ТЪЕХТЫ Валентин. Радзырдтæ

БАЗАРГÆНДЖЫТÆ

Нæ бинонтæ иу хъуыддагыл фæцахуыр сты: сæ уæйгæнинæгтæ-иу мæнæн уæй кæнын кодтой. Азербайджаны горæт Агдамайы фæткъуы хорз уæй кодта, æмæ сæ æз дæр уырдæм арæх ластон.

Иуахæмы дын мæ фыдыхойы лæппу Хъинтор мæ уæлхъус алæу­уыд æмæ мæм дзуры, йæ хъоппæг цæстытæ рувасы гагуытау æрттывд кæнынц:

– Иртаг, мæн дæр-ма демæ акæн! Æххуыс дын кæндзынæн, стæй уым сывæллæтты къахыдарæс асламæй балхæндзыстæм æмæ сæ Тбилисы зынаргъдæрыл уæй кæндзыстæм…

Йæ ныхæстæ мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты, фæлæ йын хионы хатырæй сразы дæн, æрмæст ма бахъуыр-хъуыр кодтон:

– Хорз, фæлæ мæ нæ уырны дæ фæндтæй исты рауайа, уый…

Базары мæ фарсмæ иу чызг алы кæрдæджыты хостæ уæй кодта. Уый мын мæ хæдоны æфцæггот зылын-мылынтæй куы ауыдта æмæ мын æм адзæбæхтæ кæнынмæ куыддæр бавнæлдта, афтæ мын иу лæг мæ сæр лæдзæгæй æрбакъуырдта. Æз ын йæ лæдзæг байстон æмæ йæ ныззыввытт ластон. Лæг чызджы фыд разынд, æмæ йæм мæ къух нæ систон… Уалынджы дын дыууæ хъулон бæлоны кæцæйдæр æрбатахтысты, æмæ сæ иу мæ рахиз уæхскыл абадт, иннæ та – галиу уæхскыл. Сæ кæрæдзимæ бакæсынц, стæй сæ базыртæ сцæгъдынц. Диссаг та мæм куыд хъуамæ нæ фæкастаид уый! Ацы хабар, чи зоны, искæй ма бауырна, фæлæ, æз лæдзæг куы фехстон, уæд кæм сæмбæлд, уым кæрдæджы дыууæ бæлоны хæринаг агуырдтой. Фæтарстысты æмæ стахтысты, сæ ных ме ‘рдæм сарæзтой …

Хъинторимæ фæткъуытæ ауæй кодтам, фæйнæ стыр целлофан дзæ­къулы байдзаг кодтам, дуканиты цы сывæллæтты къахыдарæс фелхæдтам, уыдонæй æмæ æфсæнвæндаджы вагзалмæ бацыдыстæм. Вагзалы нæ милицæ æрцахстой. Байстой нын не ‘лхæнинæгтæ, не ‘хцатæ иууылдæр æмæ нæ сæхæдæг сбадын кодтой, Тбилисмæ цы поезд цыд, уым.

Бадæм вагоны æгомыгæй, мæстыйæ. Иузаман мæ хъустыл ауад къахбавæрæнæй сылгоймаджы удаист хъыллист. Æз базгъордтон, дуар фегом кодтон, æмæ цавæрдæр лæппулæг чысылтæ тыппыр чызгæн тыхми кæнынмæ хъавы. Богъагондæн йæ сæр тымбылкъухæй ахъаззаг æрцавтон, уый йæ ных æфсæн хæтæлмæ бахаста æмæ бауадзыг. Мæн милицæ сæ сæрмагонд уатмæ бакодтой, уадзыг лæджы та дохтыры кабинетмæ бахастой.

Милиционер ирон разынд æмæ мæ рауагъта. Æз Хъинторы цурмæ цæугæ дæр нал бакодтон. Фыр мæстæй йæм хæлдтæн, адæттæ уый фæндоны фæстиуджытæ сты, зæгъгæ.

 

ÆРТÆ ÆРДХОРДЫ

Авд азы колхозæн хуыгæсæй фæцыдтæн æмæ, быдыры цытæ бавзæрстон, уыдон искæмæн куы радзурын, уæд сæ мæ ныхæстæ нæ бауырнынц, фæлæ та мын иу хабар æнæ радзургæ нæй.

Иу райсомраджы мæ мæ мад райхъал кодта æмæ мæм дзуры:

– Иртаг! Мæ хъулон хъæбул, бахатыр мын кæн, фæлæ, абон хуыты хизынмæ чи аскъæра, уый нæй. Ды скъоламæ ма ацу, фæлæ уыдон аскъæр хизынмæ.

Æз сæ аскъæрдтон Тъортъла доны былмæ. Уыд сихорафон, мæ хæдон раластон, йæ дыстæ æмæ йын йæ хъуыр синагæй фидар бабас­тон æмæ дзы рауад дзæкъул. Ацыдтæн, хизæны фарсмæ цы фæткъуы бæлæстæ уыд, уырдæм, мæ дзæкъул байдзаг кодтон, бæлæсты бын цы цъæл фæткъуытæ уыд, уыдонæй. Ахæм фæткъуытæ та æнхъизын райдайынц. Æрхастон сæ æмæ сæ хуыты раз æркалдтон. Хуытæ сæхи бафсадой, зæгъгæ сын цалдæр хатты æрхастон, æмæ дын хуытæ барасыг сты, къуых-къуых кæнын райдыдтой…

Нæ куыдз Бобра дæр мемæ уыд. Æз мæ хордзенæй систон иу хæбизджын, цалдæр картофы, дзидзайы кæрстытæ, дзул. Нæууыл газет байтыдтон æмæ сæ уым æрæвæрдтон. Бобра дæр йæхи бафсæста мемæ, æз иу доны авг мæ дзыхыл сдардтон, иннæ та Бобрайы хъæлæсы ауагъ­тон, æмæ нæ дыууæ дæр нæ дойны суагътам.

Æз æмæ Бобра рындзыл æрбадтыстæм æмæ хуыты «кафынмæ» кæсæм. Иу нæл хуы махмæ йæхи æввахс æрбаласта, уымæн дæр иу дзидзайы къæртт авæрдтон. Иуахæмы хуытæй иу доны фæмидæг, ахызт доны иннæ фарсмæ æмæ нартхоры хуыммæ фæцæуы. Æз æм доны сæрты куыд фæцæйтындзыдтон, афтæ фæуæлгоммæ дæн, мæ сæр дурмæ æрхастон, фæуадзыгау дæн, æмæ мæ дон аскъæфта.

