ДЗУАПП САБИЙЫ ФАРСТӔН
Цӕуыл зарынц цъиутӕ – уӕрццытӕ, цӕргӕстӕ?
– Мах уарзӕм дӕу, уарзӕм, нӕ райгуырӕн бӕстӕ.
Тымыгътӕ ныхъхъус вӕййынц, – уад сын кӕм бары? –
Фӕбадынц ӕргъӕвстӕй сӕ ахстӕтты тары.
Къуыпатӕ куы стонынц цъӕх уалдзыгон бонты, –
Кӕрӕдзимӕ дзурынц: «Кӕм уыдтӕ, кӕцон дӕ?»
Ныгъуыли-цъиу мигъты йӕ риуӕмбӕрц зары,
Йӕ зарӕг ӕвдадзау мӕ дадзинты хъары…
Цӕуыл зарынц цъиутӕ – уӕрццытӕ, цӕргӕстӕ?
– Мах уарзӕм дӕу, уарзӕм, нӕ райгуырӕн бӕстӕ.
Англисаг ӕвзагӕй ЗолойтыАркадийы тӕлмацтӕ