ПЛИТЫ Гацыр

ЛИТЕРАТУРОН ФÆЛГОНЦТÆ ÆМÆ СÆ НЫСАНИУÆГ

Егъау у сӕ нысаниуӕг литературон фӕлгонцтӕн. Фыссӕг цард ӕвдисы, царды рахӕцӕн та у адӕймаг. Царды ӕцӕгдзинӕдтӕ, йӕ размӕцыды фӕндӕгтӕ, цы уыдзӕн ӕмӕ цавæр уыдзӕн дзыллӕйы сомбон, цавæр хъуамӕ уа адӕймаджы царды фӕндаг, уыдӕттæ фыссӕг равдисы фӕлгонцты руаджы. Ӕнӕ уыдон уацмыс уацмыс нӕу, нӕдӕр ын гӕнӕн ис.

Нывӕфтыд литературӕйы сӕйраг рахӕцӕнтӕй иу у царды фӕндӕгты абарст – цахӕм у абоны цард, цахӕм уыд ивгъуыд дугты. Уымӕн дӕр рафӕлгъауӕн ис ӕрмӕстдӕр фӕлгонцты руаджы. Æцӕг фидар, хъуыдыджын фӕлгонцты руаджы автор цыдӕр диссаджы ногдзинӕдтӕ равдисы. Зӕгъӕм, Тлатты Хох йӕ радзырд «Фын»-ы зӕронд лӕджы фӕлгонцӕй ӕрдзырдта, цард адӕмӕн цыхуызӕн хъуамӕ уа, уыдӕттыл. Уыцы цӕвиттойнаг цард арӕх абары кӕддӕры зындойнаг царды нывтимӕ. Ӕххормаг студент ӕнӕхъуаджы нӕ зӕгъы: тӕхуды, мӕнӕн дӕр искуы иу ахӕм хистӕр куы уыдаид, зӕгъгӕ.

Зонын хъӕуы уый, алы дугӕн дӕр кӕй ис йӕхи миниуджытӕ, йӕхи фӕлгонцтӕ. Гӕдиаты Секъайы Азауы ӕмӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы Ханысиаты цагъарадон къӕлӕт ахста, ирӕды рӕхыстӕ сӕ бастой, фӕлӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ тохы фӕндӕгтӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕртӕ уыдысты. Сылгоймаг дӕр адӕймаг кӕй у, царды бартӕ йӕм кӕй хауы, уый Азау нӕма ӕмбӕрста, нӕдӕр ын тохгӕнӕн уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕг ахӕм уыд. Сразы Таймуразы фӕндыл, ныккалд туг, фӕхицӕн сты, йӕ царды бонтӕ арвыста ӕнадӕй хиуаг фиййауимӕ, стӕй йӕ мӕлӕт ссардта йӕ уарзоны ингӕныл. Ханысиаты дуг ӕндӕр уыд, революцийы уылӕнтӕм ӕввахсдӕр. Уый фидарӕй бамбӕрста, сылгоймаг дӕр адӕймаг кӕй у, бартӕ йын кӕй ис, уый дæр иу хатт йеддæмæ кæй нæ цӕры ӕмӕ йӕ цард хъуамӕ батона ахӕмимӕ, уарзгӕ кӕй кӕны.

Бынтон ӕндӕр зондахаст ис Къостайы сидзӕргӕсӕн, Туаты Дауыты «Сидзӕргӕс»-ы цы Нуца ис, уыимӕ абаргӕйӕ. Къостайы сидзӕргӕс кӕуы ӕмӕ хъарӕг кӕны йӕ лӕгыл – зӕй кӕй фӕласта, йӕ фондз си- дзӕрыл – ӕнӕ хӕдзар, ӕнӕ фӕрӕзтӕй чи баззад, хъарӕг кӕны йӕхиуыл, ӕххуысы къух ын кӕй нӕй, ӕмӕ се ‘ппӕт дӕр тагъд уыцы дунемӕ кӕй ацӕудзысты. Ӕндӕр фӕрӕз ын нӕ уыд, ныфсы таг никуыцӕй зынд, ӕмӕ куыдта йе ‘намонддзинӕдтыл. Туаты Дауыты Нуцайӕн дӕр йӕ лӕджы зӕй фӕласта, баззад ӕртӕ сабиимӕ, фӕлӕ нӕ фӕцудыдта, не схӕцыд хъарӕгыл, нӕ асаст йӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ хъуыст ног, ӕндӕр дуджы хъӕр, йӕ сабиты йын чи барӕвдыдтаид, ахуырмӕ сын фӕндаг чи радтаид, ахӕм дуджы хъӕр. Уый фидарӕй аскъуыддзаг кодта, кæй фӕбаддзӕн йӕ лӕджы номыл, кæй схъомыл кӕндзӕн йӕ сабиты. Кӕд йӕ фӕндтӕ йӕ хъуыры фӕбадтысты, уӕддӕр йӕ мӕлӕтӕй аккаг ныхкъуырд радта ирон зыгъуыммӕгонд ӕгъдӕуттӕн ӕмӕ бамбарын кодта, цард тох кӕй у, тыхджын та ӕдыхы хурхыл хъуамӕ кæй ма хӕца.

Нывӕфтыд литературӕйы фӕлгонцтӕ дуджы цӕсгом ӕвдисӕг сты, цард та вазыгджын у, тулгӕ кӕны, размӕ цӕуы, йемӕ кӕддӕриддӕр гуырынц ног ахæм фæрæзтæ.

