ГÆБÆРАТЫ Феликс

МАД

Радзырд

Нæ мад Цуца Дзагъинайы хъæуæй уыди. Дзагъина нæу быдираг хъæу, хæххон рахонæн дæр ын нæй. Зындгонд хъæу у канд Знауыры районы нæ, фæлæ æнæхъæн Хуссар Ирыстоны æмæ уый æдде дæр. Уæлдайдæр – йæ фыдæлтыккон фондзæддæгуæлæ рæсугъд мæсыг æмæ къуырттыбадæг карчы хуызæн, пæлæхсар гæнахæй, стæй хъæуы астæу миназдзыд сусхъæд Цацхуыйæ – хъæубæсты ныхас, улæфæн бынат. «Цацхви» сусхъæды ном у гуырдзиагау, æмæ ацы бæласыл «Цацхуы» ном куыд ныййичъи ис, уый диссаг у, ардæм Гуырдзыстон дард куы у, уæд ?!

Мæсыгæй гæнахы ‘хсæн фæзуаты ма сæ фæд зыны рагон хæдзарадон арæзтæдтæн, зæххы бын та – æвæджиау дынджыр цъæл быркуытæ, сæрбахъуыды рæстæджы-иу кæмæй пайда кодтой раджы кæддæр. Ацы архитектурон цыртдзæвæн зындгонд у æрмæст Знауыры районы нæ, фæлæ æнæхъæн Хуссар Ирыстоны дæр. Ам æрцардысты иу-дыууæсæдæ азæй фылдæры размæ Къуыдаргомы Хъеуселтæй ралидзæг Хъæцмæзтæ æмæ, æндæр ирон мыггæгтимæ хæларæй цæргæйæ, фæллой кодтой, царды бастдзинæдтæ нывæзтой азæй-азмæ. Ам райгуырди нæ мад Цуца дæр Хъæцмæзты Залыкъайы æмæ Чилæхсианы бирæбинонджын хæдзары – дыууæ лæппу æмæ цыппар чызджы кæстæр. Цыппар азы йыл куы цыди, уæд йæ фыд амарди, æмæ, йæ ингæны дурыл куыд фыст и, афтæмæй нæ мад райгуырди 1904 азы. Уæды рæстæджы адæм, стæмтæй фæстæмæ, æнахуыргонд уыдысты. Нæ мад Советон дуджы бæргæ афæлвæрдта ликбезтæм цæуын, фæлæ сыл талынг æхсæнад худти, критикон цæстæнгасимæ сæм æфхæрæн дзырдæппарæн кодтой, æмæ йæ ныууагъта. Нудæсаздзыдæй йæ чындзы арвыстой, цот ын рацыд, æмæ ма йын цæй ликбезмæ цæуыны фадат уыди!

Зондæй та, æрдзон зондæй, хайджын фæци. Гайлаг, дам, родæй бæрæг вæййы. Æнахъомæй, хæрз æвзонгæй дæр дзурынмæ, ныхъхъуыды кæнынмæ, хъуыдыйæдтæ кæрæдзи фæдыл равæрынмæ, сæ бабæттынмæ хорз арæхсти. Ас адæймаг уæвгæйæ дæр йæхæдæг куыд дзырдта, стæй йæ дыууæ ‘фсымæрæй дæр куыд хъуыстам, афтæмæй йын-иу йæ мад Чилæхсиан бабар кодта исты ахæссын, кæнæ æрбахæссын сыхæгтæй, рагацау ын бамбарын кæнгæйæ, цы зæгъын хъæуы, уый. Йемæ та йын æрвыста хистæр хойы, цæмæй сабийыл мацы ‘рцæуа, стæй, истытæ хæссынхъом кæй нæма уыди, уый тыххæй. Саби æппæтдæр бæстон кæй бамбарын кæндзæн фысымтæн, ууыл та мад йæ зæрдæ дардта.

Уæдмæ, куыд хæдзары хистæр нæлгоймаг, куыд хæдзары хицау, нæ мады чындзы арвыста йæ хистæр æфсымæр Шакро – Максим Горькийы халдих. Æз æй хорз хъуыды кæнын æмæ йæ зыдтон сабыр, æмбаргæ, хæларзæрдæ зæронд лæгæй, фæлæ, дам, æрыгонæй тынг карз æмæ ‘нæрæмон уыди, уый тæсæй сæм цыппар хойы фæдыл минæвæрттæ дæр цæуын сæ ныфс нæ хастой.

