МАМИАТЫ Таймураз

ИВГЪУЫД МЫСГÆЙÆ – СОМБОНЫ РУХСМÆ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты арт Советон Цæдисыл куы ахæлиу, уæд паддзахады разамонджытæн хорз зындгонд уыд, тугдзых Гитлерæй Кавказ дæр рох кæй нæ уыдзæн. Уымæ гæсгæ дзы бирæ рæтты хъахъхъæнæг къордтæ æрæвæрын кодтой. Куырттаты комы ахæм къорд æрбынæттон Гуысырайы. Уым æмæ ма Лæцы дæр арæзт æрцыд хæстон-быдырон госпитальтæ. Знаг нæ зæххыл арфæй-арфдæр ссæста. Æрбахæццæ Цæгат Кавказмæ дæр, æрбахызт Æрджынарæгæй, бассæста Алагирыл æмæ йæ ных сарæзта Дзæуджыхъæумæ æмæ Дайраны коммæ.

Куырттаты ком дæр уыд тæссаг уавæры. Гуысырайы æфсæддон хай комы цæрджытимæ иумæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдта знаджы ныббырстытæн. Ам знаг æрбахæццæ Гуысырайы дæле «Сырх æфцæджы» онг, фæлæ йын сырхæфсæддонтæ бæрзæйсæттæн цæф куы ныккодтой, уæд бынтон æрра куыдзау лæбурын байдыдта. Карз тохы не ‘фсæддонтæй бирæ фæцæфтæ, мæрдтæ дæр дзы æрцыд. Цæф æфсæддонты бæхты бричкæты ластой госпитальтæм, мæрдты та – Гуысырамæ хæстæг иу быгъдæг бынаты арæзт æфсымæрон ингæнмæ.

Хæст куы банцад, уæд æрцыд, Гуысырайы æфсымæрон ингæны ныгæд чи ис, зæгъгæ, уыцы фарстæн дзуапп агурыны рæстæг.

1985 азы Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæгæй сæвзæрстой Гуыриаты Ципусы фырт Валерийы. Уæд ма хæсты фæсчъылдымы архайджытæ дзæвгар уыдысты, æмæ сæ иу æмбырды радзырдта, хæстонты иумæйаг ингæны куыд ныгæдтой Гуысырайы, уый тыххæй. Администрацийы ног сæргълæууæг уыцы хистæримæ Гуысырамæ ацыд. Сбæлвырд кодта ингæны бынат æмæ æфсæддон комиссарады æххуысæй Мæскуымæ ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады министрады архивтæм арвыста курдиат, цæмæй æрæрвитой, Ирыстоны зæххыл карз тохы, сæрмагондæй Куырттаты комы, чи фæмард, уыдоны номхыгъд. Цыбыр рæстæгмæ райста дзуапп, бæлвырд бæрæггæнæнтимæ, сæйрагдæр, æбæрæгæй сæфтыл нымад чи уыд, уыцы 43 æфсæддоны тыххæй зонинæгтимæ. Хъæппæрисджын разамонæг йе ‘фсымæртæ Таймураз, Тамерлан æмæ Хъазыбегмæ фæдзырдта æмæ иумæйаг уынаффæ рахастой, цырт дæр сæвæрæм, йæ алыварс ын æхгæнгæ дæр скæнæм, зæгъгæ.

Сæвæрдтой, æфсæн быруйæ йын йæ алыварс æрæхгæдтой, бæлæстæ ныссагътой æмæ, нæхи ирон æгъдаумæ гæсгæ, æдзард хæстонтæн рухсаг загътой. Уыцы æппæт хъуыддæгтæ Ципусы фырттæ фæкодтой сæхи хардзæй.

Газетты уыцы хабæрттæ бакæсгæйæ сæ бацагуырдта, Акопов, зæгъгæ, иу лæг. Йæхионтæ уыцы ран хæцыдысты, æмæ нымад уыдысты æбæрæгæй сæфтыл. Уыцы рæстæг республикæйы сгарджыты къорды активон архайджытæй иу уыд Дзебойты Станислав, æмæ йæ уый йæ хæлар Гуыриайы-фыртмæ барвыста. Валери уазæгæн равдыста Гуысырайы æфсымæрон ингæн, радзырдта йын, цы зыдта, уыдæттæ.

