КЪОСТАЙЫ ПОЭМÆ «ФАТИМÆ»: АБАРСТЫ ФÆЛВАРÆН
Æрæджы мын иу чидæр уайдзæфы хуызы афтæ: «Къостайы поэзи ныр æнусæй фылдæр æнæсцухæй иртасут, уæд ма уе ‘рвылазы конференциты ногæй цы зæгъинаг вæййут? Ирыстоны æндæр фыссæг нал ис?»
Исты дзуапп раттынмæ йын базивæг кодтон… Ирон зæрдæ кæй риуы тæлфы æмæ ирон туг кæй дадзинты æнхъæвзы, уый ахæм фæрстытæ нæ фæдæтты…
Къостайы ном Ирыстоны табуйаг уымæн у, æмæ, нæ царды, не ‘взаджы, нæ ирон удыхъæды фæзминагæй цы ис, уый мах бæттæм, йе сфæлдыстады цы куырыхон ныстуантæ ныууагъта, йæ хисæрмагонд цард цы патриотон-намысон домæнтæм гæсгæ арæзта, уыдонимæ.
Къоста, фыццаджыдæр, уыди адæмы сæрхъуызой, адæмы сагъæс æмæ бæллицтæ йæ уды бæркадбын æвæрæнты алкæддæр ахстой рæбинаг бынат. Йæ рæстæджы дзы Тыбылты Алыксандр хуымæтæджы нæ загъта: «Мæгуыртæн фыййау уый фæцыдис. Сидзæргæсы хъарæг уый ракодта».
Къоста Ирыстоны алы фæлтæрæн дæр уыд æмæ у се ’мдугон, сæ национ сæрыстырдзинад. Байхъусæм-ма, йæ курдиатджын фæдонтæ йын цы аргъ кодтой æмæ кæнынц, уымæ.
Джыккайты Шамил: «Къостайы фæзынд уыдис, адæммæ пехуымпар куыд æрцæуа, афтæ – стыр æмæ арфæйы хъуыддаг. Къостамæ æрдзæй уыд генийы курдиат, фæрныг сфæлдыстадон хъомыс».
Хъодзаты Æхсар: «Къоста басгуыхт Ирыстоны зæринком пехуымпар, ирон зонды цырагъ, ирон зæрдæйы ахсджиагдæр уидаг».
Хъазиты Мелитон: Зæххы къорийы дæргъ æмæ уæрхæн сбарæн ис, фæллойæн банымайæн ис, дунейы налхъуыт-налмастæн саргъгæнæн ис, фæлæ, Къоста махæн, ирон адæмæн, стæй, æмткæй, адæймагадæн цы лæггад бакодта, цы хорзы нын бацыди, уыдонæн нæдæр сбарæн ис, нæдæр банымайæн, нæдæр саргъгæнæн».
Нæ ныхас цæмæй райдыдтам, уымæ куы раздæхæм, уæд æз афтæ æмбарын, æмæ Хетæджы-фырты поэтикон дуне кæронмæ нæма басгæрстам, кæд ын йæ ном сæдæгай уацты ссардтам, кæд ыл нæ зындгонд ахуыргæндтæ сæрмагонд куыстытæ ныффыстой, уæддæр. Уыцы хъуыддаджы, куыд зонæм, афтæмæй фыццаг хъæппæрис равдыста Дзасохты Гиго (1909), уый фæстæ – А.С. Малинкин (1939), Л.П. Семенов (1955), Хæдарцаты Азæ (1955), В.Б. Корзун (1957), Джусойты Нафи (1958), Салæгаты Зоя (1959), Къомайты Риммæ (1989; 1994) æмæ иннæтæ. 2009 азы та, Къостайы 150 азы юбилеймæ, мыхуыры фæзынд æртæ монографийы – Джусойты Нафийы «Иры хур скасти Нарæй», Хъазиты Мелитоны «Къоста» æмæ уырыссаг æвзагыл – Хъуыссæты Зæлинæйы «Къоста-драматурджы аивадон фæлтæрддзинад» («Художественный опыт К.Л. Хетагурова-драматурга»).
Уæддæр, æнхъæлын, йе сфæлдыстады нырма ис, иртасджыты фæлгъауаг хъуыды кæйонг нæма баххæссыдис, ахæм байбынтæ. Уымæн æвдисæн – Хуыгаты Ирланы [1; 2], Сæлбиты Тамиры [3; 4] æмæ иннæты цымыдисаг агурæнтæ. Къостайы поэзийы кæцыдæр фæзилæнтæм ног хуызы æркæсыны фӕлтæрӕнтæ разындзæнис ацы рæнхъытӕ фыссӕгмæ дӕр [5; 6; 7; 8; 9; 10]. Сæрæвæрæн сын сси, 1999 азы «Фатимæ»-йыл Пушкины традициты æндæвдады тыххæй цы хатдзæгтæм æрцыдтæн, уый [11]. Уæд уырыссаг классикы райгуырдыл сæххæст 200 азы, æмæ мын йæ номыл конференцимæ бафæдзæхстой амынд темæйыл доклад скæнын. Хинымæр бакатай кодтон: æнæсгæрст ма дзы цы баззадис?..
