ТЫЛАТТАТЫ Бексолтан

УАРЗОНДЗИНАД – ÆВДАДЗЫ ХОС

Сæхæм райста уæлдæр ахуырад, фæлæ йын куыст нæй ныр дыууæ азы.

Йæ мад Хадизæт тыхсы, фæлæ йын цæмæй аххуыс кæна? Цы йæ бон у, бæргæ, гæртамваг æм куы уаид, уæд… уæд…

Иу райсом та Сæхæм йæхи рарæвдз кодта куыстагур. Йæ мад æм дзуры:

– Сæхæм, мæ къона, ме ‘фсымæр Аланмæ ма-иу бадзур. Фæсарæнтæй, чи зоны, æмæ ‘рбацыд. Йæхимæ дын куыст куы нæ уа, уæддæр ын зонгæтæ бирæ ис, æмæ дын кæд истæмæй феххуыс кæнид.

Алан йæ куысты разынд. Йæ хæрæфыртыл зæрдиагæй бацин кодта. Сæхæм ын йе ‘рбацыды сæр загъта. Алан æй æрбахъæбыс кодта:

– Тынг хорз афон мæм æрбацыдтæ, мæ цардхæрæфырт! Нæ чызджытæй иу бухгалтер смой кодта Мæскуымæ. Дæ гæххæттытæ ‘рбахæсс æмæ райдай кусын.

Сæхæмæн офисы кусджытæ райдианты æмхуызонæй æххуыс кодтой. Сæхæм дæр семæ се ‘фсымæры хуызæн хъæрмудæй цæры. Йæ фыццаг мызд æнæхъæнай Хадизæтмæ радта. Уый цинæн кæрон нал уыд.

Иннæ цалдæр мызды дæр – афтæ. Хадизæт сæ æмбырд кæны. Бинонтæ кæнын æй хъæудзæн…

Аланæн йæ хæрæфыртæй куы феппæлынц, уæд дзы сæрыстыр вæййы.

Рæстæг цæуы. Сæхæм сæйраг бухгалтеры хæдивæг Лидæимæ цæстæнгасæй кæрæдзи æмбарын байдыдтой. Цалдæр хатты чызджы фæскуыст йæ хæдзармæ дæр бахæццæ кодта. Лидæ у, хæдзарон кæй фæхонынц, ахæм чызг. Уæздан мад æмæ фыдимæ схъомыл. Офисы кусджытæ дæр æнхъæлмæ кæсынц чындзæхсæвмæ.

Бонтæ цæуынц, фæлæ чындзæхсæвы койгæнæг нæй. Сæхæмæн фæзынд ног зонгæтæ, сойвых хæлæрттæ. Мызд нал хæссы хæдзармæ. Хадизæт æнхъæл у, зæгъгæ, Сæхæм йæ мызд чындзæхсæвæн йæхимæ æмбырд кæны. Фæлæ æнафонтæм куы баззайы, хæдзармæ нозтджынæй куы ‘рбацæуы, уæд ыл дызæрдыг кæнын райдайы.

Сæхæм куыстмæ дæр афоныл нал цæуы. Цæугæ та дзы раздæр акæны. Йæ митæ никæй зæрдæмæ цæуынц. Чидæр æм арæх телефонæй æрбадзуры. Сæхæм скатай вæййы. Цы ‘фсонæй федде уа, уый нал фæзоны.

Лидæ йын йæ уавæрæн ницы ‘мбары æмæ тыхсы. Æвæццæгæн æм йæ зæрдæ æруазал. О, фæлæ, æндæр чызгимæ дæр куы не ‘мбæлы. Цыдæр хуызæн сси. Нывыл салам дæр нал дæтты. Раздæр-иу мидбылхудгæ æрбацыд æмæ-иу се ‘ппæтæн дæр хъæлдзæгæй салам радта. Ныр уыцы тарæрфыгæй фæзыны æмæ комкоммæ кæсгæ дæр никæмæ фæкæны.

Иу райсом та адæм æмхуызонæй афоныл куыстмæ æрбацыдысты. Сæхæм зынæг та нæй. Иутæм Аланæн æй зæгъыны фæнд уыд, цæмæй йемæ аныхас кæна. Иннæтæ загътой, банхъæлмæ ма йæм кæсæм, зæгъгæ.

