КОСТЫ Лизæ

Косты Мараты чызг Лизæ райгуырди Ногиры. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы хайады, фæстæдæр йæ ахуыр ахæццæ кодта Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты.

Куыста газет «Социалистическая Осетия»-йы, Цæгат Ирыстоны радиойы, журнал «Ногдзау»-ы редакцийы, чиныгуадзæнтæ «Ир» æмæ «Проект-Пресс»-ы редакторæй.

Ивгъуыд æнусы 80-æм азты райдайæны ирон дзырдаивадмæ Лизæ æрбахаста уды æнкъарæнтæ, фæлмæн рухс, ирд ахорæнтæй дзаг поэтикон фæлгонцтæ. Уæдæй нырмæ ирон литературæ, ирон поэзи уарзджытæ æдзухдæр æхсызгонæй сæмбæлынц Лизæйы ног аив азæлд ахорæнтæй хъæздыг поэтикон уацмыстыл.

Лизæ! 1985 азы Хуыцауы лæвæрд «Æрвон зынг»-æй ныррухс кодтай ирон дзырдаивад уарзджыты зæрдæтæ, уыцы зынджы рухс цæхæртæй сæ тавыс дæ алы ног уацмысы дæр, æмæ ма дын уæнгрог æмæ зæрдæрухсæй бирæ бантысæд!

 

ФÆНДАГГОНЫ ЗАРÆГ

Раст у – нæ домы тыхдзырд, хæснаг:
Ивгъуыды аззади цард – цъæхснаг,
Иунæг дæр никуы æрцахстон кæсаг,
Никуы амардтон саг.

Хорæй хаст, хуыммæ фæцыди, хъал,
Здæхы хъæмæ ныр гал.
Цал уыди уды фæндиаг, цал,
Уал дзы нæ рантыст, уал.

Фæндагыл банафон и æгæр –
Балцы фæцъæх мæ сæр;
Развæд ысрухс кæны хатт цæхгæр
Стъалыты дард цæхæр.

Нал у фæстиæтты афон ныр,
Ривæдыл ис гуыдыр:
Зарæджы – зæххы уæздандæр мыр,
Арвы мæсты гуыр-гуыр…

ТЪÆНДЖЫ МÆЙ

Хур цы пайда у ныр?!
Фæлæ хуры тын хуссæртты кафы,
Æмæ фыййагæй чъизи мит хафын,

Æмæ разыны уыр.
Арв – бæрзонд æмæ цъæх,
Фæлæ зæрдæ цæмæндæр æнкъард у.
Уæлдæф хъарм у дзæбæх,

Æмæ уалдзæг та афтæмæй дард у.
Уын фынтæ, у æнцад,
Æмæ, хæрис, дæу ма сайæд митхъарм –
Сыстад арвгæрон уад

Æмæ дары дæ къуыпамæ их арм.
Зары тæдзынæг, хин.
Уарзын алцы йæ афон, рæстæгыл.
Кафы нæзыйыл тин.
Хъуысы хъæдхойы къупп-къупп хæстæгæй.

Уæлдæф хъарм у, дзæбæх,
Æмæ уалдзæг та афтæмæй дард у.
Арв – бæрзонд æмæ цъæх,
Фæлæ зæрдæ цæмæндæр æнкъард у.

 

* * *

Астæрдыл сныв кодта саби тæрхъустæ,
Малусæг, хур.
Схудти, ныссæрфта хъуыддагхуызæй рустæ,
Ных æмæ дур.
Сбадти. Ныуулæфыд кусæг.
Ныр дунейæн
Ахæм зæрдæ!
Уый дæр куыд уына
Йæ фыны тæрхъустæ,
Бомбæтæ – нæ!

 

БЫНАТЫХИЦАУ

Мæ фыдæлтæ дæ стыр зæдыл нымадтой,
Дæ сыгъдæг ном æдзух сæ куывды ардтой.
Æз уыдонæн аккаг фæдон нæ дæн:
Нæ кувын æз, бынаты дзуар, дæуæн.

Æрмæст дын æз дæ æнцойдзинад халын –
Æнафонмæ мæ цырагъ судзгæ дарын.
Æмсæрау æз ныхас фæкæнын демæ,
Мæ хъуырдухæнты балæгæрдыс мемæ.

Кæс-ма, кæс-ма: кæны та скæсæн сырх –
Æхсæвы тарæн асасти йæ тых…
Цы фылдæр уарзыс? Хур æви къæвда?
Æмдзæвгæтæ дын бакæсин уæд та?!.

 

* * *

Сау изæр мæ цъысыммæ фæтæры,
Æз сæударæй амардтон мæхи.
Тархъы Сындз, зæгъ-ма мын æй, кæм цæры
Сау рувас, кæм æмбæхсы йæхи?

Нæй мæнæн афтид армæй фæцæуæн,–
Хъуамæ суа æртæ æрдуйы цух
Сау рувасы сау тенка, сæ кæлæн
Банкъара æхсызгонæй мæ къух.

Тархъы Сындз, къуырма дæ æви аххуыс
Ацы сахат не ‘нтысы дæуæн?
О мæ зынг, ныггуыпп кæн, йе та ахуысс –
Нал дын и æндæр хуызы гæнæн:

Урс æрдутæ сау цæстытыл уайынц,
Бадомдта’ мæ Тархъы Сындзы хин.
Раст мæ цыма мин хæйрæджы сайынц,
Раст цыма æрцард мæ уды зин.

Нæй мæнæн афтид армæй фæцæуæн:
Хъуамæ суа æртæ æрдуйы цух
Сау рувасы сау тенка, сæ кæлæн
Банкъара æхсызгонæй мæ къух…

 

* * *

Æппæлой дзырдтæ ды цæвыс мæ ныхыл.
Дæ ис, дæ тых, дæ бон дын уæнт фæрнæй.
Æрныллæг у, æрсабыр у – дæ дзыхы
Дæуæн, мыййаг, Хæмыцы дæндаг нæй.

