ГУЫРДЗЫБЕТЫ Блашка

(1868 – 1905)

Мæздæгмæ ’ввахс ис дыууæ станицæйы – Черноярская æмæ Новосетинская. Станицæтæн ис ирон нæмттæ дæр, фæлæ сæ ирон номæй æрмæст, чи дзы цæры, уыдон хонынц. Ново-Осетинскаяйы станицæ, кæнæ Мусы хъæуы, 1869 азы мартъийы фыццаг бон райгуырди Гурджибети афицер Майрæмсауæн лæппу æмæ йæ схуыдтой Блашка – официалон документы: Власий Иваны фырт.

Ацы хъæутæм дыгур ралыгъдысты хохæй, Мæсыгхъæуæй, XIX æнусы райдианы. Æнус æмæ æрдæгæй фылдæр цæрынц хъазахъхъæгты астæу, фыдæй-фыртмæ службæ кодтой хъазахъхъаг æфсады, фæлæ абоны онг дæр се ’взаг, се ’гъдау, сæ цардыуаг у ирон. Блашка ам базыдта æвзаг дæр, æгъдау дæр, дзырды аивдзинад æмæ фыдызæхх уарзын дæр.

Блашкайæн йæ фыд раджы амард, æмæ бинонтæ хъуагдзинæдтæ æййæфтой, лæппуйæн зæрдæфæндон ахуыры фадат нæ фæци. Стъараполы гимназы иучысыл ацахуыр кодта, стæй йæ ныууагъта æмæ 1888 азы æфсады службæ кæнын райдыдта. Фæци каст æфсæддон скъола æмæ 1893 азы райста хъазахъхъаг æфсады кæстæр афицеры ном.

Æвæццæгæн, Блашка æфсæддон куыстыл æнувыд уыдис: йæ цард æфсады арвыста, йæ мæлæт дæр уым ссардта. 1905 азы Японы хæстмæ барвæндæй ацыдис æмæ июлы 1-æм бон атакæйы рæстæджы дзыхъмард фæци знаджы нæмыгæй дæлесаул Блашка. Бирæ уарзтой раст адæймаг æмæ хъæбатыр афицеры полчъы æфсæддон адæм. Цинкæй табæты Блашкайы мард æрластой йæ райгуырæн хъæумæ, æмæ уым ныгæд æрцыд, йæ фыды фарсмæ.

Абоны онг дæр уым ис Блашкайы мæрдон æнцой. Сыгъдæг æмæ аив у йæ уæлмæрд Блашкайæн. Бирæ йæ уарзтой хъæубæстæ, уарзынц æй æмæ йын стыр кад кæнынц фæсивæд дæр. Йæ мысæн бонты кæддæриддæр æрцæуынц йæ ингæнмæ æмæ йын фæзæгъынц сæ зæрдæйы уарзондзинад, сæ кадгæнæны ныхас.

Блашкайы сфæлдыстыд æнæхъæнæй дæр, стæй куыд мидисæй, афтæ формæйæ дæр æнгом баст уыдис адæмон поэзийыл – фольклорыл. Уырдыгæй æрбацыд йæ зæрдæмæ, стæй йе ’мдзæвгæтæм иунæджы фæлгонц абырæджы хуызы.

 

АБÆРЕГ

Орирйæ, мæ сау бæх,
Мæ царди мæ дарæг!
Орирйæ, мæ саулох,
Абæрег – дæ бадæг!

Мæ фидæ – медхонх дигорон,
Мæ мадæ хаст Кæсæгæй;
Цæрун сæ мæрдæй æнæ ном,
Æнæ уарзгæ фудлæгæй…

Ирæзтæн рунгин æвзонгæй,
Цъумур бауæр, гæбæрæй;
Цардтæн хуæрдгъæуагæ, – стонгæй
Æз не ’фсæдгæй къæбæрæй.

Адтæй унгæ мæ дигиза,
Зæронд пæлæз – мæ дарæс.
Мæн номи хай – фуд Елмæрза;
«Ка ’й йе, ка?»-ба – мæ сагъæс…

Рацудæй мæбæл мæ карæ,
Феронх æй мæ мæ хæстæг…
Цидæр фæццæй мæ хæдзарæ –
Нæ фæццæй йимæ кæсæг.

Фæттæргай дæн нæ адæмæй,
Абæрегæй ралигъдтæн,
’Ма нивгун исдæн алцæмæй,
Ратгæй барæ мæ нихтæн.

Скодтон æхсæви ме ’рвадæ,
Райстон думги æмбалæн;
Хонун нæ бæстæ мæ мадæ,
Кæнгæй ибæл цауæн.

Æфсатий фонс – мæ хуæруйнаг,
Мæ кегъæре – мæ цæсгон,
Æппæлуйнаг – мæ хъæрæймаг,
Æппæлуйнаг – мæ кæсгон…

Уотæ й’ мæнæн нур мæ цард.
Фал куд уодзæнæй мæ фæстаг;
Ка ивæрдзæнæй мин мæ мард,
Нæбал уогæй æз бæстаг?

Ци уодзæнæй мии нивæрзæн,
Дзæгъæл лæгæй ку сæйон?
Кенæ сугъд бунгард нæ кæрзæн,
Кенæ уотид къудурон.

Ка ’нцъолдзæкæй мæ цæститæ
Мæнæн, хъурмæй ку мæлон?
Кенæ стонгæй цъæх æрситæ,
Кенæ надбæл нæ бæлццон.

Ка скæндзæнæй ми кадæнгæ.
Ихалунмæ дор – мæсуг?
Ка никкæндзæнæй гъарæнгæ
Фæккалунмæ цæстисуг?

Нæке… Уæд зуст дзиназдзæнæй
Резунгæнгæй Дорин хонх,
Ма мæ сæргъи бастдзæнæй
Тæрегъæддаг мæ саулох…

Орирйæ, мæ сау бæх,
Мæ царди мæ дарæг!
Орирйæ, мæ сау бæх,
Абæрег – дæ бадæг!