ТЪЕХТЫ Тамерлан

УДЫ ХЪАРМ

Сфæлдыстадон фæлгонц аразыны фæлтæрддзинадæй

Историйы цалх кæд æмæ кæцырдæм фæзилдзæн, уымæн ничи ницы зоны. Фæлæ бæлвырдæй уый ахаст адæммæ рахæссынц сæ райгуырæн бæстæйæн лæггадгæнæг патриоттæ.

Йæ дзыллæйæ рохуаты аззад бæстон æмæ бирæвæрсыг курдиаты хицау – Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæт (ацы аз ыл сæххæст уыдаид 140 азы). Политик, æхсæнадон архайæг, фыссæг, журналист, мыхуыры кусæг… Советон цардаразджыты æмхъуыдыгæнæг кæй нæ фæцис, уый йæ æнæбары эмигрант скодта, æмæ фæстæмæ нал раздæхт. Фæлæ йын йæ ном æмæ фæрныг хъуыддæгтæ ног фæлтæртæм рахæссыныл бацархайдтой Салæгаты Зойæ, Джыккайты Шамил, Цыбырты Герлик, Къарджиаты Эльбрус, Чеджемты Сергей, Уарзиаты Вилен, Тахъазты Валери, Мзокты Аслæнбег, Хъантемыраты Римæ, Чеджемты Еленæ, Медойты Хъазыбег… Абон йе сфæлдыстады сгуыхтдæр æвдисæнтæ хаст сты скъолаты программæмæ литературæйæ, æмæ йын йæ царды хабæрттæ бæстондæр зоныны хæс сæхимæ, фыццаджыдæр, райстой ахуыргæнджытæ. Цæлыччы-фырты сфæлдыстадон фæлгонц снывæндынмæ йæ райгуырдыл 140 азы сæххæсты бонты иучысыл æвæрæн бахæссыны охыл цыбырæй æрдзурдзыстæм йæ царды æмæ сфæлдыстады ахсджиагдæр фæзилæнтыл.

Цæлыккаты Ахмæт ахуыры азты рæстæг

Октябры революцийы размæ интернационалон зондыл хæст ахуыргонд лæг уыд кавказаг адæмыхæттыты сæрхъуызой æмæ йæ хъарутæ не ‘вгъау кодта райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнынæн. Рухс фидæнмæ фæндаг æй саразын фæндыд Кавказ æмæ йæ иу хай – Ирыстонæн. Ленинимæ æмзонд куы уыдаид (Цæлыккаты Ахмæт уыд, Ленин йæ куыстыты кæй кой скодта, иунæг ахæм ирон лæг), уæд ын, чи зоны, стыр политик суæвынæн хуыздæр уавæртæ уыдаид, фæлæ йыл советон бæстæйы знаджы ном аныхæстæуыд, æмæ дæсгай азтæ йæ ном хъодыгондæй баззад…

Диссаг уый у, æмæ паддзахады уæды æхсæнадон-политикон цардыуаг аивыны ныхмæ кæй нæ дзырдта, уымæн æмæ уыдта хуымæтæг адæмы ссæст уавæр. Æрмæст æм афтæ каст, æмæ революци скæнынæн æппæт уавæртæ нæма ис, стæй Кавказы республикæты цæдис дæр æндæрхуызон ныв кодта. Уыимæ, царды социалон арæзтады хъæн- дзинæдтæ æвзонгæй хатын райдыдта. Йæ фыццаг æнкъарæнтæ баст уыдысты райгуырæн Пысылмонхъæу æмæ, йæ мады фыд Церекаты Дзамболат кæм цард, уыцы Дæллаг- хъæуимæ. 7-аздзыдæй йæ йæ фыдыфсымæр Цæ- лыккаты Данелбег Стъараполы гимназмæ ахуыр кæнынмæ куы ласта, уæд скодта арфхъуыдыджын хатдзæг æмæ йæ хистæр хо Фатимæйы бафарста: «Ме ‘мбæлттæй цыма исты давын, афтæ мæм кæсы. Афицер фыдыфсымæр кæмæн нæй, æмæ уый тыххæй æнахуыргондæй чи баззайдзæн, уый цы аххосджын у?»