Лидæ сæм лæмбынæг фæхъуыста, фæлæ ницы сдзырдта. Йæ зæрдæ уынгæг кæны. Æрæджиау Сæхæм фæзынд. Æнæ исты сдзургæйæ та йæ кусæн стъолы уæлхъус æрбадт. Лидæмæ фæрсмæ дæр нæ кæсы. Дыууæ сахаты цыдæр рацыдаид, афтæ Сæхæмы телефон ныззыланг ласта.

– Хъусын. Хорз, хорз! Зындзынæн…

Æмæ Сæхæм феддæдуар. Лидæ æвæстиатæй йæ фæдыл ахызт. Сæхæммæ тыргъы æнхъæлмæ каст хæрзарæзт лæппу. Салам радтой, кæрæдзи къухтæ райстой æмæ уынджы ‘рдæм фараст сты.

Лидæ сæ баййæфта.

– Бахатыр мын кæнут, фæлæ, Сæхæм, нырма куысты рæстæг куы у, уæд…Чи дын у ацы дзæбæх лæппу?

– Ме студентон азты æмбал у. Æмæ йын иумæ куыстагур цæуæм.

– Рестораны та агурут куыст… æфсапъæйы?

– Цыбырдзырдæй, Сæхæм, уацары хауыс сылыстæгмæ, æмæ… æмæ æз цæуын, – загъта лæппу, стæй цæхгæр фæзылд æмæ фæцæуæг. – Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн, – радзырдта фæстæмæ.

Сæхæм йæ сæр æруагъта. Лидæ йæм хæстæгдæр балæууыд:

– Сæхæм, цы дыл æрцыд, цы? Ай къæссафæлдæхт куы фæдæ. Аланы, дæ хæрзгæнæджы, фæсмойнаг цæмæн кæныс? Ныр куыст куыд зын ссарæн у, уый нæ зоныс?

– Зонын. Æмбарын алцыдæр. Фæлæ ацы лæппуйæ мæ бон фæхицæн кæнын нæу. Нæ кусы, афтæмæй йæм уæддæр та æхца – хæрх. Йæ фыд сойджын бынаты кусы, æмæ…

– Ды дæхи ууыл цæмæн къуырыс? Улупайæ улупамæ куы у дæ цард…

– Æфсарм мæ ‘рцахста: дыууæ хатты мæ йæ зонгæ лæппутимæ фæхуыдта ресторанмæ. Мæхæдæг нæ нуазын, зоныс æй. Фæлæ мæм-иу худинаг каст, нæ нуазын, зæгъгæ, зæгъын, æмæ та-иу æнæнхъæлæджы фæрасыг дæн. Мæн дæр сæ бахъуыд фæхонын…

– Æмæ дæ улупа ресторанæн йæ хъуыртты дæр…

– Æфстау-иу райстон Тамиккæн йæхицæй. Ме ‘мбалæй зæгъын…

– Сæхæм, æргом ма мын æй зæгъ: дæ зæрдæйы ахастдзинад мæм аивтай?

– О, нæ. Бакæсын дæр дæм æфсæрмы куы кæнын. Стæй, зæгъын, уый кæд ды фæизгардзæрдæ дæ мæныл, цыдæр къупригондыл…

– Ныр мæнмæ дæр байхъус. Райсом нæ мызд исæн бон у. Райсдзынæ йæ, æмæ дæ æз уæ тæккæ хæдзармæ ныххæццæ кæндзынæн.

– Æмæ уый аив уыдзæн?

– Ды дæ сæрмæ цытæ хæссыс, уыдонæй бирæ аивдæр. Ныр цом офисмæ.

Лидæ, сихорæн цы хъуыд, уыдон дуканийы райста. Мидæгæй та загъта:

– Фæсивæд! Абон сихор кæнæм мæнæ Сæхæмы хардзæй! – æмæ дзаг хъулон-мулон хызын фынгыл æрæвæрдта.

Иууылдæр æхсызгон сцъиах-цъиах кодтой. Сæхæм, фыр æфсæрмæй ма цы акæна, уый нал зыдта..

