СКИФАГ «БÆГЪАТЫРТЫ КÆХЦ» ÆМÆ ИРОН «НУАЗÆН»
Уац
Номдзыд рагон бердзенаг историк Геродот (нæ дуджы агъоммæ V æнус) йæ историйы IV сæры, скифты æгъдæутты тыххæй дзургæйæ, афтæ фыста: «Алы скифаг æлдар дæр (номархтæ дæр ма сæ хуыдтой) афæдз иу хатт сæнæй байдзаг кæны сæрмагонд нуазæн. Уымæй нуазыны бар ис, фыдгултæй иу лæг уæд та чи амардта, æрмæстдæр уыцы скифæгтæн. Чи нæма фесгуыхти, уыдонæн уыцы нуазæнæй нуазыны бар нæй, æгад вæййынц æмæ фæбадынц хибар ран. Уый сæ æвæры худинаг æмæ аллайаджы бынаты. Фæлæ, знæгтæй бирæ чи ныццагъта, уыдонæй алкæмæн дæр раттынц фæйнæ дыууæ нуазæны, æмæ сæ дыууæйы дæр фæнуазынц».
«Черты старины в сказаниях и быте осетин», зæгъгæ, йæ уыцы куысты В.Ф. Миллер скифаг бæгъатырты нуазæн абарста ирон Нарты кадджыты Нартамонгæ кæнæ Уацамонгæимæ. Ацы уац сæрæвæрæн фæци ирон Нарты эпосы абарынадон-историон иртасыны мадзалæн.
В.Ф. Миллер скифаг нуазæн Нартамонгæ æмæ Уацамонгæимæ кæй æрæмных кодта, уымæй æппындæр ницæмæй фæрæдыди. О, фæлæ, скифтæм нуазæн дæттыны æгъдау афтæ тыхджын кæй уыди, уыцы хъуыдымæ иунæг Геродот не ‘рцыди. Геродот нын цы нуазæн дæттыны фæткы тыххæй радзырдта, уый кой ма ис æндæр антикон (рагон бердзенаг æмæ ромаг) автортæм дæр. Уыцы æгъдау канд Сау денджызы цæгат былгæрæтты цæрæг скифтæм нæ уыди – бирæ æнусты дæргъы уыцы фæткыл хæст уыдысты, скифтæ æмæ сæрмæттæ кæмдæриддæр цардысты, уымыты. Иннæмæй, бафиппайын хъæуы уый, æмæ скифаг нуазæн дæттыны æгъдау канд ирон Нарты кадджыты кæй не ‘мбæлы – ууыл ма æмбæлæм, ирæтты этникон культурæ кæдæмдæриддæр анхъæвзта, уымыты.
Аристотелы хъуыдымæ гæсгæ, скифты «бæрæгбæттæй иуы рæстæг-иу къух-къух цы нуазæн ацыд, уымæй хъуамæ ма фæхъæстæ уыдаид, фыдгултæй иунæг дæр чи нæ амардта, ахæм адæймаг». Уыцы æгъдауы тыххæй нæ дуджы I æнусы цæрæг ромаг автор Помпоний Мела, скифаг-сæрмæтаг знæмты æгъдæутты кой кæнгæйæ, афтæ загъта: «Куывдты рæстæг-иу сæ уд, сæ дзæцц, фыдгултæй чи цал амардта, уый ранымайын, ногæй-ногмæ та-иу уыцы ныхасмæ раздæхтысты. Йæ амæттæгтæ-иу æппæты фылдæр кæмæн баисты, уыдонæн-иу радтой дыгай нуазæнтæ. Уымæй сын-иу уæлдай кад кодтой куывды рæстæг». Помпоний Мела куыд зæгъы, афтæмæй скифтæм æппæты нымаддæр уыди хæсты хуыцау, æмæ йын-иу снывонд кодтой сæ цирхъытæ. Историк уыцы хуыцауы латинагау хуыдта Марс.
