ГÆБÆРАТЫ Юри

БÆСТЫАРГЪ ЛÆГ

Нæ фыдæлтæ махæй бæрнондæр æмæ æрвонгдæр цæстæй кастысты цардмæ, домагдæр уыдысты, зыгъуыммæ зондыл хæст чи уыд, ахæмтæй, аргъ кодтой сæ хуыздæртæн. Се ‘хсæн лæгаудæр лæгтыл кæй нымадтой, уыдоны хуыдтой хъæубæсты, комбæсты аргъ лæгтæ. Уымæн æмæ, сæ нымадмæ гæсгæ, лæг куы цæра, уæд сæйраг бынаты хъуамæ хъæубæсты, стæй та комбæсты фарн æвæра. Фæстæдæр, сæ атæлфæнтæ куы ауæрæхдæр сты, дунемæ цæстыдзагæй куы акастысты, уæд райдыдтой бæстыаргъ лæг дзурын дæр. Ахæм бæрзонд кады аккаг фыццаг кæй скодтаиккой, уый абон ничиуал зæгъдзæн, фæлæ уыцы ном рагæй фæстæмæ кардæй карстау кæуыл фидыдта æмæ фидауы, уыдоны фыццæгтæй иу Цыбырты Людвиг кæй у, ууыл басæтдзысты æгæрыстæмæй ахæмтæ дæр, йæ политикон цæстæнгас æмæ архайдимæ разы чи нæ уыд.

Стыр лæг йæ бакæнгæ хъуыддæгтæй стыр вæййы, йæ адæмæн бæстыдзаг лæггад чи бакодта æмæ кæны, ахæм адæймаджы бæстыаргъ лæг йеддæмæ æндæр куыд хъуамæ схонæм? Йæ бирæнымæц зонадон куыстытæй, йæ нуарджын чингуытæй йæ раттæг адæм, йæ фыды- бæстæйы кад æмæ ном афтæ бæрзонд систа, æмæ æнæхъæн дунейæн цæстæвæрæн куыд фæуой!

Стыр лæг у Цыбырты Людвиг – адæм зондæй кæй фæрсынц, йæ дзырд, йæ ныхасы фарн кæмæн ис, æнæхъæн дунейы амæй-ай ном- дзыддæр ахуыргæндтæ цитатæтæ кæй зонадон куыстытæй хæссынц!

Иу хабар арæх æрлæууы мæ зæрдыл. Кæддæр нæ фæсивæдон газет «Молодежь Осетии»-йы (ныры «Республика») редакцийы куыста иу æрыгон лæппу – Болататæй Ренат. Бæлвырд æй нал хъуыды кæнын, куыд, цы амалæй йын фæцис дард фæсарæнтæм ахуыр кæнынмæ ацæуыны фадат, фæлæ, иу афæдзы фæстæ сæрды улæфты рæстæджы Цхинвалмæ куы ‘рцыд, уæд нæ абæрæг кодта æмæ нын фæдзырдта йæ тæлмæнтæ. Тынгдæр дзы мæ зæрдыл цы бадардтон, уый у мæ ныхасы рахæцæн. Цæвиттон, Болатайы-фырт йе студентон царды иударон хъуыддæгтæ куы ‘рбæстон кодта, уæд бацыд, ахуыр кæнын кæм райдыдта, уыцы университеты библиотекæмæ, цæмæй йæхи ныффыссын кæна æмæ йын чингуытæ исыны бар уа. Библиотекæйы кусæг ацæргæ сылгоймаг лæппуйы гæххæттытæм куы ‘ркаст, уæд бацымыдис, Ирыстон та цавæр бæстæ у, кæм, цы ран ис, зæгъгæ. Лæппу йын æмбарын кæны, Ирыстон, æгæрыстæмæй, дыууæ хайыл дих кæй у, иу хай дзы Уæрæсейы сконды кæй ис, иннæ хай та – Гуырдзыстоны сконды, фæлæ ныр хæдбар паддзахад кæй у – Республикæ Хуссар Ирыстон. Сылгоймаг хъуыдыты ацыд, стæй æрæджиау йæ мидбылты разыйы худт бакодта æмæ уырыссагау цъæррæмыхстытæй загъта:

— Да, да, знаю, знаю – Абаев, Чибиров!..