Лидæ Сæхæмы куыд хæццæ кодта сæ хæдзармæ, афтæ сæ Хадизæт иумæ цæугæйæ федта рудзынгæй. Йæ зæрдæ цинæй айдзаг. Фæлæ Сæхæм иунæгай мидæмæ куы ‘рбахызт, уæд Хадизæт джихæй баззад, æрмæст ницы сдзырдта.

Дыккаг бон Сæхæм куыстмæ фæзынд афонæй раздæр. Иннæтæй чи куыд цыд, афтæ сын салам лæвæрдта. Уалынмæ Лидæ дæр фæзынд. Сæхæмы куы ауыдта, уæд ныррухсцæсгом, цæстытæ фыр цинæй цæхæр акалдтой. Йæхиуыл фæхæцыд, æрмæст мидбылты бахудт, бацыд йæ цурмæ. Йæ армытъæпæнæй йын йæ сау сæрыхъуынтæ æрлæгъз кодта фыдуаг гыццыл лæппуйау æмæ йæхи бынаты ‘рбадт.

Иууылдæр æй бафиппайдтой, фæлæ сæхи ницыуынæг скодтой. Фæссихор райстой сæ мызд. Лидæ Сæхæмы цонгыл хæцы, афтæмæй рахызтысты уынгмæ. Пæлæхсæр сусхъæд бæласы бын аууоны бадынц Тамик æмæ йæ халявæуарзаг æмбæлттæ.

– Дæхи сæ æнæуынæг скæн. Ма фæзил уыцырдæм, – аивæй йæм дзуры Лидæ.

Лæппуттæ сæ уынгæ нæ фæкодтой, æви Лидæйæ сæ ныфс нæ бахастой… Уымæй фæстæмæ сæ фервæзт Сæхæм.

Алан куы бамбæрста Сæхæм æмæ Лидæйы ахастдзинæдтæ, уæд иу дзæбæх бон бабæрæг кодта йæ хо Хадизæты.

– Мæ хо! Цæмæ ма у уæ каст? Цæуылнæ кæнут чындзæхсæв?

– Ницæмæй цæттæ стæм нырма…

– Чындзæхсæвæн цыдæриддæр бахъæуа, уыдон – мæ бар. Лидæ иттæг хорз чызг у. Йæ ныййарджытæ дæр – кадджын, нымад адæм. Хорз хæстæджытæ нын уыдзысты. Хъуыддаг ивазын нал хъæуы: хуыцауæхсæв сæм минæвæрттæ барвитæм, æмæ чындзæхсæвы бон снысан кæнæнт.

Аланы руаджы чындзæхсæвы хъуыддæгтæ фæрæвдз сты. Сыхы цæрджытæ æмхуызонæй базмæлыдысты цины бон. Хæстæгæй, хионæй, зонгæтæ дæр – афтæ. Лидæ æмæ Сæхæмы куыстæмбæлттæ æрцыдысты стыр лæвæрттимæ.

Хадизæты хъæлдзæгдзинадæн нал ис кæрон. Уæдæй абонмæ Сæхæм æмæ Лидæ цæрынц уарзонæй. Хадизæты, дыууæ æнахъом лæппу æмæ чызгимæ тезгъогæнгæйæ, арæх фенæн вæййы горæты стыр парчы. Лæгæн цæстырухс у уыдонмæ кæсын.

 

ДЫУУÆ ФЕМБÆЛДЫ АРСИМÆ

Æрæгвæззæг. Мæ фыдимæ нæхи галæй цæуæм хъæдмæ хъæддаг кæрдотæ ласынмæ. Санибайæ фæуæле стæм. Тæгуызбарзы къуыбыры иувæрсты рахизырдæм ныззылдыстæм. Мæ фыд чысыл фæрæт айста æмæ ахызт уæрдонæй. Цæуы разæй. Куы иуырдæм бауайы, куы иннæрдæм. Кæм цавæр кæрдо ис, уыдон хорз зоны.

Æз гал уæрдонфæндагыл тæрын. Мæ размæ дын рауад æмæ сабырæй дзуры:

– Гал афтæ уадз æмæ æнæ уынæрæй мæ фæстæ рацу.

