ХЕСТАНТЫ-БУТАТЫ Победæ

Этюдтæ

КУЫДТА ЗÆРОНД УС

Цард æгъатыр у! Адæймагæн æрыгонæй цы хæрзты бацæуы, цы тыхтæ æмæ йын цы хъарутæ ратты, цы ныфсæй йæ фæхайджын кæны, уыдон ын зæронды бонты байсы. Йæ сывæллоны зонд та йын цæмæн раздахы? Æви сабидуг суадон æмæ фæдзæхст бынатау сыгъдæг у æмæ æнæвнæлдæй цыкурайы фæрдыгау æвæрдæй баззайы? Рæстæг та йæ йæ уæлныхты ахæссы, фидар дуæрттæ йыл бахгæны, къахвæндаг дæр æм нал ныууадзы. Зæрдæйы цы ахстон сбийы, удæвæрæнты цы ирд мысинæгтæй баззайы, уыдонæн та сæфæн æмæ рохгæнæн нæй.

Уыд æртхъирæны мæй. Уазал æнтъыснæг изæр. Куыстæй хæдзармæ здæхгæйæ, фæзылдтæн дуканимæ. Мидæмæ бахизгæйæ, æнæ бафиппайгæ нæ фæдæн, адæм цæуылдæр кæй æрæмбырд сты, уый. Зæронд урссæр сылгоймаг лæууыд сæ астæу æмæ куыдта. Йæ уæлæ уыд тæнæг фæззыгон сау палто, уый бынæй та зынд урс цикъæ мидæггаг хæдон. Йæ къæхтыл та – æнæ цъындатæй цыбырхъус нымæтын цырыхъхъытæ. Уазалæй æмризæджы рызт.

Хатгай-иу йæ кæуынæй фæлæууыд æмæ-иу сдзырдта: «Рæвдауæндоны цур цæрын. Нæхимæ афойнадыл куы нæ бацæуон, уæд мæм мæ мад хæцдзæн, фæнæмдзæн мæ». Чидæр фæцырд, медицинон тагъд æххуысы станцæмæ бадзырдта, æмæ йæ дохтыртæ аластой.

Æз æрхæндæгæй здæхтæн нæхимæ. Мæ зæрдæйæ нæ хицæн кодта уыцы зæронд ус. Мæгуырæг. Цард æй, цымæ, афтæ тынг цæмæ бафхæрдта, зæрдырох ыл цæмæ бафтыдта? Нал хъуыды кодта нæ йæ хæдзар, нæ йæ хиуæтты. Æрмæст дзы нæ ферох сты йæ ныййарæг мад æмæ йæ бæгъæввад сабидуг. Рæстæг сыл нæ фæтых и. Зæрдæйы рæсугъд æнкъарæнтæй, рæсугъд мысинæгтæй цæргæйæ баззадысты. Ныр йæ сабибонты зонд раздæхт, æмæ сæм агурæг рацыд…

 

НЫЙЙАРÆГ

Уасыд гыццыл уæрыкк… Фæдзæгъæл æмæ дзуджы иу кæронæй иннæмæ агуырдта йæ мады. Куы иу фысмæ бакъул кæны йæхи, куы – иннæмæ. Ничи йын бамбæрста йæ тыхст æмæ йæ катай. Фæстагмæ йæ чысыл къæдзил æхсызгонæй батылдта, базгъордта, дзуджы кæрон цы хъулон фыс хызтис, уымæ, хатыр курæгау æрхаудта йæ уæрджытыл æмæ мады хъарм æхсырæй йæ тарст, йæ рыст æмæ йæ мондæгтæ суагъта.

Диссаг, цымæ, цæмæй базыдта йæ мады? Кæд, мыййаг, йæ хъæлæс иннæтæй фæлмæндæр уыди? Кæд æм йæ удæй фылдæр хъарм цыди? Кæд ын уый йæ зæрдæйы цæф уæлдай хуыздæр æнкъардта æмæ йын цин æмæ æхсызгондзинад хаста? Æви кæд, цы æрдзон тыхтæй баст уыдысты, уыдон сæ кæрæдзимæ æлвæстой?