Мела кæй æвдисы, уыцы сæрмæттæ уыдысты, «хицæн нæмттæй кæй хуыдтой, ахæм цалдæр знæмтыл дихгонд иу адæмыхатт». Уыцы знæмтæй кæны иуты – асиакты – кой. Сау денджызы цæгат былгæрæтты Днестр æмæ Хуссар Бугы ‘хсæн цы знæмтæ цард, уыдоны астæу асиакты бафиппайдта Хистæр Плиний дæр (нæ дуджы I æнус). Æндæр ромаг автор Гай Юлий Солин (нæ дуджы II-III æнустæ) уыцы знæмы хоны æндæр хуызы – асиаттæ. Помпоний Мела фыста: «Асиакты туджы нæй давын, уымæ гæсгæ сæ бынтæ нæ хъахъхъæнынц, уæдæ искæй фæллæйттæм дæр нæ ныхилынц». Юлий Солин: «Европæйаг цæрæг асиаттæ искæмæ дæр нæ хæлæг кæнынц, сæхи дæр не стауынц».
Ацы знæмты нæмттæ æмæ сын цы аргъ кæнынц, уыдон кæрæдзийыл куы абарæм, уæд фендзыстæм: сæ бындуры ис этноним ас (яс), уый та у, аланты ивгъуыд заман цы дыууæ номæй хуыдтой, уыдонæн сæ иу. Асиак, зæгъгæ, уыцы номы бæлвырдæй зыны зындгонд ирайнаг суффикс —ака (ирон —аг), асиаттæ, зæгъгæ, уыцы номы та – бирæон нымæц нысангæнæг кæрон -тæ. Цæвиттон, асиактæ-асиаттæ (уыцы мыггаджы ма хуыдтой сæрмæтаг æндæр знæмон номæй – язигтæ (асиаг)) сты, сæрмæттæй чи рацыди, уыцы алантæ. Уымæ гæсгæ бæгъатыртæн нуазæн дæттыны æгъдауыл хæст уыдысты сæрмæттæ дæр, уыдонимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алантæ-астæ. Уый тыххæй комкоммæ загъд ис номдзыд Низами Гянджевийы кадæг «Искандер-намэ»-йы: «Æмæ алайнаг цыппæрвадæй æрбалæууыд. Йæ ном хуынди Ферендже. Уый кад кодта быркуыйæн, кад кодта тугæйдзаг болат кардæн».
Бафиппаинаг у: аланты æмæ асиакты æмæ, уырыссаг азфысты кæй кой цæуы, уыцы фæстæдæр цæрæг ясты æмæ скæсæйнаг асты знæмон нæмтты кой къухфысты фæзынди уыцы иу рæстæг (нæ дуджы I æнусы) куыд Цæгат Кавказы, афтæ Сау денджызы цæгат былтыл дæр. Бæгъатыртæн кад кæныны æгъдау асиактæм кæй уыди, уый дзурæг у, сæрмæттæ-алантæ уыцы фæтк скифтæй кæй райстой, ууыл.
Æмæ уæдæ, Геродот æмæ Аристотель куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ, скифаг æлдæрттæй алчи дæр æлдариуæг кæм кодта, уыцы зылды алы аз дæр арæзта сæрмагонд бæрæгбон. Æвæццæгæн сын уый уыди афæдзæй-афæдзмæ сæ хæстон архайды фæстиуджытæ бахынцыны мадзал. Уыцы бæрæгбоны рæстæг-иу сæрмагонд фынгтæ равæрдтой, хæсты чи фесгуыхт, æрмæстдæр уыдонæн. Æрмæстдæр-иу уыдонмæ æрхауди сæрмагонд нуазæнтæй бануазыны кад. Уæлдай тынгдæр чи фесгуыхт, уыдонæн та-иу радтой дыгай нуазæнтæ.
Куывды рæстæг-иу бæгъатырæн кæй радтой, уыцы нуазæн ын, æвæццæгæн, лæвæрд цыди сæрмагонд хæстон хæрзиуæджы хуызы, ома, йе ‘мбæстон адæмы раз ын йæ хъæбатырдзинадæн цæй руаджы аргъ кодтой, йæ лæгдзинад ын цæй руаджы барстой, ахæм хæрзиуæг. Иу хæстон сгуыхтдзинад дæр чи никуы равдыста, уыдоны кады фынгмæ кæй нæ уагътой, уый тыххæй Геродот комкоммæ афтæ зæгъы: «Уыцы уавæр скифаг æфсæддонтæн уыди, хæсты быдыры сæ хъæбатырдзинад равдисынмæ чи разæнгард кодта, ахæм фæрæз».
