ДЖИМИТЫ Анжелæ

БОНÆЙ – БОНМÆ

Мæ фыды мысинæгтæ

Директор мын æхцайы кой куы скодта, уæд æм ницыуал бауæндыдтæн сдзурын. Рацыдтæн æмæ комбайны алыварс æрзылдтæн, цы гыццыл аиппытæ ма дзы раиртæстон, уыдон аиуварс кодтон. Митя фæзынд æмæ мын бацамыдта, кæуылты цæуын хъæуы, уый. Уымæн æмæ уæд арæзтой æфсæнвæндаджы сæрты хид, æмæ цæуын хъуыд Бесланы цæгатвæрсты уæрдонвæндагыл. Цы къанæуттæ дзы уыд, уыдоны сæрты нæ уыд хидтæ. Митяимæ комбайны бак байдзаг кодтам бензинæй, цыдис дзы 90 литры.

Араст дæн æнæ Митяйæ. Цыдтæн сабыр, фæлæ-иу комбайн мæ коммæ нæ каст. Цалдæр хатты мын-иу фæндагæй рахизырдæм ахызт – фæндаг уыд уæрдæтты фæтæн, уыйадыл лыгъд фæлмæн зæххы ‘рдæм. Уалынмæ схæццæ дæн иу ранмæ, дондзæуæн къанаумæ. Уыдис дзы хид хæтæлæй конд, æмæ йын бæргæ сбарстон къæцæлтæй йæ дæргъ, фæлæ мæ хъуыддаг нæ ацыд. Къæцæлтæ уыдысты дыууæ стыр цæлхыты æхсæнæй даргъдæр, æмæ мæ уый фæсайдта. Æз хæтæлыл батардтон, мæ бынмæ цы цалх уыдис уый, æмæ иннæ цалх фæбырыд хæтæлы кæроныл. Афтæмæй комбайн ныкъкъул иуырдæм æмæ нал цыди размæ. Машинæтæ æмбырд кæнын райдыдтой дыууæрдыгæй, фæлæ дзы æххуысгæнæг нæ разынд.

Уалынмæ фæзынд МТС-ы машинæ – артагласæг. Йе скъæрæг, хидмæ æввахс чи лæууыд, уыдонæн загъта, иуварс-ма ацæут, зæгъгæ. Ацыдысты, æмæ мæм йæ машинæ хæстæг æрбатардта. Бæндæн мын бабæттын кодта фæсте, æмæ, дам, æз куы ахæцон, уæд ды дæр фæстæмæ цæуыныл бацархай. Сласта мæ цъыфæй, стæй бæндæн райхалын кодта дыууæрдыгæй æмæ ахызт хиды иннæ фарсмæ. Æз та бæндæн бабастон комбайныл разæй, йæ машинæйыл та – фæсте, æмæ мæ уæд хиды фале фæкодта. Бузныг ын загътон, æмæ уый æрмæстдæр бахудт.

Изæры схæццæ дæн, кæдæм мæ хъуыд, уырдæм. Уым лæууыд иу бæхуæрдон. Цы лæг дзы бадт, уый мæ баурæдта æмæ мын бамбарын кодта, бригадир кæй у, уый, æмæ, дам, мæнæ ацы хуымæй райдайæм. Дæу, дам, хъæуы рабарын 50 метры мæнæ æфсæнвæдагæй, æмæ, уый куыд цæуы, афтæ ды дæр цу. Бригад, дам, ис уæртæ нæ тæккæ комкоммæ, æмæ уым сæмбæлдзыстæм.

Ацыдис, æз та рабарстон 50 метры хуымы кæронæй æмæ бараст дæн кæрдгæ. Раздæр хъæмпæмбырдгæнæнæн йæ бын байгом кодтон, цæмæй зæххыл хæлиу кæна хъæмп. Иу-дыууæсæдæ метры куы ацыдтæн, уæд цæлхыты бын дон ауыдтон. Рахызтæн æмæ размæ ацыдтæн иуцасдæр, фæлæ доны арф уæлдай фылдæр нæ кодта. Уымæ гæсгæ кæрдын райдыдтон. Иу-ссæдз метры ма куы ацыдтæн, уæд мæ комбайн æрлæууыд. Фæстæмæ рацæуон, зæгъгæ, бæргæ ацархайдтон, фæлæ змæлгæ дæр нал скодтон. Мæ хабар куы бамбæрстон, уæд фæндагмæ рацыдтæн æмæ бæласы бын æрбадтæн. Машинæтæ иууылдæр цыдысты уæлæрдæм, Беслæны ‘рдæм цæуæг нæ уыд.

Ахъуыды кодтон:

– Ау, Черменæй куы цыдтæн нæхимæ фистæгæй, уæд ныр хæстæгдæр куы дæн. Иугыццыл куы рауадтæн, уæд мæ æрæййæфта абоны артагласæн машинæ. Ницы мæм сдзырда шофыр, афтæмæй машинæ разылдта, стæй мæм дзуры:

– Абад æмæ цом.

