ТОКАТЫ Асæх

ФÆНДЫР

Радзырд

1959 азы иу фæззыгон бон мæ службæйы хъуыддæгты фæдыл бафтыдтæн Грознамæ. Мæ цæцæйнаг æмæ мæхъæлон лымæнты куы абæрæг кæнин, зæгъгæ, бауадтæн Цæцæн æмæ Мæхъæлы Фысджыты цæдисмæ. Асинтыл мæ размæ фесты къорд лæджы. Базыдтон дзы мæ хæлар цæцæйнаг фыссæг Арысханты Хадзыбечыры. Базыдта мæ уый дæр. Бацинтæ кодтам кæрæдзиуыл. Фæлæ уыдон кæдæмдæр балцы цæуыныарæзт уыдысты, æмæ Хадзыбечырмæ мæн афтæ фæуадзын, æвæццæгæн, аив нæ фæкасти. Баздæхти, йæ фæдыл цы дыууæ кæстæры цыди, уыдонæй иумæ æмæ йын цæцæйнагау цыдæртæ загъта. Лæппу бахудти æмæ йын дзуапп радта йæ сæрæй. Уæд Хадзыбечыр мæнмæ дзуры:

– Хъазджери нæ æрыгон æмæ курдиатджындæр фысджытæй у. Æрæджы ус ракуырдта æмæ нæ ныр йæ кайыстæм хоны. Немæ куы рацæуис, уæд дæ тынг бузныг уаиккам.

Æз хъуыдытыл фæдæн. Иуæй мын рæстæг нæ уыди, иннæмæй та æнæнхъæлæджы æнæзонгæ, æнахуыр хъæумæ уазæгуаты ацу, уый мæм аив нæ касти. Къуылымпы кæнын, уый куы бамбæрста Хадзыбечыр, уæд ма йæ ныхæстыл бафтыдта:

– Зоныс, Будзи, Хъазджери цы чызджы ракуырдта, уымæн йæ мад æмæ йæ фыд ирон сты. Раджы кæддæр æрбафтыдысты мæхъæлмæ æмæ уым цæргæйæ баззадысты. Æвæццæгæн, исты бæллæхты фæстæ. Ау, куыннæ дæ бафæнддзæн ирон мæхъæлæтты фенын! Цæуæм!

Сразы дæн æз.

Изæрдалынгты бахæццæ стæм иу хæххон стыр хъæумæ. Нарæг уынджы уæлæмæ суадыстæм, æмæ машинæ ныллæууыди агуыридурæй амад æрдæгуæладзыг хæдзары цур. Рудзгуытæй калди рухс. Хъуысти мæхъæлон фæндырдзагъд. Æвæццæгæн нæм æнхъæлмæ кастысты. Машинæйæ рахызтыстæм. Уæдмæ кæртæй нæ размæ рацыдысты дыууæ лæппулæджы æмæ нæ бахуыдтой. Кæстæртæ сиахсы фæмидæг кодтой хицæн уаты. Æз Хадзыбечыримæ бацыдтæн хæдзармæ.

Уæрæх æмæ электрон цырагъæй рухс хæдзары баййæфтам дыууæ ацæргæ сылгоймаджы. Иу дзы уыди къæсхуырдæр, архайдта пецы цур. Иннæ ус уыди ацæргæдæр, асæй рæстæмбис, фæлæ хæрзхуыз, гуырджын. Стыр сау цæстытæ ноджы саудæр зындысты урс дзыккуты бын. Кæддæр, йæ чызджы заманты, тынг рæсугъд чи уыди, ахæм.

Хæрзхуыз ус рацыди нæ размæ.

– Де ‘зæр хорз æмæ дæм фарны уазджытæ фæцæуæд, Заретæ! — мæхъæлонау ын раарфæ кодта Хадзыбечыр. Æз мæхъæлонау нæ зонын, уырыссагау та кæд æфсин нæ зоны, зæгъгæ, усæн йæ къух исгæйæ загътон иронау:

– Уе ‘зæртæ хорз, æмæ фарн ацы хæдзары уæд.

Æфсин фыццаг фæджих, Хадзыбечырмæ бакасти, стæй бахудти æмæ мын сыгъдæг иронау загъта:

– Фæрнæйдзаг у, æмæ нæм алыбон æгас цæут.

– Заретæ, кæсыс, æз дын канд дæ сиахсы нæ, фæлæ ма дæхи бæстаг уазæджы дæр æрбахуыдтон, – худгæйæ дзырдта Хадзыбечыр.

– Гъемæ нын дæ цæрæнбон бирæ уæд, мæ хур Хадзыбечыр. Æгайтма хæларæй цæрут.

– О, Заретæ, канд хæларæй нæ, фæлæ æфсымæрты цард кæнæм.

– Мæ уд дæр ма уæ фæхъхъау фод, – загъта æфсин æмæ та мæм иронау дзуры:

– Адон хорз адæм сты. Æз сæ куы нæма зыдтон, кæддæр, чызгæй, уæд сын фыдадæм æнхъæл уыдтæн. Ноджы-иу мæм искæй, «мæхъæлон лæджы амæттаг дæ хуыцау фæкæнæд», зæгъгæ, куы æлгъыстой, уæд мæм афтæ касти, цыма иууылдæр лæгмарджытæ сты. Фæлæ мæ уд сæ рын ахæрæд, зын заман сæм æрбафтыдыстæм æмæ нæ бахъахъхъæдтой, суазæг нæ кодтой. Мæнæ ныр дæр кæсыс, нæ уазджытæ æрбацæуынц, зæгъгæ, сыхбæсты фæсивæд æрбамбырд сты.

Уыцы ныхæстæ куыд кодтам, афтæ къæсæрыл бахызти бæрзондгомау, фидæрттæ арæзт лæг. Йæ сау рихитæ тынг фæхалас сты, фæлæ ма бæзджын æрфгуытæ уыдысты сатæгсау.

– Уый та дын махон, – загъта æфсин æмæ йе ‘мбалмæ аздæхти.

– А-а-а, Хадзыбечыр, алыбон æгас нæм цу дæ уазджытимæ, – загъта лæг мæхъæлонау æмæ нын райста нæ къухтæ.

– Арфæгонд у, æмæ дæм махæй ноджы амондджындæр уазджытæ цæуæд, – дзуапп ын радтон иронау. Лæг мæм комкоммæ ныккасти.

– Кæсыс, нæ лæг, Хадзыбечыр нын цы уазæг æрбакодта, – загъта та æфсин йæ хæринæгтимæ архайгæйæ.

– Асæбе, дæ ирон æвзаг куы ферох кæнай мæхъæлы æхсæн, зæгъгæ, дын уымæй фæтарстæн æмæ дын ирон лæг æрбахуыдтон.

– О, ахæм зынаргъ уазджыты тыххæй дæуæн, Хадзыбечыр, сæрмагонд кусарт æмбæлы, – бахудти лæг æмæ нын ацамыдта хæдзары даргъ бандонмæ. – Сбадут, сбадут, уазджытæ, лæугæ цæмæн кæнут.

Max сбадтыстæм. Уатæй хъуысти тыхджын фæндырдзагъд, æмдзæгъд. Уæдмæ фынгтæ æрæвæрдтой, æмæ суанг æмбисæхсæвтæм фæбадтыстæм.

Фæсивæд ацыдысты.

Фæсæмбисæхсæв уыдаид, афтæ нын хуыссæнтæ бакодтой. Æз ракуырдтон, цæмæй мын бауат кæной хæдзары хицау кæм хуыссыди, уым.

Даргъ бандоныл хуысгæйæ æз фæфарстон Асæбейы йæ царды хабæрттæй, кæд æмæ цæмæн æрбафтыди ардæм, цæмæн баззади мæхъæлы бæсты цæргæйæ. Асæбе арф ныуулæфыди, стæй загъта:

– О мæ зынаргъ уазæг, уыдон бирæ дзуринаг сты. Фæлæ дæ кæд афтæ æхсызгон хъæуынц мæ царды хабæрттæ, уæд хъус. Æмæ мын радзырдта йæ лæппуйы бонты хабæрттæй. Æз сæ ныффыстон, мæ цæстытыл куыдæй ауадысты, куыд сæм арæхстæн, афтæ.

 

* * *

Хынцæг уыди Дæргъæвсы комы чысыл хъæутæй иу. Йæ алыварс бæрзонд фæцыдысты хæхтæ, æмæ хъæумæ райсомæй хур никуы æрбакаст нæдæр сæрдыгон, нæдæр зымæгон. Æрмæст-иу сихорыл æрбазынди Чызджыты хохы сынæгæй æмæ-иу фæссихор аныгъуылди иннæ чысыл хъæу Хуссар Ламардоны сæрмæ Хæтоны рагъыл. Афтæ æнæ хурæфсæстæй цардысты хынцæггæгтæ.

Ныр хъæу баззади зæрæстонæй. Цæрæг дзы нал ис. Фæлæ йын уæддæр йæ ном арæх æрымысынц Дæргъæвсы комы.

– Цæй тыххæй, цавæр сгуыхтдзинæдты фæдыл? – куы бафæрса исчи.

Йæ рæсугъд чызджыты руаджы!

Хынцæджы чызджыты рæсугъды кой айхъуысти дардыл. Дидинæгджын уыгæрдæнмæ сæрды мæйты мыдыбындзытæ балгай куыд фæтæхынц, афтæ тахтысты Хынцæгмæ усгуртæ алы кæмттæй, алы хъæутæй. Цыдысты суанг Кæсæгæй æмæ Мæхъæлæй дæр.

Æгас хъæуы чызджытæй уæлдай рæсугъддæр уыдысты Цицылаты Гæмæты чызджытæ.

Гæмæты уæладзыг хæдзар лæууыди тæккæ Стырдоны сæрмæ къуыбырыл. Йæ æртæ уаты рудзгуытæ, фыййауы цæстытау, доны сæрты кастысты фаллаг фарсмæ, æмæ Дæргъæвсы комы фæндагыл мидæмæ дæр, дæлæмæ дæр цыдæриддæр цæуæг уыди, уыдон сæм зындысты се ‘ппæт дæр – уæрдонæй, барæгæй æмæ суанг фистæг бæлццонæй. Гæмæты æхгæд стыр кæрты дуармæ сагъд уыди бирæкъабазджын бæхбæттæн. Уыцы бæхбæттæны къабæзтæ кæддæр уыдысты ставд, фæлæ сæ рæстæг æмæ уазджыты бæхтæ слыстæг кодтой.

Гæмæт йæ цыппар чызгæй хистæры арвыста Ерастъийы дыгурмæ, уый кæстæры Куырттаты коммæ, æртыккаджы Кæсæгмæ. Баззади ма йын адæмæн æмбисонды рæсугъд Заретæ.

Заретæйы хæдхистæр хо Верины Кæсæгмæ чындзы куы арвыстой, ууыл мæй дæр нæма рацыди, афтæ æцæг æмбисонды калд ныккодтой усгуртæ Гæмæты хæдзармæ. Фæлæ Гæмæт тагъд нæ кодта йæ кæстæр чызджы моймæ раттыныл. Стæй Заретæйæн афон дæр нæма уыди. Æвддæс азы йеддæмæ йыл нæма цыди.

– Мæ хистæр чызджытæй нæ зæгъдзынæн, уыдонæй, чи зоны, искæй зæрдæхудты дæр бацыдтæн, кæмæ сæ нæ фæндыд, ахæм курджытæн сæ радтон. Гъе, лæгмæ гæсгæ нæ, фæлæ хæдзармæ гæсгæ. Фæлæ мæ кæстæр чызджы зæрдæхудты нæ бацæудзынæн, афон ын нæма у, – дзырдта Гæмæт усгурты бирæ минæвæрттæн.

Кусаг, тыхджын æмæ къабазджын, фæлæ тызмæг лæгæй зыдтой Гæмæты. Йæ иу дзырдыл дыккаг зæгъын ничи уæндыд бинонтæй. Фæлæ кæд цыфæнды карз лæг уыди, уæддæр йæ цыппар чызгæй æмæ йæ студент лæппуйæ Заретæйæ фылдæр никæй уарзта æмæ никæмæн барста. Хæрзæрæджы дæр ма йæ йæ дæлфæдтæм хуыссын кодта. Ничи уыди йæ зæнæгæй Заретæйæ хæрзарæхстдæр æмæ æнæзивæгдæр. Мад æмæ фыдæн кæстæриуæг æмæ цумамæ чи баййæфтаид Заретæйы. Уæдæ-иу хъæдмæ дæр ауади йæ фыдимæ, фыййау дæр цыдис сæ фысты къорды фæдыл. Хос ссивыны рæстæг мæкъуылтæ амайгæйæ чи алæууыдаид мæкъуылы сæр Заретæйы хуызæн!

Хистæр хоты Заретæйы хуызæн арæх ничи федтаид ахæм куыстыты. Хур сæ нæ сыгъта, дымгæ сын нæ даудта сæ уадултæ æмæ уыдысты фæлурс рæсугъд. Рахастой сæ мадау бæрзонд æмæ нарæгастæу. Заретæ не сырæзыди уыдоныйас, фæлæ уæнгты кондæй уыди къабазджындæр. Кусгæ бирæ кæй кодта, æвæццæгæн, уый тыххæй. Йæ уадултæ та уыдысты, мæнæ уыгæрдæны ауæдзыл цы уагъылыты бæлас фæзайы, уый хурæфcæст дидинæджы сыфы хуызæн. Стыр сау цæстытæ, зæрватыччы базырау, даргъ æмæ сау æрфгуытæ, бæзджын æмæ къæбæлдзыг сау дзыккутæ. Иу ныхасæй, йæ мадæй дæлвæд-уæлвæд ницы ныууагъта. Æмæ уæд йæ бахудт та. Сылгоймаджы уындæй арвы талынгты чи лидзы, ахæм лæджы зæрдæ дæр нæ фæлæууыдаид Заретæйы бахудтмæ æнæ ныуулæфгæ. Æрдз йæ æппæт хæрзиуджытæ æнæвгъауæй ныккалдта Гæмæты кæстæр чызгыл,зæгъгæ-иу арæх дзырдтой хынцæггæгтæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Дунейыл амондджындæр уыдзæн, кæй фæуа, уыцы адæймаг, зæгъгæ, иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ бахæлæг кодтой , чи-иу æй федта хъæуккæгтæй дæр æмæ фæрссагæй дæр, уыдон. Æрмæст ма-иу устытæ сæ тæхудыйы ныхæстыл бафтыдтой: «Дзырдуæндон æмæ къæйных куы нæ уаид, уæд ахæм уæларвæй æрхаугæ хæзнайæ дæр никуы ис».

Заретæ йæ сыгъдæг зæрдæйæ æргомдзырд кæй уыди, нæлгоймаджы куыстытæм дæр хорз кæй арæхсти, уый тыххæй йæ хуыдтой къæйных. Æмæ къæйных нæ, фæлæ дзырдарæхст æцæг уыди Заретæ, йæ хистæр хотæй дæр æмæ хъæуы чызджытæй дæр ныфсджындæр, тыхджындæр æмæ дзырдарæхстдæр.

Хæхты уæгъдибар æхсинæгау цы фосхизæны рындзæй, цы уыгæрдæны, цы хуымы астæуæй æмæ къæдзæхы тигъæй нæ ракаст, ахæм ран нал баззад Хынцæджы бæстыл. Æвæццæгæн ын арвмæ чи фæцыди, уыцы бæрзонд хæхтæ радтой сæ сæрбæрзонддзинад, цы зараг суадæттæй нозта, кæй зарæгмæ хъуыста, уыдон – сæ мæлгъæвзаг, цы уæлхох хизæнты æмæ уыгæрдæнты уыди, уыдон – сæ дидинджыты рæсугъддзинад, цы ивылд дæттæм касти, цы уад-иу æй æрæййæфта, цы тымыгъ æмæ къæвда, уыдон та йын радтой сæ тых æмæ сæ ныфс.

Гъе, хъæуы иннæ чызджыты хуызæн кæй нæ уыди, сусæг дам дæр ыл уымæн ацыди хъæуы. Уыцы дам нæма бахæццæ Гæмæтмæ, йæ бинонтæм, уыййеддæмæ Гæмæт æбуалгъы митæ бакодтаид канд Заретæйæн нæ, фæлæ йыл дам кæмæй ацыди, уыцы лæппуйæн дæр.

 

* * *

Цæвиттон, Гæмæты сыхæгтæ Æлбегатæм царди сæ хæрæфырт Асæбе, дæргъæвсаг лæппу. Асæбейыл æхсæз азы йеддæмæ нæма цыди, афтæмæй амарди йæ фыд. Йæ мад лæппуйæн фæбадти афæдз, стæй йæ йе ‘фсымæртæ акодтой æмæ йæ дыккаг хатт радтой моймæ дард хъæумæ.

Асæбейæн йæ фыдæй баззади дыууæ галы, иу хъуг, къорд фысы æмæ тъæпæнсæр хæдзар. Цы ныууагътаид рæсугъд æмæ фæндырдзæгъдаг мад та йæ авдаздзыд сабийæн йæ зæрдæ æмæ йæ фæндырæй дарддæр. Йæ цæссыгтæй йæхи æхсгæйæ, æвæндонæй ацыди дыккаг хатт моймæ.

Фыццаг афæдз æмæ æрдæджы бæрц, цалынмæ йæ мад мой не скодта, уæдмæ Асæбе æдзухдæр уыди йæ мадырвадæлтæм. Стæй йæм иу бон æрцыди йæ фыдыфсымæр æмæ йæ акодта сæхимæ. Нæ зыдта сывæллон, цæмæн æй кæнынц, уый. Æрмæст дыууæ къуырийы фæстæ, йæ фыдыфсымæры сусæгæй, йæ мадырвадæлтæм куы æрыздæхт æмæ йæ мады куынæуал æрæййæфта, уæд бамбæрста, цы стыр бæллæх ыл æрцыди, уый. Райсомæй зæронд ус лæппуйы цæмæйдæрты барæвдыдта, æмæ Асæбе састзæрдæ, уымæл цæстытимæ фæстæмæ фистæгæй араст Дæргъæвсмæ.

 

* * *

Фыдыфсымæры хæдзары адаргъ сты Асæбейыл йæ сидзæры царды уæззау азтæ. Царди йæхи хæдзары æнæ рæвдыдæй, æххуырсты цардæй. Æнæ фыд, æнæ мад, æнæ хо, æнæ æфсымæрæй. Кæй риуыл бакъул кодтаид йæ сидзæры иунæг сæр. Нæ цыди лæппутимæ хъазынмæ дæр. Æнæскаст кæм нæ вæййы æмгæртты æхсæн дæр æвæгæсæг сидзæр. Стæй йæ хъазынмæ дæр не ‘вдæлди. Уæлыгæсæй, фыййауæй, уалдзæг хуымгæнгæйæ галтæн сæрылхæцæгæй, рады хъомгæсæй цæуынæй, хæдзары фосмæ зилынæй, æмæ цы нæ куыст кодта Асæбе. Изæр-иу куыстæй куы феуæгъд, уæд хæргæ дæр нæма бакодтаид, афтæ-иу бацыди уатмæ, къамоды сæрæй-иу райста йæ мады фæндыр æмæ йæ иунæджы хъарджытæ кодта. Цал æмæ цал хатты æрызгъæлдысты йæ цæссыгтæ фæндыры тæнтыл…

Асæбе йæ фыдыфсымæримæ цæргæйæ куыд стырдæр кодта, афтæ йæм хæдзары куыстытæй хауди ноджы фылдæр. Фæлæ цас фылдæр куыста, уыйас та йæ зæрдæ æнкъарддæр кодта, æмæ уæд арæхдæр цæуын байдыдта Хынцæгмæ йæ мадырвадæлтæм. Уым дæр куыста. Арæхдæр та цыди фыййау. Афтæмæй лæппу балæг ис дыууæ хæдзары æхсæн фыдæбæтты. Мæгуыры уæныг тагъд гал кæны.

Асæбейыл рацыди æстдæс азы. Йæ мады хистæр æфсымæры ус ын бахуыдта хуымæтæджы цъæх фæсмынæй цухъхъа, зæнгæйттæ æмæ сæрак дзабыртæ. Æмæ кæд хуымæтæджы дарæс уыдысты, уæддæр ыл хорз фидыдтой. Нарæг астæу æмæ фæтæн риу цухъхъа æрбалвæста, сатæгсау цæстыты сæрмæ сау æрфгуытæ бæрзонд ныхыл фæйнæрдæм фæцыдысты. Хъазты кæрон-иу куы балæууыди, уæд æм-иу хъæуы чызджытæ се ‘рфгуыты бынты сусæгæй кастысты. Фæлæ Асæбейæн нæ уыди бирæ рæстæг.

Иу бон та Асæбе уыди фыййау. Райсомæй фосы сæхи бар ауагъта, йæхæдæг æнцадгай цыди сæ фæстæ. Фыстæ сæгъты фæдыл сфардæг сты уæллоз хæхтæм. Сихорафон Асæбе сæ размæ ссыди æмæ сæ баздæхта аууонмæ. Фыстæ куы æрривæд кодтой, уæд бацыди дыууæ къæдзæхы астæу нарæг комы хъæлæсмæ æмæ уым йæхи надта.