Уый дæр та архивтæм курдиаттæ арвыста, æмæ иу Акоповы бæсты ссардтой авд адæймаджы нæмттæ. Ныр уыцы авды дæр бахæссын хъæуы иннæ 43 хæстоны номхыгъдмæ, фæлæ къæйыл бынат нал разынд. Уæд Станислав ног цырт саразын кодта, иууыл 50 æфсæддоны номхыгъдтæ дæр æм бахаста. Ацы хæрдзтæ та йæхимæ Дзебойы-фырт райста. Æбæрæгæй сæфтыл нымад чи уыд, сæ ингæн хуымæтæг обаугондæй кæмæн лæууыд дæсгай азтæ, уыдонæн ныр аив кондæй лæууы бæрзонд цырт сæ нæмтты номхыгъдимæ. Кæддæриддæр вæййы хæрзæфснайд. Алы аз дæр Стыр Уæлахизы бонмæ бынæттон скъолайы ахуырдзаутæ ныссыгъдæг кæнынц, бафснайынц ацы бынат, æмæ дзы 9 майы сæвæрынц дидинджытæ. Уый сси фæсивæды ‘хсæн патриотон хъомыладæн ахъаз мадзал дæр…

 

* * *

Ирон фæсивæдæй ис ахæмтæ, хæсты размæ Ирыстонæй чи фæиппæрд æмæ тугкалæн тохты хъæбатырдзинад чи равдыста. Фæлæ сын сæ гыццыл Райгуырæн бæстæйы сæ лæгдзинæдты хабæрттæ нæ зонынц, сæ кой нæ райхъуыст. Хъысмæт дардмæ кæй ахаста æмæ йæ ном рæстæджы рохуаты фæлмы бын кæмæн фæци не ‘мзæххонтæй, уыдонæй иу у афицер Гуыриаты Гаврилы фырт Елхъан (Илья). Уый райгуырд 1912 азы Хъæдгæроны. Ирон фæсивæд рагæй дæр æфсæддон суæвынмæ тырнаг уыдысты, æмæ Елхъан дæр уыцы фæндагыл ацыд. Астæуккаг скъола каст фæци, фæлæ ахуырмæ балцæн æхца нæма уыд, æмæ уал кусын райдыдта Цæцæн-Мæхъхъæлы Республикæйы нефть агурæг къордимæ. Иу афæдз дзы акуыста æмæ, гас хæдзар ссардта. Ам æй фæхуыдтой Æрхонкæйы фæскомцæдисон организацийы секретарæй (Æрхонкæ ма уæд уыдис районы центр). Организаторы курдиат æм кæй раиртæстой, уый тыххæй йæ фæскомцæдисы обком ахуыр кæнынмæ арвыста Краснодары æфсæддон училищемæ. Каст æй фæуыны фæстæ куыста политикон хайæдты Хъазахъхъаг 6-æм корпусы, Хъубаны-Терчы 6-æм бæхджын æфсады дивизийы æмæ æндæр рæтты. Маршал А.И. Еременко фæстæдæр йæ мысинæгты фыста: «Хæрзконд, зæрдæмæдзæугæ, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм ронæлвæст æфсæддон уыд Гуыриайы-фырт, йæ фезмæлд куыд аив уыд, уымæ та бахæлæг кодтаид кæцыфæнды бæхджын æфсæддон дæр (чиныг «В начале войны»). Сырх æфсады хъомыс фылдæр æмæ тыхджындæр кодта, фæлæ æфсæддон кадртæ кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй æрыгон афицер Гуыриаты Елхъан (Илья) 1937 азы ивд æрцыд Белоруссийы, эскадроны политрукы хæдивæгæй Гомельмæ.

Уыд тынг зæрдæхæлар, фæлæ домаг, фыццаджыдæр йæхицæй, уый фæстæ та – йæ дæлбар адæмæй. Йæхицæн сæвæрдта нысан æмæ ныффидар кодта иу æцæгдзинад – фæтк, æгъдау æмæ хиуылхæст.

