ÆРÆДЖИАУЫ ФÆСМОН
Радзырд-æцæг хабар
Хур цыма йæ дард балцæй бафæллад, уыйау йæхи уæззауæй æруагъта Мтисдзирийы хохы фæстæ æмæ зæрæхсиды фæстаг тынтæ расæрфта Æнгузджыны хъæуыл. Изæры рухсмæ уæйгуытау разындысты Гомборы æфцæджыты гуылмыз тигътæ. Зауыры найæны ‘рдыгæй хæфсытæ ерысы бацыдысты уасынæй.
Зæронд кулдуары раз æрлæууыдысты дыууæ барæджы, сæ уæлæ – аив цухъхъатæ, сæ сæртæ – басылыхъхъытæй тыхт, сæ иуы уæхсчытыл – маузер, иннæйы фарсыл æрзæбул фæтæнком хъама. Æдде бакæсгæйæ афтæ зынд, цыма хæдзармæ тыхгæнæг æрбацыд. Сæ иу ныллæг кулдуар йæ ехсы хъæдæй бахоста.
– Данел, ам стут, цы, уазджытæ нæ уадзут?!
Стыр куыдз рæйгæ йæхи рауагъта зæронд быруйы ‘рдæм. Æмбонд афтæ ныллæг уыд, æмæ дзы кæрт æддæмæ армæвæрдау зынд. Куыдз уазджыты куы федта, уæд йæ уынæр нал райхъуыст, фæлæ йæ къæдзил цины тылд кодта.
Изæр уыд, æмæ фос сæ хизæнуатæй æрцыдысты. Уынг æмызмæлд сси. Кæрты йæ бæгъ-бæгъæй не ‘нцад цъынæр фыс, æвæццæгæн, йæ мард уæрыччы агуырдта. Алкæмæн йæ фос йæ кæртмæ бахизынмæ тырныдтой.
Цалынмæ фысым зынди, уæдмæ уазджытæ быруйы сæрты сæ цæст хастой сæ зонгæ кæртыл. Самандурæй агъуыст – зæхбын, хъæдкъул бæстыхай. Кæрты къуымы – егъау скъæт, хæдзаримæ се ‘хсæн каубыд гæрæн. Скъæты раз къомси бæласмæ иугай тахтысты кæрчытæ æхсæвбынат агурæг, æмæ-иу сæ хъуыдатт райхъуыст. Æнæхайуан галуæрдонæн йæ хъустæ – зæхмæ уагъд, йæ уæлæ амад æгъдæнцæйттæ, рæтæнагъд, тæбынгтæ æмæ æндæр лыстæг дзаумæттæ.
Хæдзар кæд мæгуыр фæлыст уыд, уæддæр уыд сыгъдæг, йæ тыргъ–чъырæй аив цагъд, йæ дыууæ рудзынджы райдзастæй кастысты дунемæ. Кæрты хæснагæн иу æнæхъуаджы къæцæл дæр не ссардтаис. Фыдæлтыккон æнгуз бæлас кæрты барджынæй йе ставд къабузтæ ауагъта. Цалазыккон уыдзæн, уый ничи зоны, фæлæ тынг зæронд у. Данел ацы бынаты хæдзар куы сарæзта, уæд дæр рагон бæласыл нымад уыд. Йæ хъайваны йас уидæгтæ зæхх айгæрстой æмæ галы фæрсчытау зындысты уæлæмæ. Æнгуз бæласы бын фæйнæгæй арæзт тæрхæгыл сæхъис пæлæз æмбæрзт. Данел ыл арæх фæлладæй йæхи æруадзы.
Кулдуар та ногæй бахостой уазджытæ. Хæдзары хицау Данел, иу-фæндзай азы кæуыл цыдаид, ахæм уæздан лæг, æрбазынд цæхæрадоны ‘рдыгæй, йе ‘ккойы уæззауæн хаста сæнæфсирæй йедзаг тæскъ. Уазджыты куы суыдта, уæд йæ тæскъ зынтæй æрæвæрдта сæнæфсирты кæрийы фарсмæ æмæ, йæ разы дынджыр гарзы цы дон уыд, уымæй йæ къухтæ ахсадта.
– Уазджытæ æгас цæуæнт, зæронд лæг хъусæй хорз нал фæхъусы. Цæхæрадоны сæнæфсир тыдтон æмæ… Не ‘фсин дæр чызгимæ кæдæмдæр ауад, – йæ парахат мидбылхудт уазджытæм йæ разæй рахаста Данел; дзургæ рацыд, кулдуар байгом кодта æмæ сын сæ къухтæ райста. – Гормон, исчи нын куынæ стут. Хæдзары куы ничи уа, уæддæр макæмæ ‘нхъæлмæ кæсут, дуарыл, мыййаг, гуыдыр æвæрд нæй.
Æцæгдæр, Саукуыдз æмæ Хамби ацы хæдзары уазджытæ нæ уыдысты, рæбинагыл сæ нымадтой бинонтæ. Сæхæдæг дæр сыл сахуыр сты æмæ сæ хуыздæр фысым нæ хъæуы.
Уалынмæ фæзындысты Данелы бинойнаг Мæргъион æмæ сæ чызг Мæди. Сыхæгты чызг тагъд чындзы цæуы, æмæ йын хуыссæнгæрзтæ хуыйынмæ аххуыс кодтой. Уазджыты фенд сын æхсызгон уыд, æмæ сын зæрдиагæй сæ къухтæ райстой, уæлдайдæр Мæди. Саукуыдзимæ хо æмæ æфсымæр раджы загътой, æмæ йæм æцæг æфсымæры зæрдæ дардта. Аргъ кодта Саукуыдзы æфсымæр, йе ‘мбæлццон Хамбийæн дæр.
Уайтагъд тыргъæй сасиры тæпп-тæпп райхъуыст, æмæ æфсин чъиритæ кæнынмæ бавнæлдта. Данел дæр стуры цæхджын фыд бауæларт кодта. Мæди та изæры зылдтытæ райста йæхимæ, фос æфснайынмæ фæцис.
– Бауырнæд дæ, Данел, ацы цардæй мах дæр бафæлладыстæм. Æдзух цæугæцард кæнын æнцон нæу, фæлæ адæймаг хуыздæр дæсныйадыл цæуыл ныххæца, уый нæ зоны. Нæ бинонты мæйгæйтты нæ фенæм, – дзырдта Саукуыдз йæ фысымæн. – Ныр дæр та дунейы фос æртардтам хæххон гуырдзиаг хъæутæй æмæ сæ, зæгъын, ам, Къабалы базары ауæй кæнæм. Уæ хъæуы цæрджытæй дæр дзы кæд искæй хъæуа, уæд табуафси. Уæлæ сæ хъæумæ æрбацæуæны æрнæгыл ныууагътам, не ‘ххуысгæнæг лæппу семæ, афтæмæй.
Данел хъуыдыты ацыд. Ацы лæппутимæ рагæй хæлар у, æууæнды сыл, фæлæ хатт йæ зæрдæ цæмæдæрты фæкъæпп кæны. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фос хæххон хъæуты асламæй фелхæнынц æмæ сæ æндæр рæтты зынаргъдæрæй ауæй кæнынц. Данелæн дзы дуцгæ хъуг дæр балæвар кодтой. Кæд сæ, мыййаг, давгæ кæнынц, бирæ хæттыты ахъуыды кодта, фæлæ рæстдзинад базонын йæ къухы не ‘фты. Лæппутæ Уæллаг Къахетæй сты, Данел та Дæллаг Къахеты цæры. Ардыгæй уырдæм та цыбыр фæндаг нæу, æнæхъæн бонцау цыд у бæхыл. Стæй, сæрмагондæй уый базонынмæ ацæуа æмæ искæй фæрса, уый йæ цæсгом нæ хъæцы. Куы йæ фехъусой, уæд аив нæ уыдзæн. Æнæуи та сæ хъæу Дидигорийы Данелæн зонгæ ничи цæры, æмæ æнæзонгæ адæймаджы куыд бафæрсдзынæ, стæй дын цы зæгъдзæн? Куыдæй базондзынæ дард гуырдзиаг хъæуы цæрджыты афтæ хорз? Æмæ сæ исты ахæмæй куы базона, уæд æй сæ лæвар хъуг дæр нæ хъæуы æмæ сæхæдæг дæр. Данел раст лæг у æмæ фыдуагдзинад никæмæн ныббардзæн.
Зонгæ куыдæй баисты, уый та ногæй лæджы зæрдыл æрлæууыд.
Æнгузджыны хъæумæ хæстæг у Къабалы базар–æрдæгсахатмæ йæм къахæй бауайдзынæ. Базарæн йæ алфамбылай иууылдæр тæтæры хъæутæ сты, æмæ йæм дзы хæстæгдæр чи ис, Къабал, зæгъгæ, уый номæй схуыдтой базар дæр. Хонгæ дæр æй тæтæры базар кæнынц, фæлæ ирон хъæу Понайы фæзилæнмæ хæрз хæстæг у. Кæцæй йæм нæ цæуынц, ахæм нæй. Æппынæдзух дзы хъуысы ирон, гуырдзиаг, уырыссаг, тæтæйраг, лекъаг ныхас. Данелмæ дæр йæ тыллæг кæнæ йæ фосæй исты уæлдæйттæ куы аззайы, уæд сæ уым балæууын кæны. Æнæуи дæр ирæтты хъæутæ сты алы адæмыхæттыты ‘хсæн. Иуæрдыгæй айтыгъдысты гуырдзыйы хъæутæ, иннæрдыгæй – тæтæры, аннæрдыгæй – лечъы хъæутæ. Ацы адæмтæй сын ис хæлæрттæ дæр æмæ знæгтæ дæр.
Иухатт та, Данелæн йæ бæхуæрдон базары тигъæй куыд æрбазылди, афтæ фæтæссармæ кодта, æмæ дзы цы арф уæрм уыд, уым йæ фæстаг галиу цалх смидæг. Æхсæвы къæвда уарыд, æмæ дзыхъхъ донæй байдзаг, рæстмæ бавналæн æм ничердыгæй уыд. Бæх йæ быцъынæг тоны размæ. Нæрвæй æлдыгъдзыд цармæй тæбынгтæ æмæ рæхсæнуагъд æгъдæнцой бостæ бауымæл сты. Хайуан фыр фæлладæй йе згъæллаггæмттæ аууилæгау кæны, афтæмæй размæ хæцы. Данел дæр йæ хъарутыл нал ауæрды, афтæмæй йыл æнцайы, фæлæ сæ фыдæбонæй ницы уайы. Адæмæй йæм кæсгæ дæр ничи кæны, алчи йæ хъуыддаджы фæдыл тындзы. Уалынмæ Данелы раз дыууæ барæджы æрлæууыдысты æмæ йæм исдуг кæсыныл фесты. Стæй сæ иу бæхы рагъæй æргæпп кодта, бауади, уæрдоны цалхмæ февнæлдта æмæ йæ иу сриуыгъдæн уæлбыл авæрдта. Данел сагъдауæй баззад, йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццавта. Уæззау уæрдон иу адæймаг ахæм арф дзыхъхъæй куыд сæппæрста, уый йын исчи куы дзырдтаид, уæд æй нæ бауырныдтаид. Фыр дисæй йæ дзыхы ныхас нал бадт. Стæй арфæтæ кæнынмæ фæци:
– Æй, Хуыцау дын цардамонд æмæ æнæниздзинад ратта! Уый уæйыг куы дæ, уæд дæ мæ амондæн ардæм цы ‘рхаста?!
