КОЧЫСАТЫ Розæ

(1888 – 1910)

Кочысаты Пысийы чызг Розæ (Мария) райгуырди Ольгинскæйы хъæуы 1888 азы майы 12-æм бон. Йæ фыд уыдис рæстæмбисцæрæг зæхкусæг. Розæ фыццаг ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы (дыууæкъласон дины скъола), уый фæстæ йæ радтой ирон чызджыты скъоламæ (приютмæ) Дзæуджыхъæуы.

Дзæуджыхъæуы скъолайы Розæ фæцахуыр кодта æртæ азы, стæй 1901 азы йæ ахуыр ныууагъта æмæ йæ йе ’фсымæр акодта йемæ Ташкентмæ. Уый афицер уыд æмæ уым службæ кодта.

Ташкенты Розæ дыууæ азы бакаст сылгоймæгты гимназы æмæ фæци 5-æм кълас. Уый фæстæ æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ, бацыд сылгоймæгты гимназмæ, 6-æм къласмæ.

Нæ бантыст Розæйæн гимназ фæуын. Бахъуыдис æй йæ ахуыр ныууадзын æмæ стæй дыууæ азы фæстæ (1907 азы) æрцыд чындзы. Розæ йæ лæгимæ фыццаг цард Лабæйы (йæ лæг, Реуазты лæппу, посты кусæг уыд), стæй ралыгъдысты Алагирмæ, уырдыгæй та – Æрыдонмæ.

1910 азы Кочысон хæрз æрыгонæй амард рæуджыты низæй.

Кочысаты Розæйæн йæ професси литературон куыст нæ уыдис. Æмæ фысгæ дæр хæрз чысыл ныккодта – æдæппæт дыууæ пьесæйы. Фæлæ уыдонæй иу – «Гæды лæг…» (иннæ та хуыйны «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас?») иттæг аив фыст у, тынг фæцыди хихъæппæрисадон драмон къордты зæрдæмæ æмæ абоны бонмæ дæр сæ репертуарæй нæ цух кæны.

Розæ ма ныффыста æртыккаг пьесæ дæр («Зæхх – ме ’вдисæн, хур – мæ комдзог»), фæлæ уый текст фесæфт.

Ацы уацмыстæ се ’ппæт дæр фыст æрцыдысты 1905 азы. Уый размæ аз Ольгинскæйы æвæрд æрцыдысты Елбыздыхъойы фыццаг пьесæтæ «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты мæлæт». Уый хынцмæ хъæуы скъоладзау чызджытæ сарæзтой «сылгоймæгты драмон къорд» æмæ Розæ йæ пьесæтæ фысгæ дæр уыцы къордæн ныккодта. Йæхæдæг дæр уыцы къорды уыдис.

Афтæмæй ирон чызджытæ сæхицæн фæндаг сарæзтой канд театры аивадмæ нæ, фæлæ драматургимæ дæр. Кочысаты Розæйы фæстæ 1908 азы иу пьесæ ныффыста Коцойты Ленæ дæр. Фæстæдæр фæзындысты æндæртæ дæр, фæлæ Розæ уыд фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг.

 

ГÆДЫ ЛÆГ

(кæнæ – «НÆ ПЪЫРЫСТЫФ СÆРРА»)

ДЫУУÆ АКТЫ ИРОН ЦАРДЫ НЫВ

МИВДИСДЖЫТÆ:
Умархан – 40-аздзыд лæг, гуыбыр, мæгуыр, дзæгъæлдзуаг.
Мызылон – йæ ус.
Пъырыстыф.
Т æ л м а ц.
Къомиан – сыхаг ус.
Мча – пъырыстыф рарвит-барвит кæныны тыххæй кæй дары, ахæм.

ФЫЦЦАГ АКТ

Æвдисæн бынат. Мæгуыр уат: тъахтин скъуыдтæ æмбæрзæнимæ. Иу къуымырдыгæй – даргъ бандон: йæ иу кæрон бады. Мызылон, йæ разы – æвзæр æнæсæр æргъæу чырын. Мызылон даргъ æндахæй хуыйы уæфстæ.