Сбадтæн, æмæ мæм дзуры:

– Æз та дæ раласдзынæн, æмæ дæлæ фæндагыл бацу бригадмæ.Уым æхсæвиуат бакæндзынæ, стæй райсомæй, хур куы скæса, уæд ацæудзынæ, уæлæ МТС-ы раз цы бригад ис, уырдæм. Уым хорз бригад кусы, адон та дæ тухæнæй мардзысты.

Раласта мæ суанг фæндагмæ æмæ ныхъхъæр кодта:

– Митя мын бафæдзæхста, Æхсармæ мын-иу фæкæс.

Цы дын бавæййы Митя, зæгъгæ дæр ма мæ бафарста.

Бацыдтæн бригадмæ, æмæ дзы иу зæронд лæджы йæ хæрæгуæрдон уæгъдгæнгæйæ баййæфтон. Комбайн ацæуын æввонг баурæдтон æмæ уыцы сабыр доны мæхи найын байдыдтон. Зæронд лæг мæм бирæ фæкаст æнæдзургæйæ, стæй, куы сыстад, уæд ма мæм рахъæр кодта, цы фанерæй конд мусонджы цард, уырдыгæй:

– Бирæ ма най дæхи, кæннод фæрынчын уыдзынæ.

Æз та æнхъæлмæ кастæн, уæдæ мæм бадзурдзæн, мæнæ фæйнæ къæбæры ахæрæм, зæгъгæ.

Талынг кæнын райдыдта, æмæ мæхимæ хæцын райдыдтон, цæуылнæ сæхгæдтон хъæмпæмбырдгæнæны бын. Фæлæ фæкомкоммæ дæн, цы æрнай кодтон, уымæ. Мæ быны мæ хæдон бакодтон æмæ бахуыссыдтæн бункеры, сæр ын нæ уыд, ныры хуызæн.

Райсомæй, æхсæвгæс нæма рабадт, афтæмæй мæ уæлæдарæс сыгтæй ссыгъдæг кодтон. Мæхи тагъд-тагъд анадтон æмæ уæллаг бригады балæууыдтæн. Бригады змæлæг нæ сæййæфтон. Мæ бензинæй фæ- хъуыд 40 литры бæрц, æмæ боцкъайæ рауагътон æртæ ведрайы, æмæ, уыдон куы ныккодтон, уæд иу бæхуæрдонджын фæзынд, зæрондгомау лæг дзы бадт.

Цы кусыс ам боцкъатимæ, зæгъгæ мыл хъæртæ кæнын байдыдта.

Æз ын бамбарын кодтон, бензин мæ кæй хъæуы, фæлæ кæцы боцкъайы ис, уый нæ зонын. Уый та мыл схъæр кодта:

– Дæу ницы хъуыддаг ис, мæнæ хыгъдхæссæг куы ‘рбацæуа, уæд дын йæхæдæг ныккæндзæн.

Уалынмæ фæзындысты бригады кусджытæ. Бригадир мæм æрбацыд æмæ, дам, мæнæн афтæ куы загътой, дысон комбайн кæмдæр карста хъæбæрхор, Цыргъ обауы раз.

Æз ын мæ хабар радзырдтон, æмæ уый худæгæй мард. Бадзырдта хыгъдхæссæгмæ æмæ йын загъта:

– Ныккæн ын бензин, æз Солтанæн зæгъдзынæн, æмæ ам кусдзæн.

Æз мæхи фæразæй кодтон æмæ, зæгъын мæ иу ведра йедтæмæ нæ хъуыди, зæгъгæ, æмæ амæй изæрмæ æнæ уый дæр бакусдзынæн.

Стæй бригадир фездæхт фæстæмæ æмæ йæм дзуры:

– Ма йын кæн бензин, дæлæ Солтан цыдæр тагъд скъæры йæ бæх, æмæ уый дзæгъæлы нæу.

Уыцы Солтан комкоммæ комбайнмæ æрбацыд, æмæ, цалынмæ йæ бидаркæйæ хызтис, уæдмæ æз йæ размæ бацыдтæн. Мæстыхуызæй мæ æфхæры, фæлæ йын мæ хабар куы радзырдтон, уæд фæсабыр æмæ бригадирмæ бадзырдта. Мæнмæ та равдыста цыдæр гæххæтт, кæм уыд фыст цыппар нымæцы æмæ, дам, адонæй æндæр макæмæн кæн, цы æрнай кæнай, уый. Йæхæдæг гæххæтт айста æмæ йæ бригадирмæ радта.

– Ацу, кæнæ арвит искæй, æмæ ацы бестаркæтæ иннæ бригадæй скæн.Агроном, афтæ схуыдта иу лæппуйы, загъта:

– Ацы лæппумæ дæ цæст фæдар, цалынмæ йæ комбайнæр Митя цæуы, уæдмæ.

