ДЖИМИТЫ Кларæ

ЗАЛИХАНЫ ФЫРТ

Уацау

Фæсæмбисæхсæв рауарыд. Уæззау æртæхтæ фæдисонтау æрхостой Залиханы ног хæдзары зестæй æмбæрзт сæр, цыма йæ зæронд удмæ уæларвæй минæвæрттæ уыдысты, уыйау.

Нæрыд арв, æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ рынчыны уат арухс, стæй та-иу сауталынг фестад. Залихан тыхтæ-амæлттæй йæ нывæрзæн фæбæрзонддæр кодта æмæ къулы ‘рдæм азылд. Фæлæ йын уый дæр ницы ахъаз ф æци. Фыццагау ын низ æмæ зæрдæхалæн маст дардмæ сырдтой йæ хуыссæджы хай. «Тæхудиаг, йæ ингæны къæсæрыл сыгъдæгзæрдæ æмæ æвæсмонæй чи æрлæууы, кæнæ та йæ царды чи уыд гуырысхойаг хъуыдытæй ивгъуыд», – кæмæдæрты бахæлæг кодта.

Ст æй сылгоймаджы хъуыдытæ фескъуыдысты. Афынæй, æмæ йæ цæстытыл ауад сау æндæрг. Афтæ дзы фæтарст, æмæ цыма тар мигъы баленк кодта, уыйау уазал хид фестад йæ буар.

– Æгъгъæд фæцардтæ, Залихан. Цом ныр мемæ! – сусæг хъæлæсæй йæм сдзырдта уазæг, æмæ рынчыны гом цæнгтыл сæмбæлд йæ уазал комытæф.

– Нæ, мæн ма иу хъуыддаг ис, æмæ…

– Хъуыддæгтæн кæрон никуы уыдзæн, Залихан. Рæстæг дын уыд.

– Раздæр мæ цины рухсæн йæ тых афтæ бирæ уыдис, æмæ мын мæ судзаггаг маст дард сырдта. Ды зоныс, хъæбулыл цин куыд тыхджын у, уый? Андрей, Зауырбег, Солтанбег…

– Кæрон алцæмæн дæр вæййы, Залихан! – фæтызмæг уазæджы ныхас.

– Кæрон, зæгъыс? – æнкъард йæ мидбылты бахудт рынчын.– Уымæй дæхи сайыс! Æз мæ зæрдæ уал æмæ уал азы, зæххы хоры мыггаг куы тауай, уыйау рæвдаугæ æвæрдтон мæ хъæбулты туджы æмæ, бирæ азты дæргъы цы хъæуы сабиты ахуыр кодтон, уыдоны д æр æвæрдтон мæ рухс хъуыдытæ. Æз ныууадздзынæн мæ фæстæ æртæ бындуры æмæ уыдон цырагъау судздзысты ме ‘мбæстонтæн æмæ дарддæр хæсдзысты мæ зæрдæйы рухс.

– Мæн не‘вдæлы дæ д æрдтыл ныхæстæм хъусынмæ! Цы ма дæ зæрды ис?

– «Цы ма» куы зæгъай, уæд иу хабарыл гуырысхо кæнын, – сабыр хъæлæсæй сдзырдта Залихан æмæ къухæй ацамыдта æндæргмæ, дæ хъус мæм æрбадар, зæгъгæ, стæй ноджы сусу-бусуйæ загъта: – Мæ фырт Андрейæн йæ райгуырды тыххæй æцæгдзинад кæй не схъæр кодтон, уымæй раст нæ бакодтон? Мæ зæрдæйы цин бахъахъхъæдтон? Кæд-иу нæ фыдæлтæ цы дзырдтой, уый æцæг у, æмæ мæрдты бæсты тæрхоны лæгты кæнæ иунæг Хуыцауы раз æрлæудзынæн, уæд…

– Æнæмæнг! Æнæмæнг! – æндæрджы хъæлæс арвы нæрынимæ баиу.

– Уæууа! – бакатай кодта Залихан. – Уæдæ куыд? Дзантемырмæ куынæ фæдзурон, уæд мæхи бон нæ бауыдзæн раст тæрхон рахæссын…

– Дæ кæддæры лæгмæ? Хы-хы-хы! – бачыр-чыр кодта æндæрг. – Ферох дæ ис, æнхъæлдæн, уыцы бонты æфхæрд? Хорз лæг йæ куыдзы дæр ехсæй нæ фæнæмдзæнис, фæзæгъынц… Æз алцыдæр зонын, Залихан.

– Уыцы маст мæ рох нæ фæцис, мыййаг. Уæдæй абонмæ дыууиссæдз азæй фылдæр рацыд, фæлæ ма ныр дæр мæ хъустыл ауайынц йе ‘фхæрæн ныхæстæ, æмæ ссудзынц мæ уадултæ кæддæрау. Æз Дзантемырæй нæ курын хатыр, нæ йын барын йæ ракæнд дæр уæдæ. Фæлæ уал æмæ уал азы мæ зонды къуымы цы сусæгдзинад æмбæхсын, уымæн æрмæстдæр Дзантемырыл ис баууæндæн. Тынг дзыхылхæцгæ у æмæ зæрдиаг уарзт кæны Андрейы…

– Мæнæй дзыхылхæцæгдæр ничи у! Баууæнд мыл д æ сус æг…

– Нæ! Иу бон ма мын ратт, стæй, Хуыцау цы зæгъа, уый уыдзæн …

Арв ныннæрыд, æмæ Залихан фехъал. Тарстхуызæй акæстытæ кодта йæ алфамбылаймæ: «Кæд, мыййаг, исты хъæрæй сдзырдтон? Мæ зонд дзæгъæлтæ кæнын райдыдта, æвæццæгæн, æмæ райсом Зауырбегимæ аныхас хъæуы. Дохтыр куы у, мæ фæстаг сахатмæ дæр мæ зонд мæхимæ куыд уа, уымæн æм кæд исты хос разынид», – ахъуыды кодта ус æмæ æдых къухæй асæрфта йæ ныхы уазал хид.

Рынчын акаст диваны ‘рдæм. Уым æд дарæс æркъул кодта Андрейы бинойнаг Катя.

– Чындз! – бадзырдта йæм Залихан, ф æл æ бамбæрста, Катя тарф фынæй к æй у, уый. Астæуккаг фырт Зауырбеджы ус дæр уыцы бонты горæтмæ куыстмæ хъæуæй цыдис, фæлæ уый æхсæвиуат сæ ног хæдзары фæкæны сывæллæттимæ. Катяйыл рынчын йæхæдæг дæр сахуыр, бауарзта æнæхин сылгоймаджы, æмæ, ахæм тыхст рæстæг æппын æдзух йæ уæлхъус кæй вæййы, уый æхсызгон уыд Залиханæн. «Йæ цæсгом кæуынæй барæсийы. Æвæццæгæн ын Зауырбег загъта, Дзыцца, чи зоны, æмæ нал фервæздзæн, æмæ хæдзар бацæттæ кæнут, зæгъгæ. Мæгуырæг, нæ зоны æмбæхсын йæ зæрдæйыуаг»… Къуырийы размæ дæр ма Залихан йæ зæрдæ дардта адзæбæхыл, ф æл æ бон æй-бонм æ тадысты й æ тыхтæ. Нæма йæ æвдæлд мæлынмæ: кæрт фос æмæ маргъæй йедзаг. «Иунæгæй сын цытæ кæндзæн йæ тæнтъихæг чындз?» – батыхст Залихан.

Андрейы лæппуты хистæр фæззæджы æфсадæй ссæудзæн æмæ ма уымæн ус уæддæр куы ‘рхастаид. Катяйæн æххуысгæнæг уаид. О, фæлæ кæй фæрсы, кæй, мæлæт! Æмбары, æвæццæгæн, ничи йын ратдзæн разыйы дзуапп, уый æмæ сау æндæргæй фæзыны амондджынмæ дæр æмæ æнамондмæ дæр.

«Цы фесты, цы, ме ‘н æниз амондджын бонтæ та? Бынтон мæ мæйдар æхсæв æмæ мæтæйдзаг хъуыдыты æвджид куы ныууагътой, – бахъынцъым кодта рынчын. – Мæ чындзæхсæвы рæстæг афтæ æнхъæл куы уыдтæн, æрмæст уыцы боны цин мын ме ‘ппæт царды зындзинæдтæ дæр рох кæндзæн, зæгъгæ»…

Ферттывта та арв. Ус ауыдта й æ къухдарæны мынæг цæхæр. Барухс йæ цæсгом, й æ зæрдыл æрбалæууыдысты уыцы зымæгон æхсæвы цаутæ…

* * *

Мит тымыгъ хаста. Фондз азы цардысты иумæ, семæ ма уыдис зæронд нана д æр. Дзантемыры фыдыхо сыл афтæ цин кодта, афтæ уарзта йæ чысыл бинонты, æмæ Залихан æй рох кодтой йæ сидзæры бонтæ. Уыцы æхсæв нана сæхимæ нæ уыдис, æмæ йæ гуырæн бон æртæ чъирийы бæргæ æрæвæрдта фынгыл, уæдæ уыцы бонмæ сфыхта бæгæны дæр. æрм æст Дзантемыр йæ фысты дзугимæ дард Науыры куы ис… Залихан иунæгæй фæбадт.

Дзантемыр æмбисæхсæв ф æзынд, бацыди сæ уатмæ. Йæ у æлдзарм худ æмæ кæрцы æфцæггот халас сæвæрдтой, фæлæ амондджын худт кодта.

– Исты æрцыд, мыййаг? Æнæниз дæ, Дзанте? – хъарм халаты цæппузыртæ æвæргæйæ, йæ размæ рауад Залихан. – Ацы фыдрæстæг куыд ссыдтæ?

Дзантемыр йæ у æл æдарæс фелвæста æмæ усы йæ хъæбысы ныккодта:

– Диссаджы бæрæгбон куы у, Зали!

– Бæрæгбон? – скаст æм Залихан. Æрбайрох дзы ис фыр цинæй йæ бæрæгбон. Ст æй й æ дыууæ армы авæрдта Дзантемыры уазал рустыл:

– Мæнæй афтæ дæ ферох.

– Æмбисонды бæрæгбон! Зæдты уæздандæртæй иуы гуырæн бон куы у!

– Уаих æрбауай, Дзанте! – ныххудтис Залихан. – Ахæм фыдæхсæв лæг йæ куыдзы уынгмæ куынæ ауадздзæн, уæд дæхи цæуылнæ хъахъхъæныс?

– Уый дæуæн загъдæуа! Ахæм фыдæхсæв дын иунæгæй уадзæн нæй, – хъæлдзæг худт кодта лæг.

– Æцæг зæгъыс, Дзанте! Мæн хуызæн амондджын сылгоймаджы гуырæн бон хъуамæ зымæгон хур афтæ æрæндава зæхх, цæмæй йыл фæзыной дидинджытæ, – хъазæн ныхас кодта Залихан дæр.

Дзантемыр ын раст у æд балæвар кодта къухдарæн.

– Сырх дурджын! – бацин ыл кодта сылгоймаг.

– Мæнæ ацы сырх дуры мæ уарзæгой зæрдæйы зынгтæ нывæрын кодтон, Зали. Хæтæнты хæтын, цæуæнты цæуын мæ дзуджы фæдыл, фæлæ мæ уд дæуимæ ис кæддæриддæр, æмæ йын ацы къухдарæны цæрæнбынат скодтон. Макуы йæ раппарай де ‘нгуылдзæй!

– Куы нал мæ уарзай, уæд та? – цæмæндæр йæ дзыхы абадт æнæ- хъуаджы фарст.

– Райсомы бон кæмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый ничи зоны. Æрмæст абон афтæ æнхъæл дæн, цыма дыл никуы сивдзынæн мæ зæрдæ. Искæдбон мæрдтæм ме стæгдармæ исчи дæ ном куы ныдздзура, уæд уыдон дæр хъæлдзæг змæлд бакæндзысты фыр цинæй.

– Раздæр мын никуы загътай ацы рæсугъд ныхæстæ!

– Раздæр дæ æрмæст уарзгæ кодтон, Зали. Адæймаг афтæ уарзы, рæсугъддзинад, кад æмæ фидар зондыл хæст чи вæййы, ахæм удгоймæгты, номдзыд æмæ хъуыстгонд рæсугъдты… Æмбарыс мæ? Ныр та ма дын стыр аргъ дæр кæнын, ахæм хæзна мæ бинойнаг кæй у, уымæй сæрыстыр дæн æмæ дыл æууæндын. Æууæндын мæ хъысмæт, мæ кад, мæ цард æрмæст дæуыл…

Залихан æн æруадысты й æ цæстысыгтæ. Рынчын нæ кодта гуырысхо, йæ лæг ын сайæн ныхæстæ нæ кодта уыцы ‘хсæв, ууыл. «Фæлæ мæ æц æг æй нæ уарзтай, Дзантемыр, уый йæддæмæ мæ бамбæрстаис, баууæндыдаис, æз дыл гадзрахатæй кæй никуы рацыдаин, ууыл дæр. Дыууæ уды куы баиу вæййынц, уæд сæ куыд тагъд ферох вæййы уарзондзинады цин! Уыцы стыр мулкæн аргъ цæуылнæуал фæкæны адæймаг?» – ахъуыды кодта мæнæ ныр Залихан.

Уарын куыд æвиппайды райдыдта, афтæ боныцъæхтыл цæхгæр фæхъус. Бæстæ ныссабыр. Залиханы раздæр никуы равдæлд хуры- скасты нывтæм афтæ бæлвырд акæсынмæ. Никуы федта, сæ кæрты астæу æнгуз бæласыл уарыны æртæхтæ сызгъæрин хæрдоджытау цæхæртæ куыд калынц хуры тынт æм, уый дæр. Хæдзары æфсинæн никуы фæцис рæстæг зæрватыччыты хъæлдзæг цъыбар-цъыбурмæ байхъусынмæ дæр. Мæнæ уыцы райсом цины цъыбар-цъыбурæй нал æнцадысты сырддонцъиутæ дæр. Ус бахудт: уыдон афтæ амондджынæй зарыдыс- ты сæ чысыл цъиутæн, æмæ сæм бахæлæг кодта.

Андрей æрæджы Дзантемыры æххуыс æмæ уынаффæйæ уынджы ‘рдыгæй сарæзта фыхдурæй амад ног стыр хæдзар. Йæ парахат фондз уаты се стыр рудзгуытæй кæсынц уынгмæ. Иуы дзы чындзытæ æрæвæрдтой диссаджы рæсугъд æмæ зынаргъ дзауматæ, йæ пъолыл ын байтыдтой стыр гауыз.

– Дзыцца, цæттæ у дæ уат. Цом, æрцæр дзы, – цингæнгæ йын загъта Катя.

– Бузныг, мæ хуртæ, – тынг æхсызгон уыдис уыцы хабар мадæн, раст ын цыма йæ фырттæ æмæ чындзытæ йæ номыл кады мæсыг самадтой, афтæ сæ фæбузныг.

– Ног хъæццултæ та дын Зариффæ æрбахаста. Теуайы къуымбилæй конд, дам, сты, – цингæнгæ йын дзырдта Катя. – Сæрдыгон дын бæзджын хъæццулы бын тæвд куы уа.

– Зауырбегæн горæты æртæ хæссинаджы, мæ къона. Ды сæ хистæр дæ чындзытæн æмæ дзæгъæл хæрдзтæ кæнын ма уадз дæ файнустыты. Ног хæдзары уаттæ дæр хъуамæ иухуызон арæзт уой дзаумайæ. Ма мыл фæхудæд дæ зæрдæ, чындз. Мæ уатмæ гыццыл фæстæдæр ба- лидздзынæн. Сывæллæттæ уал дзы ацæрæнт.

– Таму уал дæ сынтæджы йæ баз сæвæрдта. Сæрмæт æрбынат кодта йæхицæн дæ иннæ фарс. Астæуæй баз сæвæрдтой æмæ дæумæ æнхъæлмæ кæсынц.

– Мæ чысыл хуртæ…

Уый уалдзæджы уыдис. Залихан ма уæд йæ зæрдæ дардта, тагъд æй йæ дохтыр фырт кæй адзæбæх кæндзæн, ууыл. Тыргъты кæрон хъуамæ æрцардаид Дзантемыр. Куыствæллад зæронд лæг хъуамæ æрбынатон уыдаид йе стыр бинонты ‘хсæн. Ныр дæр Дзантемыр сæхимæ куы вæййы, уæд нал ацæуы Солтанбеджы хæдзармæ, Катя ног хæдзары уаты бакæны хуыссæн, фæлæ тыргъты иннæ кæрон. Андрейы цыппар лæппуйæ хæдзары чи вæййы, уыдон парахат сынтæджы сæ дадайы фарсмæ ныббырынц.

Залихан мæнæ ныр дæр хуыссы зæронд хæдзары æмæ чысыл ру- дзынгæй кæсы йæ кæртмæ. Зæронд усы стырдæр мысинæгтæй иу куы у уыцы уат. Уырдæм æркуывта кæддæр, самандурæй конд къултæ уыдысты йæ амонды бонт æн æвдисæнтæ. Уæртæ къул æнцой – зæронд къамод, йæ фарсмæ – айд æн. Дзантемыр ын æй балæвар кодта сæ чындзæхсæвы афæдзы бон. «Æмбисонды кæсæн у, уындзынæ дзы арвы зæдты рæсугъддæртæй иуы! Стыр стъол та мæхи къухтæй скодтон», – загъта Залиханæн…

– Нæ бирæ цот гыццыл стъолы уæлхъус куынæ бацæуой, – хъазгæйæ загъта ног чындзæн лæг. Залихан ыл уыцы изæр æртæ чъирийы æрæвæрдта, фæлæ хъæбыстыл фесты æмæ се ‘хсæвæр æнæ ‘внæлдæй баззад…

Уыцы стъолыл-иу ралæууыд йæ чысыл æрмттæй Андрей, «æлима баппа», зæгъгæ. Сывæллоныл дыууæ азы куы рацыд, уæд ын бандоныл баз сæвæрдтой æмæ стъолы фарсмæ сæрмагонд бынат æрцахста. «Дыккаг хистæры бынат æрцахстай, мæ хур, æмæ дзы фæрнæй фæбад!» – раарфæ йын кодта Дзантемыр…

Нæ, йæ амонды æвдисæнтæ йын бирæ азты дæргъы фехъуыстой тар æхсæвты йæ кæуын дæр, фæлæ йæ маст зыдта æмбæхсын адæмæй дæр æмæ Андрейæ дæр. Цард цыдис размæ, хæсты фыццаг азтæй иуы амард Дзантемыры дыккаг ус Анычкæ, æмæ се ‘нахъом дыууæ лæппуйы дæр æрцардысты Залихан æмæ Андреимæ. Изæрыгæтты цыппарæй уыцы стъолы алыварс æмбырд кодтой бинонтæ, дзырдтой сæ кæрæдзийæн сæ маст, сæ цин бирæ азты дæргъы. Фæстæдæр ацы стыр уатмæ æркуывтой Залиханы арфæйаг чындзытæ æртæйы. Фыццаг æрбахызт Катя. Сæхи хъæуккаг чызг уыдис, Залиханы скъоладзау, Андрейы иунæг уарзон. Куыд амондджын уыдис хæдзары æфсин, сауцæст, сауæрфыг рæсугъд æм куы бахудт хызы бынæй, стæй йын диссаджы амондджын хъæлæсæй куы загъта Дзыцца, зæгъгæ, у æд!

– Мæ къона! Ме стыр цин, куыд цардаин, цымæ, æнæ дæу? – кæддæры цаутæ æрымысгæйæ, загъта Залихан æмæ фæлмæн йæ мидбылты бахудт Катямæ.

Чызг йæ къабатæ куыд ива, уыйау йе ‘мбæрзæнтæ ивта уаты астæу стыр стъол, æмæ фæразонæй лæггад кодта мæнæ ацы уалдзæгмæ йе стыр бинонтæн Залихан. Цыппæрдæс адæймаджы йæм бабадт ног азы изæр хæрз æрæджы: йæ фырттæ, чындзытæ æмæ уыдоны цот. Хистæрæн дзы бадти сæ уарзон дада Дзантемыр. Андрей Залиханы номыл сидт куы рауагъта, уæд бинонтæ стырæй, гыццылæй сыстадысты æмæ бирæ арфæйы ныхæстæ загътой сæ уарзон Дзыццайæн. «Арфæйы аккаг у уæ Дзыцца æмæ бирæ азты цæрæд зæрдæрухсæй!» – раарфæ йын кодта Дзантемыр дæр…

Нæ, мæ хуртæ, ног хæдзармæ мæ нæ ауадздзысты мæ рацарды бирæ æвдисæнтæ. Абон мæ цинтæ сбирæ сты, æмæ мæ ныфс ис, мæ мастыл кæй фæтых уыдзынæн, уым æй. Никуы зыдтон хатыр кæнын, æмæ уый у ме ‘стырдæр рæдыд, фæлæ иу минут дæр нæ фæцудыдта мæ уарзондзинады тых…

Уасджытæ се ‘хсæвы фынтæ кæрæдзийæн дзырд куы фесты, афтæ рынчыны уатмæ, йæ хæдоны æгънæджытæ æвæргæ, бацыд Андрей – бæрзонд, фæтæнуæхск, бурхил æмæ цъæхдзæст лæппулæг.

– Дзыцца, куыд дæ? – афарста мады æмæ сынтæджы раз бандоныл æрбадт.

– Ницы мын у, – цыбыр дзуапп ын радта.

– Дзæгъæлы нæ бауагътай дысон Зауырбеджы дæхицæн укол скæнын, – аив мидбылхудт æм бакодта Андрей.