Геродот æмæ Аристотель дæр бафиппайдтой, бæгъатыр хæстонты номыл цыты куывдтæ афæдз иу хатт арæзт кæй цыдысты, уый. Уæлдай цымыдисагдæр нæм кæсынц, ирон Нарты кадджыты цы «афæдзы æмбырдты» кой цæуы (цыты куывд дæр ма сæ хуыдтой), уыдон. Афæдзы æмбырдтæ куыд арæзт цыдысты, кадджыты уый тыххæй бæлвырддзинæдтæ нæ бакæсдзыстæм. Æмæ уым диссагæй ницы ис – эпосæй алцыппæт куы домиккам, уæд раст нæ уаиккам. Уæвгæ, кадджыты кæрæй-кæронмæ бæлвырдæй зыны: «афæдзы æмбырдты» рæстæг-иу æдзухдæр фынгтæ равæрдтой, аразгæ та сæ кæддæриддæр кодтой Алæгатæм. Куыд зонæм, афтæмæй Алæгатæ сты Нарты æртæ сæйраг мыггагæй иу, æмæ, скифтæн авхатты мыггаг куыд уыдысты, афтæ Алæгатæ Нарты ‘хсæн уыдысты дзуары лæгтæ. Зæгьæм, зæронд Уырызмæджы амарынвæнд кæм скодтой, уыцы кадæджы варианттæй иуы кæсæм: «Нартæ арæзтой афæдзы æмбырд, цыты куывд. Æгас Нарты фæсивæд æрæмбырд сты Алæгаты хæдзары». Æндæр ран кæсæм: «Нарты фæсивæд кæм сты? – фæрсы Мукара Батрадзы.
Бæгæныйы къустæ
– Уæлæ Уæллæгтæм афæдзы æмбырды сты, – загъта Батрадз».
Алæгатæм кæй кодтой, уыцы куывдты тыххæй ирон Нарты кадджыты цы кадавар хабæрттæ кæсæм, уыдон нын дæттынц, уыцы куывдтæ Алæгаты мыггаджы сгуыхт лæгты, хæстон разамонджыты æмæ Нарты иннæ бæгъатырты номыл кæй арæзтой, уый зæгъыны бар. Æнæмæнг-иу рахастой, Нартамонгæ-Уацамонгæ кæй хуыдтой, уыцы нуазæн. Уымæ та уыди ахæм æмбисонды миниуæг, æмæ-иу йæхæдæг сбæрæг кодта Нарты хæстонты ‘хсæн æппæты бæгъатырдæры. «Афæдзы æмбырдтæ» («цыты куывдтæ») æнæмæнг сты, скифтæ алы аз дæр кæй арæзтой, уыцы кады куывдты мынæг æууæлтæ. Уымæн æвдисæн у, иутæм дæр æмæ иннæтæм дæр бæгъатырæн кады нуазæнтæ кæй лæвæрдтой, уый.
Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ кады нуазæн у ахсджиаг æвдисæн скифты æмбарынадæн. Геродот скифтæн сæ равзæрды тыххæй сæхицæй кæй ныффыста, уыцы таурæгъы фыццаг вариантмæ гæсгæ, уæларвæй цы æртæ сызгъæрин хæзнайы (абарæм сæ «фыдæлты кадджын æмæ зынаргъ хæзнатимæ») æрхаудысты æмæ скифты æртæ социалон къордæн символтау чи систы, уыцы гутон, æфсондз æмæ дзæготимæ ис куыси дæр. Сызгъæрин нуазæны кой ис, скифты равзæрды тыххæй историйы фыд сауденджызаг бердзенæгтæй кæй ныффыста, уыцы таурæгъы дæр. Таурæгъмæ гæсгæ, Геракл ныууадзы, чи нæма райгуырди, фæлæ æнхъæлмæ кæмæ касти, йæ уыцы æртæ фыртæн (сæ кæстæр у Скиф) æрдын æмæ, йе ‘ргъæвæджы кæрон сызгъæрин куыси ауыгъд кæмæн уыд, ахæм рон. Геродот куыд зæгъы, афтæмæй ма скифтæ йæ рæстæджы дæр дардтой сæ рæттæм фидаргонд куыситæ. Афтæ кæй уыди, уымæн æвдисæн сты археологты æрмæджытæ. Уыцы нуазæнтæм Хуыцауы комытæф фæхæццæ, зæгъгæ, нымад кæй цыди, уый бæрæг у нæ эрæйы I æнусы цæрæг ромаг автор Курция Руфайы ныхæстæй дæр. Уæларвæй цы сызгъæрин хæзнатæ æрхаудысты («Хуыцау нын балæвар кодта хæзнатæ… æфсондз, гутон, арц, фат æмæ куыси»), уыдоны тыххæй скифаг таурæгъ радзургæйæ зæгъы, зæгъгæ, дам-иу уыцы куыситæ нывондæн æрхастой хуыцæуттæн.