Къоста кӕд Зураппӕн («Дзӕбидырдзуан») фаг архайд нӕ радта, уӕддӕр бӕлвырд у, йӕ рӕстӕджы кӕй уыд фӕразон, хъаруджын, дисӕн дзуринаг цуанон. Хорз зӕронд лӕг уыд, фӕлӕ дард уыд Тохти ӕмӕ Мистъаламӕ (Гӕдиаты Секъа. «Азау»). Уыдон змӕлынц адӕмы ‘хсӕн, уынаффӕйы зӕронд лӕгтӕ сты, сӕ зӕнӕджы сомбоныл хъуыдыгӕнӕг, хорз ӕмбӕрстой, ӕлдӕрттӕ фыдгӕнджытӕ кӕй уыдысты, уый. Кӕцӕй цӕуы ацы фыдгӕнддзинад, уый кӕд не ‘мбӕрстой, уӕддӕр сын ӕнӕзонгӕ нӕ уыд, фӕллойгӕнӕг лӕгӕн йӕ цард цавæр хъуамӕ уа, уый.

Кӕмдӕр хуыздӕр цард ис, кӕддӕр ӕндӕр дуг ӕрцӕудзӕн, ууыл Тедо ӕмӕ йе ‘мдугонтӕ хъуыды дӕр нӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ дуг ахӕм уыд, нӕ хъуыды кодтой ууыл дӕр, цӕмӕн у дуг ахӕм. Тохти ӕмӕ Мистъала сӕ дугыл тынг хъуыды кодтой, дарддӕр афтӕ цӕрӕн кӕй нӕй, уый дӕр сӕ рох никуы уыд, ӕлдарӕй куыд ис фервӕзӕн, ууыл дӕр ӕнӕ хъуыдыгӕнгӕ нӕ уыдысты.

Алы фыссӕг дӕр йӕ саразгӕ фӕлгонцты цардӕй цӕры, кӕд рӕгъыдзыд фӕлгонцыл кусы, уӕд йӕхи зӕрдӕ дӕр буц у, сӕрыстыр у уыцы адӕймагӕй. Къубалты Алыксандр Госӕма ӕмӕ Хӕсанӕйӕ («Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ») сӕрыстыр куынӕ уыдаид, уӕд сыл ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ уацмыс дӕр нӕ ныффыстаид. Цардӕн ныхдур чи у, адӕм сӕ удхӕссӕг кӕмӕй уынынц, ӕлгъаг, цъаммар удыгъӕд кӕмӕн ис, ахӕм фӕлгонцтыл куы фӕкусы фыссӕг, уӕд сӕм уый дӕр адӕмимӕ иумӕ мӕсты кӕны ӕмӕ архайы ууыл, цӕмӕй сӕ цъаммар митӕ адӕмы размӕ хаст ӕрцӕуой, адӕм сыл худинаджы гакк ныккӕной, кӕннод та сыл хъоды бакӕной.

Мӕстӕлгъӕдӕй ныв кодта Туаты Дауыт Амырханы фӕлгонц («Сидзӕргӕс»), йӕ тӕригъӕддаг ӕфсымӕры бынтӕм чи ӕрхауд, йӕ сидзӕргӕс чындзы рӕстӕй мӕрдтӕм чи барвыста.

Скъолайы ахуырадон предметты ‘хсӕн йӕхи сӕрмагонд бынат ис нывӕфтыд литературӕйӕн. Уый у ахӕм предмет, кӕцы адӕймагӕн зонындзинӕдты ӕмрӕнхъ дӕтты хъомылад дӕр.

Аивадон литературӕмӕ иууыл æввахсдæр лӕууы истори. Царды куы ницы ӕрцӕуа, историмӕ куы ницы бахауа, уӕд литературон уацмыстӕн дӕр фӕзынӕн нӕй.

Ӕркӕсӕм-ма: 1920 азы геноцид куынӕ уыдаид, уӕд нӕ фӕзындаиккой Хъуылаты Созырыхъойы «Ӕртындӕсӕй иумӕ», Плиты Xадойы «Сӕлимӕт»; колхозон арӕзтад куынӕ уыдаид, уӕд нӕ федтаиккам Гӕдиаты Цомахъы «Фыдӕлты намыс», Мамсыраты Дæбейы «Уӕззау операци». Фыдыбæстæйы Стыр хӕст цытӕ ӕрхаста, уыдӕттæ та уынӕм Плиты Грисы «Авд цухъхъа»-йы, Джимиты Георгийы «Сау мигъ»-ы, Дзугаты Георгийы «Бындзыг»-ы ӕмӕ бирӕ ӕндæр уацмысты.

Истори ӕмӕ нывӕфтыд литературӕйы `хсӕн кӕд егъау бастдзинад ис, уӕддӕр зӕгъын хъӕуы, сӕ хицӕндзинад дӕр егъау у. Царды ӕрцӕуӕг хабӕрттӕ истори æрфыссы, куыд уыдысты, афтӕ. Нывӕфтыд литературӕ та (йӕ ном йӕ уӕлӕ ис) хабӕрттыл ӕрдзуры, дзырдтӕй сӕ сныв кӕны, афтӕмӕй. Цӕвиттонӕн райсӕм Хъуылаты Созырыхъойы «Ӕртындӕсӕй иумӕ». Ӕцӕг ӕрцӕуӕг хабӕртты бындурыл ӕрцыд фыст авторӕн. Сӕ истори: 1920 азы гуырдзыйы меньшевикты ныхмӕ тохы уацары бахаудтой 13 ирон лӕппуйы, скодтой сӕ Згъудеры къуылдыммӕ ӕмӕ сӕ уым иу ингӕны былыл фехстой. Историон фӕлгонцтӕ уыдысты, сӕ цыртыл фыст сты сæ нæмттæ. Цы уыд, уый истори загъта дыууӕ хъуыдыйадӕй. Автор та ӕрцӕуӕг хабӕрттæ рауӕрӕх кодта нывӕфтыд ӕвзагӕй ӕмӕ сыл ныффыста йӕ диссаджы мидисджын ра- дзырд «Ӕртындӕсӕй иумӕ». Райдайы афтæ: «Дысоны къӕвда Чъребайы уынгтӕ ныхсадта. Ӕрмӕст ын ӕхсын нӕ бакуымдтой зноны хъазуат тохы туджы лӕсӕнтӕ». Исчи зӕгъдзӕн, фыссæг раст нӕу? Ничи! Уымæй домдӕуы, ӕрымысындзинад цардимӕ хъуамӕ уа ӕнгом баст.