Ахуыргæндтæ сæ ныхас загътой Некрасовы адæмондзинады тæваджы фæдыл, банысан кодтой поэмæйы социалон-историон æмæ фæткон-психологион концепцийы иудзинад Пушкины «Тазит»-имӕ, æрдзырдтой Наиб æмæ Гасубы, Фатимæ æмæ Тазиты [12, 58–67, 79–80], Татьянæ («Евгений Онегин») æмæ Фатимæйы фæлгонцтæ иугæнæг миниуджытыл. Курдиатджын æрыгон иртасæг Балаты Игорь (хъыгагæн, цæрын ын нæ бантысти) ранывæста йæхи типологион рæнхъ: Лермонтовы «Аул Бастунджи», «Измаил-Бей» æмæ æндæртæ [13]. Æрæджы дзы Хуыгаты Ирлан та федта «Демон»-имæ сюжетон-фæлгонцон æнгæсдзинад: «У Лермонтова наблюдается тот же диалектический треугольник жизни и борьбы: Фатима соотносится с Тамарой, Ибрагим – с Женихом, Джамбулат – с Демоном» [2, 168–169].
Утæппæт хабæрттæ куы бакастæн, уæд мæ иу хъуыддаг дисы бафтыдта: Пушкины «Полтава» ахуыргæндтæй иуы хъуыдыйы дæр не ‘рцыди. Афтæмæй та, уырыссаг литературæйы номхæссæн классик æмæ Ирыстоны генион поэты ‘хсæн сфæлдыстадон диалоджы кой куы кæнæм, уæд фыццаджыдæр зæрдыл хъуамæ æрлæууид «Фатимæ»-йы бастдзинад ацы поэмæимæ. Сæ хæстæгдзинады æууæлтæ уæлдай ирдæй зынынц мотивон комплексы æмвæзыл.
Сусæг уарзты мотив. Суанг уацмысты фыццаг рæнхъытæй сбæлвырд вæййы, чызг-персонажтæ æнгæс уавæры кæй сты, уый. Дыууæйæ дæр – æмбисонды рæсугъд, усгуртæ сæм, куыд фæзæгъынц, къахихсыд баисты. Марияйы курджытæ – «Украинæ æмæ Уæрæсейы тæхудиаг гуырдтæ» – («…завидных женихов ей шлет Украйна и Россия»). Фатимæйыл дæр йæ нымд уаг æмæ хæрзæгъдауы, йæ аив уынды фæрцы «бирæ æхсарджын уæздæттæ» сæ цæст æрæвæрдтой. Уыдон та сæ бирæ усгуртæй искæмæн разыйы дзуапп раттыныл нæ тагъд кæнынц, уымæн æмæ дыууæйæ дæр сты сусæг æнкъарæнты уацары. Уарзондзинады коллизи ноджы вазыгджындæр кæны йæ иу бæрæгдаргæ фæзилæнæй – «æнæтугхæстæгдзинады» фарстæй. Цæй аххосæй сæвзæрди уыцы уæлæмхасæн цæлхдур та?..
Æвзонг Мария бауарзта йæ фыды рагон хæлар Мазепæйы. Минæвæртты æрбарвыст чызджы ныййарджыты бауагъта стыр маст – хæстон фæтæг кардзыд кæй у, канд уый тыххæй нæ, – курынвæнд кæй кæны, уымæн йæ натлиа дæр ма у. Аргъуан та ахæм æмкъайадæн зæгъы цæхгæр «нæ», инцестимæ йæ нымайы æмхуызоныл. Мария ахызти тобæгонд уавæры сæрты – алыгъди зæронд гетманы фæдыл; йæ ныййарджытæ æмæ алыварс адæм ыл сæхи кæй атигъ кæндзысты, уый дæр æй нæ баурæдта.
Къостайы поэмæйы «æнæтугхæстæгдзинады» гуырæн æндæр у. Наибы кæнгæ чызг æмæ йæ фырт Дзамболат кæрæдзи бауарзтой, ард бахордтой сæ иузæрдыгдзинадыл. Лæппу уырысимæ хæсты æбæрæгæй фесæфт, фондз азы дæргъы дзы ницы хабар ис. Фатимæ йæм уæддæр æнхъæлмæ кæсы, фæлæ йын фыдæлты тызмæг æгъдæуттæ фыды уæларт бадыны бар нæ дæттынц. Наиб дзы домы, цæмæй йæ бирæ разагъды курджытæй равзара йæхицæн цардæмбал. Фатимæ æдас нæу йæ бадты тыххæй дам-думтæ æмæ хахуыр ныхæстæй æмæ æвæндонæй сразы вæййы чындзы фæцæуыныл. Цасдæр рæстæджы фæстæ æнæнхъæлæджы фæзыны Дзамболат æмæ сылгоймаджы, йæ сомы кæй фæсайдта, уымæй азымы дары.
Ацы ран «Полтава»-имæ диалог раивы контрастон æрæмныхы аивадон мадзалæй. Пушкинмæ «тобæгонд уарзты» темæ баст у намысы сæфтимæ; уавæр карздæрæй сныв кæныны охыл дзы æмбæлæм, æгад кæныны нысаниуæг кæмæн ис, ахæм лексикæйыл (худинаг, æфсарм, цыбæл, сонт монцтæ, цæсты ныллæг æрхауын æмæ а. д.). Поэты ныхас йæ персонажимæ рæзы инвективæйы бындурыл:
…Соблазном постланное ложе
Ты отчей сени предпочла.
…Тебе приятен твой позор,
Ты им, в безумном упоенье,
Как целомудрием, горда –
Ты прелесть нежную стыда
В своем утратила паденье…
Æмрæстæджы зæронд гетманы хоны «святой невинности губитель», «с душой свирепой и развратной». Ома, цыфæндыйæ дæр Марияйы æвдисы «æнæхин амæттагæй».
Къостамæ дæр «æнæмбæлон уарзты» мотивы рахатæн ис сусæг ныхмæдзыд, æрмæст уый, «Полтава»-йы хъауджыдæр, баст у намысы хæсимæ, æмкъайыл иузæрдыгдзинадимæ. 1930–1950-æм азты литературæзонынады цы социалон-идеологион методтæ хицауиуæг кодтой, уыдоны фæлгæты рапарахат ис ахæм хъуыды, цыма Фатимæйæн йæ раздæры уарзон ссис æнæуынон (Н. Джусойты, В. Корзун, Г. Кравченко æмæ æнд.). Фæстæдæр, поэмæйы текстмæ лæмбынæгдæр кæсын куы райдыдтой, уæд сæргом ис чызджы зæрдæйы змæст уаг [13, 31], уарзт æмæ намысы хæс ам цы удхайраг мидхъæбысхæсты бацыдысты, уый. Хуыгаты Ирлан æй афтæ æмбарын кæны: «Джамбулату (прежнему) отдана ее любовь, Ибрагиму – ее верность» [2, 169].
Ам, æнæмæнг, Фатимæйы фæлгонц зæрдыл лæууын кæны Пушкины Татьянæйы. Уæлдайдæр, Дзамболатæн куыд уайдзæф кæны («Хуыцауæй тæрс, / Мæнæн ис мой, ныр мад дæн æз»), уый Татьянæйы хæрзбоны ныхасимæ абаргæйæ: «Я вас люблю (к чему лукавить?), Но я другому отдана; Я буду век ему верна». Æниу уарзты хъысмæт æнгæс хуызы аскъуыддзаг вæййы Пушкины уацау «Дубровский»-йы дæр, Машæ Троекуровайы йæ фыд кънйаз Верейскийы фыццаг куы скæны, уæд.
Ахæм абарстыты фæрцы Къостайы уацмысы ирддæрæй разыны уарзондзинады конфликты мидэкспресси, арфдæр нæм бахъары Фатимæйы æнкъарæнты æлхъывдад æмæ драматизм.
Раст зæгъгæйæ, цы нырыккон «ног бакастыл» дзурæм, уым «уæлдай хæрдзтæй» дæр хи хъахъхъæнын тынг хъæуы. Дæнцон у, Пушкины 200 азы юбилейы бонты зындгонд ахуыргонд, УНА-йы уæнг-уацхæссæг Николай Скатовæй цы дзырдæппарæн схаудис, уый: кæддæр, дам, Аполлон Григорьев загъта: «Пушкин – наше все». Æмæ йын ныр «наше все» йе ‘фцæгыл ауындзæм. А фæстаг заманы æцæг сарæх сты зæрдаивæй сæвзæргæ иртасæн гипотезæтæ. Æрæджы дзы иуыл сæмбæлдтæн Наталья Воронцова-Юрьевайы уац-эссейы «Татьянæ Ларина куыд психиатрийы объект». Суанг йæ сæргондæй дæр бæрæг у, фыссæджы идеалæн дзы цы хуызы аргъ ис, уый.
Хиваст æнхъæлæнтæ махмæ дæр куы фæзына, уымæй тæссаг у. Иу арф æмæ хæрзхъæдфыст уацы мæ цæст æрхæцыдис ахæм фиппаинагыл: Фатимæ, дам, Ибрагимы æнаххос фырты кæй фæцæймардта (фырт сын иумæйаг цыма нæ уыди!), уымæн йæ ратæдзæн, кæй сæрра ис, æххæстæй, цымæ, уыцы уавæримæ баст у? Йæ зонд чи фесæфта, уый архайды, дам, ай-гъай, исты фæтк агурæн нæй, уыйхыгъд дзы йæхи æнæвдисгæ нæу авторы хъуыды.
Иуцасдæр мæм тыхаразгæ кæсы Фатимæйы фæлгонцы уæды Ирыстоны метафорæ уынын дæр: ома Къостайы рæстæджы Фатимæ-Ирыстон лæууы барæвзæрсты раз (ивгъуыд-Дзамболат æмæ фидæн-Ибрагимы æхсæн), патриархалон цардыуагæй рухстауæн дугмæ рахизæны [2, 168].
Фæлæ раздæхæм мотивон æнгæсдзинады фарстмæ.