Уæрдон чи сæппæрста, уый, Саукуыдз, куыд радзырдта, афтæмæй цæрынц Уæллаг Къахеты, Ахметайы районы, Дидигорийы хъæуы. Йемæ чи уыд, уый та схуыдта йæ хойы лæппу Хамби. Кæнынц фосы куыст. Ныр дæр Къабалы базармæ уæймæ æртардтой ставд фос, ауæй сæ кодтой æмæ здæхынц сæ хæдзармæ.
– Æз уæ хъæуы никуы уыдтæн, фæлæ йæ зонын, дард у, æмæ уæ абон никуыдæмуал ауадздзынæн. Мæ хæдзар уын фæрныг фысым уыдзæн кæддæриддæр. Иунæг чызг мын ис, æмæ йын æфсымæр уыдзынæ, махæн та – фырты бынаты. Ныр та уæ бæхтыл сбадут æмæ цæугæут мæ фæдыл. Уазæг – Хуыцауы уазæг.
Саукуыдз æмæ Хамби дæр уæлдай ницыуал загътой.
* * *
Кæд Гомборы æфцæджыты лæзгъæр фæхстыл мит æрхæцыд, уæддæр Къахеты фæззæг дæргъвæтин, стæй хъарм ахæссы, фæлæ уæддæр уæлдæф фæуымæлдзæф, бон дзæвгар фæцыбыр. Йе ‘мбисыл у кæфты мæй, æмæ бæлæстæ бæгънæг кæнын райдыдтой, сыфтæртæ къыбаркъыбургæнгæ згъæлынц зæхмæ. Арешы хъæды фæхстæ æгасæй дæр цъæх-бурбын адардтой. Тæрккъæвдатæ фесты, æмæ æрсабыр Арешы цæугæдон дæр, æнæбары ма йæ сыр-сыр хъуысы.
Адæм сæ куыстытыл тагъд кæнынц. Колхозы куыстытæй уæлдай ма алкæмæн дæр йæ хæдзары бирæ змæлд ис. Дæ тыллæг рæстæгыл дæ къæбицмæ хъуамæ æрбайсай. Данел дæр, Æнгузджынмæ æрбацæуæны йын Арешы ‘рдыгæй цы чысыл хуымзæхх ис, уый нартхор æмæ мæнæу раджы бафснайдта, ныр мæнæ йæ иннæ фæззыгон куыстытыл тагъд кæны. Йæ бур-бурид сæнæфсиртæ ныддыгъта быркуымæ, йæ дыргътæ æмæ халсартæй æрæгвæззæджы чи сбæззыд, уыдон асыччыты бафснайдта, нуры æмæ хъæдындз байтыдта уалдзæгмæ, йæ фосы бынат бадзæбæхтæ, бахъæрмттæ кодта. Мулкæй мæнæ арæзт нæ уыд Данел, зæхх – чъылыхдон. Фос дæр æм цас фос и, фæлæ… йæ дыууæ галы æмæ иу хъуг, фондз фысы æмæ кæрчытæй цæрæг хæдзарыл нымад у Данел. Афтæмæй цас фæллæйттæ сты.
Æнæуи та куыстуарзаг лæг у Данел. Иу ран æрбадт ын нæй. Хъæубæстæн дæр тынг уарзон у, никуы никæй хъыджы бацыд. Ныллæг, фæтæнтæ конд уæзбын лæг, æдзух – хъæлдзæгхуыз, йæ цæстытæй ахæм хъарм лæдæрсы, æмæ йыл тыхст адæймаджы уд банцой вæййы. Йæ фадат куыд амоны, афтæ алкæй къух дæр саразы. Æниу, удæгас адæймаг та æнæ маст кæд вæййы? Фæлæ, Данелы хъуыдымæ гæсгæ, чидæр та дæуæй тыхстдæр у. Йæ иунæг хъæбулы маст зындонмæ тæры лæджы. Куыд уыдзæн, цавæр амонд фæхæсдзæн йæ чызг? Цæуылнæуал ын радта Хуыцау ноджыдæр ма хъæбултæ?
Хуссар Ирыстонæй Къахетмæ куы ралыгъдысты, уæд ма æрыгон уыди. Бинонтæ бирæ уыдысты: мад æмæ фыдæн – æртæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Чызджытæй дыууæйæ Хуссар Ирыстоны баззадысты, уым моймæ фæцыдысты. Данелы фыд, Суби, къухæй дæсны уыди. Къахеты æдзæрæг, æрнæг зæххытæй уал иу гæппæлыл æнæбары хæдзар ацъапп кодтой, цæмæй уал чысыл цæрын сфæразой. Уыцы дурджын зæххытæ æхсæдыныл бирæ фыдæбæттæ фæкодтой хæдзарыдзагæй. Æниу, зæхкусæг адæймагæн та Хуыцау æнæ фыдæбонæй кæд цы радта? Фæлæ, цæттæ зæхх æмæ, йæ царды бонты белы бырынкъ цы зæххыл не ‘руад, æнгуз бæлæстæн сæ хъайванты стæвдæн уидæгтæ арф кæм ацыдысты, дуры цæндтæй йедзаг чи уыд, уыдон кæрæдзиимæ абарæн нæй. Гъе фæлæ уæддæр сæ царды кой кодтой куыддæртæй. Хъæугæндтæ фæзынди уыцы бынæтты амыты-уымыты хъуари æмæ хъæмпынсæр хъæдын хæдзæрттимæ. Алы сых, мыггаг цы хъæутæй ралыгъдысты, уыдоны нæмттæ æвæрдтой ног бынæттыл. Фæзынд дзы хъæутæ гуырдзиаг нæмттимæ дæр. Уартæ Алазаны цæугæдонæй суанг Азербайджаны арæнтæм æххæссы Къахетгом, æмæ дзы ирæттæ кæм не ‘рцарди, ахæм бынæттæ нал ис, фæлæ æрнæджытæ æмæ цъыфдзаст бынæттæ. Æрмæст дзы Арешперан æмæ йæ алфамбылай хъæуты куыд бирæ ‘рцард, афтæ никуы.
Арешпераны хъæуы ном йæ цæрджытæ семæ нæ рахастой. Хуссар Ирыстоны алы хъæутæй æрцыдысты уыцы бынатмæ, фæлæ цæугæдон Арешы иу фарс кæй æрцардысты, уый тыххæй сæ хъæуы ном афтæ схуыдтой. Арешперан нысан кæны Арешы былгæрон. Æнгузджын дæр Арешперанæн йæ иу хай у, йæ кæроны ис, фæлæ дзы бирæ æнгуз бæлæстæ кæй зайы, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Æнгузджын.
Данелы зæрдыл арæх æрлæууынц сæ сыхаг Хъайтыхъойы ныхæстæ. Йæ фыд Суби кæд ссæдзæм æнусы тæккæ райдианы ралыгъд Къахетмæ, уæд Хъайтыхъо та дзæвгар раздæр ралыгъд æмæ æрцард Гиоргеты хъæуы, фæлæ, фæстæдæр куы базыдта, ирæттæ ныры Арешпераны дзыгуырæй æрцардысты, уæд уырдæм ралыгъд. Уый-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, Æнгузджыны уыйас æнгуз бæлæстæ уыд, ахæм тархъæд дзы уыд, æмæ дзы цæуын ничи уæндыд. Хъæддаг сырдтæ æмæ лекъаг абырджытæй йæ тæккæ дзаг уыд. Адæм дзы арæх сæфтысты. Фæдзæгъæл-иу сты æмæ-иу абырджытæ æмæ сырдты амæттаг фесты. Хъæды-иу чи бацыд, уыдонæй бирæтæ бæлæстыл уыгæрдтæ æвæргæ цыдысты, цæмæй ма фæдзæгъæл уой æмæ уыдонмæ гæсгæ фæстæмæ фæндаг ссарой. Фæлæ ног цæрджытæн цы гæнæн уыди. Райдыдтой æнгуз бæлæстæ иугай-дыгай калын, хæдзæрттæ æмæ дзы хуымзæххытæ аразын, æмæ стæнæг хъæд. Фæлæ уæддæр хъæуы фарсмæ Æнгузджыны стыр хъæдæй иу уадздзаг баззадис, лæг æрдæгсахатмæ фистæгæй йæ иу кæронæй иннæмæ кæмæн ахæццæ уа, ахæм уадздзаг. Уымæ гæсгæ Æнгузджыны хъæуыл йæ ном фидыдта.
Данел цоты хистæр уыд, æмæ фылдæр уæз ууыл цыди. Афтæмæй йæ усгуры кармæ бахызт. Йæ къах æй сыхаг хъæумæ арæх хаста. Аминæты фендæй-иу йæ зæрдæ хурварс абадт, йæ цæстытæ-иу амонды стъæлфæнтæ аппæрстой. Афæдзы размæ йæ фыццаг хатт Хошатъаны дзуары бон федта, æмæ йын уæдæй фæстæмæ æнцой нал ис. Дардмæ йæ куы фены, уæд дæр йæхи тынг амондджынæй банкъары. Хаты йæ, Аминæт æм йæхæдæг дæр хъарм зæрдæ кæй дары. Данелтæн сæхиау Мæргъитæ дæр цалдæр азы йеддæмæ нæма цæрынц ам, æцæг æндæр æмæ æндæр хъæутæй ралыгъдысты æмæ раздæр кæрæдзи нæ зыдтой. Уыдонæн дæр – гæвзыкк, ихсыд къуымтæ. Æниу, ног цæрджытæй хъæздыг та чи уыд уæд?