1-аг РАЦЫД.

Мызылон иунæгæй, хуыйгæйæ дзуры.
М ы з ы л о н. Исчи дæ амара, уæвгæйæ та, ахæм лæджы, йæ хæдзары мæт чи нæ кæны! Райсом раджы сысты æмæ уымæй изæрмæ æгас хъæуыл дзæгъæлдзу чи кæны арахъдзуан. Тæхуды, æмæ йæ къона, йæ лæг дæр хæдзары мæт кæмæн æркæны! Цымæ кæдмæ афтæмæй цæрдзынæн?

2-аг РАЦЫД.

Умархан цудтытæгæнтæ æрбацыд фыдрасыгæй æмæ Мызылоны фарсмæ æрбадт хæстæг.
М ы з ы л о н. Кæм та ныххырхтай, кæм, хæрзбын бауай? (Мызылон дарддæр абадт.)
У м а р х а н. Ма хъæр кæн, Мызылон, дæ хъæр та уæлæсыхмæ куы хъуысы, худинаг у.
М ы з ы л о н. Хъæр кæнын худинаг у, фæлæ арахъ­дзуан зилын худинаг нæу? (Адæмырдæм). Æз та фæдæн зылындæр, æрбакæсут-ма, йæ тæф куыд кæлы, цыма арахъхъы боцкъа у, уыйау. (Умарханмæ). Дæ туг баназай, – уый дын мæ хуыздæр арфæ.
У м а р х а н. Ей, ей, ма кæн! Мызылон, æгæр хъæртæ ма кæн, хуыздæр дын у…
М ы з ы л о н. Уæдæ дын Хуыцауæй дæр тæригъæд нæу? Мæн ам сыдæй мæлгæ куы ныууадзыс æмæ дæ грустæ арахъхъыл куы баназыс, уæд? Нырма доны хъæстæ дæр куы нæ дæн, уæд… (Кæуы).
У м а р х а н. Хæрæджы тъæнгтæ бахæр, кæд ницыма бахордтай, уæд… (Иучысыл цыдæртæ ахъуыды кодта). Уый бæсты байхъус, æз дын цыдæр зæгъдзынæн. (Умархан хæстæг бабадт).
М ы з ы л о н. Цы та мын зæгъдзынæ?.. Цал арахъ­хъы ныххырхтай, уый?
У м а р х а н. Ма хъæр кæн, æрра, æз æхца ссардтон.
М ы з ы л о н. О, о, дæхи капеччытæ-иу нуазгæ бакæн, стæй уæд голладжыдзаг цæуылнæ ссардзынæ! (Мызы­лон дарддæр абадтис).
У м а р х а н. Нæ дæ уырны?.. Тæтæртуппы ардыстæн! (Хæстæгдæр бабадтис Мызылонмæ).
М ы з ы л о н. Ау, уæдæ ма сæм цы боны хорзмæ æнхъæлмæ кæсыс? (Хæстæгдæр бабадтис лæгмæ). Цæуылнæ сæ æрхастай?
У м а р х а н. Уæлæ хъæды даргъдæр цы бæлас у, гъе уый бын сæ баныгæдтон, стæй ма доны æнгуыр ауагътон, быдыры та къæппæг сæвæрдтон æмæ, гъе, уыдон куы æрцахсой, гъе уæд сæ æрхæсдзынæн.
М ы з ы л о н. Цу, уæдæ сæ æрхæсс, уыдон дæр афонмæ æрцахстой.
У м а р х а н. Ды ныр дæ ног дзауматæ скæн… Кусгæ дæр сæ кæн… (Дзургæ-дзургæйæ сыстади).
М ы з ы л о н. Æмæ мын æндæртæ балхæндзынæ?
У м а р х а н. Балхæндзынæн, балхæндзынæн… Донмæ дæр сæ цу.
Кусгæ дæр сæ кæн. (Дзургæйæ ацыди).

