САНАТЫ Уари

ЧЕРМЕН

Таурæгъ

Чермен райгуырди Хъобаны. Йæ фыд Бестолаты Мадзу æмæ йæ мад Агуыдзон уыдысты хæххон фæрссаг адæмæй. Уыцы иунæг лæппу йеддæмæ сын ницы уыди. Тыхст цард кодтой æмæ, Черменыл дыууадæс азы куы рацыди, уæд æй радтой уæлыгæс Бытъаты Мырзабегмæ. Уый уыди уыцы заман æхсарджын, мулкджын лæг. Мырзабег тынг бауарзта Чермены йæ цæрдæг æмæ йе нæзивæджы тыххæй.

Иубон Хъобаны уæлыгæстæй Дæллагхъæуы Зиугæрсты зæнгыл бирæгъ аскъæфта уæрыкк. Уæлыгæстæн сæ хистæр уыди Къубалты лæппу. Чермен та – сæ кæстæр. Афтæ сæм дзуры:

– Цомут, бирæгъ нын нæ уæрыччы хæры дæлæ æрхы, æмæ иын æй байсæм.

Уæд сæ хистæр, Къубалты лæппу, афтæ зæгъы:

– Уæдæ, уæдæ, ныццу, æмæ ма дын дæхи дæр бахæра!

– Бын бауай, – бафидис ын кодта Чермен, – æгас дынджыр лæг куы дæ, хъама дæм куы ис, ды та дзы цæмæй тæрсыс?

Къубалты лæппу хъама фелвæста æмæ йæ Черменмæ бадаргъ кæны:

– Дæ мады роны йæ бакæн, Чермен, ай дын хъама, æмæ йæ куы нæ амарай!

Черменæн йæ къухы хъама куы бафтыд, уæд дурдзæгаты ныхъхъуызыд бирæгъмæ, йæ фæстаг къæхтæй йæ æрцахста æмæ йæ барæхуыста. Бирæгъ цæхгæр фæзылдис æмæ дзагъырцæстæй фæлæбурдта йæ марæгмæ.

Фæлæ Чермен Чермен дæр уымæн уыди, æмæ тыхы ныхмæ тыхджын уыдис. Куыддæр цæф бирæгъ йæ дзых фæхæлиу кодта, афтæ йын йе ’фсæртæ ацахста æмæ йын сæ фæйнæрдæм афаста.

Раст уыцы афон йæ уæрыччытæ бæрæг кæнынмæ бацыди æмæ Чермены бирæгъ маргæ баййæфта Бытъаты Мырзабег. Изæры уæлыгæстæ куы æрæмбырд сты, уæд сæ Мырзабег бакодта Тлаттаты хистæр Тотырадзы цурмæ. Зæронд Тотырадзæн Мырзабег радзырдта, Чермен бирæгъ куыд амардта, уый. Тотырадз фырцинæй йæ урс зачъетыл йæ къух æруагъта, стæй Чермены йæ хъæбысы ныккодта.

– Цæр дæ мады фæндиаг! – загъта уый, стæй къулæй райста йæ рагон хъама æмæ йæ балæвар кодта Черменæн.

– Мырзабег, – загъта Тотырадз, – фæдзæхсын дын: ацы сабийы мын макуы бахъулон кæн, арфæ йын ракæн мæ номæй йæ фыд Мадзу æмæ йæ мад Агуыдзонæн, бирæгъдзарм та мын мæ уаты Чермены лæварæн байтындзут.

 

* * *

Иуахæмы Тлаттаты фæсивæд уыдысты балцы. Сындзыхъæуы сæрмæ бадилаты фæсивæд сæ размæ бабадтысты, æмæ сын хæст бацайдагъ ис. Мырзабегæн йæ фыдыфсымæры лæппу Æмзор уыдис Тлаттаты фæсивæдимæ æмæ мард фæци уыцы ран. Йæ хотыхтæ баззадысты знаджы къухы. Стыр худинаг уыдис уыцы заман хотыхтæ искæмæн ныууадзын. Мырзабег бавзæрстытæ кодта иукъорд хатты сæ байсын, фæлæ йæ ницæмæй сразы кодта йæ амонд.

Уыцы рæстæджы Черменыл цыдаид ссæдз азы бæрц. Никæй зыдта Мырзабег Черменæй сæрæндæр лæппу æмæ баныхас кодта йемæ Æмзоры хотыхты тыххæй.

Чермен сразы ис, æмæ ацыдысты дыууæйæ. Бабадтысты Æмзоры марæджы размæ, уæдæ цы, æмæ йын иухатт йæ фæндаг алыг кодтой. Хæст сын бацайдагъ ис.

Чермен исдуг хъавыдис йе знаг бадилоны удæгасæй æрцахсынмæ, фæлæ Мырзабег нал фæлæууыд, батагъд кодта æмæ йæ фехста топпæй. Уый дæр ын радта дзуапп.

Мырзабегæн йæ бæх фæмард ис. Уаед æй Чермен басырдта кардæлвæстæй. Бадилон лидзыныл сбæндæн ис, фæлæ йæ Чермен баййæфта æмæ йæ Тотырадзы лæваргонд хъамайæ сриуыгъта. Ныдздзойтæ кодта бадилон, уæдæ цы, æмæ йæ Чермен æрфистæг кодта йæ бæхæй. Лæг уыдис мæлæтдзаг цæф, æмæ йæм Чермен нал бавнæлдта.

Раластой йын йæ бæх æмæ йæ хотыхтæ – топп æмæ кард.

 

* * *

Чермен йе ’ххæст лæджы кармæ бацыдис зондæй дæр, хъаруйæ дæр. Цас ын фылдæр æнтысти, цас йæ кад фылдæр кодта, уыйас æм Тлаттаты уæздан æмæ хъал фæсивæд хæлæгæй мардысты. Афтæ-иу бакодтой: «Нæ хорз номдзыд Мырзабег нын Агуыдзоны фырты æлдарæн хъомыл кæны! Бестолы фыртæн цы фæндиаг радта Мырзабег, уый йæхи мыггаджы фæсивæдæн йæ цæст нæ бауарзта. Цæй æмæ йын фыддæрагæн иу зæххы гæбаз дæр ма раттæм!»

Хъайсын æмæ Майрæмыхъо æфсымæртæ уыдысты, кæсгон кънйæзтæ Астемыраты хæрæфырттæ, Тлаттатæн та сæ зынгæдæртæ.

Иухатт, Чермен балцы куы уыди, ахæм заман, йæ ныхмæ фыдвæнд ныккодтой Майрæмыхъо æмæ Хъайсын æмæ сæ сусæг фæнд æххæст дæр бакодтой. Уыдон байуæрстой зæххытæ æмæ дзы Чермены ном не ссардтой.

Мырзабег ма кæд дзырдта, Чермен иннæтыл нымайгæ нæу, ссарын ын хъæуы йæ ном, зæгъгæ, уæддæр ын нæ радтой фæндаг.

– Кæд фыдвæндаг фæуид Чермен,– дзырдтой Тлаттатæ. – Фæндагыл куы ис, кæд æй исчи амарид, нæмыг хохы дæр куы хизы.

Фæлæ, Тлаттаты æнамондæн, Чермен æрбаздæхти сæрæгасæй æмæ дзагармæй. Балцæй-иу Чермены æрбаздæхт Хъобаны адæмæн уыди стыр бæрæгбонау. Чермен-иу æлдæртты фос ратардта æмæ-иу уыцы фосæй мæгуыр адæмы кодта хайджын: кæмæн-иу лæвæрдта гал, кæмæн хъуг, кæмæн бæх. Чермен хъæздыгзинадмæ нæ тырныдта, мулкмæ нæ хæлæг кодта, фæлæ мæгуыр лæджы тыхстмæ нæ фæрæзта кæсын. Уый йæ фыднизау кодта тыхсын.

Чермены æрбаздæхтмæ бирæ адæм касти æнхъæлмæ. Йæ фæллад суадзын дæр ын нæма бантысти, афтæмæй кæрт байдзаг адæмæй. Адæм кæрæдзимæ уадысты хæрзæггурæггаг, Чермен нын дзæбæхæй фæзынди, зæгъгæ.

Адæм æрæмбырд сты æмæ, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ, Черменæн кодтой сæ хъæстытæ:

– Фехъуыстай, Чермен, Тлаттатæ та нын цы бакодтой, уый? Зæхх байуæрстой æмæ дзы махæн хай нæ бакодтой. Æмæ мах сахуыр стæм фыдбонтыл, æвадат æмæ цыбыр къухæй цæрыныл. Фæлæ нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг, не ’хсæвы стъалы, нæ боны Бонвæрнон ды дæ, Чермен, æмæ нын дæ ном дæр не ссардтой, сæ бон ныккалой!..

Æрæнкъард ис Чермен, адæмы ныхæстæм хъусгæйæ.

Тынг мæсты сси Тлаттаты æнæраст хъуыддæгтæм. Фæкасти Хъобаны Ныхасмæ æмæ дзы бадгæ ауыдта Мырзабеджы, уый алыварс та – Тлаттаты хистæрты æмæ кæстæрты. Райста Чермен йæ лæдзæг æмæ араст ис Ныхасмæ. Æрбалæууыд Тлаттаты цур, æмæ йæм Мырзабег дзуры:

– Æгас æрцæуай, Чермен! Цы хабæрттæ хъуысы нæ алыварс? Цы ис ногæй? Истытæ нын радзур. Куыд уыди дæ балц?

Æгъдау радта Чермен, уæдæ цы, стæй афтæ зæгъы:

– Мæ балцæй рахъаст кæнинаг нæ дæн. Ног хабарæй мæнмæ ницы ис. Ног хабæрттæ уæхимæ куы ис.

