ХАДЫХЪАТЫ Фатимæ

ИВГЪУЫДЫ ФÆЛГОНЦТÆ

Радзырдтæ

Мысинæгтæ мысайнагау æфснайд.
Къадзаты Станислав

ХÆДЗАРОНТÆ

Алы бон дæр зæрдыл ивгъуыдæй æрбалæууы исты мысинаг. Мæнæ та ныр дæр, Ног азы къæсæр, Ногбоны рæстæг мæ сабидугæй æрхъуыды кодтон рагон хæдзаронтæ. Нæ хæдзар æвиппайды цавæрдæр æнахуыр хъæлдзæг æмæ, худæг дзаумæтты ирд ахуырст æмæ мæнгцæсгæмттæ кæуыл уыд, ахæм адæмæй байдзаг. Кæмæн йæ кæрц – зыгъуыммæ конд, кæуыл – сырды цæсгом. Нæлгоймæгтæн сылгоймаджы дзаумæтты сæ былтæ, сæ рустæ – сырххъулон ахуырст, сылгоймæгтæн – нæлгоймаджы дарæсы сау æвзалыйæ ахуырст мæнг рихитимæ. Чи йæхицæн æвæргæ гуыбын скодта, чи – боцъотæ… Сæ иу цагъта фæндырæй, иннæтæ кафыдысты, зарыдысты, арфæтæ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ кодтой. Иу дзы йæхицæй арæзта арс, зыгъуыммæ конд кæрц æмæ йыл арсы мæнгцæсгом уыд. Ахауд, атылд-иу зæххыл, фæцæй та-иу мард, æмæ-иу ын уæд иннæ хæдзаронтæ фысымтæй хос агуырдтой. Мæ мад æмæ фыд тынг цин кодтой сæ уазджытыл, узæлыдысты сыл, арсæн алы хостæ кодтой. Куы йын къафеттæ лæвæрдтой, куы – мыд, куы та – арахъхъ, æппынфæстаг адзæбæх вæййы, æхца йын куы раттынц, уæд æмæ йæ къæхтыл алæууы, стæй æркафы…

Гыццыл сабитæ уыдыстæм мах æмæ тынг тарстыстæм уыдæттæй, æмæ-иу нæ нæ мад сабыртæ кодта. Фынгыл-иу сæ куы æрбадын кодтой, уæд-иу махæн дæр бамбарын кодта, Ног аз ахæм хъазæн хъæлдзæг митæй кæй фидауы, хæдзаронтæ та алы хæдзармæ амонд æмæ циндзинад кæй хæссынц.

Ноджы ма-иу Ногбоны нæ фыд цæхæрадоны рæбынты æркарста хус сындзджын бæрзонд кæрдæг æмæ дзы-иу уынджы нæ хæдзары раз арт скодта, йæ алыварс-иу адæм æрæмбырд сты, хъазт-иу стынг, арты сæрты гæппытæ кодтой сæрæндæр фæсивæд. Алчи артмæ æппæрста исты зæронд дзаума, æмæ дзырдтой æмæ куывтой: сæ низтæ, сæ фыдбылызтæ дæр афтæ куыд басудзой!..

Фæстæдæр мæхицæн тынг æхсызгон уыд хæдзаронтæ кæнын. Мæ цардæмбал-иу скодта Митын Дадайы дарæстæ, æз та цигайнаджы дзаумæттæ, æмæ гитарæимæ зылдыстæм нæхионтыл арфæтæ æмæ зарджытимæ, кодтам сын лæвæрттæ.

Фæлæ уæддæр сабидуг куыд адджын у, куыд зынаргъ сты сабибонты мысинæгтæ! Æдзухдæр-иу бæрæгбоны размæ, стæй бæрæгбонты мæ мад æмæ фыд алцы куыд зæрдиагæй цæттæтæ кодтой, куыд ивта сæ зæрдæйы уаг, сæхи куыд дардтой, раст цыма уæларвæй æрцæуæгмæ æнхъæлмæ кастысты. Абоны онг дæр сæ алы бæрæгбон мысын æмæ уыдонау æз дæр райдайын бæрæгбоны зилæнтæ. Афтæ мæм фæкæсы, цыма мæм уыдон сæ цæст дарынц, æмæ нæ бæрæгбон иумæйаг у, цыма алы мийы фæрцы дæр бандзæвын æмæ баххæссын мæ ныййарджытæм…

Нæ сыхы цард алы кары адæм. Зæронд устытæ, зæронд лæгтæ мæм кастысты тынг цымыдисаг, цæмæндæр зæдты хуызæн, абоны онг дæр уарзын зæронд устытæ æмæ лæгты… Хæлæг кæнын, кæмæн ма ис хистæртæ, чи рæвдауы йæ мад, йæ фыды…

АРЦУ

Нæ сыхы уыд цалдæр зæронд лæджы. Уыдонæй æппæты хуыздæр мæ зæрдыл бадардтон Арцуйы. Уый мын æдзухдæр æппæлыд мæ фыдæлтæй. Куыд ахуыргонд æмæ уæздан уыдысты, цы дыргъдон сæм уыд, куыд цагътой алыхуызон фæндыртыл. Ахуырмæ тынг зæрдæргъæвд уыдысты æмæ алы горæтты ахуыр кодтой: чи Киевы, чи Одессæйы, чи Новочеркассчы… Улæфты рæстæг-иу куы æрæмбырд сты, уæд æппæт хъæуы фæсивæд дæр сæ кæртмæ æмбырд кодтой, стыр хъазт-иу сарæзтой, къухæй-къухмæ цыдысты дала, хъисын æмæ ирон фæндыртæ. Суанг æнафонтæм кафыдысты, зарыдысты.

Удæй хъæздыг, æгъдауæй æххæст, зæгъгæ-иу балхынцъ кодта йæ ныхас Арцу. Раст цыма Къостайы Хъуыбады у, афтæмæй уынын Арцуйы. Йæхицæн йæ иунæг фырт, хъæбатыр тæхæг, фæмард хæсты фæстæ, ног хæдтæхæг фæлваргæйæ… Фæлæ Арцу цард æмæ хъысмæтмæ нæ фæхæрам, йæ рæсугъд уæнгтæ не ‘ртасыдысты, уыцы æмраст, саджы фисынтыл амад ма уыд, иннæты æхсæн бæрæг дардта йæ бæрзонд ас æмæ хæрзкондæй. Бирæ уарзта кæстæрты, сабиты. Кодта хъæлдзæг æмæ рæвдауæн ныхæстæ, рагон хабæрттæ, аргъæуттæ, таурæгътæ.

Хъыгагæн, зæрдæйыл нал лæууынц, фæлæ мæнæ йæ иу фæсномыг ныхас.

Аходæнмæ ‘нхъæлмæ кæсгæйæ, дзуры йæ хъæбулы хъæбулмæ, зæгъ-ма, дам, изæры аст сахатыл куы бафынæй уай æмæ райсомы авд сахатыл куы рабадай, уæд цал сахаты фæхуыссыдтæ? Иуæндæс, зæгъгæ рæвдз анымадта лæппу.

– Диссаг нæу, иуæндæс сахаты æнæ комдзагæй бафæразын?

Афтæ бамбарын кодта хæдзары ‘фсинæн, аходæн афон кæй у, уый. Æмæ-иу Тамарæ дæр уæд фынг æвæрынмæ фæци.