Скифты куыситæн стыр аргъ кæй кодтой, уый тыххæй бахынцинаг сты, «Илиадæ»-йы рагон комментатор цы загъта, уыцы хъуыдытæ дæр, ома, дам, грекъæн сæ зонынджындæр авд лæгæй иу – Анахарсис – кæй æхсæнæй рацыд, уыцы цæугæцардгæнæг скифтæ-абитæ нымад уыдысты æппæты рæстагдæр адæмыл, уымæн æмæ уыдонæн сæ цирхъ æмæ куысийæ фæстæмæ сæ бынтæ иууылдæр уыдысты иумæйаг. Цыты нуазæнæн ахæм стыр кад кæй кодтой, уымæн ма бамбарынгæнæн ис уымæй дæр, æмæ, индоирайнаг адæмтæм (уыдонмæ хаудысты скифтæ дæр) табуйагæй цы уыдис, уыдоны ‘хсæн уæлдай ахсджиагдæртыл нымад кæй уыдысты алы нозтыты мыггæгтæ.
Ацы хъуыды бафидар кæнынæн хорз æвдисæн у, скифты ардбахæрды фæткы тыххæй Геродот цы радзырдта, уый. «Стыр æлыгæй конд нуазæн-иу байдзаг кодтой сæнæй, ардбахæрджыты туджы æртæхтæ-иу æм ныттагътой, уый фæстæ-иу нуазæны нытътъыстой сæ цирхъыты, фатты, дзæготты æмæ æрцыты фындзтæ. Дзæвгар-иу фæкуывтой, стæй-иу бануæзтой сæн, ард-иу чи бахордта, уыдон дæр æмæ се‘мвæндаггæтты лæгдæртæ дæр…» Уый тыххæй дзуры Лукиан Самосатский дæр (нæ дуджы II æнус), йæ хъуыдытæ скифаг Тохсарисы дзыхы бафтаугæйæ: «…не ‘нгуылдзтæ фæхъæн кæнгæйæ, сæны нуазæнмæ нæ туджы æртæхтæ куы ныттадзæм, нæ цирхъыты фындзтæ куы ныттулæм, æмæ дзы, нуазæныл æмхæст æркæнгæйæ, не ‘гас дæр куы саходæм, уæд уымæй фæстæмæ махæн фæхицæнгæнæн нал ис».
Скифаг æлдæрттæн, се ‘нусон фæндагыл цæугæйæ, сæ мæрддзæгтимæ æнæмæнг æвæрдтой сызгъæрин нуазæнтæ дæр.
Ирæтты рагфыдæлтæ цыты нуазæнтæн стыр аргъ кæй кодтой, ууыл дзурæг сты Нарты эпосы æвдисæйнæгтæ дæр. Ирон кадджыты куыд кæсæм, уымæ гæсгæ, «Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыди Уацамонгæ. Нарты Уацамонгæ уыди куыси. Уыди йын авд хæцæны… Нарт сæ Уацамонгæйы сæхицæй дæлдæр лæгæн нæ хастой, не ‘вдыстой… Нарт сæ Уацамонгæйæ хордтой ард. Искæй ныхæстыл дызæрдыг кæнынц, уæд ын-иу нуазын кодтой, Нарты Уацамонгæйæ… Æвæдза, адæймаг раст радзырдта, йæ хъуыддаг раст у, уæд-иу Нарты Уацамонгæ йæ былтæй кæлын байдыдта, абузын-иу систа; намæ нуазæг мæнг хъуыддаджы тыххæй архайы, уæд-иу нозт йæ бынатæй не змæлыди». Уацамонгæ-иу Нарты кадджыты саккаг кодтой номдзыддæр адæймæгтæн. Æхсæртæггаты мыггагæй ахæм уыди Сослан, таурæгъты фылдæр варианттæм гæсгæ та ахæмыл нымад цыди Батрадз.