– Чидæр былмæ хæстæг кæрдо бæлас уигъы æмæ сæ гæр-гæр хъуысы. Мæ фыд æрлæууыд æмæ мын хæрдмæ кæрдо бæласмæ къухæй амоны. Скастæн хæрдмæ. Кæрдо бæласæн йæ цъупмæ хæстæг арс лæууы. Ныууигъы бæлас. Кæрдотæ йыл куы æргæр-гæр кæнынц, уæд йæ сæр ныггуыбыр кæны. Кæрдотæ нал фезгъæлынц, зæгъгæ, уæд та йæ ногæй ныууигъы. Бæласы бын зæхх кæрдойæ – æмыхгæд. Йæ уæлæ ма баззад иугай кæрдотæ. Мæ фыд æм уæлæмæ дзуры:

– Бурхъус! Æгъгъæд у! Рахиз æмæ нæ уидзын бауадз.

Арс нæм ракаст. Чысыл алæууыд, цыма истæуыл хъуыды кодта, уыйау, стæй сабыргай, зивæггæнгæ, æнæбары æрхызт æмæ дæлбылмæ ацыд.

Уый уыд мæ фыццаг фембæлд удæгас арсимæ.

 

* * *

Мæ фыд кусы Хъобанмæ фæндагыл Уæрæх комы. Бæхтыл суг æфтауц кæнынц фæндаджы былмæ. Уырдыгæй йæ машинæйæ ласынц горæтмæ æмæ дурæвзалыимæ хъарм кæнынц æнæхъæн горæт. Мæ фыд мын бафæдзæхста: хуыцаубоны-иу галæй æрбацу æмæ хъæдурыхъилтæ алас. Куы цыдтæн, уæд мын Дзыцца бæгæныйы балон мемæ авæрдта.

– Уадз æмæ дзы сæ дойны суадзой.

Мæ бацыдмæ лæгтæ æмбырдæй лæууынц. Балон Сандырмæ радтон:

– Хистæр дæ æмæ дзы ракув.

– Диссаджы бæгæны. Нæ зонын, дæ фыд «хор нæй, хор нæй» кæны.

Елдзарыхъо, иу хатт ма дзы аназ æмæ базон, цæмæй конд у, уый.

Ногæй та дзы анызта.

– Арæби, хорæй конд бæгæны цыма у.

– Уый у хуыскъæлæй конд бæгæны, – загъта фыд.

– Æри-ма, иу хатт ма йæ фенон, – анызта дзы. – Хуыскъæлы ад æппындæр нæ кæны.

Фæцæуæм комы хъæдурыхъилтæ кæнынмæ. Фæндагыл цæхгæрмæ цы чысыл дон кæлы, уырдæм.

Куы бахæццæ стæм, уæд дынджыр арс дæр уырдæм æрбахæццæ. Лæууæм доны дыууæ фарсы. Арс Сандыры дæларм чысыл фæрæтмæ бакæсы. Куы нæ змæлыдыстæм, уæд доны иувæрсты ацыд, схызт уæлбылмæ.

Мах дæр сулæфыдыстæм. Уый уыд мæ дыккаг фембæлд арсимæ.

 

ГАЛЗИЛÆНТÆ

У уалдзæгмæ æввахс. Мартъи йæ фæстаг тыхтæ сæмбырд кодта, хус фæлмæн митæй зæхх æрæмбæрзта. Бæстæ урс адардта. Мит цæхæртæ калы. Цæстытæ йæм нæ фæразынц кæсын. Митæмбæрзт хæхтæй сæумæрайсомы ирдгæ хæссы. Цæсгом æмæ къухтæ судзы. Мит дзабырты хъустæм нæ хæццæ кæны, фæлæ йæ уазал къæхты иннæрдæм хизы. Цæуын Джызæлæй Къардонмæ фæндагыл æвæд миты фистæгæй. Æнхъæл уыдтæн, машинæ кæнæ мæ уæрдон æрæййафдзæн æмæ мæ дарддæр аласдзæн.

Хæсты фæстæ адæмæй кæмæ уыд машинæ!.. Колхозы дæр уыд иу хæлддзаг. Куы йын цæлхытæ нæй, куы – ивæн хæйттæ. Фылдæр бонты лæууыд къодæхтыл.