Уый ноджыдæр иу æвдисæн, нацийы æндæр бæстæты йæ лæгау лæгты фæрцы кæй фæзонынц. Цыбырты Людвиг ирон зонады рæзтæн бæркадджын лæггад бакодта, йæ зонадон фæллæйттæн стыр ахадын- дзинад ис. Куыд хæдбар Ирыстоны фыццаг Президент, афтæ йæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, уыдæтты тыххæй дзурын æмæ фыссын æндæртæн – ахуыргæндтæ, иртасджытæн – æмбæлы, уымæн æмæ стыр науæн стыр фурд хъæуы. Фæлæ, йæ къухдариуæгады бын кусгæйæ, йæ цард æмæ æхсæнадон-политикон архайды комкоммæ æвдисæн цы хабæрттæн уыдтæн, мæ зæрдыл дзы цы бадардтон, уыдонæй мæм зæгъинаг цы ис, уыдон та фагæй фылдæр сты.

Иугæр уæлдæр скодтон, хæдбар паддзахад Хуссар Ирыстоны фыццаг Президенты политикон цæстæнгасимæ разы чи нæ уыд, ахæмты кой дæр, уæд, чи зоны, кæмæдæрты бар-æнæбары сæвзæра ахæм фарст: «Цæмæн хъуамæ уыдаид æмæ уаид ахæмтæ, кæд йæ политикон цæстæнгас æмæ архайд раст уыдысты, уæд?» Дзуапп сын дæттын: уымæн æмæ алкæмæ дæр искæй къухы дур рæуæг кæсы. Стæй адæймагæн, уæлдайдæр политикон, æхсæнадон архайæгæн аргъ кæнгæйæ, алы хатт рæстаг цæстæнгас æмæ æрвонг зонды коммæ нæ фæкæсæм, фæлæ тæвдтуг амбициты æмæ кæйдæр цæсты хи равдисыны фæндоны коммæ. Афтæ кæй у, уый бафидар кæнынæн æрхæсдзынæн хуымæтæджы цæвиттон. Алчидæр æй хорз зоны, Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтæй университет Цыбырты Людвиг кæй сарæзта, фæлæ, фæстæдæр уыцы университеты юбилейы тыххæй цы сæрмагонд чиныг рауагътой, уым йæ кой не скодтой…

Æндæр, ноджы карздæр цæвиттон. 1993 азы горæт Цхинвалы сæрмæ Присы хъæуы нæ хæцæг фæсивæды иу къорды кæй ныццагътой, уый нырма дæр бирæтæ Цыбырты Людвиджы аххос кæнынц. Уый, дам, радта ахæм бардзырд, уый, дам сæ ныццæгъдын кодта. Афтæмæй та уыцы æбуалгъы хабар æрцыд июлы, Цыбырты Людвиг та Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Сæрдарæй, ома республикæйы къухдариуæггæнæгæй, æвзæрст æрцыд ноябры. Æвзæры фарст: кæд университеты ректорæн йæ бон ахæм хъуыддаг саразын уыд, уæд цы куыстой æмæ кæдæм кастысты республикæйы уæды разамонджытæ?! Стæй хъуамæ басæттой ууыл дæр (йæ политикон цæстæнгас æмæ архайдимæ разы чи нæу, уыдон), Цыбырты Людвигæн йæ хъуыдыйы кæрон дæр кæй никуы уыд республикæйы къухдариуæггæнæг суæвын, тыхæй, бирæ лæгъстæты фæрцы йæ кæй сразы кодтой уыцы бынатмæ. Хорз æй хъуыды кæнын, Уæлдæр Советы радон сессийы йын куы загътой Сæрдарæй йæ сæвзарыны фæндон, уæд цæхгæр «нæ» куыд загъта, æгæрыстæмæй сессийæ дæр кæй ацыд æмæ йæ фæстæмæ лæгъстæмхасæнты куыд æрбакодтой.