Тлаттатæ бамбæрстой Чермены ныхас, фæлæ сæ сыбыртт дæр ничи скодта. Уæд та Чермен афтæ зæгъы мæстæйдзагæй:

– Мырзабег, зæххытæ куы байуæрстат… Иу мурæй дзы уæд та мæ ном ссардтаиккат… Æппын ницы, фæлæ уын уæ марды бон йæ сынтыл дæр никуы схæцыдтæн? Йе уæ фынджы уæлхъус кæстæриад никуы акодтон? Уæд та мын зæронд мад куы ис, уе ’хсæн хæларæй куы арвыста йæ бонтæ. Куыннæ уæм разынд иу уæздандзинад? Хъыг мын у, афтæ æцæгæлон мæ кæй схуыдтат, уый. Канд мæхи тыххæй нæ дзурын, фæлæ, йæ райгуырæн домбай бонтæ уæ хæдзæртты цума æмæ фæдджи-фæсронæй чи бахардз кодта, уыдонмæ дæр уæ зæрдæ куыд ницы тæригъæддзинад ссардта? Мырзабег, арвы бын зæхх бирæ ис, æз мæ хай, Хъобаны куы нæ уа, уæддæр искуы ссардзынæн. Фæлæ, Тлаттатæ, уе ’ппæтмæ дæр дзурын, уæхи цæмæй сраст кæндзыстут, уæ къухы цы мæгуыр адæм ис, уыдоны раз? Уыдон, сымахæн кæстæриуæг кæнгæйæ, сæ тыхджын бонтæ уæ фæсдуæртты куы батыдтой! Уæдæ сын цæмæй дзуапп дæттут? Лæг искæй гал цæдисы куы акæны, уæд ма уый дæр куы бафсады. Сымах адæмæн уыцы фосы аргъ дæр куы нæ скодтат!.. Куыд раст уæм кæсы уый, гормæттæ? Фыдæй-фыртмæ æдыхы кæнут уæ быны, æвадат мæгуырæй аразут цагъар æмæ фæсдзæуин. Нæ зонут тæригъæд. Уæдæ уæм æууæнкæй дæр цы зыны? Ницы! Кæм ис уæ уæздандзинад?..

Чермен йæ лæдзæг зæххыл афтæ хоста, æмæ дзы фæйнæрдæм схъистæ хаудта. Мырзабег ма йæ сабыртæ кодта, ма тыхс, Чермен, дæлæ дын мæхи æрдузы цур зæхх ратдзыстæм, зæгъгæ, фæлæ Чермен нал куымдта сабыр кæнын:

– Уæ лæвар бирæ уæд, Мырзабег, – загъта сын, – æз мæ хай дзывыры бырынкъæй мæхæдæг рахицæн кæндзынæн.

Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Чермен æрæвналы, нæрв кæуыл уыди, уыцы хъæдмæ, сисы йæ лæдзæгау æмæ дзы амоны:

– Дæлæ Майрæмыхъо йæхицæн барæвзарæй цы хай равзæрста, уыцы æрдуз уынут, Тлаттатæ? Уыцы хай кæд æхсарæй уæхи бакодтат, уæд æз дæр æвзарын ме ’хсар…

Чермен уыцы сахат уыди цæф арсы хуызæн. Йæ размæ æрлæууæнтæ нæ уыди. Тлаттатæ æргом ницы фæрæзтой Черменмæ дзурын.

– Майрæмыхъо! – дзуры Чермен. – Адон дæ фæндтæ æмæ дæ кæстæрты фæндтæ сты. Райсом сымах мæн ссардзыстут дæлæ уыцы зæхх кæнгæйæ. Сымах хуызæн æз мæ фæндтæ сусæгæй нæ кæнын.

Уæд Майрæмыхъо афтæ бадзуры:

– Цы нæм æртхъирæнтæ кæныс, Бестолы-фырт?

Æгас мыггагæй нæ дæ фæдджийы бын цы кæныс?

– Æртхъирæнтæ нæ, – дзуапп ратты Чермен, – фæлæ, мæ зæрды цы хъуыддаг ис, уый та искæй тæссæй басусæг кæнын мæ зæрды нæй. Дыккаг хатт уын æй зæгъын, хъал Тлаттатæ, мæн райсом ссардзыстут дæлæ уыцы æрдузы дзывыримæ. Лæгдæр чи у, уый-иу рацæуæд, æмæ бавзардзыстæм нæ хъару!

Уыцы ныхæстæ судзгæ æхсидæвтау хаудысты Чермены дзыхæй.

Чермен уыцы сахат уыдис иттæг рæсугъд: йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ калдта лæгдзинады цæхæртæ.

Стæй раздæхти сæхимæ. Мырзабег баззади ныхасы.

– Фехъуыстат æмæ федтат, уæ дзырд кæимæ у, уый? – загъта Мырзабег Тлаттатæн. – Тынг рæдийут, Черменæн аргъ кæй нæ кæнут, уымæй. Æз бирæ фæхаттæ алыхуызон адæмимæ, фæлæ ахæм хъаруджын, æхсарджын æмæ æууæнкджыныл абоны онг нæма сæмбæлдтæн. Цы йын дзурæм йæ хъаруйыл! Уынут, уæ цуры цы хъæд систа, уый! Сымах æй йæ бынаты сæвæрын дæр нæ бафæраздзыстут. Чермен иу нæу, æнæхъæн æфсад у. Уый ныхмæ цæуæнтæ нæй.

Уæд Майрæмыхъо загъта:

– Дæ хорзæхæй, Мырзабег, Агуыдзоны фырты нын æлдар кæныс? Æви йын йæ идон йæхи бар ауадзæм?

– Йæ бартæ йын куы нæ раттат, – дзуапп ратты Мырзабег, – уæддæр уын сæ йæхæдæг нæ ныууадздзæни.

Хъайсын мæстыхуызæй сдзуры Мырзабегмæ:

– Хистæр дæ, фæразын дæм дзурын, Мырзабег, фæлæ нæ Агуы-дзоны фыртæн æгъдæнцойыл хæцæг кæныс? Æмæ уæд, Чермен цы адæмы сæрыл дзуры, уыдон райсом нæ уæле куы æрбаддзысты æмæ нæ сугхæсджытæ æмæ донхæсджытæ куы скæндзысты!

– Ницыуал зæгъын æз,– загъта Мырзабег,– æмæ, æвæццæгæн, рæдийын, фæлæ иу хъуыддаг курын: ма рæдиут, ма тых кæнут Черменæн.

Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Мырзабег сыстади йæ бандонæй æмæ æфхæрдхуызæй рараст ис сæхимæ.

Фæсивæд иунæгæй куы аззадысты, уæд райдыдтой дзурын:

– Мырзабег мæлæты уæллоз кæны Чермены!

– Цæуылнæ йæ кæна, цæуылнæ?– дзуры Мæхæмæт Хъайсынмæ.–Нæ мадырвадæлтæ Астемыраты нын Кæсæджы сæ дыууæ мæгуырæй ныууагътой, сæ рæгъæуттæ сын фæтардтой. Уый тыххæй нын нæ кæсгон мадырвадæлтæ рагæй лæгъстæ кæнынц: «Кæнæ нын Мырзабеджы, кæнæ Чермены нæ къухы бафтын кæнут». Æмæ Мырзабег базæронд ис, фæлæ ма нын Чермен та кæдæм ирвæздзæн? Кæд æмæ йыл нæхи бон нæ цæуа, – мах та йæ кæсæджы амæттаг фæкæндзыстæм. Уыдон Чермены амарыны мондагæй цъæх арт куы уадзынц.

Чермен кæд Тлаттаты цурæй цыфæнды мæстыйæ рацыдис, уæддæр иттæг хъæлдзæгæй сæмбæлд йæ адæмимæ. Худгæ, хъазæн ныхас кæнгæйæ, балæууыд се ’хсæн æмæ афтæ зæгъы:

– Гъæтт, ме ’фсымæртæ, мæ хотæ! Уæ зынтæн кæрон æрцæуы, Тлаттатæ уын ралæвар кодтой сæ зæххæй йæ тæккæ ахсджиагдæр: дæлæ Майрæмыхъойы æрдуз, дихтæ та уын æй мæхæдæг акæндзынæн райсом. Тег,– фæдзырдта Чермен,–азил уæртæ нæ дзывырмæ, рæвдз куыд хуым кæна, афтæ. Темырби, ды та галтæн хос авæр, райсом æфсæст куыд уой, афтæ.

Темырби æмæ Тег уыдысты, гыццылæй уацары чи бахауд Тлаттатæм, ахæмтæ. Лæджыхъæд æмæ æхсарæй хъуаг не ’ййæфтой, фæлæ сын сæ зын фадæттæм гæсгæ аргъ нæ уыдис нæдæр се ’хсарæн, нæдæр сæ лæгдзинадæн.

Дыккаг бон, куыддæр æрбарухс, афтæ рабадтис Чермен, йæ астæуыл æрбабаста Тотырадзы лæвар хъама æмæ загъта:

– Мæнæ хъама, Тотырадз дæ фæдардта номимæ, мæнæн дæр дæ цæст ма зæгъæд мæрдтæм мæ æнæ номæй барвитын.

Уый фæстæ Чермен йæ рон абаста йæ астæуыл, йæ топп æрцауыгъта йе уæхскыл æмæ æддæмæ рацыд.

Чермен æмæ Тег æрлæууыдысты Майрæмыхъойы æрдузы. Чермен дзывыр куы æрсадзы, уæд скувы:

– Уæ, ме Сфæлдисæг Хуыцау! Абон нæ дзывыр кæны фыццаг хахх адæймаджы номыл, æмæ нын æй рæстмæ фæкæн! Цæй, мæ дзывыр, дæ ауæдз нын фæуæд уæлахизы фæдисон!

Уыцы ныхæстимæ Чермен адардта йæ дзывыр Тлаттаты Майрæмыхъойы зæххыл. Иттæг рæвдз цыдысты æфсæст галтæ дæр æмæ ног арæзт дзывыр дæр. Тлаттатæ куы федтой Бестолы-фырты дзывыры адард, уæлдайдæр та Майрæмыхъойы æрдузы, уæд уый уыдонæн уыди арв æрхаудау. Рафæлдæхти сыл сæ дуне. Майрæмыхъомæ æрæмбырд сты. Хъайсын нал ары йæхицæн бынат:

– Уынут, Агуыдзоны фырт нæ удæгасæй баныгæдта йæ дзывыры бын. Ие ’ртхъирæнтæ æмæ йæ ныхæстæ æххæст кæны: нæ мыггаджы зæхх нын йæхицæн, заргæйæ, фæлдахы. Мырзабеджы фæндиаг фестæм…

Майрæмыхъотæн иннæ мыггагæй сæ уæлхъус æрбалæууæг нæ фæцис, æмæ æд мæстæй тъæппытæ хаудтой, уæддæр Чермены ныхмæ æхсарæй æрлæууын сæ ныфс нæ бахастой. Чермен ма йæхимидæг дис дæр кодта, куыд ничи сæ зыны, ууыл. Фæлæ Тлаттатæ нæ фæзындысты, æмæ Чермен афæлдæхта Майрæмыхъойы æрдуз.

Зæхх фæлдæхт куы фæци, уæд Чермен адæмæн фæхабар кодта, тауинаг рамбырд кæнут, тауын хъæуы, зæгъгæ. Адæм рамбырд кодтой сæ мыггаг, кæмæн цы йæ къухы æфтыди, уый æмæ рацыдысты тауынмæ. Уыцы бон сын бантысти хорз бакусын, уымæн æмæ – ус уæд, лæг уæд–равдз февнæлдтой.

Диссаджы рæсугъд бон скодта, арвыл мигъы къæм нæ уыди. Чермен хъæлдзæгхуызæй адæммæ дзуры:

– Арв дæр æмæ зæхх дæр нæ фарс сты. Кæсут, куыд худы бон!

Уæд æм адæмæй чидæртæ афтæ дзурынц:

– Чермен, цæр нын, уый йеддæмæ дæ фæдыл зындоны артмæ бацæуынмæ дæр разы стæм.

Чермен бахуды:

– Атæппæт иууылдæр зындоны артæй фервæзыны тыххæй куы сты!.. Нæ, зындон мах нæ хъæуы, мах хъæуы уæлæуыл дзæнæт, æмæ, иузæрдион куы уæм, уæд æй аргæ дæр скæндзыстæм.

 

* * *

Хъайсын тынг архайдта Чермены ныхмæ. Уый дзырдта:

– Чермен канд Майрæмыхъоты хай нæ афæлдæхта, уый судзын кæны стыр тар хъæд, æмæ йæ ссудзын кæнын куы бафæраза, уæд уыцы арт хуыссын кæнын нал суыдзæн нæ бон.

Фæлæ кæд Хъайсын хус сугтыл фæтæген калæгау кодта, уæддæр нæ фæци йæ фарсхæцæг. Уæд Майрæмыхъойы цот иунæгæй бамбырд сты æмæ сæхимидæг байдыдтой тæрхæттæ кæнын.

Хъайсын дзуры:

– Нæхуыдтæг ын куы ницы саразæм, уæд нын искæмæ æнхъæлмæ кæсгæ нæу. Кæсут, не ’рвадæлтæ дæр æмæ иннæ уæздæттæ дæр сæхи ныхъхъус кодтой. Уый афтæ æмбарын хъæуы, зæгъгæ, цы уæ фæнды, уый кæнут, махæй уын æмбал нæй. Мæнмæ ахæм фæнд ис: змæнтæг адæм залиаг калм сты, Чермен та йæ сæр у уыцы калмæн. Калм сæрæй марын хъæуы!

Æмæ ныффæнд кодтой Тлаттаты уæздæттæ Чермены Кæсæгмæ, сæ мадырвадæлтæм æууæнкæй асайын, цæмæй йæ уым амарой. Æрмæст æй цы æфсонæй асайдтаиккой, уый ма нæ ардтой, фæлæ сын фæстагмæ фæцис ахæм мадзал дæр.

Черменæн уыдис уарзон æмæ адджын æмгар – Хъалтураты Сæхмæрза. Уый уыдис цуаны йæ фырт Алиханимæ. Сæхмæрзайыл Гуыдзы дзуары цур сæмбæлдысты кæсгон кънйæзтæ æмæ йын истой йæ гæрзтæ. Хъалтуры-фырт Сæхмæрза топп агъудæй æххæст нæ фæхицæн кодта, афтæмæй йæ ’ргъæвдæй дæтты кънйазмæ æмæ йæм дзуры:

– Ай дын, кънйаз, æнæрохгæнгæ лæвар Хъалтуры-фыртæй! –йæхæдæг топп æркъæпп лæста. Гæрах фæцыд, æмæ кæсгон кънйаз фæмард. Хъалтуры-фыртæн амардтой йæхи дæр, йæ фынддæсаздзыд фырт Алиханы та йын семæ уацары акодтой.

Сæхмæрза уыди Баймæтаты хæрæфырт. Бестолы-фырт Чермен та уыди Баймæтатæн се сиахс. Баймæтаты Баймæты чызг Госæгъа уыди Черменæн куырд.

Тынг сагъæс кодтой Чермен дæр æмæ Госæгъа дæр

Алиханы фервæзын кæныныл. Бирæ сыл нæ ацыди, Алиханы кой кæд нæ ракодтой, ахæм бонтæ. Афтæ-иу загъта Госæгъа:

– Сæхмæрза лæг уыдис æмæ лæджы мард акодта, фæлæ йæ гыццыл Алихан уыцы фыдзæрдæ тугдзых æлдæртты къухы цагъарæй, фыддомдæй йæ адзал куы ссара, уæд мæ мæрдтæм ницы бахæццæ уыдзæни. Уый мæ куы нæ тыхсын кæнид, уæд мæхицæй амондджындæр æппæт дунейыл дæр никæй хонин, – æмæ-иу уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Госæгъа сыгъдæгзæрдæйæ бакасти Чермены цæстытæм.

– Фервæзын æй кæндзыстæм,– загъта-иу Чермен. – Мæнæн Кæсæджы ис иу æрдхорд. Уый сæ кънйæзтæй нæу, фæрссаг лæг у, йæ ном Хаджи-Паго. Иттæг æхсарджын æмæ æууæнкджын у. Уый мын зæрдæтæ æвæры, æмæ, кæд Хуыцау зæгъа, уæд тагъд фервæздзæн Алихан.

Кæсæджы иу æмбырды сæмбæлдысты Хъайсыны кæстæр æфсымæр Мæхæмæт æмæ Черменæн йе ’рдхорд Хаджи-Паго. Хаджи-Паго куы базыдта, Мæхæмæт хъобайнаг у, Тлаттатæй, уæд æй зæрдиагæй фæрсын байдыдта Чермены тыххæй. Мæхæмæт ын хæстæджы дзуæппытæ дæтты, цыма сын Черменимæ иу хæдон дæр уæрæх у, кæрæдзиуыл цыма æрхъæцмæ дæр нæ хъæцынц, уыйау.

– Куыд у зæронд Мырзабег та? Æгас ма у? Æвгъау уыди базæрондæн. Мырзабегимæ та куыд хæстæг стут фыдæлты ΄рдыгæй? – бафарста Хаджи-Паго.

– Дыууæ ’фсымæры цот стæм, – дзуапп радта Мæхæмæт.

– Æз æнхъæл дæн уæдæ, – загъта Хаджи-Паго,– æмæ мын мæ фæздæггæнаг къуым самондджын кæндзынæ: фысым дын уыдзынæн зæрдæйæ. Саккаг кæн хæдзармæ, ссар Мырзабег æмæ Чермены ном, кæннод мæ Чермен хъаст кæндзæни.

Мæхæмæтæн дæр ма Хуыцау хуыздæр хорз цы ракæна!

Бирæ тухитæ æмæ йæ хъуыдытæ цы хъуыддаджы фæдыл хъуыди, уый æнцонæй æфты ныр йæ къухы.

«Æгас цæуай» йын загъта Хаджи-Паго, цæхх-кæрдзынæй йæ тынг сбуц кодта. Афтæ йын зæгъы нуазæн дæтгæйæ:

– Нæ сæмбæлды аххос Чермен у. Уый мæнæн у ме ’рдхорд-æфсымæр. Стæй канд мæнæн æмæ дæуæн нæ, фæлæ уый у нæ алкæй æфсымæр дæр. Сымах, ир, уæлдайдæр та Хъобан, хæлæггаг уымæй стут, æмæ уыцы хорззæрдæ сахъгуырд уæ риуыл кæй схъомыл ис. Гъемæ дын, Мæхæмæт, уый тыххæй мæ нуазæн дæттын. Дидинæг æфтауæд Хъобан, Чермены хуызæттæ дзы фылдæр куыд æнтыса, уыцы боны фарн æй уæд!

Хаджи-Паго Мæхæмæты сбуц кодта, цы йæм уыди, уымæй, стæй рахаста дыууæ хорз ехсы, дыууæ зæнгойы рæсугъд хуыйæндагæй хуыдæй æмæ дыууæ та хæрзнад æрчъиаг дзабыртæ.

– Мæхæмæт, мæнæ дын мæ лæвар: ехс сæгуыты хуыйæндагæй, мæхи конд. Æвдисæн фæуæд нæ фыццаг сæмбæлдæн. Адон та мын мæ ном-æй Черменæн ратт.–Æмæ, уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, кæрæдзийæн хæрзбонтæ ракодтой.

Мæхæмæтæн уыцы лæвæрттæ йæ къухы куы бафтыдысты, уæд йæ хъæлдзæгæн ныккæнæн дæр нал уыди:

– Фæлæуу, бирæгъ, къæппæг дын мæ къухы ис ныр, тагъд дзы бахаудзынæ! – æртхъирæн кодта йæхинымæр Черменмæ.