Бирæ хъармад цыд нæ сыхы хистæртæй. Искæмæн сæ исты кæстæриуæг акодтай, уæд дыл-иу арфæтæ ныккалдтаиккой. Цæстуарзонæй дын дæ фыдуаг дæр, дæ рæдыд дæр загътаиккой. Зонд бацамонынмæ зивæг нæ кодтой, барæвдауынмæ: чи дын дзы гуыл авæрдтаид, чи –адджинаг, чи – цы…

 

БАБА

Мæхи Баба дæр уыд аивтæарæзт зæронд лæг. Уынджы фæзынд, балцæй æрыздæхгæйæ, уæд-иу æй дардмæ дæр базыдтон. Уынг дæр-иу цыма сфидыдта, мæхи Баба æрцæуы, зæгъгæ…

Мæ цæстытыл уайы, мæ мады хуыд морæ вельвет китель æмæ галифе хæлаф куыд рæсугъд фидыдтой мæ бæрзонд æмæ хæрзконд бабайыл, уый. Уый цас рæвдауæн ныхæстæ зыдта, цас таурæгътæ æмæ æмдзæвгæтæ дзырдта! Йæ амындæй мах нæ мадмæ дзырдтам, куыд æмбæлы, афтæ. Не ‘мбæлттæй та бирæтæ сæ мадæлтæм номæй дзырдтой. Уый мæм тынг диссаг каст, цыма се ‘мбæлттæ сты, уыйау. Уазæг æрбакæнынмæ Баба никуы дызæрдыг кодта: йæ чындзæй ныфсджын уыд – мæ мады кæр- дзындæттон æфсинæй зыдтой адæм дæр. Цы ма уа ахæм ахастдзинæдтæй тæхудиагдæр чындз æмæ хицауы æхсæн…

Мæ фыд арæх цыд дард балцы йæ куысты фæдыл, æмæ, Баба йæ адзал куы базыдта, уæддæр та йæ хъæбул уыд Сыбыры. Тынг æм æнхъæлмæ каст, фæлæ йæ нал федта – æгъдау æрæнцад мæ мадыл. Æрмæст йæ ныгæнæн бон сæумæрайсом схæццæ ис йæ фырт дæр. Тынг бахъуыды кодтон уыцы уазал бонтæ…

Махимæ Баба уыд фæлмæн, рæвдаугæ æмæ узæлгæ уарзон фыдыфыд. Уый нын æмбарын кодта цард нæ алыварс, дзырдта нын аргъæуттæ, таурæгътæ, æмдзæвгæтæ – бирæ сæ зыдта зæрдылдаргæйæ. Уæлдайдæр Къостайы «Ирон фæндыр». Уарзын нын кодта чингуытæ. Мюнхаузены тыххæй дæр фыццаг иронау бакастæн. Æмбалты Цоцкойы тæлмацæй уагъд чиныджы. Уæд æй цæмæй зыдтон, йæ бинойнаг, мæ æнæзонгæ нана, Цоцкойы хæрæфырт кæй уыд. Стæй цас æмбæрстон, чи у Цоцко, уымæн… Хæрз гыццылæй базыдтон, амондагур дардмæ кæй нæ хъæуы цæуын, Цæрукъаты Алыксандыры «Мыстачъе усгур» бакæсгæйæ. Арæх æй кастыстæм Бабаимæ.

Баба амард, æз æвдæм къласмæ куы цыдтæн, уæд. Хъыгагæн, мæ зæрдыл ницы бадардтон йæ бирæ таурæгътæй. Нана та нын уæвгæдæр нæ уыд: æрыгонæй амард, йæ кæстæр хъæбулыл дæс азы йæддæмæ нæ цыд, афтæмæй. Стæй ма мæ зæрдыл лæууы, зæгъгæ, искуы уыд, цины уа, хисты уа, махæн-иу йемæ æрбахастаид фæйнæ къафетты. Æмæ йæм-иу æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастыстæм. Мах тынг бирæ кæй уарзта, уымæн æвдисæн у, нæ ныййарджытæн нæ æфхæрын кæй нæ уагъта, уый дæр. Уый раз нæ мад махмæ никуы систа йæ къух, стæй йæ хъæлæс дæр никуы райхъуыст, фыдуаг та куыд нæ кодтой дыууæ лæппуйы, уæвгæ мæхæдæг дæр уыдонæн æмбæрзæн уыдтæн…

Нæ мадæн цас не ‘мбæлд хыл кæнын, уыйбæрц æз мæ кæстæрты хъомыл кодтон, суанг нæмыны онг. Бабамæ уый хорз каст, йæхимидæг-иу худти, æз-иу мæхи загъдгæнæг куы скодтон, мæ кæстæрты хъомыл кæныны бартæ мæхимæ куы истон, уæд.

 

МЭРИ ÆМÆ ЯГОР

Мах нæхимæ зæронд ус нæ зыдтам. Нæ дыккаг хæдзары уыд, нæхи нана кæй хуыдтам, ахæм. Мэри. Абон дæр æй нæ зонын, цæмæн афтæ хуынди, кæд ыл Лермонтовмæ гæсгæ сæвæрдтой уыцы ном, æндæр ирон хъæуы ирон чызг афтæ цæмæн хуындаид?.. Уый уыд фæлмæн æмæ зæрдæхæлар, махæн уæлдай уарзон. Махимæ иу бинонтау цардысты, кæд не ‘хсæн ауайын хъуыд, уæддæр нæ ничи зивæг кодта. Бон-изæрмæ кæрæдзимæ цыдыстæм – сабитæ дæр, хистæртæ дæр.

Бирæ цыдæртæ базыдтон къæбицы сусæгдзинæдтæй æз Мэрийæ. Абон дæр ма акæнын йæ хæринæгтæй, зæгъæм, Мэрийы хъæрмхуыпп. О, хонгæ дæр æй афтæ кæнæм. Æнæ мæ мад уый хуын дæр никуы ахаста. Алцы дæр цæттæ кодтой иумæ. Мад æмæ чызджы хуызæн. Нæ цин, нæ зын, нæ бæрæгбон иу уыдысты.

Йæ къаимæ куыд фæцард, «а æмæ о»-йæ, уый дæр фæзминаг у, никуы райхъуыст сæ хъæлæба, стæй хыл кæнын цыма зонгæ дæр нæ кодтой. Бирæ чидæртæ сæм хæлæгæй мардысты. Ягоры йæ лæдзæджы къупп-къуппæй зыдтой æнæхъæн сых. Æмæ-иу афтæ бакодтой: «Ягор та йæ Мэрийæн адджинæгтæ æмæ алы зæрдæлхæнæнтæ æлхæнæг горæтмæ фæуайы». Цæугæ кæд лæдзæгимæ кодта, уæддæр тагъд уад. Стæй хъусæй хорз нæ хъуыста. Цæмæн бакъуырма ис, уый нал хъуыды кæнын, кæд хæсты рæстæг… Куыд-иу хордта, уый мæ зæрдыл дарын абон дæр: хæрынкъайæ хæрз гыццыл хæйттыл дихтæ кодта дзидза, халсартæ… Æмæ сæ афтæ рæсугъд хордта, афтæ зæрдиагæй, æмæ дæм æппындæр куынæ цыдаид хæрын, уæддæр дæ бафæндыдаид йæ бафæзмын. Мæнæн дæр-иу мæ тæбæгъы цы хойраг уыд, уыдон дæр-иу ныллыстæг кодта, æмæ мæм-иу афтæ хæрзад фæкаст уæд мæ сихор, цыма ахæм никуы никæд бахордтон.