Уæдмæ хæст сæ дуармæ æрбахæццæ. Йæ фыццаг бонты батальоны комиссар Гуыриайы-фырт уыди Могилевы активон хъахъхъæнджытæй иу. Карз тохы уæззау цæф фæци æмæ госпитальмæ бахауд. Знаджы тыхтæ дзæвгар фылдæр уыдысты, æмæ горæт хъахъхъæнджыты фидар басастой. Уыйадыл хицау В.П. Кузнецовы бæрны уæвæг госпиталь немыцы къухмæ бахауд…

Елхъан кæронмæ нæма бадзæбæх, йæ къæхтыл æдæрсгæ, фидар нæма слæууыд, афтæ сусæг куыстгæнæг организацитимæ бастдзинад скодта, уæлдайдæр Казимир Мэттэимæ. Куы фæфидардæр, уæд, сусæг куыстгæнæг организациты иумæйаг штабы уынаффæмæ гæсгæ, фæстæмæ аздæхт уыцы æфсæддон госпитальмæ æмæ дзы кусын райдыдта слесырæй. Фыццаг бонæй фæстæмæ госпиталы кусджытæй, рынчынтæн сæ сæрæндæртæй æмæ иннæ граждæнтæй сарæзта сусæгæй архайæг къорд «Æнæбасæттонтæ» («Непобедимые»). Елхъанæн йæ сæйраг æххуысгæнджытæ уыдысты Генрих Захарьян, Григорий Бойко, лейтенант Ралдугин. Ацы къорд æрмæст агитаци нæ кодта, фæлæ ма диверситæ дæр. Æнæхъæн эшелонтæ хæцæнгарзимæ, артагимæ, æфсæддонтимæ былæй фæкалдтой.

Захарьяныл фæгуырысхо сты немыцаг лæгмартæ, гадзрахатæй цæуджыты фæрцы, æмæ йæ фæстæ зилын байдыдтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ йæ листовкæтæ парахатгæнгæйæ æрцахстой. Бирæ йæ хъизæмарæй фæмардтой, фæлæ сын куы ницы, никæй схъæр кодта, уæд æй горæты адæмы раз фыдмардæй амардтой.

Гуыриаты Елхъаны сусæг къорд активон æмæ хъомысджын куыст кодта фашисттæн сæ фындзы бын, фæлæ йæ сæ бон сбæлвырд кæнын нæ уыд. Фæстагмæ йæ куы бамбæрста, хæстæгæй-хæстæгдæр æм кæнынц, тæссаг у знаджы къæппæджы бахауынæй, уæд сфæнд кодта хъæдмæ партизантæм ацæуын. Æрмæст ма хъуамæ æфсæддон госпиталь бацахстаид æмæ йын йæ кусджыты, цæф æфсæддонтæй цæуынхъом чи у, уыдоны се ‘ппæты дæр хъæдмæ партизантæм аластаид. Уавæртæ дзы уæддæр тынг æвзæр уыдысты: нал хостæ, нал хæринаг, немыцы та уыцы хабæрттæ æппындæр не ‘ндæвтой. Мæнæ куыд фыста не ‘мзæххон уый тыххæй: «1943 азы мартъийы бонтæй иуы изæры 11 сахатыл нысангонд фæсидæн «афон у бафынæй кæнынæн»-мæ гæсгæ операци райдыдта. Сарæзтам æртæ къорды. Фыццаг къорд æнæ иу фехстæй ныццагъта госпиталы немыцаг хъахъхъæнджыты. Дыккаг къорд загъта, цæмæй адæм палатæтæй рацæуой æмæ рæнхъ слæууой. Æртыккаг къорд сындзджын телæй гæрæнты ахизæнтæ арæзта. Уыцы æхсæв бирæ медицинон кусджытæ æмæ рог цæф хæстонтæ ацыдысты хъæдмæ партизантæм, уыцы иу рæстæг – 80 адæймаджы бæрц».