1889 азы, Стъараполы гимназ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ фæугæйæ, Ахмæт бацыд Мæскуыйы университеты юридикон факультетмæ. Ам базонгæ Карл Марксы ахуырадимæ, баст æрцыд, парахат æй чи кодта, уыдонимæ. Уый тыххæй афæдзы фæстæ бахауд ахæстонмæ, 1902 азы та йæ университетæй фæсырдтой. Ногæй йæ райстой æрмæст, Терчы облæсты хицау ын сæрмагонд æвдисæндар кæй радта, уый руаджы. Æмткæй райсгæйæ, не ‘мзæххоны хъуыды уыд ахæм – пысылмæттæн Уæрæсейы сконды хъуамæ уа националон-культурон автономи, Уæрæсе йæхæдæг та хъуамæ суа демократон-парламентон республикæ.

1921 азы онг ма куыста Гуырдзыйы, фæлæ уæд уым дæр Советон хицауад фæуæлахиз, æмæ Ахмæт ацыд Константинопольмæ. Уырдыгæй – Прагæмæ, стæй та – Варшавæмæ. Райгуырæн бæстæмæ ма сыздæхтысты æрмæст йæ сæрыстыр кад æмæ йæ фæрнæйдзаг хъуыддæгты кой. 1928 азы 2 сентябры 46-аздзыдæй амард æмæ ныгæд у Варшавæйы горæтгæрон пысылмæтты уæлмæрды.

Стыр политикæйы архайгæйæ, Цæлыккаты Ахмæт фадæттæ агуырдта сфæлдыстадон куыст кæнынæн дæр. Мыхуыры йын цы публицистон уацтæ æмæ аивадон уацмысты æмбырдгæндтæ рацыд, уыдоны ‘хсæн сты: «Чаша жизни» (Мæскуы,1912 аз), «Кавказ и Поволжье» (Мæскуы, 1913 аз), «В горах Кавказа» (Мæскуы, 1914 аз), «Мусульмане России и Федерация» (Петроград, 1917 аз), «Брат на брата» (Прагæ, 1926 аз), «Мусульманство Кавказа и война», «Красавица Зубейда», «Мусульманский вопрос о России», «Вилла Саид-Паши», «Окровавленные горы», «Семь звезд», «Кавказ в огне революции», «Сын Кавказа» (адон кæм æмæ кæд уагъд æрцыдысты джиппы, уый бæрæггæнинаг у) æмæ ма æндæртæ. 1924 азы фыст фæци йæ дыууæтомон монографи «Горская республика: физико-географические, статистико-лингвистические очерки», Лев Толстойы уацау «Хаджи-Мурат»-ы бындурыл та драмæ сфæлыста.

Политик æмæ фыссæджы арф зондахаст ирдæй зыны йæ рецензиты, алы азты фыст уацтæ «Мещане», «Обзор горской литературы», «Литература кавказской эмиграции» æмæ иннæты дæр.

Историйы ма баззад куыд æнтыстджын рауагъдадон кусæг æмæ журналист. Уагъта альманах «Утро гор», газеттæ «Суз», «Вольный горец», «Ног цард», «Ени Дуния», алы азты куыста газеттæ «Северный Кавказ», «Отклики Кавказа», «Руль», журнал «Живое слово»-йы. Мыхуыры арæх цыдысты йе ‘мдзæвгæтæ, радзырдтæ, очерктæ, публицистон уацтæ.