Тынг зынаргъ æмæ уарзон мын уыдысты ацы зæронд ус æмæ лæг. Сæ чызг Тамарæйы цæгъдын кодтой фæндырæй, æмæ йын-иу фыд афтæ дзырдта: «Уæлæсыхæй нæм уазæг ис, æмæ йын хъазт скæнæм, науæд нæ æнæ рæвдыдæй куы ацæуа». Тамарæ цагъта, мæн та кафын кодтой, æз-иу ныфсæрмы дæн, æмæ мæ-иу асайдтой, мах дæм нæ кæсæм, зæгъгæ. Сæхи-иу аздæхтой æмæ мæм айдæнмæ кастысты… Æз уыцы сусæг не ‘мбæрстон æмæ кафыдтæн зæрдиагæй. Зæронд лæг æмæ мын ус та кодтой æмдзæгъд. Афтæ хъæлдзæг уыд кæддæр цард…

Сæ хъæбул куы фæмард, уæд сæ цинтæ фесты мыггагмæ… Се cтыр зындзинадæн нæ бафæрæзтой æмæ сабыргай сæхи бахордтой, афтæмæй йæ фæдыл се ‘цæг дунемæ фæцыдысты…

 

МÆИРБЕГ

Мæирбег уыд сæ æдзард хъæбул. Тынг æнувыд ыл уыдтæн. Æфсадæй куы сыздæхт, уæд сси ме ‘ргом дзуар. Мæ хистæр æфсымæр сси. Кæд мæ фыдыфсымæр уыд, уæддæр. Кæрæдзи цæстæнгасæй дæр æмбæрстам. Уый уыд рæсугъд, æрыгон, хъæлдзæг, цард æмæ амондмæ бæллæг. Йæ худынмæ-иу зæрдæ барухс. Æгъдауджын, бирæ лæггæдтæ кодта йæ мад æмæ фыдæн, стæй мах бинонтæн дæр.

Уыд бæлвырд æмæ хæрзарæзт, æдде цыфæнды къæвда дæр уæд, цъыфæй ацæуæнтæ нæй, зæгъгæ, уæддæр-иу, хæдзармæ куы ‘рбацыд, уæд-иу йæ дзабыртæ цæхæр калдтой. Раст цыма базыртыл æрбатахт. Цæугæ дæр кодта гæдыйау фæлмæн, æнæ уынæрæй, стæй цыма адæймагмæ комкоммæ нæ касти, фæлæ, æфсæрмытæгæнгæ, йæ къæхты бынмæ…

Мæ Райгуырæн бон. Хæдзары ничи ницы змæлыд. Уый дын изæрырдæм фæзынд æмæ бинонты базмæлын кодта, афтæмæй гыццыл куывд скодтой. Мæхицæн та мын æхца авæрдта, æз дæр ме ‘мбæлтты киномæ ахуыдтон. Изæрыгон скъоладзауты кинотæм нæ уагътой, фæлæ клубы уыцы изæр радгæс уыд нæ хæрæфырт Дзибуска, скъолайы ахуырады сæргълæууæг – хицæн ныхасы аккаг у. Хæстæй ссыд æнæ иу къах, цыд хъæдыныл, лæдзæджы æххуысæй. Ахуыргæнæг та ахæм уыд, æмæ, кæд математикæ амыдта, уæддæр-иу суанг уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджыты фæстæ дæр рæдыдтытæ ссардта. Стыр кад ын уыд скъолайы æмæ æнæхъæн хъæубæсты дæр.

Æз æм бауæндыдтæн, зæгъын, абон мæ Райгуырæн бон у, æмæ ме ‘мкъласонты æрхуыдтон киномæ. Бауагъта нæ. Цы кино уыд, уый нал хъуыды кæнын. Уыцы рæстæг индиаг кинотæ, стæй америкæгтæ, индеецты тыххæй кинотæ, арæх ластой хъæутæм. Мах сыл æнувыд уыдыстæм…

Ме ‘рцыдмæ бæрæгбон йæ тæккæ тынгыл уыд. Раст цыма райсомæй ничи зыдта мæ райгуырды бон, уыйау мын ныр къæбæлдзыгæй арфæтæ кодтой æмæ кодтой…

Иуизæр Мæирбег æрбацыд тынг тыхстæй. Нæхи сыхаг чызджы къух райста, салам ын радта. Уый йын афтæ: «Мæ урс-урсид буц æмæ пух къух мын цы дæрзæг æмæ тар къухæй райстай!..»

Лæппу аджих, фæхъыг ын чызджы ныхас, фæлæ йын дзуапп радта:

– Дæ урс къухмæ цы пух дзул райсыс, уый ацы кусаг къухтæ æрзайын кæнынц, Зинæ…

Бирæ уарзта йæ куыст, быдыры куыстытæй-иу уæгъд куы уыд, уæд фæкæсинаг адæмæн лæггад кодта, сæ цæхæрадæттæ сын-иу бахуым кодта. Иу ахæм фæззыгон бон æй колхозы сæрдар кæйдæр зæхх хуым кæнгæйæ баййæфта æмæ йын йæ трактор байста, бафхæрдта йæ. Йæ куыстæй æвдæлонгонд кæй уыд, уымæ гæсгæ ацыд йæ ногхаст бинойнаджы размæ æмæ… Фæндагыл фæмард…

Мæ мадимæ тиу æмæ чындзы хуызæн нæ уыдысты, фæлæ хо æмæ æфсымæрау цардысты. Уыцы рæстæг хуынтæ хæссын кадджын уыд. Мæирбеджы мад æмæ мæ мад æгъдау кæдæм нæ фæхастой! Иуахæмы та кæдæмдæр цыдысты хуынтимæ. Сæ уæззау тæбæгъ Мæирбегæн хæссын кодтой. Уый сын нæ куымдта, чызг дæр, дам мын ничиуал ратдзæн, тæбæгъ хæсгæ мæ исчи куы фена, уæд. Фæлтау иннæ хæссинæгтæ иууылдæр фæхæсдзынæн, зæгъгæ. Гогызæй, арахъхъæй сæ ахаста.

Фынг æвæрын мын-иу куы кодта йæхицæн кæнæ-иу мæ арахъхъы агуывзæ куы агуырдта, уæд-иу мæ зивæг фæразæй ис, æви мын хъыг уыдаид, нозт дæттынмæ чъынды уыдтæн… Уæд-иу мын афтæ лæгъстæ кодта: «Æз дæ къухæй цы ахæрон æмæ бануазон, уый мын æвдадзы хос у, æвдадзы!»

Ацы рæнхъытæ фысгæйæ, йæ худын мæ хъустыл уайы, мæ цæссыг нæ уромын, афтæмæй.

Йæ чындзæхсæв ныр дæр арæх æрымысын… Чындзæхсæвы къæрцц- æмдзæгъд æмæ фæндыры цагъд мæ хъустыл уадысты, куы йын æрбаластой йæ мард… Кæм кафыдыстæм, уым ныр уаты астæу йæ чырын уыд. Мæирбег та ихы къæрттау æнæзмæлгæйæ хуыссыд. Мæ зæрдæ ныддихтæ. Мæ уæрджытæ мæ быны дыдæгътæ кодтой…

Уæлдай зын мын уыд йæ мæлæты фæстæ цардмæ раздæхæн. Тынг мысыдтæн мæ уарзон хистæры. Æвæццæгæн, мæхицæн ног хистæр æфсымæр уый тыххæй бацагуырдтон. Мæхицæн – уыйбæрц æфсымæртæ, фæлæ мæнæй кæстæртæ уыдысты: мæ фæстæ нæ хæдзарвæндаджы райгуырд фараст лæппуйы. Æз агуырдтон ахæм фæзминаг хистæр, кæцы уыдаид уыйау. Æмæ йæ ссардтон. Æгъдауæй дæр æмæ удæй дæр Мæирбеджы хуызæн. Абон дæр мын лæггад кæны. Бирæ хæрзты мын бацыд. Æфсымæрæн куыд æмбæлы, афтæ мæм йæ цæст дары, рæвдыд æмæ дзы хистæры зонд æмæ уынаффæ зонын, кæнгæ æфсымæрæй мын æцæг хистæр æмæ зондджын æмбал басгуыхт.