Нæ мад чындзы æрцыд мæгуыр хæдзармæ. Æфсин иттæг нæ арæхсти бинонты исбон бабæстон кæнынмæ. Ноджы ма мæгуыртæн æгæр тæригъæдгæнаг уыди æмæ хъæуа-нæ хъæуа сæ мæгуыр
къуымы бæркад æнæвгъауæй æддæмæ ивылди. Хойраг-иу сæм нал баззади сæрдмæ. Нæ нанайы цæгат дæр феххуысы бæсты сæхи кой кодтой, къухы цы æфтыди, уымæй. Хæдзары, дам, лæг уазæг у, уымæй дæр нæ фыдыфыд йæ каистæй æфсæрмы кодта, æмæ уый хорз у, фæлæ æгæр ницæмæй бæззы…

Иу уалдзæджы та, куы схорхъуаг сты бинонтæ, уæд нæ мад, худинаг æмæ сæрыстырдзинады сæрты æвæндонæй ахизгæйæ, бацыд цæрæг сыхæгтæм æмæ сæ иу голладжы дзаг мæнæу æфстау ракуырдта. Фæззæджы сын сæ голлаг мæнæумæ, куыд дзырд уыдысты, афтæ дыууæ голладжы барвыста йæ мæнæуы хуыздæрæй. Бузныг сын загъта, йæ къух ын кæй ацарæзтой, уый тыххæй. Дыккаг бон ын æфстау раттæг бинонты æфсин бауайдзæф кодта: æз дын, зæгъы, æвзаргæ мæнæу радтон, ды та мын цъæмæлтæ æрбарвыстай, æмæ ма мæм ацы хатт курæг куы æрбацæуай, уæд æй зон, кæй дын ницыуал ратдзынæн, зæгъгæ.

Нæ мадæн тынг хъыг фæци сылгоймаджы æнæбындур æфхæрд, æмæ расомы кодта йæ разы:

– Æз мæ мадæн чызгæн ма сбæззон, дæумæ ма хоргур куы æрбацæуон!

Уыйадыл йæ хъус бæстондæр æрдардта хæдзары æфтиæгтæм, æнæ хъæлæбайæ, цадæггай æрæхгæдта сæ сысæн-ивылæн фæндæгтæ, æмæ гыццылгай æртæ-цыппар азмæ хæдзар йæ къахыл слæууыди. Нæ мад хоргур никæдæмуал ацыди; уый нæ, фæлæ ма йæм фæстæдæр уыцы ус йæхæдæг æрбацыди, цард, дам, тæбæгъы донау у, кæцырдæм фæкъул уыдзæн, уый бæрæг нæу. Хæдзарон фос, мæргътæ фæфылдæр сты, сарæзтой дыууæуæладзыгон хæдзар, скодтой дыргъдон, сæндон, æмæ хъæубæсты нымад æрцыдысты цæрæг хæдзар-бинонтыл.

Куыд фæрæзта уыйбæрц та: хæдзары куыстытæ, махæн къахы-дзаума, уæлæдарæс хуыйын-бийын, сæндон-цæхæрадонмæ зилын, колхозы кусын. Гæнæн æмæ амалæй йæм мах дæр не ‘ххуысы къух дардтам, æниу уым дæр «цырв» нæ мад йæхæдæг уыди. Æрыгон рæзгæ адæймаг райсомæй фынæйуарзаг у, æмæ-иу нæ хъавгæ-узæлгæ хъал кодта: «Сыстут-ма, уæ нывонд фæуон, сыстут-ма, цалынмæ хур не скасти, уæдмæ нæ хъæдур ратонæм уымæлæй, науæд хур куы ныккæса, уæд нын хусæй нызгъæлдзæни. Сыст-ма, цард дын фестон, нæ сæнæфсиры бынтæй абæттæм, æмæ та стæй афынæй кæндзынæ». Æмæ-иу мах дæр, хуыссæгхъæлдзæгæй нæ цæстытæ æууæрдгæ, æвæндонæй хылдыстæм нæ уæттæй. Алкæуыл дæр нæ æххæссыд баузæлынмæ йæ фæлмæн, рæдау, зæрдæмæ хъараг ныхасæй, йæ куыствæллад уæзæгæвæрд къухтæй нын нæ сæрыхъуынтæ даугæ, лæгъзытæ кæнгæйæ. Нæ мад-иу искуы-иу хатт искæдæм куы ацыд хъуыддаджы фæдыл, йæхи дзæбæх кæнынмæ санаторимæ (рынчынтæ арæх кодта), уæд-иу нæ хæдзар сæрдыгон дæр «уазалы тæф» кодта.