– Тухæнæй марын уый дæр. Дыууæ мæйы дæргъы Зариффæимæ сæ фатеры нал цæрынц. Сæхæдæг нæ, фæлæ ма хъæуæй горæты скъоламæ сывæллæты дæр ласынц, – батыхст Залихан.

– Кæд чи бафыста йæ мады хæс?

– Сымах æй бафыстат! Бауырнæд дæ.

– Уæдæ! Ныр дæр ма иу минут удæнцой нæ зоныс! – бахудт æмæ мады базы бынæй раласта æрдæгконд къуымбил цъында, баппæрста йæ диванмæ.

– Тамуйы у. Фæстаг дыууæ боны мæ къухты тых нал ис, æмæ…

– Иу бон мын дæ фарсмæ фæбадыны рæстæг нæма фæцис, Дзыцца. Мæнæ ацы къуыри нæ мæнæу æфснайд фæуыдзыстæм, æмæ мæ уæд февдæлдзæн.

– Изæр хæдзармæ афойнадыл куы цæуис, – загъта Катя худæнбылæй æмæ рабадт. – Афынæй та дæн, Дзыцца. Цæй рынчынгæс ис мæнæй? Стæй дæхæдæг дæр стыхсыс. «Афынæй кæн, афынæй кæн» байдайыс…

– Дзыцца, тагъддæр адзæбæх у, кæннод дæ чындзы худинаджы кой адæммæ айхъуысдзæн. Знон ыл Таму йæхи худæгæй схаста, кæд, дам, федтат дзуакатыл агмæ сæкæр кæнгæ.

– Адзырдта йæ мæнæн дæр. Чындз, цу. Сауфаг æ афыц сывæллонæн æмæ ма, кæд уагъылытæй баззад, уæд ын уыдонæй дæр сфыц, кæннод та æлх æнг æ адджын дон фæнуаздзæн, – бафæдзæхста Залихан.

Катя ацыд.

– Зауырбег абон тынг раджы ацыдис йæ куыстмæ. Æрбадзырдтой йæм рынчындонæй, дæ мады хостæ æмæ ног диагноз схæццæ сты, зæгъгæ, æмæ дæ нæ райхъал кодта. Уколтæ æрцæттæ кодта æмæ дын сæ чындз скæндзæн. Кæд дæм исты хæрын цæуы, уæд мын æй зæгъ, æмæ йæ Зауырбег изæры æрласдзæн, – загъта йын Андрей æмæ сыстад бандонæй.

– Ницы мæ хъæуы! Æрмæст мын абон дадамæ куы фæдзурис, – къæмдзæстыгхуызæй загъта рынчын.

– Дадамæ?! – æнæнхъæлæджы дисгæнæгау æй афарста уый.

– Йæд у… Ныхасæн мæ хъæуы уæ фыд, – сабыр хъæлæсæй загъта Залихан, æмæ асырх сты йæ мæллæг рустæ фыр æфсæрмæй. Фырт, мыййаг, афтæ куы фенхъæл уа, йæ амæлыны размæ мæ мады йæ лæджы фенын æрфæндыдис,зæгъгæ.

– Ислам æм ацæуинаг уыд абон. Хуыцаубоны сæм минæвæрттæ æрбацæудзæн йæ фырты чызджы фæдыл, – æрæджиау сдзырдта Андрей.

– Нæ, абон æм дæхæдæг ацу. Йе ‘фсымæрæн нæ ракомдзæн. Ма фæзивæг кæн, – бафтыдта ма Злихан йæ ныхæстæм кæуын хъæлæсæй.

Ислам у Дзантемырæн йæ хистæр æфсымæр. Уый фырт Петройы цотæн ма сæ кæстæр сæхимæ уыдис æмæ ныхас ууыл цыдис.

– Хорз, Дзыцца, хорз, ныртæккæ йæм цæуын, æрмæст ма тыхс.

Андрей фехъуыста йæ мады зæрдæйы рис. Йæ быны цыма зæхх нынкъуысыд æмæ дунейы райдзаст нывтæ хæлдысты, афтæ бакатай кодта. Зæронд мæлы, саби рæзы. Æрдзы конд æн ивæн нæй. Æрмæст Андреймæ йæ мад зæронд нæма каст. Фырт йæ сывæллоны бонтæй нырмæ тындзы Залиханы тыхджын зонд æмæ кады аккаг суæвынмæ. Андрей колхозы сæрдар куы ссис, уæд æм йæ куысты фаг зонын- дзинæдтæ уыдис, фæлæ уæддæр йæ фарсмæ лæууыд мад. Уый йæ ахуыр кодта адæмыл аудын, сæ цин æмæ зын зæрдæйæ æмбарыныл.

«О, фæлæ сæ цы маст фæсырдта афтæ дард кæрæдзийæ мæ уарзон ныййарджыты? Дадайы хуызæн æнæаипп адæймаг чысыл хъуыддаджы тыххæй йæ бинонты цард нæ фехæлдтаид. Уæдæ цы зæгъæн ис Дзыццайæ та? Дыууиссæдз азæй фылдæр комкоммæ йæ цæстытæм кæмæн нæ бакаст, уыцы нæлгоймаг æй абон цæмæн бахъуыд? Цы йын фæдзæхсы мæлæты сахат Дзыцца?» – фарста йæхи Андрей. «Дыцца, Дзыцца, уыцы тыхстæй дæр ма мæнæй тыхджындæр дæ! Æз та æнæ- фсарм кæуын уд æгас адæймагыл».

– Исламмæ сывæллæттæй искæй арвитдзыстут, цæмæй уый хохмæ мауал ацæуа. Дæ фыдыфсымæры цард цæргæ-цæрæнбон æгад кæны йæ бинойнаг. Цот дæр сæ мад Варкайы зондыл хæст сты, – загъта Залихан.

– Варка нын хæсты рæстæг нартхоры cсады литр туджы аргъæй кæй уæй кодта, уый йын нæ барыс, Дзыцца?

Залиханæн æхсызгон уыд, лæппу ныхасы сæр кæй аивта, уый. Йæ цотæй никуы æмбæхста, тиуы бинонты кæй нæ уарзы, уыцы хъуыддаг. Фæлитой æмæ тынг æдзæсгом уыд йæ файнуст. Варкайы фырты чызг Надиффæ цалдæр азы сæ хъæуы дуканийы куыста. Стæм товартæй-иу йæ къухы цы бафтыд, уыдон æмбæхста æмæ сæ Варка се ‘мхъæуккæгтæн зынаргъæй уæй кодта.

Ныр Надиффæйы агурæг фæцис. Æмæ сæ сыхæгтæ æндæр дис нæ кодтой, уымæн Варка цы зынаргъ лæвæрттæ æрцæттæ кодта, ууыл.

– Нæ йын барын. Мæнæ цалдæр боны размæ дыууиссæдз туманы аргъ гауыз мин сомыл æрбауæй кодта нæхи Солтанбегæн.

– Сылгоймаг уæвгæйæ, дыууæ азы ахæстоны фæбадт æмæ уæддæр йæ митыл нæ фæсмон кæны?! Мах та кæдæм кæсæм, Дзыцца? Æз уыцы хабар нырмæ цæуылнæ фехъуыстон? – тызмæг уыд Андрейы хъæлæс.

– Мæ тыхстæй мæ æрбайрох. Знон мын æй Госа дзырдта. Æрмæст зон дæхæдæг, уæ фыдыфсымæр лæмæгъ разындис, æмæ йæ налат усы уынаффæтæ æххæст кæнынц бинонтæ иууылдæр.

–Уæдæ та нæхимæ адæмы æрхъусын кæндзыстæм? Мæ фыды кадджын ном мын æгад кæнынц, Дзыцца, фæлæ мæ абон уыдæттæм нæма æвдæлы.

Уыцы рæстæг рудзынгæй æрбакаст Катя æмæ загъта лæгæн:

– Машинæ дæм æрбацыд.

– Уæууа, ныхæстыл дæ фæдардтон, л æппу. Æххормагæй ма ацу.

* * *

Машинæ дугъ кодта фæндагыл. Андрейы размæ цыма цингæнгæ уадысты дон æфсæст хъæд, ног чындзыты æнгæс сæ тæмæнтæ калгæ дарæсы æхсæрдзæнтæ, стæй айнæг къæдзæхтæ. Быдираг уазæгмæ-иу йæхи хæстæг æрбайста хæххон фыдуаг дон, стæй-иу дзы алыгъд дардмæ. Амбæхст æрхы.

Андрейы зæрдæ кæддæриддæр рад хæхтæ æмæ хъæды нывтæй, фæлæ йæм уыцы бон ницыуал хъардта. Иунæг минут дæр дзы нал рох кодтой йæ ныййарджытæ.Йæ иннæ сагъæсты æхсæн дзы æгæр бирæ рæстæг рохуаты кæй аззадысты, уый хæстæ дæр дзы цыма ныр истой. «Цы маст сæ ис кæрæдзийæ? Цæргæ-цæрæнбон мын æрмæст уыцы фарстайæн нæ лæвæрдтой дзуапп сæ дыууæ дæр!»

Дзантемыр кæд хъæумæ арæх не ‘фтыд, уæддæр сывæллæттæ зыдтой фыды рæвдыд. Лæг йе ‘ппæт фæллой дæр хаста сæ хæдзармæ. Сæрды мæйты сывæллæтты ласта хæхбæстæм.

– Хур æмæ къæвдамæ тæригъæд не сты? – фарсой Дзантемыры иннæ фыййæуттæ.

– Ницы сын у. Лæппутæ хъуамæ алцæмæн дæр фæразонæй хъомыл кæной. Стæй дæ фарсмæ чи нæ рæза, уыцы сабимæ никуы уыдзæнис дæ зондахаст, – дзуапп сын лæвæрдта Дзантемыр.

Андрей йæ кæстæр æфсымæртимæ куы къуыбыртыл хъазыд, куы æххуыс кодтой фыййæуттæн. Афтæмæй сæ уарзон хистæры фарсмæ æрвыстой сæ бонтæ. Изæрыгæтты та сын Дзантемыр кодтаид мидхæсты æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хабæрттæ. Æмбарын кодта лæппутæн, куыд зынаргъ у фыдæлты зæхх, куыд зын хъахъхъæнæн у лæджы кад. Иуæй-иу хатт Дзантемырмæ уыдаид Залиханы кой дæр. Афтæ сын иуизæр радзырдта, кæддæр хъæуы лæгтæ сылгоймаг-фæсивæды куыд нæ уагътой æхсæнады куыстытæм, уый.

– Фæлæ фæзынд æмбырды уæ мад. Æрыгон ахуыргæнæг йе ‘гъдау æмæ кады фæрцы ссис нæ фæсивæдæн фæзминаг. «Кæд Залихан бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм, уæд мæ чызг дæр бацæуæд», – дзырдтой уый раныхасы фæстæ хистæртæ.

– Æмæ Дзыцца хъæздгуытæй куы уыд! Ахуыргæнæг дзы куыд амалæй рауад? – бафарста йæ Зауырбег.

– Стыр ахуыргонд лæг уыдис йæ фыд, уый æцæг у. Хъæздыг уыд, фæлæ фыццаг революционертæй разынд æмæ йæ куы агæрах кодтой, уæд ма уæ мад сывæллон уыдис, – диссаджы фæлмæн хъæлæсæй йын дзуапп радта Дзантемыр. – Сæ ныййарæг мад йæ дыууæ сабиимæ горæтмæ йæ хъæздыг æрвадæлтæм ссыд. Залиханыл дыууадæс азы куы цыдис, уæд йæ мад дæр амард, æмæ уыцы кары бынтон сидзæрæй баззад. Йæ кæстæр æфсымæримæ цалдæр азы сæ мадырвадæлтæм гуыбыныдзагыл фæкуыс-той. Æрвад йæ цотæн ахуыргæнджытæ æххуырста æмæ сæхи цот нæ, фæлæ зæрдæргъæвд разынд Залихан, æмæ, мæгуыртæ куы фæуæлахиз сты, уæд уæ мад æнцонæй сахуыр кодта æмæ ссис ахуыргæнæг.

Нæ, Дзантемыр никуы рафаудта цотæн Залиханы…

«Куыд никуы батыхстæн зæрдиагæй, мæ ныййарджытæ цæмæн ахицæн сты, уый раиртасыныл», – æфхæрдта йæхи уыцы бон Андрей. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд иу хъарм фæззыгон изæр бафтыд Исламтæм. Лæг сæ кæрты астæу бадт, цыргъ кодта йæ сæрдасæн æмæ зарыд йæхицæн.

– Дадайы никуы равдæлы афтæ йæ фæллад уадзынмæ, – рахъаст ын кодта лæппу æмæ йæ фарсмæ æрбадт.

– Лæппу, æз арæх цæуыл фæхъуыды кæнын, уый зоныс? – лæг й æ хъуынджын æрфгуыты бынæй бакаст Андреймæ æмæ йæхæдæг йæхицæн дзуапп радта: – Дæ фыды æнæсæр митыл. Ныр ды саби нал дæ æмæ мæ бамбардзынæ.

– Дада æнæсæр ми бакæна, уый мæ нæ уырны, – асырх Андрей.

– Бауырнæд дæ уæдæ! – Ислам æркæстытæ кодта йæ сæрдасæнмæ, асæрфта йæ йæ уæрагыл æмæ дзырдта дарддæр: – Ды ма чысыл уыдтæ, уæд фæуагъта Залиханы, зæды хуызæн сылгоймаджы! Æнæхъæн хъæуы цæрджыты дæр æмæ стыр мыггаджы дæр уыцы рагфæззæг дæ фыды ракæнд дисы бафтыдта. Æвиппайды йæ сæры фæкуысси йæ фыдзонд, æвæццæгæн. Рагæй дæр ах æм хив æнд уыдис Дзантемыр! Цалдæр азы сын цот нæ рæстмæ кодта, æмæ йын мæхæдæг дæр дзырдтон, æрхæсс æндæр ус æмæ æнæ бындарæй ма базæронд уай, зæгъгæ. Æрмæст дæ фыд сныхас дæр никуы никæй бауагъта. Залиханы, дам, ницæй тыххæй уадзын. Ислам абадтис æнæдзургæйæ, стæй бахудт йæ мидбылты. – Зын бамбарæн нæ уыд уыцы хабар. Залиханæй зондæй дæр æмæ бакастæй дæр цы загътаис! Фæзминаг уæдæ йæ кад дæр хъæубæсты. Ахæм æн æаипп ахуыргæнæг нæм æндæр нæ уыдис уыцы азты. Уалынмæ йæ ме ‘нæсæр æфсымæр фырыхъулы хуызæн лæппуимæ фæуагъта, мæн, дам, бирæ цот хъæуы, балхæдта нæ хъæуы иннæ кæрон хæдзар æмæ Анычкæйы ракуырдта.

Андрейæн зын уыд, бæргæ, йæ фыды йын кæй æфхæры Ислам, уый, фæлæ цы загътаид? Æнæкæрон бирæ йæ кæй уарзы, уый йын загътаид æрмæст?

– Афтæ фæуæд! – дзырдта дарддæр Ислам. – Ныр та хæдзары æртæ лæппуйы! Æртæ! Сæ иуæй иннæ фæзминагдæр не скъолайы. Мæнæ нæ ус куы æрбацæуы скъолайы æмбырдæй, уæд уый фæдзуры, уыцы лæппутæй æппæлынæй фылдæр не сты ахуыргæнджытæ, цы сæ ахуырæй, цы се ‘гъдауæй, зæгъгæ. Ме ‘фсымæрæн уæддæр йæ цард йæ гуыбыны нæ цæуы. Анычкæйы амарды фæстæ азтæ рацыд. Дзантемыр хæстæй сыздæхт. Цалдæр азы та ацардис йе ‘мхæстон Таняимæ дæр уæдæ æмæ йын уый дæр йæхи райгуырæн бæстæмæ фæлыгъд, лæг йæ куыст куынæ аивта, уæд. Залиханы æккойы уæ бафтыдта æмæ афæдзгæйттæ йæ хæдзармæ нæ цæуы! Кусгæ, дам, кæнын. Æз ме ‘фсымæрæй тынг сæрыстыр дæн, Андрей, куысты кадджын хъайтары аккаг нæ мыггагæй æндæр ничи ссис, уæдæ хæсты быдырæй дæр тынг бирæ хорзæхтимæ сыздæхтис, фæлæ йæ не ‘мбарын…

– Æз дæр не ‘мбарын мæ ныййарджыты, Ислам, – дзуапп ын радта уыцы бон Андрей, фæлæ йæ хъуыдытæ æргом не схъæр кодта.…

Азтæ цыдысты. Андрей йæхинымæр раст кодта фыды. Чи зоны, æмæ куынæ базыдтаид æфсымæры ад, уæд хъыг дæр бакодтаид фыды уынаффæтыл. Фæлæ æнæ Зауырбег тынг мæгуыр уыдаид Андрей. Солтанбегæн дæр ницы уыдис, фæлæ йæ кæддæр тынг мæстджынæй Дзантемыр «йæ мадау æдылыгонд» рахуыдта. Йæ бинойнаг хæстæг нæ цыдис стыр бинонтæм æмæ Солтанбег дæр куыста колхозы шофырæй, кастис Дзыццайы коммæ, æххуыс кодтаид фыды хæдзарæн дæр, фæлæ уыд æнæмæт адæймаг.

* * *

Мæнæ ныр дæр Андрейы цæстытыл уадысты йæ ныййарджыты царды нывтæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, Дзантемыр хæстмæ куы цыд, уыцы сæрдыгон бон…

Хъæуы астæу фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты дыууæ уæзласæн машинæйы. Стырæй-чысылæй йæ къæхтыл лæууынхъом чи уыд, уыдон æрæмбырд сты фæдисы бæлццæттæн фæндараст зæгъынмæ. Нæ уыд се ‘хсæн æрмæст Залихан.

Дзантемыр йæ алыварс бирæ фæракæс-бакæс кодта, стæй бафарста Андрейы:

– Дæ мад æнæниз у?

– Цы дзы кæныс?! – сбустæ йыл кодта Анычкæ. Дзантемыр æм цæхгæр фæзылд, æмæ, ус лæджы тызмæг цæстæнгас куы ауыдта, уæд ма сабырæй бафтыдта йæ ныхæстæм: – Дæхи мæт кæн.

– Хи мæт кæнын сырддонцъиу дæр зоны! – дзуапп ын радта лæг.

Андрей скаст фыды æнкъард цæсгоммæ æмæ сæхимæ адугъ кодта. Залихан, кæрты астæу лæугæйæ, арвмæ ныджджих.

– Дзыцца! Дзыцца! Рох дæ фæцис? Дадаитæ абон хæстмæ цæуынц! –базгъордта йæм Андрей æмæ, мад йæ бынатæй куынæ сызмæлыд, уæд æй йæ хъæбысы æрбакодта æмæ фæрсы: – Дæ сæр та риссы?

– О, мæ чысыл къона, фезмæлын дæр мæ хъару нæу, – кæуын- хъæлæсæй сдзырдта мад.

– Уæдæ куыд, Дзыцца? Анычкæ загъд кæны, æмæ тæригъæд у дада! Цом-ма!

Лæппуйы тынг фæндыд, йæ фæлмæн мад хæстоны куы барæвдыдтаид, уый æмæ ссардта æндæр мадзал.

– Дыцца, уæдæ цы зæгъон дадайæн дæ номæй? Ма тæрс, æз рох ницы фæкæндзынæн!

– Мацæуыл-иу мæт кæн, зæгъгæ йын зæгъ. Цы йæ бахъæуа, уый йын мах æрвитдзыстæм. Фыссæд нæм арæх.

– Дзыцца, æз ма йын ноджы зæгъдзынæн, бирæ йæ кæй уарзын, уый дæр. Стæй фыдуаг митæ кæй нал кæндзынæн, уый дæр!

Ууыл Андрей дуарæдде фæцис. Адæм хъæуы астæу æмызмæлд кодтой. Бæлццæттæн фæндараст зæгъынмæ æрцыдысты районæй дæр æмæ, машинæйы гуыффæйы лæугæйæ, дзырдтой адæмимæ. Лæппу йæ фыды ссардта. Бахудт æм. Æнæдзургæйæ алæууыдысты, стæй Анычкæ иуварсмæ куы фæкаст, уæд Андрей фыдæн ацамыдта, æргуыбыр мæм кæн, зæгъгæ, æмæ йын усы сусæгæй адзырдта:

– Дзыцца кæуы. Йæ сæр риссы, фæлæ загъта, мацæуыл, дам, мæт кæнæд, мах ын алцыдæр æрвитдзыстæм.

– Æндæр ницы? – бахудт æм фыд.

– Мах дæ дыууæйæ дæр тынг бирæ уарзæм! Дзыцца загъта, цæмæй нæм арæх фыссай…

– Хорз, – загъта лæг æмæ ма æрæджиау бафтыдта йæ ныхæстæм. – Бинонты хистæр нæлгоймагæн дæу уадзын, Андрей. Амæй мæ сыздæхынмæ дæ бар кæнын дæ кæстæрты. Дæ цæст-иу сæм фæдар, дыккаг куы райгуыра, уæддæр.

– Ма тыхс. Æз сæ хъахъхъæндзынæн…

– Уымæ куы æрхауæм, уæд нæ хъуыддаг цæуы! Басудзид нæ йæ мад зæрондæй-ногæй! Дæхимæ дæр дын хицауадæй ничи фæ- дзырдта, ацу хæстмæ, зæгъгæ, фæлæ дæ фыццаг усы цæстмæ ахæм митæ кæныс! Мах дæм зынгæ дæр нæ кæнæм, – æлхынцъæрфыгæй загъта Анычкæ.