Бобра мæ фарсмæ фегуырд, мæ роныл мын йæ дæндæгтæй ныххæцыд æмæ мæ куыддæрты былгæронмæ раласта. Æз тыхамæлттæй растын æмæ та фæстæмæ зæхмæ æрхауын. Хуытæн сæ иу мæ тухитæм дардæй каст, цыма исты æмбæрста, уыйау – æрбалыгъд мæ цурмæ æмæ мæм йæ синтæ æрбадардта (уый ахуыр уыд мæн йе ’ккойы хæссыныл). Æз мæ рахиз къух йæ хъуырыл æртыхтон, мæ галиу къахæй хуыйы синтыл куыддæрты æрбадтæн (хуы зæххыл æрхуыссыд). Хуы растади æмæ араст стæм – æртæ æрдхорды – нæхимæ, хæдзармæ.
Иннæ хуытæ нæм бирæ фæкастысты, стæй нæ фæдыл, хъоххъохгæнгæ, рацыдысты…

 

ЗОНДЦУХ

Мæн æртæаздзыдæй хуыдтой æмбисондæн хæссинаг зондджын, цыппараздзыдæй та – зондцух, чъынды сывæллон. Цæмæн, уый дæр радзурдзынæн…

Зондджын мæ уымæн хуыдтой, æмæ-иу мæ хистæр æфсымæр йæ уроктæ куы ахуыр кодта, уæд-иу æм хъуыстон æмæ зыдтон фыссын, кæсын æмæ шашкæтæй хъазын.

Æдылы та мæ уымæн райдыдтой хонын, æмæ сæрхъипп митæ кодтон. Мæ мад, хæзары цы муртæ уыд, уыдон-иу адæмыл байуæрста, стæй-иу нæхæдæг æххормаджы бонтæ æрвыстам. Мæ мады дæр йæ фыр рæдауæй чидæртæ æдылы æнхъæлдтой.

Мæн мæ фыд Хадо сардыдта, æмæ-иу, мæ мад хуынтæ кæмæн скодта, уыдонæн сæ-иу фæстæмæ байстон, фелгъыстон-иу сæ æмæ-иу сæ нæ хæдзарæй фæтардтон. Уæд мæ мæхи уарзон мад дæр æмæ иннæтæ дæр райдыдтой хонын чъынды сывæллон. Иухатт мæ мæ фæлмæн мад кæугæйæ фæрсы:

– Иртаг, зондджын сывæллон куы уыдтæ, уæд æдылы митæ кæнын цæмæн райдыдтай, цæмæн? Стæй та цæмæн фæчъынды дæ?

Æз фыр мæстæй хъæрæй ныккуыдтон æмæ кæугæйæ дзурын:

– Уымæн сдæн чъынды, æмæ ды нæ хæдзары муртæ адæмыл байуарыс, нæхицæн та хæринаг нал вæййы!..

Иухатт дын нæ дард хæстæг ус Бабуца бырæтты иу зæронд голлаг ссардта. Уым ма хуыссыди сау-сауид зæронд æмæ æнæхæдзар куырм куыдз. Йæ къæхтыл тыххæйты лæууыди, дзой-дзой кодта. Бабуца йæ голладжы нывæрдта æмæ йæ махмæ æрбахаста. Мæ мад тынг фæдис кодта, ацы ус алы хатт афтид армæй куы ‘рбацæуы, уæд ныр цы ‘рбахаста, зæгъгæ…

Фæстæмæ сæхимæ цæугæйæ, Бабуца йæ голлаг алыхуызон хæринæгтæй дзагæй куы фæцæйхаста, уæд ын æз хъилæй йæ фарс фæрæхуыстон, уый голлаг æрæппæрста зæхмæ, йæ дыууæ къухæй йæ фарсыл ныххæцыд æмæ, «вайме, деда!» хъæргæнгæ, лидзынмæ фæци. Ноджы ма йæ нæ сыхæгты куыдз Богъора фæсте асырдта. Æз Бабуцайæн фæтæригъæд кодтон æмæ хъилимæ куыдзмæ фæдæн. Мæ фæдыл кæугæ згъоры мæ мад Жаннæ, йæ фæдыл нæ хъулон хъæхъхъаг егъау куыдз Хъохъора æмæ мæ фыд Хадо. Хадо фæкалди, йæ ных дурмæ æрхаста, ныхы туг йæ мæллæг цæсгомыл кæлы, афтæмæй йæ фæдыл тæхы. Богъора Бабуцайы баййæфта, æмæ йын куыддæр йæ фæсонтæм сгæпп ласта, афтæ йын Хъохъора йæ астæуыстæг йæ цыргъ дæндæгтæй ацахс­та, хъæбæр зæххыл æй фæхоста, стæй йæ фæсвæндаг дард фехста. Богъора къуылых-къуылых, хъиухъиугæнгæ, лидзынмæ фæци.

Мад мæн йæ хъæбысы акодта, æмæ мах дæр фыр цинæй хъæрæй ныккуыдтам. Хъохъора йæ фæстæгтыл æрбадт æмæ, цыма æмдзæгъд кæны, афтæ йæ раззаг къæхтæ кæрæдзиуыл хойы. Бабуца дзыхълæуд фæкодта, фæстæмæ фæзылд æмæ, йæ дыууæ къухæй йæ тыппыр гуыбыныл ныххæцгæйæ, худæгæй бакъæцæл.

Хадо Богъорамæ фæстæты бацыд, йæ хъуырыл ын æртыхст, æмæ йæ цæстысыгтæ куыдзы сæрыл æркалдысты…

 

МАДЫ РÆДЫД

Тæрккъæвда. Дымгæ тыдта хæдзæртты сæртæ, саста бæлæстæ, фæйнæрдæм хаста алыхуызон дзаумæттæ. Иу дзырдæй, цæуыл хæст кодта, уыдон гыбаргыбургæнгæ скъæфта йæ разæй.

Арв нæры æмæ ахæм къæрцц ныккæны, цыма зæххы йæ астæуыл ахауын кæнынмæ хъавы.

Иурæстæг дымгæ фенцад, хур ракаст, æмæ къæвда дæр фæлæууыд.

Цыба кæртмæ рауад, фæндаджы ‘рдæм акаст. Йæ сæрыхицау Хадо хъомгæс у, йæ хъулон хъæбул Иртаг та Тбилисы кусы, æмæ уымæ æнхъæлмæ кæсы. Уый сын алы сабат æмæ хуыцаубоны сæ хæдзары куыстытæ фæкæны, сæ хæстæ сын фæфиды æмæ та къуырисæры райсомæй раджы йæ куыстмæ афардæг вæййы. Фæндагыл ничи зынд; дымгæ кæртмæ цы мигæнæнтæ æрбахаста, уыдон Цыба рауыгъта æмæ сæ сыхæгтæм сæ хицæуттæн бахаста.

Иртаг æмбисфæндагыл уыд, афтæ дын айхъуыст йæ дзыппыдаргæ телефоны дзæнгæрæг.

