НОГБОНЫ ÆХСÆВ
Дысон-бонмæ нæ кодтам фынæй:
Цин йæ уацары горæты райста.
Немæ сабийау хъазыди мæй,
Уый зæрин тынтыл арфæтæ хаста.
Цины музыкæ алы ран зæлыд,
Уынгты, хæдзæртты рудзгуытæй хъуыст,
Зæлыд зæрдæты, зæлыди сæры,
Æмæ дунейæ ферох и куыст.
Уынгты адæм кæрæдзи нæ зыдтой,
Фæлæ «Ногбоны хорзæх!» – дзырдтой.
Фервæзтысты фыццаг хатт сæ зыдæй,
Æмæ а дуне нал уыд сырддон.
Ногбон ног амонд адæмыл уæрста,
Цины батад æнусон фыдæх,
Диссаг, адæм кæрæдзийы уарзтой,
Æмæ цинæй ысулæфыд Зæхх!