Уыцы рæстæг ныхасы бар радтой хъæусоветы сæрдар Дæхцы- хъойæн. Иунæг удгоймаг дæр цыма нал уыдис хъæуы стыр фæзы, уыйау адæм ныссабыр сты: ахæм кадджын лæг уыд дзурæг. Ногæй ма сын цы загътаид сæрдар дæр? Загъта, бæстæйыл стыр бæллæх кæй сæмбæлд, æмæ уый бæрнон хæстæ кæй æвæры сæ алкæй размæ дæр. Стæй систа арвмæ йæ цæнгтæ æмæ кувæгау бакодта: «Дунейы фарн, æгадæй нын бахиз нæ бæлццæтты, афтæмæй уæлахиз кæнæд знæгтыл…»

– Мæлæтæй нæ, фæлæ æгадæй? – афарста Андрей йæ фыды.

– Фыццаджыдæр, æгадæй! – фидар дзуапп ын радта Дзантемыр.

– Ды дæхи бахъахъхъæн! Мах цы фæуыдзыстæм? – дзырдта Анычкæ. Уый йæ иу къухæй гыццыл Зауырбегыл хæцыд, иннæмæй та йе стыр гуыбынмæ амыдта лæгæн – уым бæрæг дардта, дыккаг сывæллон дæр сын кæй уыдзæн, уый …

Залихан æрлæууыд йæ зонгуытыл æмæ, кæугæйæ, скуывта:

– Табу уæхицæн, Стыр Хуыцауы зæдтæ! Фарн уæм бадзурæд, Сызгъæрин Л æгтыдзуар æмæ Мады-Майрæм, Хуыцауы раз сымах стут нæ хæрзгæнджытæ, æмæ уæ курын, бахъахъхъæнут мын мæ сæрыхицауы мæлæтæй, ма ныл ахуысса хуры рухс, ма мыл æркæлой уд æгасæй мæ царды мæсыджы уæззау дуртæ. Æз та уæм алы бон табутæгæнгæйæ кувдзынæн…

Куывта Залихан, æмæ ныххуылыдз цæстысыгтæй йæ риу.

* * *

Андрейы зæрдыл æрбалæууыд ивгъуыд бонтæй иу зымæгон изæр. Хæсты сау æндæрг схæццæ сæ хъæугæронмæ. Адæмæй иутæ лыгъдысты хъæдмæ, иннæтæ – уынгæг ныккæндтæм. Бон-изæрмæ сармадзанты гæрæхтæ æмæ хæдтæхджыты гуыв-гуывæй бæстæ не ‘нцад. Талынгты фæллад салдæттæ апырх сты хæдзæрттыл. Андрей æмæ Залихан дæр сыхæгты устытимæ Госайы хæдзары фæкастысты хæстонтæм, салдæтты цæфтæ чи баста, уыцы дохтырмæ, стæй сæм иуафон Ислам бадзырдта:

– Чындз, Андрей, рацæут-ма уæхимæ. Уемæ мæ аныхас фæнды.

– Цу, мæ хур, райс арфæйы нуазæн дæ тиуы къухæй! – мæстыйæ сдзырдта Госа.

– Уæууа, Госа, цæмæн æфхæрыс адæймаджы нæ зонгæйæ, – бакодта иннæ сыхаг ус Фарикка.

– Зонын ын йæ файнусты! Варкайы дзыхæй дзуры лæг дæр. Залихан салдæттæн йæ уæныг кæй радта абон, уый тыххæй йын уайдзæфтæ кæнынмæ æрбахæццæ, æвæццæгæн, Ислам, – дзырдта Госа æмæ бакаст Залиханмæ: – Фæстæмæ-иу фездæх!

– Куыддæр равдæлон, афтæ мæ ардæм хъæуы, – загъта ма Залихан æмæ ацыдысты Андреимæ сæхимæ, Ислам æнæдзургæйæ сæ разæй цыд, афтæмæй.

Сæ хæдзары сæм æнхъæлмæ каст Варка дыууæ æнахъом сабиимæ. Бызгъуыртæ – сæ дарæс, æнкъард æмæ тарстхуыз – сæ бакаст.

– Анычкæ йæ цæгаты амардис, уый ды нæма фехъуыстаис, – загъта Ислам.

– Мæнæ йын абон йæ дыууæ сидзæры махмæ схæццæ кодтой, – рынчын хъæлæсæй бафтыдта лæджы ныхæстæм Варка æмæ былысчъилæй бакаст сывæллæттæм. – Æз сæм мæ ныфс нæ хæссын. Низджын сты сæ мады хуызæн, фыдуынд æмæ мæллæг…

– Ды сæ райс дæхимæ, – загъта Ислам Залиханæн. – Дзантемыр дæр ма кæд сæр æгасæй ссæуа, уæд сывæллæтты монцмæ кæд демæ фæстæмæ бацæрид. Уый сывæллон бирæ уарзы.

Дыууæ сывæллоны дуары цур лæууыдысты æмæ тарстхуызæй кас- тысты хистæртæм. Лæппуты хистæр йе ‘мраст сау æрфгуыты бынæй каст Залиханмæ тызмæг цæстæнгасæй. «Хистæр йæ фыды халдих у уындæй» – ахъуыды кодта Залихан æмæ цæмæндæр йæ зæрдæ æрбауынгæг, иу дзырд нал хаудта йæ дзыхæй. Æнæдзургæйæ каст йæ къæхты бынмæ.

Андрей уайтагъд нæ базыдта Зауырбеджы. Иуæй йæ дыккаг аз уынгæ нал фæкодта, иннæмæй та, лæппу афтæ смæллæг, æмæ дзы раздæры хуызæй баззадысты æрмæст сау фæтæн æрфгуытæ бæрзонд ныхыл. Йæ фарсмæ цы саби лæууыд, уый та уыд, нырма йæ къахыл æрæджы чи ауад, ахæм лæппу. Андреймæ диссаг фæкаст, кæстæр лæппуйæн уыцы æвирхъау стыр сæры уæзæй й æ лыстæг къубал куыд нæ къул кодта, уый.

– Зауырбег æмæ Солтанбег дæр Дзантемыры фырттæ сты, – загъта Ислам.

Андрей фембæрста хъуыддаг æмæ бацин кодта:

– Дзыцца, æз нал базыдтон Зауырбеджы! Адон ме ‘фсымæртæ сты! Дзыцца!

Залихан каст йæ къæхты бынмæ æнæ исты дзургæйæ. Цæмæндæр æй ныббогъ кæнын фæндыдис, сывæллæтты афтæ æдзæллагæй фенгæйæ, – ф æл æ йæхи урæдта. Андрей бауад лæппутæм. Хистæр йæ цонг фелвæста, амбæхста дзы йæ сæр æмæ тызмæг цæстытæй скаст фысыммæ. Над ыл арæх цыдис, æвæцц æгæн. Солтанбег амбæхстис æфсымæры фæстæ æмæ уырдыгæй хъавгæ ракаст Андреймæ.

– Ма мæ тæрсут, æз уе ‘фсымæр дæн! Уæ хистæр æфсымæр. Дадайæн дзырд радтон, сымах кæй хъахъхъæндзынæн, уым æй…

– Ма дзы тæрсут, ма! Ай уæ фыды хæдзар у. Андрейæн дзы цы ис, сымахæн дæр дзы уыцы хай æмбæлы, – загъта Варка.

– Зауырбег, нал мæ хъуыды кæныс? – бафарста Андрей, æрбадт дзуццæджы сывæллæтты цур. – Æз уæ агуырдтон, фæлæ уæ уæхимæ ничи разынд. Дадамæ дæр ныффыстон, уæхи хæдзары нал цæрут, з æгъг æ.

– Цæй, мах цæуæм, – Варка сыстад æмæ бакаст Залиханмæ. – Зынг зæгъынæй ком нæ судзы, фæлæ, мыййаг, Дзантемырыл исты куы ‘рцæуа, уæд лæппуты сидзæрты хæдзармæ ратдзыстæм…

– Нæ ратдзыстæм, Ислам! Æз кусдзынæн æмæ сæ Дзыццаимæ схæсдзыстæм! – загъта Андрей, æрхæцыд сывæллæтты къухтыл æмæ бацыд мадмæ. – Дада сæ мæныл бафæдзæхста. Æз сæ нæ дæттын си- дз æрты хæдзармæ… Уæд фегад уыдзыстæм, стæй тæригъæд сты, Дзыцца.

Ууыл уазджытæ сæ хæдзармæ ацыдысты.

Залихан æрбадт, Зауырбеджы риуы йæ цæсгом амбæхста æмæ ныккуыдта: «Дзанте, куыд зын мын у æнæ дæу, мæ цæугæ хох!» … Уый ахæм зын сахат дзырдта йæхинымæр сывæллæтты фыдимæ, стæй стыр аргъ скодта Андрейы уынаффæйæн æмæ загъта:

– Раст дæ, мæ къона. Æфсымæртæ хъуамæ иумæ цæрой…

Зауырбег разынд йæ фыды халдих æрмæст уындæй нæ, фæлæ зондæй дæр. Иуизæр дын лæппу банкъардта æнæзонгæ сылгоймаджы рыст æмæ, йæ мæллæг цæнгтæ Залиханы хъуырыл æрбатухгæйæ, загъта:

– Ма ку. Æз куы байрæзон, уæд амардзынæн Гитлеры. Ды ма ку…

* * *

Андрейы хъуыдытæй иунæг минут дæр нал хицæн кодта йæ мад. Æфхæрдта йæхи, фаг æй кæй нæ рæвдыдта, уый тыххæй. Никуы йын фæцис рæстæг йæ мадимæ горæттыл æрзилынæн. Æрмæст иунæг хатт ацыдысты Ленинградмæ. «Мæнæй афтæ, æрмæст аргъæутты ис ахæм рæсугъддзинад, ахæм галуантæ æмæ фæзтæ!» – цин кодта мад горæты бæстыхæйттыл. Иннæ хатт та хъуамæ федтаиккой Астæуккаг Ази, фæлæ сæ нал равдæлд. «Фæстаг азты мæ амал уыд, афтæмæй Дзыццайæн Хъæрмæдон æмæ Тæмискъæй дарддæр ницы фенын кодтон. Хæдзары куыстытæ, сывæллæттæ, уазджытæ æмæ уыцы арынг! Нæ цотæн дæр ма удæнцой хæссæг! Нæ зонæм нæ фæллад уадзын дæр æмæ нæ хистæртыл ауыдын дæр, сомбонмæ ахæссæм нæ уынаффæт æ, фæлæ цард йæ кæнонтæ кæны», – ахъуыды кодта Андрей, æмæ та йæ цæстытыл ауад кæддæры бонтæй иу ныв…

Хæсты фæстæ хъæумæ здæхтысты, æгас ма чи баззад, уыцы бæлццæттæ. Дзантемырæй афæдзы ‘рдæг ницы хабар уыдис, загътой, фесæфтис, зæгъгæ, æмæ тæссаг хъуыдыты уæзæй æнæхъæн бинонтæй дæр тынг нынкъард сты. Дзантемыр сыздæхт. Диссаджы мæйрухс изæр уыд. Залихан æмæ æртæ сывæллоны кæрты астæу бадтысты. Уыцы рæстæг сын сыхæгты лæппу сæ дуар ныххоста æмæ хъæр кæны:

– Залихан! Хæрзæггурæггаг мын! Дзантемыр ссыд!..

Мад йæ бынатæй фæгæпп кодта, азгъордта дуары ‘рдæм, йæ цæнгтæ хæрдмæ фелвасгæйæ, табутæ фæкодта, арвмæ йе ‘рмттæ сивазгæйæ, комы дзуæрттæн, цыма фыр цинæй арвмæ стахт, стæй кæугæйæ фæстæмæ йæ бынатмæ сæргуыбырæй æрбаздæхт æмæ загъта сывæллæттæн:

– Хъусут?! Уд æгас у уæ фыд! Бакæнут ын кæрты дуар! – æмæ нал баурæдта йæ кæуын: – Хуыцауæй разы, бахъахъхъæдта уын уæ фыды…

Андрей раздæр сагъдауæй аззад уыцы изæр: хæсты азты й æ зæрдæ фæрыст се ‘мхъæуккæгты хъарджытæм хъусынæй. Йæ бæлццон-иу кæмæн сыздæхт, уыдонмæ та хæлæгæй мард.

Андрей фегом кодта кæрты дуар æмæ бæрзонд, фæтæнуæхск Дзантемыр сыхæгты устытæ æмæ сывæллæттимæ æрбацыд мид æмæ. Æртæ лæппуйы йæ зæнгтыл атыхстысты.

– Андрей! Ралæг дæ! – æрбахъ æбыс æй кодта фыд. Дыууæ гыццыл лæппуйы хæстонæй уайтагъд амбæхстысты Залиханы фæстæ æмæ уырдыгæй кастысты фыдмæ.

Æмбисæхсæвтæм сæм фæцыдысты сыхæгтæ. Цин кодтой бæлццоныл, нымадтой йын, сæ цæссыгтæ сæрфгæйæ, сæ хъæуккæгтæй чи нал сыздæхт хæстæй, уыдоны. Фехъуыста цины хабар Ислам дæр, æмæ йæ бинойнагимæ уайтагъдд æр балæууыдысты æфсымæры хæдзары.

Ислам бæлццоны иуварс акодта æмæ йæ бафарста:

– Цы уынаффæ дæм ис? Æууæндын, ныр кæй бацæрдзынæ Залиханимæ æмæ иумæ хæсдзыстут сывæллæтты. Ракур хатыр Залиханæй æмæ æрбынатон у! Æрцæрдзынæ мæнæ дæ цотимæ?

– Наы!

– Фыдзонд! Хæст дæр дæ ницæуыл сахуыр кодта. æн æ д æу фесæф- дзысты дæ цот, – загъта хистæр æфсымæр.

Дзантемыр ын æмбæрста й æ сагъæстæ, фæлæ йæ хъуыдытæ уыдысты Залиханимæ: «Нæ мæ уарзы, нæ бацин кодта ме ссыдыл дæр. Ислам, ды нæ зоныс куыд мæ афæлывта! Фегад мæ кодта, æмæ йын мæ зæрдæ нæ хатыр кæны! Фæлывд разындис!»

– Мæ куыст нæ уадзын, Ислам. Цæргæ та кæндзынæн ме ‘мхæстон Таняимæ. Æнæ сылгоймаг мын уыдзæнис зын цæрæн. Уый зондзынæ æрмæстдæр ды. Иннæтæн та уыцы сылгоймаг уыдзæн æрмæст фыййæутты хæринаггæнæг.

– Æдылы уыдтæ рагæй дæр, – Ислам й æ къух ауыгъта, ацыд йæ хæдзармæ. Райсомæй Андрей æмæ Зауырбег райхъал сты сæ фыды дыууæ фарс. Солтанбег Залиханæй атонын нæ бакуымдта. Алыгъд мады уатмæ, хæстоны хызынæй йæ хайыл куы фæхæст, уæд.

Райсомæй Дзантемыр йæхи хохмæ рарæвдз кодта æмæ æрл æууыд кæрты астæу.

– Бадзурут мын уæ мадмæ! – загъта тызмæг хъæлæсæй.

Залихан рацыд сарайæ, дæрддзæф æм æрлæууыд æмæ каст йæ къæхты бынмæ: йæ тых йæ бонæй урæдта йæ буары зыр-зыр, йæ бирæ азты судзгæ бæллицц: лæджы риумæ йæхи нылхъивын.

– Дзыцца, нæ дадайы нын зонгæ нал бакодтай? – бахудт Андрей йæ мадмæ, стæй бауад йæ фыдмæ: – Дада, ма мæт кæн, Дзыцца-иу арæх дзырдта: «Уд æгасæй нын ссæуæд, æндæр мæ дзы ницы хъæуы». Тынг æхсызгон ын у дæ фенд…

– Дзыцца, æз дæр нал базыдтон дадайы! Уый нæхи дада у! – цингæнгæ бауад Залиханмæ Зауырбег дæр.

– Бафæллад уæ Дзыцца, мæ хуртæ, – загъта фыд æмæ æрсæрфта йæ армæй Андрейы сæр. – Ма йæм хæрам кæнут, кæсут йæ коммæ.

Лæппуйы цæссыгтæ æрызгъæлдысты: зын ын уыдис, йæ мад бæлццоныл кæй нæ бацин кодта, уый, фæлæ цы акодтаид, уый нæ зыдта.

– Хæсдзыстæм нæ сабиты, – загъта Дзантемыр, Залиханмæ кæсгæйæ, стæй йæ бафарста тызмæг хъæлæсæй: – Æви дæумæ æндæр зонд ис?

Залихан йæ сæр батылдта, нæй, з æгъг æ. Андрей батыхст:

– Дада, мацæуыл м æт к æн…

– Уæдæ афтæ: иумæ хъомыл кæндзыстæм нæ сывæллæтты. Адæмы ницы хъуыддаг ис нæ хæдзары хабæрттимæ. Бинонты хистæр æмæ хæдзары хицау æз кæй дæн, уый æмбарын кæндзынæ лæппутæн дæр уæдæ.

Дзантемыр ацыд. Андрей дæр йæ дыууæ æфсымæримæ фыды фæдыл араст, æмæ колхозы правленимæ иумæ бахызтысты. Æмхъæуккæгтæй фæндагыл кæуыл æмбæлдысты, уыдон иууылдæр тынг цин кодтой Дзантемырыл, æмæ лæппутæ дæр гыццыл фæхъæлдзæгдæр сты.

– Уый та куыд, Дзантемыр? Дæ фæллад уал суагътаис! – бадис кодта колхозы сæрдар бæлццоны уынаффæйыл.

– Фæллад уадзыны рæстæг куы ‘рцæуа, уæд мæ бар уадз, Дæхцыхъо. Ныр та нæ н æ цард дарддæр аразын хъæуы.

– Уый афтæ у, бæргæ. Бæгуы, фидар разындысты нæ сылгоймæгтæ иууылдæр, бынтон та мæ дисы æфтауы Залихан. Горæтаг чызг, ахуыргæнæг! Фæцис фæсаууонмæ институт. Аивта директоры, фæлæ быдыронтимæ – быдырон, сугласджытимæ – сугласæг, уæдæ скъолайы дæр йæхæдæг цалцæггæнæг, йæхæдæг зымæгмæ суг сæттæг, афтæмæй ма цалдæр къласы дæр йæхи бæрны, – колхозы сæрдар фæлмæн йæ мидбылты бахудт, сæрæй ацамыдта Андреймæ. – Хæдзар æмæ дыууæ сабийы та бон-изæрмæ – сæ хистæр æфсымæры бар! Хорз лæджы бындзæфхад разынд дæ хистæр фырт, Дзантемыр.

Уыцы бон Дзантемырæн радтой бæх æмæ йыл ацыд хохмæ…

– Дзыцца, дадаимæ хыл фестут? – куыддæр сæхимæ æрбахæццæ, афтæ афарста й æ мады Андрей.

– О, – цыбыр дзуапп ын радта мад. Дыууадæсаздзыд уыд уыцы бонты лæппу, æмæ йын мад кæддæриддæр лæвæрдта раст дзуæппытæ.

– Хатыр дзы цæуылнæ ракуырдтай? Афтæ куы фæзæгъыс, уарзаг зæрдæ бараг у, зæгъгæ! Æз дадайæн тæригъæд кæнын – тынг æн- къардæй ацыд…

– Андрей, ды нырма сывæллон дæ æмæ дын алцы зонын не ‘мбæлы! Мæ хъæбул, макуыуал мæ бафæрс ацы хабарæй! – æрбахъæбыс æй кодта. – Мæ царды мæнæн сымах æмæ уæ фыдæй зынаргъдæр ницы ис. Уæ фыд хуыздæрты-хуыздæр у, уый зон æрмæст, – загъта Залихан æмæ скуыдта.

– Дзыцца, ма ку. Нæ бацин кодтай мæ фыдыл. Мæнмæ гæсгæ, ды раст нæ бакодтай!.. Мæнæн уый ах æм хъыг у, æм æ!..

«Тугкалæн хæстæй ссæуæд дæ бинойнаг æмæ йын комкомм æ йæ цæсгоммæ дæр ма бакæс! Уый цавæр маст у, уагæр? Дада дæр уæдæ хæрзæрæджы мæ фарстæн радта цыбыр дзуапп. Загъта: «Гадзрахатæн нæй хатыр!» Фескъуыдта ууыл нæ ныхас».

Уæдæ хъомыл кодтой лæппут æ, æмæ иу уынаффæ мад йæхæдæг никуы рахаста. Бинонтæн уынаффæгæнæг уыдис Дзантемыр. Андрей дæсæм къласы куы ахуыр кодта, уæд хъуамæ райстаид сызгъæрин майдан. Лæппуйы фæндыд базонын, цæуыл сахуыр кæна институты, фæлæ иу хъуыды йæ зонд нæма ахста. Мад ын загъта, цæмæй бафæрса йæ фыды:

– Уый дыууæ тугкалæн хæсты уыдис, фылдæр федта æмæ зоны абоны цард. Дæ бæсты равзара исты, уый мæ нæ фæнды, фæлæ йын ды бамбарын кæн дæ хъуыдытæ, дæ фæндон, байхъус фыды ныхæстæм дæр æмæ уый фæстæ æнцондæрæй равзардзынæ дæ сомбоны фæндаг.