1944 азы сæрды онг хъæбатыр тох фæкодта Гуыриаты сæрæнгуырд партизанты къорды рæнхъыты цыфыддæр знагимæ. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй паддзахады ‘рдыгæй дæр рохуаты нæ баззад – хорзæхджынгонд æрцыд Сырх тырысайы орденæй æмæ майдантæй. Уымæй уæлдай ма, мæлæтæй цы бирæ адæмы аирвæзын кодта, уыдоны арфæтæ æмæ Хуыцауы арфæ цас æмæ цас уыдысты! Таурæгъон хъæбатырыл нымад у не ‘мзæххон Белоруссийы абоны онг дæр. Хæсты фæстæ цæргæйæ баззад Гомелы æмæ йын лæвæрд æрцыд уыцы горæты кадджын гражданины ном. Йæ номыл ис уынг, йæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинадыл дзурæг æвдисæндартæ æмæ сæрмагондæй йæхи дзаумæттæй бирæ цыдæртæ ныр дæр фенæн ис Минск æмæ Могилевы музейты.

Гуыриайы-фырты ном, йæ хъæбатырдзинæдтæ Белоруссийы адæм хъуыды кæнынц, уымæн ма иу æвдисæн æрхæсдзыстæм. 1970 азты кæрон Гуыриаты абоны кадджындæр хистæртæй иу – Иран, – йæ фыд хæсты кæмæн фесæфт Белоруссийы зæххыл хæцгæйæ, уый, араст йæ фыды ингæн агурæг. Могилевмæ куы бафтыд, уæд ссардта йе ‘рвад Гуыриаты Ильяйы (Елхъаны) ном хæссæг уынг. Ныр уым аллейы даргъ бандæттыл бадынц алы кары адæм. Бацыд сæм хæстæг æмæ, цымæ ацы уынг кæй ном хæссы, уый чи уа, зæгъгæ, йæ ахæм фарстæн уайтагъд райста дзуапп: «Это наш герой-осетин, который спас во время войны сотни мирных жителей». Бæлццон сæрыстырæй иуварс азылд æмæ йæ цины цæссыгтæ нал баурæдта…

Ирыстойнаг хъæбатыр партизан йæ цардæй ахицæн 1975 азы æмæ ныгæд æрцыд Гомелы Намысы аллейы. Кæд йæ райгуырæн Ирыстонæй дард ран уыдис, уæддæр æй йæ зæрдæйæ никуы фæхицæн кодта. Арæх-иу абæрæг кодта йæ райгуырæн къæс, фыдæлты зæхх – Куырттаты ком, йæхиуæттыл, йæ зонгæтыл-иу фæзылди, кæрæдзийыл-иу фæцин кодтой.

Гъе, æмæ та ам дæр Гуыриатæ номарæн мадзал скæнынмæ сарæхстысты. Елхъанæн йе ‘мхæрæфырт Куыдзиаты Умар бацагуырдта, йæхи хуызæн æнæнцой зæрдæйы хицау чи уыд, йæ мыггаджы кад æмæ намыс бæрзонд чи дары, ахæм лæг Гуыриаты Ципусы фырт Тамерланы. Райдыдтой фыссын, агурын, æмæ та – радон курдиат Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацимæ. Бирæ цæлхдурты сæрты ахизгæйæ, райстой зæрдæ рухсгæнæн дзуапп: «Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци 2014 азы 10 декабры рахаста уынаффæ: «Ватутины уынджы 36 æмæ 38 хæдзары ‘хсæн сквер хæссæд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Гуыриаты Елхъаны (Ильяйы) ном. Уый фæдыл курдиат æрбарвитджытæн ис номарæн æвдисæндар дзы сæвæрыны бар».

Мыггаг цы фæрæзтæ æрæмбырд кодта, уыдонæй ирон адæмы æвзыгъд хъæбултæй иу – Гуыриаты Гаврилы фырт Елхъанæн – 2015 азы 29 октябры амынд бынаты цыртдзæвæн байгом.

 

* * *

Ацы ахсджиаг мадзал дæр куы ахицæн, разыйæ дзы куы баззадысты иууылдæр – фысымæй, хуынд адæмæй, уæд та, куыд фæзæгъынц, хорзæн кæрон нæй, нæ фæстагæттæн ма ноджы исты ныууадзæм, зæгъгæ, Тамерланы зæрдыл æрлæууыд ноджы иу хабар. Йæ уарзон Куырттаты коммæ арæх бауайы. Алы цыдæн дæр, æнæбарæг бæх сæркъулæй кæм лæууы, уыцы зынгхуыст хæстонтæн цыртдзæвæны раз æнæмæнг æрлæууы, «рухсаг ут», зæгъгæ, сын фæзæгъы.