– Хъусын дæм!

Хъуысы нæлгоймаджы хъæлæс:

– Дæ бон хорз, мæ чысайнаг æнамонд усгур æрдхорд!

– Арфæгонд у, мæ къуыдайраг амондджын æрдхорд!

– Иртаг, мæнæ нæм нæ институты фæлварæнтæ лæвæрдта
бихъхъайраг рæсугъд æстдæсаздзыд чындздзон ирон чызг, æрбацу ма-иу, æмæ дын æй фенын кæнон. Чи зоны, дæ зæрдæмæ дæр фæцæуа, зонын æй, ирон чызг агурыс, æмæ дын мæнæ тæккæ ахæм!

Иртаг Нигозайы хъæуы бынмæ куы бахæццæ, уæд йæ зæрдæ нал фæлæууыд, рахизырдæм фездæхт æмæ йæ райгуырæн рæсугъд сырх дидинæгджын хъæуы ‘рдæм араст.

Иртаг фæнд кодта, цæмæй йæ хиуæттæн бамбарын кæна, стæй æвиппайды фездæха æмæ та йæ фæрныг фæндагыл афæндараст уа дарддæр. Чысыл цæугæдон Тъортълайы цурмæ куы ныххæццæ, уæд кæсы æмæ уыны ахæм диссаг: хиды фаллаг фарс, фæндаджы рахизырдыгæй цъæх нæууыл дыууæ лæджы нæмгæ-нæмын иу лæджы уæлгоммæ адаргъ кодтой. Иу лæг ын йæ къæхтыл ныххæцыд, иннæ – йæ къухтыл, æмæ йæ дард фæхастой.

Иртаг лæгты комкоммæ йæ машинæ фæурæдта æмæ сæ уæлхъус февзæрд. Нæ йæ фæндыд искæй сæ ныццæвын, фæлæ, куы ауыдта йæ фыды æрдæгмардæй, уæд куыддæр ферра. Нæлгоймæгтæн сæ сæртæ фæйнæ рог цæфы фæкодта лæдзæгæй (йæ разы фæци йæ фыды лæдзæг), æмæ уыдон дæр йæ фыд Хадойы фарсмæ цъæх нæууыл адаргъ сты. Сæ сæрты туг алæсæн кодта æмæ Хадойы сæры тугимæ баиу.

Иртаг æртæ лæгæн дæр сæ сæры цæфтæ спъиртæй æрæхсадта, сыгъдæг урс хæцъилтæй сын сæ бабаста, стæй нæмджыты фæрсы:

– Цæуыл мардтат зæронд лæджы?

Сæ иу бахъуыр-хъуыр кодта:

– Йæ фос нын нæ зæххыл хызта, æмæ уый тыххæй!

Иртаг æртæ лæджы дæр дохтыртæм баласта, фæстæмæ та æндæр хъомгæсы раласта, стæй та араст ис Хъарапинайы ‘рдæм.

Цыба куыддæр ауыдта йæ фырты, афтæ йыл ныттыхст æмæ лæгъс­тæ кæны:

– Иртаг, дæ фæхъхъау фæуон, амæй размæ Райозы чындзæхсæвы нæ фæдæ, ныр æм абон, сабатбоны, Ренейæ йæ каистæ хуын æрбахастой. Ныууай, чындзы хорз барæвдау æхцайæ, стæй тагъд фæстæмæ фездæх æмæ дæ фæндагыл араст у!

Мад нæ ахъуыды кодта, лæг куывдмæ расыг адæмы цурмæ куы бафта, уæд уымæн фæстæмæ æрвонгæй фездæхæн æнцонтæй кæй нал вæййы. Иртаг карз нозт арæх никуы нуæзта, кусгæ та заводы кодта, æмæ йе ‘мкусджытæ афтæ æнхъæлдтой, цыма карз нозт æппындæр йæ дзыхмæ дæр нæ хæссы, фæлæ ацы хатт фæрæдыд æмæ фæрасыг.

Æхсæвы иуæндæс сахатыл куывдæй рацæуынц Иртаг, Никуша æмæ Пенгиз. Æрдæгфæндагыл, Иртаджы хæдзары цурмæ куы ‘рбахæццæ сты, уæд Никуша зæгъы:

– Иртаг, гъеныр уæ нæхимæ хонын, фæлæ махмæ сæн нæй (уый æнхъæлдта, зæгъгæ, Иртаджы фыд Хадомæ сæн ис, æмæ сæ фæхондзæн).

– Махмæ дæр сæн нæй, стæй мæ мадæн йæ зæрдæ риссы, уымæ гæсгæ уæ æз нæхимæ нæ хонын, фæлæ, кæд разы стут, уæд уын ссæдз литры сæн æмæ иу стыр нæл гогыз балхæндзынæн Къодицхъаройы, æмæ бадгæ та сымахæй искæмæ акæнæм (йæ дзыппæй ахца систа æмæ сæ йе ‘мбæлттæм бадардта).

Æртæйæ дæр машинæйы абадтысты. Иртаг æй куыддæр скусын кодта, афтæ йæ разы цъæхцъæхгæнгæ февзæрдысты йæ мад Цыба æмæ хистæр æфсымæр Гиго. Иртаг уæддæр араст йæ фæндагыл. Сæрибары уынгмæ куы бахæццæ сты, уæд фæндаг ногкъахт разынд, ахизæн дзы нæ уыд, æмæ сæ бахъуыд фæстæмæ раздæхын, цæмæй Нигозайы ‘рдæм ацыдаиккой сæйраг фæндагмæ, стæй трассæйæ фездæхтаиккой Ренейы ‘рдæм, ацыдаиккой комкоммæ Ренейы бынмæ, стæй – галиуырдæм Къодицхъаромæ.

Фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд æй цыма Иртагæн йæ зæрдæ зонгæ кодта, уыйау лæг тыхсти æмæ хъуыды кодта, бæргæ, ме ‘мбæлттæ мын афтæ куы зæгъиккой, «ныууадзæм нæ бадт æмæ нæ хæдзæрттæм афардæг уæм», фæлæ уыдон ницы загътой.

Иртаг афтæ æнхъæлдта, æмæ сындæггай скъæры машинæ, фæлæ тагъд цыди; иуæй, расыг уыд, иннæмæй та, Цыба æмæ Гигойы хуызтæ йæ цæстытыл уадысты, уæлдайдæр та – Гиго. Гигойы афтæ фæндыд, цæмæй Иртаг исты фыдбылызы бахауа, æмæ йын уый йæ машинæ йæхи бакæна. Иртагмæ цыма хыл кодта, мидæгæй та цин кодта (йæ хинæйдзаг цæстытыл зынди).