Афтæ мæм кæсы, цыма мæм Мæирбег йæ цæст дары, уый мын æрвиты æххуыс. Иу хъуыддаджы дæр, иу хабары дæр мæ зæрдæ никуы фæхудт мæ кæнгæ æфсымæрыл. Мæрдтæм арфæ кæнын Мæирбегæн, хæрзауыдæн мыл кæй фæкодта, кæй мын равзæрста зæххонтæй ахæм дзуар, уый тыххæй.

 

ЛИДÆ

Тынг арæх кæй æрымысын, уыдонæй иу у не ‘рвадæлты зæронд ус. Уый бирæ азты фæкуыста ахуыргæнæгæй хæххон скъолайы. Зондджын æмæ уæздан адæймаг. Кæддæр æм бæрæггæнæг бацыдтæн, æмæ мын дзаджджын уæлибæх акодта. Фынгыл бадæм, æмæ мын афтæ:

– Мæ фыр мæгуырæй хъуг балхæдтон. Хъуг куы дуцай, уæд уазæгæн æгас цæуай зæгъын дæ бон у кæддæриддæр.

Худæг мæм фæкаст, ау, йæ мæгуырæй хъуг чи фелхæны? Хъуг балхæнын кæй бон у, уый мæгуыр нæ вæййы. Фæстæдæр æй бамбæрстон, æвиппайды уазæг фæзынд, ауай æмæ дæ цы хъæуы, уый алхæн, фынг æрæвæр, уый абон æнцон у, алы къахдзæфыл дæр сæрмагонд дукани. Уæд афтæ нæ уыд, стæй рауайынмæ зæрондæй рæвдз нал вæййы адæймаг, нал…

Зæрдæбынæй-иу бацин кодта мæ алы къахдзæфыл дæр. Ног зарæг кæнæ та мæ ног чиныг… Алы чиныг дæр ын уыд стыр хæзна. Цæстæй бынтон æвзæр куы уыдта, уæд тынг тыхсти: ацы чиныг куынæ бакæсон æмæ афтæмæй куы амæлон… Ома, кæй амæлдзæн, ууыл афтæ нæ тыхсти, фæлæ, мæ чиныг «Æмпъузæнтæ» кæй нал бакæсдзæн, ууыл…

Бирæ хъæрмуд ныхæстæ-иу фæкодтам. Æппындæр амондæй ницы федта. Мæгуырæг, хæдзар æдзух йе ‘ккой уыд. Скъолайы кусгæйæ дæр, хæдзары цыдæриддæр уыд сылгоймаджы куыстытæ æмæ нæлгоймаджы фыдæбон, уыдон иууылдæр йæхимæ хаудтой. Сывæллæттæ хаста. Ноджы ма рынчынтæм каст, йæхи цотимæ ма фæхаста йæ тиуы чызджы дæр. Хæстæй йæ мой цæфтæй ссыд, уымæ дæр цалдæр азы фæкасти, стæй йе ‘фсин, йæ хицаумæ…

Бынтон æрыгонæй баззад сидзæргæсæй. Йæ зæры бон та йæ кæстæртæ йæ разæй фесты. Мæ фыдгулæн ма йæ ныгæнджытæ йæ разæй фæуой. Фæлæ дисы æфтыдта йæ цардбæллонæй. Никуы фæци йæхимæ хъусыныл, аргъ кодта адæмæн. Сыхагæй, хионæй – алкæмæн дæр уыд бынат йæ зæрдæйы. Адæмы, мыггаджы, бинонты кæрæдзиуыл баста. Æрбацæуæгыл дæр бацин кæнын зыдта, искæй циныл бацин кæнын дæр. Рухсаг у, рухсаг, Æрчъынон!

 

КЪОЛА

Йæ иу фырт царди Сыбыры, фæлæ, Лæцы йемæ чи цард, Къола, уый диссаджы лæппу уыд. Æцæг адæймаг кæй фæхонынц, ахæм, æнæхин æмæ сыгъдæгзæрдæ. Иу сæрдыгон бон хохмæ ацыдтæн. Лæцы хъæуы астæу – дон. Æз халсартæ æмæ дыргътæ æхсынмæ æруадтæн. Æнæнхъæлæджы нæ фыдæлты къонайы тыргътæй айхъуыстон йæ хъæлæс. Уалынмæ дугъ радта æмæ иу уысммæ мæ цуры фегуырд, йæ хъæбысы мæ фелвæста, бæрзонд мæ систа æмæ йæ дзыхыдзаг хъæр кодта: мæнæ ма мæ дзуттаг хо фæзынд, мæ поэт хо æрбацыд.

Куы æрымысын Къолайы, уæд æдзухдæр мæ цæстытæ ахуылыдз вæййынц. Йæ дыууæ къухæй цæмæ нæ арæхст, ахæм ницы уыд. Æцæг сызгъæрин къухтæ. Уарзтон ын йæ конд хæринаг. Хорз æмæ зынаргъ æфсымæр мын уыд. Фæлæ амондæн ницы хос уыдысты йæ зæрдæйы уаг, йæ сызгъæрин къухтæ. Йе ‘намондæн, нозты ‘рдæм фæци…

Мæ каримæ ‘мцæдисæй иу хатдзæгмæ æрцыдтæн: кæугæ фæкæнæм, нæ уарзон адæмæн сæ къухы цы нæ бафтыд, ууыл. Цы сын баныст, уыдон та æхсызгонæй фæмысæм, уый руаджы нæм цыдæр рухс æрбакæлы ивгъуыдæй.

 

СЕГЫДÆ

Хохмæ фыццаг хатт ацыдтæн ме ‘мкурсон чызг Дзытиаты Эммæимæ. Уымæн йæ бинонтæ æрлыгъдысты Цымытийæ æмæ Лæцæй гыццыл фалдæр лæгъзы æрцардысты. Диссаджы бинонтæ. Мад цæргæбонты Фыййагдоны скъолайы фæкуыста ахуыргæнæгæй. Йæ фыд, – хæсты æмæ фæллойы йæхи хъæбатыр æмæ куыстуарзонæй чи равдыста, ахæм кадджын лæг. Мæ фысымтæ – тынг зæрдæхæлар æмæ уазæгуарзон адæм. Дисы мæ ‘фтыдта хæхбæстæ. Алы дурæн дæр мæ фæндыд хъæбыстæ кæнын. Мæ мидхъуыдыйы æдзух уыд, ацы дуртæ кæй зыдтой мæ фыдæлты, фæндыд мæ æппæт комыл аххæссын, мæ хъæбысы йæ æрбакæнын. Мæ фысымтæ мæ сæ чызгимæ арвыстой Лæцмæ не ‘рвадæлтимæ зонгæ кæнынмæ. Уыдон мыл зæрдиагæй бацин кодтой.

Хæдзары хистæр уыд зæронд ус. Бæрзонд æмæ хæрзконд, зæгъæн ис, иу килæ дæр ыл уæлдай фыд нæ уыд, ахæм ацæргæ, фæлæ цæрдæг сылгоймаг. Хъуыды йын кæнын йæ раздарæн. Уый бын йæ астæуыл уыд дæгъæлты баст. Махмæ хъæуы никуы нæ уыд гуыдыр æмæ дæгъæлтæ. Нæ иу дуар дæр гуыдырæй не ‘хгæдтам, æмæ мæм диссаг фæкаст, ам хохы, комы тарфы, æцæгæлон чи цæуы, кæмæй дзы у тас?