Агроном мæ акодта хуыммæ æмæ мын рабарста йæ сардзинæй – дыууæ къалиуæй конд дзаума, 2 метры се ‘хсæн – цас хъæуы, уыйас. Уалынмæ фæзындысты бестаркæтæ дæр. Райдыдтон кусын, æмæ-иу бункер нæма байдзаг, афтæмæй-иу бестаркæ мæ фарсмæ цæуын райдыдта. Сæ номыртæ фыст уыдысты йæ иннæрдыгæй фарсыл, æмæ мæнмæ нæ зындысты. Агрономæн загътон уыцы хабар, æмæ йæ къух ауыгъта. Афтæ ластой хор хордонмæ, фæлæ, изæры цы уыдзæн, уымæн æз ницы зыдтон. Æз архайдтон æрмæстдæр, цæмæй хъæмпимæ къаддæр гагатæ уа, ууыл. Агроном мыл худæгæй мард, дæуæн, дам, цы уæлдай у, æхца дын МТС куы фиды, уæд.

Иу-цыппæрдæс сахатыл æрбаластой хæринаг, æмæ мæ баурæдтой. Æркодтой мын, цы æрбаластой уыдонæй алцыдæр, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон хъæрмхуыпмæ, стæй, тæбæгъы цы дзидзайы комдзæгтæ уыд, уыдонмæ, фæлæ хæмпус дзул ног тынд джитъритимæ бахордтон.

Бон мыл тыххæй ахицæн, мæ бензины бæрц цы авг æвдыста, уымæ бакæс-бакæс кæнынæй. Гыццыл ма дзы цыдæртæ зынд, афтæмæй комбайн, бензины боцкъатæ кæм лæууыдысты, уым хæстæг баурæдтон. Кусæг адæм иууылдæр ацыдысты хъæумæ. Æз ацыдтæн Хуымæллæджы донмæ Чермены хъæуы хиды дæлемæ. Астæумæ дон ссардтон æмæ мæхи фæнадтон. Бригадмæ куы `рбацыдтæн, уæд къуымты азылдтæн æмæ дзы хæринаг не ссардтон. Уалынмæ фæзынд æхсæвгæс. Хъæртæ мыл нал кодта, фæлæ мæ рафæрс-бафæрс систа, кæмæй дæн, кæцæй дæн, сывæллонæй комбайныл цæмæн сбадтæн, ахуыр цæуылнæ кæнын, куы базæронд уай, уæд мæнау хъалагъурæй кусдзынæ, зæгъгæ.

Талынг кæнын райдыдта æмæ, иу-дыууадæс азы йыл цыдаид, ахæм чызг дыууæ уæззау кашолкæимæ æрбацыд. Лæг сæ мидæмæ бахаста æмæ мæм бадзырдта:

– Мæнæ дын хуын æрбахастой.

Уæд мын æй загъта, чызг кæй уыд мæ мадырвадæлтæ Гусалтæй.Æз ын тагъд ацафтид кодтон йæ хæссинæгтæ æмæ йæ акодтон, фæндаг кæм фæзилы хъæуы ‘рдæм, уыцы ранмæ. Хъалагъур æртæ уæливыхы, гогыз, арахъхъ стъолыл æрæвæрдта æмæ алы сидты дæр хуын æрбарвитæджы ном ардта. Афтæмæй фæбадтыстæм æмбисæхсæвмæ. Чи дзы баззад, уыдонæй йын загътон, цæмæй дзы райсом бригады ‘рбацыдмæ мацы ныууадза. Æз бахуыссыдтæн хъæмпыл. Æхсæвы цыппар бедрайы бензин ныккодтон æмæ та бафынæй дæн.

Афтæ мæ æрбаййæфтой кусджытæ. Æппæты разæй мæ райхъал кодта хыгъдхæссæг. Дæхæдæг, дам мæм фæкæс бензин кæнынмæ, ме ‘мбал кæй нæй, уый тыххæй. Цас хъуыд, уыйас ныккодтам.

Уалынмæ фæзынд Солтан дæр. Уый мæнмæ бадзырдта æмæ мæ бафарста, кæцон дæ, зæгъгæ. Ӕз ын дзуапп радтон, æмæ та мæ бафарста, йæ ехсæй хæрдмæ амонгæйæ:

– Уæлæ дын уыцы хордон цал хаты байдзаг знон?

Æз ын загътон, кæй сæ нæ нымадтон, уый, уымæн æмæ дæлæ уыцы лæг уыд мæ разы. Уæд уый агрономы фæрсы:

– Ацы лæппу цал бункеры ныккарста?

Уый йын загъта:

– Алы цыдæн дæр бункер æмæ æрдæг.

– Ӕмæ цал цыды акодта?

– Мæнмæ 9 зылды фыст ис.

Солтан смæсты. Æмæ, дам, уæдæ бестаркæтæ фæйнæ цыды йедтæмæ куынæ бакодтой.