Æмæ, цæй нæ къухтæ нæ зæрдæтыл сæвæрæм, афтæмæй бафæрсæм нæхи: цы уавæры уыд уыцы заманы Хуссар Ирыстон? Дугивæны карз уылæнты дæлдонгæнæджы уавæры… Иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл разамонджытæй рæнхъон, хуымæтæджы хотыхджын лæппутæн фылдæр тых æмæ бартæ уыд. Закъон цы у, уый зонгæ дæр ничиуал кодта. Республикæйы бюджетмæ æххормаг мыст баирвæзт, зæгъгæ, уæд дзы йæ тыбыртæ бацагътаид… Цыбырты Людвиг, куыд рес- публикæйы сæргълæууæг, афтæ фыццаг хатт Мæскуымæ цæуыны фæнд куы скодта, уæд республикæйы бюджеты, цæмæй ацыдаид, уый бæрц æхца нæ уыд! Хорз æй хъуыды кæнын, тумантæ дæр ын куыд æмбырд кодтам фæндаггагæн…

Фæлæ, кæд уый æнхъæл ничиуал уыд, уæддæр ын бантыст паддзахадон институтты цадæггай уд бауадзын, республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр æрнывыл кæнын. Уый та зын уыд, æнахуыр тынг зын, уыцы æмтъеры, Шамилы загъдау, лæг кард лæджы хурхмæ кæм дардта, уыцы дуджы.

Ахъуыды-ма кæнæм, цавæр уæззау æмæ тæссаг уавæры уыдыстæм: йæ адæмы нымæц милуантæй чи нымайы, уыцы Гуырдзыстон – нæ цыфыддæр знаг, уымæйдæр йæ къухдариуæггæнæг – æнæхъæн дунейыл зындгонд политик, йæ рувасы къæдзил Америкæ æмæ Ныгуылæны раз тилынмæ дæр чи арæхст æмæ Уæрæсейы раз дæр, уыцы бæсты хин æмæ кæлæн Шеварднадзе; нæ иунæг ныфс – Уæрæсе та уыцы заманы йæхи хъысмæтыл хъуыды кæнынхъом дæр нал уыд. Ахæм æбæлвырд, Секъайы загъдау, тармылазон дуджы дæ бæрныуæвæг республикæйы хæдбардзинад бахъахъхъæнай, уымæн куырыхон зонд æмæ политикон арæхстдзинад хъуыд. Афтæмæй та нырма дæр кæмæйдæрты сирвæзы, цыма Цыбырты Людвиг хъавыд Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстонæн ныллæвар кæнынмæ.

Карк дон куы бануазы, уæд ма Хуыцаумæ куы скæсы! Куыд, цы хуызы йæ хъуамæ радтаид, ууыл уæддæр ма хъуамæ ахъуыды кæнæм?.. Кæд æм ахæм фæнд уыд, æмæ йын сæххæст кæнæн уыд, уæд аст азы дæргъы йæ кæнон нæ бакодтаид?!

Хорз æй хъуыды кæнын, 1999 азы мæн газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй снысан кæныны фæнд куы скодта, уæд мын чидæртæ мæ разы цæлхдуртæ куыд авæрдтой – нæ, дам, бакусдзынæ йемæ, диктатор, дам, у, уымæйдæр – гуырдзыйы лæг… Раст зæгъгæйæ, мæ былы цъæрттæ нæ хордтон уыцы бынатмæ, фæлæ, мæ разы мын бæндæнтæ чи айтыгъта, уыдонæн загътон: «Цæй, бакæсон, фенон, кæд мæ нæ уадза кусын, уæд мæ бæтгæ нæ бакæндзæн уыцы бынаты».

Æмæ бакастæн, федтон. Нæ разамонæг мæнæн афтæ никуы загъта, мæнæ уыцы æмæ уыцы æрмæг цæмæн ныммыхуыр кодтай, кæнæ ахæм æмæ ахæм æрмæг цæуылнæ ныммыхуыр кодтай. Афтæмæй та йæ зыдтон, газеты алы номыр дæр кæй каст фыццаг фарсæй фæстаг фарсы онг. Æмæ мын кæд мæ куысты фæдыл искуы исты загъта, уæддæр – æрмæстдæр æххуысы хуызы. Телефонæй дæр-иу мæм радзырдта, исты историон кæнæ, рохуаты чи баззад, ахæм хабар-иу мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта æмæ-иу мын загъта, хорз кæй уаид газеткæсджытæн æй базонын кæнын… Тынг æй фæндыд, цæмæй нæ мыхуыры фæрæзтæ дзуапп дæттынхъом уой профессионалон домæнтæн. Æмæ уыцы хъуыддаг æрмæст домгæ нæ кодта, иууыл активондæр хайад дзы йæхæдæг иста… Ахъуыды ма кæнæм, паддзахады сæргълæууæг, йæ бирæнымæц хъуыддæгты æмрæнхъ рæстæг ары газеты сæйраг редакторæн йæ куысты æххуыс кæнынæн дæр! Цæмæн кодта афтæ? Уымæн æмæ йæ æмбæрста, национ мыхуыры хъысмæт ахсджиагдæр кæй у бирæ æндæр хъуыддæгтæй, адæм цæмæй размæдзыд уой, уый тыххæй хъуа- мæ сæйраг хъусдард цæуа се ‘взаг æмæ монон культурæйы рæзтмæ.