Никуша афтæ:

– Иртаг, сындæгдæр скъæр, сындæгдæр…

Уый уæлвæд Къодицхъаройы базилæнмæ бахæццæ сты. Иртаг куыддæр галиуырдæм фездахæн рухс ссыгъта, афтæ, цыма йын йæ цæстытыл чидæр алмаси хилдасæн ауагъта, уыйау фæцис. Фæзилæны кæйдæр саугуырм хæдтулгæ лæууыд, стæй æвиппайды йæ рухсытæ куы ссыгъта, уæд Иртаг ницыуал ауыдта, æрмæст ма йæ хъустыл æрцыд тынг гуыппы хъæр. Йæ улæфæнтæ ахгæдтой, æмæ бамбæрста, йæ уд кæй исы, уый. Ахъуыды ма кодта: «Ехх, куыд худинаджы мардæй мæлын, иу билцъ мын уæддæр куы баззадаид!..»

Йæ сæр йæ риумæ æруагъта. Уалынмæ дын йæ хъустыл ауад, гал куыд богъ-богъ кæна, афтæ Никушайы тарст хъæлæс.

– Æз шофыр нæ дæн, шофыр мидæгæй баззад!

Иртаг архайы рахизыныл, фæлæ йæ бон нæу йе уæнгтæ фезмæлын кæнын, нæу йæ бон дзаг риуæй сулæфын, кувы, лæгъстæ кæны Хуыцауæн, цæмæй адæмæй мачи фæмард уа, йæ тых йæхимæ æрцæуа æмæ баххуыс кæна уæззау цæфтæн… Иуахæмы Иртаг сæрибарæй сулæфыд, æмæ йын цыма йе уæнгтæ исчи феуæгъд кодта, уыйау йæ тых йæхимæ æрцыд æмæ, куыд рахизинаг уыд, афтæ йын иннæ машинæйы шофыр монтировкæйæ йæ сæр æрцæйцавта. Иртаг абырыд фæстаг бадæнтæм, уым ауыдта Пенгизы галиу дуарыл мардау хаудæй. Машинæйы рахиз дуар тыгъдæй баззад, уырдыгæй асхъиудта Никуша, асфальтыл уæлгоммæ сæмбæлд, фæгæпп ласта æмæ, куы фæцæйлыгъд, уæд æй уыцы шофыр йе ‘фсæн лæдзæгæй фæсте ныххафт кодта. Иртагмæ та фæцис, хойы йын йæ хæдтулгæйы сæр æмæ йæ хъæрæй бæстæ арауы:

– Цолшвили дамихоце! (Мæ бинонты мын ныццагътай).

Иртагыл фыр мæстæй ризæг бафтыд, уымæн æмæ йæ мур дæр нæ уырныдтой уыцы ныхæстæ. Йæхицæн йæ дыууæ къахы фадхъултæ æмæ йæ риу цæфтæ уыдысты, сæ туг калд.

Йæ хъустыл гуырдзиаджы хъæр æрцыдис:

– Ирон, хъуамæ дæ амарон!

Иртаг йæ дыууæ къахы дæр адардта дуарæй, шофыры йæ тых-йæ бонæй ныццавта.

Уый уæлгоммæ фæхъил, Иртаг ын йæ риуыл абадт, ацахста йын йæ хурх æмæ йын йæ сæр асфальтмæ хойы. Уыцы минут фæдисы ‘рбахæццæ сты милицæ æмæ шофыры скъахтой Иртаджы къухтæй.

Уыцы бæллæхы Иртагæн йæхицæй уæззаудæр цæф ничи фæцис, иннæтæ иууылдæр дзæбæхæй аирвæзтысты, фæлæ Иртаг ноджы стыр масты хай фæци: цыдæриддæр æм уыди йæ фидæны чындз­æхсæвæн, уыдон дæр æмæ йæ Калачы хæдзары аргъ дæр гуырдзиагæн ног машинæ балхæнынæн схардз кодта, стæй милицæйæн сæ дзыппы цыдæр атъыста.

Уыцы бонæй фæстæмæ карз нозтмæ смудгæ дæр нал скодта, фæлæ йæ сыгъдæг зæрдæ къахырæй баззад. Фыр мæстæй йæхицæн бынат нал ардта, цыма уый йеддæмæ расыгæй йæ машинæйы никуы ничи абадт, афтæ йæм касти, æмæ æфсæрмы кодта адæмы ‘хсæнмæ рацæуын, æхсæв ыл хуыссæг нал хæцыд.

Фæлæ суанг зæрдæйы хъæдгæмттæн дæр хуыздæр хосгæнæг – рæстæг.

 

УСГУР ЛÆППУ

Иртагыл кæд 80 азы сæххæст, уæддæр ма иунæгæй цæры. Ус ракурын ын кæй нæ бантыст, уый тыххæй йæхи фæсмойнаг хоны. Фыр мæстæй йыл хуыссæг нал хæцы, иуцъус куы афынæй вæййы, уæд та фыдфынтæ йæ хай фæвæййынц. Арæх фæхъуыды кæны, æндæр кæмæндæрты кæй аххуыс кодта йæ мадау, уымæй раст уыди æви нæ, зæгъгæ.

Мæнæ та фехъал æмбисæхсæв, архайы фæстæмæ афынæй уа, ууыл, фæлæ – нæй, хуыссæг дзы фæлыгъд. Уæд сыстад æмæ æрдæгбæгънæгæй æрбадт лæгъзсæр стъолы уæлхъус æмæ та райдыдта фыссын йæхи царды хабæрттæ дарддæр: «Мæ мад Цыба æмæ мæ фыд Хадо æхсæвæй-бонæй фæллой кодтой. Схъомыл, схастой нæ цыппар лæппу æмæ иу чызгæй, иууылдæр райстам уæлдæр ахуырад. Мах – чысылтæ, нæ хæдзар – алы хæсты бын. Цыба йæ мæгуыр къуымы цыдæриддæр бæззонæн ардта, уыдон хæстæм адæмыл уарста, йæхæдæг та-иу, йæ къухы хъæдын къус, афтæмæй бæгъæввадæй æнæхъæн хъæуыл зылд ссадгур.

Иуизæр ын ничиуал ницы радта æфстау.

Цыба фæстæмæ афтидæй куы æрбаздæхт кæугæ-кæуын, йæ къусæй йæ сæр хойгæ, уæд æй мах дæр нæ чысыл лæмæгъ къухтæй райдыдтам нæмын, богъбогъгæнгæ:

– Дзул мæ хъæуы, дзул, дзул!..

Уыцы сахат кæцæйдæр фæзынд æмæ нæм дуарæй касти Хадо. Хæсты заман Гуырдзыстоны хъахъхъæдта ахæстæттæ.