Нæ фыд Ясон комбæсты нымад, æхсæнадон лæг уыди: куы хъæусоветы кооперативы куыста, куы – колхозы æфтауцдоны гæсæй, сæрдарæй, парторгæй, æмæ йæ хæдзары куыстытæм иттæг не ‘вдæлди нæ мадæн йæ къух фæрог кæнынмæ. Уый нæ, фæлæ, йæ фæдыл цы бирæ уазджытæ цыди хъæубæстæй, районæй, облæстæй, уыдонæн дæр нæ мад æнæсцухæй лæггад кодта æнафонтæм, мидбылхудгæ, рæдауæй, йæ цардæмбалæн аргъгæнгæйæ.

Кæд сæм ахуыргонддзинад фаг нæ уыди, уæлдайдæр – нæ мадмæ, уæддæр курдиатджын педагогтæ уыдысты зонд æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæй. Схъомыл нæ кодтой æмæ нын уæлдæр ахуырад райсын кодтой цыппар æфсымæр æмæ дыууæ хойæ. Нæ иу хо, хистæрæй фæндзæм, æнахъомæй фæрынчын æмæ æртæаздзыдæй йæ цардæй ахицæн. Нæ мад-иу æрæджиау дæр ма, ас адæймаг уæвгæйæ, уый æрымысгæйæ, йæ цæссыгтæ сæрфгæ, дзырдта, æвæццæгæн, мын æм фаг хъусдард не ‘рцыди, зæгъгæ, … Æниу, уæды рæстæджы (1935 азты) Хуссар Ирыстоны цас бирæзонæг дохтыртæ уыдаид, уæлдайдæр горæтæй иппæрд дард хъæуты!

О, сылгоймагæн йæ æрдзон, иууыл тыхджындæр æмæ табуйагдæр миниуæг у хъомылад, йæ хъæбултæм æнувыд уарзт. Цалынмæ нæ мад лæггадхъом уыди, уæдмæ-иу нæ хæдзар, нæ кæрт сывæллæтты рæвдауæндоны хуызæн уыди – дæсгæйттæ æмæ фылдæртæй-иу æрæмбырд сты йæ цотыцот, ноджы ма – сыхы сывæллæттæ, æмæ-иу сæ цины хъæр-хъæлæбайæ бæстæ сæ сæрыл систой. Нæ мад дæр-иу сæ фыр цинæй йæ дæллагхъуырты тыхта, «дæ нывонд фæуон», «мæ удлæуæн», «мæ цæсты рухс», «дæ сæрыл хаст æрцæуон» дзургæ. Йæ къух цы амыдта хæринаджы хорзæй, уымæй сæ хынцыдта. Стæй нæ мад куы нал уыди, уæд «сывæллæтты рæвдауæндон» дæр йæхигъæдæй цадæггай æхгæд æрцыди…

Иууыл диссаг æмæ æрдхæрæн та уыди йæ сыгъдæг уарзт æмæ æгæрон сагъæс йæ цæгатыл. Уымæн ирд æвдисæн – ахæм цау. Фыдыбæстæйы Стыр хæст – йæ тæккæ карзыл. Хъæуты нал баззад нæлгоймаг фæсивæд. Йæ къухмæ хæцæнгарз райсынхъом чи уыди, уыдон иууылдæр фæцыдысты тохы быдырмæ. Постхæсджытæ дæр зындоны арты сыгъдысты – сау гæххæттытæ сау халæттау фронтæй тæхынц, æмæ сæ уыдон дæр адæмыл, бинонтыл, маройгæнгæ, æмбæлын кæнынц, цы бон сæ ис?!. Иугай бинонтæй дарддæр фыдохы уац кæй кулдуар нæ бахоста, ахæмтæ нал баззади, кæмæн та – дыууæ-æртæ хатты дæр. Æмæ адæм иууылдæр зианджын æмæ æрхæндæг уыдысты кæд хи бинонтæй нæ, уæддæр æввахс хион, къабазы ‘рдыгæй.