Ж. Дюмезильмæ æрдхæрæны диссагау касти, скифтæм бæгъатыры куыси дæттыны æгъдау æмæ алæмæттаг Нартамонгæ-Уацамонгæйы тыххæй нæртон сюжет æмхуызон кæй сты, уый: цæугæцардгæнæг скифты бæгъатыры куыси æцæгæйдæр Нартамонгæйы хуызæн у. Уæвгæ уый афтæ алæмæттаг нæу, фæлæ бæгъатыры хицæн кæны иннæтæй. Геродот скифаг бæгъатырты куысийы тыххæй цы радзырдта, уый Дюмезиль абарста, Батрадз, лæппуйæ йе сгуыхтдзинæдты тыххæй дзургæйæ, Нартамонгæйы Хæмыцы дзыхмæ кæм ссæуын кодта, æмæ Хæмыц йæ худинагæй кæм фервæзт, уыцы таурæгъимæ. Уый размæ ма Уацамонгæ йæхи æрмæстдæр Сосланы дзыхмæ систа.
Ирон Нарты кадджыты ма Уацамонгæ-Нартамонгæйæ уæлдай ныхас цæуы æрдхæрæны Цæджджинаджы-Æрдамонгæйы тыххæй. Уый дæр Нартамонгæйау уыди алæмæттаг миниуджытæй хайджын. Нартмæ уыди бæгæныхсидæн тынг егъау цæджджинаг. Уыцы иу рæстæг-иу æй цалдæрæй бацагуырдтой æмæ-иу ныззæрдæхудтытæ сты. Уæд иу зондмæ æрцыдысты: йæ быны йын ма бандзар, афтæмæй дзы йæ ныхæстæй дон чи рафыцын кæна, уый йæ ахæссæд сæхимæ. Уыцы хъару разынди Батрадзмæ, æмæ цæджджинаг уый баци. Нартæм ма уыди цæджджинагау кадджын куыси дæр. Байдзаг æй кодтой залиаг кæлмытæ æмæ уæртджын хæфсытæй æмæ загътой: афтæмæй йæ чи бануаза, уый фæуæд. Ацы ран дæр та фесгуыхти æрмæстдæр Батрадз – бануæзта куыси, Нарт æй куыд федтаиккой, афтæмæй йæ æрфæлдæхта, йæ сæрыл æй æркодта æмæ йæ ахаста.
«Нарты цæджджинаджы» тыххæй цы варианттæ æрхастам, уыдон дзурæг сты ууыл, æмæ кадæггæнджытæ кæронмæ не ‘мбæрстой, Уацамонгæ æмæ алæмæттаг Цæджджинаг-Æрдамонгæйæн Нарты æрвылбоны царды цы нысаниуæг уыди æмæ сæ идеологон æмбарынадыл куыд ахадыдтой, уыдæттæ. Уымæ гæсгæ, уыцы цæджджинаг сси, алæмæттаг миниуджытæй кæмæ ницыуал уыди, ахæм хуымæтæджы мигæнæн, æрмæст асæй уыди егъау, æмæ-иу уый тыххæй Нартæ ныхъхъаугъатæ сты. Гъе уæддæр Нарты æцæг бæгъатырты рабæрæг кæныны миниуæг кæмæ уыди, уыцы алæмæттаг миниуджытæй æххæст Уацамонгæйыл уыйас нæ сахадыдтой æмæ йæ нæ ныммынæг кодтой, æрæджиау кæддæр цы аргъауы цардыуаджы æууæлтæй фæхайджын, уыдон. Æвæццæгæн, ирон Нарты кадджыты Цæджджинаг-Æрдамонгæйæн банымайæн ис, цыты куывдты бадыны бар-иу кæмæ æрхауд, уыцы кæддæры скифæгтæ-иу сæн кæмæй сахуыстой, уыцы куысийы дæрддзæф аууоныл. Бафиппаинаг у уый, æмæ абхазаг варианты уыцы стыр дурын быркуы кæй хуынди Вадзамакят, æмæ йын нæй ирон Уацамонгæйæ фæхицæн кæнæн, бацыди дзы-иу «æхсæзсæдæ хуымæтæг нæртон куысийы, æмæ йæ дардтой донгарзæн». Асийаг æвзагыл та хуыйны «агуна», æмæ ацы номы бындуры дæр ис ирон аг кæнæ агуиан.