– Мауал кæут, хъæбултæ! Æз уын ныртæккæ æрбадавдзынæн дзул…

Дуар фегом кодта æмæ фæтар. Нымадæй рацыдаид дæс – фынддæс минуты бæрц, æмæ Хадо æрбахызт мидæмæ, æрлæууыд уаты астæу, йе ‘ккой – бур голлаг, голладжы мидæг – цыдæртæ, æмæ сæ дон тæдзы. Хадойæн йæ хæдон йæ уæлæ донластау бандæгъд…

Ризгæ къухтæй æрæвæрдта голлаг стъолы сæр, йæ ком ын райхæлдта æмæ дзуры сус хъæлæсæй:

– Мæнæ уын уый та дзул…

Мах батахтыстæм, голладжы цы сæнæфсиры цъæл нæмгуытæ уыд, уыдон тагъд-тагъд бахордтам, стæй сæнæфсиры царв райдыдтам зыдæй цъирын.

Цыба æнæбары бахудт, афтæ бакодта:

– Хадо! Цæргæ-цæрæнбонты куы никуы ницы радавтай, уæд ацы хатт куыд бауæндыдтæ колхозы сæнæфсирдонмæ? Мæрдты хай фæуа дæ къуыдыр сæр, згъоргæ та цæмæн кодтай, згъоргæ, сæнæфсиры пуцæлттæ иууылдæр куыд ныммур, ныцъцъæл кодтай!

Хадойæн йæ цæстысыгтæ æркалдысты, феддæдуар. Душа уыд мæ фыдæн йæ хистæр æфсымæры ус. Йæ лæг хæсты фæмард, иунæгæй схъомыл кодта дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Стæй ноджы къæбæрцух никуы уыдысты, сæ уæлæдарæс дæр – махæн хæлæггаг. Æмæ-иу Хадо дæр уыдонæн уæлдай æххуыс кодта.

Хадо, Цыба æмæ Душа, æз мæ фыстыты арæх ракæнын уæ кой æмæ хатыр курын, кæд уæ истæмæйты раст не ‘мбарын, уæд! Цы мæрдтæм бацыдыстут, уыдонимæ уын хай уæд дзæнæтæй æмæ адджынæй цæрут уе ‘нусон бæсты…»

Иртаг йæ фæстаг ныхæстæ куы ныффыста, уæд дын дуар чидæр æрбахоста. Талф-тулфæй йæ уæлæ йæ дзаумæттæ акодта, дуар байтыгъта æмæ фæджих. Сæ сыхаг сылгоймаг Томиан Иртагмæ дзыхæй нæ дзырдта. Уый та уымæн, æмæ нозтуарзаг, фыдуаг æмæ бынхор лæппуйæн фидистæ куы фæкодта, уæд æм Иртаг дæр æрлæвæрдта… сылгоймаджы æлгъыстытæй.

Томиан æм кæуын хъæлæсæй дзуры:

– Иртаг, дæ туг та кæцы къордмæ хауы?

– Æмæ дæ цæмæн бахъуыд мæ туджы къорд?

– Мæ лæппу фæндаггон бæллæхы бахауд, уæззау цæфтимæ рынчындоны ис, æмæ… Рынчындоны сæм цыппæрæм къорды туг нæ разынд, мæхæдæг сыхæгтыл фæзылдтæн, фæлæ сæ никæй туг ахæм разынд, ноджыдæр ма мæ æхца дæр хъæуы зынаргъ хостæн…

– Æз уын дæттын мæ туг дæр æмæ æхца дæр, – загъта Иртаг.

Стæй иумæ атындзыдтой, туг кæм истой, уырдæм.

 

ФÆНДАГГОН ЦАУТÆ

Уæд Иртаг куыста Тбилисы материалон-техникон базæйы æфтауц­уаты хицауæй. О, хицау уыд, афтæмæй дзы цыдæриддæр сау куыстытæ уыд, уыдон йæхæдæг кодта.

Базæйы директор уыд бæрзонд, даргъфындз, лыстæгкъах, гыццылсæр æмæ хытъынджын рæстæмбис кары лæг, йæ ном – Бота. Иртаг Ботайæн стыр аргъ кодта, уымæн æмæ уымæй ирон адæмы бафхæрыны кой никуы фехъуыста.

Бота кутаисаг уыд, Тбилисы мидæгмоймæ бацыд, йæхицæй ссæдз азы хистæр чи уыд, ахæм бонджын усмæ, гъемæ, æнæнхъæлæджы цард дæр ссардта, сойджын бынат дæр, Иртаджы хуызæн æдылы кусæг дæр. Куыд нæ хъуамæ хаудаид тъæпп цардæй! Сæн бирæ уарзта æмæ-иу куы ануæзта, уæд-иу хъæрæй ныззарыд: «Гапринди шаво мерецхало» (Атæх-ма, атæх, сау зæрватыкк). Иртаджы-иу куы ауыдта, уæд та-иу ноджы хъæрдæрæй иронау ныззарыд: «Ой, чызгай, рæсугъд чызгай!..»

Ам ирæттæ дзæвгар куыста, æмæ йæ ’мхуызонæй уарзтой, йæхæдæг дæр сын хорз аргъ кæй кодта, уый тыххæй. Ирон хæдзары-иу ахæм фынг нæ уыдаид, æмæ дзы Бота иронау ма ныззара, стæй ирон тымбыл кафты кæм нæ ныззылдаид (мæ хъустыл иуафон æрцыд, йæ мад, дам, ирон уыд).

Бота æрмæст 10 къласы фæцис, фæлæ йын йæ куысты гæххæттытæ Иртаг кæй арæзта, уымæ гæсгæ йыл никуы ницы рæдыд æрцыд.

Иурайсом Бота Иртаджы раз æрлæууыд æмæ йæм дзуры:

– Иртаг, Ростовы мæ лæппу ахуыр кæны институты, ныр цæйдæр тыххæй милицæмæ бахауд, ме ’ххуыс æй хъæуы, æмæ мæ нæ алас­дзынæ дæ хæдтулгæйæ?

Иртаг уæдмæ «нæ» куы никуы никæмæн загъта, уæд Ботайæн исты ’фсон куыд скодтаид, æмæ йын афтæ:

– Бота, дæу тыххæй æз Тортизанæй дæр ахиздзынæн!

Ауад, йæ хæдтулгæ куыд скусын кодта, афтæ йæ уæлхъус февзæрд Реми – сырхуадул сылгоймаг, базæйы кусæг, æмæ йæ фæрсы:

– Иртаг, кæдæм цæуыс?

– Ростовмæ, Ботайы уым цыдæр ахсджиаг хъуыддаг ис!

Реми скуыдта æмæ дзуры:

– Нæ дæ ауадздзынæн! Райсом дæ нæхимæ Ленингормæ хъуамæ акæнон. Мæ мад æмæ нæм мæ фыд æнхъæлмæ кæсынц.

