БЕЗАТЫ Фаризæ

ЛÆГАУ ЛÆГТÆ

Дыууæ ныхасы Дауыраты Дамиры тыххæй

Дауыраты Дамир у, йæ фыды цæсгом æрмæстдæр хуызистмæ гæсгæ чи зоны, уыцы фæлтæрæй: йæ фыд Дауыраты Ханджери фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты…

Сидзæр лæппу раджы лæг кæны. Æмæ Дамир дæр йæ куыстуарзаг мад Бедуккайы фарсмæ æххуысæмбалæй хæрз æвзонгæй балæууыд. Йæ мад æмæ йæ хъæуккæгты зæрдæхудты никуы бацыд, уыйхыгъд сæм цыдæриддæр хорзæй уыдис, уыдонæй Дамир фæсте ницы ныууагъта: у куыстхъом, уæздан, цæстуарзон. Хайджын у адæймаджы бæрзонддæр æууæлæй – хорздзинад нæ рох кæны, уыны, йæ алыварс цы адæм ис, уыдоны уды фарн, сæ рæсугъддзинад. Фыссæджы сфæлдыстад уæлдай фидауцджын кæнынц йæ райгуырæн уæзæгмæ сыгъдæг æмæ бæрзонд уарзты æнкъарæнтæ.

Дамиры сфæлдыстады ис ивгъуыд æмæ фидæны бастдзинад. Йæ уацмысты хъайтартæ сты не ‘мбæстагонтæ, нæ адæмы хуыздæртæ, фыссæгæн йæ фæрнджын хъæубæстæ, йе ‘мгæрттæ. Уыдоны фæлгонц- тæ чиныгкæсæджы размæ слæууынц куы хуымæтæджы зæхкусæджы сабыр царды нывты, куы та знæт дугты тызмæг фæйлауæнты æмæ йæ ахуыр кæнынц адæймаджы рæсугъд хъуыддæгтæ фæзмыныл, фыдуынд хъуыддæгтыл æлгъ кæныныл. Суанг йæ уацмысты сæргæндтæ дæр («Сæрдыгон фæткъуытæ», «Мæ сабидуджы фæлмæн къæвдатæ», «Хъæддаг кæрдотæ», «Хуымæллæгмæ пысыра хæрынмæ») дзурынц, æрдзимæ йæ зæрдæйы уидæгтæй баст кæй у, ууыл.

Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæгæн мыхуыры рацыд поэтикон æмæ къорд прозаикон уацмысты æмбырдгæндтæ. Фæлæ уæлдай бæркадджындæр æвæрæн фыссæг бахаста документалон жанрмæ. Йæ чингуытæй: «Харитоны нымæтхуд æмæ Хрущевы шляпæ», «Цæрынц Сирийы ирæттæ», «Уыцы гыццыл стыр лæг Хъулаты Хъуыбады», «Паддзæхты цуан хъамылты», «Ироны портрет мæйыл», «Чи фембæлд ирæттæй Сталинимæ», «Мухтары бæрзонд кувæндон», «Бибо Ватаев глазами друзей», «Мæ райгуырæн хъæу Хуымæллæг», «Лæгау лæгтæ» æмæ æндæртæй – арфæйаг скодта канд йе ‘мзæххонты нæмттæ нæ, фæлæ йæхи ном дæр.

Дамир йæ размæ сæвæрдта, Ирыстоны стырдæр лæгтыл нымад чи уыд, Ирыстоны бирæ чи уарзта, фæлæ кæддæр рæстæджы æвирхъау тымыгъты аххосæй «зынджы къæрттау йæ фыдæлты уæзæгæй чи фæхауд æцæгæлон бæстæмæ», уыдоны рох нæмттæ сæ фыдæлты зæхмæ раздахыны хæс. Æмæ зæгъы: «Ис иу тынг раст зæрдæнцойаг рагон хъуыды: истори нæ быхсы дзæгъæл хъулон-мулон митæн, раджы уа, æрæджы уа – алцыдæр йæ бынаты сæвæры. Рох не сты, стæй никæддæр уыдзысты Ирыстонæй йæ цардæфхæрд, ном æмæ йын цæсгом скæнæг уарзон хъæбултæ. Чи кæм ис, чи дзы цы уавæры бахауд, уый сæйраг нæу. Ирон дзыллæ, уæлдайдæр та фæстагæттæ, хъуамæ зоной хабæрттæ, хъуамæ зоной рæстдзинад, цыфæнды зын, цыфæнды хъыгаг куы уа, уæддæр».

