КЪАДЗАТЫ Станислав

МИТУАРДЫ ЛÆВАР

I
Йæ алы тæпп дæр талынгæн – рæхуыст,
Сæ цуры стъалытæй цы кæныс!
Сыгъдæгдзинадæн раздæхта йæ хуыз,
Æдзæмæн раздæхта йæ хъæлæс –
Куыд дзинг кæны æрдхæрæны хъуытаз!
Йæ дыдзы зæлтæ мит-тæппытау – уаз…

II
Зымæгон бон йæ кæронмæ фæхæццæ,
Нæ дуне цыма фегуыппæг, фæсæццæ…
Цыма æдзæм йæхæдæг дæр фæхъус.
У афтæ сабыр, афтæ сабыр ныр,
Æмæ дын ахсын райдыдта мæ хъус
Изæрмилты цъæх базырты сыр-сыр…

 

ÆРТÆ ДЗЫРДЫ

Зарæг

Фæдæ та уалдзæгау мæ размæ,
Æмæ хъызт зымæг фестад сæрд.
Нæ зоныс ды, мæ сусæг уарзон,
Кæй дæ мæ удлæууæн, мæ зæд.

Мæ сусæг амонды Цыкура,
Нæй уарзтæн арæнтæ, кæрон,
Фæлæ æртæ дзырды – зын дзурæн –
Сæхи нæма кæнынц æргом.

Ныр афтæ цал азы æмбæхстæй
Æз дарын зæрдæйæн йæ фæнд!
Фæлæ та ацæуын дæ рæзты:
Нырма мын арвы дуар – æхгæд.

Дæ мидбылхудтæй нæй фæлмæндæр,
Йæ разы хурзæрин дæр циу?!
Æмæ нæ фембæлды кæлæнтæй
Зæдбадæн фестади мæ риу.

Цæй диссаг уыдзæн уыцы изæр,
Куы ралæууа мæ ныфсы рад!
Мæ зæрдæ нал уыдзæни сидзæр –
Мæнæн дæр байгом уыдзæн арв.

Æмæ æртæ дзырды бæлæттау
Кæндзысты хъарм цинтæ дæуыл.
Ехх, уыцы сахаты сæрвæлтау
Мæ азтæ иууылдæр дæттын!

УÆЛХУРÆЙ ДÆЛХУРМÆ

УДЫ НОМ

* * *

Уды ном – Арв,
Уды ном – Арт,
Уды ном – Хох,
Уды ном – Тох,
Уды ном – Зард,
Уды ном – Цард.

 

ÆРТЫВÆР БÆРÆГБОН
(Нæ радио, телеуынæн, кинойы юбилей)

Уæлхурæй дæлхурмæ
Цы хабæрттæ ис,
Сæ хæдуæлвæд дзурын –
Нæ ис æмæ бис.

Нæ рæбын у махæн
Сыгъзæрин къæбиц, –
Фыдæлты зæдбадæн,
Нæ фидæны билцъ.

Ам – царды æрвайдæн,
Ам – музæты зиу.
Нæ фидиуæн, байрай,
Кæн зæрдæтæ иу!

* * *

Лæппын цъиутау æвзартæн
Æрмийæ дардтон дон,
Сæ мæнцъи удты артæй
Йæ мидбыл худтис бон…

Цы табуйаг цинæй
Æз райдыдтон бон –
Цъæх æвзартæн цъиутау
Куы бадардтон дон!

Сæ сыфтæ мæм райгæ
Рæу-къухтау тылдтой.
Мæ удæн уый тайгæ
Æвдадз уыди, сой.

Гъе уымæй æнæрцæф
Нæ дунейы фарн, –
Нæ ныййарæг æрдзау
Куы тауай дæ хъарм.

 

НЫРЫККОН АДÆЙМАГ

Цæргæс мæ сæрмæ зилы,
Йæ дзæмбыйы – цъæх калм,
Йæ базыртæ мæм тилы –
Охх, диссагдæр цы уа!

Фæдисон уаст ныккæны –
Кæд агуры æххуыс?
Йæ риумæ та куы кæлы
Цъæх маргимæ фыдрыст…

Мæ хъысмæтимæ афтæ
Æдзух кæнын æрмхæст.
Мæ уд цы фарстæй рафтыд:
Дæн калм æви цæргæс?!.

Кæрæдзийæ цы дарæм?
Кæрæдзийы цы марæм?

