Владимир Путин

30 сентябры Кремлы Георгийы залы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин  Донецк æмæ Луганскы республикæты, Херсон Запорожьейы облæстты сæргълæуджытимæ  бафыста, регионтæ УФ-йы скондмæ хаст кæй æрцыдысты, уый фæдыл бадзырд.  Уымæй размæ та регионты уыд референдумтæ Уæрæсемæ баиуы фæдыл. Милуангай бынæттон цæрдытæ сæ разыйы дзуаппæй равдыстой сæ зондахаст æмæ сæ зæрдæйы фæндон.

 В.В.ПУТИН:

– Аст азы дæргъы Донбассы адæм æвзæрстой тыхстдзинæдтæ, æфхæрд, æхстой сæ алырдыгæй. Херсон æмæ Запорожьейы облæстты та сын сæ зæрдæты гуырын кодтой Уæрæсемæ æнæуынондзинад. Фæлæ нæ басастысты. Мæн фæнды, цæмæй мæ фехъусой  Киевы хицауады уæнгтæ Ныгуылæны: Донецк, Луганск, Херсон æмæ  Запорожьейы цæрджытæ систы Уæрæсейы Федерацийы граждæнтæ цæргæ-цæрæнбонтæм!

Мах сидæм киеваг режиммæ, цæмæй æвæстиатæй æрæвæрой сæ хæцæнгæрзтæ, кæрон скæной, 2014 азы йæ ком цы хæстæн райхæлдтой, уымæн, æмæ рахизæм цæлхæмбырдмæ, дзыхы ныхасæй аскъуыддзаг кæнæм хъуыддаг. Уымæ мах æппæтæй дæр стæм цæттæ. Донецк æмæ Луганскы республикæты, Херсон æмæ  Запорожьейы облæстты цæрджытæ цы фæндаг равзæрстой, ууыл дыууæ зæгъæн нал ис. Сæ равзæрст фæндагыл фæсмонгонд кæй нæ фæуыдзысты, уый та уын фидарæй зæгъын. Уæрæсе сыл сайдæй нæ рацæудзæн! Уый у сæрибардзинадмæ фæндаг!

Мах æппæт хъарутæ æмæ мадзæлттæй дæр архайдзыстæм нæ адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныныл. Уый у не стырдæр æмæ æппæты ахсиагдæр хæс ныртæккæ! Æнæмæнг сног кæндзыстæм, дæрæнгонд цы горæттæ æрцыдысты, уыдон. Сараздзыстæм ног скъолатæ, рынчындæттæ, театртæ, сног кæндзыстæм промышленнон куыстуæттæ.

Зынаргъ хæлæрттæ, æмцæдисонтæ!

Абон æз сидын сæрмагонд хæстон операцийы  архайæг салдæттæм, афицертæм,  Ногуæрæсейы хæстонтæм, цæрджытæй барвæндонæй, йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ æфсæддон комиссариатмæ чи бацыд,  йæ хæсыл æй банымайгæйæ, уыдонмæ!  Сæ ныййарджытæм, сæ цардæмбæлттæм æмæ сывæллæттæм!  Фæнды мæ радзурын цæуыл тох кæнынц Уæрæсейы æфсæдтæ, чи нын халы нæ сæрибар цард, уыдæттæ. Не ‘мбæстæгтæ, не ‘фсымæртæ æмæ нæ хотæ Украинæйы сæхи цæстытæй федтой, Ныгуылæн дзыллæтæн цы хъыцъыдæттæ  цæттæгонд  цыд, уый. Сæ гамхудтæ систой, æмæ ныр разынд се ‘цæг цæсгом. Киевы хицауадæн.

Советон Цæдис куы фехæлд, уæд Ныгуылæн цинæй мард, сæ бон ныл кæй цæудзæн, сæ хъомысы ныхмæ кæй ничи æрлæудзæн, уый сæ бауырныдта. Загъта, нæ бæстæ 1991 азы цауты фæстæ йæхæдæг кæй ныггæлиртæ уыдзæн æмæ йе сæфты фæндагыл кæй ныллæудзæн. Раст зæгъгæйæ, уырдæм нæ бирæ нал хъуыд. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм ивгъуыд æнусы 90-æм æххормаг азтæ, уыцы фæлдурæджджын рæстæг. Фæлæ Уæрæсейæн басæттæн нæй! Ногæй слæууыд йæ къæхтыл, бацыд дзы ног хъарутæ æмæ дунейæн равдыста йæ хъомыс, аккаг бынат дзы бацахсгæйæ! Уæрæсе искæй уынаффæтæй никæд цæрдзæн! Уыдонæн тынг ахсджиаг у, цæмæй æппæт бæстæтæ дæр сæ суверенитет Америкæйы Иугонд Штатты пайдайæн раттой. Иуæй-иу паддзахæдтæ  разы сты сæ дæлбар бацæуынмæ. Иннæты тæрсын кæнынц, аннæтæн сæ зæрдæ алы былдауæнтæй æлхæнынц. Сæ фæндимæ чи не сразы вæййы, уыдонæн та æвзарын кæнынц фыдбонтæ, алы бæллæхтæ, дæрæн сæ кæнынц, дурыл дур нал ныууадзгæйæ. Уыдон махæн нæ хæрзтæм бæллæг не сты. Уыдон сты æргом фыдгæнджытæ.

Нæ философийы, нæ хъуыдыты уыдон сæхицæн уынынц фыдракæнд. Нæ  хъæздыг культурæ æмæ нæ аивад сын сты æртхъирæнты хуызы, æмæ архайынц сæ фесафыныл. Дидинæгкалгæ, бæллиццаг Уæрæсе уыдонæн у æнæуынон. Ныгуылæны æппындæр нæ хъæуы Уæрæсе, уый хъæуы æрмæстдæр мах!