Фæлæ мæ уæддæр æмæ уæддæр сæрысуангæй цы тыхсын кодта, уый – кæмæй мæ тæрсын кодтой, уыцы политикон цæстæнгас, йæ позици… Æмæ, йемæ дыууæ-æртæ хатты аныхас кæныны фæстæ бамбæрстон, нæ паддзахады сæргълæууæг цавæр амæлттæ агуры уæззау уавæрæй рахизынæн, цавæр хæс мын æвæры мæ разы, цавæр ссадвæдыл хъуамæ аздахон газеты куыст…

Кæд мын комкоммæ хæслæвæрдтæ нæ радта, уæддæр ын йæ цæстæнгас æмæ зондахасты сæйраг рахæцæнтæ куыд бамбæрстон, афтæмæй махæн уыдис æрмæстдæр æртæ фæндаджы гуырдзыйы ахæстæй фервæзынæн: фыццаг фæндаг – хъуамæ сæ ныццæгъдæм, фæлæ нæ бон нæу, нæхи нын цæгъдгæ кæнынц; дыккаг фæндаг – хъуамæ сæ нæ цурæй сыстын кæнæм æмæ сæ искæдæм фæсурæм, фæлæ уый дæр нæ бон нæу, нæхи нын сургæ кæнынц… Уæдæ ма дзы, Цыбырты Людвиджы хъуыдымæ гæсгæ, баззадис æрмæстдæр иу раст фæндаг, æртыккаг фæндаг – цас гæнæн ис, уымæй хъуамæ бадзырдты процесс ивазæм, æмæ, абон уа æви райсом, тæбæгъы дон махырдæм ма фæкъул уа, уый гæнæн нæй… Æмæ æрцыд уыцы нысанмæ йæ тадзгæ-баргæ политикæйы фæрцы! Бæлвырддæр зæгъгæйæ, Хуссар Ирыстоны хъысмæтыл дæндагæй ныххæцыд æмæ йæ бавæрдта, цалынмæ тæбæгъы дон махырдæм фæкъул, ома, Стыр Уæрæсейы сæргъы Владимир Путин æрлæууыд, уæдмæ…

Иу хуымæтæджы хабар, «гуырдзыйы лæг» куыд уыд, уый тыххæй дæр: Джеры дзуары кувæндон æмæ йæ алфамбылай цы уавæры уыд, уый алчидæр зоны, фæлæ йæ уагмæ æркæныны хъуыды Цыбырты Людвиджы йеддæмæ никæмæ æрцыд. Æмæ йæ æххæст дæр скодта, адæмон, ирон зиуы фæрцы. Цал боны бахъуыд, уый æххæстæй мæ зæрдыл нал лæууы, фæлæ дзы йæхæдæг иннæ зиууæтты æмрæнхъ æртæ боны кæй фæкуыста, уый хъуыды кæнын. Гъемæ, æппæт куыстытæ дæр кæронмæ куы бахæццæ сты, уæд мæм фæдзырдта æмæ мын загъта, зæгъгæ, кувæндон йæ хуыз бæргæ скалдта, фæлæ йæ нывæфтыд дуæрттыл æнæмидис орнаментты уæлдай ис стыр сæнæфсиры цупæлттæ дæр. Сæнæфсиры цупал та, дам, куыдфæндыйæ дæр символикон цæстæнгасæй гуырдзиаг ад кæны, æмæ, дам мæ нæ фæнды, афтæ сæ ныууадзæм, уый. Æмæ мæм бахатыд, цæмæй кувæндонæн сарæзтаин ног, сыгъдæг ирон орнаментимæ нывæфтыд дуæрттæ. Æз ахъуыды кодтон æмæ бамбæрстон, ахæм дуæрттæ саразынæн цас тых æмæ рæстæг хъæуы, ууыл, æмæ йын æргом загътон, мæ бон кæй нæ бауыдзæн. Дзуары тыххæй æз мæ куысты аргъ райсыныл не сразы уыдаин, лæвар сæ куы сарæзтаин, уæд та, уæ фарн бирæ, фæлæ ме ‘ртæ сабийы æххормагæй баззадаиккой… Уыцы уæззау рæстæджы царды амæлттæ кæнынæн уыд æрмæстдæр иунæг фæрæз – исты нывæфтыд дзаума саразын æмæ йæ ауæй кæнын. Æмæ мæ бамбæрста, нæ мæм фæхъыг. Фæлæ ам дзырд, кæй мæ бамбæрста, ууыл нæ цæуы, дзырд цæуы ууыл, уыцы нывæфтыд сæнæфсиры цупæлттæ гуырдзиаг ад кæй кæнынц, уый йæ фæсонæрхæгмæ дæр кæй никуы никæмæн æрцыд, «гуырдзыйы лæг» кæй хуыдтой, уый йеддæмæ…