Ирыстоны иузæрдион хъæбул йæ цыбыр царды фылдæр хай кæд Мæскуыйы æмæ фæсарæйнаг горæтты арвыста, уæддæр йæ адæмы психологи тынг хорз зыдта, сæ зондахаст æмæ æгъдæуттæ йын искæй амынд нæ уыдысты. Уымæн æвдисæн, роман «Æфсымæр æфсымæрæн сызнаг»-ы («Брат на брата») цы хъуыдытæ зæгъы, уыдон дæр (уырыссаг æвзагæй Хæблиаты Сафары тæлмац): «Адæмы цæмæй бамбарай, уый тыххæй сын сæ удыхъæд базонын хъæуы. Æмæ, цымæ, цавæр у мæ ирон адæмы удыхъæд? Лæджы зæрдæмæ чи ныккæсдзæн æмæ йын йæ сусæг хъуыдытæ чи базондзæн? Ничи. Адæмтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ удыхъæды миниуджытæй. Æмæ уыцы миниуджытæй сæйрагдæр кæцы у? Мæнмæ гæсгæ, ирон адæм сты кадыл мард. Худинагæй тынгдæр ницæмæй тæрсы ирон лæг. Йе ‘взæр митæ куы рахъæр уой, уæд йæ худинаджы кой айхъуысдзæн… Æвзæр ми чи бакæна, уымæй фæзæгъынц: цæсгом ын нæй. Ома, йæ цæсгом ницæмæй фæсырх уыдзæн. Æмæ уый у тæккæ фылдæр уайдзæф. Адæм дзы цы зæгъдзысты, уымæй тынгдæр ницæуыл хъуыды кæны ирон лæг. Уымæ гæсгæ йæ хонын кадыл мард. <…>

Ирон лæг йæ фæстаг стуры аргæвды хистæн æмæ гæвзыккæй баззайы. Уæдæ адæм афтæ куы зæгъой: «Йæ мæрдтæ цы бахæрой, уый сын нæй». Худинаг. <…>

Худинаг адæмы царды мидæг домбай хотых у, æрмæст хотых кæцырдæм саразгæ у, уый зонын хъæуы. Æмæ уыцы хæс интеллигенцимæ хауы, æмæ сын уымæй ахсджиагдæр куыст нæй. Худинаг куыдфæстæмæ сæфын райдыдта ирон адæмы ‘хсæн. Уырыссаг революци худинаг æмæ ‘фсарм не ‘мбары, фыдызнæгтыл сæ нымайы, афтæмæй та уыдон хъуамæ йæ ахсджиагдæр цæджындзтæ уаиккой».

Бинонтимæ (Ахмæт лæууы галиуæрдыгæй дыккаг)

Ивгъуыд æнусы райдайæны загъд ныхæсты мидис ныр дæр актуалон у, æцæгæйдæр æвдисы, адæм хатт цæстмæ митæй хызт кæй нæ вæййынц, æгъдау, бар æви æнæбары, кæй ныггæлиртæ кæнынц, уыцы хъуыддаг.

Ирæтты æмæ Цæгат Кавказы иннæ адæмыхæттыты зондахаст дæр (иумæйагæй сæм бирæ уыд, уымæн æмæ сæ царды уавæртæ æнгæс уыдысты) уæлдай ирддæрæй разындысты йæ радзырдтæ «Фæндаггæттæ» («Дорожные товарищи»), «Абырджытæм» («В абреки») æмæ «Фыййауы зарæг»-ы («Песнь пастуха»). Къорд æндæр прозаикон уацмысимæ иумæ сæ ирон æвзагмæ алы азты ратæлмац кодтой Хъодзаты Æхсар, Дзасохты Музафер, Цомайты Ростислав, Мамыкъаты Хъазыбег æмæ ацы рæнхъыты автор.

Ныхас цы радзырдтыл цæуы, уыдоны автор æнцон æмбарæн æмæ зæрдæмæхъаргæ æвзагæй фыссы хохæгты царды æбæллиццаг фæзындтытыл. «Фæндаггæтты» хъæбатыр Гуыргъохъо æмæ рæ- сугъд Камиллæйы уарзты арт ахуыссы ирæды фыдæй. Лæппу уый фаг æхца дард балцы бæргæ самал кодта, фæлæ йæ йæ фæндаггон æрдхордимæ иумæ аныхъуырдтой хæххон доны уылæнтæ. Æрмæстдæр иу ныв, уыимæ дзы ницы æргом ныхмæдзырд ис æгъатыр æгъдауы ныхмæ. Фæлæ трагеди ирд æвдисæн у, ирæд бирæ æрыгон удтæ кæй фенамонд кодта, уымæн.