Уыцы рæстæджы Хынцæджы чызджытæ фондзæй мæцкъуыдзуан кæнгæйæ бафтыдысты уыцы комы ‘рдæм. Уыди æнтæф бон, чызджытæ сдойны сты. Дон баназыны мондагæй комы рæбынмæ бакастысты æмæ джихæй баззадысты. Дон хауди тынг уæллозæй, дыууæ къæдзæхы æхсæн куыройы нукау нарæг лæнкæй æмæ чысыл дæлдæр къæдзæхы сынæгыл йæхи хоста. Уырдыгæй ихты цæмау лæбурдта байбын айнæджы сæрты дæлæмæ, суанг комы рæбынмæ. Ком байдзаг йæ сæр-сæр æмæ йæ гыбар-гыбурæй. Доны лыстæг пырхæнтæ фæлмау бадтысты уæлдæфы æмæ æрттывтой æвзист хæрдгæйы рыгау. Чызджытæм хæццæ кодта се ‘хсызгон уазал. Уыдон сфæнд кодтой донхауæнмæ бацæуын, сæ дойны суадзын æмæ уазал донæй сæхи цæхсын. Куыддæр былæй фæуырдыг кодтой, афтæ, фæсте чи цыди, уый йæ цæсгом амбæрзта æмæ йæ дзыхæй сирвæзти æмыр цъæхахст.

– Мæ хæдзар айхæлд, кæсут-ма!..

Чызджытæ сагъдау лæугæйæ баззадысты.

– Уæртæ дзы чидæр йæхи найы! – загъта дыккаг чызг.

Заретæ куыддæр фæци, дзыхълæуд фæкодта æмæ коммæ ныккасти. Ныккастысты иннæ чызджытæ дæр. Ком уыди хаугæ доны пырхæнты фæлмæй æмбæрзт. Раст хызы бынæй цыма фæзынди, афтæ фæкасти чызджытæм Асæбе. Лæппу йæ фæтæн риу сарæзта ставд цыхцырæгмæ, æмæ дон фæйнæрдæм тахти, куыройы цъилы фæрчытæй фæйнæрдæм куыд фæтæхы, афтæ. Базыдтой йæ чызджытæ. Сæхицæй фефсæрмы сты æмæ сæ сæртæ ныггуыбыр кодтой, афтæмæй ралыгъдысты кæрæдзи сæрты хаугæйæ. Ферох сæ ис сæ дойны дæр.

 

* * *

Асæбе изæрæй йæ фос куы æрыскъæрдта, уæд та рацыди фæндыримæ уæлхæдзармæ æмæ цагъта.

Фæндырæй чызджытæ дæр цагътой, фæлæ Асæбейы цагъд æндæр уыди, æндæр фæндæгтыл хызти зæрдæмæ. Уыцы цагъды чызджыты зæрдæтæ ахстой зарæджы ныхæстæ æмæ йын хъырныдтой сæхинымæр. Хъырныдтой йын стыр хæхтæ æмæ комы дæттæ дæр. Асæбе-иу бадти дурыл æмæ-иу ферох кодта йæхи дæр, адæмы дæр, рæсугъд фæсивæды дæр. Æрмæст сыл-иу стæм хатт ахаста йæ цæст æмæ афтæмæй цалдæр хатты бафиппайдта Заретæйы йæхимæ кæсгæйæ.

Чызг æмæ лæппу арæхдæр кæсын байдыдтой кæрæдзимæ.Цыма кæрæдзи агуырдтой. Æмæ, чи зоны, уымæн сæмбæлдысты рæхджы кæрæдзиуыл хибарæй.

 

* * *

Уыди сæрды фæстаг бонтæй иу. Гæмæт æмæ Заретæ сæ хортæ ластой дард хуымтæй. Æрластой иу мæкъуыл. Дыккаг цыдæн дæр багалæг уæрдоны самадтой хоры мæкъуыл æмæ йæ æрбæттынмæ куы хъавыдысты, уæд агурынц бæндæнтæ, фæлæ нæй æмæ нæй.

– Уæдæ цы фесты бæндæнтæ? Кæд сæ мусы ферох кодтай, мыййаг? – фæрсы Гæмæт чызджы.

– Нæ, баба, сæвæрдтон сæ.

– Ау, уæдæ кæм æрбадæлдзæх сты? Уæд та сæ фидар нæ бабастай æмæ фæндагыл ахаудтой.

Заретæ хорз нал хъуыды кодта, сæрхъæдыл сæ бабаста æви сæ гуыффæйы цæвæрдта. Фæстаг рæстæджы цыдæр рохгæнаг кæнын байдыдта. Аджих-иу ис æмæ-иу кæдæмдæр каст, фæлæ цæстæй цы уыдта, ууыл нæ уыдысты йæ хъуыдытæ. Йæ цæстытыл уад Асæбе куы комы дыууæ къæдзæхы æхсæн хаугæ доны бын йæхи найгæ, куы та хъазты кæрон дурыл бадгæ æмæ фæндырæй цæгъдгæйæ.

– Æвæццæгæн сæ хорз нæ бабастай æмæ кæмдæр фæндагыл ахаудтой, – загъта та фыд. – Згъоргæ æмæ сæ ссар, кæннод, кæсыс, бон хæлы. Тагъд, кæд ма иу цыд ныккæниккам.

– Хорз, дада, – загъта Заретæ æмæ, цы фæндагыл ссыдысты, ууыл дæлæмæ азгъордта.

 

* * *

Уыцы бон Асæбе уыди фыййау. Райсомæй арвыл къæм дæр нæ зынди. Фæлæ фæсаходæны ныгуылæнырдыгæй æрбахгæдта, тыхджын дымгæ сыстади, æмæ йæ разæй хæхты ‘рдæм згъорын байдыдтой дзалайы æрттиваг уылæнтæ. Асæбе бамбæрста, къæвда кæй рацæудзæн, уый æмæ йæ фысты къорды раздæхта. Сæ разæй цыди, афтæмæй æрхæццæ хос æмæ хорласджыты фæндагмæ. Уæларвæй хауын байдыдтой уарыны ставд æртæхтæ æмæ-иу фæндаджы рыг сфæйлыдтой. Асæбе йæ уæлæ æркодта йæ нымæт. Куыдфæстæмæ уарын тынгæй-тынгдæр кодта. Арв гыбар-гыбур сси. Бæстæ ныттар. Тыхджын дымгæ уарынимæ йæхи хоста гæмæх саппытыл. Фыстæ стыр саппы рæбынмæ лыгъдысты къордтæ-къордтæй.

Ныртæккæ дæр ма тæвд фæныкау рыг цы фæндаг уыди, уый чысыл рæстæгмæ лæхъир цъыф фестади. Асæбейæн йæ дзабыртæ бынтон баудæстысты. Фæндаджы был дурыл æрбадт. Йæ æрчъиаг дзабыртæ фелвæста, йæ фæсрон сæ æрсагъта æмæ фысты ‘рдæм азгъордта. Иу ран фæндагыл йæ къах скъуырдта бæндæны тыхтоныл. Кæйдæр бæндæн ахауди, бафснайын æй хъæуы, зæгъгæ, фелвæста тыхтон æмæ йæ фæндаджы был стыр дуры сæрмæ баппæрста. Искуы къæдзæхы аууон уæддæр куы æрбадин, зæгъгæ, фæйнæрдæм акасти. Фæлæ ницы зынди. Уарын къæртайæ калæгау кодта. Уалынмæ уарыны сæх-сæх æмæ дымгæйы футтыты æхсæнты йæ хъустыл ауади цæйдæр цъæпп-цъæпп. Фæстæмæ ракасти. Уæле æрцæйзгъордта цавæрдæр сылгоймаг бæгъæввадæй, йæ дзабыртæ йæ рахиз къухы, йæ галиу къухæй уæлæмæ хæцы йæ фæдджийыл. Йæ дзыккуты бецыччытæ йæ цæсгомыл æрхаудтой. Нæлгоймаджы куы ауыдта, уæд йæ фæдджитæ æрæппæрста æмæ дзыхълæуд фæкодта. Базыдта йæ Асæбе. Базыдта Заретæ дæр Асæбейы.