Рараст ис Мæхæмæт Хъобанмæ. Тындзыдта, цæмæй тагъддæр бахæццæ уа Хъайсынмæ, сæ сау хъуыддагæн уынаффæ кæнынмæ. Æхсæв ыл бон нал кодта, бон та æхсæв, афтæмæй Хъобаныл куыд сæмбæлд, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта.

Хаджи-Пагойы лæвæрттæ Хъайсыниты афтæ фæхъæлдзæг кодтой, цыма сын, ныронг кæмæй тарстысты, уыцы стыр ивылд доны сæрты хид фæзынд, уыйау.

Мæхæмæт лæмбынæг бамбарын кодта Хъайсынæн, Хаджи-Пагойыл куыд сæмбæлд æмæ йын Хаджи-Паго цы фæдзæхста, уый: зæгъ, дам, Черменæн, зæрдæ дын цы хъуыддагæй бавæрдтон æмæ мæ бар кæй бакодтай, уый тыххæй дæм уыдзæн хабар, зæгъгæ. Æз, дам æй аивæй къахтон, цы йын йæ бар бакодта, уымæй, фæлæ мын ницы схъæр кодта Хаджи-Паго.

Хъайсын хъæлдзæгхуьизæй сдзуры:

– Йæ бар ын цы бакодта, уый дæр базондзыстæм Хуыцауы фæрцы. Мах уал æнгуыр хъуыдис, æмæ нæ къухы бафтыди. Ныр кæф æрцахсдзыстæм æууæнкæй! Æз архайын, куыд мыл æууæнда, ууыл: цыма мæ нæ фæрысти нæ зæххы афæлдæхт, уыйау ауагътон мæхи. Мæхæмæт, ды фылдæр бонты дæ мадырвадæлтæм схъомыл дæ, Чермен дæуыл ницы гуырысхо кæны. Чермены баууæндын кæнын дæуæй кæнгæ у. Баууæндын æй кæн, цыма Хаджи-Пагоимæ тынг рагæй зонут кæрæдзи, цыма уе ’хсæн сусæгдзинадæй никуы ницы уыдис. Цыбыр ныхасæй, Хаджи-Паго æхсидав у, æмæ дзы Чермены тайын кæн. Чи зоны, кæд дын Чермен схъæр кæнид, Хаджи-Пагоимæ цы кæнынмæ хъавынц, уый. Дзабыртæ æмæ уал зæнгæйттæ мама раттæм Черменæн. Сæ раттынæн хуыздæр рæстæджытæ скæндзæн. Черменæн сæ мама схъæр кæнай!

Мæхæмæт Чермены хъахъхъæнын байдыдта, æмæ иухатт, Чермен йæ каистæм куыд фæцæйцыд, афтæ йæ размæ фæци æмæ йæм дзуры хъæлдзæгхуызæй:

– Чермен, æз та ма дæм уæхимæ цæуинаг уыдтæн!

– Дард не стæм, аздæхын нæ бон у,–загъта Чермен.

Мæхæмæт загъта:

– Нал дын къуылымпы кæнын дæ балц. Кæсæгæй дæм ис ныстуан, æмæ дын æй ам дæр зæгъдзынæн.

– Кæсæгæй?– афарста Чермен,– Уый диссаг уыдзæн!

– Зæрдиаг салам дын æрвиты Хаджи-Паго. Ныфс, дам дын цы хъуыддагæй æвæрдтон, уый рæхджы мæ къухы бафтдзæнис, æмæ дæм хабар уыдзæн. Мæнæ дын уый та лæвар!– æмæ Черменмæ дæтты ехс.– Йæхи къухæй конд у, сæгуытдзармæй.

Чермен исдуг æргом нæ ракаст Мæхæмæтмæ, хæрам уыдысты раздæр, фæлæ ехс æмæ йе ’рдхорды коймæ æрæджиау фæпарахат ис. Уый æхсызгонæн райста ехс æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма Хаджи-Пагойæн йæхи федта. Раарфæ йын кодта зæрдиагæй, стæй йæ фæрсы:

– Бахатыр кæн, фæлæ, Мæхæмæт, Хаджи-Пагойы куыд зоныс? Хорз лымæн дын у æви искуы хъуыддаджы сæмбæлдыстут? Куыд лæгæй йæ зоныс Кæсæджы?

Мæхæмæтæн зын нæ уыди дзуапп раттын.

– Куыд дын зæгъон, Чермен… Хаджи-Пагоимæ куыд зонгæ стæм, уымæй-иу æй дæхæдæг бафæрс, куы сæмбæлат, уæд, фæлæ дын цыбырæй зæгъдзынæн: не ’хсæн сусæгдзинадæй ницы ис, кæрæдзиуыл æууæндæм. Мæнæ уыныс ацы ехс, дæ ехсы æмбал,– уый лæвар мын у.

Куыд-лæг у, зæгъгæ, мæ фæрсыс, æмæ дын уый зæгъдзынæн: æз мæхæдæг схъомыл дæн Кæсæджы – Челæхсаты астæу. Хаджи-Пагойыл чи фæуæлахиз уа цæхх- кæрдзын, æмгар-æууæнкæй, ахæм нæй. Æз æй никæуыл баивдзынæн, уый тыххæй æмæ мын у, мæ зæрдæ адджынæн кæй ссардта, уыцы лæг.

Чермен загъта:

– Куыд кæсын, Мæхæмæт, афтæмæй нын Хаджи-Паго æмбис æрдхорд рауади нæ дыууæйæн дæр! Арфæ дын кæнын, Мæхæмæт, зæрдиагæй, æмæ амондджын уацхæссæг фæу не ’хсæн. Куы ма фенай Хаджи-Пагойы, салам-иу ын ратт мæнæй. Æнхъæлмæ, зæгъ, кæсдзынæн дæ хабармæ.

Уыцы ныхæстыл Мæхæмæт раздæхти Хъайсынтæм.

Чермен та араст и йæ фæндагыл.

Черменæн йæ зæрдæ бахъæлдзæг ис, йæ цæстытыл уадысты рæсугъд нывтæ. Цæвиттон, Хаджи-Паго йын ныфс бавæрдта Алиханы фервæзын кæнынæй, æмæ ма хуыздæр цæмæй бахъæлдзæг уыдаид! Кæд йæ фæндаг уыди хæхтыл, нарæг кæмтты, фæзилæнты, уæддæр æм афтæ касти, цыма йе ’гас фæндаг дæр авджын у. Йæ цæстытыл уади Госæгъайы мидбылты худт, цыма Хаджи-Паго чысыл Алиханимæ йæ цуры лæууыди, уыйау.

Ахæм рæсугъд хъуыдытæ йæ зæрдæйы гуырыдысты, æмæ йæм афтæ касти, цыма йæм зæронд зæппадзтæ, æнусон хæхтæ фæлмæн худтысты…

Мæхæмæт дæр Черменæй къаддæр цины нæ уыди.

Æрмæст Чермены цин уыди рæсугъд, æнæтæригъæд, Мæхæмæты цин та – цъаммар, мæнгард, фыдбылыз, тæригъæдджын фыдбоны уазал тымыгъ.

– Чермен, Чермен!–дзуры уый йæхимидæг, – дæу фыр цинæй расыг цы Хаджи-Пагойы ном кæны, уымæй дын мах дæ адзал ссардзыстæм!

Мæхæмæт сæмбæлди Хъайсыныл æмæ йын лæмбынæгæй
радзырдта Черменимæ йæ фембæлды хабæрттæ.

Уæд Хъайсын сдзуры:

– Ныр нын фадат фæци Кæсæгмæ, уым ын Хаджи-Пагоимæ цы хъуыддаг ис, уый бæлвырддæр базондзыстæм, стæй йын уый фæстæ ратдзыстæм дзабыртæ æмæ зæнгæйттæ дæр, цыма йæм Хаджи-Паго æрвиты, уыйау. Уыдон æй бауырнын кæндзысты.

Сæхи срæвдз кодтой æмæ араст сты Кæсæгмæ. Кæсæджы сæ мадырвадæлтæм сæ фæндтæ тыхджын фыцынц Чермены фесафыныл, фæлæ, Чермен æмæ Хаджи- Пагойы æхсæн цы хъуыддаг уыдис, уый бæлвырдæй нæ зыдтой, уымæн æмæ се ’намондæн Хаджи-Паго уыди балцы. Гъе, фæлæ уæддæр алыг кодтой, цыма йын Хаджи-Паго æмгъуыд кæны æмæ йын амоны бынат сæ сæмбæлынæн Елхоты фале Гала-бæласы бын.

Чермен та уыди Баймæтатæм, йæ каистæм. Йæ нæртон зæрдæйы ахæм цины лæсæн рацыдис, æмæ йын дунейы къардиутæ дæр нал фаг кодтой. Афтæ дзуры Госæгъайæн:

– Уыныс, де ’фсымæры къухы æрмдзæф? Ацы ехс йæхи конд у, сæгуытдзармæй. Æркæс-ма йæм лыстæг, дæ хæрдгæ думæданæн дын бар уадзы? Ацы лæвар мыл куыд сæмбæлд, афтæ тагъд ныл Хаджи-Паго æмæ Алихан дæр æмбæлдзысты. Хаджи-Пагойæ уæгъд ныхас никуы сирвæздзæн. Йæ зæрдæ кард у, цы нæ алыг кæндзæн, уымæ йæ ласгæ дæр нæ кæны. Куы йæ сласы уæд та йæ æнæ алыггæнгæ тъысгæ нæ кæны йæ кæрддзæмы. Мæхæмæт Кæсæджы ис æмæ нын дзы исты хабар хæсдзæн. Кæд Мæхæмæт ме знæгтæй у, уæддæр, Хаджи-Пагойы зонгæ кæй у, уый тыххæй йыл æууæндын.