Кæнæ… Иухатт хицауады æрвылкъуырион рабадты районтæй иуы сæргълæууæгмæ цыдæр фарстатæ сæвзæрд, уым нæ уыд, афтæмæй. Президент йе ‘ххуысгæнæджы куы бафарста, кæм ис, уымæй, æмæ йын дзуапп куы радтой, рынчын у, зæгъгæ, уæд æмбырдыуæвджытæй чидæр афтæ бакодта: «Куыд у рынчын? Знон Тбилисы куы уыд».

Уыцы ныхас фехъусгæйæ, республикæйы разамонæг хорзау нал фæцис. Иу дзæвгар æнæдзургæйæ фæбадт, стæй йæ дыууæ къухæй стъол мæсты цæф æркодта æмæ загъта: «Гъеныр афтæмæй куыд кусынмæ хъавæм, уый ма мын бамбарын кæнут?! Мæгуыр лæг Тбилисы базармæ ныццæуа æмæ йæ сывæллæттæн асламдæр аргъыл исты дзаумæттæ балхæна, уымæй политикæ аразын нæ хъæуы – адæм хъуамæ исты амæлттæ кæной ацы уæззау дуджы… Фæлæ бынаты кусæг, разамонæг, уымæйдæр æнæ бафæрсгæйæ, не знæгтæм ныццæуа, уый стыр, ныббарæн кæмæн нæй, ахæм фыдракæнд у!» Æмæ йæ уыцы бон йæ бынатæй систа.

Уый фæстæ дзы, Цыбырты Людвиджы «гуырдзыйы лæг» чи хуыдта, уыдон «политикæйы амæттаг» ацарæзтой – Цыбыры-фырт, дам, хæрдмæ скæсын кæй нæ уагъта, уыцы патриоттæй у, æмæ, дам æм реабилитаци æнæмæнг æмбæлы. Æмæ йæ министрæй баурæдтой. Уый цалдæр мæйы фæстæ Гуырдзыстонмæ афардæг. Уым æрцард æмæ уæхскуæзæй райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ кусын…

Фæлæ мах иу æнусон низæй рынчын стæм: йæхи цæсты æрду чи нæ уыны, уый дæр искæй цæсты къалабæлас агуры. Бынаты чи вæййы, уымæ марæн кæрдтæ сисæм, адæмæн æй удхæссæг фестын кæнæм, алы фыд, алы тугтæригъæдтæ йын йе ‘ргъомбасты ныббæттæм, стæй уыцы æргъом нæхи хæссинаг куы фæвæййы, уæд ныл уæз нал фæкæны, ферох нæ вæййынц, цы фыд, цы тугтæригъæдтæ дзы ныббастам, уыдон…