Нарты Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæн тох куыд бацайдагъ кæнæ, Нарты куывды зæронд Уырызмæджы марынвæнд куыд скодтой, уыцы таурæгъы варианттæй иуы Батрадз афтæ зæгъы: «Нартæ æмæ Борæтæ иумæ бацæринаг нал сты. Фæлæ баззадис махæн, Нартæн æмæ Борæтæн, иумæ Цæджджинаг-Æрдамонгæ. Уый нæ дыууæтæн уыди иумæйаг. Æмæ йæ адих хъæуы… Ныр æртæ дзырдæн цæджджинаг кæмæн рафыца, уый йæ ахæссæд». Ацы ерысы фæуæлахиз Батрадз. Фæлæ Батрадз цæджджинаг ахæссыны размæ Нартмæ баздæхти æмæ сын загъта: «Ахæсдзæни йæ, фыцгæ-фыцын цæджджинагæй æртæ хъуыртты чи скæна, уый». Цæмæй сæ афтæ мачи зæгъа: Батрадз та йын тыхми бакодта. Уыцы фæлварæны руаджы Батрадз йе знæгтæй бирæты барвыста мæрдтæм. Æмæ алæмæттаг цæджджинаг бынтондæр йæхи баци.
Бафиппаинаг у, уыцы ерысы Алæгаты мыггагæй кæй ничи архайдта, уый дæр. Ерысы архайдтой «хæстон адæм» (Æхсæртæггатæ) æмæ Борæты мыггаджы минæвæрттæ. Уæлиуæг кодтой æдзухдæр «хæстонтæ».
Бæгъатырты цыты нуазæны тыххæй æвдисæйнæгтæ фрагментты хуызы баззадысты абхазаг, асыйаг æмæ мæхъхъæлон Нарты кадджыты дæр. Фæлæ уыцы адæмты Нарты эпосты бæгъатырты нуазæны кæнæ æмбисонды цæджджинаджы мотивыл æргом бæрæг дары, ирон æрдзæй кæй райгуырди, уый. Нарты кадджыты бындурон аппæн ис скифаг-алайнаг (ирон) уидæгтæ, æмæ, сыхаг адæмтæм ирæттæй кæй бафтыдысты, уый хынцгæйæ, æндæр хатдзæгмæ æрцæуæн нæй. Гъе уымæ гæсгæ, бæгъатыртæн цыты нуазæнтæ дæттыны скифаг æгъдау, рæстæг æй фендæрхуызæттæ кодта, афтæмæй абоны онг дæр не ‘рвылбоны царды баззади фæткæн. Уый зæгъæн нæй иннæ кавказаг адæмты тыххæй.
Ирон æгъдæуттæ цы сты, уый иучысыл чи бамбæрста, уыдонæй алчи дæр зоны, ирæттæм абон дæр ма фидар кæй у уыцы фынджы æгъдау. Цæвиттон, фынджы уæлхъус бадджытæй иуæн кæнæ иуцалдæрæн, цы рæгъытæ ракодтой, уыдонæй уæлдай раттынц цыты нуазæнтæ. Уымæй зæгъинаг вæййынц, уæлдай буц сæ кæй дарынц, адæмы номæй сын се ‘гъдау, сæ лæгдзинады тыххæй арфæ кæй кæнынц.
Куывды рæстæг цы цыты нуазæнтæ лæвæрдтой, уыдонæн стыр аргъ кодтой ирон адæм æмæ сæ алкæмæн нæ аккаг кодтой. Уыцы уавæр хорз сахадыдта, ирон адæмы этникон культурæ кæдæмдæриддæр анхъæвзта, уымыты. Уый тыххæй нын ирд æвдисæн сты мæнæ ахæм ирон æмбисæндтæ: «Нуазæн раттын фыдæлтæй кадæн баззад», «Ирон нуазæн кадджын у», «Нуазæны кадæн – дæ кад», «Нуазæн никуы уыд æфсисæн, фæлæ æрхъуыды æмæ кадæн». Айларты Измаилы чиныг «Мамысоны æфцæгыл»-ы та уый тыххæй афтæ загъд ис: «Фыдæлтæн æппæты стырдæр кадæн нуазæн баззад æмæ алкæмæ нæ хаудта. Бирæ лæг æнус фæцардаид, фесгуыхты номыл та цыты нуазæн иунæг хатт дæр нæ бануæзтаид».