Уыцы хæс сæххæст кæныны тыххæй Дамир фылдæр фыдæбон бакодта уацау «Ироны портрет мæйыл» ныффыссыныл. Уый тыххæй фæцыд Англисмæ, фембæлд не ‘мзæххон, зæххы къорийы ахуыргонддæр лæгтæй иу, Токаты Ахмæты фырт Георгиимæ (Гогкиимæ). Гогки йæхи тыххæй зæгъы: «Цалдæр азæй цалдæр азмæ Англисы рацæуы чиныг «Кто есть кто?» Мæн тыххæй дзы афтæ райдайынц: «У ирон, райгуырд Цæгат Ирыстоны. У 9 хатты наукæты доктор, 6 хатты наукæты кандидат, 11 бæстæйы академиты уæнг» æмæ афтæ даддæр. Мæнæн дзы зынаргъдæр у фыццаг рæнхъ: «У ирон». Ацы бæстæйы ис ахæм æгъдау: фылдæр хæрзты йын чи бацыд, йæ къæбицмæ йын хуыздæр бавæрæн чи бахаста, уыцы адæймæгтæн раттынц æппæты кадджындæр ном – сэр. Уыдоны номхыгъдмæ бахæссынвæнд кодтой мæн дæр. Уый тыххæй мæнæй цы хъуыдис? Сæрмагонд декларацийы æз, ирон, хъуамæ ард бахордтаин Англисы ус-къарол Елизаветæйæн, мæнæ цыма æцæг англисаг дæн, уыйау. Æз уыцы ардбахæрд мæ сæрмæ не ‘рхастон. Æз англисаг нæ дæн, æз ирон дæн. Æз мыггагмæ æгæрон бузныг дæн ацы бæстæйæ, фæлæ, нæ фыдæлтæ-иу куыд дзырдтой, дæлæ кæнай, уæлæ кæнай, уæддæр æз англисаг нæ дæн, æз Кавказæй дæн…»

Дамир, Англисмæ цæугæйæ, Гогкимæ раттынæн цы фæрстыты къорд снысан кодта, уыдоны мидис у ахæм: цы ‘рцыдис, Гогки 1947 азы фæсарæнтæм цæмæн алыгъд? йæ ацыды фæстиуджытыл нæ ахъуыды кодта? Ирыстонмæ йæ цæрынмæ рацæуын нæ фæнды? цы баззадис йæ удыхъæды иронæй? йæ фыдыбæстæйы, йæ мад, йæ фыды йæ фыны никуы фены? гыццыл адæмы Стыр хъæбул кæй ссис, уымæй сæрыстыр у æви нæ? æмæ а.д. Ацы фæрстытæ цымыдисаг уыдзысты чиныгкæсæгæн дæр. Бирæтæ аивдзысты сæ хъуыды Гогкийы тыххæй.

Ахуыргонды царды хабæрттæй уæлдай уацауы ис бирæ цымыдисаг æрмæг Англисы, англисаг адæмы, фылдæр та Лондоны тыххæй. Чиныджы æрмæг арæзт у Гогкийæн йæхи монологтæй диктофоныл фыстæй. Уыдонæй райдыдта Дамиры ног чиныг «Лæгау лæгтæ» дæр.

Документалон жанр æрымысæггаг ныхæстæ нæ быхсы, æмæ ацы хъуыддаджы, Дамирæн йæхи загъдау, йæ иузæрдион цæдисон æмбал у йæ диктофон. Уым фыст сты йæ хъайтарты кæнæ та сын сæ рухс нæмттæ чи мысы, уыдоны хъæлæстæ.