Нывӕфтыд ӕвзагӕй Сикъо фӕдзырдта ӕртындӕс коммунары удыхъӕды алыхуызон миниуджытыл, се ‘ддаг хуыз ӕмӕ бакастыл, сауджыны фӕлгонцыл, Лохты Артемы удыхъӕдыл, ахуыргӕнӕг Андрийы зӕрдӕйы дзурӕнтыл. Ӕппӕт дӕр – уырнинаг нывты. Историйӕн йӕ хӕс уый нӕу, историйӕн ӕрымысындзинад ӕцӕгӕлон у, фыссӕгӕн та – ӕнӕмӕнг хъӕугæ.

Литературон фӕлгонцты хъомыладон нысаниуӕг егъау у. Йӕ рӕстӕджы А.Н. Островский А.С. Пушкины саразгӕ, ӕрымысгӕ фӕлгонцты хъомыладон нысаниуӕджы тыххӕй фыста: «Первая заслуга великого поэта в том, что через него умнеет все, что может умнеть. Кроме наслаждения, кроме форм для выражения мыслей и чувств, поэт дает и самые формулы мыслей и чувств. Богатейшие результаты совершеннейшей умственной лаборатории делаются общим достоянием» («Уацмысты ӕмбырдгонд», 3-аг том, 13 фарс).

Нывӕфтыд фӕлгонц кӕнӕ фӕлгонцты къорд чиныгкӕсӕджы ӕфтауы хъуыды кӕныныл, хатын ӕмӕ ӕнкъарыныл, сфӕлдисыныл, хуыздӕры сӕрвӕлтау размӕ бырсыныл, ахуыр кӕны, цӕмӕй уай ӕцӕг адӕймаг царды, цӕмӕй лӕуд уай тохы фӕндагыл фидӕны рухс царды сӕраппонд.

Литературон уацмысӕн йӕ гуырахст цавæр у, уымӕ гӕсгӕ дзы уынӕм ӕрхайӕг фӕлгонцты нымӕц. Авторы уацмысы, кӕд сæ нымӕц схиза аст – дæсы онг, уӕд та сын ӕнӕ дихтӕгӕнгӕ нӕй.

Рагӕй фӕстӕмӕ сахуыр стӕм дыууӕ къордыл сæ дих кӕныныл: ӕвӕрццæг ӕмӕ ӕппӕрццæг. Уый раст у, фӕлӕ ма ӕндӕр къордтыл дихгонд дæр цӕуынц, ӕмӕ уыцы къордтӕй алкӕй нысаниуӕг дӕр егъау у. Уыдоныл уыдзӕн дарддӕр нӕ ныхасы сӕр.

Цӕмӕн хонӕм иу кӕнӕ цалдӕр фӕлгонцы ӕвӕрццæг? Цард, сӕйраджыдӕр, ӕнцайы хорз адӕймӕгты уӕхсчытыл, ӕмӕ уыдон та бирӕ сты. Алчидӕр тырны уымӕ, цӕмӕй хорз адӕймаджы ном хӕсса, адӕм ӕй уарзой, цӕвиттойнаг уа. Ахӕмты хӕссы рӕгъмӕ фыссӕг, ӕмӕ чиныгкӕсӕг та уыдонӕй исы хъомылад. Чи нӕ бауарздзӕн Таймуразы, Азауы (Гæдиаты Секъа. «Азау»); Фатимӕйы, Ибрагимы (Хетæгкаты Къоста. «Фатимæ»); Ханысиат ӕмӕ Асиаты (Брытъиаты Елбыздыхъо. «Дыууӕ хойы»); Сӕлимӕты (Плиты Хадо. «Сӕлимӕт»); Зауырбеджы (Мамсыраты Дæбе. «Уӕззау операци»); Мулдары (Нигер. «Мулдар») ӕмӕ бирӕ ӕндæрты?

Уӕдӕ кӕй нымайӕм ӕппӕрццæг фӕлгонцыл та? Сӕйраджыдӕр, ахӕмы кӕнӕ ахӕмты, царды раствӕндагӕй иуварс чи здӕхы, адӕймагадӕн цæлхдур чи у, йӕ митӕ адӕмы ныхмӕ кӕмӕн вӕййынц. Уыдон цъусдӕр сты, фӕлӕ, цӕмӕй ма уой, уый тыххӕй сӕ ныхмӕ цӕуы тох. Уыцы тохы фӕндӕгтæ нӕ фысджытӕ реалонӕй ӕвдисынц. Ӕвзӕр адӕймаджы ничи уарзы. Уыдон та цавæртӕ вӕййынц, уый мах базонӕм ирон фольклорон ӕмӕ нӕ фысджыты уацмыстӕй. Фыдыустытæй хӕрзтӕ дӕр ис, фӕлӕ сӕ фылдӕр марг ӕмӕ ӕдзӕстуарзон сты сӕ мойты сывӕллӕттӕн. Уынӕм ахӕм марг адӕймӕгты нӕ аргъӕутты, нӕ фысджытӕм. Къоста зӕгъы: «Йӕ рард дӕр – ысхуыстӕй, / Йӕ рӕвдыд дӕр – над, Йӕ «цу-ма» рӕхуыстӕй, – / Гъе уый, дам дын – мад!»