Æрбацыд артагласæн машинæ, æмæ мын йæ шофыр фехъусын кодта, Митя, дам дæм изæры ссæудзæн. Æз ын балæгъстæ кодтон, цæмæй Митя тагъддæр ссæуа, зæгъгæ. Шофырæн радзырдтон, 90 литры бензин мын изæрмæ нæ фаг кæны, æмæ йæ куы базоной, уæд цы зæгъдзынæн? Митяйæн, дам, зæгъ, йæ карбюратор ын саразын хъæуы, зæгъгæ. Æз дын æй фендзынæн, зæгъгæ, йемæ фæцархайдта, фæлæ, дам, мæ машинæйы æндæрхуызон карбюратор лæууы, æмæ йын йæ бон ницы бацис скæнын.

Солтан мын бафæдзæхста, цæмæй уыцы цыппар бестаркæтæй уæлдай макæмæн кæнон. Цалынмæ иу зылд кодтон, уæдмæ Митя дæр æрбахæццæ. Бирæ мын фæамыдта карбюраторы хабæрттæ æмæ, алцытæ куы ныффидар кодта, уæд мын загъта:

– Мацæмæ-иу дзы бавнал, æмæ изæры бæрæг уыдзæн, бензин ма бирæ хæры æви нал. Бирæ куы схардз кæнай, уæд мæнæ ацы болт дыууæ зылды æркæндзынæ мидæгырдæм…

Радзырдтон ын, цалдæр хатты изæрыгæтты кодтон бензин, уый. Уый худæгæй мард.

Алы изæр дæр-иу фыццаг изæры хуызæн æнæ хуын никуы уыдыстæм æхсæвгæсимæ. Ныр мæ бон у зæгъын, хуынтæ нæм кæцæй цыдысты, уый. Мæнæ мæм цы цыппар бестаркæйы фидаргонд цыдысты, уыдонæй дыууæйы хицæуттæ уыдысты мæ мадырвадæлтæ. Уым мæ мадыфсымæр нæхи хъæуæй куыста МТС-ы, æмæ мæ уый тыххæй базыдтой.

Митя куы ацыдис, уæд цыма комбайны мотор сабырдæр райдыдта кусын, афтæ мæм фæкаст, фæлæ дзæгъæл урæд нæ бакодтон, суанг изæрмæ нæ ныууагътон мæ куыст, суанг ма талынгмæ дæр куыстаин, фæлæ мæ агроном нæ бауагъта, мæнæ, дам, ацы бирæгътæ талынджы æрмæстдæр сæхи куыст кæндзысты æмæ хор сæхимæ балæууын кæндзысты, – ацамыдта мын бестаркæты хицæуттæм.

Фæлæгъстæ йын кодтон, дыууæ зылды тыххæй ма ам цы лæууын, зæгъгæ, фæлæ – ницы.

Изæрæй хъалагъуримæ бирæ фæбадтыстæм гогызы мардыл. Райсомæй иу зылд куы ‘ркодтон, уæд мын МТС-ы сæйраг агроном – бæрзонд лæг – загъта:

– Лæппу, ам куы фæуай, уæд дæ дард цæуын хъæуы, æмæ уæхимæ зæгъ.

Æз æй бафарстон:

– Змейкæмæ æви Иранмæ?

Уый мын загъта:

– Зилгæмæ.

Бафарста мæ директоры номæй, куыд мæм кастысты амы хицæуттæ, уымæй: кæм хордтай, дæ фæллад кæм уагътай. Фæстаг зылд куы кодтон, уæд загътон агрономæн:

– Фæстаг бункер мæхи у, æмæ йæ дæуæн æмæ æхсæвгæсæн кæм æркæнон, уый мын зæгъ.

Уый йæхи батылдта:

– Сыбырмæ мæ нæма фæнды.

Æз æй, хæстæгдæр мæм цы бестаркæ уыд, уым ныккодтон æмæ йын йæ хицауæн загътон:

– Иу минут дæр мæ лæууын нæ бауагътат æмæ уæ цыппары фæуæд мæ хай.

Уыдон кæрæдзимæ бакастысты æмæ ныххудтысты. Дыууæйæ мæм дзы æрбацыдысты, æмæ дзы иу афтæ куы зæгъид:

– Мах дæ зонæм.

Мæ мадыфсымæры ном мын загътой, уый, дам, ам æппæты дæр зоны æмæ нын уый радзырдта дæ хабæрттæ.

Бригадмæ бацыдтæн æмæ, бензин ныккæнон, зæгъгæ, бригадиры бафарстон. Уый мын нæ лæвæрдта, æнæ хыгъдхæссæгæй, дам дын куыд радтон. Уæд æм иу тракторист сдзырдта:

– Ратт ын дыууæ бедрайы, мæныл та æртæ ныффысдзынæ.

