лидæ фехæлдта. Æрæджиау кæддæр, абонсарæй хъусæй чи лæууыд, уый йæ мидбынаты базмæлыд, арф ныуулæфыд, æмæ, иннæтæн дæр æнæнхъæлæджы чи уыд, ахæм ныхæстæ схауд йæ дзыхæй:

– Мæнæн мæ чырыны бæрзондзæвæтджын сау туфлитæ æвæр- дзысты…

Иууылдæр Лидæмæ нымдзаст сты, цы цы, фæлæ йын уый зæгъын æнхъæл нæ уыдысты.

– Уæууа, дæ карæн ма бæрзондзæвæтджын туфлитæ фæдары? Уый кæцырдæм фидауы? Исты ма мын кæддæры къленц чызг дæ? – ныддис кодта се ‘ппæты бæсты дæр Венерæ.

– Чызг рагæй нал дæн, – йæ рæстдзинадыл йæхæдæг тынг чи æууæнды, ахæм адæймаджы хъæддых хъæлæсæй хъавгæ дзуры Лидæ, – фæлæ сылгоймаг дæн. Сылгоймаг! Мæ сæрыхицау Æмзор мæ-иу ахæм къахыдарæсы уæлдай фылдæр уарзта. Цы нæ вæййы, мыййаг, уым нæ лæгыл куы сæмбæлон. Рагацау мын уыцы бонмæ æлхæд сты, уый мæхиуæттæн загъдгонд у…

Ничиуал та ницы дзуры, ныхъхъус та сты, алчидæр та йæхи хъуыдыты аныгъуылд. Сыфтæртæ уыцы æнæуынæрæй хауынц, дымгæйы цъыртт никуыцæй кæлы, хур тынгæй-тынгдæр тавы, бæласы аууон къаддæрæй-къаддæр кæны…

 

ДЗЫХАРÆХСТ ХÆЧЪА

Мæ сыхаг лæппулæг Хæчъа дзыхарæхст æмæ цыргъзонд у, зæгъгæ, хатгай адæмы æхсæн куы радзурын æмæ уыдон уыдæттыл дызæрдыг куы фæкæнынц, куынæ мыл феууæндынц, уæд сын æз мæнæ ахæм дыууæ дæнцæджы æрхæссын.

Хæчъа-иу машинæйæ агуыридур ласта арæзтæдтæм. Иухатт горæты кæройнагдæр уынгтæй иуы дзагæй фæцæуы. Кæсы, æмæ иу æрдæгарæзт хæдзары цур иу бæрзонд рæсугъд лæг лæууы, фæлурс цæсгом ын. Æз, дам, загътон, йæ уындмæ гæсгæ кæнæ скъолайы директор уыдзæн, кæнæ та фыссæг, йæ хæмпус къухтимæ.

Хæчъа йæ цуры æрлæууыд. Уый йæ фæрсы:

– Уæй кæныс дæ дуртæ?

– Уæй. Иуæндæс мины.

– Мæнæ кæртмæ фæстæты батæр.

Хæчъа, уый йын куыд загъта, афтæ бакодта, лæг дæр, йæ ус дæр, сæ лæппу дæр къухæй калынц, Хæчъа дæр сын æххуыс кæны. Æрдæгкалд уыдысты, афтæ лæг гуыффæйæ зæхмæ æргæпп кодта æмæ загъта:

– Мæн кусынмæ цæуын хъæуы, мæнæ дын уый де ‘хца ратдзæни.

Æмæ усмæ ацамыдта. Йæхæдæг мидæмæ бацыд, иу цалдæр минуты фæстæ къæсæрыл алæууыд… прокуроры дарæсы. Дæхи ма Хæчъайы бынаты авæр, мæ кæсæг. Фæцудыдта дурты сæр, рацæйхаудта зæхмæ, рацæйсхъиудта, фæстæдæр зæгъдзæн, уæды хуызæн, дам, мæ цæргæбонты никуыма фæтарстæн. Цы æрхъуыды чындæуа ацы уавæры?

Дуртæ калд фесты, Хæчъа йæ хæлафы фадыджы рыгтæ сæрфынмæ куыд æргуыбыр кодта, афтæ йæм прокуроры ус йæ къух æрттиваг æхцатимæ æрбадардта.