Цавæр позицийыл лæуд уыд Цыбырты Людвиг Цæгат Ирыстонмæ ахасты та? Цы йæ æмбæхсæм, уыцы дывыдон дуджы Хуссар Ирыстоны цæрджытæ фылдæр æххуыс æмæ фарсхæцынад домдтой сæ цæгатаг æфсымæртæ æмæ хотæй, бирæ критикæгæнджытæ нæм уыд, кæцытæ абон та иннæрдæм хæцынц… Ома, абон, Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацæуа, уый ныхмæ чи у, «хæдбар паддзахад скъобор кæнынæй» ныфсытæ чи æвæры, уыцы æнæхæлафæй хъалтæм уæд та æндæр домæн уыд. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, дам, мах куыд тыхсæм, афтæ цæуылнæ тыхсынц Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæныны фарстыл… Ахæм уавæры нæ удыхосау хъуыд национ иудзинад бахъахъхъæнын, рог, æнæсæрфат митæй фыдæхдзинад тауджытæн сæ рохтыл æрхæцын. Æмæ ацы вазыгджын фарсты дæр Цыбырты Людвигæн уыд иунæг, мæнæ ахæм æндонвидар позици: мæн критикæ кæнут, мæн тыххæй уæ цыдæриддæр фæнды, уый фыссут æмæ дзурут, фæлæ мын «фаллæгтæм» ма ‘вналут – махæн арвæй зæххы ‘хсæн æндæр ничи ис, бахъуаджы рæстæджы нæ сæр кæуыл бакъул кæнæм… Ахæм позицимæ къух бакæнæн ис? Нæ, кæй зæгъын æй хъæуы!

Афтæ чи дзырдта, нæ цæгатаг хотæ æмæ æфсымæртæ нæ нæ уарзынц, уыдон рæдыдысты. Рæдигæ кодтой уымæй, æмæ махмæ, Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæтты ‘хсæн, ахæм адæймаг зынтæй разындзæн, Цæгат Ирыстоны æппынкъаддæр афæдз дыууæ хатты чи нæ вæййы, уымæн æмæ нæ хъуыддæгтæн сæ фылдæр уым аразгæ сты; Цæгат Ирыстоны цæрæг ирæттæн та сæ нæуæдз проценты бæрц Хуссар Ирыстоны æппындæр никуы уыдысты, æмæ бирæтæ «хуссайраг» ирæттæм кастысты, æрвылбон базарты кæй уыдтой æмæ се ‘нæгъдаудзинадæй кæмæн сцъæхдæндаг сты, уыцы лыгъд адæм-базаргæнджыты цæстæй, уымæн æмæ сæ сæ ныхасыуагмæ гæсгæ иууылдæр «хуссайраг ирæттыл» нымадтой. Афтæмæй та уыдон сты, Гуырдзыстонæй кæй расырдтой, кæнæ гуырдзыимæ æмхæццæ хъæуты чи цард, ахæмтæ, фæлæ уæддæр ирæттæ нæ систы, ирон æгъдау сæм абоны онг дæр нымады нæу. Æмæ сæ уыцы æнæхсæст «ирондзинадæй» фыдæх тыдтой Ирыстоны дыууæ хайыл. Уый иттæг хорз æмбæрста Цыбырты Людвиг æмæ йæ мидполитикæйы сæйраг хъусдард здæхта, ацы риссаг фарст, цас гæнæн уыд, уыйбæрц æрбæстон кæнынмæ. Къухдариуæгады æмвæзадыл сырæзæн цæмæн нæ уыд, уыдæттæ та царды уагъта æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты фæрцы, зæрдиагæй æххуыс кодта, Ирыстоны дыууæ хайы ‘хсæн иумæйаг мадзæлттæ чи арæзта, уыдонæн.

Уæлдай ахсджиагдæрыл нымадта, нæ дыууæ ирон газеты – «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы коллективтæ æрвылаз дæр кæрæдзиимæ кæй æмбæлдысты, уыцы традици дарддæр кæнын. Æгæрыстæмæй уыцы уæззау рæстæджыты дæр! Адæм-иу дæсгай мæйты сæ мызды капеччытæ куынæ райстой, уæддæр никуы базивæг кодта уыцы ахсджиаг хъуыддаджы нын баххуыс кæнынмæ. Газеты сæйраг редакторæй мæ цы аз снысан кодта, уыцы аз мах рад уыд «Рæстдзинад»-ы коллективы Хуссар Ирыстонмæ фæхонын. Цы уавæры уыдыстæм, уыцы уавæр æмбаргæйæ йын æфсæрмыгæнгæ ской кодтон, зæгъын, нæ фембæлдæн куыд бакæнæм. Президент, цыма æхсæвæй-бонæй уыцы ныхасмæ æнхъæлмæ касти, уыйау уыцы цæхгæр алыг кодта: «Сыдæй куы амæлæм, уæддæр уыцы диссаджы традицийæн æнæ адарддæргæнгæ нæй. Ныртæккæ нын уымæй ахсджиагдæр ницы ис, цæмæй Ирыстоны дыууæ хайы цæрæг адæм, гæнæн уæвгæйæ, кæрæдзиимæ арæхдæр æмбæлой. Махæн нæ иудзинадæй бæрзонддæр нысан мацы хъуамæ уа, уымæн æмæ æнæ уыцы иудзинадæй доны къусы сæфт фæуыдзыстæм. Цы адæм кæрæдзиимæ не ‘мбæлынц, уыдон кæрæдзийæ дард кæнынц».