– Заретæ… Ацы хъаймæты фыдбон… Кæдæм? – Асæбе базгъордта йæ размæ, йæ нымæты къабаз фегом кодта.

– Заретæ, тагъд, нымæты бынмæ…

Фæлæ чызг цавддурау лæууыди, тарст цæстытæй касти лæппумæ. «Мæнæ кæуыл фембæлдтæн ацы хуызæнæй», – загъта йæхинымæр æмæ иу къахдзæф фæстæмæ акодта.

– Заретæ… куы баудæстæ… Рацу нымæты бынмæ… ма тæрс.

– Нæ… Æз… нæ бæндæнтæ фесæфтысты æмæ уыдон… – тыхулæфт кæнгæйæ сдзырдта чызг.

– Ма тыхс… Æз сæ ссардтон, – загъта та Асæбе æмæ йæхæдæг дæр цавддурау лæугæйæ баззади. Чызгæн баххуыс кæнын хъæуы, уый æмбæрста, фæлæ ницæмæуал арæхсти. Йæ нымæтхуды былтæй доны лыстæг цыхцырджытæ дæлæмæ згъордтой урс цыллæ кæлмæрзæнты хаутау. Заретæ уыди бынтон хуылыдз, йæ урс кофтæ йæ буарыл баныхæст. Бæрæг дардтой йæ тыхджын къабæзтæ, йæ æххæст риутæ, æмæ æфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта.

Ныр уарын йæ кæнон кæны, йæ сæх-сæхæй не ‘нцайы. Арв цæхæр калы æмæ йæ гыбар-гыбурæй хъустæ къуырма кæны. «Мæнæ куыд лæууын мæхæдæг нымæты бын, чызг та мæ цуры къæвдамæ удæсы», – загъта уæд Асæбе æмæ йæ нымæты хъуырбæттæн халынмæ февнæлдта. Фæлæ уыцы минут цыма арв афазти æмæ йæ хуылфæй цъæх арт ракалди, уыйау бæстæ ныррухс, хæхтæй ахæм гæрæхтæ нылласта кæмдæр хæстæг, æмæ цыма раст хæхтæ рафæлдæхтысты. Чызг фæтарст. Йæхи баппæрста Асæбейы хъæбысмæ. Асæбе йæ æрæмбæрзта нымæтæй.

Чызджы хуылыдз буар лæппуйыл куы бандзæвыди, уæд Асæбе ссыгъди æмæ йæ къухтæ æрхаста Заретæйы фæсонтыл. Чызг фестъæлфыд, базыр-зыр кодта, цыма лæппуйы къухтæ йæ фæсонтæй аппарынмæ хъавыди, афтæ базмæлыд, стæй куыддæр æрлæмæгъ. Йæ къухтæй æрхаудтой йæ дзабыртæ æмæ йæхи æруагъта. «Фыр тарстæй бауадзыг, æвæццæгæн», – загъта йæхинымæр лæппу æмæ фæтарсти. Фæхæцыди йын йæ дæлæрттыл æмæ йæ цъыф фæндагæй кæрдæгмæ байста. Йæ рæсугъд уæрджытæ йын æрæмбæрзта, стæй йын ныккасти йæ цæсгоммæ. Заретæйы цæсгомыл нæ федта, уадзыг чи бавæййы, ахæм чызджы фæлурс хуыз. Йæ зæрдæ кодта гуыпп-гуыпп. Уæд ын йæ хуылыдз бецыкк айста йæ ныхæй æмæ дыууæ адæймаджы былтæ кæрæдзиуыл сæмбæлдысты. Лæппуйы тугдадзинты ссыгъди арт…

Тыгъдызæй фенцади. Арв йе стыр хæст ахаста дарддæр æмæ ма кæмдæр фæсхæхтæй цыди йæ гыбар-гыбур. Æврæгътæ фескъуыдысты, æмæ фæзынди арвы цъæх.

Заретæ йæхи æрæмбæрста. Ракасти, æмæ йæ тæккæ цæстыты комкоммæ нæлгоймаджы цæсгом куы федта, уæд фестъæлфыди. Йæхи атыдта Асæбейы хъæбысæй. Фестади. Фестади Асæбе дæр æмæ кæрæдзимæ фемдзаст сты.

– Хорз фадат дын фæци, лæппу! – мæсты худт бакодта Заретæ, йæ кофтæйы æгънæджытæ æвæргæйæ.

– Æвæццæгæн, арв æмæ зæхх мæ амондæн сабухтой… Фæлæ нæ сæмбæлд хуымæтæджы хъуамæ ма уа… Заретæ… – бакъахдзæф æм кодта Асæбе, зæгъинаг уыди йæ уарзондзинад, йæ фæнд, фæлæ йæ Заретæ ныр æнæ ныхæстæй дæр æмбæрста.

– Мауал мæм цу хæстæг!.. Æз дын уæздандæр æнхъæл уыдтæн…

– Мæ уæздандзинадыл гуырысхо ма кæн. Куы нæ дæ бафхæрдтон…

– О, бузныг, уыцы уæздандзинад дæм разынди… Ацу стæ, мауал мæм кæс, – загъта Заретæ æмæ аздæхт фæндаджы’рдæм, стæй фæстæмæ фæзылди.

– Мæ бæндæнтæ цы фесты?

– Уæлæ, – уыциу гæпп аласта Асæбе, дуры сæрæй раскъæфта бæндæнты тыхтон. – Мæнæ сты!.. Заретæ… Æз…

– О, ды… Удхæссæг дæ айса! Уæздандæр ма дзы лæппу цы уа!..

– Къæвда æз нæ расайдтон, арв æмæ зæхх кæрæдзи мæн тыххæй нæ хостой.

– Дæ амондæн, æвæццæгæн…

– Чи зоны. Мæгуыр уæрццæн уад æрхæссы, – бахудти Асæбе.

– Уад ын æрхæсдзæн, уымæ æнхъæлмæ чи кæсы, уый цæй лæг у… – загъта ма Заретæ, Асæбейы къухтæй раскъæфта бæндæны тыхтон æмæ лидзынмæ фæци. Лæппу ма бирæ фæкасти йæ фæдыл. Йæ зæрдæ уыди рухс, фæлæ куыддæр Заретæ фæаууон, афтæ фенкъард. Куыд ницы дзуапп ын радта. Фæлæ цæмæн загъта, уад ын æрхæсдзæн, уымæ æнхъæлмæ чи кæсы, уый лæг нæу, зæгъгæ? Цы зæгъынмæ хъавыди? Куыд æй бамбæрстæуа? Æрæджиау æм афтæ кæсын байдыдта, цыма чысыл раздæр æрцахста дзæнæты цъиу, фæлæ йæм нæ сарæхст, ныппæррæст ын кодта æмæ атахти. Кæд æмæ кæм æрбаддзæни, кæй къухы бахаудзæни, чи зоны.

 

* * *

Арв асыгъдæг æврæгътæй. Уарыны дон хæхты æмæ уæлдæфы рыг æрæхсадта, æмæ ныр Дæргъæвсы ком кæрæй-кæронмæ зынди сыгъдæгæй. Хур Тыбауы рагъы чъылдымæй касти Чызджыты хохы бæрзондмæ æмæ йын йæ цъупп сахуырста сызгъæрин доны. Лæнчытæй, лыстæг кæмттæй æмæ æрхытæй нал хъуысти уарыны доны хæл-хæл.