Хæчъа йæм хæрдмæ скаст æмæ ныддис кодта:

– Цавæр æхца?! Нæ хицау мын сæ æрбарвыста, уым æмæ, дам, уым мæ хæлар хæдзар аразы, хæдзараразæг тæригъæд у, фæкæсæм æм…

Нæ йæ ныууагъта ус. Хæчъа сæ куынæ куымдта, уæд ын сæ кабинæйы гом рудзынгæй мидæмæ баппæрста. Не схъæр кодта уый Хæчъа йæ хицауæн, ус та – йæ прокурор лæгæн.

– Нæ прокурор мын тынг фæарфæтæ кодта, – загъта цалдæр боны фæстæ хицау Хæчъайæн. – Æз та дæуæн арфæ кæнын, афтæ кæй сарæхстæ, цæсгом мын кæй скодтай, уый тыххæй. Иу ласт ма сын бакæ.

Хæчъа йæм мидбылты худти, æцæг йæхимидæг цы хъуыды кодта, Хуыцау йæ зонæг. Дыккаг хатт та уырдæм агуыридуртæ куы фæцæйласта, уæд æй иу хъуыды цух нæ уагъта: «Ус та мæм йæ рæсугъд къух куы æрбадаргъ кæна æхцаимæ, уæд сæ райсон æви ма райсон?»

Ды Хæчъайы бынаты цы бакодтаис, мæ кæсæг?

 

* * *

Дауыраты ног арæзт сарайы хъæдын къулыл – зындгонд Нефертитийы ныв, нырма йæ æрæджы бакодтой, æмæ йæ Хæчъа фыццаг хатт федта. Бирæ йæм фæкаст, ныджджих æм, стæй фæстæрдæм йе ‘мбæлттæм разылд æмæ сæ фæрсы:

– Зæгъут ма мын, зæххы цъарыл æппæтæй рæсугъддæр сылгоймаг чи уыдис кæнæ чи у?

Сыхы лæгты Хæчъа уыцы æнæнхъæлæджы фарстæй хъуыдытыл бафтыдта, иуцасдæр ничи ницы дзырдта, стæй Гусалты Валодя фæразæй:

– Ленины ус Надюшæ…

Æмæ йæхæдæг фыццаг хъæрæй ныххудти. Нæ сыхы чингуытыл æппæтæй æнувыддæр чи у, уыцы бирæзонæг Зæйттаты Казик та загъта:

– Нæхи хъæуккаг Æлдаттаты Еленæйы рæсугъды æгас Европæ дæр зоны, йæ рæстæджы дæлæ Францы паддзахы ус уыди. Дардмæ цæмæ цæуæм?.. Æццæй нæ, Хæчъа?..

Хæчъа йын, æвæццæгæн, дзуапп раттынмæ цæттæ нæ уыди, касти сæм, хъусæй лæууыд, æмæ уæд Дауыраты Серго фæразæй:

– Цæуыл быцæу кæнут? Æппæтæй рæсугъддæр сылгоймаг у, райсомæй хуыссæны дæ фарсмæ чи райхъал вæййы, уый.

Нæдæр сæ йæ фарс исчи рахæцыд, нæдæр йæ ныхмæ сдзырдта, æвæццæгæн дзы кæмæн йæ рæсугъд ус ауад йæ цæстытыл, кæмæн та йæ фыдуынд. Хæчъа бамбæрста, ничиуал сæ ницы зæгъдзæни, уый æмæ ахæм хатдзæг скодта:

– Уе ‘ппæтæй растдæр у мæнæ Серго: æцæгдæр, æппæтæй рæсугъддæр сылгоймаг у, хуыссæны дæ фарсмæ чи райхъал вæййы, уый. Æцæг иу фиппаинагимæ: уыцы сылгоймаг æндæр искæй ус куы уа, уæд…

Хæдзары æфсин Бидугка сæ кæл-кæл худтмæ къæбицæй рацыд, фæлæ Хæчъа йæ амонæн æнгуылдз йæ былтыл авæрдта, ома, дам, уæ дзыхтыл хæцут…

