КЦОЙТЫ Астемыр

ЗÆРВА

Æцæг хабар

Ирон адæм рагфыдæлтæй нырмæ зæрватыччы нымайынц Хуыцауы минæварыл. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Зæрватыкк æппындæр маст никæмæн кæны, никуы никæй хъыгдары. Фæлæ йæ чи æфхæра, уымæн дæр ссары «дзуапп». Студент ма уыдтæн, афтæ ме ‘мбал Сокаты Тамбитæм сæмбæлдтæн Дзуарыхъæуы. Йæ зæронд фыд Алыксандр тыргъы диваныл бадти. Ацамыдта мын дуары сæрмæ ахстонмæ. Зæрватыччы ахстон бацахста сырддонцъиу. Дыууæ зæрватыккæй йæ тардтой, фæлæ уый нæ ракуымдта. Уæд зæрватыччытæ смæсты сты, рæвдз февнæлдтой æмæ ахстон æмыр амад скодтой. Сырддонцъиу мидæгæй баззади. Йæ хæдфарсмæ та æндæр ахстон самадтой дыууæ зæрватыччы. Æз фыр цымыдисæй февнæлдтон, сырддонцъиуы уавæр фенон, зæгъгæ, фæлæ мæ Алыксандр нæ бауагъта, уыдонмæ, дам, Хуыцауы тæваг ис.

Æмæ зæрватыкк сыгъдæгдзинад куыд уарзы, уый та! Иуахæмы йын халон счъизи кодта йæ ахстон, уæд ыл зæрватыкк нал барвæссыд, æмæ йæ фарсмæ æндæр «хæдзар» сарæзта.

Ацы хабар та Джызæлы æрцыди. Хадыхъаты Болаты бинойнаг Дойаты Сехуыдæ æнхъæлцау уыд, тыхстæй хуыссыди сæ хæдзары. Катæйттæ кодта. Зæрватыккæн йæ ахстоны – æртæ ногуагъд цъиуы. Мæзда (бакæсгæйæ, зæрватыччы æнгæс маргъ) бацыд æмæ зæрватыччы ныццæфтæ кодта йæ бырынкъæй, ратардта йæ. Цъиуты æд ахстон йæхи бакодта æмæ сыл парахатæй æрбадт. Зæрватыкк кæрты бæласы къалиуыл абадти æнæбары, фæдисы зарджытæ кодта: «Да-а-та-ты-ты-та, да-а-ты-ты та-та. Д ы-ты-та-д ы -та…» Фæдис систа. Æвæццæгæн æй афтæ æмбарæн ис: «Дæ-дæ-дæй, цы ма акæнон, мæ хъæбулты мын куы амара, уæд ма цы кæндзынæн?». Фыр адæргæй гом дуарыл уатмæ батахт æмæ рынчыны уæхскыл æрбадти. Йæ сæр фæгуыбыр кодта æмæ та ногæй «Да-а-та-таты-та, та-та-ты-ты-та-а». Æмæ, катæйттæгæнгæ, фæстæмæ ратахти. Хуыцау хорз ракодта зæрватыккæн! Сехуыдæ хуыссæн уатæй дзуры йæ чызгмæ: «Заретæ, марадз, асин радав æмæ йын йæ ахстон асгар… цъиутæ рауагъта, уый зонын, æмæ йын сæ мæзда ма байсæд, дзæгъæлы нæ фæдис кæны…» Изæрдалынджы Заретæ аивæй асин авæрдта æмæ æнæ уынæрæй сæвнæлдта ахстонмæ, мæздайы йæ къæдзилæй æрцахста. Цъиуты асгæрста æмæ уыдысты æнæхъыгдард. Талынджы сæ мад куы не ‘рбацæуа æмæ сыл исты куы ’рцæуа, зæгъгæ сæ сыгъдæг хæцъилы батыхта æмæ сæ пецы сæр хъарммæ нывæрдта. Райсомы боныцъæхтыл Сехуыдæ дзуры: «Заретæ, марадз æмæ лæппынты æрæвæр сæ бынаты. Ныр сæм мад æрбатæхдзæн бæрæггæнæг æмæ сæ уым куы нæ æрбаййафа, уæд нæм куы фæфыдæх уа æмæ æндæр ранмæ куы атæха…» Уыцы райсом Заретæ горæтмæ цыди. Сехуыдæ мæздайы марын нæ бауагъта. Фæрсы йæ:

– Мæзда-цъиуы цы фæкодтай?

– Уæртæ йæ сывæллоны гыццыл чыргъæды нывæрдтон.

– Уый дæ хызыны нывæр æмæ йæ демæ горæтмæ ахæсс, уым æй суадз.

Афтæ бакодта Заретæ, стыр базары йæ суагъта.

Сехуыдæ хъæрзы. Сæнттæ цагъта: «Уæртæ мæм гæккуыритæ æрбацæуынц… ма мæм сæ æрбауадзут…». Зæрватыкк дæр æм уыцы тыхст уавæры æрбатахт.

Æртæ усы йæ цух нæ уагътой, кастысты йæм, ныфсытæ йын æвæрдтой… Сæ иу – Болаты кæстæр хо Госæма – Хъодзаты Хъазыбеджы бинойнаг. Уый хæдахуыр дохтыр уыд, æмæ йæм алырдыгæй цыдысты рынчынтæ, æмæ сæ дзæбæх кодта. Сехуыдæйæн дæр загъта: «Мауал тæрс, ницы дын уыдзæн, зæрватыкк дæм дæ хуыссæнмæ æрбатахт, амонд дæм æрхаста Хуыцауæй, уæдæ махæй куы никæй уæхскыл æрбадт…» Æцæгдæр, йæ атахтæй æртын минуты фæстæ райгуырд фырыхъулы хуызæн лæппу, æмæ Сехуыдæ фервæзт йæ тыхстæй.