«Цоты бунты» мотив ныййарджыты цардвæткы ныхмæ. Ныхас цы уацмыстыл цæуы, уыдонæн ис æмхуызон райдайæн: Дзырдæуы сæ Кочубей æмæ Наибы номдарад æмæ исады статусыл, ноджы, – царды сын иууыл зынаргъдæр цы у, ууыл:
Но Кочубей богат и горд
Не долгогривыми конями,
Не златом, данью крымских орд,
Не родовыми хуторами –
Прекрасной дочерью своей
Гордится старый Кочубей.
Судьба вручила попеченью
Печальной старости его
Красавицу – приемыш-дочь…
Его утеха вся – Фатима;
Он занят ею день и ночь,
И им, как клад, она хранима.
Кадджын дыууæ зæронды цæрынц сæ чызджыты цæрайæ, уыдон та сын, зæгъæн ис, æмæ сæ мæлæт фæтагъддæр кодтой: Марияйы алыгъды фæстæ фыд ныллæууыди маст исыны фæндагыл. Æрмæст хъавæгæй цæвæг фæраздæр ис, æмæ йын йæхи мæгуыр сæр атæхын кодтой. (Амынд мотивы бахынцинаг у иу чысыл, фæлæ нысаниуæгджын æрхахх: гетман Кочубейæн стæрхоны агъоммæ Марияйы йæ фæрстытæй схъуырмæ кодта, цалынмæ йæ уыцы скоймæ не ‘ртардта, уæдмæ: зæгъгæ, æвзарын куы бахъæуид, уæд мæлæтæн æз дæ разæй мæ фыды снывонд кæнин. Афтæмæй йæ рæзтæ куы æрæхсадта Мазепæ, уæд та йæ мæнгардæй фæдзæхсы: дæ ныхас, дам, уæдæ ма ферох кæн – «Помни же, Мария, / Что ты сказала мне теперь»).
Фатимæйыл куы дзурæм, уæд уый æргомæй нæ рацыди йæ фыды фæндоны ныхмæ:
Изволь, отец, я покорюсь
Своей нерадостной судьбе. –
Преступным бременем тебе
Я оставаться не решаюсь, –
Сдаюсь пред силою адата…
Нарушу юности обет…
Забуду имя Джамбулата…
Фæлæ уæддæр, Наиб ын цы уæздæтты нымайы, уыдонæй никæй равзæрста, чындзы фæцыди сæ раздæры æххуырст Ибрагиммæ, æмæ уымæй иттæг бафхæрдта фыды сæрыстырдзинад; цы мæлæтдзаг цæф ыл æруади, уый йæ цардæмгъуыдыл æнæ сахадгæ нæ фæуыдаид!
Фатимæйы «хивастдзинад» иртасджытæ хонынц, фæсреформæты рæстæджы хæххон адæмы зондахаст æмæ, патриархалон-феодалон царды цы ивддзинæдтæ фæзынди, уый бæрæггæнæн. Фарст сæрмагонд ныхасы аккаг у, æз ам равдисинаг дæн, поэт иу цыбыр æрхаххæй уавæр куыд дæсны ныв кæны, уый:
Наиб йæ цæстытыл ныххæцыд,
Нæ радта дзуапп, лæууыд æнæсдзырд –
Йæ цæссыг гауызмæ æртагъд.
Раст у Джусойты Нафи: ацы æдзæм дзуапп метафорон хуызы дзурæг у «зæронд уагæвæрдты» æдыхдзинадыл ног дуджы комулæфты раз.
Цот æмæ ныййарджыты æмахастыты цы хъауджыдзинад бафиппайдтам, уым ахсджиаг сты авторты моралон-этикон аргълæвæрдтæ. Пушкинмæ Мария у – «дочь преступница» «дева грешная» (æниу «Полтава»-йы 3-аг хайы бæлвырдæй зæлы, Евангелийæ чи цæуы, уыцы «адзæгъæлуæвæджы» мотив, æмæ йæ иуцасдæр реабилитаци кæны: боныфæстагмæ, кæд зондцухæй, уæддæр чызг æрыздæхы йæ фыды уæзæгмæ. Фатимæйы характеристикæйы та рæбинаг бынат ахсынц намысы домæнтæ, рох дзы не сты суанг йæ зонд фесафыны онг.
Зондысæфты мотив. Пушкинимæ интертекстуалон диалог Къостайы поэмæйы уæлдай ирдæй зыны ацы мотивы райхæлды. Лексикон иуæгты цæстуынгæ æмхуызонад «фын-уадзыджы», «нал зоныны» эпизодты цасдæр бæрцæй æвзæрын кæны фæрстытæ. Æнгæс сты зондиппæрд сылгоймæгты дывæрццыг æнкъарæнтæ, сæ уарзæтты хатынц, кæрæдзийæ цæхгæр чи хицæн кæны, ахæм фæйнæ (уæды, раздæры æмæ ныры) адæймæгтау:
Гетман æмæ Мария
Ах вижу, голова моя
Полна волнения пустого:
Я принимала за другого
Тебя, старик. Оставь меня,
Твой взор насмешлив и ужасен,
Ты безобразен. Он прекрасен:
В его глазах блестит любовь!
В его речах такая нега!
Его усы белее снега,
А на твоих засохла кровь!..