Кӕнӕ цы æбуалгъ нывтӕ равдыста Коцойты Арсен йӕ радзырд «Цы ӕрцыдис Фӕзыхъӕуы ӕмбисӕхсӕв»-ы. Чиныгкӕсӕг уыны, Арсен цы фыдыусы ӕвдисы – Тамарӕйы, уый йӕ лӕг Габойӕн куыд амарын кодта йӕ дыууӕ лӕппуйы.

Ӕлгъаг фӕлгонц сныв кодта Туаты Дауыт йӕ пьесӕ «Сидзӕргӕс»-ы. Уый у Амыран. Йе ‘фсымӕры йын зӕй фӕласта, æмæ йын йæ сидзӕртӕн баххуысы бӕсты хъуамӕ сидзӕргӕс Зорианӕй скæна хæзгул-лымӕн. Куы ницы йын дзы рауад, уӕд ыл тугтӕ ӕрымысыд, æмæ мæгуыр сылгоймаг йӕхи доны баппӕрста.

Цӕвиттонтӕ бирӕ ис, уацмысы ӕвӕрццæг ӕмӕ ӕппӕрццæг фӕлгонцтӕн ӕнӕ уӕвгӕ нӕй. Чиныгкӕсӕг та хӕсджын у кӕддӕриддӕр: фӕзм хорз адӕймӕгты, дӕхи хиз ӕвзӕрты миниуджытӕй.

Дарддӕр нӕ зонын хъӕуы, литературон фӕлгонцтӕ ма дихгонд кӕй цӕуынц сӕйраг ӕмӕ фӕрссагтыл.

Уацмысы сӕйраг фӕлгонцыл нымад цӕуы ахӕм, кӕцыимӕ баст у сӕйраг сюжетон хахх, уацмысы тых, архайды фылдӕр хай. Уый театры сценӕйыл ирддӕрӕй разыны. Зӕгъӕм, пьесӕйы райдианӕй йӕ фӕудмӕ сценӕйыл чи змӕлы, уый у сӕйраг хъайтар, сценӕмӕ иу хатт чи рахизы, уый та – фӕрссаг архайӕг.

Ацы хъуыддаг ӕргомӕй зыны Нарты эпосы дӕр. Зӕгъӕм, Уырызмӕг у сӕйраг архайджытӕй иу, уымӕн ӕмӕ йын лӕвӕрд цӕуы бирӕ архайд йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ. Тотырадз та у фӕрссаг архайӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ кой ис ӕрмӕстдӕр иу кадӕджы.

Зӕрдыл дарын хъӕуы уый, æмæ ӕнӕмӕнг хъӕугæ нӕу, цæмæй уацмысы сӕйраг хъайтар уа ӕвӕрццæг. Йӕ бон у, сӕйраг хъайтар авторӕн уа ӕппӕрццæг. Ӕцӕг, ацы фӕзынд арӕх нӕу, фыссӕгӕн фылдӕрхатт йӕ уацмысы архайӕг вӕййы ӕвӕрццæг. Фӕлӕ ис ацы фӕзынд, зӕгъӕм, Коцойты Арсены «Джанаспи»-йы (Джанаспи); Къостайы поэмӕ «Кӕмӕн ис хъӕлдзӕг цард»-ы зӕронд лӕгӕй дарддӕр, иннӕ архайджытӕ сты ӕппӕрццӕгтӕ; Коцойты Арсены «Мырзӕджы карьерӕ» ӕмӕ «Бимболы карьерӕ»-йы сӕйраг архайджытӕ Мырзӕг ӕмӕ Бимбол сты ӕппӕрццæг фӕлгонцтӕ; Брытъиаты Елбыздыхъойы «Уӕрӕседзау»-ы сӕйраг архайӕг Муссӕ у ӕппӕрццæг фæлгонц; Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бынтон зивӕггӕнаг»-ы сӕйраг архайӕг Сырдон у ӕппӕрццæг ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Кӕд арӕх нӕу, уӕддӕр ис ахӕм литературон уацмыстӕ, сӕйраг фӕлгонц кæм нӕй. Йæ бынат ын ӕрцахсынц адӕм. Зӕгъӕм, Гӕдиаты Секъайы радзырд «Арагуийы Ерыстау ӕлдар»-ы сӕйраг архайӕг сты адӕм – нӕдӕр Нугзар, Тохти ӕмӕ Мистъала, нӕдӕр Берд ӕмӕ Хъызмыдӕ. Афтæ зæгъæн ис Л. Толстойы «Хӕст ӕмӕ фидыдад»-æй дӕр. Ахӕм фӕзындтӕ уынӕм Къостамӕ йӕ поэмӕ «Кӕугӕ къӕдзӕх»-ы, Хъуылаты Созырыхъойы «Ӕртындӕсӕй иумӕ»-йы, Коцойты Арсены «Ӕнхъӕл нӕ уыдысты», Токаты Асӕхы «Усгуртӕ» ӕмӕ ӕндæр уацмысты.

Кӕд бынтон арӕх нӕ, уӕддӕр нӕ литературӕйы ӕмбӕлӕм къаннӕг адӕймӕгты фӕлгонцтыл. Уыдонмӕ йӕ хъус фыццаг хатт ӕрдардта Нафи, Коцойты Арсены сфӕлдыстадыл куы куыста, уӕд.