Дзантемыр байхъуыста лæппумæ тарæрфыгæй. Андрей йæхицæй æгæр æппæлыд: тынг хорз – йæ ахуыры бæрæггæнæнтæ, ис æм спортивон разряд, районы скъоладзауты ‘хсæн цы чемпионат уыдис шахмæтт æй, уым фыццаг бынат бацахста…

– Ныр та мæнмæ байхъус! Уыцы хабæрттæ æз куы зонын, уæд ма мын сæ цæмæн нымайыс? Йæхицæй æгæр чи æппæлы, уыдонæй ницы рауайы царды. Ницæмæуал фæтындзынц! – фескъуыдта Андрейы ныхас Дзантемыр, стæй йæ бафарста. – Дæхи цы д æсныйадыл фæнды сахуыр кæнын?

– Тæхæг, инженер, дохтыр, агроном… Ацæуин ахуырмæ Мæскуы кæнæ Ленинградмæ, фæлæ æнæ Дзыцца куынæ бафæразон, æхсайдзæн мæ зæрдæ ме ‘фсымæртæм дæр уæдæ…

– Нæма равзæрстай! – бахудт æм лæг. – Мæн фæнды, цæмæй ахуырмæ бацæуай нæхи горæты институттæй иумæ. Балхæндзыстæм хорз мотоцикл æмæ æмдзæрæны нæ, фæлæ нæхи хæдзарæй цæудзынæ горæтмæ. Дæ дыууæ æфсымæры ахæм кары сты ныртæккæ, æмæ сын зонд амонын хъæуы æрвылбон дæр. Уый дæ æз курын. Лæппутæй исчи куы фæцуда, уæд фегад уыдзыстæм иууылдæр. Уæдæ дæ мадæн дæр удæнцой дæ. Зауырбегæн нæ тæрсын, фæлæ уæ кæстæр нæ зондæй фидар у, нæ фæллоймæ æмхиц цæуы. Дæ лæджы кары нæма бацыдтæ, фæлæ мæ зæрдæ дарын, лæппуты раст фæндагыл кæй араздзынæ, ууыл. Мæн бафарстай, æмæ дын мæ хъуыдытæ загътон. Æндæр уынаффæ рахæссын дæр дæ бон у. Искуы афтæ хъуамæ ма зæгъай, тæхæг куы суыдаин, уæд зæрдæрухсæй фæцардаин,зæгъгæ.

– Дада. Хъыг дæм ма фæкæсæд мæ ныхæстæ, фæлæ мæ мады фарсмæ æз зæрдæрухсæй хъомыл кæнын. Дзыцца мын æмбары мæ цин æмæ мæ гыццыл маст дæр. Ды ма мын нæ фаг кæныс æрвылбон, фæлæ…

– Мæ бынат мын æрцахстай, – бакодта Дзантемыр, стæй ауыгъта йæ къух: – Фæталынг кæны. Цом, хос бафснайæм йæ бынаты.

Андрей фыды уынаффæ фехъусын кодта Залиханæн. Мадæн тынг æхсызгон уыдис хабар. Андрей кæддæриддæр йæ фарсмæ уыдзæнис, уындзæн æй. Андрейы зæрдæмæ дæр фæцыдысты фыды уынаффæтæ æмæ агрономыл ахуырмæ цыдис хъæуæй горæтмæ, уыд уынаффæгæнæг кæстæр æфсымæртæн æмæ хæдзары æнæкæрон куыстытæй рог кодта йæ мады къух.

* * *

Хур кæд бæрзонд ссыд, уæддæр уазал хæххон дымгæ барджын фысымау æнтæф хæстæг нæ уагъта. Уый урссæр хæхтæй коймаг цъитидоны сæрты бырста æмæ уыгъта йæ фæндагыл къудзитæ, бырста дидинджыты, февнæлдта-иу фыййæутты худтæм дæр.

Дзантемыр йæ лæдзæджы æнцой рагъыл лæууыд, каст, сæ дзуг кæрдæгыл куыд хизынц, уымæ, æмæ йæ хъуыдытæ уыдысты дард: æрæджы фехъуыста йæ дохтыр фырт Зауырбегæй, Залихан адзалы рынчын кæй у, уый. Лæгæн йæ цард бынтон сæнад ис, фæлæ ма куывта сыгъдæг арвмæ, иу дзырд ма гуырысхойагæн кæй фехъуыста, уый хъуыдыты мидæг æмбæхсгæйæ. «Æвæццæгæн?!» Ома бæлвырд нæма у.

Гъæй джиди, чи ис дæ разы
Ацы сæрдыгон изæр…

Уый иннæ рагъыл зарыд æрыгон фыййау, æмæ дзы дымгæ мæстæймарæгау Дзантемырмæ æрбахæццæ кодта æрмæст уыцы скъуыддзаг. Зæронд лæг йæ мидбылты æнкъард худт бакодта. Цал æмæ цал хатты фехъуыстой ацы рæгътæ бирæ азты размæ уыцы зарæг Дзантемырæн йæхицæй. «Булæмæргъау зарынæй не ‘фсæстæн, бæргæ, цалынмæ мын мæ зæрдæ мæ риуæй не ‘стындæуыд уæдмæ! Хъарæг кæнын та, иуæй, зонгæ нæ кæнын, иннæмæй, ме ‘гады кой хъуамæ æнаккаг хъæндилтæ дæр ма фехъусой! »…

– Дзантемыр! – хъæр æм кодта дæлвæзæй, йæ худ тилгæйæ, хистæр фыййау. – Сæрдар нæм æрбацæуы!

Андрейы машинæ æрбахызт хидыл…

Уайтагъд къæдзæхы аууонæй ратылд кæттагæй æмбæрзт машинæ. «Йæ мад мацы кæнæд!» – ахъуыды кодта Дзантемыр æмæ дæлвæзмæ батагъд кодта.

– Ахæм рæстæг сæрдары махмæ куыд равдæлд? – афарста Дзантемыры фыййæуттæй иу.

– Чи йын цы зоны, – æнæрлæугæйæ йын дзуапп радта Дзантемыр.

– Дæ бон хорз, дада! – райста фыды къух Андрей. Фæуагъта йæ машинæйы цур лæугæ, азылд иннæ фыййæуттыл, аныхæстæ кодтой, стæй фæстæмæ фыдмæ æрбаздæхт. Фыд æмæ фырт фемдзаст сты. Æрыгон нæлгоймаджы цæстæнгас уыд æнкъард æмæ мæтæйдзаг. Дзантемыры цæстытæ кодтой хъуыды, куыд у уæ мад, зæгъгæ. Фæрсгæ та бакодта:

– Сабитæ куыд сты?

– Уыдонæн ницы у.

– Цытæ фыссы хистæр лæппу æфсадæй? Чысыл раздæр ын дæс боны куы радтой, уæд ын æз бауынаффæ кодтон, цæмæй Мæскуыйы бабæрæг кæна йе ‘фсымæры. Æрыгон лæппуйæн зондамонæг хъæуы, ахуырыл хæст хъуамæ уа. Уый та ма кафджыты къордимæ дæр горæттыл зилы.

– Дада, куыд бауынаффæ кодтат, афтæ бакодта лæппу, – загъта Андрей æмæ бахудт йæ фыдмæ: «Ау, дада зона, хистæр лæппуйæн йæ уарзон дæр Мæскуыйы кæй ахуыр кæны, уый? Зоны, æвæццæгæн, уый йеддæмæ йын ахæм уынаффæ нæ бакодтаид. Уыцы къулбадæг йæ дадайæн цы хабар нæ дзырдта, иу ахæм нæ уыд», – ахъуыды кодта Андрей, æмæ ныррухс йæ цæсгом.

«Нæ, йæ мадыл исты куы æрцыдаид, уæд мæм хъæргæнæг æндæр искæй сæрвыстаид. – Дзантемыр та бакаст Андреймæ.

– Хъуыддаджы фæдыл ссыдтæн…

– Амондджын хабар æрбахæсс.

– Дзыцца мæ сæрмагондæй дæумæ рарвыста.

– Мæнмæ?

– О.

– Цæмæн æй бахъуыдтæн?!

– Уый мын нæ загъта.

Дзантемыры фæтæн æрфгуытæ алхынцъ сты. Сæр фæгуыбыр кодта. Лæг арæх нал цыд хъæумæ. Бинонты сæргъы æрвылбон лæууыд Андрей, уыдис, мæнæ сæ дарæг, сæ уромæг кæмæй фæзæгъынц, ахæм хистæр æфсымæртæн. Дзантемырæн йе ‘ртæ фырты устытæ æрхастой, уæдæй фæстæмæ ма лæппуйы куывдмæ кæнæ стыр бæрæгбæтты ныууайы сæхимæ, æндæр æй нал хастой йæ къæхтæ – азтæ æмæ йæ зæрдæйы низ сæ куыст кодтой. Цæмæндæр ын адджын нæ фæцис, дыккаг ус кæдæм æрхаста, уыцы цæрæнуат. Ныр дзы Солтанбег йæ бинонтимæ æрцард. Зауырбег та кусгæ дæр æмæ цæргæ дæр кодта горæты, æмæ дзы тынг сæрыстыр уыд, фæлæ йæхæдæг æхсæвиуат кодта Андреймæ. Æхсæвиуат?! Иу уаты-иу æнæхуыссæг фæцис Залихан, иннæйы та Дзантемыр. Сæ иумæйаг царды фæндæгтыл-иу ног æмæ ног ивылдысты сæ хъуыдытæ, æмæ дыууæйæ дæр мынæг кодтой сæ фæстаг бонты уазал уылæнтæ зæрдæнизæй… Æрмæст сæ дыууæйæн дæр иу уыд, æнæкæрон бирæ кæй уарзтой, уыцы цоты сомбон, уый уыд сæ царды цин.

Дзантемыры уæнгты тых цас къаддæрмæ цыд, уыйбæрц æй йæ быны тынгдæр кодта йæ судзаггаг маст. «Куыд ын ныххатыр кæнон, куыд?» – фарста лæг йæхи фæстаг рæстæджы. Искуы-иу хатт æм-иу æндæр хъуыды дæр фæзынд: «Сылгоймагау хатыр ракурыны фæнд макуы скæн! Куыд тынг ын сæнæуынон дæн?! Куыд иузæрдион у, æмæ йæм мæнæн нал разынд хатыр ракурыны зонд дæр».

Хатыр? Нæ, Дзантемыр нæ зыдта барын ахæм гадзрахат митæн! Йæхæдæг барын куыд нæ зыдта, афтæ нæ зыдта хин митæ æмæ сайын дæр. Цард йæхи домæнтæ æххæст кæны, æмæ хæсты фæстæ азты царды ‘мбалæн равзæрста йе ‘мхæстон фелшыр Таняйы, фæлæ цалдæр азы фæстæ уый ацыд йæхи бæстæмæ: «Кæрæдзийæн стыр аргъ кæнæм, Дзантемыр, фæлæ мæ нæ бауарзтай, нæ, нæ бауарзтай. Зæронды бонтæ арвитон мæхи хæстæджытимæ», – загъта æмæ ацыд. Дзантемыр æй нæдæр хъæумæ нылласта, нæ йæ хæстæджытимæ базонгæ кодта. Уый æрмæст мæ къæбæргæнæг у, зæгъгæ-иу, дзырдта æппæтæн дæр. Залихан ын нæ уайдзæф бакодта, нæ йын йæ усы кой искуы скодта…

Иуахæмы Андрей бафарста мады:

– Дзыцца, Ислам мын бабар кодта, цæмæй, дадамæ куы ацæуæм нæ каникулты, уæд ын сæхимæ атæрын кæнæм Таняйы. Мах фыдуæгтæ куы фæкæнæм, уæддæр нæм нæ кæны мæсты, рахæцы нæ фарс, рæвдауы нæ. Æрмæст, мах цы хæринæгтæ уарзæм, уыдæттæ сфыцы. Мæнмæ уый раст уынаффæ нæ кæсы, æмæ дзы нæ уæндын дадайы бафæрсын.

– Мæ хъæбул, мæнæн тынг æхсызгон у, æмбаргæ адæймагæй кæй рæзыс, уый. Дæ цардвæллад фыдæн ныртæккæ уæлдай зын уаид иунæгæй цæрын. Таня та йæ хæстон æмбал куы у.

– Ислам æмæ Варка та дæуæн тæригъæд кæнынц. Таня, дам æй нæ уадзы махмæ… дæуимæ бацæрын.

– Андрей, уый афтæ нæу. Сымах æртæйæ хъуамæ ахуыр кæнат скъолайы, æмæ уæ иунæгæй хæдзары ныууадзон? Уæдæ уæ фыд дæр йæ куысты тынг зæрдиагæй фæллой кæны æмæ иунæг бон дæр хъæуы нæ фæразы. Таняйæн ды хъуамæ арфæ ракæнай, сæрды мæйты уæ кæй барæвдауы, уырыссагау уый фæрцы сыгъдæг кæй дзурут.

Мады уынаффæ Андрейы зæрдæмæ фæцыдис…

– Цы зонд дæм ис, дада? – фескъуыдта йын йæ хъуыдытæ Андрей.

– Кæмæн ис ныртæккæ уæгъд рæстæг? – кæддæр æрæджиау, йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, тарæрфыгæй дзуапп радта Дзантемыр. «Хъуамæ куыд бауарзта æндæры, уый мын радзура?! Æндæрæй сывæллон куыд ныййардта æмæ мæ куыд сайдта, уыдæттæ дзы хъуамæ фехъусон?» – ахъуыды кодта æмæ загъта: – Сауджыны йæм æрбахон! Мæн мæ мæгуырыл ныууадзæд! Мæ цард мын ныффæскъæуттæ кодта, æмæ æгъгъæд фæуæд! Æз уæ мадæн стыр аргъ кæнын, Андрей, фæлæ йын хатыр та!..

Дзантемыр уайтагъд фæфæсмойнаг, афтæ тызмæг ныхас кæй кодта, уый тыххæй. Никуыма суагъта йæ маст афтæ æргом, никуы загъта лæппуты цур æнæхъуаджы ныхас. Залихан се ‘ппæтæн дæр уыдис тынг кадджын адæймаг, æмæ йæ никуы ницæмæй рафаудта. Раст ма уый йæ сусæг иунæг удгоймагæн дæр кæй не схъæр кодта, ууыл дæр гуырысхо нал кодта æмæ дзы фæбузныг.

Андрей уыцы бон бамбæрста, йæ фыды масты суадон мады аххосæй кæй фæзынд, уый. Исдуг æнæдзургæйæ алæууыд, стæй бафарста:

– Куыд дын ныффæскъæуттæ кодта дæ цард мæ мад? Мæн уый никуы бауырндзæн! Сывæллон ма мæ цæмæн хоныс, дада?

– Андрей, бауырнæд дæ, æхсызгон мын нæу уæ мады низ, фæлæ йæм нæ цæуын! – нæ радта фыд комкоммæ дзуапп фырты фарстæн.

– Дада, никуы мын ницæмæй загътай «нæ», уæд ныр…

– Дæхи кæд мæ зæронд уд хъæуы, уæддæр дæ фæхъхъау…

– Дада, мæ мады курдиат мæхицæй уæлдæр æвæрын. Нæ зонын, уæ маст уæ дыууæ дæр никæмæн хъæр кæнут уæ цотæй. Фæлæ, ахæм бон йæ сæрты ахизæн кæмæн нæй, уый цы стыр бæллæх уыд? Æз дæ цотæн сæ хистæр дæн, æмæ мæ бон у дæу бафæрсын: цы ‘рцыд уе ‘хсæн, дада? Уæ кæрæдзи фенынмæ бæлгæйæ, цæргæ-цæрæнбон хицæн цæмæн стут? Бакæс ма-иу ацы хатт Зауырбегмæ. Уæ дыууæйы тæригъæдæй нæ сæртæ куы сурс сты. Махыл та цæуылнæ баууæндут уæ хылы сæр?!

– Андрей, чи уын загъта, мах хыл стæм, зæгъгæ? Уæ мад?!

Дзантемыр тарстхуызæй каст Андрейы цæсгоммæ: «Цы зоны, цымæ, куыд æмбары нæ хылы сæр? Кæд ын йæ мад исты радзырдта?»

– Уый дæр скæуы, фæлæ ницы хъæр кæны! Мæ сывæллоны бонтæй абонмæ мын æмбарыс мæ гыццыл маст дæр, дæ зонд æмæ дæ кадæй тыхджын æмæ зæрдæрухсæй слæг дæн. Фæлæ мæ мад æхсæвæй-бонæй лæууыд мæ фарсмæ, æмæ мын уый дæр тынг зынаргъ у! Ныр мæлы мæ мад! Мæлы, дада, æмæ йæм ис æрмæст иунæг курдиат: дæу фенын! Ды ныртæккæ мæ курдиат куынæ сæххæст кæнай, уæд…

Андрей йæхæдæг дæр нæ зыдта, «уæд» цы уынаффæ рахæсдзæнис, уый æмæ бынтон нырхæндæг.

– Хорз! Æххæст дын кæнын дæ курдиат цыфæнды зынæй дæр! – загъта Дзантемыр æмæ сæргуыбырæй араст машинæмæ. – Æрмæст дæ курдиат!

Хохæй быдырмæ фыд æмæ фырты дзыхæй иу уддзæф не ссыд. Дзантемыры цæсгом уыд бынтон хъуынтъыз. Йæ хъуыдыты цыма зилгæ дымгæ фæкуысси, уыйау сæмхæццæ сты, æмæ сæ иуыл дæр фæхæст бирæ рæстæг йæ бон нæ бацис…

Залихан – йе ‘ппæт рацарды цин æмæ судзаггаг маст. Æрмæст ацы сылгоймаджы бон бацис Дзантемыры зæрдæйы амонды стъалы ссудзын, æмæ аст азы дæргъы цæхæртæ калдта йæ сæрмæ. Ницы аипп ардта йæ бинойнагмæ Дзантемыр, никуы йын æфхæрæн ныхæс зæгъын бахъуыд, коммæгæс æмæ куыстуарзаг сылгоймагæй лæджы зæрдæ рухс кодта. Дзантемыр æй зæдтимæ барста, уый та… «О Хуыцау! Куыд мæ афæлыв- та, куыд?!» – ныккæрзыдта зæронд лæг уыцы бон дæр та.

* * *

Чи зоны, цы бæллæхтæ бакодтаид уыцы бонты Дзантемыр, нæ бауыдаид йæ хъару йæ зæрдæнизыл фæуæлахиз уæвын, фæлæ фæзынд йæ хæдзары чысыл сывæллон – Андрей. Сывæллон сын-иу нæ цардис авд азы дæргъы – мардысты ноггуырдтæй кæнæ гуырдысты мардæй…

Дзантемыры зæрдыл æрбалæууыд, йæ кæртмæ ма зæрдæрухсæй фæстаг хатт куы бацыд, уыцы сæрдыгон изæр. Андрейыл цыдис æртыккаг аз. Фыдмæ афтæ каст, цыма уый хъæбулæй рæсугъддæр æмæ зондджындæр зæххыл нæй. Йæхи схуыдта æппæты амондджындæр лæг. Æмбисæхсæв дæр-иу хохæй йæ уарзон бинонты уынынмæ æрхæццæ. Лæг æрмæст уыцы азты бамбæрста, фыййауы куыст куыд уæззау у, уый, афтæ мысыд йæ гыццыл лæппуйы.

Уыцы сæрдыгон изæр дæр Дзантемыр æрхæццæ хъæумæ, бæх кæрты абаста æмæ хæдзармæ бауад.

– Дада! – сывæллон йæ хæрд фæуагъта, цингæнгæ йæ размæ ра- згъордта æмæ фыды хъæбысы балæууыд.

– Куыд мæм кæсы, афтæмæй дæ дада тагъд йæ куыст ныууадздзæн æмæ дæуимæ хæдзары баддзæн, – бахудт сæм Залихан.

– Мæ куыст хъуамæ ма ныууадзон, Зали, фæлæ гыццыл фæстæдæр лæппу йæхæдæг мемæ цæудзæн хæхбæстæм. Фыййауы фырт хъуамæ зынтæн фæразонæй рæза.

– Мæнæн дæ салам раттын дæр ферох вæййы, – загъта, æмæ худтысты йæ цæстытæ усæн фыр цинæй. – Сыхы лæгтæ мæ мæстæй марынц, Дзантемыр, дам, йæ сывæллоны уынынмæ къуыри æртæ хатты æргæпп кæны, дæумæ та йæ мæй иу хатт дæр не ‘вдæлы.

Залихан уыцы ныхæстæй лæджы æфхæргæ нæ кодта, мыййаг. Нæ, стыр амонд зæлланг кодта йæ сабыр хъæлæсы, йæ мидбылты худты, ивылд йæ рæсугъд цæсгомыл.

– Хæдзархалтæ! – бахудт Дзантемыр сыхæгты коймæ æмæ загъта сывæллонæн: – Суæззау дæ ныридæгæн дæр, бынтон фæлæг кæныс.

– Æз лæг дæн, дада! – худтис Андрей æмæ атыхта фыды бæрзæйыл йæ хъæддых цæнгтæ.

– Лæг! Ахъаззаг лæг! Уæнгджын æмæ цъæхдзæст лæг! – дзырдта фыд æмæ ма дæ зæрдæ-мæ зæрдæйæ бафтыдта йæ ныхæстæм: – Дыууæ зæронд арсæн райгуырд саджы лæппын! Нæма мæ уырны, Зали, Андрей мæхи фырт у, уый!

– О, Хуыцау! – зæгъгæ, сусæг хъæлæсæй сдзырдта Залихан, афæлурс йæ цæсгом, фæцудæгау кодта, æмæ йæ къухæй кард пъолмæ æрхауд.