Реми моймæдзыд уыд, сывæллон дæр ын ис. Иртаг та нырма – усгур лæппу, нæ йæм бахъардтой Ремийы ныхæстæ. Хъуыр-хъуыр дæр ма бакодта:

– Мæнæн æнæ цæугæ нæй, дзырд радтон Ботайæн.

Реми скуыдта:

– Уæдæ ацу, æмæ мæ тæригъæдæй фыдвæндаг фæу, мæлгæ ма акæн æрмæст, фæлæ дын дæхи дæр æмæ дæ хæдтулгæ дæр цъæлтæй куыд фенон.

Реми Иртаджы афтæ бирæ уарзта, æмæ йæ фыр уарзтæй æдылы митæ дæр кодта. Иртаджы-иу æндæр сылгоймагимæ дзургæ куы федта, уæд ын-иу цыма йæ цæсгомыл исчи бензин бакалдта æмæ йæм зынг бахаста, афтæ-иу ын арт суагъта.

Рæсугъдæй та тынг рæсугъд уыди. Æрыгонæй райдыдта Иртаджы дæлбар кусын. Йæ зæринхуыз дзыккутæ йæ синтыл – пырхæй, йæ денджызхуыз цæстытæ сырх уадул цæсгомыл худтысты, йæ цыбыр сырх къаба, йæ гомхъуыр урс кофтæйы мидæг-иу куы рацæйцыд, уæд-иу дзы лæгтæ сæ цæстытæ ныссагътой.

Рæсугъд æмæ кусаг уыди, бæргæ, фæлæ йæ хорз амонд нæ фæци. Йæ сæрыхицау наркоман разынд, æмæ дзы рахицæн, ныр та Иртаг ныххауд йæ зæрдæйы. Æмæ йæхи мæтæй хæры, кæй йæ ралгъыста, уый тыххæй, тæрсы, мыййаг ыл æцæгдæр исты куы ’рцæуа, æмæ фæсмон кæны йæ сонт æлгъыстыл.

Иртаг æмæ Бота бабадтысты хæдтулгæйы, æмæ араст сты Ростовмæ. Бота фæндагыл балхæдта хуыссæнтæ, хæринæгтæ æмæ егъау дурын хорз къахетаг урс сæн. Æнæ уый дæр нозт хъуаг нæ уыд, æмæ ма ноджы иу-æртæ дзæбидыры сыкъайы куы ануæзта, уæд фæстаг бандоныл йæ сæры бын баз æркодта, йе стыр гуыбын æмæ раззаг бандоны ’хсæн хуыссæнтæ æрнадта. Æрхуыссыд æмæ зæрдиаг хуыр-хуыр скодта.

Натъахтъарæй куыддæр ахызтысты, афтæ Иртаг кæсы æмæ уыны: иу чысыл урс куыдз йæ размæ ратæхы, фæсте йæ иу стыр хъуынджын куыдз расуры. Бæргæ цæхгæр фæурæдта, фæлæ куыдзæн йæ хъиу-хъиу ссыд, стæй къуылых-къуылых иуварс алыгъд, цъæх нæууыл æрхауд, æмæ йæ тугæйдзаг къах йе ’взагæй сдæры.

Бота фехъал:

– Иртаг, кæм стæм?

– Натъахтъары, фынæй кæн, нырма Ростов дард у…

Бота уайтагъд фæстæмæ афынæй.

Иртаг йæ чумæданæй спъирт, йод, шприц хосимæ, кæрдæны æр­гъуын фелвæста æмæ куыдзмæ батахт. Уый йæм раздæр фæкъæпп кодта, фæлæ йын Иртаг йæ къух йæ сæрыл куы æруагъта, уæд æрсабыр. Укол ын скодта, йæ цæф къах ын спъиртæй æрæхсадта, цæфы алыварс йодæй байсæрста æмæ йын æй уæд фидар бабаста.

Куыдз Иртагмæ комкоммæ каст, фыр цинæй йæ цæстысыгтæ æркалдысты, йæ къæдзил тылдта…

Иртаг бахудт, хæдтулгæмæ цæугæйæ ма фæстæмæ иу каст фæкодта, æмæ йæм куыдз арфæйагæй кæсæгау кодта.

Душеты фæзилæнмæ сæ бахæццæ, уæд кæсы, æмæ иу æвзонг лæппу йæ галиу къухæй йæ мæллæг даргъ къубалыл хæцы, иннæ фæндагмæ дары.

Иртаг фæурæдта, фæрсы лæппуйы:

– Цы у?

Уый, тæрсгæ-ризгæ, тагъд-тагъд дзуры:

– Дæлæ уым иу лæджы марынц…

Лæппу гуырдзиагау ирон здæхт кæй дзырдта, уый Иртаг фембæрста æмæ йæ афарста:

– Ирон дæ?

Лæппу ирон ныхас куы фехъуыста, уæд фыр цинæй скуыдта æмæ зæгъы:

– Ирон дæн, ирон, уый дæр ме ’рвад у!

– Æмæ йæ цæмæ марынц?

– Чындзæхсæвæй куы рацыд, уæд нозтджынæй иронау зарыд, æмæ уый тыххæй.

Иртаг æмæ лæппу иугыццыл куы бауадысты, уæд Иртаг уыны: цыппар сæвджынтæ лæппуйы иу къæсхуыр лæппуйы сæ къæхтæй зæхмæ хойынц, йæ туг кæлы.

Иртаг йæ дзыппæй газы дамбаца фелвæста, лæппуты ’рдæм фæйнæ æхсты фæкодта, æмæ цыппар дæр зæхмæ æркалдысты. Лæппу иу тымбыл дур фелвæста æмæ цыппарæн дæр сæ дæндæгты туг акалдта. Иртаг ыл фæхъæр кодта:

– Ауай, хъæумæ фæхабар кæн!

Лæппу атындзыдта, æмæ та Иртаг йæ фæндаг дардта. Аршанмæ бахæццæ, æмæ дын хъæуы – чындзæхсæв. Иртаг хæдтулгæ сабыргай æрурæдта, цæмæй Бота ма райхъал уа. Кæсы рудзынгæй æмæ уыны, сиахс æмæ чындз урс дарæсы куыд кафынц, уый. Хъуысынц хъæртæ: «Непе дедопалс гаумарджос!» (Уæлахиз уæнт сиахс æмæ чындз!)

Иртаг кафын бирæ уарзта, йæ зæрдæ нал фæлæууыд, рахызт æмæ бацыд хъазтмæ. Сиахс æмæ чындз куы фесты сæ кафт, уæд фæндыр­дзæгъдæджы хæдоны дзыппы æхца фæцавта æмæ фæхъæр ласта:

– Шалахо!