 

ПУЦЫР ЙÆ РАДИКУЛИТÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗТ

Иу зымæгон фæссихор мæ машинæйы горæтæй хъæумæ æрцыдтæн. Кæсын, æмæ мæ фыд гыццыл бандоныл бады æмæ йæ цырыхъхъытæ кæны. Æз ууыл бадис кодтон, уымæн æмæ йæм æнæхайыры радикулит уыдис, иунæгæй сæ-иу никуы кодта, мæ кæстæр æфсымæр Толичы цот уыдысты йе ‘ххуысгæнджытæ. Ныр та сæ йæхæдæг уæртæ æнæ искæй æххуысæй кæны.

– Хъыгдарæг мæ нал ис, – йæ мидбылты мæм бахудт мæ фыд, – уæртæ мыл фалæсыхаг ус дур куы ныццавта, уæдæй фæстæмæ мæ низ цыдæр фæци…

Уый афтæ уыд. Махæй чысыл дарддæр цæхгæрмæ уынджы цард иу зæронд ус Цæлойты Лизæ. Ничи йын уыд, иунæг уыд, фæлæ цард йæ фосы цинæй. Хуымæллæджы уæды азты æндæр дис ницæуыл кодтой, Лизæ йе стурты куыд уарзта, куыд сæм зылд, фосы æхсæн ын-иу бæрæг дардтой сæ сыгъдæгдзинадæй, мæнæ, дам, цыма удгоймæгтæ сты, уыйау, дам-иу, семæ ныхас кодта.

Иуизæр йæ хъулон род Салфетка хизæнæй не ‘рбаздæхт, дыккаг изæр дæр. Хъомгæс ын загъта, æз, дам æй федтон, хъæумæ иннæтимæ куыд æрбацыд, уый. Æмæ йыл уæд Лизæ йæ къух ауыгъта, загъта, æвæццæгæн, дам мын æй чидæр бамбæхста, афонмæ йæ ныргæвста.

Фæлæ афтæ рауад, æмæ иу хуыцаубон Лизæ уæртæ фаллаг сыхы не ‘рвадæлтæ Кокайты Къоритæм куывдмæ хуын фæцæйхаста. Гагуыдзы тигъыл цалдæр сылгоймаджы лæууыд, уыдон дæр куывддзаутæ, æмæ семæ ныхасмæ Лизæ дæр æрлæууыд. Æвæццæгæн, хъæрæй дзырдтой, æмæ дын уалынмæ, цы хæдзары цур лæууыдысты, уый кæрты род куы ныууасид. Лизæ йæ йæ хъæлæсæй базыдта:

– Уый Салфетка у!

Салфетка та йæ хицауы йæ хъæлæсæй базыдта æмæ уымæн ныууасыд.

Лизæ устыты дзургæ фæуагъта, йæ хуын дуры сæр авæрдта æмæ хæдзары кæрты фæйнæг дуарыл йæ армытъæпæнтæй ралæууыд. Æрæ- джиау æм фæйнæджыты зыхъхъырæй иу чызг ракаст, æвæццæгæн æй базыдта æмæ йын дуар гом кæнын нæ бакуымдта.

Цы гæнгæ уыд Лизæйæн? Ссыд Къоритæм, йæ хуын ныффыссын кодта, иуцасдæр дзы абадт, стæй йемæ дыууæ усы ракодта æмæ та æрдæбоны дуар ныххоста. Бакодтой йын æй. Кæсы, æмæ йæ род уæрдоны цалхыл баст, гуыффæйы кæрдæг хæры. Хæдзары та уыцы къæйных чызг йеддæмæ ничи разынд, нæ йын бауагъта Салфеткайы баст райхалын.

– Райсом-иу æй хизынмæ рауадзут, – тызмæгæй йын ныффæдзæхста Лизæ.