Данел схæтæнхуаг, уарзондзинады арты сыгъди. Йæ зæрдæ куыстмæ нал рад, æбæрæгдзинад ын йæ зæрдæ æууылдта. Зыдта йæ, Аминæтыл дзурджытæ ис, æмæ йын æнцой нал уыд. Фæлæ куыд бадзырдтаид йæ фыдмæ – бинонтæ цы бахæрой, уый сын куынæ ис, уæд чындз цæмæй хъуамæ æрхæссой? Уæддæр, Хуыцау хорз, æмæ, Къахетмæ цы адæм ралыгъд, уыдон ирæды æгъдау аивтой. Уымæн æмæ алчи дæр йæ мæгуыры бон зыдта, æмæ æмвæндæй ирæды ныхмæ рацыдысты. Фæлæ уæддæр чындз æрхæссынæн истытæ хъæуы…
Æппынфæстаг йæ уды утæхсæн йæ кæстæр æфсымæрæн раргом кодта Данел. Уый йæ мадæн бамбарын кодта, мад та – йæ сæрыхицау Субийæн…
Цалдæр лæгмæ фæдзырдтой æмæ сæ чындзы æрбакодтой Собатæ. Уæды заманы уый диссаг нæ уыд. Сæйрагдæр уыд амонд ссарын æмæ кæрæдзи бамбарын. Æрыгон бинонтæ амондджын уыдысты, хицæнæй иу чысыл къуым сарæзтой, æцæг сын Хуыцау иу цъæх чызг йеддæмæ нæ балæвар кодта…
* * *
Уæллаг Къахеты Сауаты Пираны чи нæ зыдта, ахæм нæ уыд. Зæрондæй дæр, Хуыцауы къахæргæвдæг кæй фæхонынц, уыдонæй уыд тæссаг абырæг. Æцæг, ныр йæ гæрзтæ æрæвæрдта, фæлæ бынтон нæ. Йæ фыртты дæр фæцалх кодта, йæхæдæг цы цардыл ахуыр уыд, ууыл. Йæ рæстæджы бирæ туджы зæйтæ фæуагъта адæмыл Пиран, сæ мæгуыр фосы муртæй сын йæхицæн цард скъобор кодта, æмæ йын батадысты йæ цæхджын хойраджы руаджы. Сауатæн сæ зæххытыл цæст не ‘ххæссыд, кæм сæ лæварæмхасæн фелхæдта тыхст адæмæй, кæм сæ хорыл фæивта, кæм сæ хаццоны лæвæрдта…
Йæ дыууæ фырты дæр рауадысты йæхи хуызæн æгъатыр, кодтой давыны куыст. Фыды ардыдæй дыууæ лæппуйы цы бырынцъаг фæндагыл ныллæууыдысты, уымæй æнцонæй рахизæн нал уыд. Суанг хæрз чысылæй фæстæмæ хъуыстой ахæм ныхæстæ: «Сæрæн чи нæ уа, цард амал кæнынмæ чи нæ арæхса, уый лæг дæр нæу, фæлтау амæлæд». Йæ фæлмæнтæ цардæмбал Сотион бирæ цæссыг фæкалдта, йæ мой сывæллæтты бырынцъаг фæндагыл кæй ардауы, уый тыххæй, фæлæ цы йæ бон уыд.
Дыууæ æфсымæры-иу балæууыдысты дард хæххон хъæуты æмæ-иу, хъæдты æмбæхсгæйæ, сбæрæг кодтой фосы хизæнуæттæ, сæ бацæуæнтæ-рацæуæнтæ æмæ та-иу сæ ратæлæт кодтой. Сæ ныхмæ-иу исчи кæд æрлæууыд, уæд-иу æй маргæ дæр акодтой. Давд фос сæ хъæумæ никуы æртардтой, фæлæ-иу сæ дард рæтты балæууын кодтой. Кæд-иу давын къухы нæ бафтыд, уæддæр хæрз асламæй æлхæдтой фос æмæ сæ зынаргъæй уæй кодтой æндæр рæтты. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæтæ сын зыдтой сæ фыдракæндтæ, фæлæ сæм ничи уæндыд. Уæдæ хицауадæн та Пираны фæрныг хæдзары дуæрттæ кæддæриддæр уыдысты гом. Халон та халоны цæст нæ къахы.
Фæлæ сæ сæ бирæ тæригъæдты тыххæй иуафон уæддæр Хуыцау бафхæрдта. Йæ фырттæй иу, Мысырби, фæдисæтты къухæй фæцæф цалдæр азы размæ, Гомборы æфцæджытæй фос куы тæлæт кодтой, уæд. Куыддæр æгъдауæй ма раирвæзтысты, фæдисæттæ сæ нал раййæфтой, фæлæ Мысырбийæн йæ цæф схæрам кодта, æмæ бирæ нал ахаста… Мад уæдæй фæстæмæ йæ сæрæн нал сси, йæ цæсты бынтæ нал басур сты, фæлæ уæддæр Пиранæн уый зонд зонæн нæ уыд. Æгъатыр лæгæн ма цы иунæг фырт баззад, ууыл æрхæцыны бæсты йæ дарддæр ардыдта галиу, тæссаг фæндагыл. Лæппу æрбамбал кодта йæ хæрæфырт Хамбийы, æмæ иумæ дарддæр кодтой сæ фыдракæндтæ. Уый дæр сæхи хуызæн уыд, æмæ Саукуыдз æндæр никæуыл баууæндыд. Сауаты бинонтæй иунæг адæймаг дæр ногарæзт колхозы æмгæрæтты нæ ауад, уæды заманы та уый тыххæй кулак кодтой, уæлдайдæр, ахæм фæллой кæмæ уыд, уыдоны, фæлæ Сауатæн иу ныхас зæгъын дæр ничи бауæндыд…
* * *
Чи фæдзода, уыцы миты хъæпæнтæ зивæггæнгæ тадысты хуымгæнæны мæйы хуры лæмæгъ тынтæм. Хурдзæвæн бынæтты мит фæсæлæф ис æмæ чысыл цадтæй алы рæтты бамбырд. Уалдзæг сабыргай, фæлæ барджынæй æрфистæг Æнгузджыны хъæуы, æмæ æрдз райхъал. Уадымс зæрдæбын узæлд кодта бæлæсты ногтау сыфтæртыл æмæ сын рогæн хъазыди сæ къуыбар хихтыл. Сауийы суадоны ‘рдыгæй æнæрæнцайгæ хъуыст булæмæргъы хъæлдзæг зарæг. Цъæх арвы скъуыддзаг æрцауындзæг рудзынджы фæлгæтыл, æмæ дуне ноджы ирддæрæй разынди. Хæдзары фарсмæ пæлæхсар сирень бæлас йæ къабузтæ айтыгъта, æмæ йын мыдыбындзытæ хæдзардзинæй йæ адджын дон цъырдтой.
Данелы буц чызг Мæди хæдзары змæлдтытыл уыди. Райсомæй фосмæ куы базылд, уæд йæ гуымбыл бацахста, стæй зæхбын хæдзары дыууæ уаты æмæ кæрт аив бафснайдта. Уый фæстæ къонайы рæхысыл ауыгъд чысыл цуайнаджы дзидзайы хæйттæ ныппæрста æмæ сæ бауæларт кодта. Афтæ хъæлдзæг уыд, æмæ-иу хатт ныллæг хъæлæсæй базарыд. Абон сæм хъуамæ йæ кæнгæ æфсымæр Саукуыдз æрцæуа Хамбиимæ, æмæ сывæллонау цин кæны Мæди. Рæвдз кæны йæхи уазджыты æрцыдмæ.
Æрдз алы хорздзинæдтæй дæр фæхайджын кодта Мæдийы. Цы – йæ бакаст, цы – йæ зонд, цы – йе ‘гъдау. Йæ урсцъар цæсгом афтæ рæсугъд уыд, æмæ дзы адæймаг йæ цæстæнгас зынтæй ратыдтаид. Фæлæ ноджы рæсугъддæр та йæ зæрдæйы конд уыд, æмæ йæ уый тыххæй бирæ уарзтой хъæубæстæ. Йæ ныййарджытау хæларзæрдæ уыд чызг дæр. Данел æмæ йæ бинойнаг сæ чызджы цинæй сæхи арвы милтыл сæрфтой, авгау ын æрхауынæй тарстысты. «Хуыцау сын иу радта æмæ нывыл», – арæх фехъусæн уыд адæмæй ахæм ныхæстæ. Сæрæн чызджы уарзтæй чи тади, ахæм лæппутæ хъæубæсты бирæ уыди. Алы хуызы архайдтой йæ зæрдæ йын балхæныныл, фæлæ æнæрцæф чызг йæ хæдзармæ минæвары номыл къахдзæф дæр никæй уагъта. Йæ зæрды уыд Арешпераны астазон скъолайы фæстæ Сталиниры дарддæр сахуыр кæнын, ахуыргæнæджы дæсныйад райсын. Уый уыд йæ ныййарджыты бæллиц дæр. Баххуысæй йын ныфс бавæрдта йæ кæнгæ æфсымæр Саукуыдз дæр.
Саукуыдз æмæ Хамби Собатæм æрбацыдысты изæрырдæм, базары сæ хабæрттæ конд куы фесты, уæд. Хатт-иу Саукуыдз иунæгæй дæр æрцыд, фæлæ-иу бирæ фос куы ‘ртардта, уæд æй æххуыс æнæмæнг хъуыд, Хамбийы йеддæмæ та никæуыл æууæндыд. Уазджытæ семæ æрбахастой фысы агъд, стæй адджинæгтæ Мæдийæн.
– Уæ хорзæхæй, афтидæй уæ ничи уадзы? Алы хатт мæм хуынтæ цæмæн хæссут? Цал хатты уын загътон, мæ хæдзары стут рæбинаг æмæ мæ мацæмæй æфсæрмы кæнут. Хуыцауы фæрцы афтæ ихсыд не сты нæ къуымтæ, – йæ къухтæ æфсæрмыгæнгæ фæйнæрдæм аппæрста Данел.
– Бауырнæд дæ, Данел, цыбыркъух стут, зæгъгæ, ничи зæгъы, фæлæ нæ ды дæр бамбар. Нæ уарзон бинонтæн исты хорзы бацæуын, истæмæй аххуыс кæнын махæн дæр æхсызгон у. Ау, нæ хойæн йæ къухы адджинæгтæ авæрын цас диссаг у! – ныхас айста Саукуыдз.
– Хуыцау уын бирæ раттæт, мæ хуртæ, æмæ уæ базарамонд уæд кæддæриддæр, – арфæтæ кæнынмæ фæци Данел æмæ сын дзаджджын фынгмæ ацамыдта: – Табуафси, нæ хойрагæй нын саходут.
Фæлæ Хамби ныхæстæм нæ хъуыста. Уый зыдæй каст Мæдийы рæсугъд цæсгоммæ, æмæ йæ тызмæг зæрдæмæ лæдæрстысты æхсызгон æнкъарæнтæ. Ныр æй цалдæр хатты федта, æмæ дзы йæ уд баззад. Кæддæрты йæм дзырдæппарæнтæ бæргæ бакодта, фæлæ йæм чызг рæстмæ ныхасмæ никуы ‘рлæууыд. Йе ‘нкъарæнтæ Саукуыдзæн ской кодта, фæлæ йын уый карзæй бафæдзæхста, йæ дзыхæй дæр сæ куыннæуал суадза. Кæд фыдгæнæг уыд, уæддæр æй йæ сæрмæ нæ хаста, æфсымæр дзы чи загъта, уымæ уый бадзурын. Æнæуи та йæ зыдта, чызг барвæндонæй кæй не сразы уыдзæн. Йæ хæрæфырты хъуыды зонгæйæ, кæддæр Саукуыдз хъазгæмхасæнты бакой кодта Мæдийæн, Хамбийæн дæ куы ачындз кæниккам, зæгъгæ. Уый чызгæн тынг фæхъыг:
– Саукуыдз, нæ зонын, хъазгæ кæныс æви æцæг дзурыс, фæлæ æз Хамбимæ дæр дæу тыххæй дарын æфсымæры зæрдæ, æмæ мæ ахæм ныхæстæм хъусын нæ фæнды. Уæдæ мæм мой кæныны фæнд та бынтондæр нæма ис. Æз ахуыр хъуамæ скæнон. Афтæ йæ нымайæм, æмæ ницы фехъуыстон, стæй ацы ныхас мæ фыды хъустыл дæр ма ‘руайæд. Уый сымахыл йæхицæй тынгдæр æууæнды, æмæ йын йе ‘ууæнкæн аргъ скæнут.