– Зали! – Дзантемыр ын фæтарст, сывæллоны пъолыл авæрдта æмæ бауад йæ бинойнагмæ. – Цы кодтай? Дæ цæсгомы туджы æртах нал ис. Цы дæ риссы?

– Цытæ дзурыс, Дзанте? – схъæрзыд Залихан æмæ, цуттытæгæнгæ, йæхи кæртмæ айста.

«Цы загътон? Цæмæй фæтарст Зали?» – афарста йæхи лæг æмæ æнæ- хъуаджы уаты къуымты æрзылд. – «Цы загътон? Цæмæй йæ бафхæрдтон?»

– Дада, сис мæ дæ хъæбысмæ! – ивæзта фыдмæ йæ цæнгтæ сывæллон.

Уымæ куыд æргуыбыр кодта, æфтæ йæ зæрдæйы фатау ахызтысты æрдæбоны цалдæр дзырды: «Нæ мæ уырны, Андрей мæхи фырт у, уый!» Фыр буцæй куы цин кодта сывæллоныл!

Лæгæн йæ цæстытæ атар сты, бауад рудзынгмæ, уырдыгæй – дуармæ. Катай фестад. «Зали?! Нæ, уый ахæм чъизи ми никуы бакæндзæн, фæлæ цæмæн фæтарст?» – уыдысты лæджы фыццаг хъуыдытæ. Фæзындис гуырысхойаг хъуыды, æмæ ма дзы æнцонтæй чи схицæн вæййы? Кæй нæ акæны уый йæ талынг æбæрæг уынгты, иугæр йæ сау дзæмбытæй адæймаджы удыл куы фæхæст вæййы, уæд?

– Æнаххос сылгоймаг афтæ тынг нæ фæтæрсдзæн хуымæтæджы хъазæн ныхæстæй! Нæ афæлурс уыдзæн сыгъдæг цæсгом! – загъта йæхицæн, æмæ гуырысхойы уазал къух алхъывта Дзантемыры улæфæнтæ. «Ахæм цъæхдзаст æмæ бурхил кæмæй уа?» – ахъуыды кодта лæг æлхынцъ- æрфыгæй æмæ ныккаст Андреймæ.

– Нæ! Нæ! Уый цавæр æнамонд хъуыдытæ бырсынц мæ сæрмæ! – ныккæрзыдта лæг, фелвæста сывæллоны æмæ йæ йæ риумæ нылхъывта. – Мæхи лæппу дæ!

Дзантемыры зæрдыл æрлæууыдысты Гонайы ныхæстæ: «Тынг æхсызгон мын у, Андрейкæ нæ мады ‘нгæс кæй у уый. Уый дæр бурхил æмæ цъæхдзæст уыдис».

Уыцы рæстæг сугты хъæбысимæ уатмæ æрбацыд Залихан. Дзантемырмæ ма сывæллон цыдæртæ дзырдта, фæлæ нæлгоймаг цыма цавддур фестад, уыйау уаты астæу лæууыд æмæ каст йæ усмæ. Залихан лæппуйы кæртмæ арвыста, цу æмæ, дам, цъиутæн хор акал. Андрей, цингæнгæ, азгъордта.

– Кæй у, уæдæ?! – бафарста йæ лæг.

Залихан фæстæмæ цалдæр санчъехы акодта, цæмæй, йæ къухтæ куыд зыр-зыр кæнынц, уый лæг ма фена, уый тыххæй сæ куатæйы дзыппыты амбæхста æмæ тарстхуызæй каст Дзантемырмæ. Нæма уыд цæттæ ахæм æнæнхъæлæджы фарстæн дзуапмæ.

– Мæнæй нæу? – сабыр, фæлæ та тызмæг хъæлæсæй бафарста лæг.

– Дзанте, æз дын…

– «О», кæнæ «нæ»?! Цыбыр дзуапп дæ куы курын?! – ныцъцъæхахст кодта нæлгоймаг.

– Байхъус мæм, Дзанте… Æз мæхæдæг дæр бафæлладтæн уыцы сусæгдзинадæй…Радзурдзынæн дын æргом, – нал бадт дзырд Залиханы дзыхы, æмæ скуыдта.

Дзантемыр уый фехъуыста, цы! Нынкъуысыд зæхх йæ быны. Æркалд йæ царды мæсыг æмæ йæ йæ уазал дурты бын акодта.

– Нæ! Никуы байхъуыстон кæронмæ æнаккаг адæймаджы ныхæстæм! – дзæхст уадулæн иуырдæм, дзæхст – иннæрдæм.

– Дзанте! Байхъус мæм!..

– Мæн нæу?! Мæн нæу, уæдæ?! Мæн нæу зæгъынмæ мын хъавыс?..

– Дзанте! – Залихан бынтон фæтарст.

– Фæлитой! – къух та дард фæхаста, æмæ сылгоймаг асхъиудта иуварс.

– Дзæгъæлы мæ афтæ тынг æфхæрыс, – кæугæ фестад Залихан, хъавыд лæджы маст фæсабыр кæнынмæ, фæлæ йæм нал байхъуыста Дзантемыр:

– Æз мæ сæр фæчъизи кæнын нæ бауадздзынæн! – загъта æмæ радавта кæцæйдæр йæ фыды хъама.

Уыцы рæстæг уатмæ æрбаздæхт гыццыл лæппу. Атыхта йæ цæнгтæ фыды зæнгтыл æмæ загъта:

– Цъиутæ сбадтысты, дада! Сис мæ ныр дæ хъæбысмæ æмæ цом бæхмæ.

– Андрей! – зæгъгæ, цъиуджын каркау Залихан сывæллоныл йæхи ныццавта, бакаст Дзантемырмæ æмæ загъта, фыццаг йæ зонд цы æрцахста уыцы дзырдтæ: – Мæн у! Мæн!

Лæппу йæ мады кæугæ куы ауыдта, уæд ныккуыдта æмæ фыдмæ йæ цæнгтæ сивæзта, сис мæ дæ хъæбысмæ, зæгъгæ. Лæджы къухæй хъама æрхауд, сывæллоны фелвæста.

– Тæккæ абон дæ мæ хæдзары куыднæуал фенон, афтæ бакæн! – загъта усæн.

– Хорз. Мах ацæудзыстæм, – сæркъулæй ма загъта Залихан, стæй бафтыдта йæ ныхæстæм. – Уыйбæрц фæцæр адæймагимæ æмæ йын йæ зæгъинагмæ ма байхъус…

– Банцай! Чи у йæ фыд?! – бафарста æмæ, йæ рацарды азты æнæуаг ныхасæй кæй фехъуыста, уыдон ын фæдзырдта кæуын хъæлæсæй, фæлæ нал байхъуыста усмæ, стæй ма бафтыдта. – Абонæй фæстæмæ Андрейæн уыдзæн æрмæстдæр мад…

Дзантемыры ууыл нæ ныууагътой йæ масты хъуыдытæ. «Чи у лæппуйы фыд? Чи у уыцы къæрных?» – домдтой гуырысхотæ бæлвырд дзуапп, æмæ Дзантемыр уыцы æхсæв, йæ бæхыл бадгæйæ, цыд иу уынгæй иннæмæ, каст мæйрухсы йæ хъæуккæгты хæдзæрттæм æмæ агуырдта нæлгоймæгты æхсæн Андрейы æнгæс бурхил, цъæхдзæст æмæ уæнгджын нæлгоймаг. Агуырдта, кæмæй сиса йæ маст, уый.

Æмбисæхсæв бахæццæ хъæуы астæумæ. Ныккаст мæзджыты тигъæй, æмæ, Залихан бирæ азты кæм куыста ахуыргæнæгæй, уыцы скъоламæ сарæзта йæ фæндаг, стæй фесхъиудта:

– Директор! Петр Алексеевич! – зæгъгæ, фæкодта, æмæ йæ маст куыннæ атыдта. Уырыссаг лæппулæг сæм цалдæр азы акуыста директорæй. Стæй уыцы уалдзæг хæхтæм скъоладзаутимæ ацыд æмæ æрхæй ахауд. «Уæнгджын, бæрзонд, бурхил æмæ цъæхдзæст!» – ахъуыды кодта Дзантемыр. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, директорыл Залихан куыд хъыг кодта, уый дæр. Мæ хæринаг, дам, мæ хъуыры нал цæуы…

Дзантемыр боныцъæхтæм фæбадт уæлмæрдты йæ фыды ингæны уæлхъус æмæ хъуыды кодта, куыд амалæй бахиза æгадæй йæ фыдæлты дæр æмæ сæ мыггаджы сомбоны цæрджыты дæр, ууыл. Уым бадгæйæ, рахаста уынаффæ æмæ ныздæхтис хъæумæ.

Петр Алексеевичæй а зæххыл ингæн дæр нал баззад. Кæмæй ма райстаид йæ маст Дзантемыр? «Ахуыргæндтæм, æвæццæгæн, ахæм фæлитой митæ æгад истæуыл нымад не сты! Иу лæджы хæдзары цæргæ кæн, иннæйы та уарзгæ! Дыууæйыл дæр æмрæстæг цинтæ кæн, рæвдау сæ!» – ахъуыды кодта лæг æмæ сæхимæ æрбалæууыд. Бахоста кæрты дуар. Дзурæгмæ сæргуыбырæй рацыд Залихан. Йæ уæлæ – сау къаба, къæхтыл – ног туфлитæ.

«Ацæттæ фæндагмæ! Ахæм цæстфæлдахæг никуы фесæфдзæн!» – ахъуыды кодта Дзантемыр æмæ уæлбæхæй сылгоймагыл ехсæй æрцыд.

– Ацы æгады хабар искæмæн загътай?! Дæу фæрсын?!

Залиханы дзыхæй иу уддзæф не ссыд. Лæууыд тарæрфыг æмæ сæргуыбырæй.

– Искæй хъустыл дæ ракæнд æрцыд, уый куы бамбарон, уæд дæ лыстæг скæрдæнтæ кæндзынæн! Нæ фехъуыстон-иу ма зæгъ. Дæ дзæгъæлзадимæ цæрдзыстут ацы кæрты. Хицау дæр уын ныронгау уыдзынæн мæхæдæг! Бамбæрстай мæ?! Дзантемыры фырты, зæгъ, хъомыл кæнын йæ фыды хæдзары. Нæй уый гæнæн, æмæ, мæ мыггаг тугкалæн хæстыты æмæ фæллойы быдырты рагфыдæлтæй абонмæ цы кады мæсыг самадтой Иры адæмы зæххыл, уый иу гадза йæ чъизи митæй сæгад кæна! Мæ уынаффæйæн мын аргъ не скодтай, дæ тарф фыны дæр исчи куы бамбара мæ фегады хабар, уый æрыхъуыстон, уæд дæ зæххы бынæй дæр скъахдзынæн! Мæхæдæг ацы æхсæв амардтæн, фæлæ уæлæуыл зындоны баззадтæн, цæмæй дæу хъахъхъæнон æмæ ма рох кæнай мæ абоны фæдзæхст! Фæлитой! – иу хатт ма йыл уæлбæхæй æруагъта ехс æмæ куырмæджы араст йæ гакъон-макъон фæндагыл.

* * *

Залихан дæр хъуыды кодта уыцы бон йæ рацарды ивгъуыд цаутыл. Арæхдæр уарзта амондджын бонты цаутæ æмæ дард лыгъдис йæ зæрдæйы рыст, йе стыр мастæй. О, фæлæ фыццаг рæстæг иудадзыг амондджын уыдысты лæгимæ. Ныр та рынчын йæхи цæттæ кодта фембæлдмæ. Нæ зыдта, Дзантемыр цы уынаффæ рахæсдзæнис, уый, тыхст йæ зæрдæ æмæ агуырдта йæ раздæры царды рухс нывтæ. Рухс хъуыдытæ та баст уыдысты æрмæст Дзентемыримæ рацарды азтимæ.

Андрей куыддæр къахыл ауад, афтæ фæрынчын фадынæгæй. Сывæллоны уыцы тыхстæй æрбаййæфта Дзантемыр.

– Дада! – бацин ыл кодта лæппу.

– Æз, мæ хъæбул зæххыл йæхи къæхтæй куыд цæуы, уый фенынмæ æрцыдтæн. Ды та дæхи хуыссæны уæлгоммæ ауагътай!..

– Мамæ! Мамæ! – цин кодта сывæллон æмæ амыдта йæ фыдмæ. Ома, дам, дада мæнмæ æрцыдис.

Залиханæн æхсызгон уыдис лæджы фæзынд. Фæныфсджындæр. Иунæгæй ахæм тыхст рынчынимæ куыд уыдаид, куыд æй бахъахъ- хъæдтаид тæссаг низæй? Дыууæйæ йæм хуыздæр зилдзысты, æмæ кæд тагъддæр адзæбæх уаид.

Искæмæн дæр сæ цот уæлдай кæм вæййынц, фæлæ æрæгмæ кæмæн фæзынынц, уыдон сыл тыхстдæр сты. Залиханыл та дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр цыдис уыцы рæстæг, баныгæдта цалдæр ноггуырды, æмæ мæнæ кæдæй-уæдæй сæ хæдзары сывæллон фыццаг къахдзæфтæ акодта, фыццаг ныхæстæ загъта.

– Цоты ад, цоты цин чи нæ бамбара, уыцы сылгоймаг амондæй æнæ хай у, – загъта уыцы бон Залихан, Андрейы сынтæджы уæлхъус лæугæйæ.

– Никуы æнхъæл уыдтæн, искæй дæуæй фылдæр бауарздзынæн, арæхдæр æй мысдзынæн…

– Дзанте, кæй бауарзтай? – афарста йæ худæнбылæй ус, кæд æй бамбæрста, уæддæр.

– Хъыг дын ма уæд, Зали, фæлæ уæ дыууæйæ иуы æвзаргæ куы æрцæуид, уæд, чи зоны, мæ гыццыл хуры тыны сисин мæ хъæбысмæ, – бахудт лæг æмæ сывæллоны систа сынтæгæй. – Абон та кусарт кæнын, арвы зæдтæм нæ сыхæгтимæ скувдзыстæм, æмæ нын фæсурой нæ хъæбулы низ.

«Радзурон ын мæ сагъæс? Зæгъон ын æцæгдзинад? Нæ, уæд та бафхæрдта сывæллоны! Бакувæд уал! Мæнæ куы адзæбæх уа, уæд!» – цал æмæ цалæм хатт сфæнд кодта лæгæн æцæгдзинад радзурын Залихан. Фæлæ тынг тарст сывæллонæн æмæ йæ зæгъинаг фæстæдæрæй-фæстæдæрмæ æргъæвта.

Æртæ боны фæцис уыцы рагуалдзæг сæхимæ Дзантемыр. Æртæ боны сывæллоны сæ хъæбысты фæрадав-бадав кодтой, ахæм тыхст уыдис сæ уарзон хъæбул. Скуывтой йын уæдæ Хуыцаумæ дæр. Цыппæрæм райсом фæкъаддæр йæ тæвд, æмæ æртæйæ дæр бахъæлдзæг сты.

– Дада, дай-дай! – бадомдта Андрей: кæртмæ ацæуын йæ зæрды уыдис.

– Мæнæ агъуысты къуымты тезгъо кæн, Андрей, – дзуры йæм фыд. – Зали, ацæттæ мæ кæн фæндагмæ. Ацы гыццыл дæр æй бамбæрста, мæнæн ныр цæуын афон кæй у, уый. Ныр æм мæ зæрдæ нал æхсайдзæн.

«Ацы хатт дæр та йын ницы загътон. Æппынфæстаг, уый мæ тæппудæн æвдисæн у! Фыццаг бон ын æй зæгъын хъуыд – афтæ æнæзæрдæхудтдæр уыдаид. Ныр та куы фенхъæл уа, æз фæлитой ми бакодтон, зæгъгæ, бауарзын ын кодтон кæйдæр сывæллоны, стæй… Нæ, æз ныртæккæ сраст кæндзынæн мæ рæдыд! Тынг бирæ мæ куы уарзы»…

– Мæ фыдæлты зæххыл азгъордта Дзантемыры фырт Андрей! – загъта лæг, сывæллон сынтæджы цурæй дуармæ куыд бахæццæ æмæ фæстæмæ фыдмæ куыд фездæхт, уымæ худгæйæ кæсгæйæ.

Залихан бауад йæ лæгмæ. Тарстхуызæй йæм скаст.

– Дзанте, Андрей…

– Зали, мауал ын тæрс! – æрбахъæбыс æй кодта лæг. Уæдмæ сывæллон дæр фыды хъæбысы балæууыд æмæ йын йæ рустыл авæрдта йæ къухтæ.

– Дада!

– Дзанте, мæ сагъæс…

– Ферох кæн дæ иннæ сагъæстæ, Зали! Кæс-ма, куыд хъæлдзæг у Андрей. Ды та фыр тæссæй афæлурс дæ.

– Раст дæ! Ницы ис ахсджиагдæр сывæллоны æнæниздзинадæй, – Зали йæхæдæг дæр фæтарст йæ раздæры фæндæй, арынджы цурмæ бауад. – Ныртæккæ æртæ чъирийы цæттæ уыдзысты.

– Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы.

Залихан та уыцы хатт дæр не схъæр кодта йæ сусæгдзинал лæгæн. «Зæгъ-ма ныр Дзантемырæн, йæхи удæй фылдæр цы сабийы бауарзта, уый йæ туг, йе стæг нæу, зæгъгæ! Нæ, тæригъæд у. Стæй куы аива Андрейыл йæ зæрдæ. Чи зоны, цытæ æмбæхст ис адæймаджы уды кæцыдæр талынг къуымы? Уæд та сдызæрдыг кодта адæмы цæсты сывæллоны, уæд куыд ацæудзæн царды зын фæндæгтыл дарддæр Андрей? Нæ, æз уыцы уæз не ‘руадздзынæн æнахъом сабийы уæхсчытыл дæр æмæ Дзантейыл дæр…»

– Дæумæ дзурын, Зали! – бацыд йæ размæ лæг.

– Цы?!– фæтарст ус.

– Исты дæ риссы, мыййаг? Мацы мæ басусæг кæн. Мæ зæрдæ дæм æхсайы, Зали. Дзырдтон дæм, байхъус-ма, Андрей куыд сыгъдæг сдзырдта, Дзыцца, зæгъгæ, æмæ мæ нæ фехъуыстай. Дзыцца дæ хон-дзæн амæй фæстæмæ. Æз æй мæхæдæг ацахуыр кодтон, Зали!

– Дзыцца! – фæзмыдта та йæ сывæллон…

– Æз сымахимæ разы дæн, – бахудт сæм Залихан.

* * *

Раст зæгъын хъæуы, Залихан ма сæ ахылы фæстæ иу хатт йæхи рарæвдз кодта æмæ ацыд хæхбæстæм. Батæригъæд кодта лæгæн.

Дзантемыр куыддæр дардæй йæ усы ауыдта, афтæ йе ‘мбалмæ фæдзырдта:

– Лæппу, тагъд мæ фыстæй иу уæрдоны баппар! Мæрдырох мыл куыд бахæцыд! Сывæллонæн кусарт снывонд кодтон æмæ мæ йæ нылла- сын ферох.

Тызмæг уыд Дзантемыры хъæлæс, стæй йæм Залихан куы ‘рбахæстæг ис, уæд æй иннæ фыййæуттæй куыд ничи фехъуса, афтæ сабыр хъæлæсæй загъта:

– Мæ фæдыл зилынвæнд кæд скодтай, уæд фæрæдыдтæ! Куыд никуыуал дæ фенон, афтæ бакæн! Бамбæрстай мæ ныр?! Ме ‘нæуынон дæ, уый нæ бамбæрстай?! Фесæф ныртæккæ мæ цурæй! Ма сыгом кæн дæ дзых, кæннод дæ мæнæ мæ ехсæй…

– Дзанте, курын дæ, байхъус…

– Дæ хъæлæс дæр æмæ мын дæ фырт дæр æнæуынон стут! Лæппу! – ахъæр кодта Дзантемыр æрыгон фыййаумæ. – Æххæст сылгоймаджы нæхимæ ныххæццæ кæн. Тагъд кæны! – стæй цæхгæр фæзылдис æмæ ацыд мусонгмæ.

Залихан ма уæддæр йæ зæрдæ дардта йемæ аныхасыл, йæ маст ын фæкъаддæр кæныныл, иумæ куынæ бацæрой, уæддæр лæг хъуамæ базыдтаид рæстдзинад. Фæлæ лæг иу мæйы дæргъы хъæуы фаллагфарс хæдзар алхæдта æмæ Анычкæйы ракуырдта. Абадгæ чызгæн дæр йæ фыд фыййау уыдис, æмæ сæм къæбæргæнæгæй куыста цалдæр азы. Дисгæнæгтæн та Дзантемыр дзуапп лæвæрдта, уый бирæ цот кæй хъæуы æмæ йæ раздæры бинойнагимæ уымæн кæй рахицæн.

Залихан уыцы бонты тынг фæтарст сывæллонæн. Дзантемыр йа маст Андрейæ куы иса, мыййаг, уæд дард искæдæм фæлидздзæн Ирыстонæй æмæ дзы бахъахъхъæндзæнис сабийы.

Дзантемыр дæр уæдæ дæргъвæтин рæстæг нал цыдис йæ раздæры хæдзармæ, фæлæ адæмæй исчи куы фæгуырысхо уа, Андрей йæхи хъæбул нæу, ууыл, зæгъгæ, ахъуыды кодта æмæ иу фæззыгон бон кæйдæр гыццыл чызджы нырвыста, лæппумæ мын бадзур, зæгъгæ. Тынг мысыд сывæллоны.

