ТОМАЙТЫ Шамил

Новеллæтæ

ÆХСÆРТÆ

Доны былтæм хæстæг цы фæндаг цыд, уым нæ æвæрын хъуыди стыр къæдзæхдуртæ, цæмæй донивылды заман фæндаг хъыгдард ма æййæфтаид. Дурджын ран ссардтам хæххон хъæу Бызмæ хæстæг. Тъунелы фарсмæ кусджытæн сæвæрдтам вагон. Доны рахизфарс къуыбырæй хорз зындысты стыр дурты цæндтæ. Сæ фæрсты зад æхсæр бæлæстæ, рог уддзæфмæ змæлæгау кодтой. Дардæй кæсгæйæ, зæрдæйæн цыдæр æхсызгондзинад лæвæрдтой. Кусджытæ-иу стыр дуртæ æфсæн бæндæнæй бабастой æмæ сæ сыфцæй доны былмæ лас- той бульдозеры æххуысæй.

Иузаман ссыдтæн кусджыты цурмæ.

– Аходæнафон куы у, уæд уæ куыст цæуылнæ фæуадзут? – дзурын сæм.

– Æххæст ма уæлæ уыцы стыр дур раппарæм, стæй баулæф- дзыстæм æмæ аходæн дæр скæндзыстæм, – дзуапп мын радта бригадир.

Тросæй стыр дур фидар бæстытæ бакодтой, æмæ йыл бульдозер рахæцыд. Фæкомкоммæ дæн ахæм нывмæ: дуры бынæй рагæпп кодтой дыууæ мысты. Къæйдурыл ратæх-батæх систой. Цыдæр бур фæсалгондмæ-иу базгъордтой, æмæ та-иу къæйдурмæ сгæпп кодтой. Æз сæм кæсыныл фæдæн. Иу дзы кæрдæджы астæу цыдæр фæци. Иннæ мыст къæйдурыл йæ фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ, цыма кæугæ кодта, афтæ мæм фæкаст. Уалынмæ лæппутæй чидæр æрбахъæр кодта: «Мæнæ цас æхсæртæ ис!» Æрбамбырд сты æмæ сæ чысыл дуртæй къæрцц кæнын райдыдтой. Æхсæртæ иу-дыууæ килæйы бæрц уыдаиккой.

– Ныууадзут-ма дзы мыстытæн дæр, – зæгъын æз.

Хъуыдыты ацыдтæн. Не ‘ппæты дæр Дунесфæлдисæг сфæлдыста. Никæй хъæуы хъыгдарын, никæй фæллоймæ хъæуы æвналын. Мыст йæ бинонтæн зымæгмæ хæрд бацæттæ кодта, адæймаг та йын сæ йæхи бакодта…

 

ÆРТÆ ЛÆДЖЫ ÆМСÆР КУЫДЗ

Уый уыдис 1976 азы. Вагæттæ æмæ уæззау техникæйæн бынат скодтам хæххон суадонмæ хæстæг. Хъуыдис нæ хъахъхъæнджытæ æртæ лæджы. Арæх-иу фесæфт ивæн хæйттæ, æмæ-иу нæ куыст къуылымпы кодта. Нæ амондæн нæм иу хохаг лæг фæзынди куыстагур.

– Мæ фос мын бирæгъ ныццагъта, мæ хоры хуымтæ цъæхæй хурмæ басыгъдысты, æмæ мын цыфæнды куыст дæр раттут, – лæгъстæгæнгæ дзырдта уый. Йæ сæрыл – нымæтхуд, йæ къухы – æхсæр уисæй лæдзæг. Тынгдæр та фæкомкоммæ дæн, йæ фарсмæ цы æнахуыр къæбылайы йас куыдз лæууыд, уымæ. Йæ хицауы алыварс-иу кафæгау скодта, стæй-иу йæ фарсмæ йæ фæстаг къæхтыл абадт.

Раныхас-баныхасы фæстæ йын бамбарын кодтам, æртæ хъахъхъæнæджы нæ кæй хъæуы. Уый ныллæууыд, æртæйы бæсты дæр, дам, мæхæдæг кусдзынæн. Исты куы фесæфа, уæд та, дам уын сæ дывæрæй бафиддзынæн.

Сразы стæм йæ курдиатыл. Йæ куыдз ахæм зæрдæмæдзæугæ разынд, æмæ йыл кусджытæ фæцахуыр сты. Семæ йын хæринаг хастой. Алкæуыл дæр-иу бацинтæ кодта, æрмæст æцæгæлон адæймаджы вагæттæм хæстæг нæ уагъта, цалынмæ-иу нæ кусджытæй исчи йæ размæ не ‘рбацыд, уæдмæ.