3-аг РАЦЫД.

 

Мызылон иунæгæй уаты: чырын бакодта æмæ уырдыгæй исы ног дзауматæ æмæ йæхи аразы. Æрбацыд Къомиан.
Къ о м и а н. Дæ бонтæ хорз, Мызылон! Кæдæм цæуыс, кæ, чи амардис?
М ы з ы л о н. О, о… кæд, мыййаг, цæуыс… Никуыдæм цæуын, фæлæ ныр мæ бон даритæ дарын дæр у. Макæмæн зæгъ, дæ судзгæ мæрдтыстæн, фæлæ нæ лæг æхцатæ ссардта.
Къ о м и а н. Никæмæн зæгъдзынæн, ме ‘дзарды хайыстæн. Тæхудиаг фæуат, мах та цымæ кæд фендзыстæм цард? (Иучысыл алæууыди). Цæй, хæрзбон у.
М ы з ы л о н. Фæндараст фæу. (Къомиан ацыд). Хуыцæутты Хуыцау, дæуæй бузныг, кæдæй-уæдæй мах дæр дæ руаджы цард фендзыстæм.

4-æм РАЦЫД.

Æрбацыди Умархан æнгуыримæ, æнгуырыл ауыгъд тæрхъус, йæ къухы – дзаг дзæкъул æмæ къæппæг, къæппæджы мидæг – кæсаг.
У м а р х а н. Мызылон, æрхастон дын сæ. (Мызылон фæлæбурдта æмæ æхцайы дзæкъул амбæхста, стæй æнгуыр æмæ къæппæгмæ кæсы). Усай! Ацы зæронд бадæн, æмæ ахæм диссаг никуыма федтон: кæд нæ къæппæг æрцахста кæсаг, нæ æнгуыр та – тæрхъус!
М ы з ы л о н. Ахæм диссаг никуыма федтон, мæ мæрдтыстæн.
У м а р х а н. Ацы диссæгтæ-иу дæ зæрдыл лæууæнт – æхцатæ цы бон ссардтам, уый.
М ы з ы л о н. Табу йæхицæн – абоны Хицауæн. Алы бон дæр дын куывд кæндзыстæм. (Гæдытæ уасынц. Мы­зылон тарстхуызæй). Дæ-дæ-дæй, нæ лæг, уый та цæй хъæр у?
У м а р х а н. Уый дæлæ нæ пъырыстыф сæрра, æмæ йæ сбастой æмæ йæ нæмгæ, хъыллистытæгæнгæ фæтæрынц.
М ы з ы л о н. Мæгуырæг. Цы дзæбæх лæг уыдис, дин-дингæнгæ-иу йæ уæрдон нæ рæзты æрцæйцыди.
У м а р х а н. Уыдоныл мард æрцæуæд, фæлæ-ма мæнæ ацы кæсаг афыц. (Мызылон исы кæсаг).

5-æм РАЦЫД

Ф и д и у æ г (æдде). Йæ, Умархан! Уым дæ, цы?
У м а р х а н. Мæнæ дæн. Чи дæ? (Мызылонмæ). Банымæхс сæ. (Хъæрæй). Мидæмæ!
Ф и д и у æ г (мидæмæ æрбацыд). Уæ бон хорз! Дæлæ дæм къæнцылары пъырыстыф дзуры.
У м а р х а н. Ау, æмæ пъырыстыф мæнæй цы кæны?
Ф и д и у æ г. Цы зонын. Цæй æхцатæ ссардтай?
У м а р х а н. Ау, цæй æхцатæ ссардтон æз? Уый бæсты мæнæ сбад æмæ фæйнæ арахъхъы аназæм. (Умархан йæ дзыппæй систа авджыдзаг арахъхъ, йæ ронæй райста агуывзæ, рауагъта æмæ кувы). Хуыцау, уæдæ ахъаз бакæн… адæмы хорзæх дæ уæд. Къулер дæ Хуыцау скæнæд. (Нуазы йæ йæ бынæй. Фидиуæг дæр æй анызта йæ бынæй).
Ф и д и у æ г. Цæй, цом, Умархан.
У м а р х а н. Ау, кæдæм?
Ф и д и у æ г. Кæдæм, уый нæ зоныс? Ныр дæ дæ иу арахъхъы тыххæй куы ныууадзин. (Лæдзæгæй йæм бавзыста, стæй йыл фæлтæры тыххæй ласыныл).
У м а р х а н. Хорз, мæ хæлар. Цæуын… (Ацыдысты).
М ы з ы л о н (иунæгæй). Къомиан мæ æрбабын кодта, йæ хъæбулы фыдтæ ахæра, мæ хæдзар фехæлд! Мæ дзæгъæлдзых мæ æрбабын кодта… Дæ хæдзар æрбайхæла, Къомиан!