– Дада! Мæхи дада! – базыдта йæ сывæллон, разгъордта, фæкалд, фæгæпп кодта, æмæ «дада, дада» хъæргæнгæйæ, схæццæ йæ фыдмæ.

– Дада, кæм уыдтæ? Рынчын уыдтæ? – афарста йæ сывæллон.

– О.

– Цом Дзыццамæ! – загъта æмæ йæм сивæзта йæ цæнгтæ.

«Æз уыцы æнаккаджы тыххæй ныр сывæллонимæ уынджы æмбæлон? Сывæллон æнаххос зæдау фæзындис мæ царды æмæ мæм ныр ивазы йæ цæнгтæ цингæнгæйæ. Мæныл куы цин кæны», – ахъуыды кодта Дзантемыр, фелвæста йæ, ныхъхъæбыс кодтой кæрæдзийæн æмæ цæмæндæр скуыдтой: мысыдысты кæрæдзийы дæргъвæтин рæстæг.

– Дада, æз дæм æнхъæлмæ кастæн. Къуыбырмæ цыдтæн æмæ фæндагмæ кастæн. Рынчын уыдтæ? – бафарста та йæ сывæллон, гыццыл куы фæсабыр ис, уæд.

– Тынг рынчын.

– Дзыцца дæр тынг рынчын у. Риссы йæ сæр…

Дзантемыр æрхæцыд сывæллоны къухыл æмæ ныццыд йæ кæртмæ. Залихан кæрты дуармæ лæууыд æмæ каст сывæллонмæ. Куыддæр бамбæрстаид, лæг æй æфхæры, уый, уæд æм азгъордтаид. О, фæлæ Дзантемыры хæдзармæ цæугæ куы федта, уæд кæртмæ бацыд.

Лæг дæрддзæф æрлæууыд æмæ йæм дзуры:

– Лæппуимæ ацы хæдзары æмбæлдзыстæм. Хъуамæ мачи фенхъæла Дзантемыр йæ фырты нæ хæссы, зæгъгæ. Иннæ сывæллæтты æмхуызон дарæс кæн Андрейыл! Æлдары фырт нæу! Дари хæдон дæхæдæг дар, æмæ ма кæд искæй зæрдæмæ фæцæуис! – загъта йын схуыстæй Дзантемыр æмæ ацыд йæ ног хæдзармæ.

Дзантемыр уыцы бон бамбæрста, куыд зынаргъ у йæ зæрдæйæн саби. Уæдæй фæстæмæ никуыуал ацыд йæ дыккаг хæдзармæ, сывæллоны æнæ фенгæ. Æрмæст, раздæр куыд æнхъæл уыд, адæмы цæстмæ йæ бæрæг кæндзынæн, зæгъгæ, афтæ нæ рауад. Амонды рухс ын хаста Андрейы уынд. Лæппу йыл-иу афтæ ныццин кодта, афтæ æхсызгон ын-иу уыдис фыды фенд, æмæ фæлыгъд лæджы зæрдæйæ æнæуынондзинад…

Бирæ азтæ рацыд уыцы бонтыл, фæлæ Залихан æмæ Дзантемыр нал балымæн сты. Хæсты рæстæг ма Залиханы хæдзары æрцардысты, Анычкæйæ чи райгуырд Дзантемырæн, уыцы дыууæ сидзæр лæппуйы дæр. Бирæ фæллойæ искæмæн бахай кæнын æнцон у, фæлæ ма дæ чысыл къæбæр скъуын алы бон дæхи хъæбулы хъуырæй! Адæм æнхъæлдтой, ус Дзантемыры цæстмæ афтæ зæрдиагæй рæвдауы сывæллæтты, зæгъгæ. Нæ, Залихан тынг амондджын схуыдта йæхи, хæдзары уал сывæллоны базмæлгæ куы уыдта, уæд…

Дзантемыр Залиханы зонд æмæ хъаруйæн бирæ азты дæргъы стыр аргъ кæнын райдыдта. Фæзминаг се ‘мгæрттæн æртæ лæппуйы дæр. Андрей æмæ Зауырбегæй сæрыстыр уыдысты æрмæст Залихан æмæ Дзантемыр нæ, фæлæ ма мыггаг дæр. Ахуыры рæстæг дыууæ хистæры хастой сæ фыдмæ кады гæххæттытæ. Зауырбег æрыгонæй ссис зындгонд дохтыр, Андрей сæхи колхозы акуыста агрономæй, стæй та сæрдарæй. Цалдæр хатты йæм фæсидтысты министрадмæ, фæлæ цæмæндæр не сразы йæ куыст аивыныл. Солтанбегæй дæр æгад лæг ничи загътаид, фæлæ йæ бинойнагæй амонд нæ фæцис, æмæ æбæркад, æнæфснайд уыд кæддæриддæр сæ хæдзар, æнæзылд йæ цот дæр…

Дзантемыр зæронды бон бамбæрста, æрмæст йæхи нæ, фæлæ Залиханы зонд æмæ фæллойы фæрцы, афтæ кæмæ тындзыдта, уыцы кады мæсыг амад æрцыд. Ныр дзы дыууæ тугкалæн хæсты æмæ фæллойы хъайтар Дзантемыр кадджын хистæрæй æрбады се стыр зæронд фынджы сæргъы æмæ йæ кæстæртæй рухс кæны йæ зæрдæ.

Уыцы фæззыгон бон, машинæйы Андрейы фарсмæ бадгæйæ, ссардта йæ рацарды иу зæрдæхалæн хъуыды: «Æндæры бауарзта, мемæ та цæргæйæ баззад, æмæ мæ хатыр курдзæн! Нæ, Зали, æз нæ фехъусдзынæн гадзрахатæй мыл куыд рацыдтæ, уыцы хабар! Баддзынæн дæ уæлхъус, цæмæй худинаджы хъуыддаг мачи фехъуса мæ цотæй дæр дæ амæлыны сахатмæ!» – бакаст Андреймæ æмæ æрцыдис иу хатдзæгмæ: «Дæ фыд рухсаг уæд. Сæрыстыр дæ уыдаид уыцы къæрных!» – ахъуыды ма кодта тарæрфыгæй лæг.

* * *

Æрсабыр бæстæ, æмæ Залихан, йæ дæргъвæтин царды фæндæгтыл цы хæзнатæ æмæ марджы гагатæ ссардта, уыдоны æвджид баззад. Ус æрлæууыд йæ царды фæндаджы кæрон. Йæ рахиз фарс стырдæр хæзнатимæ уыдысты, Дзæнтемыримæ цы азтæ рацардис, уыдон. Сæ сызгъæрин æфсиртыл хуры тынтæ хъазыдысты: æнæкæрон уарзтæй куы уарзтой сæ кæрæдзи. Фæстæдæр ма йæ циныл бафтыдысты се ‘ртæ фырты, мады сомыгæнæн Андрей сæ сæргъы, афæтæй. Лæппуты уындæй сылгоймаджы зæрдæ цин кодта, æмæ дзы дардмæ лыгъдысты йæ маст хъуыдытæ. Йæ ахуыргæнинæгтæй дæр бирæтæй сæрыстыр уыдис Залихан.

Йæ галиуварс лæууыд стыр сау æндæрг æмæ йæ уазал комулæфтæй рынчыны буар барызт. Ус ахгæдта йæ цæстытæ, афынæй та.

– Абон мæм дæ чъылдым нал раздахдзынæ, Залихан! Æз, ды Дзантемыримæ цы бон фæхыл стут, уый æвдисæн дæн. Хиуарзон æмæ æнæхатыр разындтæ, уыййеддæмæ уал æмæ уал азы фæстæ та ныр нæ лæууин дæ уæлхъус, – дзуры йæм фæсус хъæлæсæй æндæрг.

– Лæг чи амары, уымæн дæр ма фæстаг ныхасы бар куы раттынц! Дзанте та мын уыцы аргъ дæр не скодта! Хорз лæг йæ куыдзы дæр ехсæй нæ фæнæмдзæн. Æз та йæ бинойнаг куы уыдтæн, – не сразы йе ‘фхæрæджы хъуыдытимæ Залихан.

– Хатыр курдзынæ дæ лæгæй? Æви йын æфхæрæн ныхæсты кæфой æрцæттæ кодтай? Æз ын уал азы дæргъы дзурын йæ хъусы, дæ ус дыл гадзрахатæй рацыд, зæгъгæ.

– Тынг дзы тæрсын ныр дæр ма, баууæнд мыл. Тызмæг æмæ æгъатыр у рагæй дæр Дзантемыр, æмæ тарстæн, йæ масты уаргъ Андрейыл куы æрцæуа, уымæй! Тæрсын дзы мæнæ ныр дæр, фæлæ зæрдиаг уарзт кæнынц кæрæдзи, æмæ мæ зæрдæ дарын… Иблисы байзæддаг! Ды никæй уарзыс. Æз Дзантейæ иунæг рæвдауæн ныхас куы фехъусон, куы мæм бахудид, куы фехъуса мæ курдиат, уæд æрбайрох кæндзынæн мæ мæстытæ, семæ ма дæу дæр! Æз дæ цæргæцæрæнбон мæхицæй дард сырдтон, уымæн æмæ сыгъдис мæ зæрдæйы уарзондзинады рухс…

Дуары гуыпп фæцыд уыцы рæстæг, æмæ рынчынæн фескъуыд йæ хъуыдыты хал, байгом кодта йæ цæстытæ.

– Мæхæдæг та мæхицæн ныхæстæ кодтон, чындз, – загъта æрбацæуæгæн ус.

– Дзыцца, абонсарæй æххормаг дæ, – загъта Зауырбеджы бинойнаг Зариффæ æмæ æрбадт æфсины цур бандоныл. Хæринæгтæ æрæвæрдта гыццыл стъолыл. Æфсин куы æррынчын, уæд Зауырбег йе ‘ртæ сывæллоны æмæ сæ мадимæ хъæуæй цыдысты кусынмæ дæр. Сывæллæтты кæстæр Сæрмæт скъоламæ нæма цыд æмæ цард хъæуы йæ Дзыццаимæ цалдæр азы.

–Дзыцца, мамæйы нæ уагътон дæ уатмæ, фæлæ, дам, хæринаг хæссын æрмæст! Йæхæдæг сбадтис! – алæууыд дуаргæрон лæппу.

– Фæлтау иннæтимæ дæхи найынмæ куы ацыдаис, уæд хуыздæр уыдаид, – дзуры йæм мад.

– Æз Дзыццайы хъахъхъæнын!

– Мæхæдæг æй нæ ауагътон, чындз. Дысон йæхи уарынмæ ныххуылыдз кодта, æмæ, куы суазал уа доны был, уымæй йын тæрсын, стæй мæ, зæгъын, абон куыд ничи бахъыгдара, афтæ бакæн, æмæ афынæй кæнон, – рахæцыд лæппуйы фарс Залихан.

– Дзыцца, рæвдз ахæр æмæ та дæ фæллад уадз. Æз дæм никæйуал æрбауадздзынæн. Кæрчыты дæр уынгмæ атардтон. Уыцы сырх уасæг æппынæдзух æнæхъуаджы уаст кæны! Барбосы та цæхæрадоны бæласыл бабастон! – æппæлыд йæхицæй сывæллон.

– Стыр бузныг дæ дæн, мæ къона! Уæлдай сабыр у абон нæ кæрт, æмæ гыццыл афынæй кодтон, – загъта йын рынчын.

– Мæ чысыл къона, цу, стъолыл дын дзыккайы къус, æмæ бахæр. Ды куыстыл хæст дæ æмæ хъуамæ æфсæст уай, – загъта йын йæ мад, æмæ лæппу ацыд.

Залихан анызта туаг æхсырæй, цалдæр уидыджы систа дзыккайæ дæр. Ус Зауырбегæн бафæдзæхста, кусарт акæн дæ фыды ‘рцыдмæ, зæгъгæ, æмæ ныр дымгæ гыццыл цæхæрадонæй хаста физонджыты тæф.

– Уæ хыссæ срæвдз? Бинонтæ тагъд æрбамбырд уыдзысты, – бамбарын кодта Зариффæйæн æфсин.

– Дзыцца, тынг архайæм нæ дыууæ дæр. Катя кæны хыссæйы куыст, æмæ ныртæккæ райдайдзыстæм чъиритæ фыцын. Иннæтæ нын цæттæ сты. Ды иунæгæй утæппæт бинонтыл куыд æххæсыдтæ, Дзыцца? Ноджы ма-иу сывæллæттæй иуы дæр рæвдауæндонмæ нæ акодтам гыццылæй! – худгæйæ дзырдта чындз.

Залихан æм худæнбылæй хъуыста, стæй йæ афарста:

– Сывæллæттæн фехъусын кодтат, абон сæ дада кæй æрцæудзæн, уый?

– Тагъд сæ ардæм хъæуы скъоладзауæй, студентæй. Уыдон сæ дадаимæ фембæлдтæ стыр бæрæгбоныл куы нымайынц. Зауырбег æй хъуамæ мауал ауадза йæ куыстмæ. Рынчындоны, дам, нæ, фæлæ йæ мæнæ йæ хæдзары дзæбæх кæндзæн йæхæдæг, стæй йæ санаторимæ арвитдзыстæм. Йæ низ ыл бынтон стых ис…

– Бафæллад, мæгуырæг, – фæтæригъæд ын кодта Залихан.

Зариффæ кæмæдæр фæдзырдта гом рудзынгæй, æмæ уатмæ, йæ хæдоны цæнгтæ хæрдмæ тылд, афтæмæй æрбацыд Зауырбег. Рынчын æм дæргъвæтин рæстæг æнæдзургæйæ каст. Æрыгонæй уыдис Дзантемыры æнгæс.

– Дæ фыдæн дæ кары сау рихитæ уыдис, æндæр тынг дæ йе ‘нгæс, – загъта ус.

–Ислам дæр афтæ фæзæгъы, стæй кæддæриддæр бафтауы: «æрмæст ды ахæм фыдзонд ма у», зæгъгæ,– Зауырбег афæзмыдта фыдыфсымæры.

– Дзыццайы ма уæртæ диваныл æрхуыссын кæн, æз ын йæ хуыссæндарæс аивон, – загъта йын Зариффæ.

– Хæрз æрæджы сæ куы аивтат, – бадис кодта рынчын.

– Мæнæ сыл Таму йæ къухты фæдтæ ныууагъта, стæй де ‘ртæ чындзыл ауæрдыс? Уадз æмæ дæ дада аив дарæсы æрбаййафа.

Уатмæ бацыдис Солтанбег, систа йæ хъæбысмæ Залиханы æмæ йæ кæртмæ ахаста.

– Хурмæ абад, Дзыцца. Хъуыды ма кæныс, мæ астæуыстæг куы ныццавтон, уыцы сæрд?

– Куыннæ, Солтанбег. Тынг дын фæтарстæн, раст зæгъын хъæуы. Дохтыртæ сæхæдæг дæр бæлвырд нæ зыдтой, слæудзынæ ма дæ къæхтыл искуы æви нæ, уый. Æз æууæндыдтæн, куывтон Хуыцаумæ, табу Йæхицæн, адзæбæх дæ.

– Хурмæ мæ-иу кæй рахæссын кодтай, уый цинæй адзæбæх дæн, æвæццæгæн. Дыууæ мæйы палатæйы къуымæй сæрдыгон хурмæ куы райдыдтон цæуын, уæд-иу барухс мæ зæрдæ.

Залихан къæлæтджын бандоны абадтис цыбыр рæстæг æмæ батыхст: нал уыд йæ хъару бадын. Зариффæ рудзынгæй радзырдта, йæ хуыссæн цæттæ у, зæгъгæ, æмæ лæппу рынчыны йæ сынтæджы арæхсгæ æрæвæрдта. Чындз ма йыл ног батист хæдон акодта, стæй, æрæджы кæй балхæдта, уыцы кофтæ дæр.

– Уæ дæ цæрæнбон бирæ æрбауа! Ныр цу æмæ Катямæ фæкæс…

* * *

Залиханы зæрдыл æрбалæууыд, Дзантемыримæ цы сæрдыгон бон базонгæ, уый. Уæд сæ цыппар æрыгон чызгæй рвыстой Рахизфарсы районмæ ахуыргæнджытæй. Бацин сыл кодта районы ахуыры хайады сæргълæууæг, æркæстытæ сын кодта сæ гæххæттытæм:

– Залихан уæ кæцы у?

Чызг фестад бандонæй.

– Сбад. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ ахуыр чи фæуы, уыдонæй махмæ ничи æрхауы, – бахудт æм лæг æмæ тилифонæй адзырдта хъæуты хицæуттæм. Фæзындысты сæ ахуыргæнджытæм æртæ хъæуæй.

«Мæнмæ дзы ничи фæзынд æрмæст», – ахъуыды кодта чызг, иунæгæй куы баззад, уæд. Тынг æй фæндыд, цæмæй фæцæуа скъолайы иннæ ахуыргæнджыты зæрдæмæ. Скодта йæ уæлæ аив дарæс. Раст ма йæ сау пух дзыккутæ дæр йæ сæрыл стыхта æмæ сыл сырх хъæдабæйæ конд дидинджыты пуцал æрсагъта. Йæ тæнæг дари къабайыл дæр уæдæ уыцы дидинджытæй иу пуцал ауыгъд. Йæ къухы – зæронд зонт. Чызджы урсцъар цæсгомыл дзæбæх фидыдтой худæндзаст сау цæстытæ. Мæнæ-мæнæ рæсугъд зæгъæн нæ уыд Залиханæй, фæлæ уæддæр ахæм чызджы фæстæ æнæ дыккаг каст фæкæнгæ нæ баззадаид иу лæппу дæр.

Уалынджы Дзантемыр фæзынд йæ сау зæронд бæхыл.

«Иннæтæм бричкæты æрбацыдысты, амæ та адæмымыггаг бæх дæр нæ разынд!» – ахъуыды кодта чызг, æрбацæуæджы галифейы æмпъызт уæрджытæм бакæсгæйæ.

– Чызг дæумæ æнхъæлмæ кæсы, – райста уазæджы къух фысым.

– Чызг-ахуыргæнæг?! – алхынцъ кодта йæ фæтæн æрфгуытæ уазæг æмæ былысчъилæй бакаст Залиханмæ.

– Дзантемыр! Цыппар дæр чызджытæ уыдысты. Сæ хуыздæры дын куы равзæрстон.

– Мах ахуыргæнæг хъæуы, Мæхæмæт! Нæ чысыл сабитæ иу писыры æвджид сты. Ныр та сæм мæнæ ацы уæларвон зæд æртæхдзæн?!

– Мæ амал куыд уа, афтæ дын æххуыс кæндзынæн, Дзантемыр, ныр та мæ хъаст ма ахæсс. Залихан йæ ном. Стыр ахуыргонд кадджын лæджы чызг…

– Хъæздгуытæй?!

– Дзантемыр, мæгуыртæм нæма ис, ахуыргæнджытæй чи куса, ахæм чызджытæ. Уый бамбар.

Лæппу фелвæста Залиханы чумæдан æмæ дуарæдде фæцис.

Залихан барæджы фæдыл згъорæгау кодта, афтæмæй ахæццæ сты, дыууæ хъæуы астæу цы хурсыгъд быдыр уыдис, уырдæм. Чызг арæхсгæ бæргæ цыд, фæлæ йæ урс туфлитæ рыгæй нал зындысты. Быдырæн йæ бæрæгастæумæ куы ныххæццæ сты, уæд Дзантемыр бæх æрурæдта æмæ къахвæндагыл цæхгæрмæ æрлæууыд. Залихан дæр йæ цыд фæсабыр кодта, стæй дæрддзæф лæууыд. Чызг куыд бамбæрста, афтæмæй йын Дзантемыры тызмæг цæстæнгас сабыр ныхæстæй зæрдæ не ‘вæрдта æмæ, йæ къухы цы зонт дардта, уый йæ фæстæ амбæхста.

– Дæ къухы цы хъазæн ис, уый абонæй фæстæмæ дард бамбæхс!

– Мæ бартæ мæхи нал сты абонæй фæстæмæ? – бафарста йæ чызг.

– Уæ бартæ уын райстам, уый нæма бамбæрстат?! Ничи йæм кæсы! Ма бауадз нæ хъæуы фæсивæды сæ тыхтухи цард ферох кæнын. Пæрпæргæнгæ дари къабайы æрлæуу бæгънæг-бæгъæввад сывæллæтты раз! Уайтагъд дæ базондзысты нæ хъæуы адæм. Дæу хуызæн хъалтæ цыдысты нæ уынгты зонтытимæ.

Залиханы цæсгом ныссырх фыр æфсæрмæй. Лæппуйы цыма йæ фæлыстæй сайгæ акодта, афтæ йæм фæкаст. Йæ цъæхбын дари къаба æмæ урс туфлитæ, цалдæр азы тыхкуыст кæмæ фæкодта, уыцы хæстæджыты лæвар уыдысты. Куысты мыздæн ын радтой зæронд зонт дæр уæдæ.

– Дæ зæрдыл бадар æрмæст: кæнæ немæ æмцард, æмкуыст кæн- дзынæ, кæнæ дæ фæстæмæ афæндараст кæндзыстæм. Цæрæнбонты сæ туг кæмæн фæцъырдтат, уыдоны цот сты дæ ахуыргæнинæгтæ. Сæ иу дæр дæуæй æгуыдзæгдæр нæу. Дæу ахуыр куы кодтой, стæй хурæй дæ урс цæсгом куы хъахъхъæдтай, уæд нæ хъæуы чызджытæ та ног цардыл тох кодтой тыгъд быдырты сæрдæй, зымæгæй. Рацарæзта мын йæхи! Тæккæ райсом бамбæхс дæ зонт дæр æмæ дæ даритæ дæр мæнæ дæ чумæданы. Æндæр гæнæн уын нал ис, æмæ ныр мах цоты ахуыр кæндзыстут, – загъта ма лæппу æмæ ацыд йæ фæндагыл.