Уæддæр-иу рæстæгæй-рæстæгмæ акастæн фæстæмæ. Цы нæ вæййы. Уæдта исчи бæхуæрдонæй æрцæуы. Авæрдзæн мæ æмæ мæ дæлдæр аласдзæн. Фæлæ нæй цæуæг. Цæуын. Цæугæйæ, мæ къæхты уазал нæ хатын, фæлæ мæ къухтæ æмæ мæ цæсгом сийынц. Аууæрдын сæ, фæлæ хъарм нæ кæнынц. Цæуын та мæ хъæуы Хуымæллæгмæ. Мæ фыдыхо Райсæ цæры уым. Нæ гал уыдонмæ ис. Фæззæджы дзы сæ куыстытæ бакодтой. Ныр мын дысонизæр мæ фыд бафæдзахста:

– Райсом Хуымæллæгмæ ныццу. Гал ракæн. Уæлгинскæмæ йæ бакæн. Де ‘мхæрæфырттæй кæнæ дæ мадырвадæлтæй кæд никæй бахъæуа, уæд æй Черменыхъæумæ мæ хо Лесгамæ уадз.

Уыцы дард фæндагыл мæ цæст куы ахастон, уæд махинымæр барызтæн. Галмæ фистæгæй, æнæ уæрдонæй цæуын тынг зын кæй у, уый куыннæ зыдтон, фæлæ мæ фыдæн «нæ» зæгъын мæ бон не сси. Фыд фыд у. Йæ ныхасыл «дыууæ» зæгъæн нæй. Цæуын. Фæстæмæ дæр фæкæсын. Мæ фæстæ фæндагыл мæ къахфæдтæ дыууæ рæнхъæй хърихъуппытау зайынц. Къардонмæ ныххæццæ дæн. Адæймаг змæлæг дзы нæма ис. Иууылдæр фынæй кæнынц, æвæццæгæн. Уалынмæ райхъуыст уæрдоны уынæр. Аргъуаны тигъæй æрбазындысты дыууæ урс зыгъар сырх бæхы бричкæйы ифтыгъдæй. Гыбар-гыбургæнгæ Фарныхъæумæ фæндагыл фезгъорынц. Ай мæ, зæгъын, йæ бричкæйы дæлдæр куы аластаид. Куыд загътон мæхимидæг, афтæ бричкæ фермæмæ фæндагыл фæзылд.

Фарныхъæумæ ныххæццæ дæн. Æмбæлæг мыл нæй. Æвæццæгæн, æз æгæр раджы рацыдтæн нæхицæй. Адæм нырма фынæй кæнынц. Ноджы хур дæр мигъты фæстæ бамбæхст. Нартхоры заводы иувæрсты æфсæн фæндагыл ахызтæн. Бæтæхъойыхъæуы ‘рдыгæй мæ ныхмæ иу лæг ссæуы. Цыма мыл уыцы уазалы хур æркаст, афтæ æхсызгон мын фæцис. Йæ къухтæ аууæрдгæ, тагъд-тагъд мæ иувæрсты йæхи фæкодта. Æз ын «дæ райсом хорз» загътон. Уый мæм лæугæ дæр не ‘ркодта. Фæстæмæ ма мæм фæкаст, салам, зæгъгæ, рахъæр кодта æмæ згъорæгау афардæг. Чи зоны, æмæ куыстмæ тагъд кодта кæнæ уазалæй тыхст. Хур нæ кæсы, мит нæ тайы. Мæ дзабыры хъустæ уазалæй ныссалдысты. Мæ къухтæ мæ бæмбæджджыны дзыппыты атъыссын, фæлæ нæ хъарм кæнынц, стæй мæ къухтæ уæгъд куы нæ уой, куы нæ сæ тилон, уæд мын размæ цæуын не ‘нтысы.

Ныхæццæ дæн Хуымæллæгмæ. Астæуккаг уынджы колхозы дуармæ змæлджытæ фæзынд. Сæ фендæй мæ зæрдæ барухс. Цыма нырмæ тар хъæды иунæгæй цыдтæн. Цыма мæ уазал дæр нæ хъыгдары, цыма уазал дæр не сдæн.