Заретæ згъордта йæ фыдмæ. Цыма йыл базыртæ уыди, афтæ тахти иу лæнкæй иннæмæ, иу æрхæй иннæмæ. Цыдæр æнахуыр æхсызгондзинады рухс сыгъди йæ зæрдæйы, цыдæр, зæгъæн дæр кæмæн нæ уыди, ахæм æфсарм ын сыгъта йæ цæсгом. Йæ былтæ, йæ буар адджын рыст кодтой. Лæнкæй-иу уæлбылмæ куы суади, уæд та-иу фæстæмæ ракасти. Йæ цæстытæ сæхæдæг агуырдтой Асæбейы, фæлæ уый нал зынди. Йæ фосимæ баззади рагъы фале кæмдæр.

Гæмæт рацыди йæ чызджы размæ. Мæт кодта, уæдæ ацы æбуалгъ къæвдайы цы фæуыдзæни, зæгъгæ. Куыддæр фыццаг ададжы уæлбылмæ схæццæ, афтæ уым хæрхæмбæлд фесты. Заретæ фестъæлфыди. Бæндæны тыхтон радта йæ фыдмæ, иннæрдæм азылд, æргуыбыр кодта æмæ йæ бæгънæг къæхтæ сæрфыныл фæци. Гæмæт æй куы фарста, кæм æй ссардтай, зæгъгæ, уæддæр æм не скасти, афтæмæй йын дзуапп радта. Нæ уæндыди Заретæ йæ фыдмæ йæ цæсгом равдисын. Афтæ йæм касти, цыма йын Гæмæт йæ былтыл, йæ буарыл фендзæн кæйдæр лæппуйы пъатæ æмæ къухты фæд.

 

* * *

Фæскъæвда рæсугъд изæры та фæсивæд рацыдысты фæсхъæумæ. Зарыдысты, кафыдысты. Заретæ йæ фыдимæ хуымтæй æрцыд, куы æрцæйталынг кодта, уæд. Ныр багалæг уæрдоны куыристы сæр лæууы æмæ сæ дæлæмæ æппары, Гæмæт та хуылыдз куыристæ мусы пырх кæны. Уырдæм хъуысти фæсивæды зарын æмæ фæндырдзагъд. Ацы хатт диссагдæр æмæ базырджындæрæй тахти Асæбейы зарæг. Уайтагъд æй ацахста Заретæйы хъус. Хъырнджыты бæзджын хъæлæсты æхсæн бæрæг дардтой Асæбейы ныхæстæ:

Лæппын цæргæс й’ ахстоны сидзæрæй баззад…
Уæд иу бон йæ фыр тыхстæй амондагур ратахт,
Раст ахæм нæргæ бон куы хостой кæрæдзи
Уæларв æмæ дойны зæхх, цæргæс фæцæф и…

Заретæ уæрдоны сæрæй йæ фыдмæ куыристæ æппары æмæ зарæгмæ хъусы. Хаттæй-хатт аджих вæййы, æрбайрох кæны,фыд æм бынæй æнхъæлмæ кæсы, уый.

– Раппар, цæй, цæуыл джихтæ кæныс, – дзуры йæм Гæмæт. Заретæ февналы, æрæппары куырис, æмæ та йæ зарæджы ныхæстæ асайынц сæхимæ:

…Фæцæф и йæ базыр. Уæд æхсинæг ратахт
Æмæ йын æвдадзыхос радта йæ цæфæн.
Æлутоны суадонæй банызта й’ амонд…
О, уыцы суадонæн байсысæн ма уæд!..

Æмбары Заретæ, цæй цæфы, цæй æвдадзы хосы æмæ амонды суадоны кой кæны Асæбе йæ зарæджы… «Æдзæсгом… Нæ, налат… Нæ, налат дæр нæ… Къулбадæг!.. Цæй ныхæстæ кæны…Исчи йæ куы бамбара, уæд сæфты худинаг», – хъуыдытæ кæны йæхимидæг Заретæ, фæлæ та зарæг дзуры:

…Йæ базыр сдзæбæх нæ цæргæсæн, байгас,
Фæлæ дын йæ риуы æндæр бæллæх райгас:
Уæлхохаг æхсинæгмæ баззад йæ зæрдæ,
Куыд æмæ кæдæм тæхы цæргæс йæ фæстæ

Заретæ йæ мидбылты бахудти… Дынджыр дыууæ куырисы иумæ раппæрста, æмæ Гæмæты сæрыл æрхаудысты.

– Гъей, чызг! Дзæгъæлтæ кæныс æви дыл цы æрцыдис? Куы иугай куыристæ дæр нал феппарыс, куы та мын мæ сæрыл дыгай куыристæ калыс, – схъуыр-хъуыр кодта Гæмæт.

– Бахатыр кæн, дада, æрталынг ис, æмæ дæ нæ федтон, – æрдзырдта Заретæ æнæхудгæйæ… Йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæ та уыдысты зарæгимæ.

Фыр мæтæй цы катай, цы бæллæхы бафтыд,
Уæ фыдгулы цæргæсыл ахæм низ бафтæд!
Зæгъут-ма, лæппутæ, мæ зæрдæ куыд райсон,
Кæдæм æй хæсдзысты йæ базыртæ райсом?…

«Дæ зæрдæ мæ къухты ис, – зæгъы йæхинымæры Заретæ. – Кæдæм æй хæсдзынæн, уый мæхæдæг дæр нæ зонын…»

 

* * *

Уыцы бонæй рацыд æртæ къуырийы, афтæ фæсивæд изæрыгон бадтысты Гæмæты хæдзары дæллаг стыр уæгъдагъуысты. Уыди æнцойбон, æмæ сæхи ирхæфстой хъазæн æмæ худæн ныхæстыл. Асæбе дæр уыди уым.

Иу рæстæг æдде ссыди бирæ бæхты къæхты уынæр. Чызджытæ рудзынгæй ракастысты æмæ джихæй баззадысты.

– Барджытæ æрлæууыдысты уæ дуармæ, Заретæ! – загъта чызджытæй иу.

– Сыгъдæгæй та, Заретæйы усгуртæ уыдзысты, – загъта лæппутæй чидæр. Фæсивæд иууылдæр рудзгуытыл аныхæстой сæ цæстытæ.

Фондз барæджы сæ бæхтæй æрхызтысты, идæттæ бæхбæттæны къабæзтыл баппæрстой æмæ иу ран адзыгуыр сты. Цæуылдæр аныхæстæ кодтой, стæй сæ хистæр æрбараст кæрты ‘рдæм. Тæккæ уыцы рæстæджы бæхты уынæрмæ хæдзарæй рацæйцыди Гæмæт.

– Уазджытæ нæ уадзыс, Гæмæт? – худгæйæ загъта барджыты хистæр.

– Уазæг-хуыцауы уазæг. Табуафси. Мидæмæ, – райста Гæмæт уазæджы къух, ацы хицоны цыд чи æрбакодта мæ хæдзармæ, уый чи уа, зæгъгæ, хъуыдыгæнгæйæ.

– Мемæ æмбæлттæ ис, – загъта та уазæг æмæ фæстæмæ ракасти.