Уый мæм дæгъæл радта, йæ бастæй йæ равзæрста æмæ райхæлдта, афтæмæй. Стæй мын загъта, къæбицы дуар дзы бакæн æмæ фæткъуытæ рахæсс. Нарты Сатанайы къæбицмæ цыма бахаудтæн, афтæ мæм фæкаст. Цыхтæй, царвæй, дзидзайæ, ссадæй, мыдæй, халсартæ æмæ дыргътæ, кæрдæджыты онг дзы алцыдæр уыд. Æз, куыд мын загъта, афтæ фæткъуытæ æруыгътон мæ фæдджимæ. Дуар ногæй гуыдырæй сæхгæдтон æмæ рацыдтæн. Уыцы фæткъуытæ мын цæхсын кодта æмæ дзы нæхи хорз федтам. Фысымтæ – зæронд Сегыдæ æмæ сывæллæттæ, чызг æмæ лæппу, – стæй мах, сæ уазджытæ. Чызгыл цыдаид кæд цыппар азы, лæппуйыл – дыууæ. Тынг рæсугъд æмæ дзæбæх сабитæ. Чызг мын дзырдта: æз чындзы цæудзынæн, æмæ мыл рæсугъд æрттивгæ къабатæ уыдзæн… «Чи дæ куры, чи?» – афарстон æй. Æмæ, Чермен, зæгъгæ, загъта йе ‘фсымæрæй…

Сæ фыд æмæ мад уыдысты кусынмæ. Фæлæ уæдæй фæстæмæ арæх цыдтæн хохмæ мæхи æрвадæлтæм. Зæгъæн ис, æмæ адоны хи цæгатау бауарзтон, нымадтон.

Нал ис, рагæй нал ис, къæбицы дæгъæлты хицау, хæдзары хистæр, зæронд Сегыдæ. Нал ис йæ фырт, бирæ азты цингæнгæ кæмæ цыдтæн, уыцы фысым, Гадзыбе. Сабитæ дæр ныр сæхæдæг ныййарджытæ сты.

Цалынмæ адæймаг æрыгон у, уæдмæ сæрæн вæййы, уæдмæ йæ авналæнтæ дæрдтыл вæййынц. Ныр бирæ азтæ рацыд, æмæ æз нал хæццæ кæнын никæдæм, никæмæ дæр æххæсгæ кæнын. Цас дон фæкалд, цас рæстæг рацыд уæдæй! Æрмæст ма мæ зæрдыл лæууынц, мæ цæстытыл уайынц ивгъуыд царды нывтæ, удæн зынаргъ адæм…

 

ГАДЗЫБЕ

Куыд загътон, афтæмæй, хи цæгатау цыдтæн ме ‘рвадæлтæм хохмæ. Гадзыбе уыд тынг цинтæгæнаг, мыггагыл æнувыд, кæрдзындæттон. Куы-иу бацыдтæн Лæцмæ, уæд ыл-иу цыма хур ракаст, афтæ мыл цин кодта.

Иубон дын кæрты йæ бæхыл абадтæн. Лæцы комы заргæ ацыдтæн, тынг хъал, æнæмæт æмæ амондджынæй. Бæстæ цыма иууылдæр мæн уыд. Хосгæрдæнты куыд рæсугъд у ком! Хæдзармæ нæ тагъд кодтон. Афæстиат дæн. Куы раздæхтæн, уæд йæ хъæр, йæ хыл диссаг уыд. Уый размæ хъæды арс кæйдæр хъуг аргæвста, уыцы комы. Гадзыбе та йæ уазæг чызджы куы агуырдта, уæд, хъæдæй чи æрцыд, ахæм лæг ын афтæ, уæлæ, дам, комы заргæ фæцæуы, ма йын тæрс.

Хæдзары æфсин афтæ æнхъæл уыд, æмæ уазæг чызг фæтæргай уыдзæн æмæ алидздзæн. Фæлæ æз мæ рæдыд зыдтон, стæй мыл кæй мæт кодта, уый дæр æмбæрстон. Бацыдтæн мæ уатмæ æмæ цыдæртæ фыстон, чиныг кастæн, цалынмæ мæм нæ бадзырдтой, уæдмæ нæ рацыдтæн. Уæдмæ уымæн дæр йæ маст фæлыгъд.

Гадзыбейы зæрдæмæ цыди, æз мæхи уазæгау кæй нæ дардтон, фæлæ хи бинойнагау алы куыстмæ дæр рæвдз æвнæлдтон, цыма нæхимæ дæн, афтæ. Йæ бинойнагæн-иу хъыг уыд, кæй йын ныхилын йæ къæбицмæ, фæлæ йын, иннæрдыгæй та, ‘хсызгон дæр уыд, хæринаг кæнын кæнæ йæ ‘фсайын кæй нал хъуыд, уый.

Мæ цардæмбал нæхи адæмыхаттæй кæй нæу, уымæ гæсгæ йæм æдзух фаутæ хастой нæ бинонтæ. Никуы йæ ‘рбахæстæг кодтой. Уыдоны аккаг бынтон хорз нæ рауад. Зæгъæм, картоф къахын нæ зоны – уæд ын бацамон, уым диссагæй цы ис!.. Гадзыбе та йæ бирæ бауарзта. Алы цуматæ йын кодта, æфтыдта йæ алы куыстытыл. Хосы цъынатæ къуыбырæй бынмæ ластой, æфснайдтой сæ. Æмæ мын дзы-иу аппæлыд: хъаруджын лæппу у. Стæй, изæрæй-иу гитарæ йæ къухтæм куы райста, уæд æм тынг цымыдисæй хъуыста.

Рухсаг уæнт, мах зæрдиагæй кæй мысæм, уыдон се ‘ппæт дæр.

 

ТОМÆ ÆМÆ ТАМАРÆ

Нæ мыггаджы чызг арæх нæу, фæлæ, иумæйаг фыдæл кæмæн уыд, уыцы хиуæттæ цардыстæм иу сыхы, æмæ мын ахæм хотæ уыд нæ сыхы дыууæ: Томæ æмæ Тамарæ. Иу номы фæйнæ хуызы… Мæнæй хистæртæ. Æз ноггуырд сывæллонæй сынтæджы тыхтонæй куы хуыссыдтæн, уæд мæ Томæ радавта йæ хъæбысы æмæ мæ, дуармæ цы зæронд устытæ бадти, уыдомæ баскъæфта. Мæ мад йæ фæдыл рауад æмæ йæм хистæрты раз тынг нæ уæндыд, фæлæ йын лæгъстæ кæны: «Уæззау дын у, æри йæ мæхимæ». Уый йын дзуапп авæрдта: «Ай мæхицæн дзæбæх у». Уæд ыл фæндзæм аз цыд. Арæх-иу æрымысыд мæ мад уыцы цау.

Тамарæ та, æз фыццаг къласы куы ахуыр кодтон, уæд дæсæм къласы уыд. Мæ мад æмæ фыд кусгæ кодтой, æмæ сæ се скъоладзаумæ фæкæсынмæ уыйбæрц не ‘вдæлд. Тамарæ мæ сæхимæ акодта æмæ мын мæ уроктæ амыдта, уыдонмæ цардтæн. Райсомæй-иу иумæ цыдыстæм скъоламæ. Æз нæхи хæдзары рæзты цыдтæн дæлæсыхмæ, нæхимæ-иу цæугæ дæр, кæсгæ дæр нæ бакодтон. Зæронд лæг æмæ ус, Мэри æмæ Ягор рæвдыдтой мæн. Уæдæ Тамарæ дæр афтæ. Мæ ныййарджытæ та сæ лæппутыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыдысты, æз та – æнæ рæвдыд… Иубон та нæхи цурты куы ацыдтæн, хæдзармæ кæсгæ дæр нæ бакодтон, афтæмæй, уæд мæ мадæн фæхъыг; цы ахъуыды кодта, нæ зонын, фæлæ мæ фæдыл æрцыд æмæ мæ ракодта. Уымæй фæстæмæ цардтæн нæхимæ. Фæлæ мын ахуыр кæнынмæ æххуыс кодтой Томæ æмæ Тамарæ. Сæ дыууæ дæр фæндырæй цагътой сæ гыццылæй фæстæмæ. Мæн дæр ахуыр кодтой. Фæлæ ныл иу бæллæх иннæйы фæдыл цыд, æдзух сау дардтам æмæ фæндыр къухтæм нал истам… Тамарæ Мæирбеджы фæстæ æппындæр нал ацагъта. Томæ та – йæ фыды фæстæ. Афтæмæй æз цæгъдын нæ базыдтон.