Æмбæрзæн

ДЫККАГ АКТ

Къæнцылар. Астæуæй – стъол, йæ алыварс – бандæттæ, тæккæ бакæсæны бады пъырыстыф, йæ сæрмæ къулыл – паддзахы ныв. Стъолæн иннæрдыгæй бады писыр, стъолы фарсмæ лæууы тæлмац.
Мча æрбакодта Умарханы, æмæ лæууынц дуаргæрон.

1-аг РАЦЫД.

Пъ ы р ы с т ы ф (йæ къухæй амоны Умарханмæ). Спросите-ка у него, правда ли он нашел деньги?
Т æ л м а ц. Пъырыстыф дæ фæрсы, æцæг, дам, ссардтай æхца?
У м а р х а н. Нæ, ницы ссардтон.
Т æ л м а ц. Господин пристав, я, гаварит, не нашел.
Пъ ы р ы с т ы ф. Как же он не нашел, когда сосед­ка говорит?
Т æ л м а ц (Умарханырдæм). Куыд, дам, не ссардтай? Дæ сыхаг ус дам, дыл комдзог куы цæуы?
У м а р х а н. Æмæ-ма уæдæ мæ сыхаджы ардæм æркæнут.
Т æ л м а ц (пъырыстыфмæ). Господин началник, а ну-ка, гаварит, приведите соседку.
Пъ ы р ы с т ы ф (Мчамæ). Ну, приведите ее.
Т æ л м а ц (Мчайæн). Цу æмæ сæ сыхаг усы æрбакæн ардæм. (Мча ацыд).
Пъ ы р ы с т ы ф (тæлмацмæ). Скажите ему, пусть сознается чистосердечно, лучше будет, мы все равно до всего докопаемся.
Т æ л м а ц (Умарханмæ). Пъырыстыф афтæ зæгъы: фæлтау басæтт, хуыздæр дын уыдзæни, цыфæнды сусæг æй куы кæнай, уæддæр æй мах рабæрæг кæндзыстæм…
У м а р х а н. Æмæ рабæрæг кæн. Æппындæр мыл ма бацауæрдæд… Дæ фыдæх мæ уæд…
Т æ л м а ц. Расыг дæ, цы? Мемæ та цы хæцыс?
Пъ ы р ы с т ы ф (тæлмацмæ). О чем вы?.. Перестань­те спорить… Что он говорит? Вы мне переведите.
Т æ л м а ц. Господин пристав, он не признает себя… (Мча Къомианы æрбакодта).

2-аг РАЦЫД.