Афæдзы бæрц куыдзы хицау, æртæ хъахъхъæнæгæн цы ‘мбæлд, уыйбæрц фæиста мызд. Райсомæй-иу ныл сæмбæлд, изæрыгон та нын-иу фæскуыст хæрзбон загъта. Куыстмæ-иу мæ зæрдæ куы ахсайдта, уæд-иу хæдтулгæйы иннæты разæй æрбацыдтæн. Куыдз-иу фыр цинæй мæ алывæрсты ратæх-батæх, кафын систа.

Фæлæ дын иубон кæсын, æмæ хъахъхъæнæг нæй. Райсомы аст сахатæй-иу чысыл раздæр фæзынд. Рахатыдтон, хъахъхъæнæг æхсæв куысты кæй нæ вæййы, уый. Куы-иу загъта, мæ фосæн холлаг æвæрынмæ ауадтæн, куы цы, куы цы… Иузаман афтæ: «Нæ бадзырды уын æз загътон, исты уæ куы фесæфа, уæд æй дывæрæй бафиддзынæн. Искуы уæ исты фесæфт?»

– Ницы, – дзуапп ын радтон æз.

– Уæдæ ма уæ цы хъæуы?..

– Ницыуал, – загътон ын худгæйæ. – Дæ куыдз æртæ лæджы баивта!

 

КЪОСТАЙЫ ЧИНГУЫТÆ

Æхсайæм азты мæ куысты хъуыддæгты фæдыл цæуын бахъуыд Азербайджанмæ. Сбадтæн поезд «Москуы – Баку»-йы æвдæм вагоны. Бæлццæттæ сбирæ сты. Вагонгæс мын мæ гæххæттытæм куы ‘ркаст, уæд мæм йæ мидбылты бахудт, ома, нæхи æфсæнвæндæгты кусæг дæ æмæ мын ацамыдта, уæгъд бынæттæ кæм уыд, уыцы купемæ. Бахызтæн мидæмæ. Æгъдау куыд амоны, афтæ салам радтон, уым цы æрыгон чызг уыд, уымæн. Уый мæм хъуынтъыз цæстытæй скаст, æнæбары дзуапп мын радта. Ницыуал сдзырдтон. Мемæ цыдæр журнал æмæ газеттæ уыд, æмæ уыдон кæсын райдыдтон.

Уалынмæ вагонгæс цай æрбахаста. Чызг йе ‘вæрæнтæй хæринæгтæ систа æмæ сæ стъолыл æрæвæрдта. Цас рæстæг рацыдаид, нæ зонын, фæлæ мæм чызг иуафон куы сдзурид:

– Хæстæгдæр æрбабад, иумæ цай бацымæм.

Æз ын бузныг загътон æмæ та газеты аныгъуылдтæн.

Уæд та мæм уый ногæй сдзырдта:

– Дæ хорзæхæй, мемæ цай бацым.

Æз æм аивæй бакастæн. Æрдæбоны тызмæг, мæстыгæр чызгæй фæд дæр нал аззад. Мæ цуры бадтис зæрдæмæдзæугæ, урсцъарцæсгом, аив æфснайд æрыгон чызг. Æз ын хъазгæмхасæнты загътон:

– Мæнмæ гæсгæ дын чысыл раздæр ме ‘рбацыд хъыг уыди. Уæд, нырма кæрæдзи нæмттæ дæр куынæма зонæм, афтæмæй иумæ къæбæр куыд хæрдзыстæм?

Уый мын æфсæрмхуызæй афтæ:

– Мæ ном Ляман хуыйны, хатыр мын бакæн, мæхи дæм тызмæгæй кæй равдыстон, уый тыххæй. Фæлæ дæ размæ ам уыд дæ карæн æртæ лæппуйы. Дысон-бонмæ кодтой нуазгæ. Тамако дымдтой. Дзырдæппарæн мæм кодтой, æмæ де ‘рбацыды онг дуарæддæ фæлæууыдтæн. Æнхъæлдтон, ды дæр исты ахæм митæ кæндзынæ.

Ныхас нын бацайдагъ. Ляман кæд æрыгон чызг уыд, уæддæр разынд Бакуйы консерваторийы хистæр ахуыргæнæг. Йе студентты цæттæ кодта Мæскуымæ, Азербайджаны 50 азы кадæн декадæйы равдыстмæ. Йæ алы дзырд дæр уыд аив, зæрдæмæдзæугæ. Бæрæг дардта, уæздан бинонты ‘хсæн кæй схъомыл, уый.