Æмæ æрмæст дыууæ редакцийы коллективты фембæлдтытæн лæ- вæрдта ахæм ахсджиаг нысаниуæг? Нæ, йæ бон цы уыд, йæ фадæттæ йæ цас æмæ куыд амыдтой, уымæ гæсгæ зæрдиагæй архайдта алы хъуыддаджы дæр. Джыккайты Шамил, Ходы Камал, Гиоты Михал æмæ æндæртæн юбилейтæ Цæгат Ирыстоны дæр куыд нæ нысан кодтой, фæлæ сын нæ разамонæг Хуссары цы нæргæ юбилейтæ сарæзта, уыдонæн дæр уый уыд сæ нысаниуæг: иудзинад, æнгомдзинад, кæрæдзи æмбарын…

Ахъуыды-ма кæнæм, шовинистон Гуырдзыстон та нæм йе згæхæрд кард куы сласта, бындзагъд нæ скæныны фадат та йын куы фæзынд, уæд цы кодтаиккам, цы фæуыдаиккам æнæ Цæгат Ирыстон, чи нын бавæрдтаид нæ лыгъд адæмы, æндæр нæм æххуысы къух чи радтаид?

Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстаг азты, уæлдайдæр та августы хæсты фæстæ, Хуссар Ирыстон цы къахдзæфтæ акодта, дунеон политикон аренæйыл ын цы фадæттæ фæзынд, уыдæттыл Цыбырты Людвиджы рæстæджы ахъуыды кæнæн дæр нæ уыд, уымæн æмæ уæд æндæр рæстæг уыд, не ‘нусон æмцæдисон, нæ дарæг, нæ уромæг Уæрæсе йæхæдæг дæр уæззау уæвæры уыд, йæ хъæлæс никуыцæйуал хъуыст. Дзуапп раттæм иу хуымæтæджы фарстæн: Цыбырты Людвиг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент куы уыд, уыцы рæстæджы Уæрæсе, йе ‘фсад Сиримæ бакæна, ууыл ахъуыды кæнын дæр бауæндыдаид?.. Нæ, кæй зæгъын æй хъæуы. Уымæ гæсгæ алы адæймагæй дæр домын хъæуы, йæ фадæттæ, йæ атæлфæнтæ йæ цас амыдтой, уый бæрц. Цалынмæ, дæ размæ чи уыд, уый истæмæй азымы бадарай, уæдмæ уал хъуамæ бафæрсай дæхи, уый бынаты дæхæдæг та цы сарæзтаис æмæ куыд бакодтаис… Абон дæр ма чидæртæ сæхи бауигъынц, афæлварынц нæ куырыхон хистæр, нæ фарны лæджы цæхæрадонмæ дуртæ баппарыныл… Иухатт мæм иу чидæр иу дынджыр уац бахаста, уыцы сæрыстырæй мын æй мæ разы æрæвæрдта æмæ афтæ зæгъы: «Мæнæ ам нæ фыццаг Президентыл абырыдтæн, æмæ, дæ хорзæхæй, ныммыхуыр æй кæн, адæм дæ галы бузныг фæуыдзысты…»

Æз ын афтæ зæгъын: «Æмæ, кæд дæм афтæ кæсы, адæм мæ галы бузныг фæуыдзысты, уæд ыл, цалынмæ Президент уыд, уæдмæ цæуылнæ «абырыдтæ», цæмæй нæ тынгдæр фæуыдаиккой галы бузныг? Цæй, бадзурæм афтæ: дæхæдæг Ирыстонæн цы сарæзтай, уымæй дæ нæ фæрсын, Цыбырты Людвиг цы зонадон чингуытæ ныффыста, уыдон бакæсын дæ нæ домын, æрмæст мын сын номхыгъд скæн æмæ дын дзырд дæттын, уый фæстæ дын дæ уац кæй ныммыхуыр кæндзынæн».