Нӕ адӕм кӕд мӕгуыр, тыхст уавӕрты цардысты, тыхтонайы дуг сӕ хуыдуг кодта, уӕддӕр сӕ сӕртӕ никуы ӕркъул кодтой, фыдæлты фарн ӕмӕ ӕгъдау дӕлӕмӕ никуы ӕруагътой. Уый нӕ ӕркодта ахӕм хъуыдымӕ: ирон лӕг абырӕджы фӕндаг йӕ хъалӕй никуы равзӕрста. Уый афтӕ кӕй уыд, мӕгуыр, фӕлӕ сӕрыстыр кӕй уыдысты, уымӕн бирӕ цӕвиттонтӕ ис нӕ литературӕйы. Сӕ хъалӕй нӕ равзӕрстой абырӕджы цард Хъырым (Брытиаты Елбыздыхъо. «Худинаджы бӕсты мӕлӕт»), Мулдар (Нигер. «Мулдар»), Ӕхсарбег («Мамсыраты Дæбе. «Ӕхсарбег»), Цӕрай (Фӕрнион Къоста. «Уады уынӕр»). Нӕ ныббарста йе ‘фхӕрд Дауита (Гӕдиаты Секъа. «Айссӕ»). Нӕ фӕтарст Мулдартӕй Хӕсанӕ (Къубалты Алыксандр. «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ»). Нӕ адӕмон хъайтартӕ Чермен, Хазби, Бӕтӕйы фырттӕ, Таймураз, Тотырадз, Иликъо ӕмӕ ӕндæртыл адæм зарджытӕ скодтой, сӕйраджыдӕр, уымӕн, ӕмӕ лӕджы кад ӕмӕ намыс дӕлӕмӕ не ‘руагътой.

Цард вазыгджын у, алыхуызон адӕм дзы змӕлынц, ӕмӕ уыдоны ‘хсӕн ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ, цы царды сты, ууыл хъӕцынц, хуыздӕр цардыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, се ‘фхӕрд сӕм ӕфхӕрд нӕ кӕсы. Ахӕм фӕлгонцтӕ нӕ литературӕмӕ фыццаг ӕрбахаста Коцойты Арсен. Уыдон та сты: Тедо ӕмӕ Симон («Цуанонтӕ»); Гиго ӕмӕ Пъело («Гигойы куадзӕн»); Сымси («Дадолты мӕт»). Ахӕм фӕлгонц- ты ма хонӕм ӕнӕбон, лæмæгъ дӕр. Зæгъæм, Тедо ӕмӕ Симонӕй фӕхынджылӕг кодта ӕлдары фырт Гарсеван, фӕлӕ йӕм уыдон ницы сдзырд- той, сӕхицӕн-иу бахудтысты (Коцойты Арсен. «Цуанонтӕ»). Дауитайы бафхӕрдта ӕлдары бегарагӕнӕг Бибо, ӕмӕ йӕ Дауита амардта (Гӕдиаты Секъа. «Айссӕ»). Гиго ӕмӕ Пъелойӕн сӕ цины сӕр – сӕ хъыбыл, ӕмӕ йæ ‘ввонгӕй ахастой сауджын ӕмӕ диакъон (Коцойты Арсен. «Гигойы куадзӕн»), – дзургӕ дӕр сӕм ницы скодтой. Ахмӕтӕн йӕ фос тардтой рӕстӕй (Гӕдиаты Секъа. «Айссӕ»), ӕмӕ семӕ тохы ссардта кады мӕлӕт. Ссӕст, ӕфхӕрд, дӕлдзиныгдзинадыл разы чи уыд, уыдон ӕнӕбон сты, уӕдӕ цы?! Уыимæ, мӕгуыр, тыхст уавӕры чи цард, уыдонæй бирæтæ лӕджы кад ӕмӕ намыс хъахъхъӕдтой, сӕ сӕрвӕлтау мӕлӕтмӕ дӕр цыдысты.

Литературон фӕлгонцтыл ӕрмӕст адӕм нӕ цӕуынц нымад, се ‘мрӕнхъ уынӕм цӕрӕгойты дӕр. Фæлæ, иу стӕмхатт йеддӕмӕ, цӕрӕгойты фӕлгонцтӕн сӕ чъылдыммӕ лӕууынц адӕймӕгтӕ. Ууыл дзурӕг сты Къоста ӕмӕ Секъайы баснятӕ.

Зӕгъӕм: Къоста йе ‘мдзӕвгӕ «Хъазтӕ»-йы хъазты руаджы бахудт Иры фӕлтӕрӕй ахӕмтыл, кӕцытӕ царды рацыдысты ницӕйӕгтӕ, сӕхицӕй сӕм раппӕлинаг ницы уыд, ӕмӕ-иу радавтой сӕ фыдӕлты: «Нӕ фыдӕлтӕ чи сты, / нӕ зоныс сӕрӕй?» Къостайы дзуапп ахӕмтӕн уыд: «Дӕ фыдӕлтӕ – рухсаг, / дӕхӕдӕг мын бӕзз!»

Кӕнӕ ӕмдзӕвгӕ «Халон ӕмӕ рувас». Къостайы хъуыды æргом у: цӕстмӕхъус ныхас, ницӕйаг ӕппӕлдтытӕ, адӕймаг цы нӕу, уым ӕй куы ӕвӕрай, уӕд ӕй сафгӕ кӕныс. Ӕмдзӕвгӕ «Саг ӕмӕ уызын»-ы Къостайы фӕдзӕхст у, цы нӕ дӕ, уым дӕхи ма ‘вӕр, зæгъгæ, уый. Уыцы фӕдзӕхст ис йӕ иннӕ ӕмдзӕвгӕ «Марходарӕг»-ы дӕр.