Уæд трактортæ куыстой фæтæгенæй. Хæсты рæстæджы цы трактортæ фæзынд, уыдон-иу скусын кодтой бензинæй, æмæ-иу фондз минуты куы акуыстой, уæд-иу райдыдтой кусын фæтæгенæй. Мæнæ ныр газæй чи кусы, уыцы машинæты хуызæн. Уыцы трактористæн афæдзы фаг уыдаиккой, фæлæ сæ мæнæн бахай кодта. Мæ фыды- фсымæр Гыдтойы загъдау, хуыздæр адæм фылдæр сты.

Ныккодтон дыууæ бедрайы бензин æмæ араст дæн нæхимæ. Ныр фæндаг зыдтон, стæй комбайны хабæрттæ дæр хуыздæр базыдтон æмæ, Зилгæйы хъæугæронмæ куы ныххæццæ дæн, уæд уым лæууыд тачанкæ дыууæ бæхы ифтыгъдæй. Рахызт дзы скъолайы æфсæддон хабæртты ахуыргæнæг Алыккаты Дзыбо. Ныр уыд колхозы сæрдар. Йæ фыццаг фарста уыд:

– Кæцы дæ?

Æз ын загътон:

– Олгинскæйæ.

Уый мын загъта, цæмæй сæ фæстæ цæуон, цæмæй ма фæдзæгъæл уон. Æз æнхъæлдтон, зæгъгæ, ацæудзæн сосайыл, нæ дуæртты, æмæ нæхимæ бауайдзынæн.

Араст дæн сæ фæстæ æмæ сæ нал æййæфтон. Стæй та моторы фæздæг-цæуæн хæтæл йе ‘мбисæй уæлæмæ фæсаст æмæ фæсте аззадтæн. Уый æрцахста радиойы телтæ, æмæ сæ иу тигъæй иннæ тигъмæ мæ фæдыл фæластон. Рагæпп кодтон æмæ хæтæл телтæй суæгъд кодтон, сæвæрдтон æй мемæ æмæ соса фæндагмæ ссыдтæн.Дзыбоиты сæййæфтон Цæлыччы къанауы сæрты хиды раз. Кæм уыдтæ, зæгъгæ мыл хъæртæ кæнын райдыдта. Нæ фæстæ цу, зæгъгæ та стырындз сты.

Колхозы куыста МТС-æй æртæ бригады: 8-æм, 9-æм, 10-æм. Ссыдыстæм 9-æм бригадмæ. Бадзырдта бригадирмæ æмæ йын загъта:

– Мæнæ дын Олгинскæйæ комбайн æмæ, цалынмæ иннæ комбайн- тæ цæуой, уæдмæ фæндæгтæ бацæттæ кæнут æппæт кълеткæты дæр. Мæнæн та загъта:

– Дæу дардæй æрбарвыстой, æмæ дæ куыстыл хорз бацархай.

Æз ын загътон:

– Мæнæй аразгæ дзы ницы у, уым мын уыд 4 бестаркæйы, ам та иу дæр нæ уынын.

Уый мын уайдзæфау куы зæгъид:

– Ам дын Олгинскæ нæу, махмæ машинæ ласы, – æмæ кæмæндæр бабар кодта:

– Ацу рæвдз æмæ машинæ ракæн.

Мæ комбайнмæ схызт мæ мадырвад. Уый уыд бригадиры æххуысгæнæг æмæ араст стæм мæнæуы хуыммæ. Рабарста, цал метры хъуыд, уыйас, æмæ, дам, райдай кусын. Æртæккæ дын уыдзæн машинæ, зæгъгæ, ацыд. Гусалты Узæир мæн хорз зыдта æмæ, ныртæккæ машинæ æрбакæндзæн, зæгъгæ, кусын райдыдтон. Бункер куы байдзаг, уæд сахатмæ æркастæн. Стæй бункеры сæрмæ схызтæн. Кæсын, æмæ комбайны фæстæ – барæг æд хъыримаг, – Пысхацъæты лæг. Æз бацин кодтон æмæ йæм йæ номæй сдзырдтон:

– Беккызæ, ацу æмæ Хъанымæт-шофыры ссар, æмæ рæвдз рацæуæнт, кæннод æй зæхмæ ауадздзынæн.

Беккызæ ма йæ иу цæстæй ныккæстытæ кодта æмæ ехс хæрдмæ фæкодта. Уый та цы у, зæгъгæ йæ афарстон.

Уый мын афтæ куы зæгъид:

– Иу гага дæр ма дзы æркал уæдæ!

Сахатмæ æркастæн æмæ, дæс минутæй фылдæр кæй фæлæууыдтæн, уый куы бамбæрстон, уæд скусын кодтон мотор æмæ ма йын иу хатт загътон:

– Æз кусынмæ æрбацыдтæн æмæ мын бадзырдмæ гæсгæ фондз минутæй фылдæр лæууæн нæй, мæ мыздæй мын æй аппардзысты, ацу æмæ Хъанымæты ссар æмæ йæ ракæн.