Залиханмæ диссаг нæ фæкастысты лæппуйы ныхæстæ. Йæхицæн дæр æнæуынон уыдысты, Дзантемыр хъалтæ кæй хуыдта, уыдон. Йæ гыццылæй стырмæ тыхкуыст кæй фæкодта гуыбыныдзагыл, уымæй афтæ не стыхстаид, чи зоны. Залиханæн зын уыдис, æппынæдзух æй æгады бынаты кæй æвæрдтой, адæймагыл æй кæй нæ нымадтой, уый. Æнæ ныййарджытæй куы баззадысты йе ‘фсымæримæ, уæд цалдæр азы цардысты сæ фыдыфсымæры хæдзары. Йæ усы зæрдæмæ исты куы нæ фæцæуа, уæд Залиханы уадулæн – дзæхст. Сæ чызг куы æрбамæсты уа, уæд та Залиханæн бирæ æфхæрæн ныхæстæ: «Куыдзы къæбылаты мард сыдæй ныккодтаиккат де ‘фсымæримæ, мах уын куынæ уыдаиккам, уæд! Ноджы ма йыл хъæртæ дæр ма кæн! Бузныг нын нæ зæгъдзæн! Зон дæ куыдзы бынат æмæ нын нæ уазджытæм дæхи ма æвдис!..»

«Æнаккаг сæ митæ, чъизи сæ цæсгæмттæ, афтæмæй сæхи уæздæттыл нымадтой», – ахъуыды кодта чызг æмæ фæлмæн йæ мидбылты бахудт, Дзантемыры фæсонтæм скæсгæйæ.

Залиханæн йæ гуцъа дзаг уыд уыцы хъалты æфхæрæн митæй, фæлæ никуы фыдыфсымæры бинонтæй искæмæ фæстæмæ сдзырдта, никуы æгоммæгæс ми бакодта. Йæ кæстæр æфсымæр Астемыр та хæстæджыты сæнты дуканийы куыста. Сæ мад æй, мæрдтæм цæугæйæ, Залиханыл фæ- дзæхста: «Æнцон дын нæ уыдзæн, фæлæ цыфæнды зынтæн дæр фæраз æмæ хъахъхъæн де ‘фсымæры. Араз æй раст фæндагыл». Æмæ чызг фæрæзта зынтæн, амардис цыдæр низæй йе фсымæр æмæ бынтон иунæгæй баззадис.…

Дзантемыр та йæ бæх хъæугæрон фæурæдта, раздæхт Залиханмæ:

– Ацæрдзынæ уал мæ фыдыхомæ. Сымах ын амардтат йæ лæг æмæ йæ дыууæ фырты. Байхъус ын ныр йæ хъарджытæм æмæ кæд бамбарис, цы у адæймаджы царды зынаргъдæр: хъæбул æви исбон. Уæдмæ дын хуыздæр бынат ссардзыстæм.

«Йæ фыдыхо дæр кæд ахæм фыдзонд у, уæд кæрæдзи никуы бамбардзыстæм!» – бакатай кодта Залихан.

Самандурæй амад, бирæ рæстæг æнæзылд, æнæчъырæйцагъд чи баййæфта, ахæм бæстыхæйттæ уыдис саударæг ус Гонайæн.

– Дзантемыр, мæ цæсты рухс! – бацин ыл кодта зæронд ус. Уазæгæн та йæ къух райста. – Кæй чызг дæ, мæ къона?

– Мырзаты Изæтбеджы чызг. Мæ ном Залихан.

– Ацы чызджы нæм ахуыргæнæгæй æрæрвыстой, нана! Цалынмæ йын хуыздæр бынат ссарæм, уæдмæ дæумæ куы ацæрид. Цы зæгъыс?

– Нæ зонын, Дзантемыр, – бакатай кодта ус æмæ бакаст чызгмæ.

– Нана, йæ уындмæ йын ма кæс. Фæндагыл ын дæ царды хабæрттæ фæкодтон, æмæ мын йæ дзуæппытæй мæ зæрдæ тынг барухс кодта. Уыцы цардæфхæрд ус, дам, цæмæй цæры, уый мæнæн дæр æгъгъæд. Афтæ нæ баныхас кодтам, Залихан? – афарста Дзантемыр чызджы æмæ та фæзылд Гонамæ. – Диссаджы уæздан чызг разынд. Ахуыргонд, уындæй дæр ын ницы у.

– Куынæ мыл барвæсса, уымæй тæрсын, Дзанте, – батыхст ус.

– Дæхæдæг ын-иу истытæ ацамон. Горæтаг чызг кæрдзынæн бал бæласыл зайын æнхъæл куы уа, мыййаг, – загъта ма лæппу æмæ дуары ‘рдæм фæзылд.

– Кæдæм? Дæ дзыхы исты акæн! Хъæбынтæ куы скодтон де ‘рбацыдмæ.

– Нæ мæ ‘вдæлы, нана. Абонæй фæстæмæ мæхи хæдзары кæндзынæн æхсæвиуат дæр. Ныр иунæг нал уыдзынæ, – загъта æмæ ацыд.

– Мæгуырæг, æппындæр йæхи хуызæн нал у. Адæм зын домæн сты, – батæригъæд ын кодта ус.

Уазæг æмæ фысым бирæ рæстæг фæбадтысты сарайы. Гона йын дзырдта йæ царды хабæрттæ, цыма дзы хатыртæ куырдта йæ æгуыдзæг цæрæнбынæтты уавæрæй.

– Ма ку, нана, – æрбахъæбыс æй кодта чызг. – Цы ‘рцыд, уымæн ма нæ бон цы бауыдзæн, нæ кæстæртæ махæй амондджындæр рауайæнт…

Къуырийы бонмæ зæронд Гонайы хæдзар цæхæртæ скалдта. Залихан чъырæй рацагъта, байсæрста æлыгæй зæхбынтæ, ныхсадта гæрстæ æмæ бафснайдта æппæт къуымтæ дæр.

– Уæ мæ зæронд уд дæ фæхъхъау фæуа, уæ дæ рынтæ бахæрон! – куы кæугæйæ, куы мидбылты худгæйæ, Гона арфæтæ кодта.

Фæлмæн, рæвдауæн ныхæстыл йæ чысылæй фæстæмæ чи нæ сахуыр, уый йын аргъ кæнын хуыздæр зоны. Уæдæ Гонайы кæрты фæзынд, йæ рыст зæрдæ кæмæй рухс кодта, ахæм адæймаг, æмæ ус йæхиуыл фæхæцыд. Нал хъуысти изæрыгæтты йæ кæртæй зæрдæхалæн хъарæг, нал æй æвдæлд бон-изæрмæ уæлмæрдты æртæ цыртыл зилынмæ дæр.

– Мæ чызг ныртæккæ йæ куыстæй æрбацæудзæн, æмæ йын хæринаг ацæттæ кæнон, – арæх хъуыстой усæй сыхæгтæ æмæ цин кодтой.

Иу къæвда бон сæм Дзантемыр фæзынд. Æнæдзургæйæ æрзылд уæттыл, чызгмæ мидбылты бахудт. Цыма йын арфæ ракодта йæ фæллæйттæн, афтæ фæкаст Залиханмæ.

– Дзанте, фехъуыстон, нæ цæуы дæ зæрдæмæ дæ куыст? Уый æцæг у? – афарста йæ ус. – Ислам мын дзырдта тынг мæтæйдзагæй.

– Æцæг, – цыбыр дзуапп ын радта лæппу.

– Уæууа! Кæдæй-уæдæй нæ иу адæймаг хицауы бынат æрцахста…

– Нана, нæ фæразын хъæуы цæрын. Тыхсын мæхицæй дæр æмæ адæмы æдылы митæй дæр. Лæг хъуамæ, цы куыст хуыздæр зоны, уым æвзара йæ тых! Ууыл ма мах аныхас кæндзыстæм. Æз дæуæн зæрдæ бавæрдтон, уæртæ уыцы чызгæн æндæр бынат ссардзынæн, зæгъгæ, æмæ уымæн æрбауадтæн.

– М‘ арт бауазал! Йæхи бафæндыд æндæр искæмæ ацæуын цæрынмæ?

– Нæ, нана, мæн никæдæм фæнды. Кæд мæ дæхæдæг нæ тыхсыс, уæд, –

дзуапмæ фæрæвдз Залихан йæхæдæг.

– Уæ, дæ рынтæ бахæрон. Мауал мæ ныууадз иунæгæй, – скуыдта ус.

Дзантемыр чызджы ‘рдæм кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй араст дуармæ.

– Фыййау та ма ацу? – адзырдта йæ фæдыл Гона.

– Мæйы кæрон! Ам нæ фæразын. Хæхтæ, быдыртæ сты мæ зæрдæмæ хæстæг… Мæ куысты фæллой дæм хæццæ кæндзынæн, тагъд дыл сугты уæрдæттæ æмбæлдзысты æмæ се ‘рсæттынмæ æз мæхæдæг дæр зындзынæн.

– Ахъуыды-ма кæн дæ уынаффæйыл, Дзанте. Кæд дарддæр сахуыр кæнис æмæ…

– Æмæ мæ скъолайы директор кæд рауаид, зæгъгæ, зæгъынмæ хъавыс? Нæ, нана, æз фыййау дæн! Фыййау!

– Дæ фыд дæ фыдзонд дæр дзæгъæлы нæ хуыдта, – мидбылты худгæйæ йын загъта ус.

– Йæхи халдих дæр ма мæ хуыдта.

Лæппу ацыд.

– Дæ зæрдæ йыл ма фæхудæд, Залихан, – загъта чызгæн Гона. – Йæ фыд дæр фыййау уыдис, æмæ, лæппутыл æвдгай азтæ куы сæххæст, уæд амард сæ мад. Сывæллæттæ скъолайы куы ахуыр кодтой, уæд махмæ цардысты, фæлæ, цыппар къласы куы фесты, уæдæй фæстæмæ сæ фыдимæ хъомыл кодтой хæхбæсты. Йæ хистæр æфсымæр Ислам ныр сæ ныййарджыты хæдзары цæры æд бинонтæ æмæ колхозы кусы йæхицæн. Дзантемыр æрæджы райдыдта хъæуыхицауæй кусын, балхæдта йæхицæн цæрæнбынат, фæлæ ус курынмæ нæ тагъд кæны…

Залиханæн æхсызгон уыд хабар. Тынг фæцыд йæ зæрдæмæ лæппу. «Бахудт мæм йæ мидбылты. Зæрдæмæдзæугæ – йæ бакаст, йæхæдæг та, дам, тызмæг æмæ фыдзонд» – ахъуыды кодта чызг.

Дыууæ азы цардис Залихан Гонамæ. Дзантемыр сæм арæх нæ цыд, фæлæ сæ ницы хъуаг уагъта æппындæр. Сугтæ искæимæ æрæрвыстаид, фæлæ сæм сæттынмæ цыд йæхæдæг, æрхæццæ кодтаид цыхтæй, царвæй æппæтдæр æмæ иуахæмы бафарста:

– Чызг дæ нæ тыхсын кæны?

– Цытæ дзурыс, Дзанте?..

– Фæрсын дæ, нана.

– Дæхиуыл цæстытæ нæй? Арвы зæдтæй иу куы у мæ чызг! Иунæг Хуыцауы лæвар. Зонды къуыбылой.

– Æз дæуæй куы уаин, уæд ын йæ къам къулыл сауындзин æмæ, куыстмæ куы ацæуы, уæд æм кæсин, – худгæйæ ма загъта Дзантемыр уыцы бон æмæ чызгмæ кæсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй ацыд кæртмæ, абадт йæ бæхыл æмæ феддæдуар.

Нал каст уæдæ тызмæгæй чызгмæ дæр, фæлæ не ‘ргом кодта йæ уарзондзинад. Чызджы зæрдæ йæ æмбæрста æнæ дзургæйæ дæр. Хъæуы фæсивæд фæстаг рæстæг сæ минæвæрттæ æрвыстой, фæлæ сæ разыйы дзуапп никæмæн лæвæрдта. «Мæхи удæй фылдæр кæй бауарзтон, æрмæст уыимæ баиу кæндзынæн мæ цард», – скарста Залихан æмæ йæ бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæсын нал бахъуыд.

Уыцы рæстæг адæм цыдæр хъæлдзæг уыдысты. Бынтон та сæрдыгон изæрты алы сыхæй дæр хъуысыд фæндыры цагъд, зарын. Хъазтмæ æмбырд кодтой æрмæст фæсивæд нæ, фæлæ ма ацæргæ адæм дæр – куысты фæстæ кафын æмæ зарынæй не ‘фсæстысты.

Иу мæйрухс изæр та Гона ракодта Залиханы сæ сыхы хъазтмæ. Сыхбæстæ кæддæриддæр уæлдай цин кодтой сæ ахуыргæнæгыл. Сыстадысты йын уыцы изæр дæр сæ бынæттæй зæрондæй, ногæй. Гона сын арфæ ракодта æмæ хъуамæ сæхимæ ацыдаид: саударæг усæн йæ зæрдæ нæ иста циндзинад, фæлæ ауыдта Дзантемыры, салам радтой сæ кæрæдзийæн.

– Кæдæй-уæдæй дæ фæсивæды ‘хсæн уынын! – бацин ыл кодта фыдыхо.

– Дæумæ цыдтæн, нана, фæлæ мæ æгъдау æрцахста…

– Æз цæуон æмæ дын исты дзæбæх хæринаг акæнон. Ды та-иу хъазты фæстæ Залиханы хæдзарыл сæмбæлын кæн.

– Аскъæфынæй йын тæссаг у, мыййаг? – афарста лæппу æмæ бакаст чызгмæ.

– Дзанте, кæс-ма нæ сыхмæ, цас лæппу фæсивæд æрæмбырд! Уыдонмæ цы зонд ис, уый ничи зоны.

– Уымæй раст дæ, нана. Æз дын дæ чызджы нæ бауадздзынæн æфхæрын, – худгæйæ загъта лæппу.

– Дзантемырæн иу кафт! – алæууыд йæ уæлхъус чъегъре.

Залихан чызджыты æхсæн лæууыд. «Уыцы фыдзонд кафын зона?» – ахъуыды кодта æмæ каст Дзантемырмæ. Лæппу цæргæсы базыртау йæ дыууæ цонджы хæрдмæ фелвæста æмæ йæ цыма дымгæ ахаста мæйрухс æхсæвы цъæх кæрдæгыл, уыйау кафгæ иу зылд æркодта æмæ æрлæууыд Залиханы цур. Адæм лæугæйæ æмдзæгъд кодтой сæ кадджын ахуыргæнæг æмæ Дзантемырæн.

Хъазты фæстæ Дзантемыр ацыд чызгимæ. Фæндагыл дзы хатыр ракуырдта, кæддæр æй æнæхъуаджы кæй бафхæрдта, уый тыххæй. Мидæмæ нал бацыд, æнафон у, зæгъгæ.

Дзантемыр дыккаг изæр фæзынд Гонамæ.

– Нана, агуырдтай, дам, мæ…

– Ныртæккæ нæм Мелыкаты хистæртæй иу æрбацæудзæн æмæ уæртæ уасджытæн се стырдæр куы аргæвдис.

– Цы йæ хъæуы дæуæй?

– Мæнæ Залиханы сæ афицерæн курынвæнд скодтой, æмæ, дам, нын чызг бар дæтты йæ фыдыфсымæры хæдзармæ нæ минæвæрттæ арвитынмæ, уый сæ бафæрсын фæнды.

– Æгæр сын нæ уыдзæн, нана? Чызджыты хуыздæр æмæ уасджыты стырдæрæй уæд та сæ гуыбынтæ фæрыстысты?! Залихан сын йæхæдæг радта бар?

– Нæ, фæрсынмæ йæм æрбацæудзысты, зæгъгæ дын куы зæгъын.

Залиханæн фысымтæ цæхæрадоны æнхъæл уыдысты, чызг та, уазæджы хъæлæс куы айхъуыста, уæд сусæгæй уатмæ бацыд, иту æвæрыныл схæцыд æмæ, Дзантемыр цы зæгъдзæн, уымæ æнхъæлмæ каст.

– Иу та дæ зæрдæмæ нæ цæуы нæ фæсивæдæй! Уæд та йын дæхæдæг равзарис лæппу, – бахъуыр-хъуыр кодта зæронд Гона. Ус цал æмæ цал хатты дзырдта Дзантемырæн, ракур зæды хуызæн сæрæн æмæ кадджын чызджы, зæгъгæ. Лæппу нæ каст йæ коммæ, æмæ Залиханыл та азтæ цыдысты.

– Залихан мæ коммæ бакæсдзæн?

– Бакæсдзæн, мæ мард фен.

– Лæппу йын æз ссардтон, нана. Цæмæ ма у нæ каст?

– Ссардтай?! Дæхæдæг куырм дæ?! Дзанте, фыдзонд дæ, фæлæ мæм æдылы нæ кæсыс! – смæсты йæм ис фыдыхо.

Залихан лæппуйы ныхæстæ куы айхъуыста, уæд йæ зæрдæйы гуыпп- гуыпп ссыд æмæ сæ размæ рацыд уатæй. «Нæ мæ бауарзта! Мæхи дзы сайдтон, фæлæ, цымæ, цы зæгъид?» – ахъуыды кодта æмæ сæргуыбырæй каст пъолмæ.

– Зали, минæвар дæн! – загъта Дзантемыр, мидбылты худгæйæ.

– Кæмæй? – саст хъæлæсæй йæ афарста чызг.

– Мæнæ мæхицæй! Комыс мын?

– Дæхицæй? – бахудт æм Залихан.

– Мæхицæй. Разыйы дзуапп мын дæттыс? Барвитон мæ минæвæрттæ?..

– О! – зæгъгæ бацин кæдта æмæ фыр æфсæрмæй алыгъд йæ уатмæ.

– Уæ, уæ рынтæ бахæрон! Минæвæрттæ тæккæ райсом арвитæм…

* * *

Уыд сæ чындзæхсæв, æмæ, цалынмæ Гона нæ амард, уæдмæ уый дæр Дзантемыры хæдзары цардис æмæ-иу дыууæ сылгоймагæй æнхъæлмæ кастысты сæ уарзон бинойнагмæ…

– Дзыцца, нæма райхъал дæ? – айхъуыста Залихан сывæллоны хъæлæс.

– Мæлæты амондджын фын уыдтон, мæ къона, æмæ мæ ды райхъал кодтай.

– Фарикка æмæ нæм Госа æрбацыдысты æмæ сæ Зариффæ ног хæдзармæ бакодта. Дзыцца, дам, фынæй кæны.

– Уый дæ уадул кæм ныццавтай? – батыхст рынчын.

Таму ныххудт æмæ фыдымадæн адзырдта, сæ ногзад родыл бæхбатт скæнынмæ куыд хъавыд, æмæ йæ уый кæй сцавта.

– Ныр дадайы бæхыл абад! Машинæйæ, дам, æрбацæудзæн ацы хатт, æмæ Зауырбегитæ дзидза фыцынц.

– Иннæ сæрд та йæм ацæудзынæ, мæ хъæбул. Ныр та дæ дæ мад уыцы æнамонд низæй сдзæбæх кæна.

Уатмæ бацыд Зауырбег. Таму фыдыфсымæры къухы судзин куы ауыдта, уæд уайтагъд феддæдуар.

– Укол скæнæм, Дзыцца.

– Нæ, мæ хур, абон мæ фынæймæ не ‘вдæлы. Мæ зонд хъуамæ баззайа…

– Дзыцца, дæ зондæн уколæй тас нæу, æрмæст дæ рыст фæкъаддæр уыдзæн.

– Мæ хос дæр нæ банызтон абон. Тынг ахсджиаг хъуыддагыл дзурдзыстæм уæ фыдимæ, æмæ мæ тыхтæ æмбырд кæнын.

– Мах мады кæй ракуырдта, уый йын ныббар, Дзыцца. Æз æмæ Солтанбег нæ хъуыды кæнæм нæ ныййарæджы… Æндæр мæ фыдимæ уе ‘хсæн ницы маст ис, мæнмæ гæсгæ. Мах хатыр ын бакæн, абон куы æрбацæуа, уæд. Тæригъæд у дада. Никуы дæм бауæндыдыстæм ацы хъуыды раргом кæнын…

Залихан батылдта йæ сæр:

– Нæ, мæ къона, уæ фыды уын ацы хæдзарæй Анычкæ нæ акодта. Рухсаг уæд æмæ рухс дзæнæты бадæд. Уый фæрцы мæ царды фæзындыстут сымах Солтанбегимæ, æмæ йын алы мæрдты бон хицæн фынг æрæвæрын хæларæн, уый куы феныс дæхæдæг. Хъысмæт, æвæццæгæн, йæ иу къухæй стыр циндзинад ратты, иннæйы та маст æрцæттæ кæны. Мах уæ фыдимæ уыцы фæндагыл кадимæ сæххæст кодтам нæ хæстæ, æмæ абон не стырдæр мулк æмæ амонды сæр сымах куы стут.

– Уый æз зонын, фæлæ уæдæ?..

– Зауырбег, фæдзур мын Катямæ, æмæ ног сæрбæттæнтæй иу скæнон уæ фыды æрцыдмæ. Бынтон рынчынхуызæй мæ куы фена, уæд куы фæтæрса.