Туатæ мыл æмхуызонæй бацин кодтой. Мæ фыдыхо Райсæ мæ йæ хъæбысы схъарм кодта. Фынг арæвдз. Абадтыстæм. Мæ фæллад дæр чысыл æрцыд. Галы сыкъатыл даргъ бæндæн баст, афтæмæй йæ ракодтон. Уынджы цасдæр куы суадыстæм, уæд æй цыма исчи цыргъагæй фæрæхуыста, афтæ уыциу гæпп иуварсырдæм акодта. Йæ фæстæ мæ фæласы. Бæндæны кæрон иу баласы зæнгыл аздыхтон. Йæ мидбынаты æрзылд, йæ хъоппæг цæстытæ мæм сдзагъултæ кодта, комкоммæ мæм кæсы. Йæ ных ын æрлæгъзытæ кодтон мæ армытъæпæнæй. Бæндæн ын йæ бырынкъыл æрбавæрдтон, сабыргай цæуæм. Джызæлæй Хуымæллæгмæ бирæ хæттыты цыдтæн фистæгæй мæ мадимæ, уыцы фæндаг хорз зыдтон, фæлæ Беслæныхъæуæй Уæлгинскæмæ фæндаг нæ зыдтон. Цыдтæн æнхъæлæй. Кæмдæр иу стыр хидыл галиуырдæм ахызтæн. Уым иу сылгоймаджы фæрсын:

– Дæлæ уый Уæлгинскæ у?

– Нæ! Уый Зилгæ у. Кæд Уæлгинскæмæ цæуыс, уæд стыр хидыл фæстæмæ ахиз! Комкоммæ уыцы уынджы ссæудзынæ, стæй фæндаг азилы галиуырдæм, уый дæ бахæццæ кæндзæн, кæдæм цæуыс, уырдæм.

– Бузныг. Дæ салам бирæ.

Хиды фале гал йæ сæр ныттылдта, ныффуттытæ кодта. Бæндæн йæ бырынкъæй феуæгъд, æмæ мæ гал йæ фæдыл цæхгæрмæ уынджы фæласы. Ноджы зæхх – бырынцъаг. Мæ амондæн, миттæ чи сыгъдæг кодта, уыцы сылгоймаг ын йæ фыййаг йæ ныхмæ фæцарæзта. Гал дзыхълæуд фæкодта. Æз ын бæндæн йæ бырынкъыл æлхынцъбаст акодтон.

– Бузныг, – загътон сылгоймагæн, æмæ нæ фæндагмæ æрбахызтыстæм. Иу милиционер мæм ныууырдыг.

– Ацы гал кæй у? Кæмæй йæ радавтай?

Мæнæн мæ зыр-зыр ссыд. Милицæйæ тынг тарстæн цæмæндæр. Гал нæхи гал у, давæггаг нæу, зæгъгæ йын загътон. Радзырдтон ын, кæцæй, кæдæм æй кæнын, уыдæттæ. Ауагъта мæ. Гал, æвæццæгæн, бафæллад, кæнæ та йæ бамбæрста, æндæр гæнæн ын кæй нæй, уый æмæ ‘рсабыр. Йæ ных ын аныхтон. Уый дын мæм йæ цæстытæ æрбазыгъуыммæ кодта. Дзурын æм:

– Æз дæр бафæлладтæн. Æнхъæлыс, демæ архайын мын æнцон у, фæлæ мæ мæ фыды фæдзæхст æххæст кæнын хъæуы.

Бахæццæ стæм Уæлгинскæмæ. Нæдæр ме ‘мхæрæфырты, нæдæр мæ мадырвадæлты бахъуыд гал. Черменыхъæу ардæм тынг хæстæг у. Фæлæ йæм цæуын та хъæуы цæугæдоны сæрты стыр хидыл. Рæстæг цас у, уый дæр нæ зонын, уымæн æмæ хур нæ кæсы, сахат та мæнмæ нæй. Гал дæр æмæ æз дæр тынг бафæлладыстæм. Бахæццæ стæм æппынфæстаг Дзампатæм. Хæдзары бирæ бинонтæй дзы уыд æрмæстдæр Лесга. Бацин мыл кодта. Хæринаг мын æрæвæрдта. Галæн дæр æнтыды бедра йæ разы сæвæрдта.