Уæлдай дисы та мæ уый бафтыдта, æмæ Ирыстоны истори, суанг «Нарты кадджытæ» дæр хорз кæй зыдта.

Сæумæрайсом Бакумæ ныххæццæ стæм. Вагзалы Ляманмæ æнхъæлмæ кастысты йæ мад æмæ фыд, стæй цалдæр студенты. Семæ мæ базонгæ кодта, ацы лæппу ирон у, зæгъгæ.

– Уæдæ ды нæ уазæг дæ æмæ махмæ цом… Ацафон дæ вагзалы нæ ныууадздзыстæм, – загътой чызджы ныййарджытæ.

Ныфсæрмытæ дæн, фæлæ ацыдтæн. Уайтагъд сæ фатермæ бахæццæ стæм. Райдзаст агъуысты хицæн уаты уыди библиотекæ. Уымæй уæлдай стыр уаты фæкомкоммæ дæн зынаргъ тæрхæджытыл аив æвæрд чингуытæм. Хæстæгдæр сæм бацыдтæн. Кæсын, æмæ Хетæгкаты Къостайы чингуытæ сæрмагонд бынат ахсынц. Мæ цин æмæ дисæн кæрон нал уыд.

Ляман мæм фæкомкоммæ:

– Хион дæ йæхимæ æлвасы? – сдзырдта, фæлмæн мидбылхудгæйæ. – Къоста канд сымах Къоста нæу, фæлæ æппæт адæмты… – дзырдта уый сæрыстырæй.

Уæлдай диссаг мæм фæкаст, куыд хорз зыдта чызг Къостайы сфæлдыстад. Йе ‘мдзæвгæтæй ма мын иу дзургæ дæр ракодта. Загъта мын, Абайтæй йын хорз æмбал ирон чызг Хуссар Иры кæй ис, æмæ йын уый кæй æрæрвиты ирон адæмы тыххæй чингуытæ…

Иу ныхасæй, тынг мæ суазæг кодтой. Бирæ рæстæг рацыд уæдæй нырмæ. Фæлæ мæ нæ рох кæны уыцы фембæлд. Уæлдайдæр та, Къос- тайæн æндæр адæмыхæттытæ цы стыр аргъ кæнынц, ууыл хъуыды кæнгæйæ.

 

ЦЫРТДЗÆВÆН ХЪÆБАТЫР ГÆДЫЙÆН

Иуахæмы мæ хорз хæлæрттимæ уыдтæн чындзæхсæвы Дербенты сæрмæ Сабнавайы хъæуы. Дыууæ боны ныл хорз фæцинтæ кодтой. Уырдыгæй нæ дард хæхбæстæм йæ фыдæлты уæзæгмæ ахуыдта, немæ чи куыста, ахæм лæг. Хъыгагæн, уыцы хохаг хъæуы ном мæ ферох. Не ‘мбал, кæд ма исты зонын, уæд Гаджи хуынд. Хохаг тæссаг фæндæгтыл «Виллис»-ыл схæццæ стæм хъæумæ. Иу хæдзары æрбынат кодтам. Рацыдтæн цæхæрадонмæ. Сыгъдæг уæлдæфæй улæфыдтæн мæ риуыдзаг. Уалынмæ иу къуыбыргондмæ, йæ уæлæ къæйдур æвæрд, фæкомкоммæ дæн. «Цымæ, цы уыдзæн?» – ахъуыды кодтон мæхинымæр.

Гаджи мын фæстæдæр афтæ радзырдта: «Уый, мæн хъахъхъæнгæйæ цы гæды фæмард, уымæн сæвæрдтой ацы цыртдзæвæн-къæйдур. Мæ фыд æмæ йе ‘фсымæртæ хос кæрдынмæ ацыдысты. Æз, мæ мад мæ куыд уызта авдæны, афтæмæй афынæй дæн, æмæ уый сыхæгтæй кæмæдæр ауад. Чи зоны, сылгоймаг дзурыныл дæр фæци. Уыцы рæстæг залиаг калм авдæны ‘рдæм æрбацæйбырыд. Уый нæ сахъ гæды куы ауыдта, уæд ыл йæхи ныццавта. Стыр тохы бацыдысты калм æмæ гæды. Куыддæр æгъдауæй гæды калмы ныххурх кодта. Фæлæ йæ калм дæр йæ маргæй фæхъæстæ кодта. Мæнæн, дам, авдæнæй мæ цъæхахст цыдис, афтæмæй мæ мæ мад æрбаййæфта.

Гæды ма, дам, змæлыд. Калмы мæ мад мардæй куы федта, уæд хорзау нал фæцис æмæ сыхæгтæм фæфæдис.