Дыккаг райсом мæ фыд нæхи фосы хизынмæ раскъæрдта, кæсы, æмæ Гагуыдзы тигъыл Лизæ æмæ уыцы хæдзары æфсин Дунекка (йæ ном ивд у. – Д.) загъд кæнынц, кæрæдзи сæрыхъуынтæм лæбурынц. Мæ фыд сæм бацыд, иргъæвы сæ, уайдзæфы ныхæстæ сын загъта. Æфсин ын сæ ницæмæ æрдардта, Лизæйыл та цæргæсау йæхи куы æрбауагъта, уæд æй мæ фыд йæхицæн дæр æнæнхъæлæджы æгæр ассыдта, æмæ уый зæххыл фæуæлгоммæ. Лизæйы къухыл рахæцыд æмæ уæртæ фæцæуынц.

Уæдмæ ус фестади, зæххæй дур фелвæста, фехста йæ æмæ уый мæ фыдæн йæ фæсонтыл, радикулит кæм уыди, уырыссагау «ущемление», уыцы тæккæ ран ауади. Уыцы минутæй фæстæмæ йæ низ цыдæр фæцис, хъазгæйæ-иу уыцы усæн нæ, фæлæ уыцы дурæн арфæтæ кодта…

Не ‘рвадæлты лæппу Сергей хъазæн ныхас уарзаг уыд. Ам-иу ын Дзæуджыхъæуы исчи куы хъаст кодта йе ‘ндыснæгæй, уæд сын-иу зæрдиагæй загъта:

– Дæлæ Хуымæллæгмæ ныццу, Кокайты Пуцыры ссар, æмæ дын уый бацамондзæн, уыцы низæй цы хуызы фервæзæн ис, уый…

Чидæртæ-иу ыл баууæндыдысты, мæнæ ацы зæххардыстæн, æрцыдысты-иу. Мæ фыд сын-иу хабар куы ракодта, уæд-иу хорз фæхудтысты, фæйнæ арахъхъы дæр-иу банызтой, уæдæ æнæ уымæй куыд, хæлæрттæ-иу баисты…

Радзырдта мын æй Кокайты Таймураз.

 

НÆ ЙЫН БАХАТЫР КОДТА

Мæхæдæг зæрдиагæй цæуылты фæхудтæн, уый тыххæй дæр бакæсут. Ме ‘стыр æрдхорд, Ирыстоны адæмон нывгæнæг Дзбойты Мишæ мын сæ радзырдта:

– Иу фæссихор мæм ме ‘рмадзмæ æрбацыд Нывгæнджыты цæдисы хицæуттæй иу æмæ мын афтæ зæгъы, дæлæ, дам нæм Культурæйы министрадæй сдзырдтой, ардæм, дам, рацæут, мæскуыйаг зындгонд лектор нæм ссыд.

Ныццыдыстæм, уæдæ цы уыдаид, фæлæ дзы мæ машинæйæн йæ цуры бынат нал уыд. Цы гæнгæ мын уыд, æмæ йæ, æвæрын кæм не ‘мбæлд, ахæм ранмæ батардтон. Зыдтон æй, милицæйæ йæ исчи бафиппай- дзæн, уый, æмæ уæд иу гæххæтты гæбазыл афыстон: «Ацы хатт мын бахатыр кæнут». Æмæ йæ раззаг авджы щеткæйыл бафидар кодтон.

Нæ мын бахатыр кодта милицæйы уæды æнæзонгæ кусæг.

Лекци дæр ницæйаг рауад, тæвд бон дæр уыд, залы – æнуд, бирæтæ дзы фынæй дæр ма баисты. Кæддæр-уæддæр фæци. Мæ машинæйы цурмæ куы бацыдтæн, уæд кæсын, æмæ дын раззаг авгыл æндæр æнцъылдтæ стырдæр гæххæтты гæбаз ныхæст æмæ дзы уырыссагау фыст, дæ номыртæ, дам, сты паддзахадон автоинспекцийы хæдзары ахæм æмæ ахæм кабинеты капитан Абайы-фыртмæ. Æркастæн разæй, ацыдтæн фæстæрдæм дæр, æцæгæйдæр мæ номыртæ – æппæрст.