Уасыд гыццыл уæрыкк… Мæ хъуыдытæ мæ сабидугмæ ахастой. Мæгуыргурау бахостой ивгъуыды дуар æмæ дзы рахастой мысинæгты æргъом.

Уалдзæг уыд. Авд азæй фылдæр мыл нæ цыд. Хъазыдтæн кæрты. Зæрдæ ради, хур зæххы йæ хъарм тынтæй куыд рæвдыдта, бæлæсты къалиутæ цъæх-цъæхид сыфтæртæй сæхи куыд сфæлыстой, зæрватыччытæ æмцæдисæй фидар ахстон куыд быдтой æмæ, цардыл цингæнгæйæ, куыд цъыбар-цъыбур кодтой, уымæй. Дуар æрбайгом и, æмæ кæртмæ æрбахызти нæ зæронд дада. Махæй цыппар хæдзары дæлдæр царди. Нудæсæм æнус йæ авдæн кæмæн ауызта, царды фæзилæнты чи сфæлтæрдта, хъару, зонд, æгъдау æмæ фæразондзинадæй æххæст чи уыди, йæ амонд куысты чи ардта, уымæн ссæдзæм æнус йæ дуæрттæ парахатæй байгом кодта æмæ йын йæ азты нымæц сæдæйæ фæуæлдæр кодта. Йæ цæсгомы æнцъылдтæй зынди ивгъуыд царды азфыст. Сабыргай бахызти хæдзармæ æмæ бандоныл æрбадти. Æрбахъæбыс мæ кодта æмæ мæ йæ уæрагмæ систа. Цыма мæ карæн уыди, афтæ йемæ хъазыныл фæдæн. Куы йын йæ даргъ цыллæхуыз зачъетæй дзыккутæ быдтон, куы йын йæ куырæты цæппæртæ уæгъд кодтон æмæ йын сæ фæстæмæ æвæрдтон, куы та йын йæ къухты æнцъылдтæ цармæй ауæдзтæ арæзтон. Уымæн та йæ рустыл фæрдгуытау згъордтой йæ цæссыгтæ.

Уæдмæ фæзынд мæ нана, зæронд дадайæн йæ чызг, йæ цæстытæм ын фæкомкоммæ æмæ сдзырдта:

– Мæ хæдзар бахорз, уый кæугæ куы кæныс.

Зæронд дадайæн йæ урс-урсид сæр фæкъул и, хъæрæй скуыдта, стæй, йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ, сдзырдта:

– Гъер ма мын мад куы уаид, мад.

Цал азы аивгъуыдта уæдæй абонмæ? Ныр æз мæхæдæг дæр нана дæн, фæлæ уыцы æнкъард ныв мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæны. Цымæ, цæмæн куыдта зæронд дада? Кæд дзы исты маст уыди, æмæ йæ æрмæстдæр йæ мадæн радзурын фæндыди? Чи зоны, мæ чысыл къухты бандзæвдæй йæ мады рæвдыд йæ зæрдыл æрлæууыд, æмæ йын кæм баззад, уыцы сабидуджы дуæрттæм дæгъæлтæ йæ хъарм цæссыгтæй агуырдта? Чи зоны… Æвæццæгæн, зæрондæй дæр ма нæ мадæлтæн сывæллæттæй баззайæм æмæ нæ цин æмæ нæ маст дæр нæ мидхъуыдыты уымæн фæдзурæм, фынты йæм уымæн фезгъорæм. Æмæ, цалынмæ а зæххыл вæййæм, уæдмæ нæ удты æмæ нæ зæрдæты арфдæр бынæтты фæцæрынц. Гъе, æрмæст хъæбулы фæстаг сулæфтимæ ацæуынц ацы цардæй нæ фæлмæн мадæлтæ дæр.

Гыццыл уæрыкк агуырдта йæ мады…

 

ÆНÆНЦОЙ ДЫМГÆ

Абухы денджыз. Цæф сырдау уынæргъы. Лæбуры былгæрæттæм. Йæхи хойы айнæг къæдзæхыл. Тох кæны Галæгонимæ. Архайы егъау уылæнтæй дымгæйы базыртæ цонгсаст фæкæныныл. Чи сæ фæуæлахиз уыдзæн?