Тамарæ скъола куы фæци, уæд тагъд смой кодта. Æз ыл тынг æнувыд уыдтæн, æмæ-иу арæх цыдтæн цæугæ доны сæрты нæ ног хæстæджытæм. Бон-изæрмæ-иу Черменыхъæуы баззадтæн. Фæстæдæр мæ мад фæрынчын æмæ рынчындонмæ бахауд. Мах та ме ‘фсымæримæ радтой Джызæлы интернатмæ. Уæдæй фæстæмæ доны сæрты ныкуыуал ацыдтæн.

Тамарæ схаста æртæ чызджы æмæ иу лæппу. Сæ цард мыды къусау куы уыд, уæд хъулгъа хæстæй рацыдысты æмæ ирон адæмы цагътой, дæрæн кодтой сæ цæрæн хæдзæрттæ. Мæ хо бахауд уацары. Уым цы зындзинæдтæ федта, цы тухитæ бавзæрста уыцы бонты, уыдон ын йе ‘нæниздзинад фæкъахыр кодтой, йæ цард фæцыбыр кодтой…

Мæ мад куы амард, уæд куы уыдаиккой мæ фарсмæ Томæ æмæ Тамарæ… Фæлæ уыдон, хъыгагæн, æдзардæй йæ разæй фесты. Тынг зын æмæ зæрдæриссæн уыд мæнæн дæр, мæ мадæн дæр сæ ацыд. Фæлæ мæ мады фæстæ мæ хотæ, кæд сæ иу дæр мæ хæрз хо нæ уыд, уæддæр, мæ фарсмæ куы уыдаиккой, уæд афтæ мæгуыр æмæ æдых нæ уыдаин…

Абон дæр нæма сразы ис мæ зæрдæ, Томæ институтæй кæй нал рацæйцæудзæн, ууыл. Йæ рæзты ацæуын дæр мын зын вæййы. Уый йæ куысты, кафедрæйы æвиппайды амард… Цы дугъы фæуадтæн уыцы бон, уый та ног мæ цæстытыл ауайы… Мæ зæрдæ сриссы мæ ахуыргонд, мæ профессор, мæ зонады доктор, фæлæ хуымæтæг æмæ зынаргъ хойыл. Арæх æрымысын, куыд ацыдыстæм иумæ Цыргъобауы бон кувдмæ, уæд æй нæма зыдтон, уыцы аз чындзы кæй цæудзæн.

Нæ цæхæрадоны ставд урс æхсынцъы зади, æмæ-иу уый бынмæ иумæ бацыдыстæм, тутайæ-иу нæхи хорз федтам, æз урсдæр цæттæдæр æхсынцъытæ тыдтон, уый та сæ цъæхтæй хордта цæххимæ… Пабло Нерудайы мысинæгты куы сæмбæлдтæн ахæм рæнхъытыл, æрдæгцæттæ чылауи цæххимæ кæм хордтой, уæд фыр цинæй чиныг мæ хъæбысы ныккодтон, стæй уыцы рæнхъытæ мæ былтыл авæрдтон.

Нæ кæрты астæу сæнтсырх тута бæлас зади, стыр аууон лæвæрдта æмæ ирвæзын кодта æнæхъæн сыхы хуры тæвдæй. Бирæ амондджын бонтæ арвыстам уый дыргътæй æфсæстæй, æппæты бæрзондмæ сбыргæйæ кæнæ йæ бынмæ цъæх нæууыл сатæджы хъазгæ-худгæйæ, нæ сыхы чызджытимæ… Сыхы устытæ дæр-иу сæ авдæнтæ уырдæм æрбахастой. Абон дæр уыцы бæлас афтæ зæрдиагæй æрымысын, цыма мæ бинойнаг уыд, нæ хæдзарвæндаджы хистæр. Афтæмæй нæ цæхæрадоны рæбынты æдæппæтæй уыд фондз алыхуызон тута бæласы.

Ахæм ныфсытæ, ахæм хистæртæ уыд мæнæн. Томæ æмæ Тамарæ. Хуыцауы цæст мын куы бауарзтаид бæргæ ахæм хоты рæвдыд ныры онг…

 

МÆ ФЫД

Мæ кæстæртæ куы фæхъомылдæр сты, уæдмæ мæ мад æмæ фыд та зæронд æмæ фæкæсинаг систы. Уымæ гæсгæ æз мæ алы бæрæгбон дæр кодтон мæ ныййарджытимæ. Уыцы бон хъуыды кæнын абонау. Уыд куадзæны къуыри. Мæ фыд нал цин кодта бæрæгбоныл, мæ зылдтытыл. Раздæр тынг зæрдиагæй сабийау цин кодта мæ конд хойрагыл. Бонæй-бон лæмæгъдæр кодта. Йæ хъуыры нал цыд хæринаг. Йæ цæстытæ – фæллад æмæ æнкъард. Нал хъуыста, нал каст телевизормæ. Цыбыр дзырдай, ам нал уыд. Æрмæст ма мын-иу мæ къухæн аба кодта. Ныр цалдæр мæйы хуыссæны сæйы. Тынг тыхсы, риссы. Фæлæ тынг фæразон, тынг хъайтар æвдисы йæхи. Уæддæр ацы бон бæрæг уыд, кæй цæуы, кæй хуыссы йæ уды зынг.

Мæ сывæллон тыхсти, йæ хуылф рыст. Æз мæ чызджыты амбырд кодтон æмæ цæуæг фæдæн. Дохтыртæн æй равдисон, зæгъгæ. Мыййаг, исты, уæд мын æвæгæсæгæй мацы кæна мæ хъæбул…

Уынджы рахизфарс фæцæуæм, æмæ нæ сыхаг дуармæ бады. Уый ныр цалдæр азы цæстæй нал уыны. Æз æй æрбахъæбыс кодтон фæсте. «Кæцы дæ?» – фæрсы. Мæхи куы бацамыдтон, уæд мæ фæрсы: «Казбек куыд у?» Æз скуыдтон æмæ йын дзуапп радтон: «Мæлгæ кæны…» Æмæ, дам, уæд кæдæм цæуыс, дæ мад тæригъæд нæу? Мæ мад, зæгъын, йæ цоты схаста, мæнæн та нырма хæссинаг сты…

Фенын кодтон дохтыртæн мæ чызджы, афтæмæй мæм сдзырдтой, ахицæн, зæгъгæ.

Йæ æвæрæн бон уыд стыр Уæлахизы æхсай азы бæрæгбон. Рæсугъд хур бон. Тынг бирæ адæм нæм уыд. Сæ бæрæгбон ныууагътой, мæ фыдæн хæрзбон зæгъынмæ æрцыдысты.

Уæд ничи зыдта, цы хъæбатыр уыд мæ фыд, цы хъайтар. Фараст азы æмæ æрдæг ма фæцард мæ мад папæйы фæстæ. Кæд уый сыбыр æнæ уынæрæй ацыд, уæд мæ мад цыппар боны йæ уд фæиста. Уыйбæрц тухитæ фæкодта æмæ мын мæ хъару, мæ уд йемæ ахаста. Ныр цал азы мæ уды хъæдгом нал байгас. Йæ афæдзы бонмæ иу гыццыл чиныг рауадзон, зæгъгæ, ууыл кусгæйæ мын чидæр бацамыдта, æмæ Интернеты ссардтон Подольскы æфсæддон архивтæ. Мæ фыды дыууæ ордены куы ссардтон, уæд мæ нæ уырныдта, уый кæй у, уымæн æмæ никуы дзырдта, хæсты кæй уыд, уый. Бирæ сгарæн куыстыты фæстæ сбæрæг, папæ кæй у, бирæ фæкуыдтон, фæхъыг кодтон, цæмæн афтæ рауад, ууыл.