– Гал ам уадз. Дæхæдæг дæр ахсæв ам баззай. Дæ фæллад суадз. Райсом ауайдзынæ уæхимæ.

Гал мын Джызæлмæ кæнын кæй нал хъæуы, уый куы фехъуыстон, уæд мæ фæллад æрбайсæфт. Ме уæнгтæ сæхиуыл схæцыдысты.

– Лесга, æз цæуын хиды цурмæ. Кæд мæ машинæ кæнæ уæрдонласæг фæуа, уæд ацæудзынæн, кæннод баззайдзынæн ам.

Иуцасдæр хиды хъусыл алæууыдтæн. Машинæ, уæрдон зынæг нæй. Горæты ‘рдæм кæсын. Миты рухсмæ мæм хæстæг фæкаст. Ацыдтæн. Цæуын, цæуын, фæлæ нал æмæ нал хæццæ кæнын. Афтæ мæм фæкаст, æмæ горæт мæнæй лидзы. Фæстæмæ акастæн. Хъæуæй дæр æгæр радард дæн. Здæхæн нæй. Æризæр. Нæ – машинæ, нæ – уæрдон цæуæг. Схæццæ дæн горæты кæронмæ. Хъуыды кæнын, цы фæуон, ууыл. Мæ мадæн йæ фыдыфсымæр Буцкатæм ныллæууин, æмæ горæты дæллаг кæрон цæрынц. Цалынмæ уырдæм цæуон, уæдмæ Джызæлмæ ‘мбис фæндагмæ бахæццæ уыдзынæн. Мæнæ горæты кæрон, Джызæлы фæндаг. Змæлæг нæй. Ацафон цæуын уæндгæ дæр нæ кæнын, æнæ цæугæ дæр мын нæй. Куыд баззайон æхсæвыгон митæмбæрзт фæндагыл. Горæтæй иуцасдæр рацыдтæн. Дард кæцæйдæр мæм
хъуысы нæлгоймаджы тарст хъæр. Æрлæууыдтæн. Хъæр дæр басабыр. Араст дæн. Уый дæр та ныхъхъæр ласта. Кæимæдæр загъд кæны, æлгъиты. Дарддæр цæуын мæ ныфс нал хæссын. Æрлæууыдтæн. Кæд хæйрæджытæ сты æмæ мæ фæсайынмæ хъавынц. Мæ зæрдыл æрбалæууыд: Джеоргуыбайы бæрæгбоны фынгыл бадынц сыхы хистæр лæгтæ. Æз сын лæууын уырдыг, дзагдарæй. Сыхы хистæр Асаго дзуры:

– Цыдыстæм хъæдмæ æртæ бричкæйæ суг ласынмæ. Уæд ма хæйрæджытæ æргом цыдысты. Уæлмидты комы чысыл бауадыстæм. Уæлбылмæ фæхæрд кодтам. Гога – разæй, æз – астæуæй, Ганыкко – мæ фæстæ. Ганыккойы бричкæ уæлбылмæ нæма схæццæ, афтæмæй йын йæ бричкæйы шкворин фелвæстой, фæстаг дыууæ цалхы уырдыгмæ рауагътой. Сæхæдæг хъæр кæнынц:

– Гуыррицц Ганыкко, дæ цæлхытæ фæтулынц, гуыррицц, Ганыкко, дæ цæлхытæ фæтулынц!

Цæлхытæ комы смидæг сты. Лæг сæ йæхицæй æлгъитын байдыдта, мад-фыд нал ныууагъта. Хæйрæджытæ та æлгъыст æмæ кардæй тынг тарстысты æмæ æрбадæлдзæх сты.

Ныр Ганыкко тынг базæронд, уæддæр ма йæ мæстæй фæмарынц, гуыррицц, зæгъгæ. Райхъуыст та нæлгоймаджы кæуынхъæлæс. Дардæй йæм дзурын:

– Адæймаг дæ æви хæйрæг?