Цыты нуазæн канд куывдты нæ лæвæрдтой ирон адæм, фæлæ ма сын уыди, царды æндæр фæзилæнты сæ-иу чи бахъуыди, ахæм фæрæз дæр. «Азнаури кадæнгæ», зæгъгæ, уыцы кадæджы, хъараногъайæгты къухтæм цæмæй ма бахауой, уый тыххæй Азнауыр æмæ Хамырзæ лидзынмæ куы фесты, Хамырзæ йе ‘мбалы иунæгæй куы ныууагъта, æмæ уымæн мæлæты дзæмбытæм æнæ бахаугæ куы нал уыди, уæд Хамырзæйы афтæ ралгъыста: «Мæ тæригъæдæй дæ Хуыцау æгады цардæй фæцæрын кæнæд Биасланты астæу, нуазæн дæр дын куыд ничи ратта».
Нæ иннæ цæвиттон та ист у Хуссар Иры цардæй æмæ баст у ивгъуыд æнусы фыццаг æмбисы хæдхæцæг паддзахиуæгимæ тохгæнæг Хъуды абырджытимæ. Паддзахы æфсæдтæй сæ сæртæ æмбæхсгæйæ, иуахæмы абырджытæ Урстуалты Едысы хъæуы смидæг сты. Колыты Хила сæ хорз федта æмæ сæ йæ уазæг бакодта. Хабар хицауады минæвæртты хъустыл æрцыд, æмæ Хиламæ бахатыдысты, кæй æмбæхсыс, уыдоны, дам нын ратт æмæ дын – лæвæрттæ æмæ æхца. Хила сын ахæм дзуапп радта: «Æз Æгъуызаты æмæ Куырттаты ‘хсæн иу фынгыл бадын, æмæ мæ уый куы айхъуыса, зæгъгæ, Хила йæ уазджыты ауæй кодта, уæд ма мын фынгыл нуазæн та чи ратдзæн мæ арммæ».
Цы цæвиттонтæ æрхастам, уыдон бæлвырд æвдисæн сты уымæн, æмæ дын куывды рæстæг нуазæн нæ рардæуыд, уæд цы адæмимæ, æхсæнады цæрыс, уыдоны раз дæ хæсджын. О, фæлæ дæ иугæр уыцы кады аккагыл банымадтой дæ мыггаг, дæ комбæстæ, науæд та æгас æхсæнад, уæд уый нысан кодта, æмæ ды дæ сгуыхт, цытджын лæг, æппæтæн дæр нымаинаг.
Уæлдæр цы хъуыдытæ загътам, уыдон хынцгæйæ, нæ бон у фидар хатдзæг скæнын: ирон нуазæн дæттыны æгъдауæн йæ райдианыл нымайын хъæуы, скифаг бæгъатырты куыси (цыты нуазæн) дæттыны фæтк кæй не ‘мбæлы иннæ кавказаг адæмтæм. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй æмбæлы æрмæстдæр уыцы адæмты Нарты кадджыты. Уыцы æгъдауы гуырдзиаг ном «сирча» арæзт у дыууæ æмхуызон дзырдæй: ирон си – «сыкъа» æмæ гуырдзиаг «рка» – уымæн дæр ис уыцы нысаниуæг.
Цыты нуазæн дæттыны æгъдау æмæ ирон адæмы этникон культурæйы æхсæн иудадзыг дæр бастдзинад кæй уыд, ирæттæ ууыл гуырысхо кæй никуы кодтой, уый бæрæг у мæнæ ацы æмбисондæй дæр: «Æдбарæг бæх фесæфдзæн, фæлæ нуазæн никуы фесæфдзæн».
ДЗÆРÆХОХТЫ Ритæ,
Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы
ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг