Хадыхъаты Фатимæ

ЦÆРИНАГ ЧЫЗГ

Новеллæ

Базæронд, нал бæззы Чындз. Йе ‘фсин æй хуыдта афтæ, æмæ йыл ацы ном ичъийау баныхæст. Ныр зæронд æмæ æдзæллаг куы у, уæд æй нал фæнды, афтæ йæ хоной, уый, фæлæ ма кæй бон уый аивын.

Ацы зæххыл æм æрмæст Метта дзуры «Дзыцца». «Дзыцца, дон дын авæрон?», «Дзыцца, хъарм къæбæр нæ хæрыс?», «Дзыцца, мæнæ ма дыргътæ фен», «Дзыцца, мæнæ ма карчы басæй схуыпп кæн.

Æхсызгон ын у Меттайы рæвдаугæ хъæлæс, йæ узæлд, йæ рæвдыд. Фæлæ кæм сты йæ бирæ цот, йæ дзидзи йын фондзæй куы бададтой. Æмæ сыл уымæй уæлдай æндæр ницы фыдæбон бакодта йæ бирæ цотыл? Алчи сæ йæ царды куыст кæны. Мады фыдæбæттæ та иууылдæр Метта фиды… Метта, мæ мæгуыр чызг…

Рæсугъд чызгæй бахъомыл Метта, фæлæ йæ æрдзон хъыгдарды тыххæй кæрты дуарæй æддæмæ нæ цыд. Искуы-иу хаттæй фæстæмæ, Бынатыхицауау хæдзар хъахъхъæдта, хæдзары куыстытæ кодта. Æфснайынæй, æхсынæй, мæрзынæй, хæринаг кæнынæй – алцæмæ дæр арæхст, стæй алы куыст дæр зæрдæйæ кодта. Никуы хъаст кодта йæ цардæй, никуы стыхст.

Иунæг хатт горæтмæ ацыд йæ хæстæджытæм. Трамвайы бады рæсугъд æрыгон чызг. Хур йæ дзыккуты хъазыд, æмæ йыл иу лæппу йæ цæст æрæвæрдта, ракæс-бакæс æм кæны, фæлæ чызг ницæмæй æвдисы, кæй йæ уыны, уый. Стæй, хизын æй кæм хъуыд, уырдæм куы фæцæйхæстæг кодта трамвай, уæд чызг сыстад йæ бынатæй æмæ трамвайæ æрхызт. Уым йæ размæ лæууыд уыцы лæппу. Куы федта чызджы къахы фадыварц, уæд хорзау нал фæцис æмæ йæ æвзæр сæлгъыста…

Чызг кæугæйæ бацыд йæ хиуæттæм, фæлæ не схъæр кодта йе ‘фхæрд. Мæ къах риссы, зæгъгæ, æрхуыссыд. Уæдæй фæстæмæ нал акуымдта горæтмæ. Хъæуы дæр цыд æрмæст сæхи сыхы мидæг. Иухатт æндæр сыхы фæцæйцыд, æмæ йæ къулбадæг сывæллæттæ куы ауыдтой, уæд хъæр кæнын райдыдтой: «Къуылыхкъах, къуылыхкъах!» Æмæ йыл дурадзагъдæй ралæууыдысты. Уæдæй фæстæмæ Метта йæхи сыхæй дарддæр никуыдæм æфтыд. Сæхи сыхы бауарзта иу абадгæ лæппуйы, йæхицæй ссæдз азы хистæр чи уыд, ахæмы. Уый æппындæр ус курынмæ йæ хъус нæ дардта, фæлæ Меттайæн, æвæццæгæн, тæригъæд кодта æмæ йын æдзухдæр зæрдæлхæнæн ныхæстæ кодта, лæвæрттæ дæр ын хаста, хæдзармæ-иу истæмæ куы æрбауад, уæд: кæм – къафеттæ, кæм – духи, кæм – сæрбæттæн… Æмæ-иу Меттайыл хур ракаст йæ иу уындæй. Мад уый бафиппайдта æмæ йæ мæгуыр чызгæн зонд бацамыдта:

– Хъусыс, дæ сæрмæ худинаг ма ‘рхæсс, фæсайдзæн дæ æмæ дæ фæхудинаг кæндзæн. Зон, дæу хуызæтты кургæ нæ фæкæнынц, æмæ дæхиуыл фæхæц, ма мæ бабын кæн…

Уыцы бонæй фæстæмæ Метта йæ уарзоны цурмæ никуыуал рацыд, сусæгæй-иу æм каст дардæй. Афтæ Метта йæ монцтæн сæ къубалыл хæцыд. Иухатт хæрхæмбæлд фесты, æмæ Метта цавддурау лæууыд. Йæ цæссыг суадонау фемæхст. Лæппу йын йæ уавæр бамбæрста æмæ, Хуыцау нæ тæригъæд фæхæссæд, зæгъгæ, ныккæрзыдта æмæ ацыд. Уæдæй фæстæмæ сæ дыууæ дæр хызтой сæхи ахæм фембæлдтытæй.

Метта кæсы йæ рынчын, йæ зæронд мадмæ. Абон цыдæр æвзæр æнкъары йæхи. Метта сыхы устытæм бадзырдта, уыдон рынчыны цур бадынц. Метта йæ къухтæ тухæнæй мары, æппындæр кæй нæ хъæуы, ахæм куыстытæ кæны. Кæрт абон фæндзæм хатт рамарзта. Змисы мур дæр дзы нал ис. Тыргъы рудзгуытæ цалдæр хатты ныссæрфта. Цæхæртæ калынц, уæддæр сæ адау-адау кæны… Фырадæргæй цы ми акæна, уый нал зоны. Уалынмæ йæм бадзырдтой, Чындз дæ агуры, зæгъгæ. Бауад йæ мады цурмæ. Уым цы устытæ бадти, уыдон тыргъмæ рацыдысты. Къухæй йæм амоны рынчын, рацу мæм æввахсдæр, зæгъгæ. Æргуыбыр æм кодта Метта æмæ йын йæ тыхулæфтмæ хъусы.

– Мæ зынаргъ, мæ къона, цалынмæ мын ныххатыр кæнай, уæдмæ мын мæ уд сисыны бар нæй.

– Цæмæн афтæ зæгъыс, Дзыцца!

– Дзыцца дын амæла, æз дæ куы федтон, Хуыцау дæ куыд аипджынæй радта, уæд дын цæрыны тæрхон не скодтон, æмæ мын мæ ныхасмæ байхъус, æмæ кæд гæнæн ис, уæд мын ныххатыр кæн.

– Дзыцца, цытæ дзурыс, алцыдæр дын хатыр у, æнæмæт у мæн тыххæй. Хуыцау дын ныххатыр кæнæд, æз дын куыд хатыр кæнын, афтæ.

Чындз йæ чызджы нылхъывта йæ риумæ, йæ русæн ын аба кодта, стæй арф ныуулæфыд, æмæ йæ цæстытæ дзагъырæй аззадысты.

– Дзыцца! — ныккуыдта Метта, æмæ уат адæмæй айдзаг.

Сывæллон цъæхахст кæны, фæлæ йæ кæуынмæ, йæ фæдисмæ йæ мад нæ тындзы. Хæдзары куыстытæй йæ не ‘вдæлы. Сывæллон тынгæй-тынгдæр кæуы… Уалынмæ хæдзармæ æрбахызт æфсин æмæ чындзыл схъæр кодта:

– Цæуыл амардтай уыцы сывæллоны?

Чындз фæуагъта йе змæлдтытæ, бауад сывæллонмæ æмæ йын дзидзи дарынмæ фæци. Саби куы бафсæст, уæд æй райхæлдта. Уыди хуылыдз, фыр куыдæй схид. Раивта йын йæ дзаума, йæ хуыссæнтæ æмæ та йæ бабаста. Чызг уайтагъд афынæй, бафæллад, мæгуырæг, кæуынæй… Мад ын фæтæригъæд кодта æмæ йын йæ русыл рæвдаугæ йе ‘нгуылдзтæй æруад.