Уæдмæ мæ фыд дæр йе ‘фсымæртимæ фæзынд. Хабар куы бамбæрстой, уæд, дам, хъæбатыр гæдыйы уартæ уым баныгæдтой æмæ йын цыртæн та уыцы къæйдур сæвæрдтой. Кæй фервæзтæн, уый тыххæй мæ фыд куывд скодта.

 

НÆ ФЫДÆЛТЫ ФАРН

Транскамы фæндаджы арæзтады бирæ организацитæ куыста. Махæн дæр дзы иу хай радих кодтой. Куыд цæуы арæзтад, уый бæрæггæнæг ацыдыстæм. Кæсын, æмæ иу цæйдæр тыххæй лæууынц цалдæр машинæйы. Хъыг мын куыд нæ уыдаид. Мастермæ хæцын райдыдтон. Уæлæ, зæгъын, нæ сыхæгтæм дзæгъæлы куы лæууы, уæд уыдонæй цæуылнæ ракуырдтай æххуыс, райсомбон та сæм мах фæкæсдзыстæм. Уыдонæй, дам, зымæг мит нæ рантысдзæн. Цомут-ма, зæгъын, мемæ.

Ацыдыстæм нæ сыхæгтæм. Курæг лæг куыд вæййы, афтæ бамбарын кодтон, иу экскаваторы аххосæй кæй лæууæм. Сæ хицау мæм æрбакаст æмæ мæ фæрсы:

– Кæмæй дæ?

– Томайтæй.

– Æцæг дæ Томайтæй?

– Кæд дæ ме ‘вдисæндар хъæуы, уæд дын æй равдисдзынæн.

– Уæдæ, кæд Томайтæй дæ, уæд нæм цыдæриддæр техникæ ис, уыдон акæн, æмæ уæм кусой.

Æхсызгон мын куыд нæ уыд. Нæ сыхæгты ‘руаджы нæ куыст размæ ацыд. Фæлæ мын мæ мыггагæн ахæм аргъ кæй кæны, уый мæ хъуыдыты бафтыдта. Ноджы ма мæ фарсмæ лæууыд ме ‘мкусæг, мæ хæлар Арбиаты Хъазыбег, æмæ афтæ зæгъы:

– Уыныс, дæ фыдæлтæ дын цы кад æмæ фарн ныууагътой?

Дæ фыдæлтæ – рухсаг, дæхæдæг мын бæзз. Бæргæ, уыдоны аккаг фæдонтæ куы уаиккам, зæгъгæ ма, Къостайы ныхæстæй дзуапп ратгæйæ, бакастæн, нæ къух нын чи ацарæзта, уыйырдæм. Радзырдта мын цалдæр цауы мæ фыдæлты тыххæй, æмæ сæрбæрзонд куыд нæ уыдтæн мæхинымæр. Хъуыды кодтон, сæ тырыса сын дæлдæр куынæ ‘руадзиккам.

Æмæ, Томайты кæстæртæ нæ рагфыдæлты кувæндон Æвзæндагмæ куыд базылдысты, куыд æй срæсугъд кодтой, уый куы федтон, уæд мæ зæрдæ барухс. Уыцы хицау та кæддæр не ‘рвадæлты лæппуимæ иумæ ахуыр кодта институты.

 

АРС… ФÆНДАГИВÆГ

Мæ куыстмæ гæсгæ арæх цыдтæн поезды. Иубон купейы базонгæ дæн ацæргæ кæсгон лæгимæ. Ныхас нын бацайдагъ. Æфсæнвæндæгты кусæг дæн, уый куы базыдта, уæд мын радзырдта ахæм хабар. Советон дуджы лæгæн йæ пенси фæстаг дыууæ-æртæ азы мызды бæрцмæ гæсгæ нымадтой. Уымæ гæсгæ, дам, афтыдтæн Ханты-Мансимæ. Уыди дзы хæрзчысыл станцæ, «къуырцдзæвæн» («тупиковый») кæй фæхонынц, ахæм. Æхсæвæй боны астæу иунæг хатт паровоз ласта цалдæр вагоны. Станцæйы цард æрмæстдæр иу лæг. Хъалагъур, фæндагивæг, хицау – иууылдæр уыд йæхæдæг. Схъомыл кодта йæхицæн арсы лæппын. Афтæ йæ сахуыр кодта, æмæ-иу паровозы уасынмæ рацыд. Цæмæй паровоз фæстæмæ раздæхтаид, уый тыххæй-иу æфсæнвæндаджы фат иу фæндагæй иннæмæ базылдта. Лæг йæхæдæг та йæ хъарм хуыссæны фынæй кодта, афтæмæй арсы бæсты иста мызд.

