ГАБОЛАТЫ Зауыр

У БАСТ ИРОН ДЗЫРДЫЛ МÆ УД!

* * *

Цы бон райгуырдтæн а бæсты, нæ хæхты,
Мæнмæ цы бон Уæларвон Хур ныххудт,
Уæдæй нырмæ æнæзынгæ æндæхтæй
Мæнæн у баст ирон дзырдыл мæ уд!

Мæ мад-иу мын ирон зарджытæ зарыд,
Ирон æвзагыл базыдтон рæвдыд…
Йæ зæлты тых мæ тугдадзинты хъарыд,
Йæ алы мырыл алкæд кодтон зыд.

Фыдæлты ‘взаг, æз айстон дæу лæварæн,
Æнæ дæу нæй мæ хъысмæтæн уæвæн!
Æмæ æдзух мæ зæрдæйыл фæдарын,
Цы фæдзæхстой мæ хистæртæ мæнæн:

Иронау дзур нæ Ирыстоны кадæн,
Нæ нæртон æвзаг ма бауадз мæлын!
Нæ дзырд – йæ бындур не `гъдауæн, нæ цардæн!
Йæ рухс фидæнмæ мах хъæуы бæллын!..

* * *

Нæ зæххон цард æмгъуыдмæ у æцæг…
Æрмæст дæ удмæ ма бауадз æрхæндæг!
Цырагъыл дæр куы бафу кæна лæг,
Уæддæр ма дарддæр калдзæн уый йæ фæздæг!..

Æнæмæлгæ у адæймаджы ном,
Йæ кады бон у баййафын æрвгæрон!
Куы уа уый баст рæстдзинадыл æнгом,
Уæд дунейыл йæ балц уыдзæн æгæрон!..

МÆ КÆСТÆРÆН

Фыды тæригъæд кæстæртæ нæ фидынц –
Йæ къуыхцытæ сты алкæмæн йæхи…
Дæ хистæрæн йæ цард куы уа æвидыц,
Уæд-иу рæдыдæй бахиз ды дæхи!

Æнæкъуылымпы ничи у, æвæдза,
Фæлæ-иу фидар раст фæндагыл лæуу.
Куыд æнцонæй ныл сау ыстъæлф æндæдзы,
Йæ сыгъдæг кæнын афтæ æнцон нæу!..

ФÆЛТАУ…

Кæд мæм, мыййаг, æбæллиц бон æрхæстæг
Æмæ мæ цардвæндаг æгадырдæм фæзылын,
Уæд, о, Хуыцау, фæстæмæ раздах рæстæг
Æмæ мæ дунемæ дæр ма бауадз фæзынын!..

Фæлтау æндæр лæг равзæрæд мæ бæсты,
Æрмæст нæрæнт йæ ном, йæ намыс æмæ кад дæр!
Нæ дзыллæйæн куыд ахада йæ цæсты –
Йæ хæрзтæй уæнт æдзух йæ тæригъæдтæ къаддæр…

 

ЦЫППАРРÆНХЪОНТÆ

ГРАФОМАНМÆ

Фыссынц ныртæккæ дунетæ, мæ къона,
Фыссæн гæрзтæ нæ дуканиты – бирæ…
Фæлæ дæ лæг поэт цæмæй ысхона,
Ныууадз æнгуылдзæй хом хъуыдытæ цъирын!

АДÆЙМАГ ÆМÆ ЦАРДЫ РÆЗТ

Нæй адæймаджы авналæнтæн арæн –
Йæ бон у стæхын арвмæ дæр бæрзонд!..
Фæлæ ныронг нæма кæрды йæ зонд
Къафетты цъар бырондоны ныппарын…

* * *

Ныллæууы лæг фырзыдæй хиу!
Бæрзонд бынат, æхцатæ, цыт…
Фæлæ уæддæр йæ кæрон – иу:
Чырын, зæххы хай æмæ цырт…

* * *

Гæххæттыл фыст ныххахх кæнын æмбæлы –
Уым мисхал дæр нæ уынын æз зынæй.
Æнæууылд дзырдæй адæймаг кæм мæлы?!
Фæлæ йæ ностæн сдзæбæх кæнæн нæй…

* * *

Бæрзæндтæм тындзгæйæ-иу зæхмæ фæлгæс.
Нæ зонæм, хъыгагæн, кæмæ нæ цы кæсы…
Бæрзæндты тæхæг маргъ – æнæмæт цæргæс –
Йæ мæлæт æнæмæнг дæлæмæ æрхæссы…

* * *

Æнæзивæг, гæнæн æмæ амалæй,
Фæлидзæм мах нæ ныхыл фыст адзалæй.
Фæлæ, бæгуыдæр, иуы бон дæр нæу
Нартхоры хуымтыл бафснайын мæнæу!

ФÆНДЗАЙФОНДЗДЗЫРДОН РАДЗЫРД

АДЗАЛ

Хазби йæ хъуырыл цасм балвæста.
«Хуыцау нæй, – скарста йæхинымæр, – æндæра лæджы ахæм уавæрмæ не ‘ртардæуыдаид…»
Иу уысм ма æдзæмæй алæууыд. Йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ мæгуыр царды бонтыл йæхимидæг ногæй афæлгæсыд. Æвæсмойнаг æм дзы иу дæр нæ фæкаст.
Йæ къæхты бын цы хъинцгæнаг бандон уыд, ууыл æрдзедзырой кодта æмæ йæ афæлдæхта…
Бæттæн аскъуыд…