Бæргæ йæ фæндыд, къахкъухтыл æркафын ирон кафт, фæлæ тарст, исчи гуырдзиæгтæй куы сызмæнта, уымæй. Айхъуыст фæндыры нæрд, доулийы сонт гыбар-гыбур, адæмы къæрццæмдзæгъд.

Иртаг уал сиргæ æрзылд хъазты фæзуаты, алæууыд, стæй сгæпп кодта хæрдмæ, уæлдæфы цъилау ныззылд, йæ къæхтыл куы алæууыд, уæд гуырдзиаг æвзонг чызг астæумæ рахызт æмæ, Иртагимæ хæрдмæхаугæ кафт куы райдыдта, уæд иу лæппу Иртаджы раз февзæрд æмæ йын йæ русæн – дзæхст! Иртаг раздæр сагъдауæй аззад, стæй йын йæ зæрдæйы сæр бацавта. Лæппу фæгуыбыр, Иртаг æй асхуыста, æмæ уымæн йæ сæр доулийы фæмидæг. Адæм ныккæл-кæл кодтой. Иртаг бабадт йæ хæдтулгæйы æмæ аскъæрдта. Хъазыбегмæ хæстæг куыддæр схæццæ, афтæ Бота фехъал, рудзгуытæй алырдæмты аракæс-бакæс кодта, стæй:

– Иртаг! Уром!

– Цы хабар у, цы ’рцыд?

Бота зæхмæ æрхызт æмæ дзуры:

– Иртаг, мæ фæдыл цæугæ кæн!

Бота, фæндаджы иуварс цы цъæх кæрдæгджын фæз уыд, уырдæм араст. Фæзы астæу æрлæууыд æмæ райдыдта:

– Иртаг, кæддæр, дам, Хъазыбеджы æмæ Душеты районы зæххытæ уыдысты Иры зæххытæ. Фæстæдæр, дам, куыддæртæй Гуырдзыйы къухы бафтыдысты. Иуахæмы, дам сæ Ос-Бæгъатыр фæстæмæ байс­та, æмæ, дам, мæнæ тæккæ ацы ран (Бота кæм лæууыд, уым йæ къах æрцавта), ирон хъазт сарæзта æмæ ныззарыд:

О, делиа-делиао,
Мцхетамде хом чвениао!
Уæрæйдæ-рæйдæ,
Уæрæйдæ-рæйдæ!
Мцхетайы онг мах зæхх у…

Иртаг æм джихæй кæсгæйæ баззад. Стæй йæ фæрсы:

– Бота, ды та ацы хабæрттæ кæцæй зоныс?

– Æз ма уый дæр зонын, æмæ ам, уæды Иры зæххытыл райгуырдысты стыр лæгтæ Гæдиаты Секъа æмæ Абайты Васо! Стæй Цобыкъаты лæппу дæр – Казбеги Александр. Хъыгагæн, ирæтты тыххæй йæм цыдæр фидистæ ис…

Хæдтулгæйы та Ботайæн йæ хуыр-хуыр уайтагъд ссыди.

Дзæуджыхъæуы горæтгæрон Иртагæн фыр цинæй йæ зæрдæ ныррухс, йæ уарзон Ирæн рæсугъд, ирд сæйраг горæт кæй сырæзт, уый тыххæй. Фæндаджы дыууæ фарс бæрзонд нæзы бæлæсты, цъæх-цъæхид нæууыл цыма дун-дунетыл хъуыстгонд рагон ирон симд кафынц, афтæ змæлын кодта рог дымгæ.

Иу цæхгæр фæзилæныл сæ кæйдæр хæдтулгæ скъуырдта. Милицæ йын йæ гуырдзиаг номыртæ куы федтой, уæд ын йæхи фæзылын кодтой, æндæр гæнæн ын нал уыд, æмæ сын ивар бафыста. Ботайæн та такси баххуырста æмæ йæ Ростовмæ арвыста. Йæхæдæг йæ цæф сæр йæ хæдонæй æрбæстытæ кодта æмæ йæ хæдтулгæ фæсвæндаг, ирæтты зæххыл цы фермæйы бæстыхай уыд, уырдæм аласын кодта.

Фермæйы кусджытæ йыл тынг бацин кодтой, цалдæр карчы аргæвстой, ирон чъиритæ акодтой, ирон сау бæгæны æрæвæрдтой æмæ æмбисæхсæвмæ дзæбæх фæминас кодтой.

Æхсæвы йæ Зæринæ саст хъæлæсæй фæрсы, сæ хуыссæнтæ кæрæ­дзимæ æввахс уыдысты:

– Иртаг, дæ цардæмбалæн та йæ ном цы хуыйны?

– Мæнæн цардæмбал нæй, – æнкъардæй загъта Иртаг.

Зæринæ йæ мидбыл бахудт æмæ йæ сæр амбæхста хуыссæнты. Иртагæн йæ зæрдæмæ чызг афтæ тынг фæцыд, æмæ йæ йæ сæры цæф бынтондæр айрох, йæ цæстытыл хуыссæг нал æрхæцыд.

Дыккаг бон Иртаг сæрбастæй иу стыр хæдтулгæйыл йæ цъæл машинæ Тбилисы базæйы кæртмæ баласта. Уым йæ разы Реми кæцæйдæр фæци æмæ йæ мидбылты æнкъардæй бахудт…

 

ХУЫЦАУЫ ЛÆВАР

Сæрдыгон бон. Сихорафон. Хур цæхæртæ калы. Мæ фыд Хадо кæрты сугтæ къуыхтæ кæны, æз та сæ кæри амайын. Уæд мыл цыдаид фондз азы цыдæр. Иуахæмы бæстæ нытталынг, арв къæрццытæ кæны, сыстад зилгæдымгæ, æмæ ныл ныккалдта ихы къæрттытæ, рацыд тæрккъæвда. Мах хæдзары фæмидæг стæм æмæ рудзынгæй уынæм: нæ хæдзары сæрæй Леуахи дон сæх-сæх кæны, хæдзары фæстаг сы­джытын къул дæр дон æрбакъæртт кодта æмæ тыргъмæ гуылфæй кæлы. Хæдзары – æз æмæ Хадо, иннæтæ кæдæмдæр ацыдысты.

Хадо систа йæ фæрæт сигæцимæ, ‘рбадти иу къуылых зæронд бандоныл æмæ фæрæт цыргъ кæны. Æз та къулæй райстон нæ фыдæлты рагон хъама, сæрфын æй æмæ йын зæрдиагæй пъатæ кæнын. Хадо ме ‘рдæм куы фæкомкоммæ, уæд йæ мидбылты бахудти. Уæдмæ уарын фæлæууыд. Хур æркасти, æмæ та бæстæ ныррухс и. Хадо йæ фæрæт æмæ цыргъгæнæн бахаста бынатмæ æмæ мæм дзуры:

– Иртаг, цом æмæ нæ нартхоры хуымы хæмпæл ратонæм. Хуылы­дзæй æнцондæр вæййы сæ тонын.