* * *

Поэтыл Арвæй
Ис ахæм хæс:
Хуыцауы арфæ
Зæххонтæм хæсс.

Уæлтæмæн арты
Дæ зæрдæ судз,
Куыд кæна царды
Цъымара хус.

 

НЫББАР НЫН, НЕ ’ВЗАГ
Алдымбыд

1. Мæ уд æртау дæр нал у
Нæ адæмы мæтæй,
Цыма Артъауыз тауы
Йæ фыд-мыггаг цъæтæн.

Куыд мæгуыр дæ хъæздыгæй,
Нæ мадæлон æвзаг!
Куыд райгæ дæ дæ гуырæй, –
Дæ хъæбултæн дæрддаг!

2. Мæгуыр дæ бон, ирон æвзаг –
Куы нал кæны ирон дæ фаг.

3. Цыма Иунæг Стыр Хуыцауæй
Курын æз хатыр дæуæй,
Абон мах цы былæй хауæм,
Уым сæрсæфæн дæр куы нæй…

4. Сæфты къахыл не ’взаг –
Оххай-гъе, уæууау!
Мах нæхæдæг – йе знаг,
Махæн уыд æвгъау.

5. Китайы куы нæ дæн, мыййаг, –
Цы фæцис нæ ирон æвзаг?
Цы фесты нæ дзыллæ, нæ адæм?!
Æдзух кæйдæр уæрдоны бадæм.

6. Мæ удæн асастой йæ базыр,
Уæддæр куы нæу йæ састыл разы,
Йæ иннæ базыр зæххыл хойы –
Йæхи тыххæйты арвмæ схойы…

7. Байрай, Ирыстон – нæ зæрдæ!
Байрай фыдæлты уæзæг!
Удæн ирон дзырды зæлтæ –
Ноггæнæг суадон, дзæм-дзæм.

 

МÆГУЫРГУР

I
Æууæндын ма абон
Æрмæстдæр мæлæтыл,
Гъе афтæ мæ амонд
Куы тахтис дæлæты.

Гъе афтæ нæ царды
Паддзах уыдис хæйрæг,
Фыдæх мын мæ бартæ
Куы æркодта нæймæ.

II
Ацы зæххыл бафтын
У мæнæн хæрзиуæг,
Ам куы хитын афтæ
Удæй æз хæрзиунæг.

Уым мæнæн цы мæрдтæ, –
Уыдон цыма зæдтæ,

Ногæй сæ уындзынæн,
Базырджын сæ тавсæй,
Семæ УЫМ уыдзынæн
Амæй æз æгасдæр…

 

МÆ БАЗОН-БАЗОН

О куыд диссаг у дæ сусæг!
Дæ уыци-уыцитæй конд.
Æмæ алæмæты рухсæй
Ивылы мæ удмæ ронг.

О мæ зæххон зæд, мæ дуне,
Дæн Хуыцауæй бузныг æз:
Ды мæ зæрдæйæн йæ уд дæ,
Ды мæ удæн дæ йæ рæз.

Базард:
Басгуыхти мæнæн мæ уарзон
Диссаджы уыци-уыци.
Алæмæты базон-базон
Иунæг-иуæй фестад мин.

Алы уысм куы кæныс ногдæр
Ды мæ цымыдисы арт.
Нæй фæуæн нæ уарзты ронгæн,
Райы ног цинтæй мæ цард.

Алы бон дæр мын хæрзиуæг –
У сæуæхсидау дæ уарзт.
Зæдтæ, рацæут нæ зиумæ,
Уадз, фæфылдæр уа уæ тавс!

Базард:

 

БУТАТЫ ЕФИМ

Фырнымддæр чи уыдис йæхицæй!
Уыдис ын аивад Хуыцау,
Йæ сыгъдæг – зæдтæн дæр бæллиццаг,
Фæлæ йæ хъысмæт разынд сау.

Уæддæр нæ басасти йæ зынтæн,
Сæ тарæй рарæдывта рухс.
Кæнынц йæ уацмыстæ, йæ нывтæ
Ныр мах уæларвон зынгæй буц.

Ефим, нæ нæртон хистæр, бузныг!
Ныббар, Ирыстонæн, ныббар…
Йæ хæхтыл байтыдтай дæ уд-зынг
Æмæ фæрухсдæр ис йæ арв.

Кæны дын ныр фæсмæлæт арфæ,
Æмæ йыл ма фæу тæргай.
Фæстагæттæм дæ хæрдгæ артæй
Æууæнк фæйлаудзæн, æмæ рай.

 

ХАДЫХЪАТЫ ФАТИМÆЙÆН

Макуы хон дæхи ды иунæг –
Ис дæ удæн адджын удтæ цал!
Демæ ис æдзух дæ ивгъуыд,
Æмæ макуы аскъуыйæд йæ хал!

Уый мысгæйæ, алкæд зæрдæйы
Хур цыма йæхи фæнайы,
Æмæ арвæрдыны хæрдгæйæ
Уд сывæллонау фæрайы.

О, нæ цард цъысым у, цъасс,
О, фæлæ нын зиууæттæ дæр – цал!
У сæ фыццаг мадæлон ныхас,
Хурау уый æнæрцæф у, æвал.

Уымæн у æвидигæ йæ рухс,
Уымæй мах æнустæм – буц.
Байрай, уæдæ, цæй поэт, поэтты хо!
Уæд æнæцудгæ дæ ныфсы хох!

2021

ÆНАМОНД АДÆМ

Алчидæр гуыры 3 хатты:
1 – мады гуыбынæй куы рантысы, уæд;
2 – хъуыддаг куы бакæны, уæд;
3 – цот ын куы рантысы, уæд.
Фыдæлты ныхас

Нæ дæн æз ме ’мтугонтæй райгонд, –
Цыма фынæй кæнынц фыр хъалæй:
Дыккаг æмæ æртыккаг райгуырд
О цалæн нал бантысы, цалæн!

* * *
Кæцы ма нæ радтам
Рæстæнхъæл нæ бартæй?!
Йæ фæздæг ма ахсæм
Нæ сыгъзæрин артæн…

* * *
Мæ Терк куы стæнæг и бынтон,
Обауы йас куы сси мæ хох,
Æппын куы нал ивайы бон,
Нæ дзырд – Хуыцауы хæзна – рох.

 

СИДЗÆРЫ ФÆНДОН

О курын дæ, нæ Царддæттæг,
Æрмæстдæр иу хорз æз:
Мæ дзаумæттæ дæр алкæддæр
Куыд хæссой мемæ рæз…

* * *
Стауæм, стауæм æмæ стауæм –
Афтид мыггаг æйттæй тауæм.

* * *
Нæ адæм цæмæй систы АДÆМ,
Гъе уыдон нын нал ысты адæн.

* * *
Цы зонæм зæдтæн мах бæлвырд,
Фæлæ нæхи зæххон зæдтыл – мæ дзырд,
Фæллойгæнæг у уыдонæй фыццаг,
Йæ куыст, йæ лæггадæй нæ рæбын – дзаг.

* * *
Къæпийы хъæр мын – зардау,
Куыд хорз базыдтон æз:
Къæпийы хъæр æвзартæн
Дывæр кæны сæ рæз.

* * *
Удыл куы андзæвы уд,
Уымæй у дуне рæсугъд –
Уарзты сыгъзæрин æхсон
Рацæгъды æхсæвæй бон.

* * *
Цыма нæ райсом нал хъæудзæн цæрын,
Кæрæдзи цæстытæм кæсын, –
Нæры æхцайы рад, нæры,
Лæджы ном рохуатмæ хæссы.

Хуыцау та сидзæрæй – кæмдæр –
Бынтон нæ æууæнкæй фæцух.
Гуыбын ныр алцæмæй уæлдæр,
Лæбуры сау тынмæ нæ къух…

* * *
Астæуарт у æхсæнады зæрдæ,
Астæуарт у адæмæн сæ хур –
Уый æрвиты рухс тынтæ фæйнæрдæм,
Уымæ цæуынц дугтæ дæр зынггур.

* * *
Нæ иууыл дзырдтæй у мæ удæн
Æхцондæр, табуйагдæр «мад».
Æппæт ныййарджытæн, тæхуды,
Фырттау куы кæниккам лæггад!

 

ЗОНИНАГ

Сау зæххæн кувынæй
Не ’фсæды кæрдæг,
Уымæн у хур-фынау
Дидинтæй хæрдгæ.

* * *
Мæ уды ном – Къардиу*
Мæ уды ном – Радио,
Мæ уды ном – Уарди,
Мæ уды ном – Уари.

Цы хæрзтæ мын рарди, –
Æрфæнау сæ фæд!

Цы цинтæй дæн райгонд –
Фæрнæй-иу цæрæнт!
Цы нæмттæ мæ царды, –
Æнустæм нæрæнт!