Цы гæнæн ма мын уыд: ме ‘нæзонгæ æфхæрæджы агурæг ацыдтæн. Гæххæтты гæбазыл мын цы кабинетæй загъта, уый æхгæд разынд æмæ уæд сыхаг кабинеттæй цалдæры дуæрттæ бахостон, æмæ иу ран дæр нæ разынд. Æрæджиау мын иу æрыгон лæппу мæ катай бамбæрста, рудзынгæй кæртмæ акаст æмæ мын афтæ зæгъы, дæлæ, дам, йæ машинæ кæрты лæууы, йæхæдæг дæр æнæмæнг ам искуы уыдзæн, хуыздæр æй рацагур. Æз уæллаг уæладзыгæй райдыдтон æмæ суанг бинаг уæладзыджы дæр се ‘ппæт дуæрттыл рахæцыдтæн, фæлæ никуы æмæ ницы. Уæдæ кæм хъуамæ уа, зæххы бынмæ куыд ныххаудтаид?

Æмæ уæд фæкомкоммæ дæн, уæрæх гом чи уыд, пъадвалы уыцы дуармæ. Мæхинымæр, цы нæ вæййы, кæд уым ис, æмæ мæ сæр уым фæцавтон. Асины фæстаг къæпхæныл мæ къах куы æрæвæрдтон, уæд мæм рæбынæй кæцæйдæр кæйдæр фæдисы хъæр æрбайхъуыст, чидæр дзы æддæмæ дуар тынг хойы. Мæ цыдыл бафтыдтон, кæсын, æмæ уыцы дуарæй æддæмæ фæздæг кæлы. Бахæцыдтæн ыл æмæ – æхгæд. Мидæгæй чи уыд, уымæ мæ уынæр фехъуыст æмæ лæгъстæйæгау дзуры:

– Дуар мыл сæхгæдта, исты хуызы йæ бакæн, кæннод ам фæздæг улæфынæй мæ бон нал у, хуыдуг кæндзынæн…

Æз айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, фæлæ мæ машинæмæ разгъордтон, фæрæтмæ фæлæбурдтон. Иу дзырдæй, дуар басастон. Фæздæджы уацары чи бахауд, уый дын капитаны цины куы разынид. Мæ зæрдæ цæуылдæр фæкъæпп кодта, æмæ, зæгъын, уыцы машинæйы хицау дæн. Æмæ уæд цыма рагацау ныхасгонд уыдыстæм, уыйау æмхудт ныккодтам.

Ныр уый нал кусы, фæлæ мыл куы амбæлы, уæд мæм дардæй худгæ æрбацæуы. Æз, æфхæрд лæг, мæ бафхæрæджы куы фервæзын кодтон, уыцы бон нæ дыууæ дæр æхсызгонæй æрымысæм…

Иу ахæм æнахуыр фембæлд ма мын уыдис милицæйы кусджытимæ… Дæлæ Черкесскы горæты астæу æвæрд ис, не ‘мзæххон Дзантиаты Инал кæй скодта, Къостайы уыцы цыртдзæвæн. Мах æм мæ хæлар архитектор Гуыбаты Зауыримæ кæцыдæр аз уынæг ацыдыстæм. Мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы уым мæхи машинæйы фæндагыл цæуыны æгъдау фехæлдтон, баурæдтой мæ.

Посты агъуыстмæ мæ сæ хицау, иу бæрзонд лæппулæгмæ бакодтой, æмæ загътон, ныртæккæ мæ, зæгъын, уайдзæфты бын фæкæндзæн. Фæлæ уый куы базыдта, кæцæй дæн, мæ цыды сæр ардæм цæй тыххæй у, уый, уæд йæ цæсгом фæрухс æмæ загъта:

– Æмæ уæ Къоста мæ уарзон поэт куы у!.. Цæй æмæ афтæ бакæнæм: кæд ын йе ‘мдзæвгæтæй наизусть мæнæй фылдæр радзурай, уæд дæ æнæ ‘фхæрдæй ауадздзынæн, кæд нæ, уæд дæхæдæг зоныс, нæ бон цас у, уый… Разы дæ?

Уый цыппар æмдзæвгæйы радзырдта, æз – фондз. Рауагъта нæ, немæ нын суанг горæты кæронмæ йæ хæдивæджы дæр ма рарвыста, мачи, дам уал сæ бауромæд.

Къостайы хорздзинæдтæ, цымæ, кæд бафиддзыстæм?..