Ноггуырд лæппуйæн стыр куывд скодтой. Куывддон адæмы раз Госæма радзырдта зæрватыччы хабар. Дзырддзæугæ лæгтæ уый куы айхъуыстой, уæд фыр цинæй слæууыдысты иууылдæр æмæ сæ цæсгæмттæ хурау æрттывтой. Хистæртæ æмдзыхæй дзырдтой, уый Хуыцау минæвар æрбарвыста, уый йеддæмæ уатмæ куыд æрбауæндыд, зæгъгæ, æмæ зæрватыккæн скуывтой, йæ кадæн ноггуырд лæппуйыл сæвæрдтой ном Зæрва.

Бинонтæ кадджын æмæ цытджынæй цардысты, æгъдауыл лæвæрдтой сæ цæхх-кæрдзын. Сæ уæрæх кæрт чындзы уатау – æфснайд, алыхуызон дидинджытæ дзы сагъд. Сæ цæхæрадон алы аз дæр афоныл куыстой, сæрвасæнæй фастау – сыгъдæг, æмæ дзы истой тыллæг.

Болат æмæ Сехуыдæ схъомыл кодтой фондз хъæбулы: Олгæ, Саулох, Зæрва, Дзамболат, Заретæ. Æртæ лæппуйы æмæ Заретæ каст фесты педтехникум æмæ куыстой ахуыргæнджытæй, Саулох Фарныхъæуы куыста æмæ уырдыгон чызгимæ йæ цард баиу кодта. Рантысти сын фырт Костя.

Зæрва слæг и. Адæмæн уарзон лæппу, кусаг, зараг, кафаг. Хуыцауы уарзон бинонтæ сабыргай сæ цард нывæзтой.

Фæлæ 1941 азы фыдбоны хæст цæхгæр фæивта æппæт дзыллæты цардыуаг. Болаты æртæ фырты фыццæгтимæ ацыдысты хæцæг æфсадмæ. Тох кодтой алы фронтты цыфыддæр знагимæ. Фæлæ дзы нал раздæхтысты. Саулохы бинойнаг цæры Фарныхъæуы. Йæ фырт Костяйæн ис æртæ лæппуйы. Болаты хæдзары фарн уыдоныл æнцайы. Сехуыдæ йæ адзалы онг йæ æртæ хъæбулы мысыди. Арæх-иу кæрты рауай-бауай кодта сæргуыбырæй æмæ-иу кодта ныллæг хъæлæсæй: «Кæм стут мæ хъæбултæ, кæм быдырты, цы обæуттыл уæ туг ныккалди…» Афтæ æдзухæй дæр, æмæ дзы фæстагмæ рауади зарæг. Иттæг дæсны йæ зарыд 84-аздзыд, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Хадыхъаты Зинæ. Заретæ уыди Хъесаты Георгийы бинойнаг. Баззади сын дыууæ чызджы: Светланæ æмæ Зоя. Цæрынц хицæн бинонтæй.

Гъе, ахæм стыр у зæрватыччы фарн æппæт адæмтæн дæр. Ирыстоны базæронд дæн æмæ никуы федтон хохы, хъæды æмæ быдыры, адæймаг кæм нæ цæры, кæм нæ кусы, ахæм ран зæрватыччы ахстон. Амал ын цас уа, уыйас адæммæ хæстæгдæр ран æрцæры. Фылдæрхатт та – цæрæн хæдзæртты, уымæйдæр бинонты змæлд фылдæр кæм у, уым, дуары кæнæ рудзынджы сæрмæ тарвазтыл. Лæппынтæ дзы рауадзы, схъомыл сæ кæны. Бинонтæ дæр сыл аудынц, хъахъхъæнынц сæ. Афтæ хъæрмудæй цæрынц иумæ æнусты дæргъы зæрватыкк æмæ адæймаг. Ирыстон æнæ зæрватыкк никуы уыд. Æнæ зæрвагыкк фидаугæ дæр нæ кæны.

Фæззæг-иу бирæгæйттæй æмбырдтæ кодтой, уæлдæфы зилдух кæнгæйæ. Хъарм бæстæм сæ фæндаг дард уыд, æмæ-иу цинхуыз не ’вдыстой, фæлæ-иу уыдысты ууыл сагъæсы.

Рагуалдзæг-иу фæстæмæ куы æртахтысты, уæд-иу уыдоны æмæ адæмы цин сиу сты.

Бæстæ-иу бæрæгбон хуыз равдыста. Сæ цъыбар-цъыбур æмæ зарынæй адæмы зæрдæ рухс кодта. Цыма адæмæн ног амæндтæ æрхастой, афтæ. Ныр фæстаг азты Ирыстонмæ зæрватыкк арæх нал æртæхы. Ацы уалдзæг адæм æнхъæлмæ фæкæсынц, фæлæ… Академик Беруаты Барис афтæ загъта: «Зæрватыкк тынг æнкъары уæлдæфы чъизи (радиаци) æмæ гыццылдæр фæхъæстæ, зæгъгæ, уæд фæстæмæ атæхы…» Цымæ ма искуы нæ уæлдæф раздæрау схорз уыдзæн? Цымæ ницы мадзал ис, цæмæй Ирыстон æнæ зæрватыкк ма баззайа, уымæн?