Уый та мæм ехсæй фертхъирæн кодта. Æз араст дæн кæрдгæ сындæггай, уымæн æмæ бункер уыд дзаг. Куыддæр Беккызæ комбайны фæстæ цæуын райдыдта, афтæ æз галиу къухæй æвдæлон кæнæн нук фегом кодтон, æмæ хъæбæрхор зæххы балæууыд. Фæтагъддæр кодтон мæ цыд, фæлæ дард нæ ацыдтæн. Беккызæ хор зæххы куы ауыдта, уæд бæхы ныцъцъыччытæ ласта æмæ мын ехсæй мæ галиу къух æрдаудта. Ехсы цæф зыдтон мæ фыдæй, гыццыл куы уыдтæн, уæдæй, фæлæ мыл уæд хæдон уыд, ныр та мыл ницы уыд мæ буарыл. Стæй йæ рыстæй нал арæхстæн комбайнмæ æмæ баурæдтон. Кæугæйæ йæм рахызтæн æмæ та йын загътон:

– Ацу æмæ Хъанымæты æрбакæн, мæн кусын хъæуы, æмæ сæ изæрмæ афтæ калдзынæн.

Сбадтæн æмæ, куыддæр араст кæнынмæ хъавыдтæн, афтæ та æрбацæйтахт мæ фæстæ, æз ын йæ бæхы мукъутæн, мотор цæмæй кусын кодтон, уыцы даргъ æфсæйнагæй иу хафт авæрдтон. Уæд бæх хæстæг нал уæндыд, æмæ йæ комбайны размæ атардта. Æз нæ урæдтон, æмæ-иу бæхы сæрæн, æфсиртæ мидæмæ цы цалх тардта, уыдонæй хафт-хафт куы райдыдтон, уæд ын бынтондæр нал куымдта тæрын. Фæсте баззадысты, æмæ фæкарстон, сихоры хæринаг мын цалынмæ æрбаластой, уæдмæ. Хæринаг æрбаласта Узæир хæринаггæнæг сылгоймагимæ. Сылгоймаг мæ фæрсы, кæй лæппу дæ, зæгъгæ. Ӕмæ йын Узæир загъта, ай Олгинскæйæ у, зæгъгæ.

Афтæ баззадтæн се ‘ппæтæн дæр олгинскæйагæй. Уыдон куы федтой хор зæххыл, уæд мæм Узæир хæцыд. Æрмæст æй уæд æрхъуыды кодтон, Митя мæм Олгинскæйы цы гæххæтт радта, уый. Уый бакастæн уыдонæн, уым та фыст уыдис цыбырæй: «МТС фервиты комбайн æд комбайнер æмæ æххуысгæнæг, колхоз та дæттынц комбайнæн иннæ хъæугæ кусджыты, хæринаг, артаг, хор æнæ къуылымпыйæ ласыны фаг. Комбайн дзагæй фондз минутæй фылдæр куы лæууа, уæд аххосджын у иваргонд», æмæ афтæ дарддæр. Сихор бахордтон æмæ изæрмæ уыцы хай фæдæн фæндæгтæ конд. Ныццыдтæн бригадмæ, æмæ уым разынд обкомæй æрвыст лæг. Уый мæм бадзырдта æмæ мæ бафарста:

– Кæцæй дæ?

Æз ын загътон:

– Олгинскæйæ.

Уый та мæ фæрсæгау акодта, дæ комбайнер Митя кæм ис, зæгъгæ.

Æз ын загътон:

– Уый вæййы фылдæр МТС-ы.

– Æмæ уæдæ ды афтæ сихортæм кусдзынæ, стæй абондæргъы дæр куы ницы бакуыстай.

Æз ын загътон, уыцы хай кæй фæдæн фæндæгтæ конд, стæй ма мæхицæн дæр мæнæ ацы тæлмытæ бакуыстон.

Уыдон дын цы сты, зæгъгæ, мæ бафарста. Æз ын загътон, Беккызæйы ехсы цæфтæ, зæгъгæ.

Уæд Узæир нæ размæ æрбахæццæ æмæ мæм дзуры:

– Цу æмæ дæ гæххæтт Рамазанмæ равдис.

Æз мæ гæххæтт радтон уымæ, æмæ йæ куы бакаст, уæд, йæ бидаркæйы цы лæг бадт, уый Дзыбойы агурæг арвыста.

Дзыбо йæхæдæг фæзынд, æмæ йæм Рамазан гæххæтт радта йæ къухæвæрдимæ. Мæнæн та загъта:

– Ды раст бакодтай, æмæ дæ кæд фæнды, уæд дын дæ къух ба- хъыгдарæджы къалатимæ арвитдзыстæм.

Уæд æм Узаир сдзырдта:

– Беккызæ тæригъæд у, сахъат у, æмæ йын æз æмæ Æхсар барæм.

Дзыбо мыл хъæртæ кæнынмæ хъавыд, фæлæ Рамазан фæраздæр ис, æмæ, дам, лæппуйы æфхæрыны бæсты рæвдз арвит бригадтæм, цæмæй иууылдæр рацæуой мæнæу æвгæнынмæ. Иу гага дæр хуымы куыннæ баззайа, афтæ. Уæхимæ куыд ацæудзынæ, зæгъгæ мæм куы сдзырдта, уæд ын Узæир загъта:

– Махмæ цæрдзæн.