Хæсты фæстæ ахст æрцыд, йæ бинонтæ сыдæй куы мардысты, уæд колхозы быдырæй нартхор кæй радавта, уый тыххæй. Тынг æй асаста ахæстон. Афтæ йæм каст, цыма ницыуал сты йæ лæгдзинæдтæ, хахх æрцыд йæ ивгъуыд. Уый цæмæй зыдта, искуы Интернет фæзындзæн, æмæ рахъæр, раргом уыдзысты хæсты архивтæ. Йæхицæй дзæгъæл æппæлд ракæна, уый та йæ нæ фæндыд… Хæсты коймæ-иу æдзух йæхи айста. Дыууæ ордены – йæ лæгдзинад, йæ хъæбатыр хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй. Æз дæр никуыдæм ныхъхъæр кодтон уыцы хабар. Нæхицæн æй зондзыстæм. Хæсты ветерантæ кæй фыдтæ уыдысты, ахæмтæм ба- дзырдтон, зонут зæгъын, цы хæрзиуджытæ уыд уæ хъæбатыр фыдæн, æмæ, дам сæ гыццылæй хъазыдыстæм, нæ сæ бавæрдтам… Æз сын сæ, архивы фыст куыд сты, афтæмæй бакастæн. Æвдай дыууæ паддзахадон æфсæддон хæрзиуæджы нæ гыццыл мыггаджы лæгтæм. Æвдай цыппарæй та хæстæй нал ссыдысты… Уæд ма æз ныр мæ фыды хæрзиуджытæ æрдомон?

Абон æвддæс азы сæххæст дæ ацыдыл. Æз та мысын дæу, мысын уыцы бон. Куыд ахуыссыд дæ уды арт. Рухсаг у, мæ хъæбатыр фыд.

 

ÆТТИ

Абон мын æнæ радзургæ нæй, нæ сыхы цы диссаджы адæймаг цард, уый тыххæй. Телевизормæ кастæн, æмæ дзы рацыд ныхас, удæй рынчын, зондæй æххæст чи нæ уыд, ахæм адæмæй сыгъдæг æмæ зæдыл кæй банымадтой аргъуан æмæ дины уæлдæр кусджытæ, уый тыххæй. Бирæ дæнцæгтæ æрхастой аив литературæйæ, стæй адæмон сфæлдыстадæй дæр. Уыдон алкæмæн дæр зындгонд сты. Махмæ дæр уæдæ ис нæхи Æррабитæ аргъæутты, царды…

Æтти, мæгуыр, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй райгуырд Уæрæсейы дыууæ стыр революцийы астæу. Æмæ, дам, уый тыххæй æрра дæн. Йæхи æррайыл ничи фæсæтты, Æтти та йæ æргом дзырдта. Йæ æцæг ном Хæстинæт хуыд. Ном та йыл сæвæрдта Тыбылаты Парни – уый хъуыстгонд æмæ кадджын лæг уыд. Мæхъхъæл куы ныббырстой, уæд лæгдзинад равдыста, уый сæ аздæхта, æмæ бирæ азты алы фынгыл дæр йæ рухс ном æнæ ссаргæ нæ уыдысты.

Бакастæй дæр бæрæг дардта, иннæтæй хицæн кодта йæ дарæсæй. Æддæгуæлæ-иу цалдæр фæлысты дæр скодта. Йæ æзмæлд уыд æгæр цæрдæг, æдзухдæр цыма искуыдæм тагъд кæны, афтæ. Цæугæ, уæд – агайгæйæ. Исты кусы, уæд – тагъ-тагъд. Дзургæ, уæд та – хъæрæй æмæ рæвдз. Уæддæр уыд хæрзуынд, асæй бæрзонд, уындæй хæрзконд…

Кæддæриддæр уыд куыстуарзаг. Цыма зæронд нæ кодта, афтæ мæм каст. Хъаруджын æмæ зæрдæхæлар уыд. Сыхы хистæртæн куы дон хаста, куы доны былты артаг уыгъта… Йæ æххуысы хай цы хæдзарыл нæ æххæссыд, ахæм нæ сыхы нæ уыд. Бирæ куыста сæхи хæдзары дæр, фæлæ цыма фæллад нæ зыдта… Æрмæст фыр куыстæй йе ‘фхæрд уæнгтæ тынг хус уыдысты, фыды мур нæ уыд йе стджытыл, цыма йæ уæлæ бахус йæ царм. Йæ цæстытæ та дыууæ зынджы хуызæн æдзух æрттывтой. Æгæр зæрдæхæлар уыд. Æмæ йыл ничи ауæрста. Æмæ æгæрон кæм уыдысты йæ хъарутæ? Тынг-иу куы бафæллад, уæд-иу тигъыл сбадт æмæ-иу хъæр кодта: «Дæ-дæ-дæ-дæй, бафæлладтæн!» Рæвдаугæ дæр æй кодтой, тæригъæд дæр ын кодтой, фæлæ…

Бирæ йæ чи рæвдыдта, уыдонæн йæхиуыл бынтондæр нæ ауæрста, мæгуыр.

Бирæ хæттыты ахæм æцæг хабæрттæ æмæ рæстдзинад дзырдта, æмæ-иу адæм дис кодтой. Кæмæндæр-иу йæ сусæгдзинад рахъæр, кæмæндæр та-иу æгæр æргом ныхæстæ загъта. Бæлвырд ницы æрымысдзынæн, фæлæ хъуыды кæнын, æргомдзырд кæй уыд, æмæ уый иуæй-иутæ, зондцух кæй уыд, уый аххос кодтой.

Зыдта æцæг цыргъзонд æмæ хъæлдзæг ныхæстæ кæнын дæр. Цалдæр æнаккаг ныхасæй та пайда кодта, раст цыма рæвдауæн ныхæстæ сты, афтæ. Хорз æй хъуыды кæнын, нæ рудзгуыты бын фæцæйцæуы, уæд нæм куыд хъæр кодта: «Зами, … фынæй ма кæныс?» Мæстыйæ та судзаг æлгъыстæй æлгъыста, маст ын чи скодта, уый.

Куы амард, уæд ын сых рæсугъд æгъдау скодтой, уæлдайдæр та, горæтæй Дзгойты чындз æрцыд æд фырттæ æмæ йын æмбæрзæн æд сæрбæттæн æрхастой, сæ нанайæн бирæ лæггад кæй фæкодта, уый хъуыды кæнгæйæ.

Кæд æцæг Хуыцауæй минæвар вæййынц ахæм адæймæгтæ, æмæ ныр зæдбадæны ис йæ бынат… Дзæнæты бадæд. Зæдтимæ бадæд йæ æцæг бæстæйы Хæстинæт.

 

ЗАМИРÆТ ÆМÆ НЕМКА

Уарзын æмæ аргъ кæнын æмбæлы цардæгас адæмы. О, бæргæ афтæ у, фæлæ кæй уарзтам, уыдонæй чи нал ис, уыдоны нал хъæуы уарзын, зæрдыл дарын? Æрвылбон дæр мысын куы иуы, куы иннæйы… Уæлдайдæр та мæ уды хайы. Цыма Къостайы сидзæргæсау ингæнмæ фæлыгъд тæргай… Куы хинымæр, куы хъæрæй ныхъхъæр кæнын, дзурын æм, кæуын йæ фæдыл. Мæ мад, мæ фыдмæ дæр фæсидын. Мæ уд семæ фæхастой хайгай. Фыдæй, мадæй, хионæй, цардæмбалæй, æмгар æмæ сыхагæй, хорз зонгæйæ. Цы ма баззад мæ хуылфы мæ удæй, мæ хъæбулты фаг дзы тавс куы нал ис? Æрмæст бирæ тас. Тæрсын, чи ма мын ис, уыдонæн.