Уынæргъы денджыз. Хъæбысæй хæцы Галæгонимæ. Тæрхонгæнæгау сæм кæсы айнæг къæдзæх. Дымгæ та денджызы астæуæй рассивы егъау уылæнтæ æмæ сæ, кæрæдзиуыл хойгæ, аскъæфы былгæрæттæм. Ныццæвы сæ айнæджы риуыл. Фæнды йæ, цæмæй денджыз акæла йæ былтæй. Мингай азты цаутæ йæ зæрдыл чи дары, арвæн фидар æнцой чи у, мæргътæн фæлмæн ахстон, мигътæ сæ фæллад кæуыл суадзынц, уыцы къæдзæх цæмæй уылæнты цæфтæй фæцуда. Дургай æмæ мургай бауа, æмæ йын сæ дыууæ дæр ныхмæлæууæг мауал уой…

Дымгæ, æнæдомд дымгæ. Фыдыуæзæг, хъарм къона кæмæн нæй. Цымæ, хатгай афтæ сæртæг, афтæ сонт æмæ æдылы цæмæн вæййыс? Æрдз сæдæгай æнусты размæ домбай æмæ хæлар сыхæгтæй кæй сфæлдыста, ды уыдон рæстæгæй-рæстæгмæ кæрæдзиуыл цæмæн ардауыс? Дæхицæн сæ знæгтæ цæмæн аразыс? Дæ тых сыл цæмæн æвзарыс? Бамбар æй, дæуæн дæ бон, денджызыл фæтых уай, уый нæ бауыдзæн. Нæ дын бакомдзæн афæлдахын къæдзæх.

Æмæ уæд æгæр дæр ма ‘рсабыр уыдзынæ. Банцайдзæн йæ абухынæй денджыз. Æмæ та уылæнтæ, кæрæдзи сургæйæ, згъордзысты размæ. Былгæрæттæн кæндзысты, цы къæвдадæттæ, æхсæрдзæнтæ æмæ хæл-хæлгæнаг дæттæй равзæрдысты, уыдоны кадæг. Лæгъстæгæнæгау сдæрдзысты айнæг къæдзæхы былтæ. Арвæн фестдзысты зæххон айдæн æмæ йæ ауздзысты сæ хъæбысы. Хъаздзысты хуры тынтимæ. Сатæг изæрты рæвдаудзысты мæй æмæ стъалыты. Хæсдзысты сæ сæ уæлныхты. Кæндзысты сын алолайы зарæг. Рæдауæй сæ лæвар кæндзысты доны чызджытæн.

Дымгæ, дзæгъæлдзу дымгæ! Æрымыс-иу, бахъуаджы сахат æрдзæн цы хæрзты бацæуыс, æнæнтау хур бон удæнцойæн цы тæрккъæвдатæ расайыс, зæххæн йæ дойны рæдауæй куыд асæттыс, хосдзаутæн дæ уазал цы ‘хцондзинад æрхæссы, уый. Дымгæ, мауал хал къæдзæхы æнцойдзинад. Бауадз денджызы æнцадæй цæрын. Ма йæ змæнт. Ма дзы араз тохы фæз. Нæ дын бакомдзæн сæттын. Уый дæр дæу хуызæн сæрибарæй фæнды цæрын. Фæнды йæ æрдзæн æмæ адæмæн фæрнæй лæггад кæнын. Донбеттыры къæбицæй сын лæвæрттæ хæссын. Бæстæтæй-бæстæтæм сын бастдзинады æмæ хæлардзинады фæндæгтæ нывæндын.

 

ЦАГЪТА ФÆНДЫР

Иры царды цалхыл фенкъуыст радон боны райдайæн. Æхсæв фæтарст фæстаг кæркуасæнтæй, æрбатыхта йæ фæдджитæ æмæ йæ сæр æфснайынмæ фæци. Бæстыбардуаг та байгом кодта йæ хатæны дуæрттæ, аузта хуры авдæн, райхæлдта йын йæ бæттæнтæ æмæ йæ ауагъта, тулгæ-тулын, адæмæн рухс, хъарм æмæ цин хæссынæн. Базмæлыд дун-дуне. Райхъал ис æрдз. Хур дæр, йæ тынтæ нывæндгæ, схæццæ арвы астæумæ. Дунесфæлдисæджы æнæкæрон фынгыл та Иры хорзæхæн гаджидæуттæ уагътой уæларвон тыхтæ. Æмæ бадты хистæры æрфæндыд, Цъæйы коммæ æхсызгон уазæгау цы рагон фæндыр æрбафтыд, уый зæлланггæнаг хъæлæс фехъусын. Фæцырд Галæгон, феуæгъд кодта йæ тæрттæ æмæ, зилдухгæнгæ, ауагъта дымгæйы.