Йæ хæрзтæн аргъ кæнын чи зоны, æрмæст уыцы адæмæн ис бæллиццаг фидæн. Уыцы хъуыддаджы ирон адæмæн, æвæццæгæн, фæзминаг сты, нæ алыварс цы адæмыхæттытæ цæрынц, уыдон. Ацы фарстыл дзургæйæ, хъуыдыйы уымæн февзæрынц Къадзаты Станиславы фыст рæнхъытæ: «Ирон нæ раппæлдзæн иронæй, фæлтау фæхæсдзæн Теркæй дуртæ». Хъыгагæн, раппæлынæй рафауынмæ хатгай æвзыгъддæр разынæм. Æмæ Иры хуыздæртæн аккаг аргъ кæнын куыд хъæуы, уымæн хорз цæвиттон у Дауыраты Дамиры сфæлдыстад. Йæ чингуытæ «Мæ хъæу Хуымæллæг» (дыккаг æххæстгонд рауагъд) æмæ «Лæгау лæгтæ»-йæ базонæн ис, сæ ном адæмы ‘хсæн цæргæйæ кæмæн баззад, уыдоны царды хабæрттæ, сæ хорз хъуыддæгтæ. Ис сæ æргом ныхас Ирыстоны сæргълæуджыты сгуыхтытæ æмæ къуыхцыты тыххæй дæр. Мысинæгтæй нывгондæй цардæгасæй сыстынц чиныгкæсæджы раз, сæ цард, сæ куыст, се сгуыхтытæ нæ адæмы хуыздæр фидæнæн чи нывонд кодта, уыдоны фæлгонцтæ. Чиныджы хицæнæй лæууы, ницæимæ хæццæ кæны, ирон адæмæн æнусон рыст цы æвирхъау цау æрхаста, уый: Беслæны стыр трагедийы æцæгдзинæдтæ, чи дзы уыд, уыдоны ныхасмæ гæсгæ арæзтæй.

Уацы фæлгæтты фыссæджы уацмыстыл æххæстæй æрдзурыны амал нæй. Хуыздæр уыдзæн, чиныгкæсæг сæ йæхæдæг куы бакæса, уæд. Чингуытæ сты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл мыхуыргонд, æмæ уый дæр у раппæлинаг, уымæн æмæ сæ бакæсыны фадат ис Уæрæсейы иннæ адæмтыхæттытæн дæр.

Æмæ ма ноджы – иу хахх. Дзурынц, дзырд, дам, йæ зæгъæджы хуызæн у. Æмæ ам дæр Дамиры уацмысты æвзаг у Дамирæн йæхи хуызæн уæздан æмæ бæззон: иу дæрзæг ныхас дæр не ссардзæн чиныгкæсæг йæ фыстыты, æмæ уымæй у фæзминаг бирæ кæмæндæрты.

Ирон адæммæ ныхасæн баззад, лæгæн аргъ кæнгæйæ, фæзæгъынц, йæ хистæртæн хорз кæстæр у, йæ кæстæртæн та – хорз хистæр. Ацы ныхæстæ, æнæ гуырысхойæ, хауынц Дамирмæ дæр.

Кæддæр Джыккайты Шамил Джусойты Нафийы тыххæй фыста, зæгъгæ, Нафи нæ классикты бынтæ бабæстон кодта æмæ сын уымæй бакодта кæстæры лæггад, йæ кæстæртæн у зондамонæг æмæ сын уымæй кæны хистæры лæггад. Дамир дæр йæ фæзминаг хистæрты нæмттæ сног кодта фæстагæттæн, рох кæнын сæ нæ бауагъта æмæ сын уымæй кæстæры лæггад бакодта. Йæ кæстæртæн бацамыдта, хистæртæн куыд кад кæнын хъæуы, уый, æмæ сын уымæй кæны хистæры лæггад.

Цыбыр дзырдæй та – Дамир йæхæдæг дæр у Ирыстоны Лæгау Лæгтæй