– Ох, ныр цы кæнон, куыд фæкæсдзынæн ацы æнамондмæ? Кæд æй Хуыцау лæвæрдта, уæд æй æнæ аиппæй цæуылнæ уыд раттæн?

Сывæллоны фыццаг цъæхахст куы фехъуыст, уæд уыцы фæлладæй афарста мæллæг хъæлæсæй:

– Чи у?

– Чызг дын райгуырд, мæгуыр чызг…

– Мæгуыр та цæмæн? Фыдуынд у?

– Нæ, рæсугъд у, фæлæ мæгуыр чызг…

– Сахъат у, мыййаг?

– О, йæ иу къах бынтон цыбыр у…

– Равдисут мын æй.

– Сывæллон ын йæ риуыл æрæвæрдтой. Мад ын йæ къæхтæм фæлæбурдта, къахы уæлфæдтæ æрсæрфы, стæй та къахы дæлфæдтæ асæрфы æмæ ныккуыдта…

Уæдæй абонмæ мæй рацыд. Сывæллоны куы уазал доны цынайы, куы йæм хæстæг нал фæцæуы, куы… Фыддæрагæнтæ йын кæны, кæд исты аххосæй амæлид, зæгъгæ. Фæлæ чызг дзæбæхæй-дзæбæхдæр кæны, иу мæймæ фæчызгхуыз… Сау-сауид къæбæлдзыг дзыккутæ йын, сау хъоппæг цæстытæ æмæ ирд цъар. Уды гагайы хуызæн; О, фæлæ фæлтау… Фæлтау ахæм куы нæ уа, уæд хуыздæр.

Сывæллон райхъал, бауынæр кодта. Мад йæ хъуыдытæй фæхицæн æмæ йæм бауад.

Авдæнæй йæ систа, узæлы йыл, цинтæ йыл кæны, ныхæстæ йын кæны. Уый дæр йæ цæстытæ ныййирд кодта æмæ йæм хъусы.

Хæдзары ничи ис, нæлгоймæгтæй алчи – куыстытыл хæст, æфсин, йæ цæгат чындз хæссынц, æмæ сын æххуыс кæнынмæ ацыд, тагъд не ‘рбацæудзæн… Сывæллоны йæ хуыссæны æрæвæрдзынæн æмæ йæ базы бын фæкæндзæнæн. Куы амæла, уæд зæгъдзынæн, фынæйæ йæ фæцъист кодтон, зæгъгæ.

Йæ куыстытæ акодта æмæ сывæллоны фарсмæ æрхуыссыди.

– Мæнæ цы раны дæн, мæнæ мыл цы бон акодта!…

Рæвдз фестад æмæ уæззау баз сывæллоныл æрæвæрдта… Йæ фарсмæ ахуыссыд æмæ кæуы… Уалынмæ уат ныррухс, афтæ ныррухс, цыма арвы дуар байгом. Уатæн нал къултæ уыд, нал – цар. Урс дарæсты урсзачъе зæронд лæг рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры:

– О, гормон, афтæ ма бакæн. Искæд бон уыцы мæгуыр чызг дæ дарæг уыдзæни, дæ дон бадæттæг. Ацы фæнд дæ къухы куы бафта, уæд та иунæг æмæ мæгуырæй мæлдзынæ.

Сылгоймаг улæфгæ дæр нал кодта, фæлæ куы æрчъицыдта, уæд уаты ничиуал уыд, стæй раздæрау сатæг æмæ уынгæг уыд йæ цæрæн.

– Сывæллон аирвæзын кæнон, сывæллон… – Базмæ фæлæбурдта æмæ йæ нырма ныр бамбæрста, сывæллон базы бын кæй нал ис, фæлæ иуварс æнцад кæй фынæй кæны, йæхицæн мидбылты худы…

Ацы диссаг дзуринаг нæу. Никæмæн æй схъæр кæндзæн. Ацы чызг хъуамæ цæра. Амонд кæд йæхицæн не ссара, уæддæр йæ ныфс, йæ амонд уыдзæн, кæд ын зын уыдзæн йæ мæгуырдзинадмæ кæсын, уæддæр…