Кæртæй æрбайхъуыст Исламы фырт Петройы хъæлæс. Рынчынфæрсæг æрбацыдысты йæ мад Варкаимæ. Катя дуар ахгæдта æмæ æфсины сæрыл бабаста сæрбæттæн.

– Таму мæн дæр нæ уагъта дæ уатмæ, ныр ма сыхæгты устытыл бафтыдысты нæ хæстæджытæ дæр, – батыхст чындз.

– Зæгъ лæппуйæн, æмæ сæ æрбауадза. Варкайы ничи бауродмдзæн, æмæ сывæллоны куы бафхæра. Нæ сыхы устытæ мæн æфхæрын нæ бауадздзысты.

Петро уайсахат ацыд рынчыны уатæй. Йæ мад æй æрбадын дæр нæ бауагъта. Æрмæст рынчынæн тынг зæрдиаг арфæтæ фæкодта.

– Цу, фæкæс Зауырбегмæ! Куыд дæ, Залихан? – Варка æрбадт сынтæджы цур бандоныл. – Кæсыс æм, аив дарæс йе уæлæ скодта, фæлæ уыцы æмбисонды рæсугъд уатмæ йæ ног хæдзармæ нæма комы! Цы зынаргъ гауызтæ байтыдтой пъолтыл, уый та! Зынаргъ уæдæ ру- дзынгæмбæрзæнтæ дæр. Тæхудиаг!

– Цоты цæрæнбон бирæ. Чындзытæ тынг зæрдиагæй бацархайдтой се ‘фсины уат саив кæныныл, – раарфæ сын кодта Фарикка.

– Ис сæм, æмæ архайынц! Андрей – колхозы сæрдар, Зауырбег та ныридæгæн горæты рынчындоны сæргъы лæууы! Уыдоны фæллæйттæй куы архайынц чындзытæ. Фарикка, дæуæн дæр ахæм фырттæ куы уаид, уæд æмпъызт дарæс нæ дарис, – уайдзæф ныхас кодта Варка.

– Дæуыл дæр ног къаба Петро куынæ скодта, мыййаг. Нæ хъæубæсты фæллойгæнджыты дæ фырты чызгимæ фæстаг азты кæй фæсайдтат, уыцы æхцатæй хъал дæ ды? Фариккайæн цы фидис кæныс? – фæзылд æм Госа.

– Дæлгоммæ ныхæстæ ма кæн! – асырх сты Варкайы тыппыр рустæ.

– Уæлгоммæ дæр сæ фæфæлдахдзынæн!

– Æз уæ мад, уæ фыды уазæг! Маст ныхæстыл та ма схæцут. Рынчынæн зын кæй у, уый бамбарут ацы бон, – батыхст Фарикка…

– Мæн фæндиаг куы уа…

– Тобæ, Варка! – бахудт Госа æмæ нæ бауагъта уазæджы кæронмæ йæ ныхас ахæццæ кæнын. – Залихан дæ фæндиаг куы фæуа, уæд æм нæ хæлæг кæнын! Хъуыды ма кæныс, де ‘рыгон файнуст хъæусоветы кусджытимæ дæ хæдзармæ мулк фыссынмæ куы бацыдысты, уыцы бон? Сæудæджер кæй кодтай, уый тыххæй дæ ахсгæ куы ‘ркодтой…

– Ныууадз ма дæ дзæнгæда, Госа! Ныр дæ уыдæттæй чи фæрсы?!

– Ничи. Хæсты рæстæг та йын йæ æххормаг сывæллæттæн дыууæ нартхоры голладжы хыгъдмæ йæ гауыз йæ къулæй æристай!

Варка фæгæпп кодта æмæ кæртмæ ацыд. Устытæ та фæныхæстæ кодтой, æмæ тагъддæр цыдис рæстæг, Залиханмæ гæсгæ. Уæдæ йын Зауырбег дæр тынг хъæлдзæгæй зæрдæ бавæрдта, ног хосты ‘ххуысæй кæй адзæбæх уыдзæнис.

– Æрмæст мыл æууæнд, Дзыцца!

* * *

Фæссихор машинæ хæдзары дуармæ æрлæууыд, æмæ кæрт сывæллæтты цинæй айдзаг. Уыцы рæстæг скъолайæ æрцыдысты фыртты цот дæр æмæ сæ дадайыл амбырд сты.

Залиханы зæрдæ бакатайаг. Йæ кæуын йæ хъуыры абадт. Æрбайрох дзы уæдидæгæн йæ бирæ азты зæрдæниз. Ныртæккæ фендзæн Дзантемыры, бакæсдзæн ын комкоммæ йæ цæстытæм. Базæронд уыдаид уый дæр. Уал æмæ уал азы сæ цыбыр фембæлдты рæстæг ус сæргуыбырæй кастаид йæ къæхты бынмæ æмæ хъуыстаид лæджы уынаффæтæм. Йæ сæрыхицау куы уыдис Дзантемыр. Ноджы ма лæг фæстаг азты хъæр æмæ æртхъирæнтæ нал кодта, мыййаг, фæлæ уыд сабыр æмæ æнкъард йæ хъæлæс.

Андрей æмæ Дзантемыры размæ ракалдысты бинонтæ иууылдæр. Зауырбег æмæ Солтанбег æрлæууыдысты сæ фыды дыууæ фарс. Салам радтой цоты цот сæ дадайæн.

– Абон мæ сымахмæ не ‘вдæлы, мæ хуртæ, – загъта Дзантемыр сывæллæттæн æмæ ацыд Залиханы уатмæ.

Дзантемыр уаты астæу дзæвгар рæстæг алæууыд. Йæ мысинæгтæ йæм уаты къуымтæй рагæр-гæр ластой. Йæ размæ цыма Залихан разгъорæгау кодта, атыхта йæ цæнгтæ лæджы бæрзæйыл æмæ, сабыр худгæйæ, загъта: «Дзанте, куыд æрæгмæ та цыдтæ? Æнæхъæн æнус дæ цыма нæ федтон, афтæ мæм кæсы»… Бацыд сынтæгмæ, зæрдæтæ авæрдта рынчынæн æмæ æрбадт йæ цуры бандоныл.

– Цæй, хъусын дæм…

– Æрбад мæ цуры, хъæрæй дзурыны тых мæм нал ис, – æрæджиау ын дзуапп радта Залихан æмæ йæм скаст. «Уый куыд ныззæронд дæ? Дæ цæсгомы æнцъылдты азтæ æрмæст сæхи фæд нæ ныууагътой, фæлæ ма зæрдæниз дæр», – ахъуыды кодта Залихан.

– Бирæ дзуринæгтæ дæм ис? – тызмæг хъæлæсæй йæ афарста Дзантемыр.

Рынчын ницы дзуапп радта. Йе ‘нæтуг æнгуылдзтæ къабайы риуыл куынæ скатай уыдаиккой, уæд Дзантемыры нæ бауырныдтаид, ус ма удæгас у, уый. «Уый куыд цыбыр рæстæгмæ атад?! Низ æй азæронд кодта цалдæр къуыримæ», – фæтæригъæд ын кодта лæг.

– Иунæг курдиат…

– Рынчын саг дæр кæны, ма тæрс, адзæбæх дæ кæндзæн лæппу, – загъта Дзантемыр, фæлæ уайтагъд æрфæсмон кодта йæ ныхæстыл. «Цы мæ хъуыддаг ис тæригъæдтæ кæнынмæ?! Уæд та, лæппу кæмæй ныййардта, уыимæ фембæлынмæ бæллы мæрдты бæсты?! Æз та йын хъуамæ хатыр ныккæнон йæ ракæнд?!» – азылдысты та маргæйдзаг хъуыдытæ йæ сæры æмæ загъта: – Дæ зæрдæйы сагъæстæ мын ма ракæнай! Æз сауджын нæ дæн! Нæ зонын хатыр кæнын дæр…

– Андрейы сомбоныл у мæ ныхас.

– Ферох кæн уыцы хабар! – йæхи йыл цъиусурау ныццавта Дзантемыр, фæхæст ын йæ къухыл: – Мæн у Андрей! Мæн! Дуры гуыбынмæ дæр æндæр хъуыды ма ныдздзурай! Ныр æз дæ ахицæны сахатмæ дæ уæлхъус баддзынæн! Ничи фехъусдзæн, Андрей мæ туг, ме стæг нæу, уый! Дзантемыр рудзынджы цурмæ бауад. Кæрты астæу лæууыдысты йе ‘ртæ фырты æмæ цæуылдæр ныхас кодтой. Ног хæдзары рудзынгæй сæм Таму каст. Зæронд лæг рудзынджы цæст æрбахгæдта, цæмæй йын йæ тызмæг ныхæстæ мачи фехъуса цотæй.

Залихан рагацау цы гæххæтт æрцæттæ кодта, уый хæцъилтæ хæлдта тыхтæ-амæлттæй.

– Цалынмæ амæлай, уæдмæ мæхæдæг ам баддзынæн, æмæ ма дæ уыцы адæймаджы ном сдзургæ дæр куы фехъусон, уæд дын…уæд дæ!.. Бамбæрстай мæ?!

– Абон мæм кæронмæ байхъусдзынæ уæдæ дæхæдæг, – загъта Залихан æмæ, чи сбур, уыцы гæххæттытæ лæгмæ радта.

–Дæ уарзоны писмотæ мын кæсын кæныс?!– æрбамæсты та уый.

Дзантемыр фæкаст гæххæттытæ, стæй систа райгуырды тыххæй æвдисæндар æмæ фæрсы:

– Чи у Андрей Андреевич Солнцев?

– Уый нæхи Андрей у… Йæ ныййарæг мад æндæр сылгоймаг уыд…

– Нæ мæ сайыс?

– Байхъус, фæстаг хатт мæ рынчындонмæ куы аластай, уыцы боны хабæрттæм…

Дзантемыр цыма цавддур фестадис, уыйау каст гæххæттытæм, фæлæ иу хъуыды йæ сæрызонды не ‘рбынат кодта дæргъвæтин рæстæг æмæ бауадзыгау…

* * *

Уыд 1933 аз. Мит цалдæр боны фæуарыд, æмæ дзы уæрдоны цæлхытæ арф ныгъуылдысты. Бæхæн размæ ницы æнтыст, æмæ Дзантемыр йæ разæй фæдгау кодта. Ацы хатт нал баууæндыдысты хъæуы æвгъæдгæс устытыл, æмæ Дзантемыр йæ бинойнаджы схæццæ кодта Беслæны- хъæуы арæндонмæ.

Æрталынг. Залихан æрхызт уæрдонæй. Йæ гуыбын стыр хъарм кæлмæрзæны бын амбæхста æмæ йæ лæджы фæдыл бацыд мидæмæ.

– Ма тæрс, Зали. Хъахъхъæн дæхи.

– Мæхицæн нæ тæрсын, бæргæ, фæлæ та…

– Ууыл ма хъуыды кæн! Сывæллон та кæй нæ хъæуы, фæлæ мæнæн ацы зæххыл ничи у дæуæй зынаргъдæр, æмæ дæхи хъахъхъæн фыццаджыдæр! – лæгъстæ йын кодта лæг.

Даргъ тыргъты сæ размæ рацыд дохтыр æмæ Залиханыл бацин кодта:

– Залихан! Нæ депутат. Нæ зындгонд ахуыргæнæг нæм фæзынд кæдæй-уæдæй! Мæ ном Мария Николаевна. Мидæмæ.

– Дохтыр ды дæ? – афарста йæ Дзантемыр.

– Æз, Залиханы тынг æхсызгон чи хъæуы, уыцы дохтыр дæн, нæ сæйраг та ныртæккæ операци кæны. Куы йæ февдæла, уæд уый дæр…

– Нæлгоймагæй æфсæрмы кæндзынæн, фæлтау мæм дæхæдæг фæкæс, – батыхст Залихан.

– Уый дын мæ бар.

Цалдæр боны фæстæ Мария Николаевна Дзантемырæн фехъусын кæдта, лæппу сын кæй райгуырд, уый.

– Дзæбæх у сывæллон? – афарста йæ лæг.

– Фырыхъул.

– Хъарм сты уæ уæттæ? Суг уын æрбаласон? Ма суазал уа…

Дохтыр ын зæрдæтæ авæрдта, кæй ницы тæссаг у Залихан æмæ сывæллонæн, зæгъгæ, æмæ лæг зæрдæрухсæй батагъд кодта сæхимæ, кусарт акодта æмæ фæбадтысты сыхы лæгтимæ.

Залихан хуыссыди, уаты цы ‘ртæ сынтæджы уыд, уыдонæй иуыл.

Мария Николаевна æрæвæрдта иннæ сынтæгыл æндæр сывæллоны тыхтытæй.

– Куыд дæ, Залихан?

– Мæхицæн ницы у, фæлæ сывæллонмæ бæстондæр куы æркастаис… Дыууæ мæ амард ноггуырдтæй, иу та гуыргæ ракодта мардæй.

Дохтыр фенкъард.

Уыцы рæстæг иннæ сынтæгыл цы ноггуырд саби уыдис, уый скуыдта.

– Андрейкæ, мæгуырæг! Дæ амондæн нæм Хуыцау Залиханы æрбахаста, æмæ дæ кæд бафсадид æхсырæй. Диссаджы дзæбæх сывæллон сидзæрæй баззад.

– Цы кодта йæ мад? – тарстхуызæй афарста Залихан.

– Кæм ис, кæм!?– ныуулæфыд ацæргæ сылгоймаг, аивта сывæллоны хæцъилтæ æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: – Фæмард. Аварийы бахауд, æмæ ма дохтыртæ æрмæст сабийы фервæзын кодтой…

– Сæ хæстæджытæн æй ратдзыстут?

– Ничи сын ис. Йæхæдæг дæр мад, куыд сбæлвырд, афтæмæй сидзæр уыд. Граждайнаг хæсты сидзæртæй. Залихан, дæ хорзæхæй, бафсад сывæллоны. Дæхионы фаг дæр ма дæм æхсыр баззайдзæн.

– Мæнæн æй раттут! Рæздзæн мæхи лæппуимæ. Ницæмæй йæ дар- дзынæн хъулон, – балæгъстæ кодта Залихан, рабадт сынтæджы æмæ райста сывæллоны.

– Уыцы хъуыддаг махæй аразгæ нæу, Залихан. Райсом сабийы ардыгæй ахæсдзысты.

Мария Николаевна ацыд. Андрей куы бафсæст, уæд бафынæй, æмæ йæ Залихан базыл сæвæрдта.

Залихан уыцы æхсæв бирæ рæвдауæн ныхæстæ фæкодта йæхи сывæллонæн. Цалдæр хатты йæ райхæлдта, фæпъатæ йын-иу кодта йæ гыццыл къухтæн, скаст-иу талынг арвмæ дæр æмæ æнæбæрæг зæдтæн лæгъстæ кодта, цæмæй йын бахъахъхъæной йæ ноггуырды.

Боныцъæхтыл фæллад сылгоймаг афынæй, фæлæ йæ зæрдæ срыст цæхгæр рыстæй æмæ фехъал. Бадавта йæхи сывæллоны рудзынгмæ æмæ дæ фыдгул ахæммæ ныккæсæд: цъæх афæлдæхт йæ буар, ныууазал.

Залиханы цъæхахстмæ фехъал Андрей. Скуыдта. Залихан исдугмæ джихæй аззад. Стæй мард сывæллоны авæрдта базыл, фелвæста Андрейы æмæ базгъордта рудзынджы размæ.

– Дзырдтай мæм, мыййаг? – йæ ком ивазгæ бацыд уатмæ Мария Николаевна.

– Уæртæ уыцы сывæллон амард æмæ фæтарстæн! Амард!

– Амард? Куыд амард æнæниз сывæллон? – зæгъгæ фæкодта ус, бауад æмæ æркæстытæ кодта лæппумæ. Цы бамбарын хъуыд фæлтæрдджын дохтырæн, Залихан йæ риумæ кæй нылхъывта удæгас сидзæры æмæ загъта: – Рухсаг уæд ацы арвы зæд.

Залиханы цæстæнгас фæдис хъæр кодта: «Мæ удæгасæй ацы сабийы мæнæй ничи байсдзæн!»

– Æз сæрра уыдзынæн!

Мирия Николаевна æнæ сдзургæйæ бафтыдта йæхиуыл дзуæрттæ, кæмæйдæр хатыр ракуырдта, цармæ скæсгæйæ.

– Æз дæр цыдæртæ бавзæрстон мæ царды… Баныгæдтон мæ иунæг фырты æмæ сæрра уыдаин, авдæны йæ чысыл чызг куынæ уыдаид, уæд. Залихан, мæ зæрдæ дарын, ацы сабийæн хорз мад кæй уыдзынæ, ууыл – загъта дохтыр.

– Курын дæ, нæ лæг мацы базонæд! Иу удгоймаг дæр хъуамæ ма фехъуса ацы хабар!

– Залихан, сомы дын кæнын, мæнæй ничи ницы фехъусдзæн! Хуыцау мын æй бахатыр кæнæд æрмæст, фæлæ ды сидзæр сабийы амондæн фæзындтæ махмæ ацы бонты.

Залихан дохтыры армы йæ дыууæ къухдарæны æмæ хъусцæджытæ авæрдта зыр-зыргæнгæйæ:

– Мария Николаевна, адон искæмæн авæр æмæ мын мæ хъæбулы нæхи зæххыл баныгæной. Дæ хорзæхæй! Курын дæ, нæхи хъæуы уæлмæрды, сæхи мыггаджы…

– Ма тыхс, Залихан. Æз сæххæст кæндзынæн дæ курдиат, ды та æрсабыр у, цæмæй Андрейкæ æнæ мады æхсырæй ма баззайа. Не Скæнæг Хуыцау, дæу фæндон сæххæст кодтон, фæлæ кæд дæ мойæ сусæг кæныс алцы дæр, уæд исчи фендзæнис митыл ногкъахт чысыл ингæн æмæ…

– Нæ, уæд нæ хъæуы!

– Дæ лæвæрттæ Андрейы бинойнагæн ратдзынæ, æз та сывæллоны бафснайдзынæн.

Залихан нал банхъæлмæ каст Дзантемыры ‘рбацыдмæ: боныцъæхтыл алидзæгау кодта рынчындонæй…

* * *

Ракодта хабар Дзантемырæн, æмæ йæ бафарста:

– Кæд раст нæ бакодтон, лæппуйæ æппæт кæй бамбæхстон, уымæй? Гуырысхо кæнын, Дзанте. Цы зæгъдзынæн мæрдты бæсты йæ ныййарджытæн? Хъуамæ ма зона, чи сты йæ фыдæлтæ, уый? Æви раст бакодтон? Ныр дæуыл æууæндын æмæ дын фæдзæхсын: ма бафхæр Андрейы…

Лæг фæхъуыста Залиханмæ, фæлæ ма уæддæр гуырысхо кодта:

– Адæттæ дæхи сраст кæныны охыл æрхъуыды кодтай, мыййаг? Ма мæ тæрс, Зали, нал дæ бафхæрдзынæн.

– Иу мæнг ныхас дæр нæ зонын…

– Уæдæ Андрей мæ фырт у! Андрей абон у нæ мыггаджы кадджындæр лæгтæй иу, тулдзау ауагъта фидар уидæгтæ нæ зæххыл, цыппар фырты йын хъомыл кæны нæ мыггаджы! Стæй хъуамæ æз дæр амæлон Андрейы фыдæй. Бамбæрстай мæ?

– Стыр Хуыцау, табу дæхицæн, – мынæг хъæлæсæй сдзырдта Залихан æмæ скуыдта фыр цинæй.

Дзантемыр апырхытæ кодта гæххæтт, арф æй йæ дзыппы амбæхста æмæ загъта:

– Зæрдиагæй мæ нæ уарзтай, Зали.

– Нæ мæ уарзтай, Дзанте…

– Зали! Уый мæ ды нæ уарзтай, уый йеддæмæ ссардтаис æрмæст дыууæ дзырды! Сывæллон æз нæ ныййардтон, зæгъгæ, мæ фæдыл ныхъхъæр кодтаис æмæ зындоны цæрæгау нæ фæцардаин дæумæ иуварсæй кæсгæйæ! Нæ, нæ мæ уарзтай, Зали!..

– Сывæллонæн фæтарстæн… Мæныл ехсæй ралæууыдтæ, æмæ дын уый дæр нæ ныббæрстон… Цас чъизи ныхæстæ ракалдтай мæ рыст зæрдæйыл, уыдон иу рагæр-гæр кодтой, æмæ сæргуыбырæй уымæн лæууыдтæн æдзух дæумæ хъусгæйæ. Тарстæн дæ, ды нæ разы кодтай сидзæрты хæдзарæй сывæллон райсыныл дæр. Æмæ дæ уынаффæ нæ рох кодтон.… Ныр дæ разы дæн. Хатыр дын кæнын алцы дæр, стыр уæззау уаргъ мын систай мæ зæрдæйæ.

– Зали, мæ царды цин! Ныббар мын мæ ракæнд! – фæкодта Дзантемыр, систа хуыссæнæй йæ уарзон сылгоймаджы æмæ кæрæдзийыл ныттыхстысты. Низ сæ цинæй æрбайсæфт, æрбауынгæг усы зæрдæ.

Цин мастæй бирæ тыхджындæр у, фæзæгъынц. Уыцы изæр Залихан рабадтис сынтæгæй æмæ, лæджы цонгыл æнцойгæнгæйæ, ахызт кæртмæ æмæ загъта йæ бирæ цотæн:

– Æз абон ракуырдтон хатыр уæ фыдæй, æмæ мын фенцон ис. Риуы дзагæй сулæфыдтæн…

Ууыл лæг æмæ ус ацыдысты сæ ног уатмæ.