И с диким смехом завизжала,
И легче серны молодой
Она вспрыгнула, побежала
И скрылась в темноте ночной.
Дзамболат æмæ Фатимæ
– Как холоднó… Опять подуло
Могильной сыростью из гор.
Поток все плачет…
………………………………….
…И я точь-в-точь
Рыдала так над Джамбулатом…
Нет, я боюсь…
– Мой друг, ты с братом,
Не бойся…
Ах!.. убийца… прочь!.. –
Как зверь, ужаленный стрелой,
Она рванулась… побежала…
И где-то в темноте ночной
Еще раз дико простонала:
– Убийца! – и захохотала…
Куыд уынæм, афтæмæй амынд сценæты дыууæ нывгæнæгмæ дæр сæйраг бынат ахсынц уыцы иу дзырдтæ – «дикий» (смех, стон), «ночная темнота», «убийца», «кровь»; архайджыты уавæры экспресси тыхджындæр кæнынц мивдисджытæ-интенсивтæ («завизжала», «вспрыгнула» / «рванулась», «побежала», «застонала»).
Ахуыргæндты хъуыдыйæ, искæмæй комкоммæ райст цитатæтæ дзурæг сты, сæ ныффыссæджы дуненкъарынад авторæн хицон кæй у, ууыл; йæхи уацмысмæ сæ уый охыл æрбаргъæвы, цæмæй се ‘ххуысæй йæ мидис фæарфдæр уа [14, 15].
Æмæ, æцæг, дунеон литературæ æгасæй дæр интертекстуалон номсидтау у. Уый ссадвæдыл цымыдисаг ской ис генион немыцаг поэт Гетемæ: æз, дам, мæ развæдгæнджытæ æмæ ме ‘мдугонтæй цы хæсджын дæн, уыдон нымайын куы райдайон, уæд мæхицæй бирæ ницыуал баззайдзæнис («Начни я перечислять, чем я обязан великим предшественникам и современникам, то от меня, право, мало что останется»). Ацы ныхас уый тыххæй ракодтон, цæмæй текстты ‘хсæн сфæлдыстадон диалог плагиатимæ ма хæццæ кæнæм.
Пушкинæй æрбайсгæ цитатæтæ Къостайы хъæуынц, цæмæй «Полтава»-йы фоныл цæстуынгæдæр суа индивидуализмы философийы сахъатджын апп, хицон адæймагæй фыдæнхъæл фæуыны драмæ. Фæлæ ма æххæст кæнынц ноджы иу ахсджиаг нысан. Фатимæйы хъуыды куы бамынæг ис, уæд райхæлдысты йæ дæлзонды сусæгтæ. Дзамболатæн йе ‘рбаздæхынæй суанг уæды онг лæгъстæ кодта, цæмæй йын хынца йæ уавæр («Бойся Бога, — Теперь я замужем, я мать») æмæ йæм æфсымæры зæрдæ дара. Ныр куыддæр æрчъицыдта, афтæ фыццагдæр йæ зæрдыл æрлæууыди Ибрагим нæ, – Дзамболат! Уæдæ сразы уæм иртасджытæ Балаты Игорь æмæ Хуыгаты Ирланимæ: фыссæг уымæй йæ чиныгкæсæгæн æмбарын кæны, ныры онг дæр Фатимæйы зæрдæйы йæ раздæры уарзты æнкъарæн бындзарæй сæфт кæй нæ уыди.
Рохуаты ныууадзыны мотив. Пушкинмæ гæсгæ, Рæстæджы азфысты хъуамæ ахæм удгоймаджы ном баззайа, йæ архайд Историйы закъæттимæ æмдзу кæмæн у. Йæ поэмæйы «дыууæ хъизæмаргæнæг уды» – Кочубей æмæ, йемæ мæлæтмæ кæй радтой, уыцы Искрæйæн сæ байзæддаг кад кæны, сæ мæрдон буæрттæ та сты аргъуаны ныгæд («Меж древних праведных могил / Их мирно церковь приютила»). Иннæтæ, кæд сын, цæргæйæ, цыфæнды бæрзонд ахадындзинад уыди, уæддæр адæмы хъуыдыуаты æппын ницы фæд ныууагътой («Прошло сто лет – и что ж осталось / От сильных гордых сих мужей, / Столь полных волею страстей? / …Забыт Мазепа с давних пор!»). Марияйæ загъдæуы: фыдæлты кадджыты йæ кой нæй («преданье об ней молчит»).
Къостамæ дæр æмбæлæм тыхджын монцты хъæбысхæстыл. Поэты ахаст йæ персонажмæ иу хаххыл лæуд нæу. Дзамболат йæ уацары уæззау бонтæ кæм мысы, йæ фыны Ирыстоны митсæр къæдзæхтæ æмæ фæзтæ кæм уыны, Наибы амарды хабар ын йæ удæн цы стыр зындзинад радта («Уæззау, æнуд куыдæй сæ бæлццон нынниудта…»), Фатимæйыл куыд æнувыд у, йæ уарзты раз цæлхдуртæ йын цы хъизæмар хæссынц, – æппæт адон сты, сæ фæдыл тæригъæд кæныны æнкъарæнтæ æмæ суанг цæссыг дæр чи расайа, ахæм нывтæ; æнæмæнг, уыцы равг нæм авторы фæндæй æвзæры. Зæрдæ уæлдай тынг агайы уацмысы кульминацион эпизод: Фатимæ куы сæрра ис, уæд Дзамболаты уынæм æдых æмæ ныфссастæй!.. Фæлæ йæ хъайтары уавæрæй Хетæджы-фырт ноджы бæлвыддæрæй æвдисы, индивидуалистон зондахасты хицауæн йæ хай æрмæст мæрдырох кæй уыдзæнис, уый.