Адӕмы удысконды алыхуызон миниуджытыл Арсен фӕхудт йӕ радзырд «Цӕукъа ӕмӕ фыркъа»-йы. Цӕукъайы хуызы ӕвдисы, сӕрибар чи уарзы, искӕй дӕлбар бацӕуыны бӕсты мӕлӕтыл дӕр разы чи у, искӕй къухмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын сӕрмӕ чи нӕ хӕссы, ахæм адæймаджы. Фыркъайы фӕлгонцы та худы ахӕмыл, йӕ удӕн чи тӕрсы, искӕй къухмӕ чи уарзы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, сӕрибары ад чи не ‘мбары.

Лӕджы зыд ӕмӕ кӕрӕф сӕфтмӕ куыд ӕркӕнынц, уый нын Нигер равдыста йӕ «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-ы. Адӕймаг царды цавæр хъуамӕ уа, уый та Цомахъ равдыста йӕ радзырд «Дыууӕ дидинӕджы»-йы.

Зӕгъын хъӕуы уый, фыссӕг арӕх кӕй пайда кӕны ӕнӕуд предметтӕй дӕр. Уыцы ныв уынӕм Цомахъы «Дыууӕ дидинӕджы»-йы, Мамсыраты Темырболаты «Амонд»-ы. Ацы ӕмдзӕвгӕйы сӕйраг архайӕг у зӕронд голлаг. Нал бӕззыд, фегӕмттӕ, ӕппӕрст ӕрцыд фӕсдуармӕ. Ныр ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ ног голджытӕн фестад сӕ хуыздӕр.

Темырболат рахатыд иу хъуыддаг: вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ адӕм раст тӕрхон нӕ рахӕссынц; иуӕй-иу хатт «сӕ зонды цӕст» нӕ уыны, кӕй сисынц уӕларвмӕ, кӕй ӕркӕнынц сӕ быны. Поэты сагъӕс у, сайд- вӕстаг адӕм сӕ фыдызӕххыл куы цардысты, уӕд ацы лӕг (голлаг) ничи уыд, нымайгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой. Ныр ӕцӕгӕлон зӕххыл йӕ сӕрмӕ алцы дӕр æрхаста, ӕмӕ йӕ адӕм банымадтой хорзыл. Уыдонӕн поэт зӕгъы: «Растыл куы уаид сӕ тӕрхон, / Уӕд ыл хъыг та чи кӕны. / Голлаг махӕн нӕхи у, / Рӕстӕй йӕхи чи ‘фхӕры».

Цӕрӕгойты руаджы ахсджиаг фæрстытыл ӕрдзырдтой Арсен («Хъусой»), Нигер («Уӕхӕтӕджы фырт чысыл Гуыйман»), Хъайтмӕзты Аслæмырзæ («Сидзӕр»).

Нӕ нывӕфтыд литературӕ тынг хъӕздыг у ӕрдзы нывтӕй, ӕрдзы æрфыстытӕй. Ӕрдзы æрфыстмӕ арӕхстджын цы фысджытӕ сты, уыдоны уацмысты архайд чиныгкӕсджыты зӕрдӕмӕ арфдӕр бахъары.

Фыссӕг ӕрдзӕн дӕр ратты удӕгас хуыз, удæгас фӕзилӕнтӕ. Ӕрдзы диссаджы æрфыстытӕ нӕ литературæмæ фыццаг Къоста æрбахаста. Архайд цавæр у, сӕйраг фӕлгонц цы уавӕры ис, сюжетон хахх цӕуыл амад у, ахӕм ӕрдз ын схай кӕны автор дӕр.

Ӕркӕсӕм уал Къостайы ӕрдзы æрфыстытӕм. Йе ‘мдзӕвгӕ «Си- дзӕргӕс»-ы уавӕр равдисынӕн автор сныв кодта хӕххон карз зымӕг: «Халон баргъӕвст сындзыл, уад тымыгъ хӕссы». Уый фӕстӕ нӕ зонгӕ кӕны сидзӕргӕс ӕмӕ сидзӕрты царды уавӕртимӕ. Бинонтӕ алцӕмӕй дӕр – хъуаг, тыхст ӕмӕ уырыд: нӕй сын хӕдзар, дзаума ӕмӕ хуыссӕнтӕ, арт ӕмӕ хӕринаг. Ноджы ма сӕм бафтыд карз зымӕг.

Йе ‘мдзӕвгӕ «Мӕгуыры зӕрдӕ»-йы та фыссы: «Зымӕг нӕ хӕхты цух нӕ уадзы, – / Лӕджы ӕмбӕрц ӕруары мит. / Ӕфцӕгӕй коммӕ уад дзыназы. / Их доныл саразы йӕ хид».

Ацы уавӕримӕ ма ныв кӕны хӕххон адӕмы уӕззау цардыуаг, сӕ мӕгуыр ӕмӕ ссӕстдзинад.

Æвæджиауы аив, цæстылуайгæ нывтæ кæны афӕдзы афонтӕн дæр æмдзæвгæтæ «Уалдзæг», «Сæрд», «Фæззæг», «Зымæг»-ы.