– Ау, æмæ сæ уынджы къæйыл цæмæн ныууагътай? Фæсивæд, цы фестут? Уазджытæм фæкæсут! – æрбахъæр кодта Гæмæт мидæмæ.

Уатæй ракалдысты лæппутæ æмæ чызджытæ. Асæбе баззади иунæгæй стыр агъуысты. Нæ йæ фæндыд, Гæмæтимæ фæкомкоммæ уа, уый. Фæстаг бонты йæм цыдæр тызмæг цæстæнгас дары зæронд. Исты йæ хъустыл æрцыди æви?… Нæ фæлæууыди уæддæр, ракасти та рудзынгæй æмæ цавддурау джихæй баззади. Кæртмæ кæрæдзи фæдыл дыгæйттæй бахызтысты уазджытæ. Лæппутæ æмæ сæм чызджытæ бауадысты, сæ хъæздыгарæзт нымæттæ æмæ басылыхъхъытæ сын райсынмæ.

Цæй хæрзарæзт сты уазджытæ. Хистæрыл донхуыз сгæллад цухъхъа, æмæхгæд хъама æмæ рон, æвзист бæрцытæ, сау уæлдзармхуд, æрттиваг цырыхъхъытæ. Иннæ æртæ уазæджы цæсгомæй кæстæр, фæлæ уыдон дæр арæзт. Алыхуызон цухъхъаты. Фæстаг уазæг, хистæры кармæ æввахс, гуырæй нарæгдæр, гуыбынæй ставддæр сырхбæрзæй лæг, радта йæ нымæт Заретæмæ æмæ йæм кæны зыд кæстытæ. Барæй æнцадгай исы йæ басылыхъхъ æмæ йæ цæстытæ ныссагъта чызджы. Заретæ ахаста нымæт æмæ басылыхъхъ, уæддæр ма уый йæ фæдыл кæсы, гæды фиумæ куы кæса, уый каст. Стæй араст и дурын асинтыл уæлæмæ. Йæ æрттиваг цырыхъхъытæ зыхъ-зыхъ кæнынц. Йæ морæ цухъхъайыл æрзæбултæ сты алы æрттиваг æвзæгтæ æмæ сызгъæрин бæрцыты лыстæг рæхыстæ бæрцагъудтыл. Æмæ йыл цы нæ уыди – ливоры босæй, сахаты босæй, æмæхгæд сыгъзæрин рон æмæ хъамайæ. Ногбоны æлæмау зæу-зæу кодта алы хæзнатæй. Йæ нæрст цæсгомыл зынди йæ хъал зæрдæйы буц царды хуыз.

Уæладзыг уатæй æрыхъуысти уазджыты хъæлдзæг ныхас æмæ сæ цырыхъхъыты хъыс-хъыс…

Асæбе лæууыди рудзынджы цур. Касти кæртмæ уазджыты бæхтæм. Хъал бæхтæ ног ссывд хос хæрынц, хуыррыттытæ кæнынц, се ‘гъдæнцæйтты дзыгъал-мыгъул цæуы. Асæбе касти пылыстæгæй арæзт сæргътæм, æвзист идæттæм, сыгъзæрин мæргъгæтæм æмæ дисы бацыд. Кæцæй цæуынц ахæм хъæздыгдзинæдтæ кæмæдæрты? Сæ иу бæхыл цы хæзнатæ ис, ме ‘ппæт хæдзары уый куы нæ ис. Æмбары Асæбе, ацы хъæздыг уазджытæ Заретæйы курынмæ кæй æрбацыдысты. Æмбары, Гæмæт сын цы дзуапп ратдзæн, уый дæр. Мæнæ ныр дæр æгас бинонтæ, сыхы чызджытæ æмæ лæппутæ уазджытыл фу-фу кæнынц, уый та ам, стыр уæгъдагъуысты, иунæгæй рохуаты баззад…

Хуры тынтæ ахызтысты Чызджыты хохы цъуппæй. Ком æрталынг. Сау мæйдар æхсæвау баталынг Асæбейы зæрдæ дæр. Цæуынафон ын у, уый æмбары, фæлæ ма уæддæр кæсы цæмæдæр. «Æрмæст чи сты, уый ма базонон», – зæгъы йæхинымæр.

Кæрты зымæгон хæдзарæй графинтимæ рацæуынц Заретæ æмæ йæ мад. Зул каст фæкодта Заретæ бинаг уаты рудзгуытæм. Йæ мидбылты бахудти æмæ йæ мады фæдыл ссыди асинтыл. О, цæй зыд цæстытæ ныццавта Асæбе Заретæйы фæсонтыл дыууæ ставд дзыккумæ! Цæй катайæ ныххоста йæ зæрдæ йæхи къултыл! Цæй хæстæг æм уыди тæккæ абон дæр Заретæ æмæ ныр цæй дард аци! Йæ ныронджы адджын æхсызгондзинад ныр сæмхæццæ маст æмæ катаимæ. Цæмæн бахудти мæнырдæм Заретæ? Цы зæгъынмæ хъавыди йæ бахудтæй? Кæд афтæ зæгъы: «Кæсыс, лæппу, цы курджытæ мæм æрбалæууыди. Ды та фæсмын зæнгæйтты кæимæ дугъ кæныс?..» Хъæлдзæгæй мæ цурты фæцæуы йæ хъæздыг курджытæм. Æз та ма ам цы бадын…

Уæладзыг уатæй нал хъуысы цырыхъхъыты хъыс-хъыс. Нал хъуысынц сæ ныхæстæ. Æвæццæгæн, фынгтыл æрбадтысты. Цы ма ис ам мæнæн?» Цон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йæ къæрцхъустæ ацахстой асинтыл къæхты уынæр æмæ ныхæстæ. Уæладзыгæй дæлæмæ ныхасгæнгæ æрцыдысты уазджыты хистæр æмæ Гæмæт. Ныллæууыдысты, раст Асæбе цы уаты бадти, уый рудзынджы цур. Гæмæт нæ зыдта, уаты ма исчи ис, уый.

– Бауырнæд дæ, Гæмæт, æндæр искæмæн нæ рацыдаин минæварæй дæ хæдзармæ, фæлæ дын Зыгъуытатæ хæстæг аккаг кæй сты, уымæ гæсгæ дæм æрбахастон мæ ныфс, – дзырдта уазæг.

– Зыгъуытатæй дын ницы зæгъын. Уæдæ Куытайы дæр зонын, тынг хъæздыг кæй у, уый дæр зонын, фæлæ мæ чызг нырма сывæллон у. А лæг чи у… Лæппу нал у… Чызджы зæрдæмæ дæр нæ фæцæудзæн…

– Дæхæдæг зоныс, Гæмæт, æрыгон чызгæн цас асдæр уа йæ мой, уыйас сæ цард æнцаддæр æмæ бындурондæр вæййы, уæлдайдæр та горæты, стæй Зыгъуытаты стыр хæдзары…

– Æз дын, Абысал, хæдзары тыххæй ницы зæгъын, фæлæ а усгур… Иудадзыг сæрджынтæй мæм нæ кæсы.

– О, Гæмæт, тобæ зæгъ, тобæ зæгъ. Тæригъæд ныхас ма кæн. Ау, Куытайы иунæг лæппу, йæ бирæ бынтæ кæмæн ныууадздзæн, уый! Уыдон æфсæнттæ сты, Гæмæт. Цы дзуапп мын зæгъыс? Ахæм хæдзар хæстæгæн…

– Цы дзуапп дын зæгъон… Афæрсын хъæуы… Max дæр мыггаг стæм… Хистæртæ, кæстæртæ дзы ис.