Чи зоны, æмæ нæ баууæндыдаин ацы хабарыл, фæлæ ма йæ цалдæр азы фæстæ ме ‘мкусджытæй дæр фехъуыстон.

 

ЗЫДГÆНÆДЖЫ ХЪЫСМÆТ

Иуахæмы мæ сыхаджы фæдыл мæрддзыгой адæмимæ ацыдтæн иу стыр ирон хъæумæ. Тæфæрфæс ракæныны фæстæ æрлæууыдыстæм, кæмæн куыд æмбæлд, афтæ. Кæсын, æмæ иу лæг чысыл æддæдæр мæ акомкоммæ лæууы. Тынг зонгæ цæсгом ын, фæлæ чи у, уый æрхъуыды кæнын мæ бон нæ уыд. Уæд мæм йæхæдæг хæстæгдæр куы ‘рбацæуид. Нал мæ базыдтай, зæгъгæ мæ афарста. Мæ разы телогрейкæйы лæууыд æнаив, æнæдаст, кæддæры хъал лæг, бирæ скълæдтæ æмæ базæтæ кæй бар уыдысты, уый. Гъе, æрмæст никуы никæмæн баххуыс кодта, йæ бон цы уыд, уымæй йæхирдæм ссывта.

Базыдтон дæ, базыдтон, зæгъгæ йæм сдзырдтон, кæд мын йæ уынд тынг æхсызгон нæ уыд, уæддæр (рагæй дæр зыдыка, æнæфсистæй ме сæфт уыдтон). «Цæй, куыд цæрыс?» – æнæбары йæ афарстон. Уый мын йæ хъæстытæ кæнын куы райдаид. Æхсæз раны, дам, хæдзæрттæ балхæдтон æмæ, дам, уыдоныл разил-базилæй мæ бон нал у, мæхимæ дæр мæ нал æвдæлы. Æмæ дзы иу хæдзары йеддæмæ куынæ цæрыс, уæд дæ цæмæн бахъуыд уыйбæрц сæрнизтæ, зæгъгæ ма йын загътон æмæ дзы мæхи аивæй иуварс айстон…

 

НАРТЫ НОГ ФÆТКЪУЫ БÆЛАC

Нарты фæткъуы бæлас базæронд. Иугай дидинджытæ ма йыл фæзынд уалдзæджы æмæ цалдæр ихæфхæрд фæткъуыйы фæззæджы. Нарт сæ Ныхасы бауынаффæ кодтой, Уырызмæг рынчын у, æмæ йæ уымæн балæвар кæнæм, зымæджы йын сугæн бабæздзæн, зæгъгæ. «Абонæй фæстæмæ йæм хæстæг мачиуал цæуæд», – уыд сæ уынаффæ.

Уырызмæгмæ Нарты уынаффæ бахæццæ. Иуырдыгæй йын æхсызгон уыд, иннæрдыгæй – хъыг. Бавдæлд, æмæ фæззæджы бæласмæ дзæбæх алыхуызон хъацæнтæй базылд. Уый уалдзæджы диссаджы дидинæг ракалдта. Йæ дзæбæх тæфмæ уарзæттæ кæрæдзи тынгдæр уарзын байдыдтой, хистæртæн та рог уæнгтæ лæвæрдта, æмæ сæм низ хæстæг нал цыд. Фæззæгмæ фæткъуытæ сцæттæ сты. Ахæм рæсугъд, цæхæркалгæ уыдысты, æмæ æнæхъæн дунемæ зындысты, сæ бæркадджын уындæй тавтой адæмты…

Ферох Нартæй сæ уынаффæ, бæласмæ хæстæг мачиуал цæуæд, зæгъгæ, уый тыххæй. Фæсивæд сфæнд кодтой фæткъуытæ адавын, Уырызмæг уым куыд нæ уа, афтæмæй. Батардтой бæласы цурмæ бæх- уæрдæттæ. Фæткъуытæ тонын райдыдтой.

Цас фылдæр тыдтой, уыйас фæткъуытæ бæласыл фылдæрæй-фылдæр кодтой. Уалынмæ Уырызмæг æнæнхъæлæджы сæ цуры куы февзæрид. Нарты фæсивæд цавддуртау фесты. Уырызмæг сæ йæхæдæг фефсæрмы æмæ ма сфæрæзта:

– Тонут, мæ хуртæ, тонут, не ‘ппæты, стæй æнæхъæн дунейы фаг дæр у Нарты фæткъуы бæлас. Æцæг, базæронд, æмæ йæ уый тыххæй сугæн макуы акалут.