Мæ ныхас райдыдтон, чи нал ис, уыдонæй. Радзурын мæ фæнды нæ мыггаджы цы хистæр сылгоймæгтæ уыд, уыдоны тыххæй. Куыд кадджын æмæ уарзон уыдысты адæмы ‘хсæн, мыггаджы, сыхы. Бæрзонд, хæрзконд, уæнгтæй тыхджынарæзт, цæсгомæй рæсугъд æмæ тызмæггомау, Замирæт уыд диссаджы сылгоймаг. Йæ сæрыхицау бабын кæйдæр къухæй. Чидæр ыл хахуыртæ ныффыста, æмæ йæ фесæфтой Сыбыры. Фæлæ нæ фæтасыд, сывæллæттæ иунæгæй фæхаста, колхозы фæкуыста. Хъазуатонæй равдыста йæхи хæсты рæстæг, стæй фæллойбонты.

Алы хабары дæр нæ мыггаджы лæгтæ æмæ сылгоймæгтæ уынаффæ кодтой йемæ. Зианы хабары, цины хъуыддаджы… Замирæт уыд сæйраг уынаффæгæнæг. Йæхи хæдзарæй-иу алы бæрæгбонæй дæр хай æрвыста махмæ. Раздæр мæ фыдыфыд Хъасполатæн, куыд мыггаджы хистæрæн, стæй та мæ фыд сси мыггаджы хистæр, æмæ уымæн. Иу нæлгоймаг дæр нæ уыд ахæм, æгъдау æмæ дзуаппæй уый чи амбылдтаид. Йæхицæй хуыздæр ничи зыдта æгъдæуттæ. Стæй хъару æмæ зондæй дæр. Хæсты рæстæг равдыста фæллойы æмæ фыдæбоны стыр лæгдзинад. Колхозы быдырты бирæ уæззау куыст фæкодта. Æхсæвæй-бонæй фыдæбон кодтой æппæт сылгоймæгтæ дæр, уый та сæ разæй, афмæй, цæмæй хæстонты фаг дæр уа сæ тыллæг, сæхæдæг дæр æххормаг ма баззайой сæ сабитимæ, зæрæдтимæ. Адæмы ‘хсæн йæ кад уыд лæджы æмсæр.

Адæм уæд уыдысты æнгомдæр, кæрæдзийæн аргъ кодтой. Ныртæккæ алчи йæхицæн цæры. Ничи никæй ницæмæй фæрсы. Уæд та алы къахдзæф дæр барстой, кæрæдзийы цæсты сæхи не ‘фтыдтой. Искæй цæстмæ нæ, фæлæ искæй зæрдæ балхæнынмæ тырныдтой. Æмвæндæй арæзтой алцыдæр.

Уый афтæ æнгом кодта мыггаджы сылгоймæгты, æмæ алы хабар дæр кодтой иумæ. Цæугæ дæр кодтой æмбырдæй – зианмæ, цинмæ цæуой, сæ разæй цыд Замирæт. Мæ мад дæр йе ‘мном уыд æмæ йæ хистæртæн цумайы чызг уыд. Коммæгæс кæстæрæн уыдон дæр стыр аргъ кодтой. Сæ зæронды бон сын бирæ хæрзты бацыд, бирæ лæггад сын фæкодта. Зылди сæм, куыд хи ныййарæгмæ, рæвдыдта сæ.

Иу ахæм хистæр ма нæм уыд, Немка. Цæмæн афтæ хуынд, уый нæ зонын. Уыд гыццыл асæй, мæллæджытæ, фæлæ царды зындзинæдтæн фæразон разынд. Йæ бон ыл бакалд, дард Сыбырæй йæм йæ хъæбулы мард куы сластой, уæд. Уый стыр бынæтты куыста, æмæ йæ арвыстой бæрнон бынатмæ кусынмæ. Бек уырдыгæй стыр æххуыс уыд Ирыстонæн. Æрвыста фæйнæг æмæ æндæр хъæдæрмæг нæ арæзтæдтæн. Уый размæ та нæхи колхозæн уыд разамонæг. Сæрыстыр уыд ныййарæг йæ хъæбулæй. Фæлæ йыл ацы зындзинад куы æрцыд, уæд нæ фæтасыд. Йæ хъæбулы хъæбул уыд йæ ныфс. Йæ иннæ лæппу цард Харьковы æмæ уый дæр фæстæмæ раздæхт Ирыстонмæ. Дзæбæх куыстыты куыста уый дæр, хæсты ветеранæн стыр кад уыд адæмы ‘хсæн. Дисы мæ-иу æфтыдта, ацы гыццыл усæн ахæм дынджыр æмæ уæнгджын фырттæ куыд райгуырд. Уый-иу бахудт æмæ-иу афтæ: сæ фыд дæр ахæм уæнгджын æмæ бæрзонд уыд. Кæд Замирæт знæтхуыз уыд, уæд Немка та уыд æфхæрдхуыз, æнкъард. Фæлæ мах иууылдæр рæвдыдтой. Стæй нæ мад семæ куыд хæлар уыд, ууыл дис кодтон, цыма сæхи чызг уыд, афтæ.

Уæлдай хæстæгдæр æм уыд нæ дыккаг хæдзары ус Мæри. Махмæ нана нæ уыд, раджы амард. Нæ нана хуыдтам уый, уыд ныллæг æмæ тымбылтæарæзт. Фæлмæн æмæ зæрдæмæдзæугæ… Уæвгæ уын йæ кой кодтон.

Адæймаг бинонтæ ахуырæй иунæгæй куы аззайы, уæд куыд æдых æмæ мæгуыр у. Ме знагæн дæр мæ зæрдæ нæ зæгьы, цæмæй йæ хæдзар афтид уа, йæ дзурæг æмбал та телевизор суа. Мæ алыварс уыд ахæм зæрæдтæ. Зæронд устытæ, зæронд лæг. Алы бæрæгбон дæр сын кодтон лæвæрттæ, бахастон сын-иу чъиритæ, адджинæгтæ. Рынчынæй сын кодтон судзинтæ, зылдтæн сæм, мæ цæст сæм дардтон. Рагæй нал сты уыдон, ныр æз базæронд дæн, сдæн фæкæсинаг, рæвдауинаг. Цæмæн у афтæ æгъатыр цард, кæм сты мæ кæстæртæ? Уыдон уыдтой, куыд ауыдыдтон мæ сыхæгтыл, куыд кастæн мæ мад, мæ фыдмæ, сæхи фыдмæ… Афтæ нæ фæзæгъынц, сывæллон цы уыны, ууыл ахуыр кæны… Уæдæмæ алцы дæр амондæй у. Æз та йæ мæ мады гуыбынæй нæ рахастон…

Куы райгуырæм, уæд нын кувынц, цæмæй бирæ цæрæм. Нæ арфæты дæр бирæ хатт «бирæ цæр» фæзæгъæм. Цæмæн? Кæй хъæуы ахæм дæргъвæтин цард? Дæ хæстæ царды раз куы сæххæст кæнай, куы бафæллайай дæ цардæй, куы бастайай фыдæбон æмæ хъизæмарæй, уæд ма уый цæй цард у? Æрмæст дæ ивгъуыды мысинæгтæй цæрыс, уыдон ма æрбауа- дзынц адæймаджы риумæ рухсы цъыртт…

Се ‘ппæт мысинæгтæн, æвæццæгæн, радзурæн нæй. Æз дæр та стъæлф æвæрын. Кæд та ма раздæхин абоны цардмæ.