– Æмæ гъе уый дæр дзуапп у. Фæлæ нын æмгъуыд куы зæгъис.

– Къуырийы фæстæ. Иннæ абон-иу фæзынут…

Ацы ныхæстæ сæ сæрæй сæ кæронмæ фехъуыста Асæбе. Дыууæ лæджы фæстæмæ ссыдысты уæладзыгмæ. Сæ ныхæстæй асастой лæппуйы зæрдæ. Базыдта ныр Асæбе, усгур Ирыстоны хъæздгуытæн, бонджынтæн сæ тæккæ зынгæдæртæй кæй у. Ахæмимæ дугъ кæнæн ис!

Бафæллади лæппу йæ хъуыдытæ æмæ йæ зæрдæйы катайæ. Раст цыма дыууæ цæдæй Къæхтысæрыл суг фæласта. Цæуынмæ рахъавыди, фæлæ фæкомкоммæ фæндырмæ.

Айхъуыстысты æнкъард зарджытæ æмæ хъарджытæ кæртмæ. Фæндыры хъæлæс куы ныллæг æрцæуы æмæ хъуысгæ дæр нал фæкæны, куы та мæсты цæргæсау сисы йæ базыртæ, æмæ дзы уæд райхъуысынц маст æмæ додойы æртхъирæнтæ, судзгæ мæты сагъæстæ.

Уæладзыджы фынгыл бадджытæ кæд сидт сидты фæдыл уагътой, уæддæр сæм хæццæ кодтой уыцы фæндыры зарджытæ. Æрмæст цæуыл куыдта æмæ додой кодта уыцы фæндыр, уый сæ ничи зыдта. Ничи æмбæрста уыцы фæндыры æвзаг Заретæ йеддæмæ.

Заретæ лæууыди чызджытимæ уазджыты уæлхъус. Æнкъардæй касти кæдæмдæр. Йæ сæры магъзы иннæрдæм уадысты фæндыры зæлтæ, йæ зæрдæмæ йын хастой судзгæ стъæлфæнтæ. Мæнæ та фæсабыр фæндыр æмæ йæ бæзджын хъæлæстæй райхъуысти:

…Йæ хъал бæхы кафтмæ, йæ ехсы къæрццытæм
Дæ зæрдæ кæд кафы, Хынцæджы рæсугъддæр.
Йæ морæ цухъхъайыл сызгъæрин бæрцытæм
Дæ зæрдæ кæд барухс, нæ комы рæсугъддæр…

Хъусы Заретæ фæндырмæ æмæ джихтæ кæны. Хъуамæ ам, уазджыты уæлхъус, ма лæууид, алидзид, фæлæ йæм Гæмæт бадодой кодта, макуыдæм ацу, зæгъгæ, æмæ лæууы. Хаттæй-хатт бакæсы уыцы сырхбæрзæй нард лæгмæ æмæ йæ зæрдæ бакатай кæны. Фæндыр та систа йæ додой сагъæс:

Сырх дари къаба дын дæ уæнгтæ куы судза,
Сыгъзæрин камари дын д’ астæу куы ‘лхъива,
Æмæ дæм фæсмонæй дæ зæрдæ куы сдзура…
Дæ сырх уадултæ дын фæлурсæй куы сива…

Цæгъды Асæбе. Кæсгæ дæр никуыдæм кæны… Йæ зæрдæ баиу фæндыримæ. «Кæд нæ амонд нæу иумæ? Кæд йæхицæн хуыздæр уыдзæни хъæздыг хæдзары?» – хъуыдытæ кæны, æмæ уыцы хъуыдытыл фæндыр æфтауы базыртæ æмæ сæ хæссы уæладзыгмæ:

Кæд д’ амонд у йемæ, уæд м’ амонд дæр ахæсс…
Мæ зараг фæндыр æз ныссæтдзынæн хохыл.
Мæ катай, мæ мæт-иу дæ зæрдæмæ ма хæсс.
Мæ судзгæ зæрдæйæн хæцдзынæн йæ рохыл.

Фæндыры хъæлæс æрхызти ноджы ныллæгдæр æмæ та кæуæгау дзуры:

Мæ фæсмын цъæх цъухъхъа, мæ фыййау нымæты
Фæцæудзынæн авд комæй, авд хохæй дарддæр.
Цæр-иу уæд æнæ мæн уæлæуыл дзæнæты.
Дæ амонд, дæ цардæн нывонд у мæ цард дæр.

Фæстагмæ, цыма фæндыр йæ базыртæ сисын нал фæразы, афтæ уæззауæй ма дзы райхъуысти сау сагъæс:

Фæлæ ма фæстаг хатт мæ зæрдæмæ байхъус:
Фæсмонгонд куы фæуай, куы ‘лгъитай дæ бонтæ,
Уæд ма-иу кæугæйæ дæ нывонды ‘рбаймыс…
Мæ дуне, мæ уарзон, хæрзбон у… Хæрзбонтæ!..

Фæндыры хъæлæс æвиппайды фескъуыди. Йæ фæдыл уæладзыгмæ сыхъуысти дуары гуыпп. Заретæ фестъæлфыди. Скатай. Стæй хъуыды дæр ницыуал акодта, афтæмæй чызджыты фæстæты аивæй рахызти æмæ йæ фæдыл дуар сындæг рахгæдта. Куыддæр тыргъмæ рахæццæ, афтæ асинтыл дæлæмæ тæхæгау æрызгъордта. Фæтарсти Заретæ: йе ‘нæхуыссæг æхсæвты йæ рухс сæнтты кæй уыдта, йæ зæрдæйы буц ныхæстæ кæмæн кодта, йæхинымæр-иу мидбылты худгæйæ буц нæмттæ кæуыл æвæрдта, йæ былтыл кæй пъатæ сыгъдысты, уыцы зынаргъ адæймагæй æнæнхъæлæджы хицæн кæны мыггагмæ.

– Асæбе! – сусæг хъæлæсæй зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йын æгæр хъæрæй сирвæзти. Уыцы минут Асæбе ахæццæ кæрты дуармæ. Хъуамæ йыл йæ къахæй ахæцыдаид æмæ йæ зæрдæйыл хæцгæйæ лыгъдаид суанг Дæргъæвсмæ. Фæлæ базыдта Заретæйы. Йæ размæ æрбагæпп кодта.

– Заретæ! – æндæр зæгъын ницы сфæрæзта.

– Асæбе! – чызг ыл йæхи баппæрста æмæ ма дзырдта: – Асæбе… Асæбе… Ма мæ ныууадз… Ма мæ ныууадз, Асæбе…

Асæбе æрбалвæста Заретæйы йæ хъæбысы… Фелвæста йæ, кæрты дуар йæ къахæй асхуыста æмæ уазджыты бæхты цурты комырдæм фæзылди. Хъуыды дæр нал акодта, кæдæм цæуы, ууыл. Фæлæ дуне уæрæх у, лæппулæгæн та царды фурд – йæ уæлфæдтæм. Коммæ ныххызти къæдзæхдурты æхсæнты æмæ Стырдоны ауади фаллаг фарсмæ, йæ уарзон чызджы йæ хъæбысы хæсгæйæ. Дыууæ адæймаджы æхсæвы мæйдары аныгъуылдысты…