Уӕдæ кӕуылты сты Гæдиаты Секъайы ӕрдзы нывтӕ! Сӕ мӕгуыр- дзинад куыд у адӕмӕн, ахӕм тыхджын, ӕгъатыр у, цы ӕрдзы хъӕбысы цӕрынц, уый дӕр: «Бӕрзонд сау хӕхтӕ, / Цъӕхсæр къӕдзӕхтӕ. / Уынгӕг нарӕг ком, – / Мӕ гуырӕн бӕстӕ» (æмдзæвгæ «Ганис»).

Секъа сӕрмагонд уацмыстӕ ныффыста ӕрдзы афонтыл. Уыдон сты: «Уалдзӕг», «Ӕрӕгвӕззӕг Ирыстоны», «Зымӕг Ирыстоны», «Уалдзӕг Ирыстоны», «Сӕрд Ирыстоны». Кӕуылты у сӕ нысаниуӕг Секъайы публицистон нывӕфтыд уацмыстӕн. Хӕрзарӕхстджынӕй ӕрдзырдта «Хъуды ком», «Дзимыры ком» ӕмӕ ма ӕндӕр кӕмтты равӕрдыл. Бӕстон сӕ зыны – цӕрынӕн æвадат сты. Йӕхи загъдау, «дуртӕ хӕрынӕн нӕ бӕззынц». Ӕнӕхъуаджы нӕ баззад ӕмбисонд нӕ адӕммӕ: «Нӕ кӕмттӕ – зӕхцух, дуртӕй та – хъӕздыг».

Секъайы радзырдтӕ хӕрзаив фӕлыст сты уӕззау ӕрдзы æрфыстытӕй. «Сау тар, сау мылазон»-ы бын цӕрынц нӕ адӕм. Ахӕм у Секъайы зӕрдӕйы хатт йӕ адӕмы царды нывтӕм кӕсгӕйӕ.

Зӕхх – адӕмы дарӕг, сӕ уромӕг, дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Дзырдтой, фӕлӕ сӕ дарӕг нӕ уыд. Токаты Алихан ӕй загъта: «Хох хъӕбӕр, сыгъд у, сыд у, / Хортӕ дзы нӕ зайы. / Хох зыд у, зыд у, зыд у. / Хорӕй нӕ фӕсайы».

Хӕхты ныв æвдисы Плиты Хадо дӕр йӕ поэмӕ «Сӕлимӕт»-ы: «Ресы хох хӕхтӕй бӕрзонддӕр, / Дардыл ныззылдис уӕрӕх. / Диссаг куыд нӕ у йӕ конд дӕр – / Иууыл цъӕх айнӕг къӕдзӕх».

Ардзы æрфыст нӕ фысджытӕн баст у, адӕмы цардыуаг цавæр уыд, уыимӕ. Мӕгуырдзинады дунейы ӕрдз дӕр мӕгуыр уыд, хъӕздыг цардимӕ автор дӕр ӕрдзы ӕвдисы цардхъомӕй, рӕсугъдӕй.

Фыссӕг царды хабӕрттӕ цы адӕймӕгты руаджы равдисы, уыдонӕн, сӕйраджыдӕр, рӕгъмӕ рахӕссы сӕ характертæ, сӕ зӕрдӕйы миддунейы сконд, дзырдтӕй сныв кӕны, ацы адӕймаг хорз у ӕви ӕвзӕр, уый. Фӕлӕ ма фыссӕгӕн ис ӕндӕр фӕрӕз дӕр – йӕ саразгӕ фӕлгонцӕн бавналы йе ‘ддаг хуыз сныв кӕнынмӕ дӕр, æмæ уый хонӕм сурӕт. Литературон фӕлгонц авторӕн йӕхи зӕрдӕмӕ дӕр куы фӕцӕуы, уӕд ын йӕ уды хорз миниуджытимӕ рӕсугъдӕй сныв кӕны йе ‘ддаг бакаст дӕр. Ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр – кӕд фӕлгонц адӕмы хуызӕн нӕ вӕййы, уӕд ын йӕ сурӕт дӕр сныв кӕны ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕйӕ.

Ӕрхӕссӕм иу цалдӕр цӕвиттоны: Къоста хӕрам уыд мӕгуыр адӕмы тугцъиртӕм, уӕйыджы хуызӕттӕм («Лӕскъдзӕрӕн»), ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы уагимӕ, ӕлгъгӕнгӕйӕ, ӕвдисы йе ‘ддаг бакаст дӕр: «Адӕммӕ кӕм нӕу фыд зӕрдӕ / Иу цӕстон сӕтой! – / Хоры къутуйау – йӕ тӕнтӕ, / Бинаг был – кӕфой».

Нӕ ауӕрста Секъа дӕр йе ‘нӕрӕгъыдзыд адӕймӕгты уӕнгты сконды нывтӕ фидиссагӕй равдисыныл. Йӕ радзырд «Садуллӕ ӕмӕ Манидзӕ»-йы уынӕм, мад ӕмӕ фыд сӕ чызг Сахары ӕвӕндонӕй куыд радтой иу фыдцъылыс лӕг Гусӕн. Цахӕм лӕг уыд, ууыл Секъа бирӕ фӕдзырдта, ракодта йе ‘ддаг хуызы кой дӕр: «Фыдуынд, стыр фындз, саудзӕсгом, сырх цӕстытӕ, къуыпных, хӕйрӕджы цӕстӕнгас лӕвӕрдта».

Бынтон ӕнауӕрдон уыд ацы хъуыддаджы Коцойты Арсен йӕ равзаргӕ адӕмы ӕддаг хуызтӕ ӕвдисынмӕ. Арсен дӕсны карикатурист уыд, ӕмӕ, цы ӕппӕрццæг фӕлгонцтӕ бахаста йе сфӕлдыстадмӕ, уыдонӕн сӕ сурӕттæ дӕр ӕвдисы ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕйӕ, адӕмӕн ӕнӕуынон чи у, ахӕм хуызтимӕ.