– Мæхæдæг дæр æй нал æмбарын, кæцытæй дæн, уый, – загъта кæуынхъæлæсæй. Адæймаджы хъæлæсы хуызæн мæм фæкаст. Хæстæгдæр бацыдтæн. Бæх – сугты уæрдоны ифтыгъд. Лæууы æдзæмæй. Лæг нæй. Мæхинымæр загътон, адон æцæгдæр сты хæйрæджытæ, зæгъгæ. Фæсайынмæ мæ хъавынц. Фæстæмæ аздæхон æви æнæ уынæрæй иувæрсты ацæуон? Уыцы рæстæг уæрдоны фæсте разынд лæг, йæ уазал къухтæ æууæрдгæ. Æз æм кæсын. Адæймаг кæй у, уый мæ бауырныдта.

– Хорз лæг, цы дыл æрцыд? Цæмæн лæууыс?

– Бæх оцани у. Дæлæ ма кæс, цалх – уæлæнгай дзыхъхъы. Тыххæст дæр ыл нæ хъæуы, фæлæ ахæм гæбæр бæх у, æмæ йын куыд акæнон?

Мæ зæрдыл æрбалæууыд Хъесаты Къолайы фæдзæхст, загъта йæ мемæ хъæумæ цæугæйæ:

– Бæх оцани у, зæгъгæ, уæд ын лæдзæгæй йæ уæрджытæ æмдзæф бакæн, æмæ йæ уромын дæр нал фæраздзыстут.

– Хорз лæг, дæ лæдзæг ма мæм авæр, дæхæдæг уæрдонмæ схиз æмæ фидар сбад.

Уый мæм æнæууæнк каст æрбакодта. Радта мæм лæдзæг, схызт уæрдонмæ. Æз бæхы уæрджытæ дзæбæх бацавтон. Уый уыциу гæпп акодта. Лæдзæг ма сæппæрстон лæгмæ. Бæх афтæ стырындз, цыма афтид уæрдон ласта. Лæг мæм уæрдоны сæрæй хъæр кæны:

– Бузныг дын! Кæмæй дæ? Дæ ном дæр дын нæ базыдтон…

Уæдмæ уæрдон адард.

Бахсæв. Арвæй рухсгæнæг нæй. Стъалытæ æмæ мæй сæхи мигъты фæстæ бамбæхстой. Миты рухс дæр мын нал кæны æххуыс. Цæуын зæронд фæндагыл. Аэродромы хæдзæрттæй иутæй гæзæмæ рухс кæсы. Уый дæр зæрдæ фæфидарæн ныфсыхос у. Мæстъæгойы æрхы сæрты хидыл хъæлтæ нæй. Ныххауынæй дзы тæссаг у. Къахæй сгаргæ, сабыргай ахызтæн фалæмæ. Цæуын дарддæр. Тæрсгæ дæр кæнын. Фæйнæрдæм фæлгæсгæйæ, мæ цæстытæ тыхкастæй фæрыстысты. Æрхоны доны сæрты хидыл куы бахызтæн, уæд, цыма, нæ кæртмæ бахызтæн, афтæ мын фенцондæр, тæрсгæ дæр афтæ тынг нал кодтон. Фæлæ, мах кæм цæрæм, уый Къардонмæ хæстæгдæр у. Стæй хъæуы цæрджытæй чидæртæ стыр хъæхъхъаг куыйтæ дарынц. Уыдонæй фæхæцынæй тæрсгæйæ, кæйдæр зæронд кауæй мих сластон æмæ уæндондæрæй, æнæ уынæрæй цæуын хъæуы уынгты. Мæ амондæн мыл иу куыдз срæйæг нæ фæцис. Иу къæбыла куы срæйдтаид, уæд иннæттæ æмхуызонæй, фæдисмæ цæуæгау, рабырстаиккой. Æвæццæгæн, фынæй кæнынц. Фынæй кæнынц нæ бинонтæ дæр. Сабыргай бацыдтæн кæройнаг уатмæ. Мæ фырвæлладæй уайтагъд афынæй дæн.

Райсомæй мæ фæндаджы хабæрттæ Дзыццайæн радзырдтон. Уый мæ фыдмæ хорз фæхæцыд, æвзонг лæппуйы, дам, æгас Ирыстоныл галимæ æнæ уæрдонæй цы ‘рзилын кодтай?!

Мæ фыд бахудт:

– Дзыцца, лæппу ахæмттæй фидар кæны!

Ууыл мæ галзилæнты балц ахицæн.