Ацыдыстæм. Тонæм хæмпæлгæрдæг. Кæцæйдæр фæцыд топпы къæрцц, æмæ чысыл фæстæдæр нæ цуры æрхауди уæрцц, йæ иу къахæй туг кæлы, ризæг ыл бафтыд, фæнды йæ стæхын, фæлæ йæ бон нæу. Хадо мæм æнкъард хъæлæсæй дзуры:

– Иртаг, мæнæ нын Хуыцау хорз хæринаг рарвыста, цом ахæссæм æй нæхимæ æмæ йæ сфыцæм. Уæрццы дзидза, дам, тынг хæрзад у…

Æз хъæлæсыдзагæй ныккуыдтон:

– Нæ, нæ!.. Хадо! Тæригъæд у… Куыд хъуамæ ныххиза йæ дзидза дæ хъуыры?! Ахæссæм æй дохтырмæ æмæ, куы адзæбæх уа, уæд æй ауадзæм!

Хадо мын мæ цæстысыгтæ æрсæрфта йæ хъарм къухтæй æмæ мын зæгъы:

– Бузныг, мæ хъæбул, ахæм зондыл хæст кæй дæ, уый тыххæй!.. Æз дæу къахгæ кодтон, æндæра мæхæдæг фæткъуы дæр бæласæй хæрынæн тонгæ никуы ракæнын, сисын дзы, йæ бынмæ чи æрхауы, уыдонæй.

Уæрцц уæззау цæф нæ уыд, æмæ йын Хадо йæ къах куы бабаста хъуымацы гæппæлæй, дон дæр ын куы бадардта, уæд ныппæррæст кодта, стахти æмæ нæм арфæйагæй йæ базыртæ тилы.

Æз та фыр цинæй кафын райдыдтон.

 

ХЫЛ

Уæд ма Тбилисы дзымаригæнæн заводы куыстон сау кусæгæй, стæй 1969 азы фæсаууонмæ каст фæдæн Гуырдзыстоны хъæууонхæдзарадон институт, æмæ мæ равзæрстой цехы хицауæй.

Июны иу тæвд бон улæфты рæстæг мæ куыстæй разгъордтон дуканимæ. Уæйгæнæгæй цы хæс дардтон, уыдон ын бафыстон æмæ фæстæмæ фездæхтæн. Заводы фæзилæнмæ куы ‘рбаввахс дæн, уæд кæсын, æмæ мæ комкоммæ хъæрæй худгæ æрбабырсынц æртæ «хъайтары». Куы сæм бахæццæ дæн, уæд лæппутæй иу йæ рахиз къух дардыл фæхаста æмæ мын мæ мæллæг уадулæн ахъаззаг цъыкк ныккодта. Æз хаугæ нæ акодтон, фæлæ мæ цæстытæ атартæ сты, мæ уæрджытæ сæ зыр-зырæй нал æнцадысты. Исдуг мæм афтæ фæкаст, цыма лæппу йе ‘мбалимæ хъазыд, мæныл та йæ цæф рæдыдæй сæмбæлд.

Фæлæ мæм уый æрбакаст æмæ мæ худгæйæ афарста:

– Цы кодтай? Дæ хуыз куы фæцыд? Тæрсгæ ма кæн… Мах æй зонæм, цы стыр лæг сдæ, уый тыххæй дæм æрхауди ацы цæф, авансы хуызы, æмæ нын кæд алы мæй æхца фидай, уæд дыл бындз дæр нал абаддзæн мах æвастæй. Фæлæ кæцон дæ, кæ?

– Хъарапинаг, – загътон æз.

– Æмæ дæ уыцы иронæй гуырдзиæгтæн хицауæй чи сæвæрдта?.. Дæ ном та цы хуыйны?

– Иртаг!

Ныхæстæ кæнгæйæ, хъуыды кодтон: цæуылнæ йын дæттын ахъаззаг дзуапп йæ цæфæн?! Мæхимæ мæсты кодтон, æвиппайды йæ кæй нæ ныццавтон, уый тыххæй, фæлæ та мæм уый фæраздæр: мæ галиу русæн дæр мын иу авæрдта.

Æз куыддæр феррадзæф дæн, йæ былтæн ын ахæм мыхъхъ авæрдтон, æмæ асфальтыл фæуæлгоммæ.

Уæд мæ йе ‘мбал ныццæвынмæ хъавыд. Æз та уый дæр фæхъил кодтон. Æртыккаг лæппуйы адæм дуканимæ бакодтой æмæ йыл уым дуар сæхгæдтой: уыдтой йæ, куыд цæвын, уый, æмæ мæ исты боксер фенхъæлдтаиккой…

Уæдмæ фыццаг лæппу сыстад, йæ дзыппæй кард фелвæста, дыккаг дæр рабадт, уый дæр йæ кард фелвæста, æмæ ме ‘рдæм æрбацæуынц. Æз фæстæмæ сындæггай цæуын æмæ хъуыды кæнын: «Цы кæнон?» Мæ хæлафы фæстаг дзыппы хæрынкъа уыди, хъуамæ уый фелвæстаин, фæлæ мæнæ мæ къах къуыппыл скъуырдтон. Дур фелвæстон æмæ йæ, фыццаг мæ чи ныццавта, уый ныхыл фæкодтон. Лæппу ныддыдæгътæ. Æз ын йæ кард фелвæстон, иннæмæ дзы лæбурæгау куыд фæцæйцыдтæн, афтæ мæм чидæр хъæр кæны:

– Ар мокъла, дагичъерен! (Ма йæ амар, ахæстоны дæ сбадын кæндзысты).

Æз кард дард фехстон, стæй та ног дур фелвæстон, тарстæн, исчи мæ куы расура уымæй, æмæ араст дæн заводмæ.

Фæлæ ма ууыл дæр уыдтæн, æмæ хъуыстон, хъæддаг кæрдо бæласыл цъиутæ куыд цъыбар-цъыбур кодтой, уый.

Æвæццæгæн та рауарынмæ хъавыд, уыдон æй рагацау базонынц…

Заводы мæ гуырдзиæгтæ цалдæрæй фæрсынц:

– Иртаг, цы хабар у? Фæхабар нæм чындæуыд, зæгъгæ, дам, адæмы фæцагътай…

Уыдоныл зынди, гуырдзиæгты кæй фæнадтон, уый сæ зæрдæмæ кæй нæ цыд…

Ницы сæм сдзырдтон…