Хӕрам уыд Арсен йӕ дуджы хъӕууон дӕснытӕм, Биганоны хуызӕттӕм, ӕмӕ сыл фӕхудт йӕ радзырд «Дадолты мӕт»-ы: «Къӕлӕт бандон ахӕм уыди, ӕмӕ йыл нывыл адӕймӕгтӕ дыууӕ уӕгъдӕй ӕрбадтаиккой, фӕлӕ дзы Биганон, цыма тыхтъыст уыди, уый хуызӕн бадти. Сӕвджын ус у Биганон». Кӕнӕ: «Биганонӕн бӕрзӕй нӕ уыди ӕппындӕр, кӕд ын уыди бӕрзӕй, уӕддӕр дзы ӕддӕмӕ ницы зынди: стыр цыртӕвӕрдау зынди гуырыл. Чи зоны, исчи уыдаид Беслӕныхъӕуы ӕмӕ федтаид фӕззыгон цӕттӕ настӕ. Вӕййы дзы сырхбын-бур настӕ, афтӕ дыууӕ путмӕ ‘ввахс сӕ уӕз. Уыдонӕй иу ӕрæвӕр хосы мӕкъуылы сӕр, уӕд уый, дардӕй бакӕсгӕйӕ, уыдаид Биганоны хуызӕн. Биганонӕн ис худгӕ гыццыл цӕстытӕ. Чи зоны, уыцы цӕстытӕ фыццаг афтӕ гыццыл нӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ нард алырдыгӕй куы ‘рбалхъывта, уӕд ма сӕ зынди дыууӕ уынгӕг хуынчъы. Былтӕ дӕр уыдысты нæрст фӕйнӕрдӕм, ӕмӕ сыл ӕдзух бадти ӕмхуызон мидбылхудт».

Ӕнӕуынон цӕстӕй каст Арсен аргъуаны кусджытӕм дӕр. Сӕ удыхъӕды ӕфхӕрд – уый иу хъуыддаг у, фӕлӕ сын карзӕй ӕфхӕры се ‘ддаг хуыз дӕр йӕ радзырд «Гигойы куадзӕн»-ы: «Сауджын Йосебы чи нӕ зоны ӕгас комы! Йӕ рустӕ фыр нӕрдӕй ӕддӕмӕ ратонынц, дардмӕ ӕрттивынц, йӕ гуыбын, авд мӕйы сывӕрджын цы ус вӕййы, уый гуыбынӕй стырдӕр».

Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис кӕронбӕттӕны? Фыссӕджы сфӕлдыстад у дардыл фӕйлауӕг денджыз, царды вазыгджын къуымтӕ ӕвдисӕг, ӕмӕ сӕ ӕвдисы алыхуызон фӕрӕзты, алыхуызон фӕлгонцты руаджы. Уыцы фӕлгонцтӕ лыстӕг ӕмӕ бӕстон ахуыргӕнинаг сты, цӕмӕй фыссӕджы сагъӕстæ, йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинӕдтӕ, стӕй уӕд, цӕуыл цин кӕны, уыдон бамбарай.

Царды астӕуккаг цӕджындз у адӕймаг, йӕ равдисынӕн фыссӕг агуры алыхуызон фӕрӕзтӕ, алыхуызон ахорӕнтӕ.

Литературон уацмыс у ӕнӕбын быркуы, цал хатты йӕ кӕсай, уал хатты дзы арыс ногдзинӕдтӕ, чи дзы змӕлы, уыцы фӕлгонцты руаджы. Сты бирӕ, стӕй вазыгджын.

Фыссӕгӕн алыхуызон хъуыддӕгты тыххӕй аргъ кӕнынц, ӕмӕ уыдонӕй иу у, цал адӕймаджы змӕлы йе сфӕлдыстады, уый. Цас фылдӕр, уыйбӕрц фыссӕджы тых ӕмӕ курдиат тыхджындӕр сты.

Актер йӕ саразгӕ фӕлгонцты цардӕй куыд цӕры, афтӕ цӕры уыдоны цардӕй фыссӕг дӕр. Алы фыссӕгӕн дӕр ис йӕхи адӕм, йӕхи «ӕфсад», ӕмӕ сӕм бавналыны бар никӕмӕн ис, йӕхицӕй дарддӕр.

Актер пьесӕйӕ иу ролыл кусы, фыссӕг – се ‘ппӕтыл дӕр. Ахуыргӕнӕг та кусы алы авторты уацмыстыл дӕр.

Бахъуыды йӕ кӕнӕм: актер цы фӕлгонцы бӕрны бацыд, уый куынӕ бамбара, уӕд ӕй нӕ рахӕсдзӕн театрдзауты размӕ. Ахуыргӕнӕг, уацмыс амонгӕйӕ, фӕлгонцты миддуне куынӕ бамбара, уӕд ӕй нӕ бамбарын кӕндзӕн сывӕллӕттӕн дӕр. Ӕмӕ ноджы: фыссӕг йӕ райсгӕ фӕлгонцты сныв кӕныныл куынӕ фӕтых вӕййы, уӕд ахӕм фӕлгонцты чиныгкӕсӕг рахоны фӕлурс, арæх ма сӕ схонӕм фӕлвых дӕр. Уӕдӕ афтӕ: литературон фӕлгонцтӕм хуымӕтӕджы цӕстӕй кӕсӕн нӕй.

ПЛИТЫ Гацыр, филологон наукæты кандидат, профессор