Комбæсты фæсивæдæй хæсты быдырæй йæ бинонтыл чи нал сæмбæлд, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны иумæйаг номхыгъды ис 187 æдзард хæстоны номы, уыдоны ‘хсæн Гуыриаты мыггагæй дæр – 13. Уый æрмæстдæр, комбæсты чи цард æмæ хæстмæ ардыгæй кæй акодтой, фæлæ хъуыд, Ирыстоны иннæ хъæутæй чи фæцыд æмæ йæ къонайыл чи нал сæмбæлд, уыдонимæ иу номхыгъд саразын æмæ сæ иу цыртдзæвæныл фыстæй равдисын. Уыцы номхыгъдмæ кæсгæйæ йæм æрцыд ног арфæйаг хъуыды – мыггагæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдонæн иумæйаг цырт сæвæрын. Фæзылд хъæутыл, горæттыл, фæфарста хиуæтты, фæкуыста архивты. Гуыриаты мыггагæй хæсты быдырмæ фæцыд 149 лæппуйы, уыдонæй ма сæ къонатыл сæмбæлд 63. Иннæтæн ма сыздæхт æрмæст сæ рухс ном. Се ‘хсæн – Гуыриаты Бисойы фондз фырты: Амиран, Астемыр, Дзантемыр, Агуыбе, Петр.

Тамерлан фæсидт сæ мыггаджы фæсивæды активисттæм, бамбарын сын кодта йæ фæнд. Фыццæгтимæ йе ‘ххуысы хай бахаста, комбæсты йæ удæй фылдæр чи уарзы, иумæйаг хъуыддæгты йæхæдæг дæр хъæппæрисджын чи у, уыцы уæздан æмæ æрхъуыдыджын хистæр Куыдзиаты Умар. Бафæзмыдтой йæ иннæтæ дæр, æмæ Гуыриаты æдзард сахъгуырдтæн цырт æвæрд æрцыд «æнæбарæг бæхы» фæлгонцы дæллаг фарс. Байгом æй кодтой 2020 азы октябры мæйы.

 

* * *

Уæлдæр цы хъæппæристы кой ракодтон, уыдон хуымæтæг æмæ гыццыл хъуыддæгтыл нымайæн нæй. Абон æмæ райсомæн нæ, фæлæ бирæ фæлтæртæн зонынæн æмæ ахуыр кæнынæн, ивгъуыд мысынæн æмæ сомбон аразынæн фæахъаз уыдзысты.

Нæ ныхас хъæппæрисджын адæмыл кæм у, уым æнæ зæгъгæ нæй комбæсты кадджындæр хистæртæй иуы тыххæй. Таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй Куырттаты комы фыццаг æрцардысты дыууæ æфсымæры Куыртта æмæ Тæга. Кæстæр Тæга уый фæстæ æфцæгыл абоны Дæргъæвсы коммæ æрхызт. Куырттаты комы бындурон цæрæг – Куырттайы байзæддаг, Дæргъæвсгомы цæрæг адæм та – Тæгайы байзæддаг систы. Гъемæ ацы дыууæ кадджын рагфыдæлы ном сæнусон кæныны хъуыды æрцыд Гуыриаты Ципусмæ. Уый хъæппæрисæй æмæ хардзæй дыууæ комы æхсæн бæрзонд æфцæгыл 1975 азы æвæрд æрцыд Куыртта æмæ Тæгайæн цыртдзæвæн.

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц. Цы хъæппæрисджын фæсивæды кой ракодтон, уыдонæн фæндаг амонæг уыдис сæ кадджын хистæр Ципус. Чидæриддæр зынгхуыст хæстонты рухс номæн балæггад кодта, уыдон сты нæ фидæныл хъуыдыгæнджытæ, æмæ сæ нымæц фылдæр кæнæд!