Ацы хъуыды загъд цæуы, суанг тексты æдде цы гæнæнтæ ис, уыдоны æххуысæй дæр. Поэмæйы 1-аг варианты романтикон герой ис удхайраг раны, уарзон адæймаг йæ зондæй куы фæиппæрд ис, уæд фæсмонæй йæхи хæры æмæ йæ аххос мæлæтæй бафиды – йæхи былæй аппары. Фæстаг редакцимæ амынд эпизод нал бацыдис. Фатимæйы сæррайы фæстæ Дзамболат никуыцæйуал разыны, Историйы рыгау фесæфы йæ фæд. Уыйхыгъд Фатимæйы сюжетон хаххы символон рæзт фиппайæм йæ фырты хæрзфидæны: уырыссаг инженер æй хæхтæй ахуырмæ кæй фæласта, уым.
Персонажты архайды æмвæзыл мидтекстон диалог. Пушкинмæ йе ‘мдугон литератортæ, уыдонимæ В. Г. Белинский дæр, фау хастой, ома, дам, эпикон æмæ романтикон æууæлтæ кæй сиу сты «Полтава»-йы, уый йын халы йæ жанрон иудзинад. Афтæмæй та уыцы синтез авторы къух тынг арæзта, цæмæй уарзты коллизи (Мазепæ – Мария) «бафысса» уæрæсейаг историйы ахсджиагдæр цаутæй иуы фæлгæты.
Къостамæ дæр романтикон поэтикæ æмæ реализмы домæнтæ кæрæ- дзийыл сты æнгом баст; хицæн удгоймаджы уарзты трагеди уый дæр бавæрдта, кавказаг адæмтæн «дыууæ дуджы астæу» хъысмæтхæссæг чи ссис, ахæм цауты контексты. Уымæй рæзы стилы контраст, хуызджынæй дзы йæхи раргом кæны уацмысы идейæ: историон размæцыдимæ чи нæу разы, уыдонæн фидæн нæй.
Пушкины персонажы историон прототип – украинаг гетман Мазепæ – рацыди рæдыд фæндагыл Петр Фыццаджы хæстон хъуыддæгты æмархайæгæй Уæрæсейы интерестæ уæйгæнæджы онг. Хетæгкаты Къостайы Дзамболат æрымысгæ фæлгонц у, фæлæ уымæн дæр йæ удыхъæды уынæм æнгæс ивддзинæтæ: раздæры хъæбатыр хæстонæй («Джигит, каких я не встречал, / Был славой, гордостью народа… / Попал к гяурам в плен… бежал…»), райгуырæн бæстæйы хæдбарадыл тохгæнæгæй («Отец, то не войне служить хотел он – нет! – свободе!..») ма баззади, Джусойты Нафийы загъдау, «ивгъуыды, ома феодалон дуджы схъис», ног царды йæ бынат не ссардта æмæ йе ссарыныл уæвгæ дæр нæ архайы. Хохæгты дзыхæй йын фыссæг цы тызмæг аргъ кæны, уымæй æлдары бындары романтикон нимб фæйнæрдæм тæгæлтæ фæхауы:
Холопов нет, трудиться лень,
А голод, говорят, не тетка –
И вот, как старая подметка,
Вздымая пыль, сгущая грязь,
В народе топчется и князь,
Отцов наследье проживая…
Амынд хъайтартæ кæд кæрæдзийы хуызæн не сты, уæддæр, мæ хъуыдыйæ, рæдыд нæ уыдзæни сæ мидтипологи сын банысан кæнын. Мазепæйы политикон ныхмæлæуд æмæ Дзамболаты æлдарадон домæнты æрдзыхъæд иу у, æнцайы сæ эгоистон архайдыл.