Уæдæй фæстæмæ йын Саукуыдз ницыуал загъта. Йæ хæрæфырты уавæр дæр уыдта, куыд утæхсæн кæны, уарзты арты кæй судзы, фæлæ йын йæ бон баххуыс кæнын ницæмæй уыд. Уæлдайдæр ма Мæди уый куы базонид, æмæ Хамби идæдз у, – куыд дзурынц, афтæмæй йæ бинойнаг уый аххосæй йæхимæ йæ къух систа – уæд æй сæ хæдзармæ уадзгæ дæр нал æрбакæниккой.
Саукуыдзæн йæ хо Фатъимæт æмæ йæ цардæмбал Гига иу азмæ кæрæдзи фæдыл амардысты. Сæ фæстæ ныууагътой лæппу æмæ чызг хæрз æвзонгæй. Чызг хистæр уыд æмæ йе ‘фсымæрмæ каст, æххуыс сын кодтой сыхæгтæ, Фатъимæты цæгат. Саукуыдз сæ арæх бæрæг кодта, ницы цух сæ уагъта. Фæлæ уæддæр лæппу фыдуаг рауад. Уæдмæ хо æмæ æфсымæр сæ амæндтæ ссардтой.
Хамбийы бинойнаг Сæлимæт уыд, комы аргъ чызг кæй фæхонынц, ахæм рæсугъд æмæ сæрæн. Бирæ дзурджытæ йыл уыд, фæлæ йæ абон дæр ничи зоны, уыдоны ‘хсæн абырæг æмæ галиу зондыл хæст Хамбийы цæмæн равзæрста, уый. Æдде бакæсгæйæ, бинонты цард зынд æнæлаз, фæлæ цыбыр рæстæгмæ чызджы цæсгом саумылазон афæлдæхт, йæ мидбыл никуыуал бахудт, йæ цæстыты ныццахст судзгæ маст. Фæлæ никæмæн ницы дзырдта. Саукуыдз хорз зыдта йæ хæрæфырты зондахаст, йæ усы туг дойныйæн кæй нуазы, æмæ-иу ын арæх уайдзæф кодта, фæлæ-иу уый йæ къух ауыгъта.
Хамби æмæ Сæлимæт цардысты стыр цæугæдоны был. Сæ хæдзармæ хæстæг ададжы дон бæзджындæрæй уади. Чызджытæ дзы сæхицæн ауазæн скъахтой æмæ дзы найæн бынат сарæзтой. Алчи дæр æй зыдта, æмæ нæлгоймæгтæй уырдæм ничи цыдис. Раст уыцы ран иу райсом ссардтой Сæлимæты мард…
Хабар уайтагъд айхъуыст. Æнамонд чызгмæ цы рауад, уый ничи зоны абоны онг дæр. Фæстаг хатт ма йæ уыцы райсом найæны сæрмæ къуыппыл лæугæ федта сыхæгты чысыл лæппу, æндæр æй уынæг нæ фæцис. Йæхимæ йæ къух систа æви æнамонд цау уыд, уый не сбæрæг. Куыд дзырдтой, афтæмæй йæхи бар нæ уыд. Кæд Хамбимæ сæ зæрдæ ‘хсайдта, уæддæр ничи ницы суæндыд. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй уыцы рæстæг хæдзары йæ фосмæ зылд.
Æцæг æм чызджы цæгат лæбурынтæ систой, уыцы уавæрмæ йæ ды æркодтай, зæгъгæ. Стражниктæ йæ акодтой. Бирæ рафæрс-бафæрсы фæстæ йæм куы ницы къухбакæнæн ссардтой, уæд æй рауагътой. Хамби, æгæрыстæмæй, йæхи хуызæн фыдгæнæг чи уыд, йæ уыцы абырæг мадыфсымæр Саукуыдзæн дæр ницы схъæр кодта. Афтæ æнамонд чызджы марды аххосаг абоны онг дæр æмбæхстæй баззад.
* * *
Чъизигъуыз, къæвдамхиц мигътæ ауыгъдæй лæууыдысты арвыл. Тæссаг уыд къæвдайæ. Хохы дæгътыл зын цæуæн у, фæлæ йыл дыууæ барæджы фæхæрд кодтой. Дæлдæрты æмраст, лæгъз фæндаг цæуы, фæлæ йыл иу бонцаумæ дæр амынд бынатмæ нæ бахæццæ уыдзынæ. Абырджытæ сæ давд фос дæр фылдæрхатт ауылты фескъæрынц.
Сау бæзджын хъæд айвæзти цалдæр версты бæрц. Дысоны тæрккъæвдайы фæстæ хъуысы Арешы знæт уынæр, ранæй-рæтты æрттивынц къæвдайæ баззайгæ култæ. Атагъайы кæцыдæр бынæтты айтыгъдысты дидинæгджын æрдузтæ. Хъæд сабыр у, æрмæст рæстæгæй-рæстæгмæ хъæды арфæй райхъуысы дудахъхъы ныллæг уаст.
Тындзынц барджытæ хъæды нарæг зæнграгъыл, цыма сæ исчи суры, уыйау. Ранæй-рæтты пыхс къалиутæй ахизæн нæй, æмæ бæхтæ фæоцани вæййынц. Фæфæсзæнг сты, æмæ сын уæрæх къахвæндагыл фенцондæр. Сæ балц ныр та Дасаулеты ‘рдæм у, бæрæггонд сын сты бынæттæ, æмæ та дзы фос ратæлæт кæнын ис сæ зæрды.
Дардæй æрбазынди Шамилы дзуар – абырджыты рæсæн бынат. Афтæ цæмæн хуыйны, уый бæлвырд ничи зоны. Куыд дзурынц, афтæмæй лекъаг хæстон разамонæг Шамил нудæсæм æнусы æртынæм азты Къахеты гæныстон бирæ хæттыты фæкодта йе ‘фсадимæ, æмæ, дам, йæ фæлладуадзæн бынат уым уыд. Ныр та къæвдатæ æмæ хурæй хъахъхъæны абырджыты, фыййæутты, цуанæтты. Саукуыдз æмæ Хамбийæн дæр се ‘рулæфæн бынат ам ис. Ныр дæр сæ бæхтæй æрхызтысты æмæ сæ иуварс бæласыл æрбастой. Саукуыдзмæ афтæ фæкаст, цыма дзуары бæстыхай ноджы кæлæддзагдæр фæцис. Æмæ диссаг дæр нæу, Шамилы æрбабырстыл æнусмæ ‘ввахс рацыд, æмæ уал азмæ бæстыхай ныззаууат. Йæ агъуысты æмбæрзæн дуртæ ранæй-рæтты рахаудтой, æмæ сæ хуынчъытæй арвы рухсы уадздзæгтæ уатмæ æрбырыдысты. Къултæ иуварс фæтæссармæ сты, æрбахизæны дуары бæсты чидæр дынджыр фæтæн фæйнæг сæвæрдта. Адæймагæн дзы баулæфынæн ницы уавæртæ ис, фæлæ уæддæр бæлццæттæ уым абадын уарзынц.
Лæппутæ дзуары рахизæны дынджыр тæгæр бæласы бын уæлдагъыл æрбадтысты. Хамби уайтагъд хордзенмæ февнæлдта æмæ фынгыл авæрдта, сæ фысымтæ сын кæй атыхтой, уыдон: арахъхъ, торнейы дзултæ, дзидзайы кæрстытæ, цыхт, цъæх хъæдындзтæ… Авджы дзыхæй къæрмæг сæлвæста, сыкъамæ нозт рауагъта æмæ йæ Саукуыдзы къухмæ авæрдта. Фæйнæ æртæ ануæзтой, фæлæ Хамби æнкъард уыд, æнæбары цæмæдæрты æвнæлдта. Саукуыдз æй цалдæр хатты бафарста, фæлæ-иу цыдæр афсæнттæ кодта. Æппынфæстаг йæ утæхсæн схауд:
– Саукуыдз, мæ хистæр дæ, мæ мадыфсымæр, æмæ мын дæ разы ме ‘нкъарæнтыл дзурын аив нæу, фæлæ дæу йеддæмæ мæнæн ничи баххуыс кæндзæн. Стæй æнæуый дæр иу хæрвы тыхт стæм. Мæ хорз дæр æмæ мын мæ ‘взæр дæр дæуæй хуыздæр ничи зоны. Кæд нæм æргомæй ничи уæнды, уæддæр нæ дыууæйы дæр фыдгæнджытыл нымайынц. Фæлæ фыдгæнæгæн дæр зæрдæ æмæ уд ис. Мæнæн æнæ Мæди цард ад нал кæны. Уарзын æй. Мæ хæдзар æнæ сылгоймагæй уазалы тæф кæны. Рухсаг уæд не ‘фсин, фæлæ ныр æртæ азы рацыд, цард йæхионтæ кæны. Дæуæй Данел фырт загъта, Мæди дæр дæ ‘фсымæрыл нымайы, фæлæ мæнæн цæуылнæ ис уый тыххæй уарзыны бар? – йæ дыууæ къухæй йæ сæрыл ныххæцыд Хамби, æмæ йæ нырдиаг кæнынмæ бирæ нал хъуыд.
Саукуыдз æм кæсгæйæ баззадис. Ныр сæм дыууæ азы цæуынц Собатæм, æмæ раджы фæхатыд лæппуйы æнкъарæнтæ. Зоны йæ, æгъдауыл куы сархайой æмæ минæвæрттæ куы барвитой, уæддæр дзы ницы рауайдзæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддаг æрмæст ууыл нæу, æмæ Саукуыдзæй сæхицæн лæппу загътой. Æмæ сын уæд йæ хæрæфырт цы хион у? Зоны йæ, Хамби бинонты цардæн нæ райгуырд – нæ фæцæрдзæн йемæ, исты фыдбылызы та куы ныссадза зæды хуызæн чызджы, йæ бинойнаджы куыд аныхъуырдта, афтæ, уæд уый куыд æруадза Саукуыдз? Чызг та барвæндонæй никуы сразы уыдзæн. Кæд абырæг æмæ лæгмар у, уæддæр ма йæм уыйас адæймагдзинад баззад, æмæ йæ нæ фæнды, йæ фæрнджын фысымты фæхъыг кæна. Уæлдайдæр, уый куы базоной, бинойнаг ын уыд æмæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ фæмард, уæд. Йæхæдæг дæр æй не ‘мбары, Собатæ йыл афтæ тынг куыд баууæндыдысты, уый. Ныфс æй куы уаид йæ хæрæфыртæй, уæд хъуыддаг аразыны хæс иууылдæр йæхимæ райсид. Фæлæ Мæдийæн уый аххосæй йæ амонды фæндаг куы басудза, уæд сын канд уыцы хæдзармæ нæ, фæлæ Дæллаг Къахетмæ фæндаг дæр нал уыдзæн. Æмæ ма уæд сæ пайдайæ дæр æнæ хай хъуамæ фæуой. Цы у йæхи цард дæр Саукуыдзæн?.. Йæ бинойнаг æмæ æртæ сывæллоны цалдæргай мæйтæ нæ фены. Афонмæ раджы ныууагътаид ацы хъуыддаг, фæлæ йын йæ фыд æнцой нæ дæтты, æргомæй йæ фыдбылызы æппары. Æмбары йæ, куынæ æрлæууа, уæд рæхджы йæ мæгуыр æфсымæры фæдыл ацæудзæн, фæлæ фыды ныхасыл дыууæ зæгъын чи уæнды.