Уыцы Хъанымæт плотниктимæ йæ машинæ цæттæ кодта æмæ æнхъæлмæ каст, уæдæ мæм ныртæккæ уыдзæн хабар, комбайнмæ рацу, зæгъгæ. Æмбисæхсæвмæ февгæдтой машинæты æмæ бестаркæты хор æмæ йæ хордонмæ фæластой. Иннæ хæйттæ кæрдгæйæ ницы къуылымпы уыд. Æрмæст иу райсом куы бацыдыстæм, уæд мæ бензинуат уыд дзаг бензинæй. Хыгъдхæссæджы бафарстон, æнæ мæн цæмæн ныккодтай бензин, зæгъгæ. Уый мын загъта:

– Дæ бак уæллоз æвæрд уыд, æмæ ма лæппутæ цалынмæ ам уыдысты, уæдмæ дзы ныккодтон.

Уый фæныхæстæ кодта, фæлæ мæнæн мæ комбайн, фæчыкк-фæчыкк кæнгæ, фæцыд. Иу рæстæг мæм Митя дæр фæзынд. Æмæ комбайн куы кусын кодтам, уæд мын мæ гуырысхо бензины хæрзхъæдыл бамбæрста æмæ мæ бафарста:

– Карбюратормæ бавнæлдтай, æви бензин нæ бæззы?

Æз ын загътон:

– Бак мын байдзаг кодтой æнæ мæхи. Исты хуызы йæ базон, афтæ цæмæн бакодтой, уый.

Изæры мæхи цыдæртæ кусæг скодтон комбайны æмæ æппæтимæ нæ рацыдтæн. Узæир-иу бæхуæрдонæй фæзынд, хъалагъур-иу куы ‘рбацыд, уæд. Хъалагур та дзы уыд иу зæронд лæг, æмæ уый уымæй размæ ласта артаг боцкъаты Беслæнæй бригадмæ æмæ иртæста, иттæг хорз фæтæген цы у, æмæ бензин цы у, уый дæр. Ласта-иу мах дуæртты æмæ нæм иу арæх бауад.

Куыддæр фæзынд, афтæ йæ бафарстон:

– Абон мын мæ комбайны фæтæген чи ныккодта?

Уый бахудт æмæ мын афтæ:

– Æз æй нæ уагътон, фæлæ дзы дыууæ бедрайы уæртæ уыцы боцкъайæ фæтæген ныккодта, цыппар бедрайы та бензин уæртæ уыцы боцкъайæ.

Райсомæй мæм хыгъдхæссæг бадзырдта, æмæ ныккодтон æхсæз бедрайы бензин. Уый мæм гæххæтт æрбалæвæрдта къух æвæрынмæ, æмæ æз æхсæз ахахх кодтон, йæ бæсты йын ныффыстон цыппар. Уый мыл схъæр кодта. Æз ын загътон:

– Знон хицау ам уыд æмæ мын мæ бензинæй йемæ аласта МТС-мæ, æмæ, дам, æмбис бензин уыд, æмбис та – фæтæген. Абон æрбацæудзысты, æмæ дæм уæд бæрæг уыдзæн, мæгуыр трактористы куыд сайын хъæуы, уый, стæй мотортæн цы зиантæ хæссыс, уый дæр.

Хорзау нал фæцис. Æцæгæйдæр уыцы бон æрцыдысты дыууæ сылгоймаджы æмæ алы боцкъайæ дæр ахастой фæйнæ гыццылы. Узæир мын изæры сусæгæй бамбарын кодта, знон, дам, демæ МТС-æй цы механик ныхæстæ кодта, уый, дам сæ æрæрвыста. Дæ зонгæ у уыцы лæг, зæгъгæ мæ бафарста. Æз ын загътон, уый у комбайнерыл нымад, зæгъгæ.

– Уæд ма йын зæгъ, æмæ дын æртæ цырагъы æрхæсса, æз дын рухс скæндзынæн, æмæ фылдæр кусдзынæ.

Уыцы бон мæ бабæрæг кодта МТС- ы парторг æмæ мæ фарста æппæты разæй мæ къухæй, стæй хæринагæй æмæ, дам, дæм амы кусджытæ цы цæстæй кæсынц. Разыйæ ацыд. Уымæн загътон:

– Мæнæ ма мын сæ бригадиры æххуысгæнæг цырæгътæ дæр сæвæрид, фылдæр, дам, кусдзынæ, зæгъгæ, æмæ Митяйæн куы зæгъис, уæд мын æртæ фарæйы куы ‘рласид, уæд иттæг хорз уаид.