Радзырд «Абырджытæм»-ы хохы мæгуыр æмæ тыхтона цард æрыгон лæппу Буцкъайы æркодта абырæг фæцæуыны фæндагмæ. Уайдзæфы тыххæй амардта йæхи хуызæн æнæрцæф Даукъайы, æмæ йæ цард «райгуырæн арвы хуызæн уазал-æгъатыр фестад».

«Фыййауы зарæг»-æй та Цæлыччы-фырт ссардта революционер æмæ фыссæг Цæголты Георгийы ном. Ам æбæрæг фыййау снывæзта «адæмы хъизæмары æмæ тухийы зарæг. Мæгуырдзинад æмæ фыргуысты зарæг». Уый фæстæ бирæ азты дæргъы иппæрд уыд йæ райгуырæн бæстæйæ. Фæлæ куы æрыздæхт, уæд æгомыг æмæ тызмæг къæдзæхты хъæбысы айхъуыста йæхи музыкалон уацмыс. Дзыллæйы цард кæй ницы фæхуыздæр, уый æвдисæнæн æй зарыд сывæллон-фыййау. Ам дæр та уынæм æрмæст иунæг зæрдæсæттæн, æддаг бакастæй райдзастдæр фидæнæй ныфс не ‘вæрæг ныв. Фæлæ æнкъарæм, цыдæр ивддзинæдтæ кæй цæудзæн æнæмæнг. Уыцы ивддзинæдты сæраппонд радта йæ цард фыссæг йæхæдæг дæр. Цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдон та систы фыдæлты æхсар æмæ лæгдзинадæн, сæ хъæздыг миддунейæн цæвиттонтæ.

Интернационализмы идейæтыл хæст, пысылмон диныл иузæрдион, фæлæ уый бындурыл сæвзæрæг фанатизмы ныхмæ тохгæнæг ахуыргонд хорз æмбæрста, хохæгты хуыздæр фидæнæн ахъаз кæй уаид ахуыры фæндагыл сæ æвæстиатæй сæвæрыны хъуыддаг. Цы йæ къуылымпы кæны, ууыл Цæлыккаты Ахмæт дзуры бæлвырд æмæ бæстонæй: «Скъола хъуамæ ассимиляци æмæ сывæллæтты суырыссаг кæныны зондыл хæст ма уа, – скъола хъæуы æрмæстдæр адæмы культурон рæзтæн, æмæ уый тыххæй та хъуамæ сæ этнографион æмæ цардыуагон хицæндзинæдтæ хынцæг уа. Æрмæстдæр уæд æххæст кæндзæн йе ‘вæджиауы ахсджиаг нысантæ, дзыллæйы цардмæ змæстытæ æмæ хъаугъатæ нæ хæсгæйæ». Æмткæй райсгæйæ та уавæртæ аразын хъуыд, мадæлон æвзагыл газеттæ, журналтæ, чингуытæ цæмæй цæуой, уымæн. Йæхæдæг дæр, йæ зондахастмæ гæсгæ, иронау уый тыххæй нæ фыста, æмæ йын йе ‘рмæджытæ мыхуыр кæнынæн фадат кæй нæ уыд. Ахæм царды дудгæ фарстатимæ баст зондджын æмæ дардмæуынаг хъуыдытæ очеркты æмбырдгонд «Кавказ и Поволжье»-йы фагæй фылдæр ис.

Цæлыккаты Уыгъалыхъ, Ахмæт æмæ Дæхцыхъо

Фыссæджы педагогон принциптæ иртасæг ахуыргонд Чеджемты Еленæ загъта, Цæлыччы-фырт кæй домдта ахуырад мадæлон æвзагыл скæнын, ахуырадон æрмæг сывæллæтты психологи æмæ кармæ гæсгæ дæттын, æрмæг хуыздæр бамбарын кæнынæн ахуырады алыхуызон формæтæ æмæ методтæ агурын, ахуырадон процессы рæстæг сывæллæтты эстетикон хъомыладæн уавæртæ æмæ фадæттæ аразын. Ноджы ма – скъолайы программæмæ эстетикон циклы предметтæ бахæссын (зарыны, ныв кæныны уроктæ), сывæллæттæм нæмынæй, куыд хъомылады фæрæзæй, мауал æвзидын, æрдзы тыххæй сын дзурын, куы рахъомыл уой, уæд сын ахъаз чи уа, ахæм зонындзинæдтæ дæттын. Æмæ ма æнæмæнг – уырыссагау дзурын æмæ фыссын сæ ахуыр кæнын.