– Хамби, æз дын дæ уавæр æмбарын, фæлæ мын æй ды цæуылнæ æмбарыс? Мæ туг, ме стæг дæ, адджын мын дæ, фæлæ дын æргомæй зæгъын: уыцы чызг мах хуызæтты аккаг нæу. Адæймаг ыл йæхимидæг дæр нæ сæтты, фæлæ мах стæм фыдгæнджытæ. Фыдгæнæгæн та йæ фæндаг цыбыр у, абон уа, сом, искæй нæмыг ыл сæмбæлдзæн. Уæд цæмæн æппарæм ахæм чызджы цæхæры? Йæ зæрдæ ахуырмæ æхсайы, æмæ йæ цæмæн хъыгдарæм? Цы куыст кæнæм, уый куы базоной, зонгæ та йæ æнæмæнг бакæндзысты, уæд мæн дæр худинаджы цæмæн æппарыс? Йæ кæнгæ хойы дыккаг усæн фыдгæнæджы разæй скодта, зæгъгæ, ничи зæгъдзæн? – йæ ныхас сабыргай нывæста Саукуыдз.
Хамбийæн йæ мадыфсымæры ныхæстæм хъусгæйæ йæ цæстытæ туджы малы зылдысты. Æппындæр æм ницыуал хъардта. Мæди – æндæр ницыуал уыдта æмæ хъуыста. Æваст фæбадæг ис йæ бынаты, йæ хъама фелвæста æмæ йæ сæ дыууæйы ‘хсæн зæххыл æртъыста:
– Сис мын мæнæ мæ хъама æмæ йæ мæ зæрдæйы ныссадз! Уæддæр мæ цард ницыуал у æнæ Мæди. Кæнæ мын баххуыс кæн, кæнæ мæ амар! Дзырд дын дæттын, ницæмæй йæ фæхъыг кæндзынæн, мæ хæдзары ницы хъуаг уыдзæн. Кæд мын минæварæй нæ комыс, уæд та мын скъæфынмæ баххуыс кæн! – ныррыхыд фыдгæнæг æмæ йæ къухы фыдтæм дæндагæй фæлæбурдта.
Саукуыдз æдзæмæй бадгæйæ баззад. Цы ма бакæна, уымæн йæ сæрæн ницыуал зоны. Чызджы мæт æй куыд нæ ис, фæлæ йæ хæрæфырт дæр сæфы. Йæхицæн исты фыдбылыз сараздзæн – тæвдтуг у… Уæд та… Цы нæ вæййы. Кæд æрхæдзарон уаид Хамби. Чызг дæр иучысыл йемæ куы ацæра, уæд æй бауарздзæн. Арæх чызг æмæ лæппу кæрæдзи дæр никуы фенынц, афтæмæй сын сæ амонд хистæртæ балхынцъ кæнынц, æмæ сæ цард ацæуы.
Æмбæрста, ардæм йæ фæндаг æхгæд кæй æрцæудзæн æмæ йе стыр пайдайæ æнæ хай кæй фæуыдзæн. Уæддæр йæ зæрдæ дардта, хъуыддаг фидауынмæ кæй æрцæудзæн, æмæ ныффæнд кодта, цæрæнбонты фæсмойнаг цæмæй фæцис, ахæм фæнд: чызджы расайын æмæ йæ аскъæфын…
* * *
Мидхæстæй кæд цалдæр азы рацыд, уæддæр адæм сæ мæгуыры лæдзæг нæма æрæвæрдтой. Къахеты цæрджытæн дæр хæсты уылæнтæ сæ быны-бындуртæ æмæ сæ нæлгоймаг фæсивæды стыр хай аныхъуырдтой. Кæд революцийы уæлахизы фæстæ цард уабæрæг ницæмæй фæхуыздæр, уæддæр сындæггай æндидзын райдыдта. Хæсты хъæдгæмттæ сабыргай æгас кодтой. Рахъомыл ног фæлтæр, бирæтæ дзы ахуыры фæндагыл æрлæууыдысты. Мæдийæн дæр йæ фæнд конд уыд: ацы аз каст фæцис Арешпераны астазон скъола æмæ йæ зæрды ис Сталиниры педагогон институтмæ бацæуын. Йæ рагон бæллиц у ахуыргæнæг суæвын. Фæлæ фæлварæнтæ раттынмæ нырма мæйæ фылдæр хъæуы. Уымæ гæсгæ цингæнгæ сразы, йæ кæнгæ æфсымæр Саукуыдз æй сæхимæ куы фæхуыдта, уæд ууыл.
Мæ хо дæ æмæ нын нæ хæдзар, стæй нæ бинонты никуыма федтай. Иу къуырийы бæрц дæ акæндзынæн, дæхи аирхæфсдзынæ, фендзынæ нын нæ цард, нæ хъæубæсты. Мæн рæхджы фæстæмæ ардæм хъæуы, æмæ иумæ раздæхдзыстæм. Мæ бинойнаджы та фæнды, цæмæй дæ мад æмæ фыдимæ базонгæ уа æмæ, уæвæн ис, уый дæр ракæнæм, – афæлывта Саукуыдз, стæй йын йæ ныййарджытæм баздæхт: – Ацы чызджы æз хонын мæ туг, ме стæг. Уый æз фæхъыг кæнын никæмæн бауадздзынæн. Рауадзут æй мемæ, æмæ исты фена. Тæригъæд у, нырма уæхи хъæуæй дарддæр никуыма уыд. Ахуырмæ куы бацæуа, уæд ын рæстæг нал уыдзæн. Мæ бинонтæ йæ фæсаууонмæ зонынц, æмæ сын йæ фенд тынг æхсызгон уыдзæн. – Цæмæй йыл тынгдæр баууæндой, уый тыххæй ма йæ ныхæстæм бафтыдта: – Тынг зæрдиагæй мæ фæнды, сымах дæр нæм куы рацæуиккат, мæ ныййарджытимæ уæ базонгæ кæнин…
Данел æмæ Аминæт дызæрдыджы хай фесты. Цæугæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ акæндзысты, тæккæ хуымгæрдæн афон у, сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнынц. Исты сæ бирæ лæппутæ æрлæудзысты сæ уæлхъус?! Сæ чызг сын бæргæ хорз аххуыс кæны, фæлæ йæ ныр уазæгуаты ацæуын бафæндыд, æмæ, цы кæной, уый нæ зонынц. Нæ сæ фæнды, сæ чындздзон чызджы æбæрæг ранмæ арвитой, кæд Саукуыдзыл сæ зæрдæ мисхалы бæрц дæр никуы ницæмæй фæхудт, уæддæр. Æууæндынц ыл сæхи фыртау, æмæ сæ йæ фæхъыг кæнын дæр нæ фæнды, кæд йæ хæрæфырт сæ зæрдæмæ уыйас нæ цæуы, уæддæр. Раджы йæ фæхатыдысты, Мæдийæ йæ цæстытæ кæй нал фæисы, уый, фæлæ Саукуыдзы ‘фсæрмæй никуы ницы загътой. Тынгдæр ын уымæй тæрсынц, фæлæ сæ уæддæр сæ кæнгæ лæппуйæ ныфс ис, уый йæ, æгæрыстæмæй, Хамбийæн дæр фæхъыг кæнын нæ бауадздзæн.
– Баба, – йæ ныййарджыты дызæрдыг хъуыдытæ бамбаргæйæ, йæ фыды хъуырыл ацауындзæг Мæди, – æдзух мын афтæ куы дзурут, Саукуыдзимæ дын тархъæды дæр нæ тæрсæм, уæд цæуыл мæт кæнут? Уæдæ ахуырмæ дæр мемæ цæудзыстут? Ме ‘фсымæры бинонты нырмæ кæй нæма зонæм, уый дæр цас раст у? Нæ хъæуæй дарддæр никуы ахызтæн, æмæ мæ фæнды, исты фенон. Раст къуырибонмæ ам уыдзынæн, фæлварæнтæм мæ бацæттæ кæнын хъæуы, æмæ мын уыйас рæстæг нæй.
Данел æмæ Аминæт сæ хъæбулы ныхасыл дыууæ нал загътой.
* * *
Саукуыдз æмæ Хамби сæ давд фосы Къабалы базары тагъд-тагъд лæварæмхасæнты æрбауæйтæ кодтой æмæ цæуыныл ныллæууыдысты. Тарстысты, сæ фысымтæ сæ фæнд куы аивой æмæ чызджы куы нæуал рауадзой. Мæди дæр уæдмæ йæхи срæвдз кодта. Йæ дзаумæтты хызыны ма йын йæ мад нывæрдта дыууæ цыхты, дыргътæ, Саукуыдзы мадæн сæрбæттæн æмæ цъындатæ.
– Хъусыс! – фæдзæхста мад чызгæн, – кæд Саукуыдз нæ кæнгæ фырт у, уæд ды та йæ ныййарджытæн сæ чызг дæ æмæ дæхи æцæгæлонхуызæй ма ‘вдис. Чызгæн кæмфæнды дæр уазæджы бадт кæнын аив нæу, æмæ-иу фезмæл. Кæм-иу æфснайгæ акæн, кæм хæринаг скæндзынæ, кæм сывæллæттæм фæкæс… Иу ныхасæй, амонын дын ницы хъæуы.
Уыцы рæстæг Саукуыдз та Хамбийæн амыдта зонд:
— Ды ацæудзынæ махæй иу сахат раздæр, цыма дæ кæмдæр хъуыддæгтæ ис, афтæ. Мах куыддæр Мтисдзирийы æфцæгæй хъæдмæ бахизæм, афтæ æз фехситт кæндзынæн, æмæ-иу мын ды дæр æхситтæй дзуапп ратт. Дарддæр хъуыддаг йæхи амондзæн…
Мæди цинæй ради. Саукуыдзы фæсарц бадти æмæ алырдæм зыдæй ракæс-бакæс кодта. Сæхицæй кæд дард нæма рацыдысты, уæддæр ацы бынæттæ фыццаг хатт уыдта æмæ сыл цин кодта. Йæ цæстытыл уади, йæ фысымты сабиты куыд рæвдаудзæн, куыд сæ ирхæфсдзæн. Чызджы лæггад кæй кæндзæн Саукуыдзы фæлмæн, хæларзæрдæ мадæн, уый дæр дзы рох нæ уыд.
Бæлццæттæ Мтисдзирийы хохрæбынмæ куы бахæццæ сты, уæд фæхæрд кодтой тæссар-мæссар фæндæгтыл хæрдмæ. Бæхæн йæ уæргътимæ цæуын фæзын, æмæ тыхæнцад кодта размæ. Иу райдзаст æрдузмæ куы бахæццæ сты, уæд Саукуыдз фехситт кодта, æмæ йын чидæр æхситтæй дзуапп радта.