Уæд Госæгъа афтæ зæгъы:

– Нæ зонын, нæ зонын, цæмæн у, фæлæ мæ зæрдæ куыддæр тасы мидæг ис, Хаджи-Паго æмæ де ’хсæн Мæхæмæт кæй ис, уымæй. Зноны знаг абон лымæнæн зын ссарæн у.

– Æмæ мæм цы знагдзинад хъуамæ дара Мæхæмæт? Давгæ куы никæмæй ницы кæнæм, рæстæй цæрæг адæм куы стæм. Нæ, уæлдай гуырысхотæ нал хъæуы. Цæй, бонмæ бирæ нал ис: хистæртæй мæ исчи ардыгæй ацæугæ куы фена, уæд фидиссаг кæнын.

Чермен Дæргъæвсы лæгъзы куы рацæйцыд, уæд Къæхтысæры хæрхæмбæлд фæци йæ хорз æмбал Бадзуаты Абырæгыл. Абырæг æй базыдта раздæр, хъæлдзæг хуызæй йæм дзуры:

– Æтт, Баймæтаты буц сиахс, афтæмæй нæ фæцæудзынæ!

– О, нарты Хæмыц!– фæхъæр кодта Чермен.– Кæм та мын уыдтæ?

Уыцы ныхæстимæ кæрæдзи къуырццытæ кæнын байдыдтой сæ бæхтæй.

– Бестолы-фырт, æз дæ каистæм цæуылнæ дæн? Цæй тарст сын кæныс хардзæй? Æви Госæгъайæн æвзаг бакæнынæй тæрсыс?

– Раст зæгъыс, Абырæг. Алцыдæр дын æмбæлы зæгъын: æз зылын дæн дæ цуры.

Абырæг ныккасти Чермены бæхмæ:

– Чермен, ацы бæх дæм кæцæй æрæфтыд?

Чермен загъта:

– Радта мын æй ме ’рдхорд æфсымæр Хаджи-Паго,

Абайханты саулохтæй у.

– Раст зæгъыс, Чермен, сыгъдæг саулохаг у: бирæгъварс, зыгъар, цыбырастæу, къуыпных, зылдсæфтæг, хуыдзаст. Хайыр уæд, хайыр. Стыр лæвар дын ракодта де ’фсымæр, фæлæ-ма мæн дæр йемæ базонгæ кæн!

– Уымæн нын амал ис, Абырæг. А дыууæ боны йемæ хъуамæ сæмбæлæм, æмæ уæд Баймæтаты хæдзары нæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæндзыстæм,– загъта Чермен, йæхæдæг бахудти.

– Цæй, уæдæ, Чермен, банхъæлмæ кæсын хуыздæрæн фæуæд. Æцæг-иу мын мæ цæстытæ æнхъæлмæ кæсынæй ма ныуурс кæн.

– Бирæ рæстæг дæ нæ бауадздзынæн æнхъæлмæ кæсын. Хаджи-Паго, Абырæг æмæ Чермен Баймæтаты хæдзары рæхджы кæрæдзимæ дæтдзысты нуазæнтæ.

– Дæ дзыхы – æхсырфæмбал, Чермен! Æцæг æрцæуæд уыцы амондджын сахат!– загъта Абырæг.

– Хаджи-Паго мæм æрвиты,–дзырдта Чермен,– чи зоны, цæуын куы бахъæуа Кæсæгмæ, мæхицæн æмбалæн уæд дæу нымайын!

– Цæттæ дæн, Чермен! Кæсæгмæ нæ, фæлæ кæдæм-дæриддæр. Æрмæст мæм раздæр хабар куыд уа, афтæ.

Иучысыл ма аныхæстæ кодтой, стæй хæрзбон загътой кæрæдзийæн. Чермен рараст Хъобанмæ, Абырæг та Дæргъæвсмæ.

Бирæ афонтæ нæ рацыди, афтæ Чермен æнхъæлмæ цы хорз хабармæ касти, уый бафтыд йæ къухы: сæмбæлд Мæхæмæтыл. Мæхæмæт ныр зыдта, кæцырдыгæй йæм бацæуын хъæуы, уый. Йæ зæрдæ йын æлхæдта æмæ йæ расыг кодта Хаджи-Пагойы номæй. Уый дзырдта:

– Ме ссыдыл цæуы æртæ боны, мæ хæс дын уыди дæ ныстуан раздæр фехъусын кæнын, фæлæ дæ-иу афарстон, æмæ уæхимæ нæ уыдтæ.

– Раст дын куы зæгъон, Мæхæмæт, уæд де ссыдмæ тынг æнхъæлмæ кастæн. Кæд дын, чи зоны, бантысти Хаджи-Пагойы фенын. Дæ фенд мын йæхи фендау æхсызгон вæййы.

Мæхæмæт загъта:

– Ау, Чермен, æмæ æз, Кæсæджы уæвгæйæ, кæмæ хъуамæ бацæуон Хаджи-Пагойæ раздæр? Раст йæ тæккæ хæдзары бадтыстæм æмæ цыбыр, фæлæ адджын рæстæг арвыстам. Зæрдиаг салам дын æрвыста æмæ куырдта хатыр, æрæгмæ дыл кæй æмбæлы, уый тыххæй. Æртæ боны æмгъуыдмæ, зæгъы, бафæраз, стæй дæм зындзынæн. Фæлæ, зæгъы, цы нæ вæййы: чи зоны, уыцы æмгъуыдмæ мæнæн куы нæ бантыса, уæд дæхи бахъæудзæн ардæм сæмбæлын.

Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Мæхæмæт лæмбынæг касти Чермены цæсгоммæ, цыма йын йæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ агуырдта, уыйау. Фæлæ Чермены цæсгомыл ницы зынди, хæлар, æнæзæрдæхудт æмæ уарзондзинадæй уæлдай.

Чермен бафарста:

– Æппын дын ницы загъта нæ сæмбæлæн бынаты тыххæй?

Мæхæмæт хъуызгæхуызæй сдзырдта:

– Чермен, уый ардыгæй бацамонынæн тынг зын у, фæлæ кæд йæхæдæг фæзынид уæдмæ. Кæд æмæ нæ фæзына, уæд мæхæдæг нæ фæзивæг кæндзынæн дæу уырдæм ныххæццæ кæнынмæ.

Уыцы ныхасы фæстæ Мæхæмæт дисхуызæй дзуры:

– О, хæдæгай, Чермен, чысыл ма бахъæуа, мæ амынат мæ ферох уа! – йæхæдæг йæ фæсарцæй райста зæнгæйттæ дзабыртимæ æмæ йæм сæ дæтты: – Мæнæ мæм адон радта, йæ каистæм куы цæуа, уæд-иу сæ скæнæд, зæгъгæ.

Чермен йæ лæвар куы райста, уæд æфсæрм дæр æмæ цин дæр йæ зæрдæйы ссыгъдысты. Мæхæмæты ΄рдæм ма йæм æнæууæнкдзинадæй цыдæриддæр уыди, уый, уæрм зæххæй куы айдзаг кæнай, уыйау алæгъз ис. Чермены зæрдæ куыддæр тæригъæды ΄рдæм фæзылд Мæхæмæтмæ. Кастис æм уыцы сахат раст бынтон æнæтæригъæд адæймаг. Иттæг зæрдиагæй йын йæ къух райста æмæ йæм хæлархуызæй дзуры:

– Арфæ дын кæнын, Мæхæмæт, мæн тыххæй дæхицæн кæй базын кодтай, уый тыххæй. Æз дæр дын дæ дзæбæхтæ мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн.

Æмæ рахæрзбон кодтой кæрæдзийæн.

Чермен æнхъæлмæ кæсын байдыдта Хаджи-Пагомæ. Афтæ тынг æнхъæлмæ касти, æмæ йæм бон мæй зынди, æхсæв та – афæдз. Кæд цыфæнды даргъ уыдысты æртæ боны, уæддæр ахицæн сты, фæлæ никуыцæй зыны Хаджи-Паго.

Чермен ныффæнд кодта, мæхи цæуын хъæуы, зæгъгæ.

«Исты гæнæн æмæ йын амал куы уыдаид Хаджи-Пагойæн, уæд уый йе ’мгъуыд нæ фæсайдтаид. Цы чындæуа ныр? Абырæгимæ цæуин, æмæ бæлвырд нæ зонын, кæдæм цæугæ у, уый. Мæхæмæтимæ цæуин, æмæ Хаджи-Паго Алиханы куы рахæсса, уæд Мæхæмæты мадырвадæлтæм исчи комдзог куы фæуа!»

Мæхæмæтæн дæр йæ зæрдæ æнцад кæм уыди, абæрæг та кодта йæ нывонды:

– Чермен, цæй цы хабар ис не ’фсымæрæй?

– Æвæццæгæн, мæхи цæуын бахъæудзæн, – загъта Чермен.

– Æмæ цы зивæг кæнæм, – бадис кодта Мæхæмæт, – кæд дзы иу бæхрæгъау дæр нæ разæй фæкæниккам.

– Бæхрæгъау нæ, – загъта Чермен, – фæлæ уыцы æнамонд лæппуйы тыххæй, æвæццæгæн, цæуын бахъæудзæни…

 

* * *

Чермены сæрмæ мигътæ æмбырд кæнын байдыдтой. Раст ын Мæхæмæт æмæ Хъайсын цы фæндаг сныв кодтой, ууыл ныллæууыди. Афтæ фæзæгъы йæхицæн: «Цæй, цы ма хъыгдарон Абырæджы дæр? Хаджи-Пагойæн бæлвырд йæ амынд бынат куы зонин, уæд Мæхæмæты дæр ныууадзин. Фæлæ йæ нæ зонын, æмæ цæуын хъæуы Мæхæмæтимæ. Ахсæв мæ балц фæрæвдз кæндзынæн æмæ ныууайдзынæн Мæхæмæтимæ. Æз райсом искуы бонасадæн скæндзынæн, Мæхæмæт та мын Хаджи-Пагомæ хабар фæкæндзæн».

