ГАДЖИТЫ Илас

ФЫЙЙАУКУЫДЗ БУРИ

Радзырд

Гæбыла, колхозы гаражы æхсæвгæс, райсомæй сæхимæ куы фæцæйцыд, уæд æй уынджы астæу æрурæдта сыхæгты ус Варкæ æмæ йын цæхæрадонмæ ацамыдта:

– Уæртæ ма кæс: мæ карчы мын хæры йæ къæбылатимæ. Амар æй, фехс æй!

Гæбыла йæ даргъ фындз кауы сæрты бадардта æмæ ауыдта, куыдз йæ къæбылатимæ карчы мард куыд ратон-батон кæнынц, уый. Уæд йе уæхскæй берданкæ æриста, сифтыгъта йæ æмæ ныхъхъавыд. Фыццаг æхстæн мадæл куыдз йæ цыппæртыл æрхауд æмæ нал сызмæлыд. Иннæтæ сæ хæрын фæуагътой æмæ рæйын байдыдтой. Гæбыла сæ радыгай æхста, æмæ цыппарæй дæр сæ мады фарсмæ кæрдæгыл хуысгæйæ баззадысты. Фæндзæймаг алыгъд æмæ хъамылты бамбæхст.

Варкæйы фырт Бола топпы гæрæхтæм фехъал, цæхæрадонмæ разгъордта æмæ хорзау нал фæци. Хъист-хъист кæцæй цыд, уырдæм бауад æмæ къутæрты ‘хсæнæй систа бур къæбыла. Цы йæ фæкæнон, зæгъгæ, акаст фæйнæрдæм æмæ йæ нартхоры рæгъыты ‘хсæнты доны былмæ аскъæфта.

– Доны йæ баппар! – ахъæр кодта йæ фæстæ Варкæ.

Лæппу мады коммæ нæ бакаст. Доны был цы зæронд скъæт уыд, уым къæбылайæн бынат скодта. Уырдæм ын хæринаг хаста, хъахъхъæдта йæ дзæгъæл куыйтæй æмæ кæсагахсджытæй. Куы рахъомыл ис, уæд æй сæ кæртмæ æрбакодта æмæ Варкæ дисæй мард:

– Ахæм бур хæйрæг нæм кæцæй æрбафтыд, фыййау куыйтæй ма уæд?

– Уыдонæй у, – загъта Бола. – Лексо мын æй радта.

– Гъемæ нæ хъахъхъæнæд, – хæринаджы уæлдæйттимæ йын къус йæ разы авæрдта Хуырымон. Уый цæмæй зыдта, Бурийæн доны кæй æппарын кодта, уыцы къæбыла кæй у.

Бонтæ цыдысты. Бола йæ куыдзимæ афтæ тагъд айрæзт, æмæ аст къласы каст куыд фæцис, уый дæр нæ базыдта. Скъола сæм хæстæг уыд, æмæ-иу фæсурокты ахуырдзаутæ Бурийы уынæг цыдысты. Йемæ хъазыдысты, бæхбадт дæр-иу ыл скодтой. Йе ставд ссыртæ æмæ уæззау дзæмбытæй сæ кæрæдзи тæрсын кодтой. Дзырдтой йæм алы нæмттæй: Мухтар, Рекс, Мила, Тарзан, Къобор, Æрсой, Джульбарс…

Куыдз хæринагцух не ‘ййæфта. Цæхæрадæтты сарæх сты хъулон уырытæ-хомяктæ, хуымтыл нæ ауæрстой. Хордтой цъæх нартхор, нас æмæ халсартæ. Адæмы бон сæ нал уыд, æмæ-иу сæ цæхæрадæттæ зæрæстонæй дæр ныууагътой. Бури сæ ахсыныл фæцалх, сæ хуынчъытæ сын къахта æмæ сæ мардта. Сæ дзидзайæ сын йæхи æфсæста. Йе стыр дзæмбытæй цæугæдоны ахста тъепа æмæ хуыдзых кæсæгтæ.

Хъæуы цæрджытæ Бурийæ уæлдай бузныг фесты, сæ кæрчыты сын цы сæлавыр хордта, уый куы ‘рцахста, уæд.