– Мæди, ам мæ зонгæ хъæдгæс ис, æмæ мæ уымæ иу чысыл цыдæр хъуыддаг ис. Ам фæлæуу, æз ныртæккæ фездæхдзынæн.
Мæди æрхызт бæхы фæсарцæй æмæ бæласы ставд зæнгыл æрбадт. Иудзæвгар абадыны фæстæ йæ хъустыл ауад бæхы къæхты уынæр. Чызг цингæнгæ фæгæпп кодта, Саукуыдз æрбацыд, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ йæ фарсмæ æрбалæууыд Хамби. Мæди йæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, фыр тæссæй йæхи бæласы зæнгмæ нылхъывта æмæ, цыма Хамбийы Саукуыдзæй фæтæрсын кæнынмæ хъавыд, уыйау зынтæй ралæмæрста:
– Ныртæккæ Саукуыдзы ардæм хъæуы, йæ зонгæ фыййаумæ ауад. Æвæццæгæн æй зондзынæ, æз дæр уыдонмæ цæуын…
– Мæди, мæ хур, Саукуыдз афардæг, мах та иумæ ацæудзыстæм Белоканмæ. Уым мын хæлар ис, æмæ уал нæ уый бавæрдзæн, цалынмæ дæ ныййарджытæн сæ маст æрцæуа æмæ бафидауæм, уæдмæ. Дæ кæнгæ æфсымæр Саукуыдз дæр афтæ уымæн бакодта, цæмæй ды амондджын уай, æмæ йæм ма мæсты кæн. Сбад мæнæ бæхы рагъыл, æмæ нæхи ардыгæй айсæм.
Чызгыл цыма исчи фыцгæ дон бакалдта, афтæ фæцис. Йæ хиуарзондзинады æнкъарæнтæ цъæх арт, цъæх пиллон скалдтой. Цæсгом саумылазон афæлдæхт. Нæ йæ уырныдта, сайдæй йыл разылдысты, уый. Куы йæ бамбæрста, Хамби хъазгæ нæ кæны, уæд нырдиаг кодта æмæ йæ сæрыхилмæ фæлæбурдта, йæ тæригъæд хъарын райдыдта сæ дыууæйæн дæр.
– Дæхи мауал хæр. Хуыцау нæ кæрæдзийæн снывонд кодта, æмæ Йын табу кæнын хъæуы, – хæстæг æм бацыд Хамби. – Мæнæн æнæ дæу цард нæй, уарзын дæ, Мæди, уарзын, – йæ разы йæ зонгуытыл æрхауд лæппу.
– Хæстæг мæм ма цу, æдзæсгом! – фыр мæстæй ныррызт чызг. – Ды мæн уарзгæ куы кæнис, уæд ахæм ми нæ бакодтаис. Мæ тæригъæд мын фæхæссут уæ дыууæ дæр!
– Мæ сæрæн æндæр ницыуал зыдтон. Ныр мын кæдæй нырмæ мæ риу маст баууылдта. Курын дæ, сразы у мæ фæндоныл. Сбадæм уæртæ мæ бæхыл æмæ нæхи бааууон кæнæм. Æз дæу æвæндонæй нæ бафхæрдзынæн, æмæ мæ ныфс ис, бауарздзынæ мæ.
– Кæд мын ардыгæй мæ мард аласай, æндæр æз демæ никуыдæм цæуинаг дæн, – фидарæй загъта чызг.
Бирæ ма йын фæлæгъстæ кодта Хамби, фæлæ чызг йæ фæндыл фидарæй лæууыд. Лæппу ахъуыды кодта тыхми йын бакæныныл дæр, фæлæ уыцы бынат Мтисдзирийы хъæуы сæрмæ уыд, адæм-иу дзы арæх фæзынд, æмæ йæ ныфс нæ бахаста, фæлæ афæлвæрдта чызджы тыххæй бæхы рагъмæ сисыныл. Фæстагмæ лæппуйы ныхас карзæй-карздæр кодта, фæлæ йæ фæндонæй ницы уади, афтæмæй сихорафон ссис.
Ныр уал раздæхæм, Хамби чызджы цурмæ куы бацыд, уыцы рæстæгмæ. Раст уыцы афон мтисдзирийыхъæуккаг, лекъаг Махмуд, уым хæстæг йæ хъуджы агуырдта, æмæ, йæ хъустыл тыхныхас куы ауад, уæд ыл йæ цымыдис фæуæлахиз, йæ бæх уым хæстæг арбаста æмæ аивæй хæстæг бахъуызыд. Лекъаг уайтагъд Хамбийы базыдта, – Къабалы базары сыл арæх æмбæлд. Уæдæ сын сæ фысымы дæр хорз зыдта. Мтисдзири æмæ Æнгузджыны хъæутæ кæрæдзимæ хæстæг сты, æмæ цæрджытæ кæрæдзи зонынц. Лæг хъуыддаг бамбæрста: Данелы чызджы скъæфынмæ хъавы. Махмуд æй æмбæрста, Хамбимæ хæцæнгарз кæй уыдзæн, йæхимæ та лæдзæгæй дарддæр ницы уыд. Фæстæмæ аивæй раздæхт, йæ бæхыл йæхи баппæрста æмæ Æнгузджынмæ ныффæдис кодта.
Хамби бафæллад, йæ маст йæ былтæй акалд. Æнæбон чызгимæ æнæхъæн æртæ сахаты тох кæны æмæ йын ницы фæразы. Нал ын ис фæстæмæ фæндаг, фæлтау – йæ мæлæт. Уæдæ нал басæттай, зæгъгæ, бауад æмæ, кæд æдас нæ уыд, уæддæр чызджы къаба æрфарин кодта æмæ йæ асхуыста зæхмæ. Æнамонд чызг ахауд. Фæлæ уый циу? Æваст æрбайхъуыст бæхты къæхты хъæр æмæ фæдисæтты хъæлæба. Абырæг бамбæрста хъуыддаг. Æррайау фæци. Ау, йæ амонд йæ къухæй ахауд, йæ фыдæбон æнæхъуаджы фæцис, æмæ ма ахæстоны хай дæр бауыдзæн? «Нæ, нæ уыдзæн уый. Хуыцау æй мæнæн нæ радта, уæд æндæры дæр хъуамæ ма фæуа!» Туг сæрмæ ныццавта. Цалдæр уысммæ йæ сæры ферттывта æбуалгъ хъуыды. Фелвæста хъама æмæ йæ чызджы риуы йæ фистонмæ ныссагъта. Уый ма иу богъ фæкодта æмæ, бæласы бындзæфхад хырхæй куыд акъуырай, уыйау зæххыл адæргъ, йæ рæсугъд сау цæстытæ хъоппæгæй аззадысты.
– Мæ тæригъæд дæр – дæу æмæ дæхи тæригъæд дæр – дæхи! – знæтæй сдзырдта фыдгæнæг, йæ бæхмæ йæхи баппæрста æмæ тархъæды фæаууон. Фæдисæттæ чызджы йæ туджы мæцгæ баййæфтой – йæ хуры хай аныгуылд. Бæстæ хъæр æмæ æрдиаг сси. Чидæртæ ма афæлвæрдтой лæгмары асурын, фæлæ уый уæдмæ æгæрон хъæды æрбатар.
* * *
Сусæны мæйы зынг хур арвы астæуæй нымдзаст зæхмæ æмæ йæ судзгæ тынтæй зæххы уæлцъар дзæгæрæг кодта. Нæууыл цыма исчи арт бандзæрста, уыйау бахус, сбур. Афтæ тæвд уыд, æмæ аууоны дæр фæлæууæн нæ уыд. Æнусон бæлæстæ æнгузцæгъдæн лæдзæджы дæргъæн аууæттæ аппæрстой, æмæ уыцы чысыл сатæг бынæтты фос ривæд кæнынмæ бадзыгуыртæ сты.
Фыдох æркодта абон Æнгузджыны цæрджытыл. Данелы хæдзар арв йæ судзгæ рæхысæй æрцавта. Йæ кæрты хъæубæстæ æмхузонæй саумылазонæй зæхмæ ныккастысты. Лæгтæ сæ худтæ сæ цæстытыл æрфæлдæхтой, æмæ мæстæй сæ цæсгæмттæ ныссау сты.
Данел иуварс лæууыд æмæ, йæ алыварс цытæ цыди, уый рæстмæ не ‘мбæрста. Афтæ йæм каст, цыма фынтæ уыны. Йæ рæсугъд цардбæллон чызг йæ размæ никуыуал рауайдзæн, уыцы хъуыды йæхимæ æввахс нæ уадзы. Æваст æм райхъуыст йæ цардæмбал Мæргъионы судзгæ хъарæг:
О, мæ мæгуыр цардбæллон хъæбул,
Кæдæм уадзыс дæ мæгуыр бинонты?!
Дæ уындæй дæр дын куынæ бафсæстыстæм,
Уæд нæ æнæ ныгæдæй куыд ныууагътай?!
Оу, змæлæг мауал рацæуа дæ марджытæй,
Оу, мæнау æнæ ныгæдæй баззайой!
Æнамонд мады мароймæ адæм зæрдæдихтæ кодтой, æмæ-иу сæ йе-йе райхъуыст.
Сыхаг Митъо бацыд, Данелы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта æмæ сдзырдта:
– Данел, мæ хур, цы нæ бон у, алцыдæр Хуыцауæй аразгæ у! Бауырнæд дæ, зæрдæхæлд фестæм иууылдæр, нæ хъæубæстыл ахæм фыдох рагæй нал ныккодта. Рухсаг уæд йæ чысыл уд, фæлæ нын нæ фыдæлты æгъдæуттæ ничима аивта. Зиан райсом æфснаинаг у, цæуылдæрты ауынаффæ хъæуы, æмæ дæм ничи уæнды уый æрбадзурын.
Данел йæ сæрыл схæцыд æмæ Митъомæ бакаст. Лæгæн йæ сау дудгæбон йæ цæстыты ныццахст æмæ цæссыджы хуызы лæдæрсти уырдыгæй. Митъо нæ бафæрæзта уыцы цæстæнгасæн æмæ йæ сæр æруагъта.
– Митъо, Хуыцауы аххос æй цы кæнæм, уыцы фыдох тынгдæр мæхи аххосæй кæй æрцыд, уый мæ мары, – йæ утæхсæн схауд Данелæн. – Цæмæн бабын кодтон мæ худгæ хуры мæхи къухæй, цæмæн баууæндыдтæн уыцы абырджытыл, цæмæн арвыстон мæ хъæбулы уыцы сырдтимæ? – йæхи нал баурæдта Данел, æргом нырдиаг кодта æмæ йæ сæрыл тымбылкъухтæй ралæууыд.
– Мах не ‘ппæт дæр Хуыцауы раз тæригъæдджын стæм, æнæ аипп ничи у, – Данелы къухыл æрхæцыд Митъо. – Адæймаг-иу уый куы зонид, райсом цы уыдзæн, уæд фыдбылыз никуы æрцæуид. Дæхиуыл фæхæц, мæ хур, адæмы æфсарм тыхджын у. Фыдгæнджытæ та сæ бынат ссардзысты. Стражниктæ, дам, сæ фæдыл зилынц. Адæмы рæсттæрхонæй куы аирвæзой, уæддæр Хуыцауы фыдæхæй нæ аирвæздзысты.