Мæхæмæтæн лæгъстæ нæ бахъуыд: Хуыцауæй цы курдиат агуырдта, уый æнцонæй йæ къухы æфтыди. Сæхи цæттæ кодтой, цæмæй араст уой сæ фæндагыл.

Госæгъайы зæрдæйы бацыди цыдæр æнахуыр тас.

– Стыр диссаг, – загъта уый Черменæн, – мæ зæрдæйы цæмæн ахæм тас бацыди? Афтæ мæм кæсы, цыма æнамонд хабар фехъусдзынæн. Мæхæмæты кой мæ зæрдæйыл калмау тыхсы. Цы нæ ауайы мæ цæстытыл! Исчи тагъд-тагъд куы æрбацæуы йæ рæзты, уæддæр тæрсгæ фæкæнын. Цы хабар у, нæ зонын… Хуыцау æй хуыздæрæн фæкæнæд…

Араст сты сæ фæндагыл Черменитæ. Дзæвгар куы фæцыдысты, уæд Мæхæмæт ехсы хъæдæй бацамыдта Черменæн дардмæ Гала-бæласмæ. Бæласмæ хæстæгдæр куы бахæццæ сты, уæд Мæхæмæт дзуры:

– Цæй, Чермен, мæнæ ацы къуылдымы нæ бæхтæ суадзæм, æмæ ахизой. Нæхæдæг та уынаффæ бакæнæм, цы нын кæнгæ у, ууыл.

Чермен уæлдай нал загъта, æмæ сæхи æрфистæг кодтой. Иучысыл куы афæстиат сты, уæд Чермен йæ къух Мæхæмæты уæхскыл æрæвæрдта æмæ афтæ зæгъы, йæ цæсгоммæ йын кæсгæйæ:

– Мæхæмæт, æз ам баззайдзынæн, ды ацу æмæ фæхабар кæн Хаджи-Пагомæ. Фервæзын кæнынмæ, зæгъ, кæй хъавыдтæ, уый ардæм ракæн. Æрмæст дæ уый курын, Мæхæмæт, æмæ не ’рцыд Астемыратæй куыд ничи зона.

Хæрам мæм сты, æмæ мæ семæ фембæлын нæ фæнды.

– Уый тыххæй гуырысхо ма кæн, – загъта Мæхæмæт. – Æз цæуын æмæ дыл Хаджи-Пагоимæ æмбæлдзынæн тагъд.

Æмæ ацыди. Чермен иунæгæй куы аззади, уæд кæстытæ кодта, Мæхæмæт æй кæдæм æркодта, уыцы хъæдмæ, æмæ афтæ дзуры йæхинымæр: «Уæ, нæ тæригъæд уа Хаджи-Пагойы, цымæ дзы амæй лæгъздæр бынат никуы ссардта! Йæ тæккæ бирæгъбадæнтæм ын куы бахъавыди. Диссаг, цымæ, цæмæн равзæрстаид ахæм тар хъæд?..»

Цалынмæ Чермен хъуыдытæ кодта, уæдмæ Мæхæмæт сæмбæлди Астемыратæм. Мæхæмæты сæмбæлд Астемыраты бахъæлдзæг кодта. Чермены æнамондæн, уыдысты æмбырд, Хъайсын сæ астæу уыдис, афтæмæй. Мæхæмæт хъæлдзæгхуызæй радзырдта, Чермены куыд æрсайдта, уый. Хъайсын загъта:

– Æтт, Астемыратæ, саг фæрæтмæ æрцыди!

Мæхæмæтæн бауынаффæ кодтой афтæ:

– Ацу æмæ йын зæгъ, Хаджи-Паго дыл, зæгъ, æмбæлдзæн тагъд. Мах дæр цæуæм дæ фæстæ, æрхыты ссæудзыстæм, бæласы аууон æрбаддзыстæм, æмæ иучысыл куы афæстиат уай, уæд та-иу дæхи цæуæг скæн Хаджи-Пагомæ ракæсыны æфсон, æмæ уæд дæхæдæг дæр нæхирдыгæй фæуыдзынæ.

Иукъорд замантæ ма афæстиат, стæй рацыди Мæхæмæт. Уалынмæ Мæхæмæт Чермены цур æрбалæууыд хъæлдзæгхуызæй æмæ дзуры:

– Чермен, амонд нæ рæвдауы! Хаджи-Пагойы ныййæфтон сæхимæ, цыдæр уазджытæ йæм уыди æмæ йын бамбарын кодтон дæ хабар. Тынг æхсызгон ын уыди, мæхи дæр мын урæдта: æххæст, дам, уазджытæ ацæуой, æмæ иумæ ацæудзыстæм, фæлæ æз нæ ныллæууыдтæн, мæ мадырвадæлтæй мæ исчи куы фена, уымæй тæрсгæйæ.

Чермен загъта:

– Хорз бакодтай, Мæхæмæт, хъахъхъæнын хорз у!

Уыцы рæстæджы сæ алыварс æртыхстысты Астемыратæ æмæ Хъайсын. Мæхæмæт ныхæстыл дардта Чермены. Иудзæвгар куы афæстиат сты, уæд Мæхæмæт æвиппайды сдзырдта:

– Цæй æрæгмæ цæуы Хаджи-Паго? Тагъд æрбацæуинаг куы уыди! Цæуон, æмæ йæм акæсон, – йæхæдæг сыстад æмæ æрхы ‘рдæм фæраст ис. Иудзæвгар куы ныууад æмæ куы фæаууон, уæд йæ бæх пыхсы абаста æмæ Хъайсыниты ‘рдæм араст. Уыцы рæстæджы Чермен йæ бынатæй сыстад, æнцадгай араст бæласы ‘рдæм. «Æнæ фенгæ мын нæй Хаджи-Пагойы бæрæггæнæн Гала-бæласы», – загъта Чермен æмæ бæласы цурмæ куы æрцыд, уæд æм кæсы æдзынæгæй æмæ йæхинымæр дзуры: «Стæ-ма, акæсон йæ цъуппæй». Йæ топп систа æмæ йæ бæласы æнцой æрæвæрдта. Бæласмæ хæрдмæ куы скаст, уæд йæ фале цыма пыхс фезмæлыди, афтæ йæм фæзынди.

Цымæ цы уа, зæгъгæ, дарддæр ныууад, йæ топп бæласы æнцой ныууадзгæйæ. Пыхсы йæм зынди лæг. Йæ топмæ куыд фæзылд, афтæ фыццаг гæрах сæмбæлд йæ зæнджы хæцъæфы. Топп райсынмæ ма тындзыдта, фæлæ йын мæцкъортæ йæ къæхтыл стыхстысты æмæ æрхаудта.

Черменæн йæ фестад æмæ Мæхæмæтæн та топмæ йæ бауад баиу сты. Стайау йæхи фехста Чермен, Мæхæмæты къухтæй раскъæфта топп æмæ фæхъæр кодта:

– Æтт, цъаммар туг! – йæхæдæг æй кардæй афтæ тынг æрриуыгъта, æмæ йæ сæр зæхмæ харбызы хуызæн атылди. Чермен йæхæдæг дæр ныццудыдта æмæ æрфæлдæхти. Фыццаг æй цы кæсгон лæг фехста, уый рацыд æргом, афтæ æнхъæлдта, æмæ нал сыстдзæнис. Фæлæ цалынмæ уый топп арæзта, уæдмæ йæм Чермен фæцарæхстис: нæмыг ын батыдта йæ риуыгуыдыр.

Чермен йæхæдæг дæр стыр уæззау цæфтæ фæцис, йæ алыварс гæрæхтæ сбирæ сты. Зæхмæ куы æрхаудта Чермен, уæд æй иу кæсгон цæвынмæ хъавыди кардæй, фæлæ йæ Чермен æрцахста йæ фæдджийæ æмæ йæ афтæ тынг æрбалхъывта йæхимæ, æмæ лæг сывæллонау æрбасхъиудта Чермены хъæбысмæ. Чермен ын ныххæцыд йæ хурхыл æмæ загъта:

– Æлгъаг у дæ цуры амæлын, фæлæ… кæлмытæ æртæ къаддæр фæуыдзысты!..

Асыгъдæг ис топпы фæздæг. Ныссабыр ис æрдз. Чысыл кодта сæлфынæг, бæлæстæ дæр цыма æнкъард уыдысты æмæ цыма сæ уайдзæфы хай Гала- бæласæн кодтой.

Мард фесты Астемыраты Хамит æмæ Хату, мард фæци, ацы бæллæхтæ чи арæзта, уыцы Тлаттаты Мæхæмæт дæр. Уымæн уырдыджы йæ сæр афтæ дард атылди, æмæ йын æй аргæ дæр нал кодтой. Удæгасæй аирвæзти æрмæст Хъайсын.

– Зынаргъ нын рауадтæ, Агуыдзоны фырт, – загъта ма уый. – Æфснайын хъæуы мæрдтæ, хъæр дæр сын нæй кæнæн, ныгæнын сæ хъæуы сусæгæй. Ацы калмы уæртæ иу дзыхъмæ аппарын хъæуы, уадз æмæ йæ рувæстæ бахæрой… Диссаг! Фараст нæмыджы сæмбæлд йæ риуыл, уæддæр нæ марди!

Изæрдалынгты Астемыратæ аластой сæ мæрдтæ.

 

* * *

Хаджи-Паго Алиханимæ бахæццæ Хъобанмæ, æрлæууыд Чермены хæдзары раз. Бадзуайы-фырт Абырæг уыди Черментæм, йæ хъæлдзæг ныхас æддæмæ хъуысти:

– Агуыдзон, уæдæ ма æз та Черменмæ куы æнхъæлмæ кæсын ныр æртæ боны. Æхсæвыгон хъуыддæгтæ мын уыди кæмдæр, æмæ сæ уый тыххæй куы ныууагътон, уæд уый кæдæм фæраст и?