Æмæ хъуызгæ мæ мидбылты фæхудын –
Цы систай ныр ам хи стауæн хъæртæ?
Цы мулкмæ мын цыбæл кæныс мæ уды?
Цы дзæнæтæй æвæрыс ныр зæрдæ?

Дзырд дæр ыл нæй – Æрхуы мæсыджы бадин,
Æхсыры цады ленк кæнин сæумæ.
Хæрыс мын ард: «Мæ зæрдæ цинæй ради,
Куы тындзыдтон æрвгæронæй дæумæ».

Фæлæ мæнмæ дæ уæздан дзырд нæ хъары,
Сылæг мигъæй хъæбæр зæхмæ æрхиз!
Мæ уд мæнæн дæ хъæлæсмæ нæ зары,–
Нæ дыууæйæн фæйнæ фæндаджы ис.

Æрра дæн æз, куырыхон – ды, сæттын ыл,
Фæлæ уæддæр кæсын мæхимæ раст:
Фæкæнын хъеллау мæйрухсы рæу тыныл,
Хъæздыгдзинадмæ нæу мæнæн мæ каст.

Æппæлой дзырдтæ ма цæв ды мæ ныхыл.
Дæ ис, дæ тых, дæ бон дын уæнт фæрнæй.
Æрныллæг у, æрсабыр у – дæ дзыхы
Дæуæн, миййаг, Хæмыцы дæндаг нæй.

НЫФС

Æнхъæлмæ мæм кæс.
Къуыппыл
уæртæ уыцы хуыскъ алтъами
дидинæгæй куы сæрттива
æмæ йæм арвæй
зырнæджытæ
«рæстмæ у!»
куы ‘рдзурой адæймаджы æвзагæй.

Сæнтсау хъыргъы
митурс куы адара
æмæ йæм цæстытæ
тарытæ куы байдайой.

Физонæггонд балергæсаг
расыг тенорæй куы сиса
итайлаг бæлæгътæрæджы зарæг
æмæ йын, сæ куыст фæуадзгæ,
гъæйтт-мардзæ, мæлдзгуытæ
куы бахъырной сæ губаккæй.

 

ХУЫНКЪ ДУР

«Храни меня, мой амулет…»

Пушкин

Афардæг и арвгæрæтты хур.
Ирд ыстъалы Уазкъуыппыл ыссыгъди.
Денджыз, денджыз, раппар мын хуынкъ дур.
Тар уылæн мæ къæхты бын ныррыгъд и.
Донбеттырæн, зонын, ис æрмадз, –
Уым кæны лыстæг дуртæ хуынчъытæ.
Сау денджыз, мæ къухты дзы фæсадз, –
Тар уылæн хæссы æрмæст фынчытæ.

Хины дзаума – уыцы къаннæг мур –
Лалымыстыгъд бакодта хъæдуры.
Денджыз, денджыз, раппар мын хуынкъ дур, –
Уадз æмæ мæ фыдбылызтæ сура.

Сау денджыз æнахуыр фæлмæн уыд:
Уый мæнæн мæ хъуыдытæ æмбæрста.
«Ма фенæд йæ цæрæнбонты фыд»,–
Мемæ уый лæвар дæуæн æвзæрста.

Уыцы къаннæг – хины дзаума – мур,
Сау денджыз мын раппæрста хуынкъ дур.

 

НЫВГÆНÆДЖЫ ÆРМАДЗЫ

Уым уæлдæф кодта ахорæнты тæф,
Æрызгъæлæнтæ царæн йе сæрст, фасти.
Уыди уæ разы бур гæххæттыл кæф,
Æмæ йæм гæды дæлвæйнæгæй касти.

Фæныкхуыз гæды – уый дæр уе ‘мбал уыд.
Гуыркъотæ тулдз ныллæг рудзынгыл цавта.
Дæргъвæтин ныхас – уды хъармыл стыд –
Нæртон артау сыгъди æмæ уæ тавта.

Тылд арвыл мæй – цыкурайы фæрдыг,
Хæрдмæдзог цъиу – æгъуыстаг – парчы зарыд.
Уæ фысым уыд таучел æмæ фæрныг.
Цæй къæвда? Нæ! Уæлтæмæн уынджы уарыд…

 

КÆДДÆРЫ ХÆЛАРМÆ УАЗÆГУАТЫ

«Тынг æнтæф у», – байгом кодтай рудзынг.
Банкъуыстон мæ сæр гæзæмæ: «О».
Цъуйы цупал даргъ æнгуылдзты судзы,
Фехсин æй? Куыд бакæнон, мæ хо?

Нæу æнцон нæ дыууæйæн дæр дзурын,
Дзурын та цы пайда у æниу?!
«Уазал къуымæл», – раскъæфтай мæм дурын,
Сахаты фат бандзыг æви циу?!

Арвæй атахт иу стъалы, фæтары,
Мæнæ дæн – нæ фæсайдтон мæ дзырд.
Чидæр уынджы азарын фæлвары.
Аивтам нæ дыууæ дæр, бæлвырд.

Фарн дæуæн дæ къуымæлы æртахы.
Цинæй уæд æфсæст æдзух дæ уд.
Ацы бадт цыдæр мастад ыздахы,
Зæрдæйы та – рагбонты хъæрмуд.

Алыг кодтай картофджынтæ кардæй,
Систон дæу дæ сабитæй фæрсын.
Раст цыма мæ рагуалдзæгмæ дардæй –
Æз дæуæн дæ цæсгоммæ кæсын…