– Кæм ис, кæм, Хуыцау?! Кæд ис, уæд мæ мæ иунæг хъæбулæй æнæ хай цæмæн фæкодта? – йæ ризгæ æрмттæй йæ цæсгом бамбæрзта Данел. – Ахæм фыдгæнджытæн Хуыцауы бон дæр ницы у. Мæхæдæг зилдзынæн сæ фæдыл, цалынмæ мæ къахыл лæууынхъом уон, уæдмæ. Кæнæ мæ туг райсдзынæн, кæнæ мæ амарæнт, уæддæр мæ цард фæцис!
Митъо ницыуал сдзырдта. Алыхуызон хæццæ хъуыдытæ йæ сæры фæлхъæзæнтæ систой. Йæ лæдзæг йæ роцъомæ сбыцæу кодта æмæ афтæмæй джихгастæй баззад. «Кæм ма ис ирон лæг, кæм ма ис æхсар?! Ацы фæрныг бинонтæн сæ маст чи райса, ахæм бынтон æввахс сын ничи ис. Кæд Данелæн йе ‘фсымæры цот кæнæ Мæргъионы цæгатæй исчи. Æмæ уыдон исты бакæной уыцы абырджытæн, уый зын бауырнæн у. Нæ фыдæлтау уазæгуарзон æмæ къæбæрдæттон кæй стæм, уый фесæфта Данелы дæр. Фæлæ не ‘гъдæуттæ куынæуал нымайæм, уæд ма цавæр ирон адæм стæм!» – æнкъардæй хъуыдытæ кодта Митъо, стæй арф ныуулæфыд æмæ сыхæгтæм адзырдта, цæмæй райсоммæ зиан æвæрынмæ сæхи бацæттæ кæной.
* * *
Æрталынг. Мæй къулыл ауыгъд æхсырфау арвыл æрцауындзæг. Стæм рæтты дзы хæрæмигъты фæскъаутæ фæзынд, раст дзы цыма исчи ногæхсад къуымбилтæ байтыдта, уый хуызæн.
Саукуыдз æмæ Хамби Сауатæм тагъд-тагъд къæбæр ахордтой, хордзенты цыдæр хæринæгтæ авæрдтой æмæ, ахизынмæ куыд хъавыдысты, афтæ кæрты стражниктæ æрбалæууыдысты. Сæхи хъæуы стражниктæй уæлдай ма семæ уыдысты Æнгузджыны хъæуæй дæр – æдæппæт иу-æхсæз лæджы. Фыдгæнджытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдтой, кæй сæ агурдзысты, фæлæ афтæ тагъд, уый æнхъæл нæ уыдысты æмæ фæтыхстысты. Сæ зæрды уыд Кæсæгмæ сæхи айсын, цалынмæ хъуыддаг æрсабыр уа, уæдмæ. Пиран, зæронд абырæг, йæ къухмæ райста хъуыддаг бабæстон кæнын, лæппутæн ацамыдта, уатæй скъæтмæ цы фæрссаг уыд, уымæ. Скъæтæй та фæндаг цыд цæхæрадонмæ, уырдыгæй – хъæдмæ. Бинонтæн бафæдзæхста, цæмæй фынг æвæрынмæ бавналой, йæхæдæг ахызт стражникты размæ.
– О, мæнæ ма мæ хæлæртты федтон! – йæ гæды митæ йæ разæй фесты Сауайы-фыртæн æмæ, йæ къухтæ фæйнæрдæм феппаргæйæ, сæ размæ ахызт. – Ахæм цыты уазджытæ мæ кæрты рагæй нал уыд. Уазæг – Хуыцауы уазæг, мидæмæ нæм саккаг кæнут.
Стражникты хистæр, фыдзыкъуыр, гуыбынджын Тъатъо – йæ уæрæх æнкъырдтæ цæсгомыл стыр кæлдымау нытътъæпæн æнæвгъау стыр фындз – хъуыддагхуызæй балæууыд Пираны раз.
– Нæ, Пиран, мидæмæ нæ не ‘вдæлы, дæ фырт æмæ дæ хæрæфырт сарæзтой стыр фыдракæнд. Саукуыдзы æххуысæй Хамби амардта кæйдæр чызджы, æмæ сæ дыууæ дæр нымад сты фыдгæнджытыл. Ардæм кæй æрбацыдысты, уый уынæг фæцис, æмæ æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ сæхи раттæнт.
– Оу-уа, уый мын цы загътай!? – йæ сæрыл ныххæцыд хинæйдзаг лæг. – Уымæн уæвæн нæй! Сæ дыууæ дæр сæрæн кæй сты, кусын кæй уарзынц æмæ кæй ницы хъуаг сты, уый тыххæй сæм бирæ хæлæггæнджытæ ис æмæ сыл мысынц алы хъылма. Уыдон рагæй дæр Кæсæджы сты, æмæ сæ дæллаг Къахетмæ цы ныххастаид? Кæд уæ нæ уырны, уæд рахизут æмæ фенут, стæй мын хъуыддаг дæр бæлвырддæр бамбарын кæнут.
Стражникты хоныны сæр ницæмæн хъуыд, æнæуый дæр сæ зæрды баджигул кæнын уыд, æмæ хæдзары фæмидæг сты. Азылдысты къуымты, скъæты, цæхæрадоны, уæлхæдзæртты, фæлæ никуы ницы ссардтой. Уæд Тъатъо Пираны раз æрлæууыд æмæ мæстыйæ сдзырдта:
– Пиран, дæ абырæг фырт æмæ хæрæфырт рæсттæрхонæй куы аирвæзой, уæддæр сæ сæ туг исæг уыдзæн. Хуыздæр сын у ахæстонмæ. Уыдон хордтой Данелы хуызæн фæрнджын лæджы цæхджын хойраг. Уый сæ æнхъæлдта йæхи хуызæн рæстуд, баууæндыд сыл, æмæ йын йæ хъæбулы мæрдтæм барвыстой. Хамбийы комкоммæ уынæг фæцис, ды та ма сæ раст кæныс.
– Цы дын зæгъон, нæ зонын. Хуыцауæй ард хæрын, кæд æз лæппуты федтон, – йæ къухтæ фæйнæрдæм фæфæлдæхта мæнгард лæг. – Цалынмæ хъуыддаг сбæлвырд уа, уæдмæ фидарæй ницы зæгъæн ис. Куыддæр фæзыной, афтæ уæм сæ мæхæдæг бакæндзынæн. Ныр та уал хæдзармæ æрбахизут. Пираны къæсæрæй æнæ йæ цæхджын хойраг ацаходгæйæ ничима аздæхт.
– Сауайы-фырт, мах ардæм минас кæнынмæ не ‘рбацыдыстæм. Бæлвырд æй зонæм, фыдгæнæг чи у, уый, æмæ дæ абырджыты рæстæгыл бацагур…
– Мæ урс сæр мын ма фæхудинаг кæнут, мæ къæсæрæй афтæмæй ма аздæхут! Уыдон дæр искуы зындзысты, æмæ сæ рæстдзинад рабæрæг уыдзæн. Ныр та уал мын мæ хойрагæй ацаходут. Нæ фыдæлтæй цы баззад, уый кæнын хъæуы.
Хæдзарæй калд цæхджын фыд æмæ хæбизджынты тæф. Тъатъо йæхи нал баурæдта æмæ мидæмæ араст. Йæ фæдыл бахызтысты иннæтæ дæр. Хæдзары æфсин Пираны амындмæ гæсгæ фæсте ницæуыл фæхæцыд. Йæ чындзимæ ахæм фынг ацæттæ кодтой, æмæ йæм мард дæр рабадтаид. Уæливыхтæ царвы ленк кодтой, сойцæст дзыкка, цæхджын фыд, физонæг, карз арахъхъ æмæ цы нæ уыд фынгыл. Ахæм минас фенгæйæ, уазджытæй сæ цыды сæр айрох, æмæ зæрдиагæй бавнæлдой. Æхсæв-бонмæ гаджидæуттæ фæуагътой стражниктæ. Райсомæй сæ бæхтыл куы сбадтысты, уæд ма Тъатъо, фыр расыгæй йе ‘взаг йæ дзыхы нал арæхст, афтæмæй Пиранмæ радзырдта:
– Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн дæ фырт æмæ хæрæфыртимæ. Æмбæхсыны фæнд ма скæнæнт, уæддæр сæ ссардзыстæм.
Йæхинымæры та ахъуыды кодта: «Адоны хуызæн абырджыты мæхиуыл цæмæн ардауын? Цы мын фæуыдзæн Дæллаг Къахеты цæрæг Данел? Пираны хуызæттимæ лымæнæй цæрын хъæуы. Хъуыддаг исты хуызы хъуамæ бамынæг уа».
– Тъатъо, мах нæхимæ цæуæм, фæлæ мæ ныфс ис, ацы абырджытæ къухы куы бафтой, уæд нæм сæ Æнгузджынмæ кæй æркæндзыстут. Фыдракæнд уым æрцыд, æмæ сыл тæрхон дæр уым хъуамæ кæнæм. Уæ хъус дарут, мыййаг, кæд фæзыной, уæд сæ сæ бинонтæ ма бамбæхсæнт, – Тъатъомæ баздæхт Æнгузджыны стражникты хистæр Ладемыр.
– Ау, уæдæ нæ куыст æндæр цы у! – йæ рихиты бын хинхудт бакодта Тъатъо. – Ацы бинонтыл хъæстытæ рагæй цæуы, фæлæ сæм æргом ничи уæнды. Исты сæрфат сын æрхъуыды кæндзыстæм…
* * *
Саукуыдз æмæ Хамби уæлбыл хохы фахсыл бирæ фæбадтысты æмæ уырдыгæй æнкъардæй кастысты, сæрибарæй æрцæуыны фадат сын кæдæм нал ис, уыцы хъæумæ. Саукуыдз æй зоны, йæ фыд та сæ ацы цъысымæй дæр сласдзæн, фæлæ йæ зæрдæйы фыдох æрцард. Афтæ куы загъта, ныр æрбæстон уон мæ хауæггаг цардæй æмæ мæ бинонты фарсмæ æрбадон, уæд та йæ йæ хæрæфырт фыдбылызы нытътъыста. Уый æнхъæл куы уыдаид, уæд чызджы цæуыл сæфта? Ныфс æй уыд, чызг кæй æруарздзæн Хамбийы. Фæхудинаг æй кодта йæ хæрæфырт.
Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты уыцы боны цаутæ. Уæд Саукуыдз уыцы иу цыдæй ацыд йæ хæдзармæ, Хамби та чызджы хъуамæ ахастаид Азербайджаны хъæу Белоканмæ. Уый ис тæккæ Гуырдзыстоны арæныл, Къабалы базармæ хæстæг, æмæ сын дзы бирæ æрдхæрттæ ис. Уалынмæ Хамби къæсæрыл тугæй ахуырст дзаумæтты куы ‘рбалæууыд, уæд ма йын хъуыддаг цы базонын хъуыди. Æррайау фæци. Фæлæбурдта йæ хъамамæ æмæ йæ хæрæфырты йæ быны æрæфсæрста, марынæй йыл нæ бацауæрстаид, фæлæ, йæ мады цъæхахст куы айхъуыста, уæд йæхимæ æрцыд. Уæддæр ма йыл тымбылкъухæй ралæууыд. Уалынмæ фæзынд Пиран дæр æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн кодта. Хабар куы базыдта, уæд ын æхсызгон кæцæй уыдаид, фæлæ, суанг райдайæнæй йæхи аххостæ кæй сты, уый æмбаргæйæ, алыг кодта:
– Ныртæккæ къæбæр ахæрут, уæ дзаумæттæ амбырд кæнут, боны рухсæй Кæсæджы арæнæй хъуамæ ахизат. Уым уын бирæ зонгæтæ ис, æмæ цалдæр мæйы искæмæ ацæрдзыстут, цæлынмæ æрсабыр уой, уæдмæ. Бæргæ мæ нæ фæндыд, æмæ лæг амардтаиккат, фæлæ ма ныр цы…
Стæй баздæхт йæ фæлмæнтæ бинойнаг Сотионмæ:
– Мæнæ нæ хæдзарæй исты ныхас айхъуыст, уæд мын дæхимæ кæс, – бартхъирæн кодта æнаккаг лæг æмæ æддæмæ ахызт.
Сылгоймаг марды хуызæнæй бадт æмæ йæ цæссыгтæ йæ мæллæг уадултыл згъордтой. Йæ æнæзæрдæ фыдгæнæг лæг æй йæ царды бонты бахордта, маст æмæ дзы цæссыг йеддæмæ ницы федта. Æмæ йæхи цардыл йæ къух раджы ауыгъта, фæлæ, сæ лæппуты йæхи фæндагыл кæй акодта, уый йæ мардта. Афтæ сын никуы загъта, сыгъдæгуд фæллойæ хуыздæр ницы ис царды, цæмæй æнæмæтæй дæ бинонтимæ цæрай, фæлæ сæ ардауы æрмæстдæр æвзæрдзинадыл, искæй цæттæ фæллой байсыныл. Фыдгæнæгæн та, абон уа – райсом, йæ царды фæндаг цыбыр у. Æмæ уал йæ фырттæй иу байсæфт. Саукуыдзæн уæддæр йæ зæрдæ йæ мадау фæлмæндæр у, фæлæ йын фыд æнцой нæ дæтты, ардауы йæ фыдбылызы фæндагыл. Сæ чызджы фырты дæр ма йын йемæ сбаста. Адоныл ма йын исты куы ‘рцæуа, уæд ма йæ цард цы у? Æмæ та мæнæ ног маст. Бабын кодтой кæйдæр хъæбулы. Йæ зæрдæ скъуыдтæ кæны Сотионæн, фæлæ йæ бон ницы у, нæ уæнды йæ бирæгъ лæгæй. Ныхас зæгъыны бон нæй сæ чындз, Саукуыдзы бинойнаг Сæлимæты дæр. Уымæн дæр Пиран йæ дзыхыл цъутта раджы сæвæрын кодта. Сотион йæ абырæг лæджы стражникты къухмæ раджы радтаид, йæ фыдгæндтæ йын раргом кæнгæйæ, фæлæ – халон халоны цæст нæ къахы. Йæ цæхджын хойраджы руаджы семæ хæларæй цæры. Стæй, Пираны куы ‘рцахсой, уæд ракъахдзысты иннæ фыдракæндтæ дæр, æмæ кæстæрты дæр йæ фæдыл аласдзæн.
Дзаджджын минасы фæстæ дыккаг бон изæрæй Пиран йæ галты сифтыгъта, уæрдоны сæвæрдта дынджыр гарз цыхтæй йедзагæй, дыууæ къæртайы царв, мыд, фысы цæхджын фыд æмæ араст Тъатъойы хæдзармæ. Стражникты хистæр ахæм хуын куы федта, уæд æхсызгон худт бакодта æмæ Сауайы-фырты мидæмæ бахуыдта.
– Тъатъо, мæхимæ мæсты кæнын, нырмæ афтæ æввахс кæрæдзи цæуылнæ зыдтам. Мæ уд дæр дын нæ бахæлæг кæндзынæн. Ацы уæрдоныл цы ис, уымæй дарддæр ма галтæ дæр уадзын дæуæн. Фæнды мæ, дæ кæстæртæй дын искæй натлиа скæнон.
Хинæйдзаг Тъатъо куыд нæ бамбæрста, абырæг дзы цы домы, уый, фæлæ ахæм фæллæйттæ дæр фæстæмæ куыд аздæхтаид.
– Мæ зынаргъ Пиран! Цалынмæ æз æгас уон, уæдмæ тæрсгæ ма кæн. Æз сараздзынæн мæнг документтæ, ссардзынæн мæнг æвдисæнтæ, цыма чызджы фæмарды рæстæг лæппутæ Дагъыстаны уыдысты. Æрмæст дын фæдзæхсын: нæхицæй дарддæр ацы ныхас хъуамæ мачи зона.
Æхсæв-бонмæ ныр та Тъатъойы хæдзары фæминас кодтой дыууæ фыдгæнæджы. Райсомæй Пиран æфсæст æмæ хъæлдзæгзæрдæйæ ацыд йæ хæдзармæ.
ФÆСНЫХАС
Мæргъион йæ мæгуыр хъæбулы фæстæ йæ уат нал систа. Кастысты йæм йе ‘фсымæры цот. Сыхæгтæ дæр æй рохуаты нæ уагътой. Куыд амыдта сæ рæстæг, афтæ-иу æй абæрæг кодтой. Фæлæ сылгоймаг бонæй-бонмæ тади æмæ дыууæ мæймæ йæ чызджы баййæфта.
Данел ма райдианты бæргæ арауай-бауай кодта, йæ зæрды фыдгæнджыты ссарын уыд. Агуырдтой сæ хъæубæсты лæппутæ æмæ хиуæттæ дæр, фæлæ уыдон зæххы скъуыды аирвæзæгау фесæфтысты. Данел сæхи стражниктæй йæ бон куы базыдта, уæд фæцыд уыцы хъæумæ, ссардта Тъатъойы, ныхас кодта иннæтимæ дæр, фæлæ сæ ныхас уыд: «Чызджы Хамби амардта, уымæн ницы бындур ис. Хæстæгмæ йæ ничи федта. Лæппу Æнгузджыны хъæуæй комкоммæ Кæсæгмæ ацыд. Саукуыдз та чызджы рæстæгмæ фæуагъта æмæ йæ хъуыддаджы фæдыл кæдæмдæр ауад, куы ‘рбаздæхт, уæд æй уым нал æрбаййæфта».
Ахæм æргом сайæн ныхæстæ Данелы зæрдæ кæрдихтæ кодтой. Мастæй-иу йæ къухы фыдтæм дæндагæй фæлæбурдта, йæ туг æнæ истæй кæй зайдзæн, уый йæ мардта. Мысыд йæ хъæбулы æмæ-иу богъ-богъæй фæкуыдта. Бынтон йæ хъару асаст, Мæргъион дæр ма йæ иунæгæй куы ныууагъта, уæд. Лæг йæ къух ауыгъта алцæуыл дæр, хæдзарæй æддæмæ нал хызт. Райдианы-иу цæхæрадоны куыстытæ хиуæттæ акодтой, фосмæ кастысты, стæй дзы сæ бон куы базыдтой, уæд фос Данелы æфсымæр Мырзæ йæ хæдзармæ аскъæрдта. Лæг ма цалдæр мæйы фæудхар кодта, йæ зондæй дæр чысыл фæиртæст, афтæмæй афæдзмæ йæ хъæбул æмæ бинойнаджы баййæфта. «Уыд фæрныг бинонтæ æмæ нал сты, фыдгæнджытæ сын сæ цард байстой», – сæ цæссыг нæ урæдтой сыхæгтæ, къабæзтæ.
Кæд Сауаты Пираны бинонтæ рæсттæрхонæй аирвæзтысты, уæддæр сæ Хуыцауы тæрхон баййæфта. Уалдзæджы, уæд ма Данел дæр æгас уыд, быдыры хуым кæнгæйæ Пиран, нæмыгдзæфæй йæ туджы мæцгæ, зæххыл ахауд. Нæмыг ратахт хъæды ‘рдыгæй. Адæм ыл æрæмбырд сты. Лæппутæй чидæртæ ауад, æхст чердыгæй фæцыд, уыцырдæм, фæлæ никæйуал ссардтой. Зæронд абырæджы баныгæдтой, фæлæ йæ мардмæ иугай адæймæгтæй дарддæр ничи æрцыд. Уый фæстæ хъус-хъус дзырдтой, цыма, дам, уый уыд Данелы æфсымæры лæппу Таймураз.
Хамбийæн дæр Гуырдзыстонмæ цæуæн нал уыд, æрбынат кодта Кæсæджы. Фæлæ уым дæр йæ давыны куыст нæ ныууагъта. Йæхицæн иу цæдисæмбал ссардта, æмæ тæлæт кодтой адæмы фос. Ныр та сæ скъæрдтой Хуссар Ирыстоны, стæй Дасаулеты ‘рдæм æмæ-иу сæ уым æрбауæй кодтой. Иухатт та Мæхъхъæлы ‘рдыгæй Хамби æмæ йе ‘мбал ратардтой цалдæр хъуджы. Уыдон фæфæдис сты æмæ сæ æрбаййæфтой. Лæппутæ нал фæцарæхстысты сæхи бааууон кæнынмæ, æмæ сæ сæ кæрдтыл систой, лыстæг кæрдæнтæ сæ скодтой.
Саукуыдз ноджы дарддæр айста йæхи. Дагъыстаны æрбынат кодта, фæлæ ам дæр æнцой не ссардта. Йæ зæрдæ йын æхсыдта судзгæ фæсмон, йæ цæстытыл уади Мæдийы æнæлаз сурæт, Данел æмæ йæ бинойнаджы стыр лæггæдтæ, æмæ-иу зæрдæхæлдæй ныххаудта. Бинонты кæй бабын кодта, æрмæст ууыл нæ фæсмон кодта, фæлæ, йæ фыды коммæ кæй касти æмæ абырæджы фæндаг кæй равзæрста, ууыл. Нал ахаста Саукуыдз йæ ныфс йæ мад æмæ йæ фыды мардмæ дæр. Йæ бинойнаг æй йæхæдæг ссардта æмæ йæм æрцыд йæ сывæллæттимæ, фæлæ уымæй дæр йæ зæрдæйы маст нал байсыст. Кæд йæ абырæджы цард дæр ныууагъта, уæддæр æй мæгуыр чызджы тæригъæд баййæфта. Уыцы цауæй цалдæр мæйы рацыд, афтæ æбæлвырд аххосæгтæм гæсгæ йæ хистæр фырт Бечыр йæхи æрцауыгъта. Уый бынтондæр ныззылдта абырæджы бындур.
Ацы мæстыты фæстæ тынг фæцудыдта. Кæддæры цæхæрцæст лæппу баруад, йæ цæстытæ ма мынæг æрттывд кодтой. Афтæмæй ма, фæсмоны арты судзгæйæ, кæйдæр зæххыл æгад æмæ сæрныллæгæй фæцард цалдæр азы. Йæ мард æрласæг дæр ын нал фæцис…