Агуыдзон загъта:

– Нæ зонын, дæ рын бахæрон, Абырæг, ам æм æмбисæхсæв чидæр æрбадзырдта. Йæ хъæлæс мæм Мæхæмæты хъæлæсы хуызæн фæкасти, æмæ ма мын афтæ загъта: «Иу кæсгон лæг нæм æрбацæуинаг у, æмæ, æнæ мæн куы фæзына, уæд-иу æй ме ссыдмæ бауром». Стæй ацыди.

Уыцы рæстæджы чидæр кæрты дуар бахоста. Абырæг рудзынгæй ракаст æмæ сдзырдта:

– Агуыдзон, дæлæ иу æнахуыр уазæг! Дæ хæдзар афснай, чи зоны, мидæмæ куы цæуа! – йæхæдæг рауади уазæджы размæ.

Барæг бадти бæрзонд, хæрзхаст, цъæх стъæлфæнтæджын бæхыл. Йæ бæхыл бæрæг уыди, тыхцыд кæй фæкодта, уый. Уазæг сдзуры æрдæгирон æвзагæй:

– Чермен ам нæй?

– Йæ хæдзар ам ис, йæхи дæр ын ссардзыстæм, – дзуапп радта Абырæг.

Уазæг æрхызт бæхæй, æмæ, йæ нымæт куы раппæрста иуварс, уæд йæ фæсарцæй æргæпп ласта иу хъомыл лæппу. Уыцы уазæг уыди Хаджи-Паго, лæппу та Алихан.

Хаджи-Паго æмæ Абырæг кæрæдзийæн сæхи бацамыдтой. Агуы-дзон куы базыдта, Чермен алы бон цы Хаджи-Пагойы кой кæны, уый ис йæ цуры, уæд æй æцæг мады хъæбыс ныккодта:

– О, мæ зæрдæйы уидаг, мæ цæсты рухс, æз дæ уындмæ куы бæллыдтæн, æз уымæй куы тарстæн, æнæ дæу фенгæ куы амæлон!

– Мæлгæ нæма, Агуыдзон, мæлгæ, – загъта Хаджи-Паго, – дæ дыууæ лæппуйы дын хъуамæ дæ фæллой бафидой. А дыууæ боны чындз хæсдзыстæм, мæ хъаймæты хо Госæгъайы. Чермен иуæй ме ’фсымæр у, иннæмæй та мæ сиахс у. Гъеуæд дын дæ дыууæ лæппуйы дæ фæллад суадзын кæндзысты. Дæ бирæ зынтæн æрхæццæ сæ кæрон! Мæнæ уын уый та, – загъта Хаджи-Паго, Алиханмæ ацамонгæйæ,– Госæгъайы мадыфсымæр Алихан. Бирæ йыл фæтухи кодтон, æмæ тыххæй бафтыди мæ къухы.

Агуыдзон æмæ Абырæг худгæ-кæугæ сæ хъæбысты кодтой Алиханы. Стæй Агуыдзон ацыдис æмæ февнæлдта хæринаг кæнынмæ. Хаджи-Паго æмæ Абырæг иунæгæй куы аззадысты, уæд Абырæг афтæ зæгъы:

– Хаджи-Паго, махмæ ис иу æмбисонд: Хетæг – хъæдмæ, кæнæ та хъæд – Хетæгмæ: Черменæй куырдтон, цæмæй мæ демæ базонгæ кодтаид, фæлæ мæм дæхæдæг фæтагъддæр дæ. Уыди нæм дæ кой, ныхас дæр бакодтам, демæ дæ хойы хæдзары куыд æмæ кæд хъуамæ сæмбæлдаиккам, уый тыххæй:

Уæд Хаджи-Паго загъта:

– Амондджын ныхæстæ кодтат, æмæ æцæг рауадысты. Фæлæ диссаг: æз æм æрвитгæ куы кодтон, тагъд дыл æмбæлдзынæн, зæгъгæ… Мах дæр ын, Абырæг, бафыддæрагæн кæндзыстæм. Кæд ахсæв нæ фæзына, уæд Баймæтатæм нæ бæхтæ базмæлын кæндзыстæм, уый ма нæм-иу уæд дуарæй бакæс-бакæс кæнæд,– сæхуыдтæг ныххудтысты.

Абырæг æмæ Хаджи-Паго кæрæдзи зæрдæтæ тынг тагъд ссардтой, рагæй цыма зонгæтæ уыдысты, уыйау.

Сæрдыгон æхсæв сыл тынг тагъд сбон ис. Фæлæ нæ зыны Чермен. Райсомæй аходæн куы бахордтой, уæд Хаджи-Паго дзуры Агуыдзон æмæ Абырæгмæ:

– Тынг мæ фæнды мæ хо Госæгъайы бабæрæг кæнын. Мæнæ йын йæ зынаргъ хæстæг Алиханы дæр раттикам. Чермен куы æрбацæуа, уæд-иу æй рарвит Баймæтатæм. Мах дæр дзы нæ маст исæм,
Агуыдзон. Уый æз æмæ Абырæгмæ нæ банхъæлмæ каст, мах даар æм нæ кæсæм, – сæхæдæг хъæлдзæгæй ныххудтысты æмæ ацыдысты Баймæтатæм.

Хаджи-Паго хæцыди Алиханы къухыл, йæ цуры лæууыдысты Госæгъа, йæ мад, йæ фыд æмæ Абырæг.

Бирæ фæцинтæ кодтой Баймæтатæ дæр Алиханы фервæзтыл, – сæ хæдзар стыр хъæлдзæг сси. Уый фæстæ Госæгъа Хаджи-Пагойæн ракодта Чермены хабæрттæ: æртæ боны æмгъуыдмæ куыд ацыди, афоныл куыд нæ сæмбæлд æмæ куыд фæдзæхста, зæгъгæ, дам, уæдмæ куы нæ сæмбæлон, уæд-иу мæ агурут. Госæгъа ноджы радзырдта, Мæхæмæтимæ кæй ацыд, уый тыххæй йæ зæрдæ тынг кæй æхсайы. Цы бамбарын хъуыдис Хаджи-Пагойæн хъуыддаг! Уый æнцадгай дзуры Абырæгмæ: «Цæугæ нын у!» Фæлæ, цæмæй йæ хо ма фæтæрса, уый тыххæй йæхи хъæлдзæггомау дардта. Рацыдысты Баймæтаты хæдзарæй, æмæ фæндагыл Абырæгæн загъта:

– Не ’фсымæр гуырысхо ран ис, Абырæг, мæ хо куыд радзырдта, афтæмæй. Мæ номæй йæ асайдæуыди.

Æрзилын ыл хъæуы, баххуыс ын хъæуы. Ды суай æмæ абæрæг кæн Мæхæмæты. Кæд уым уа, уæд ын зæгъ, æз æй агурын, зæгъгæ.

Абырæг тынг тагъд ссардта дзуапп:

– Мæхæмæт ам нæй, Кæсæджы ис.

Хаджи-Паго байхъуыста æмæ æнкъардхуызæй загъта:

– Абырæг, не ’фсымæр Чермен зындзинады ис. Госæгъа куыд зæгъы, афтæмæй сæ ацæуыны размæ Гала-бæласы кой кодтой: уый хорз бæлас нæу. Цæуын хъæуы йæ фæд-фæд, цы йыл цæуа, уый йыл кæсæджы къухæй цæудзæн. Уыцы Гала-бæлас Астемыраты хъæуы сæрмæ ис. Цъаммар, налат адæм сты Мæхæмæты мадырвадæлтæ. Стæй диссаг уый у, æмæ ахæм тæссаг балцы куыд баууæндыди Мæхæмæтыл.

Бон уыди рæсугъд. Цъиутæ алы хъæлæстæй зарыдысты. Æрджынарæджы дон æнæмæтæй, йæ уылæнтæй хъазгæ, размæ згъордта. Дзылаты мæсыг, цыма йæ къухаууонæй дардмæ касти, уыйау лæууыдис æнцад. Йæ бынты фæцæйцыди дыууæ барæджы, сæ цæсгомы бакаст уыдис сагъæсæй дзаг. Уыдон-иу куы тагъд ацыдысты, куы та-иу фæлæууыдысты æмæ-иу райдыдтой ныхæстæ кæнын, сæ ехсытæй цыма искæмæ æртхъирæн кодтой, уыйау. Куы та-иу фæндаджы иувæрсты азылдысты, цыма фæд агуырдой, уый хуызæн.

Уыдон сты Абырæг æмæ Хаджи-Паго, Чермены фæдагурджытæ. Сæ арæзт у Гала-бæласы ’рдæм. Куыд æм хæстæгдæр кæнынц, афтæ сæ тас тынгдæр рæзы. Æрхæццæ сты уыцы ранмæ. Чермен æмæ Мæхæмæт сæ бæхтæ цы къуылдымыл суагътой, уырдæм кæсынц, æмæ дзы федтой уæрдонвæд. Хаджи-Паго бадис кодта:

– Цымæ ацы уæрдонвæд ам цæмæн ис?

Бæхтæй æрхызтысты, бæласы алыварс æрзылдысты.

Бæласы бын уыди ссæст, уæрдонвæд кæдæм бацыд, уым ссардтой туджы фæзгъæртæ. Иу-дыууæ раны ма дзы уыди ноджыдæр тугвæдтæ, фæлæ дзы уырдыджы иу тугвæд Æрфæныфæдау тынг дард ахаста, æмæ уый куы федтой, уæд сæ зæрдæтæ бынтон асастысты.

– Не ’фсымæрыл цы ’рцыди, уый йыл ам æрцыд, – загъта Хаджи-Паго. – Фæлæ диссаг сты ацы тугвæдтæ. Ам иу лæджы туг нæй, ам ма ноджыдæр фæци мæрдтæ, æгæр дæрддзæфтæ сты кæрæдзимæ, ницы дзы базонæн ис ам. Уæрдоны фæдыл ацæуæм.

Æмæ ацыдысты. Фæд сæ æркодта раст Астемыраты уæлмæрдтæм. Бон баталыиг ис, æмæ фылдæр базонын сæ къухы нал бафтыди.

Фæлæ талынджы дæр кодтой сæ хъуыддаг. Уыдон ссардтой Хомбадзары, Астемыраты кусæджы. Уый уый мæрдтæ ласынмæ æмæ сын радзырдта, Чермен куыд фæмард ис æмæ йæ кæм ныууагътой, уыдæттæ.

– Ныр Астемыратæ афтæ æфсон кæнынц,–загъта Хомбадзар,–цыма стыр фурды был Биаслантимæ лæбурды уыдысты æмæ уым фæмард сты. Мæнæн бахæрын кодтой ард, макæмæн-иу схъæр кæн, зæгъгæ, фæлæ мæнгард уыдысты æмæ сыл комдзог куы фæуон, уæд уый Хуыцаумæ дæр хъыг нæ фæкæсдзæн.

Хаджи-Паго æмæ Абырæгыл, Хомбадзары ныхæстæм хъусгæйæ, арв нæрыди, зæхх сыл зылди, сæ мастæн нал уыди кæрон.

Хаджи-Паго дзуры Абырæгмæ:

– Цы кæнæм, Абырæг? Нæ зынаргъ æфсымæр нал ис а дунейыл, бахордтой йæ тугдзых бирæгътæ. Йæ мард ын ингæныл сæмбæлын кæнæм, сырдты дзыхæй йын фервæзын кæнæм йæ мард, кæннод бынтондæр нæ фыдгулты фæндиаг фæуыдзыстæм.

Хаджи-Пагойы æфсымæртæ рацыдысты фæдисы Чермены мард агурæг. Схæццæ сты æнамонд бæласы цурмæ, ссардтой йæ. Чермен хуыссыд йæ иу фарсыл, йæ цæсгомыл нæ зынди нæдæр тас, нæдæр мастдзинад, йæ цæстæнгас уыдис Гала-бæласы ’рдæм, цыма уымæн уайдзæф кодта, уыйау. Хаджи-Паго Чермены марды йæ хъæбысы ныккæны æмæ нырдиаг кæны, йæ сæр хойгæ:

– Чермен, Чермен!.. Цæмæн мæ афтæ фыдæбойнаг фæкодтай? Цы зæрдæйæ ма ссæуон Агуыдзоны цурмæ? Мæрдтæм мын нæй фæндаг, ацы бæллæхтæ иууылдæр йæ номæй сты…

Абырæг сабыртæ кæны Хаджи-Пагойы:

– Кæуын æмæ ниуынæй ницыуал ис раздахæн, фæлæ йын йæ мард сæмбæлын кæнын хъæуы Хъобаныл.

Срæвдз кодтой уæрдон æмæ рараст сты Хъобанмæ.

Астемыратæ кæд мæнгæй уырнын кодтой адæмы, не ’фсымæртæ лæбурды фæмард сты, зæгъгæ, уæддæр адæмæн сæ фылдæры нæ уырныдта.

Хъайсын рараст ис Хъобанмæ, адæм цы дзурынц, уымæ байхъусон, Чермен мард фæци, уый Хъобан зонынц æви нæ, уый базонон, зæгъгæ. «Æмæ йæ, уæвгæ, цæмæй зондзысты? Мæхæмæты йемæ рацæугæ куы ничи федта. Мæхи дардзынæн хъæлдзæг, цыма мыл æппындæр ницы æрцыд, уыйау. Чермены та уæдмæ сырдтæ бахæрдзысты…» – дзырдта йæхинымæр.

Хъайсын куыд загъта, йæхи афтæ дардта Хъобаны.

Йæ бинонтæн дæр не схъæр кодта, цы ΄рцыди, уый.

 

* * *

Хаджи-Пагоитæ куыд хæстæгдæр кодтой Хъобанмæ, афтæ сыл адæм арæхдæр æмбæлдысты. Куы базыдтой, Чермен мард фæцис, уый, уæд адæм бæзджын кæнын байдыдтой. Афтæ сбирæ сты, æмæ Хъобангомы цæугæ дæр нал кодтой. Сæ кæуын æмæ сæ ниуынæй хæхтæ рызтысты. Систой Чермены мард уæрдонæй æмæ йæ хастой сæ уæлныхты. Куы йæ æрæвæрдтой кæрты, Агуыдзоны цур, уæд иргъæвæг нал уыди адæмæн. Тег æмæ йыл Темырби ныддæлгом сты; ус уæд, лæг уæд – нал лæвæрдтой кæрæдзийæн бар. Абырæг æмæ Хаджи-Паго, сæ сæртæ хойгæ, бацыдысты Агуыдзоны цурмæ:

– Уæ, нæ цæсгом бахæрæм, нæ зæронд мад, куыд ма æрбацыдыстæм дæ цурмæ!..

Иу рæстæджы фæхъус вæййынц адæм, стæй та уæд рацæуы йæ мад Агуыдзон. Разилы адæмы ’рдæм æмæ фæзæгъы:

– Бахатыр мын кæнут, хорз адæм. Черменæн йæ фæстаг сахат у, æмæ йын мæ фæллой схæлар кæнон, – йæхæдæг æнцадгай марды цур æрлæууы. – Бирæ фæлмæн ныхæстæ мын фæкодтай, Чермен, бирæ зæрдæтæ мын февæрдтай, дæ фæллой дын бафиддзынæн, зæгъгæ. Фæлæ дын кæнын хъаст, уыцы хæс кæй нæ бафыстай æмæ мæлыныл кæй батагъд кодтай, уымæй. Фæлæ мады зæрдæ фæлмæн у. Давынмæ нæ уыдтæ, лæбурынмæ – иннæ ахæм. Хæсты лидзгæйæ мын нæ фæмард дæ, уымæн дæ фæтæн риу – æвдисæн, – йедзаг у уый знаджы нæмгуытæй. Ды хæцыдтæ адæймаджы номыл, дæ сæр нывондæн æрхастай æфхæрдты сæрыл. Лæг уыдтæ æмæ лæджы мард акодтай. Рухсаг у! Хæлар дын уæд ме ’хсыры цъыртт!..

Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ йын æнцадгай йæ къухмæ бавнæлдта æмæ ма загъта:

– Фæндараст, мæ зæрдæйы хох!..

Агуыдзоны зæрдæхалæн ныхæстæм хъусгæйæ, хæхтæ æмæ хъæдтæ дæр æмнæрд кодтой. Систой марды æмæ йæ ахастой ныгæнынмæ. Ныгæд æрцыди ададжы иу фарс фæтæны. Ныгæд куы фæци, уæд Тег æмæ Темырби йæ цыртыл ныттыхстысты æмæ сæ кæуынæй хæхтæ арыдтой:

– Чермен! Æфхæрд цагъартæн уыдтæ ды сæ фыд! Мадау сæ ды рæвдыдтай. Æрхастай сын дæхи нывондæн. Ды загътай, куы фестин уæд та сæрибары тырысайы хъæд, мæ туг та – æнæмбийгæ тырыса! Хæрæм дын ард нæ зæрдæтæй, нæ цардæй: уыцы тырысайы бын сæрибарыл хъæбатырæй кæндзыстæм тох. Дæ тугæй скæндзыстæм урс фæринк кæрдтæ. Не ’фсондзтæй та сараздзыстæм хъримаг топпытæ! Нæхи нæ, фæлæ нæ сывæллæтты дæр æрхæсдзыстæм уыцы тырысайы бын нывондæн.

Уалынмæ, тынг æфсæрмытæгæнгæ, æрбакодтой Госæгъайы. Уый ингæны цур æрлæууыди æмæ æнцадгай загъта:

– Дунейыл дæр уыдтæн æз дæу. Дзырд дын дæттын, дунейæ дæр ахицæн уыдзынæн дæ номæй!

Адæм гыццыл фæхъус сты, æмæ дзырды бар ракуырдта Хаджи-Паго. Хъайсын дæр лæууыд ингæнмæ хæстæг, æмæ йæ Хаджи-Паго куы ауыдта, уæд мæстæй фæцæйскъуыд. Хаджи-Паго цыртмæ хæстæг балæууыд æмæ райдыдта дзурын:

– Хъобан, æз дæн кæсгон, мæ ном у Хаджи-Паго. Æз уыдтæн Чермены æрдхорд-æфсымæр. Мæнæн ахæм адджын æфсымæр мадызæнæгæй дæр нал ис. Чермены хуызæн дыккаг нæй, нæдæр сымахмæ, нæдæр махмæ. Цымæ цæмæн æрцыди мард? Чермен нæ уагъта адæймагæй фос кæнын, нæ уагъта адæймаджы фыд хæрын. Мæнæ адæм! Чермены асайдта Тлаттаты Мæхæмæт æмæ йæ амарын кодта Астемыраты бирæгътæн.

Уыцы ныхасимæ цæхгæр фæзылд Хъайсыны ’рдæм æмæ дзуры:

– Уыцы бирæгътæй иу у мæнæ уый! – æмæ йын дамбаца йæ тæккæ дæндæгтыл ныццавта. – Уæ, мæ зынаргъ æфсымæр, Чермен! Уыдон дæ амардтой сусæгæй, фæлæ дын æз Хъайсынæй дæ маст райстон адæмы ΄хсæн, æргомæй!

Адæм афтæ мæсты уыдысты Хъайсынмæ, æмæ ма кæд йæ цæфæй фервæзтаид, уæддæр æй Тег, Темырби æмæ иннæтæ къабазгай ныккодтой. Тугæйдзаг фыды тымбыл сси.

Майрæмыхъойы цотыл бакодтой хъоды. Мырзабег дæр зæрондæй ссардта йæ ингæн.

Æз мæхæдæг, Чермены хабæрттæ дзурæг, цæрын Хъобаны,
Бытъаты Мырзабеджы хæдзары.