Уый æнæдзургæйæ сыстад æмæ мын мæ фыдбылызтæ йемæ ахаста…

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый комкоммæ йæхи сæрмагонд уæлахиз схоныны бар никæмæн ис. Кæд номхуындæй искæй «фæрцы» у, уæд æрмæстдæр нæ цыфыддæр знаг Михаил Саакашвилийы фæрцы, уымæн æмæ уый ахæм куырмæджы рæдыд куынæ æруагътаид, Хуссар Ирыстоны ныхмæ æргом хæст куынæ расидтаид æмæ дзы сыгъдæг быдыр саразыны фæнд куынæ скодтаид, уæд гъада-гъа исчи банымадтаид Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад… Фæлæ нæм иугæр ахæм амонд æрхауд, иугæр бафæрæзтам уыйбæрц зындзинæдты сæрты ахизын, иугæр нæ фыдыбæстыл нæ къух нæ систам æмæ йæ бавæрдтам йæ хæдбардзинад ын банымайыны боны онг, уæд уый у æппæтадæмон уæлахиз, уымæн æмæ уыцы уæлахизы ис, Хуссар Ирыстоны иууыл уæззаудæр рæстæджыты чи баззад æмæ йæ сæр чи нæ бафснайдта, уыдонæй алкæй хайбавæрд дæр. Уæлдайдæр Цыбырты Людвиджы хайбавæрд. Нæ фыдыбæстæйы историмæ йæ бахаста йæ бадт зонд æмæ куырыхондзинады фæрцы. Уый тыххæй уæлдай буц митæ домгæ дæр нæ кæны, кæйдæртау йæ риу нæ хойы, стæй алы æвзæрстыты йæхи нæ батъыссы, адæмы кæрæдзи ныхмæ скæныныл нæ архайы. Президент куы нал уыд, уæд йæ дыстæ басчъил кодта æмæ зонадон куысты аныгъуылд. Æмæ кусы, зæрдиагæй лæггад кæны йæ фыдыбæстæн, йæ раттæг адæмæн.

Фæлæ… Уæддæр диссаг у – кæд раздæры президенттæн, æгæрыстæмæй, парламенты сæрдар чи уыд, уыдонмæ хицауады хардзæй машинæтæ, шофыртæ æмбæлы, уæд Цыбырты Людвиг æнæ хай цæмæн у ахæм хæрзиуджытæй? Ау, æндæрты хъауджыдæр, нæ фыццаг Президент уæддæр уыд!.. Æниу нæ фарны лæджы ахæм цыдæртыл хъуыды кæнынмæ дæр не ‘вдæлы. Бирæ, æнæкæрон бирæ йын бантыст, фæлæ ацы стыр ахуыргæндтæм иу миниуæг ис: дуне уæлгоммæ куы сфæлдахой, уæддæр æнæхæрд, æнæсгæрст бæстæ агурынц! Цыбырты Людвигыл 90 азы сæххæст, фæлæ йемæ куы ныхас кæнай, уæд дæм афтæ фæкæсдзæн, цыма нырма знон фæцис каст уæлдæр ахуыргæнæндон æмæ нырма йæ фыццаг къахдзæфтæ акæнынмæ хъавы зонадон дунейы æнæкæрон тыгъдады. Хуыцауы цæст ын бауарзæд ахæм хъару!

Айфыццаг та йын йæ радон чиныгæн презентаци куы сарæзтой, уæд ын арфæгæнджытæй иуы цæст бауарзта сæдæ азы фæцæрын, иннæйы цæст та – сæдæ дыууын азы. Мæн зæрдиагæй фæнды, цæмæй, Цыбырты Людвигыл сæдæ дæс азы куы сæххæст уа, уæд нымдæй афтæ зæгъа: «Мæнæ ног чингуытæ ныффыстон, æмæ мын юбилей кæныны бæсты уыдон рауадзут!» Хуыцау, фехъуысæд дæм мæ арфæ!