Алы сæрд дæр-иу уарынты фæстæ, хъæуы астæуты цы дон цыд, уый раивылд. Иуахæмы хæдзæрттæм дæр бакалд. Фондзаздзыд сывæллон кæрты иунæгæй аззад, пъадвалмæ ныххызт æмæ доны ныххауд. Йæ хъæрмæ адæм æрæмбырд сты, ололи кодтой, фæлæ дзы бынмæ ныххизын ничи уæндыд. Бола йæ куыдзимæ уым куыдæй февзæрд, уый Хуыцау зоны. Йæхи пъадвалмæ уыциу æппæрст ныккодта, Бури дæр йемæ, æфтæмæй. Сывæллоны ссардта æмæ йæ асинтыл уæлæмæ схаста. Мады цинæн кæрон нал уыд, адæм дæр сын арфæтæ кодтой.

Хабар хъæуыл айхъуыст… Колхозы сæрдар Хæрзойты Къоста йæ бидаркæйы æрбацыд Æрсойтæм. Болайæн ахъæбыс кодта, Варкæйæн радта къафетты къопп, Бурийæн та йæ сæр æмæ йæ фæсонтæ алæгъзытæ кодта æмæ загъта:

– Варкæ, ахæм фырт дын кæй ис, уый нæ зыдтон. Кæцы къласмæ цæуы?

– Дæсæм фæвæййы.

– Æмæ бацæуын та кæдæм фæнд кæны?

– Зоотехник куы суаид, уый йæ фæнды.

– Тынг хорз. Куы нæ бахауа, уæд-иу мæнмæ æрбацæуæд, æмæ йын æз исты куыст ссардзынæн. Ме ‘рдхорды фырт у. Йæ фыд Муратимæ скъола иумæ каст фестæм. Хæстмæ дæр иумæ ацыдыстæм. Тынг домбай уыд, ницæмæй тарст. Ростовы нæ фæхицæн кодтой. Сталинграды бынмæ хæсты фæмард. Йе уæнгты конд æмæ айст уый сты, цæсгомæй дæр – Мурат.

Бола скъола каст фæци хорз бæрæггæнæнтимæ. Зоотехникон факультетмæ фæлварæнтæ лæвæрдта, фæлæ конкурсы нæ ацыд: хъуыдис ма йæ колхозы дыууæ азы бакусын. Йæ мад æй нæ уагъта, фæлæ фыййауæй ацыд Науыры фосхизæнтæм. Бурийы дæр йемæ акодта. Варкæмæ та дыууæ ахуыргæнæджы фатеры ‘рцардысты.

Науыры быдыртыл цæст не ‘ххæссыд. Сæ сæртæ шиферæй æхгæд кæмæн уыдысты, уыцы ныллæг скъæтты колхоз дардта 12 мин сæры лыстæг фос. Хæдзарадæн пайда нæ лæвæрдтой. Паддзахады хъуыдис æрмæстдæр сæ къуымбил. Сæ бафсадынæн-иу æрцæттæ кодтой тынг бирæ хос æмæ æмхæццæ холлæгтæ. Æппæты зындæр фыййæуттæн уыдысты зымæджы мæйтæ, фос-иу зайын куы байдыдтой, уæд. Алы уæрыччы дæр хъуыд бахъахъхъæнын, хъармы дарын. Æмæ-иу сæ фыййæуттæ сæ рæтты дæр хастой, цалынмæ не схус уой, уæдмæ. Кæрц уыд сæ ирвæзынгæнæг. Фыстæ фыццаг Бурийæ тæрсгæ кодтой, фæлæ йыл куыдфæстæмæ сахуыр сты.

Бола-иу ын йæ быны цы хъæмп байтыдта, ууыл-иу ныххуыссыд, 4 – 5 уæрыччы йæ хъæбысы бакодтаид, афтæмæй. Куы схус сты, уæд та-иу ын æндæрты æрбахаста. Уыцы куыст кодта йæхæдæг дæр. Йæ хъуынджын кæрцæй-иу уæрыччытæ сæ сæртæ радардтой æмæ сæ мадæлтæм уасыдысты.

Бури ма æхсæвыгæтты иннæ фыййау куыйтимæ цуаны дæр цыд. Фермæты цур цы цъынатæ уыд, уыдонмæ сагъуыд сты сайгактæ, æмæ колхозы хосæй сæхи æфсæстой. Иу мæйдар æхсæв Бури йе ‘мбæлттимæ сæ размæ бабадт, æмæ дзы фондзыл мæгуыры бон бакодта. Сæ нарддæрты мæрдтæ сын фыййæуттæ дзоныгъты æрбаластой, суæнгтæ сæ кодтой æмæ сæ агты ныккалдтой. Æртытæм сæхи тавтой æмæ дзы, Болайæ фæстæмæ, алчи йæ куыдзæй æппæлыд. Хистæр фыййау Лексо сæм фæрсырдыгæй хъуыста æмæ нал фæлæууыд:

– Æппæлын кæмæй хъæуы, уымæй не ‘ппæлут. Бури дзы æхсæзы æрфæлдæхта. Уый у æцæг фыййау куыдз. Уæ куыйтæй ма йын йемæ искæй рахæцын кæнут, кæддæра куыд уаид.

Болайæн æхсызгон уыд, Лексо йын йæ куыдзæй кæй раппæлыд, уый. Фыййæуттæ сайгачы фыдæй сæхи хорз куы федтой, уæд схъæлдзæг сты, хъазæн ныхæстæ кодтой. Алчи дæр дзы йæ бинонты æрымысыд. Афæдзгæйтты-иу сæ нæ федтой.

Апрелы фыццаг бонты фыййæуттæ æлвыдтой сæ фосы дзугтæ. Æххуыс кæнынмæ сæм хъæуæй сластой аразджыты. Зын куыст уыди фосæн сæ кæрцытæ ласын. Бола-иу афтæ бафæллад, æмæ-иу изæрæй йæ цæнгтæ хæрдмæ сисын йæ бон нал уыд. Фос æлвыд куы фесты, уæд сыл Уæлладжыргомы сæрдыгон хизæнтæм ахъæр кодтой. Бирæ фыдæбæттæ æййæфтой сæдæгай километры дæргъæн фæндагыл. Сæ бон-иу нал уыди цæуын, фысвос дæр-иу бастадысты.

Уæд ма йæ тæккæ тынгыл уыд Транскамы арæзтад. Хуыр æмæ змисласæг машинæты бынмæ-иу фосæй чысыл на бахауд. Бола йæ фосы дзуг тардта арæхстгай æмæ йæ Зæрæмæджы уæзæгыл æнæхъæнæй сæмбæлын кодта. Уым æрыгон фыййаумæ æнхъæлмæ каст колхозы сæрдар Ганийы-фырт Къоста. Куыдзимæ йæ куы федта, уæд фæндагмæ æрхызт æмæ сæ дыууæйыл дæр бацинтæ кодта:

– Æз дын тарстæн, ахæм даргъ æмæ гуыргъахъхъ фæндæгтыл куы нæ бафæразай, уымæй. Фæлæ, куыд не ‘нхъæлдтон, афтæ сæрæн разындтæ. Дæ фæллойбонтæн дын иу тоннæ мæнæу рацыд, иу та – нартхор, æмæ дын сæ уæ кæртмæ баласын кодтон. Ацы мин сомы та дын преми дæ хорз куысты тыххæй.

Бола ныфсæрмы, исгæ дæр сæ нæ кодта, фæлæ йын сæ Къоста йæ риуы дзыппы нытътъыста.

Фосы дзугтæй ком урс адардта. Бола равзæрста, дымгæ æмæ уарынтæй æдас ран Поты фæзы. Айнæджы тигъыл фидарæй лæууыд æмæ алырдæм сæрыстырæй касти Гаджиты мæсыг. Фос-иу райсомæй хæрдмæ хизгæ-хизын ссыдысты, сæхи сойджын кæрдæгæй æфсæстой. Сихорыл та къутæрты аууон ривæд кодтой. Изæрæй та-иу уæтæрмæ æрцыдысты. Бури бонрухсæй зылди дзуджы алыварс. Мæйдар æхсæвты та фынæй нæ кодта. Алы сыбыртт дæр ахста йæ къуыбыр хъустæй.

Дауиты фосы дзугмæ дæр балбирæгътæ мæйдар æхсæвы бабырстой. Куыйты рæйын ссыд, æмæ топпы гæрах комы азæлыд. «Бирæгътæ!» – ныхъхъæр кодта чидæр. Бола, Бури йæ разæй, афтæмæй тындзыдта нарæг къахвæндагыл. Тоборзайы хъæууатмæ куы схæццæ сты, уæд телыхъæдыл конд цырагъы рухсмæ ауыдтой тугдзыхты – рухсæй нал тарстысты. Сæ амæттæгты æрбынæй кодтой æмæ сæ зыдæй хордтой. Бури кæройнаг бирæгъмæ батахт æмæ йæ сынæгæй сцавта. Уый фæуæлгоммæ, стæй фестад. Куыдз ын йæ къубал ацахста æмæ йæ срæмыгъта. Иннæ бирæгъ фæлидзынмæ хъавыд, фæлæ йын нæ бантыст: Бури йын йæ бæрзæйыл фæхæст æмæ йæ уæгъд нал суагъта. Æртыккаг уыд сæ балхон. Тугдзыхтæ йæ фæйнæ фарс æрлæууыдысты æмæ йæм, сæ цыргъ ссыртæ æвдисгæйæ, хæстæг бацæуын никæй уагътой. Уæдмæ æд берданкæ схæццæ Лексо, балхонмæ ныхъхъавыд, æмæ йын стыр нæмыг йæ сæр фæйнæрдæм фæхаста.

Иннæтæ кæдæм лыгъдаиккой, уый нал зыдтой. Бола дзы дыууæйы йæ уæззау лæдзæгæй æмардта, иннæ дыууæйæн та Бури сæ фæндаг ахгæдта æмæ сæ радыгай зæххыл фæхоста. Боныцъæхтыл фыййæуттæ къуылдыммæ згъордтой æмæ бирæгъты мæрдтæм кастысты.

– Фарон дæр нæм адон æрбабырстаиккой, – загъта сæ иу.

– Куыдæй сæ базыдтай? – бафарстæ йæ Лексо.

– Уыдон дæр авд уыдысты.

– Æмæ дзы цалы амардтат?

– Иу дæр нæ.

– Æмæ ныр та?

– Иу. Нæ мусонджы фæмидæг æмæ доны боцкъайы ныххауд. Сбырыныл ма архайдта, фæлæ ныххуыдуг.

– Æмæ йын йæ мард цы фæкодтат?

– Æд боцкъа йæ рахастам æмæ йæ тæрфмæ ныттылдтам.

– Уый уæхи куыдз уыди! – ныххудт йæ комкоммæ лæууæг. – Æз ууылты фæцæйцыдтæн. Бирæгъæй уын фæтарст æмæ мусонгмæ мидæмæ багæпп ласта.

– Афтæ гъе, хъæбатыр фыййæуттæ! Бола æмæ нын йæ куыдз куы нæ уыдаиккой, уæд сымахæн бирæгътæ уæхи дæр бахæриккой.

– Лексо раст зæгъы, – йæхи нал баурæдта Дауит, – Бирæгъ йæ кæнон нæ уадзы. Æрсойы-фырт, дæ цæрæнбон мын бирæ! Ацы хъама мæ номыл фæдар.

Уыцы ныхæстимæ колхозы зæронддæр фыййау йæ астæуæй райхæлдта æмæ Боламæ радта, йæ фыдыфыд Тедойæ йын чи баззад, уыцы хотых.

Фыййæуттæ бирæгъты мæрдтæ бричкæтæм бакалдтой, кæдæм хъæуы, уырдæм сæ аластой æмæ радтой. Изæрæй та дзаг фынджы уæлхъус бадтысты, æмæ сæ зарæг Къозы æфцæгмæ хъуыст.

Дыккаг бон Æрыдонæй ссыд районы газеты уацхæссæг. Уæтæртыл æрзылд, сæ къамтæ систа Бола æмæ Бурийæн, Лексойæн та – фыййæуты ‘хсæн бадгæйæ.

Бола хæхтæм кæсынæй не ‘фсæст. Арæх-иу сагъæссаг фæцис: ахæм дзæнæты ран цымæ нæ фыдæлтæ цæмæн ныууагътой, йæ уæлдæф, йæ цъитидæттæ адæймагæн æвдадзы хос куы сты, уæд? Мысыд йе ‘мкъласонты, йæ сусæг уарзон Заремæйы. Йæ зæрдæ йын уæлдай тынгдæр агайдтой Къостайы рæнхъытæ:

Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фыр цинæй рызти,
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

«Ирон фæндыр» Болайæн йæ фыд балæвар кодта, хæстмæ куы цыди, уæд. Уал азы йæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæдта. Æнæ чиныгмæ кæсгæйæ йæ зыдта райдианæй кæронмæ. Йæхæдæг дæр фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ сæ нырма никæмæ ‘вдыста.

Колхозы сæрдар ын цы мин сомы радта, уыдонæй Зæрæмæджы турбазæйы балхæдта транзистор æмæ спортивон уæлæдарæс, йæ мадæн та – ахъаззаг къабайаг æмæ тинтычъи кæлмæрзæн. Гимнастикæ кодта алы райсом дæр. Буриимæ-иу æртæ хатты æрзылд дзуджы алыварс, стæй-иу, йæхæдæг доны был цы турник сарæзта, уымæ схызт æмæ сæмæныл цъилау зылд.

…Сæрд йæ тæмæны бацыд. Къæвдаты фæстæ кæрдæг рæгътыл фæйлыдта, æмæ йæм кæрдынмæ цыдысты хосдзаутæ. Фæзыхъæу лæгæвзæрстæй æрлæууыдысты сæ уыгæрдæны хуссарварс æмæ уæле дæлæмæ фæтæн уистæ хастой. Сæ цæвджыты ‘хситт æмæ сæ худæн ныхас Боламæ дæр хъуыст. Сихорыл сæм Буриимæ ссыд, æмæ йыл тынг бацин кодтой. Йе ‘мкъласон Дзабег æм радта, районы газеты фыййæутты тыххæй цы ‘рмæг рацыди, уый. Уацхæссæг фыста, мæйдар æхсæвы бирæгъты бал дзугмæ куыд æрбабырста æмæ сæ Бола йæ куыдз Буриимæ куыд ныццагъта, уый тыххæй. Уыдысты дзы Дауит, Бури, Лексо æмæ иннæ фыййæутты къамтæ дæр.

Хосдзаутæ сæ цæст æрæвæрдтой Бурийыл.

– Ай куыдз нæ, фæлæ арс у, — загъта сæ иу. – Æрсойты Бури.

Сæхæдæг дæр кусынмæ æрсытæй уæлдай нæ уыдысты. Боныцъæхтыл-иу фестадысты æмæ-иу сихæрттæм дæсгай уистæ æрхастой. Хуссайраг цъæх кæрдæг-иу ахус æмæ-иу дзы мæкъуылтæ самадтой. Дыууæ мæймæ фосæн зымæгваг хос цæттæ уыд…

Зымæг йæхæдæг дæр æрбаввахс. Сентябры фæстаг бонты мит хæхты рауарыд, æмæ фосы дзугтæ фæндаггæрæтты тыгуырæй лæууыдысты.

Лексо саргъы бæхыл Фæзыхъæуы фыййæуттыл æрзылд æмæ сын бамбарын кодта, фос Науырмæ тæрын кæй нал хъæуы, уый:

– Нæхимæ сын Туацъæйы зæххытыл ахæм скъæттæ сарæзтæуыд, æмæ сæм цæст кæсынæй не ‘фсæды. Мауал лæуут, ласинаг уæм цы ис, уый уæрдæтты бавгæнут, æмæ араст стæм.

Болайæн фос тæргæйæ чи æххуыс кодтаид, ахæм лæппуйы лæвæрдта, фæлæ йæ уый нæ бакуымдта: «Уæд ма Бури та цы кусдзæн?»

Дзуг Майрæмадагмæ куы ‘рхæццæ, уæд сæ телеуынæнады кусджытæ киномæ исын райдыдтой. Бурийы куы федтой, уæд сагъдауæй аззадысты:

– Ай, Мосфильм кæй агуры, уыцы Бирæгъхор куы у, – загъта сæ иу.

Болаимæ базонгæ сты, йемæ бирæ фæныхæстæ кодтой, Буриимæ йын, фосы фæстæ цæугæйæ дæр, йæ къамтæ систой.

Варкæ йæ иунæг фыртæн куывта алы райсом дæр æмæ, хохæй фос æртардтой, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд Стыр уынджы дæлæмæ ныййарц. Тигъыл куы фæзылд, уæд ауыдта Болайы, йæ куыдз Буриимæ ‘рбацæйцæугæйæ.

«Бæппу!», зæгъгæ, йæм фæхъæр кодта, æмæ кæрæдзийыл ныттыхстысты. Мады зæрдæмæ тынг фæцыдысты, Бола йын цы къабайаг æмæ тинтычъи кæлмæрзæн балхæдта, уыдон. Йæхæдæг дæр ын лыстæг æлвыст къуымбилæй сбыдта хъарм джемпер.

Варкæ цалынмæ æртæ чъирийы кодта, уæдмæ Бола афынæй, фæлæ, куы райхъал, уæд дзаг фынджы уæлхъус дзæвгар фæныхас кодтой. Бурийы дæр хæринаджы уæлдæйттæй хорз бафсæстой. Мад бæстон фефснайдта, районы æмæ республикæйы газетты Бола æмæ Бурийы тыххæй цытæ мыхуыргонд цыд, уыдæттæ æмæ загъта:

– Бæппу, тынг дæ æппæлынц, фæлæ дæхиуыл ма ‘фервæс. Стæй… Цыма æгæр сцола дæ…

– Мæ карæнтыл нард нæ фидауы, нырма рæзгæ кæнын.

– Рæз, мæ къона, рæз…

Дыккаг бон Фæзыхъæуы уыд Фæллойы бæрæгбон. Хæрзойты Къоста йæ раныхасы бахыгъта фараст мæйы куысты бæрæггæнæнтæ. Фæллойы раззагдæртимæ уыд Æрсойты Бола дæр.

– Ахæм лæппутæ нæм куы уа, уæд тагъд Уæлладжыры ком нæ фосы дзугтæй урс адардзæн, – загъта ма фæстагмæ.

Бола иу бонрæфты сæхимæ йæ куыдзимæ куыд сцæйцыд, афтæ сæ хæдзары дуармæ ауыдта рог машинæ. Йæ раззаг авгыл фыст уыди «Мосфильм». Чысыл фалдæр та йæ мад зæрдиаг ныхас кодта æртæ лæгимæ. Мидæмæ сæ хуыдта, фæлæ уыдон нæ разы кодтой. Бола сын сæ къухтæ райста, æмæ йын уыдон дæр сæхи бацамыдтой. Йæхи кинооператор чи схуыдта, уый машинæйæ райста камерæ æмæ дзы Бурийы исын райдыдта. Режиссеры æххуысгæнæг Болайæн бамбарын кодта се ‘ссыды сæр: «Мосфильм» исы аивадон киноныв «Джульбарс» æмæ сæ хъæуы фыййау куыдз.

– Ай, мах кæй агурæм, уый у, фæлæ, ды, Бола, йемæ куы нæ уай, уæд дзы ницы рауайдзæн…

– Æмæ уæд мæ мад та цы фæуыдзæн?

– Мæнæн ма тæрс. Дыууæ ахуыргæнæджы мæм кæй цæры, уый дæ ферох? – сразæнгард æй кодта Варкæ.

Джинс костюм кæуыл уыд, уыцы æнæдаст лæг, телыхъæдмæ скæсгæйæ, загъта:

– Ай уæм кабель уагъд дæр куы ис. Махæн нæ бон у ахæм бастдзинад саразын, æмæ алы минут дæр дæ бон телефонæй уæхимæ сдзурæн уыдзæн.

Æртыккаг бон Гæбыла æртæ чъирийæ скуывта, æмæ Æрсойты хæдзарæй бæлццон йæ куыдзимæ Мæскуымæ афæндараст. Дыууæ азы фæстæ фæзынд ног аивадон киноныв «Джульбарс». Сæйрагдæр сурæттæ дзы уыдысты Æрсойты Бола æмæ йæ куыдз Бури. Стыр аргъ ын скодтой æппæт бæстæты киноуарзджытæ дæр…