Адæм тарстысты фыдохы уацæй. Нæ мадæн дæр йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси фыр тас æмæ катайæ – йæ цоты хистæр Никъалайы йын æвддæсаздзыдæй хæсты райдианы фронтмæ арвыстой (фидæны – профессор, филологон зонæдты доктор, цыппартомон «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат» саразæг), æмæ-иу уый мæтæй йæ дзыхмæ къæбæр дæр нал иста, йæ хъуыры хæринаг нал хызти, мæ сывæллон, дам, кæд уазалы æххормагæй искуы баргъæвсти, уæд æз куыд хæрон, зæгъгæ, æмæ-иу сусæгæй йæ цæссыгтæ асæрфта. Уымæй уæлдай ма йæ цæгаты иунæг бындар – йе ‘фсымæры лæппу, цыппар хойы иунæг æфсымæр (фæсхæст – Фæскавказы æфсæддон окруджы политхайады хистæры хæдивæг, булкъон Хъæцмæзты Захары фырт Сергей) дæр уыцы хæсты удуæлдай тох кæны, йæ дыууæ æнахъом чызджы йæ æрыгон цардæмбалимæ йæ мад æмæ йæ фыдæн бафæдзæхсгæйæ. Куыд æппæт цæгат, афтæ нæ мад дæр зæрдиагæй бæллыди уымæн лæппуйы райгуырдмæ, бындармæ.

Уыцы уавæры нæ хъæу Куатетрийы цыдæр фынгæвæрды тыхст, æрхæндæг адæм бадынц. Зæронд лæгтæ бæлццæттæн дæр ракуывтой, хъæдгомау сæ риссагдæр фарстайæн… Нæ мад дæр йæ дондзаст цæстытæй арвмæ скасти æд агуывзæ æмæ скуывта:

– О, Стыр Хуыцау, батæригъæд кæн! Мæ иунæджы мын сæрæгасæй йæ хæдзарыл сæмбæлын кæн!..

Йæ цуры бадæг устытæ йæ сæ уайдзæфты бын фæкодтой:

– Де ‘гæр фæкалай, Хъæцмæзон, дæ цæст та куыд бауарзта дæ фырты «иунæг» рахонын, йæ фæдыл ма дын дæ хæдзары дыууæ чызджы æмæ æртæ лæппуйы куы ис, уæд?!

Нæ мад йæ цæссыгтæ йæ кæлмæрзæны тигъæй асæрфта æмæ сын æнкъардæй афтæ зæгъы:

– Æз мæ фырттæн нæ куывтон. Ме ‘фсымæры иунæг лæппу дæр уыцы цæхæры ис, æмæ æз уымæн куывтон.

Хуыцаумæ фехъуыст, æвæццæгæн, йæ дудгæ катай, æмæ йын сæ дыууæйы дæр сæ хæдзæрттыл сæмбæлын кодта хæрзиуджытимæ. Тынг бæллыди йæ цæгаты иунæгæн бындармæ, фæлæ ма сын фæсхæст Мадымайрæмы цæст бауарзта ноджыдæр дыууæ чызджы, лæппу та – нæ. Амонд тыхæй исгæ нæу!..

Хæст адæмæн бирæ дудгæбонтæ бавзарын кодта. Нæ фыдыхо хæсты размæ æрыгонæй ахицæн йæ цардæй, æмæ йе ΄нахъом лæппу æмæ чызг баззадысты сæ фыды æвджид. Уæдмæ хæст райдыдта, æмæ сын сæ фыды дæр фронтмæ арвыстой, æмæ сабитæ уæзæджы къæйыл æнæхицауæй баззадысты. Нæ мад æмæ нæ фыд бауынаффæ кодтой, æмæ сæм æвæстиатæй нæ фыд галуæрдоныл фæцыди, æмæ сæ йæхимæ æрласта. Нæ мадимæ сæ хъомыл кодтой, куыд сæхи цоты. Нæ, – фылдæр узæлдимæ. Нæ мад алцæмæй дæр бацархайдта, сæ мады рæвдыдæй цы фæцух сты сидзæртæ, уыцы уарзт æмæ рæвдыд сын бавзарын кæныныл. Уый – дыууадæс бинойнаджы ‘хсæн: нæ зæронд дада æмæ нана, мад æмæ фыд, мах, фондз сывæллоны, æртæ хæрæфырты æмæ ма уыдон уæлдай, фылдæр хъару исæг – йæ хистæр хæстон фыртыл сагъæс. Афтæ æппæт хиуæттæ, хæстæджытыл узæлыд.

Хæст куы фæци æмæ сидзæртæн сæ фыд цæфтæ æмæ низæфхæрдæй йæ афтид хæдзарыл куы сæмбæлд, уæд сæ нал ныууагъта æмæ сæ йæхимæ акодта. Се скъола дæр та сæхимæ баххæст кодтой. Фæлæ сын уæддæр нæ мад æмæ нæ фыд се ‘ххуысы хай уыцы мæгуыр дуджы уырдæм дæр кодтой.