Нывгæнджытæ «стыр историйы» конфликтон скондмæ афтæ дæсны цы лирикон хахх бахастой, ууыл куы дзурæм, уæд йæ трагикон финал развæлгъау бæлвырд уыди иу ран æмæ иннæ ран дæр. Сæ хъайтартæ сты тыхджын монцты уацары, фæлæ дард лæууынц уарзоны фарн æмæ æнцойады сæраппонд нывæндтæ хæссыны зондæй. Тынг раст фыста Балаты Игорь: «Поведением вернувшегося из плена Дзамболата руководит уже только эгоистическое желание счастья лишь для себя, счастья любой ценой и невзирая ни на какие преграды… Силой чувства меряет он право на Фатиму» [13, 34]. Йæ фыдракæнды æфсон дæр афтæ æмбарын кæны: «Чем обладал он лишь случайно, / То слишком пламенно любил / Твой Джамбулат … и он… убил…». Æнæуаг хуызы æфхæры сылгоймаджы, уый йемæ алидзыныл куы не сразы вæййы, уæд («Жена продажного холопа / И мать щенка…»). Дзамболаты уаг зæрдыл æрлæууын кæны, Кочубейæн марыны тæрхон рахæссыны размæ, Мазепæ алцы куыд бæстон бахыгъта, уый. Фæстагмæ æрцыди ахæм хæтдзæгмæ: Марияйы уарзт дæр хорз у, гъе æрмæст сæйраг бынаты æвæрын хъæуы хи уды пайда («Любовник гетману уступит…»). Æнгæс у ацы дыууæ мастхæссæг æмæ хиваст адæймаджы царды кæрон дæр – сæ фæндты фæсыкк, зæрдæйæн зынаргъ цыдæриддæр уыди, æппæт уыдоны сæфт, æппынфæстаг, – кæд физикон нæ, уæд та монон мæлæт.
Автографион паратексты нысаниуæг. Къостамæ Пушкины уацмысимæ уæлдай цымыдисаг бастдзинæдтæ ссардзыстæм Аннæ Поповайæн Номарæн-акростихы. Авторы биографион реминисценцитæ бæрæг сты, «Полтава» цы Номарæн-акростихæй райдайы, уым дæр. Иртасджытæ сæ бæттынц Пушкины æрыгон бонты «сусæг уарзт» – Раевская Мария Николаевнаимæ (чындзыцыдæй – Волконская). Зындгонд культуролог æмæ семиотик Ю.М. Лотманы хъуыдыйæ, уыцы номарæны ис æхсидгæ æнкъарæнтæй æмыдзаг скойтæ; æнæдзуапп уарзты рисыл æргомгæнæн ныхас зæлы, куыд «утверждение права человеческого сердца любить и страдать, не справляясь с историческими законами». Йæ рæстæджы Белинский уацмысы аивадон аипп цы хуыдта, ома – эпикон сюжет (Полтавæйы хæсты цау) романтикон уарзты историимæ кæй сиу ис (уæлдæр ма йыл куы дзырдтам), – уымæй та зæгъы: «лирическое по- вествование вносило ноту трагизма в рассказ о торжестве исторических законов» [15, 330].
Ацы фиппаинаг ахæссæн ис «Фатимæ»-йы концептуалон мидисмæ. Æппæты фыццаг æм йæ хъус æрдардта Б. Кандиев. Цы æртæ лейтмотивон темæйы дзы ис, уыдоны рахуыдта «куысты, сæрибары æмæ уарзты гимн» [16, 98] æмæ сын сæ гуырæн баста акростихимæ – «АНЯ ИДИ ЗА МНОЙ». Амынд хатдзæг фæарфдæр кодта Балаты Игорь, уый акростихы кæронбæттæн рæнхъытæ рахуыдта, поэмæйы сфæлдыстадон фæнд æххæстæй чи раргом кæндзæнис, ахæм «биографион дæгъæл», иумæйагæй, дам, уым йæхи æвдисы гармонион царды идеал» [13, 21]. Авторы «амонды программæ» – уыцы хуызы йын аргъ кæны Хуыгаты Ирлан дæр [2, 168].
Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нын Къоста зæрдæ цы зарджытæй бавæрдта («Много, много сложил бы я песен тогда / На чарующем лоне природы / О восторгах любви, наслажденьях труда / И о светлом блаженстве свободы…»), уыдонæй уацмысы фæлгонцон уæфты ницы ссардзыстæм. Æмæ уæд уый куыд æмбаргæ у? Эстетикон рæдыд æй рахонæм? Æви кæд, мыййаг, уырыссаг классикимæ дæлтексты æмвæзыл ныхас у? Мæнмæ дыккаг æн- хъæлæн растдæр кæсы.
Пушкинмæ куыд у, афтæ ирон фыссæг дæр Историйы бартæ гуырысхойаг нæ кæны. Гъе æрмæст Номарæн-акростихы цы амонды идеал ныв кæны, уымæн бынат нæ разынди, Прогрессы фарс чи у, йæ уыцы персонажты – Фатимæ æмæ Ибрагимы царды, нæ йæм баххæссыди поэтæн йæхи къух дæр. Ацы уавæрæй нын Къоста кæд афтæ зæгъынмæ хъавыди, историйы размæцыды арæх цы онтологион дисбаланс сæвзæры (адæймаджы раст равзæрст фæндаг æмæ йæ трагикон хъысмæт), уый гуманизмы принциптæм гæсгæ барастгæнинаг у?!. Йе та кæд, йæ Номарæны цы хисæрмагонд «амонды программæ» ранывæста, уымæй йæ фæзминаг персонажтæ æмæ йæхæдæг дæр кæй фæсайды сты, уый зæххон æнæрастдзинад нæ хоны, йæ уайдзæф кæд иууыл бæрзонд сферæтæм здæхт у…
Скæнæм хатдзæгтæ. Цæуыл дзурæг у æмткæй «Пушкины текст» Къостайы «Фатимæ»-йы сконды? Уый у сфæлдыстадон номсидт, барæй, ома зонгæйæ равзæрст аивадон фæрæз. «Полтава»-имæ дзы цы бастдзинæдтæ раиртæстам (мотивты, фæлгонцты, жанрон миниуджыты æмвæзыл), уыдон, фыццаджыдæр, арæзт сты, цæмæй ирддæрæй сбæлвырд уа историон прогрессы уæлахизы идейæ. Фæлæ уыцы иумæ уым хуызджынæй йæхи равдыста ирон адæмы дунейы ныв-фæлгонц – йæ хигъæдон этикон-эстетикон уагæвæрдтæ æмæ намысон фæткон домæнтимæ, авторæн йæхи куырыхон зонды цымыдисаг фæзилæнтимæ. Иттæг раст загъта Дзуццаты Хадзы-Мурат: «Къоста ирон классикон дзырдаивад «дунейы нæртондæр поэтты бæрзæндмæ кæй сæргъæвта, уый у национ æмæ интернацион сгуыхт» [17, 6].