Т æ л м а ц. Я, гаварит, не боюсь вас.
Пъ ы р ы с т ы ф. Ну, хорошо… Спросите ее, правда ли сосед нашел деньги?
Т æ л м а ц (Къомианмæ). Пъырыстыф дæ фæрсы, дæ сыхаг, дам, æцæг ссардта æхцатæ?
Къ о м и а н (тæлмацæн). Бæгуы, ссардта.
Т æ л м а ц (пъырыстыфæн). Да, гаварит, нашел.
П ъ ы р ы с т ы ф (тæлмацæн). Откуда она знает это?
Т æ л м а ц (Къомианæн). Цæмæй, дам, зоныс ды, дæ сыхаг æхцатæ ссардта, уый?
Къ о м и а н (тæлмацæн). Йæ ус мын дзырдта.
Т æ л м а ц (пъырыстыфæн). Господин началник, же­на, гаварит, гаварила.
Пъ ы р ы с т ы ф (тæлмацæн зæронд лæгмæ амонгæйæ). А почему же он отказывается, спросите, ведь вот его жена говорила соседке?
Т æ л м а ц (Умарханæн). Цæуылнæ, дам, сæттыс? Дæ ус, дам, дыл комдзог куы рацыд, уæд?
У м а р х а н. Æмæ уæдæ-ма мæ усы ардæм æркæнут. Уый йæхæдæг æрра куы у, уæд.
Т æ л м а ц (пъырыстыфæн). А ну-ка, гаварит, приве­дите жену.
Пъ ы р ы с т ы ф. Пусть приведут его жену.
Т æ л м а ц (Мчайæн). Ацу, йæ усы йын æркæн. (Мча ацыд).
Пъ ы р ы с т ы ф. Так он все же не хочет признавать­ся?
Т æ л м а ц (Умарханмæ). Уæдæ, зæгъы, нæ сæттыс?
У м а р х а н. Ай æрдхæрæн диссаг нæу! Цæуыл сæттон, куы ницы зонын мæ сæрæн…
Т æ л м а ц. Он гаварит, он ничего не знает.
Пъ ы р ы с т ы ф. Так что же, все врут, а он один прав? Пусть он знает и заметит, что я докопаюсь, меня никто еще не проводил, пусть знает, в чьих он когтях.
Т æ л м а ц. Пъырыстыф афтæ зæгъы, уæдæ се ‘ппæт дæр гæдыйæ дзурынц, æрмæст ды дæ æцæг?..
У м а р х а н. Ай-гъай, гæды сты… Мæ ныхæстæ та сты æцæг, уымæн æмæ æз æрра нæ дæн. Уыцы ныхæстæ чи рауагъта, уый та у æрра.
Т æ л м а ц. Я, гаварит, не дурак, а кто, гаварит, та­кие слова пустил, – дурак.
Пъ ы р ы с т ы ф. Да, конечно, он не дурак. Если бы он был дурак, то найденные деньги не поднял бы. А вот я ему скажу, что он дурак, потому, если бы он предста­вил начальству найденные деньги, то он был бы честен и из найденных денег получил бы часть.
Т æ л м а ц. Ай-гъай, ды æрра нæ дæ; æрра куы уыдаис, уæд æхцатæ дæр нæ бамбæхстаис. Фæлæ дын пъы­рыстыф афтæ зæгъы: ды æрра дæ, уымæн æмæ æхцатæ хицæуттæм куы бахастаис, уæд цæсгомджындæр уыдаис, хайджын дæр уыцы æхцатæй уыдаис…
М ч а (Мызылоны æрбакæны). Рацу дын, зæгъын, дзæбæхæй… Цалынмæ се ‘ппæты мæстытæ дæуæй нæ систон… Сыгъд уыл ссæуа æгас сыхæй!.. Мæ сау туг мын куы акалын кодтат!.. Цыма сæ нардæй æвзарынц, уыйау сæ иугай-иугай ласын кæнынц.
Пъ ы р ы с т ы ф. Ну, ну, что там больно язык распу­стил, ишак!
М ч а. Арæби!..
П ъ ы р ы с т ы ф. Не надо «араби»… Что такое случи­лось? Что он хочет сказать?
Т æ л м а ц. Цы зæгъынмæ хъавыс?