Ам дæр та уынæм, йæ хъуыдытæ кæй нæ базæронд сты, ныр- тæккæйы ахуыргæнджытæ сæ куы ‘ххæст кæной, уæд арфæйаг кæй уыдзысты. Æрмæст абон уырыссаг, ныр та ма англисаг æвзагыл æнувыд уаг нæ хæзнаты-хæзна – мадæлон æвзагыл – уæлахиз кæнын райдыдта, æмæ уый ахуыргæнджыты æмæ ныййарджыты хъуамæ Цæлыккаты Ахмæты хуызæн куырыхон лæгты ныхасмæ уæлдай лæмбынæгдæр æмæ зæрдиагдæрæй æры- хъусын кæна. Нæ раззагдæр рухстауджытæн, сæ фæдонтæ се ‘взагыл сæ къух сисынвæнд скæндзысты, уый сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд…

Æмбырдгæнинаг æмæ бæстон иртасинаг сты нырма Цæлыккаты Ахмæты сфæлдыстадон бынтæ. Хæлардзинады æмæ адæмуарзондзинады идейæтæ парахатгæнæг фыссæджы тыххæй туркаг ахуыр-гонд Айдын Туран загъта: «Уый йе ‘ппæт ныфс, йæ зæрдæрыст, йæ темперамент æмæ йæ архайдæй мæсыгау бæрæг дардта йæ дуджы цæрæг лæгты ‘хсæн. Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæт царди змæст æмæ хæлхъой дуджы, стыр тохтæ кæм цыд, стыр ныхмæлæуддзинæдтæ кæм æнхъызт, ахæм дуджы. Æмæ цыфæнды уавæрты дæр уыди Лæг».

Ацы хъуыдытæ сæрæвæрæнæн бæззынц йе сфæлдыстад ын ахуыр кæныны фæлтæрддзинадæн. Æнæмæнг ма хъуамæ фæзына ног литературон-критикон уацтæ, иртасæн куыстытæ, фæсивæдимæ скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты кусæг специалисттæн ахъазгæнæг методикон амынддзинæдтæ.

 

Литературæ:

1. Исхаков С.М. Цаликов Ахмед // Политические деятели России. 1917 г. (Биографический словарь). – М., 1993. – 336 – 338 ф.

2. Ленин В.И. Сердитая растерянность // Полн. собр. соч. Т.15.

3. Медойты Хъазыбег. Йæ сагъæс – Ирыстоны кад, йæ намыс – Ирыстоны ном // Рæстдзинад. – 2000. – 5 сент.

4. Медойты Хъазыбег, Тъехты Тамерлан. Йæ ном нæм азты фæлмæй раздæхт // Рæстдзинад. – 2003. – 23 сент.

5. Мзокты Аслæнбег. Фæсарæйнаг ирæттæ æмæ се сфæлдыстад // Мах дуг, №2. – 1997. – 78–104 ф.

6. Осетия: Люди. События. Даты. – Владикавказ: ИПП им. В. Гассиева, 2006. – 106 – 109, ф.

7. Туран Айдын М. Цæлыккаты Ахмæт – хъазуат дуджы бæгъатыр хæстон // Мах дуг, №1. – 1997. – 118–141 ф.

8. Учредительное собрание. Россия, 1918 г. – М.: Изд. Российского открытого университета, 1991. – 112–115 ф.

9. Цаликов Ахмед. Избранное. – Владикавказ: Ир, 2002. – 544 ф. Салагаева З. Ахмед Цаликов. – Уый дæр уым. – 415–502 ф.

10. Чеджемова Е. Н. Педагогические воззрения Ахмета Цаликова // Бюллетень Владикавказского института управления. – Владикавказ: КОПИТАН, 2006. – 234–242 ф.