МАМИАТЫ Изетæ, ЦИГСИИ-йы хистæр наукон кусæг, доцент, филологон наукæты кандидат
ЛИТЕРАТУРÆ:
1. Хугаев И.С. Казус Коста (Интимный дискурс русскоязычной лирики Коста Хетагурова) // Вестник Российского университета дружбы народов. 2009. № 3. – 19 – 29 ф.
2. Хугаев И.С. Фатум Фатимы (О конфликтной основе поэмы Коста Хетагурова «Фатима» в аспекте идеологии горского просвещения) // Известия ВГПУ. 2010. № 2 (46). –166 – 170 ф.
3. Салбиев Т.К. Две духовные традиции в творчестве Коста Хетагурова (идеологема жертвенности) // Вестник СОГУ им. К.Л. Хетагурова. 2022. № 3. – 32 – 40 ф.
4. Салбиев Т.К. Две духовные традиции в творчестве Коста Хетагурова (метафизика перехода) // Известия СОИГСИ. 2022. Выпуск 45 (84). – 119 – 130 ф.
5. Мамиева И.В. «Осетинская лира» К.Л. Хетагурова как отражение национального образа мира // Перспективы и особенности интеграционных процессов Северной и Южной Осетии: Материалы международной научной конференции. 2014. – 109 – 116 ф.
6. Мамиева И.В. Художественный концепт зæрдæ/сердце и его лексико-семантическая репрезентация в поэзии К.Л. Хетагурова // Коста и мировой историко-культурный процесс: Сб. материалов Международной конференции, посвященной 155-летию со дня рождения К.Л. Хетагурова. 2014. – 127 – 145 ф.
7. Мамиева И.В. Лавровский «след» в осмыслении К.Л. Хетагуровым проблемы интеллигенции и народа // Вестник Калмыцкого института гуманитарных исследований РАН. 2016. Т. 9. № 3 (25). – 209 – 217 ф.
8. Мамиева И.В. Номинативно-метафорическое поле концептов ум и безумие в фольклорных сюжетах «Осетинской лиры» Коста Хетагурова // Всероссийские Миллеровские чтения. 2016. № 5. – 428 – 437 ф.
9. Мамиева И.В. Концепты умственной сферы в творчестве К.Л. Хетагурова // Вестник Калмыцкого института гуманитарных исследований РАН. 2017. Т. 10. № 1 (29). – 75 – 83 ф.
10. Мамиева И.В. Ментальные глаголы в поэзии К. Л. Хетагурова как средство репрезентации фрагментов авторской картины мира // Kavkaz-Forum. 2020. № 1 (8). – 33 – 49 ф.
11. Мамиева И.В. А.С. Пушкин и К.Л. Хетагуров (к проблеме литературного влияния в поэме «Фатима») // Вторые Владикавказские Пушкинские чтения: Пушкин и мировая литература на рубеже XXI века. Материалы Междун. науч. конф., посвящ. 200-летнему юбилею А.С. Пушкина. 1999. – 70 – 75 ф.
12. Джусойты Н. Г. Коста Хетагуров: Очерк творчества. Сталинир: Госиздат Юго-Осетии, 1958. – 372 ф.
13. Балаев И. Романтическая поэма К. Хетагурова «Фатима». Орджоникидзе: Ир, 1970. – 72 ф.
14. Данилович Т.В. Культурный компонент поэтического творчества Г. Иванова: функции, семантика, способы воплощения: автореф. дис… канд. филол. наук. Минск, 2000. – 24 ф.
15. Лотман Ю.М. Пушкин // История всемирной литературы. Т. 6. М.: Наука, 1989. – 321 – 338 ф.
16. Кандиев Б.И. Сюжетно-композиционные особенности поэмы К.Л. Хетагурова «Фатима» // Ученые записки Северо-Осетинского педагогического института им. К.Л. Хетагурова. 1959. Т. 24. – 97 – 109 ф.
17. Дзуццаты Х.-М. Уынгæгбоны сагъæстæ: Литературон-критикон уацтæ. Дзæуджыхъæу: Ир, 2010. – 280 ф.