М ч а. Арæби, мæ дзых мын схæлиу куы нæ уадзы!
Пъ ы р ы с т ы ф (Мчаимæ æмдзырд кæны). Не надо «араби»… Молчать!.. Замолчи, болван!..
Т æ л м а ц. Банцай-ма, дæ хорзæхæй, Мча!
М ч а. Арæби!..
Пъ ы р ы с т ы ф. Молчать!..
М ы з ы л о н (мæстыхуызæй, бустæгæнгæ дзуры). Ам дæр ма не ‘рбалæууыдтæн! (Зулмæ кæсы Къомианмæ). Йæ хъæбулты фыдтæ ахæра, мæн ардæм чи æрбалæууын кодта, уый!
Пъ ы р ы с т ы ф. Ну, вот теперь она… Прикажите ей замолчать.
Т æ л м а ц. Банцайут-ма, хицауы раз дæр уæхиуыл фæхæцын нæ зонут.
Пъ ы р ы с т ы ф. Спросите ее, правда ли муж ее на­шел деньги.
Т æ л м а ц (Мызылонырдæм). Пъырыстыф дæ фæрсы, дæ мой, дам, æцæг ссардта æхцатæ?
М ы з ы л о н (тæлмацырдæм). Бæгуы, ссардта.
Т æ л м а ц. Да, гаварит, нашел.
Пъ ы р ы с т ы ф. Почему же он сам не сознается?
Т æ л м а ц (Умарханырдæм). Пъырыстыф афтæ зæ­гъы, дæ ус, дам, дыл комдзог куы цæуы, уæд, дам, дæхæдæг цæуылнæ сæттыс?
У м а р х а н. Æмæ уый йæхæдæг æрра куы у, бафæрсут-ма йæ, кæцы бон ссардтон æхцатæ?
Т æ л м а ц. А ну-ка, гаварит, спросите ее, в какой день я нашел деньги, она, гаварит, бешеная, сумашедшая.
Пъ ы р ы с т ы ф. Ну, спросите ее.
Т æ л м а ц (Мызылонмæ). Цавæр бон, дам, ссардта дæ мой æхцатæ?
М ы з ы л он (дисгæнгæйæ дзуры). Диссæгты бон, зæгъ. Мæнæ, зæгъ, не ‘нгуыр тæрхъус куы æрцахста, нæ къæппæг та, зæгъ, кæсаг куы æрцахста, гъе уæд.
Т æ л м а ц (пъырыстыфмæ). Вот, началник, кагда балшой цирк случился, кагда наш капкан рыба поймал и кагда наша удочка заяц паймал.
Пъ ы р ы с т ы ф (тæлмацмæ). Правда ли она сума­сшедшая?
Т æ л м а ц (Мызылонмæ.) Пъырыстыф афтæ зæгъы, æцæг, дам, дæ æрра æви цы?..
М ы з ы л о н. Мæ хæдзар æрбайхæлд! Ёрра та циу? (Лæбурдтытæгæнгæйæ). Афтæ-ма йын зæгъ, æз, зæгъ, нæ дæн æрра, фæлæ, зæгъ, мæнæ ды куы сæрра дæ, æмæ дæ, зæгъ, куы сбастой æмæ, зæгъ, хъыллистытæ куы кодтай, раст, зæгъ, гъе уæд уыдис уыцы æхцайы ссард.
Т æ л м а ц (пъырыстыфмæ). Не я, гаварит, сумашедшая, а вот, гаварит, кагда вы сделались сумашедшим, когда вас, гаварит, связали и когда вы кричали.
Пъ ы р ы с т ы ф. Да, она действительно сумасшед­шая. С нею опасно и говорить, уведите ее отсюда ско­рее. Пускай уходят остальные к черту. (Сты æмæ фæцæйцæугæйæ дзуры тæлмацмæ). Впрочем, этих двух жен­щин посадите в холодную, это им будет полезно; там до вечера просидят и глупости не будут болтать. (Пъыры­стыф фæцæуы).
У м а р х а н. Йæ хуыцау, табу – дæуæн, мæн ацы зондæй æххæст чи фæкодта! Цыфæнды зын ран дæр мæхи бахъахъхъæнын фæразын. Дзæбæх та мæхи куы фелвæстон! (Тæлмацмæ). Цы кæсыс?.. Акæ уыдон ахæстонмæ, кæд фæзондджындæр уаиккой!

Æмбæрзæн

 Кæрон