Фыд хæдзары астæуцæджындз у, бинонты дарæг, бинонтæй адæммæ, хъæубæстæм минæвар. Йæ ныхас – закъон, конституцийау æххæстгæнгæ у. Уый махæй, тызмæгæй сдзурынæй уæлдай, ныдзæвгæ дæр никæуыл акодта бафхæрыны охыл, фæлæ дзы тарстыстæм. Нæ, тæрсгæ нæ, аргъуыц дзы кодтам æмæ афтæ архайдтам, цæмæй нæм ма фæхæрам уа, йæ зæрдæ ныл ма фæхуда. Æмæ уым дæр уыди нæ мады архайд.

О, махæн нæ мад ахæм уыд. Цы арæзта, цы дзырдта, уый-иу кæд йæхи хорз фæнд уыди, уæддæр æй нæ фыды номæй дзырдта æмæ арæзта, æмæ йын уымæй йæ кад нæ цæсты ноджы бæрзонддæр кодта. Уымæй йæхицæн дæр хорзы цыди.

Нæ мад бынтон куы нырраууат ис уæззау низæй æмæ йæ дохтыртæ рынчындонæй хæдзармæ куы рафыстой, уæд мах, йæ цот, æдзух йæ уæлхъус лæууыдыстæм дыгæйттæй, æртыгæйттæй радгæс. Æнхъæлмæ кастыстæм йæ фæндонмæ, цæттæ уыдыстæм йæ алы фезмæлдмæ, йæ цæстытæй кæд æмæ куыд ракæсдзæни. Уколтæ йын кодтой йæ рыстытæ фæкъаддæр кæныны тыххæй. Фыр адæргæй, йæ тыхст, йæ тæригъæдмæ кæсгæйæ, нæ цæстысыг нæ рустыл хъуызыди. Иу ахæм бон та нæм нæ мады цур абадынмæ æрбауадысты æртæ сыхаг усы: дыууæ Нинæйы – чындзытæ æмæ Настъа – не ‘рвадæлты чызг, нæхи хъæумæ чындзыцыд. Мах æрхæндæгдзинад уынгæйæ, Нинæтæй иу арф ныууынæргъыдта æмæ йæхиимæ дзурæгау афтæ бакодта:

– Ехх! Уæдæ мæныл дæр афтæ батыхсиккой искуы мæ сывæллæттæ! Мæнæн Хуыцау уыцы амонд нæ радта.

Ацы Нинæ раздæр ацыд сæхимæ, æмæ йæ фæстæ иннæ дыууæ усы дзырдтой: йæ кæстæртæй, дам, хъарм зæрдæйы ахаст домы, йæхæдæг та, зæгъынц, хæринаг скæны йæхицæн æмæ дзы йæ фырты цотæн нæ фæдæтты. Уыцы ныхæстæ хъусын мын тынг зын уыди, уыдон мад худинаггæнæг уыдысты. Мæ миднымæр афæлвæрдтон нæ мады ахæмæй фенын, фæлæ мæ бон нæ баци, ме уæнгтæ баризæгау кодтой. Хуыцау бахизæд! Макуы сызмæст уæд мады уарзты дзæм-дзæмы суадон!

Нæ мад дыууиссæдз азы дзæнæты бады (23.02.1977), мæхæдæг та, кæд зæрæдты хыгъды рагæй дæн, кæд уый карæй фондз азы хистæр дæн, уæддæр мæ арæх фæфæнды, йемæ куы аныхас кæнин, куы йæ афæрсин царды иуæй-иу вазыгджын фарстатæй. Абон дæр мын нæ фаг кæны.

Кæд æй зондæй фембарæм, уæддæр, цалынмæ нæ мадæлтæ æгас вæййынц, уæдмæ афтæ фенхъæлæм зæрдæйæ, цыма нын никуы амæлдзысты, æдзух дæр немæ уыдзысты, уымæн æмæ нæ афтæ фæфæнды. Йæ ныв ын кæй никуы скодтон, нывгæнæг уæвгæйæ, ууыл ма цы дзурон, фæлæ йын бæстон портрет кæй никуы систон утæппæт «уæлæнгай» къамтимæ, уый мæ æфсæрмы æппары, æмæ йыл фæсмон кæнын. Уыцы рæдыдтытæ мæ уæлдай тынгдæр бандæвтой, йæ цыртмæ йын барельеф сурæт куы кодтон, уæд. Мæ зæрдыл-иу æрæфтыдысты зарæджы ныхæстæ: «Опустела без тебя земля…»

2017 аз