Æмæ сцагъта Бæстыбардуаджы фæндонæй дыууадæстæнон фæндыр. Цагъта Батрадзы курдиатмæ гæсгæ, Хуыцауы удсыгъдæггæнæн цæссыгæй Рекомы цы рухс кувæндон равзæрд, уый цур. Дымгæ та йæ рæубазырæй агайдта фæндыры тæнтæ æмæ йын комæй-коммæ скъæфта йæ зæлланггæнаг хъæлæс. Уый хъырныдта Иры зæдтæ æмæ дауджытæн. Дымгæйы сыбар-сыбурмæ зæронд Рекомæн кодта фыдæлтыккон кадæг. Фæндыр йæ цæдисон æмбал уадындзмæ сидт æмæ, Иры дзыллæйæн куыд уарзон уыд, уый йæ фæндыд радзурын. Фæндыд æй, рæстæг куыд ивгæ цыд, афтæ йын æндæр уадынгæрзтæ йæ бынат барджынæй куыд бацахстой, уый йын йæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Бирæ æнусты сæрты æрæфтыд абонмæ дыууадæстæнон фæндыр Иры зæхмæ, фæлæ, хъыгагæн, иурæстæг рохуаты аззад. Афтыд Иры зæххæй фæсарæнтæм æмæ немыцаг музейы алы дзаумæтты ‘хсæн иунæгæй дзынæзта рагзаманты æвдисæндарæй. Музыкæйы дæсны, дзæнæтыбадинаг Æлборты Феликс ног цард радта дыууадæстæнон фæндырæн æмæ йын ныффыста уацмыс. Дыууадæстæнон фæндырыл рохуаты дуар бахгæнын нæ бауагъта æрмдæсны Моурауты Сослан дæр. Бакуыста йыл æмæ йæ сног кодта. Æмæ та кæддæрау Иры дзыхъхъы азæлыд йæ фарны хъæлæс. Азæлыд æмæ адæмы зæрдæты райхъал кодта фæндырмæ ног æнкъарæнтæ.

Фарн хистæрæй кæстæрмæ цæуы. Æлборты Феликс æмæ Моурауты Сосланы къухты цы дыууадæстæнон фæндыр сдзырдта, уый фæцагайдта Илаты Тимуры зæрдæ, фæхаста йын йæ уды æнцойдзинад æмæ дзы сбыдта йæхицæн хъарм ахстон. Тимур Феликс æмæ Сосланæн разынд аккаг фæдон. Басгуыхт дыууадæстæнон фæндыртæ аразæг. Фæзынд сыл йæ арæхстджын къухты æрмдзæф. Фæаивдæр, фæрæсугъддæр сæ кодта. Æмæ, нарты дугæй абонмæ чи æрцыд, уыцы фæндыр уарзон ссис канд кадæггæнджытæн нæ, фæлæ музыкалон къорд «Къона»-йы уæнгтæн дæр. Æрбамбырд вæййынц фæндыры алыварс æмæ сисынц зарæг – удсыгъдæггæнæн, фыдæлтæн дæр æхсызгон зарæг.

Æрдзы хъæбысы Рекомы рагон кувæндоны цур æнæ адæймаджы къухты бандзæвдæй Хуыцауы фæндонæй цагъта дыууадæстæнон фæндыр. Цагъта, Дунесфæлдисæг йæ сыгъдæг цæссыгæй кæй фæнысан кодта, уыцы кувæндоны раз. Цагъта дымгæйы базырты бандзæвдæй йæ ивгъуыд æмæ йæ рæсугъд фидæныл, ног цард ын чи радта, уыдоны кадæн. Галæгон та уæларвон тыхтæм скъæфта фæндыры хъæлæс æмæ йæ рæдауæй лæвар кодта Цъæйы комæн.