Иннæ бон Митя æртæ фарæимæ æмæ телтимæ, кънопкæтæ семæ, афтæмæй æрбалæууыд. Митя æмæ Узæир комбайныл иу разæй, иннæтæ фæсте бакодтой. Æртыккагыл бирæ фæцархайдтой, фæлæ йæ уæддæр сæвæрдтой бункеры фарсыл, алырдæм ын зилæн куыд уыдаид, афтæ.

Уыцы бон кæрдынмæ хъавыдтæн æрдæгталынгтæм, фæлæ хъалагъурты хицау фæзынд, æмæ, дам, талынгæй машинæ фæндагыл ацафтид кæндзысты, æмæ бауром. Беккызæйы тыххæй та, дам дын бузныг, къалатийы йæ кæй не сбадын кодтай.

– Фæлæ Узæиры та цæмæй зоныс?

– Нæ йæ зонын, фæлæ мæ сæхимæ цæрынмæ акодта.

Мæ цин фарæты тыххæй фæдзæгъæл. Фæндæгтæ конд куы фæдæн, уæд мæм Митя æрцыд æмæ мын загъта:

– Комбайнмæ базил æмæ дæ фæллад суадз иу-дыууæ боны. Уæдмæ колхозмæ æрбацæудзысты иннæ комбайнтæ иууылдæр, æмæ семæ кусдзынæ.

Афтæ, дам мын загъта директор.

Æз базылдтæн комбайнмæ æмæ бригадирæн загътон:

– Мæнæ ма мæ ацы ног дизелыл ахсæв хуым кæнынмæ ауадз.

Уый уыд ног трактор, æмæ йæ радтой мæ мадыфсымæрæн, хистæр кæй уыди, уый тыххæй. Куы йæм базылдысты, уæд æй кусын кæнын райдыдта Узæир, æмæ йæ бæндæн цы цалхыл стыхтой йæ æрзылын кæныны тыххæй, уый куы стырындз, уæд йæ сæмæнæй атахт æмæ, иуцасдæр дардгомау цы хъæдæй конд вагон лæууыд, уымæн йæ иу фарсы куы батахт æмæ иннæ фарсæй куы атахт, уæд ма зæххы абырыд иу метр æмæ æрдæг. Уæдæй абонмæ йæм хæстæг ничиуал бацыд. Уыцы вагоны та хуыссыдысты гуымецæгтæ-трактористтæ, æхсæвы чи куыста, уыдон. Узæир мын загъта:

– Ацу уæхимæ æмæ дæ фæллад суадз, комбайнмæ æз фæкæсдзынæн.

Æртæ боны фæдæн нæхимæ, уæдмæ комбайнтæ æрæмбырд сты иууылдæр иннæ бригады, æмæ æз дæр уырдæм ацыдтæн. Æртæ дихы сæ акодтой, æмæ, дам, къордгай кусдзыстут, мæнæ, дам уын фæйнæ хæдтулгæ комбайны.

Мах уыдыстæм астæй æмæ карстам фæндаджы уæле, ам æй хуыдтой Мæхъхъæлы раз, ома, Мæхъхъæлы зæххытæ уыдысты нæ фарсмæ. Уæд мæхъхъæл ам нæма уыдысты, Дæллагхъæуы цардысты таулинтæ-гуымецæгтæ, ома дагестайнæгтæ. Æз кодтон фæндæгтæ, мæ фæстæ та авд комбайны кæрдгæ цыдысты. Афтæ бакуыстам авд-аст боны, æмæ ма æрмæстдæр Цæлыччы сæрмæ баззад иу хай. Уырдæм иууылдæр æрæмбырд стæм æмæ архайдтам йæ бафснайыныл суанг изæрмæ.

Дзыбо, колхозы сæрдар, нæ фарсмæ цы æхсынæны зæхх уыд, уым тигъыл дынджыр тъæпæн ныссыгъдæг кæнын кодта. Æмæ дзы сарæзта стъæлттæ. Цалдæр дынджыр аджы æрбаласта, суг, стæй, стыр куывдæн цыдæриддæр хъуыд, уыдон. Æрбаласын сын кодта фондзæй фылдæр балæттæ. Сæ бæрзæнд уыд метр æмæ æрдæг, æмæ сæ сæвæрдтой хæрдмæ хъилæй, се дзаг – Дзанафийы арахъхъæй. Комбайнертæ, уыдæттæ уынгæйæ, фæстиæттæ кæнын райдыдтой. Куы иуæн асæтты, куы – иннæмæн, æмæ та уырдæм фæраст фæййынц. Фæстагмæ ма дзы æз уырыссаг Тамуимæ баззадтæн. Уырыссаг баурæдта æмæ мын афтæ:

– Ды ацу уæртæ уырдæм, æз æй фæуыдзынæн карст.

Фæзылдтон комбайн æмæ фæцæуын. Фæстæмæ акастæн, æмæ уый дæр мæ фæстæ цæуы. Бæргæ æрлæууыдтæн, фæлæ мæм уый йæ къух батылдта. Сæвæрдтон комбайн кæронæй æмæ мæхи æхсынмæ бацыдтæн. Узæир мæ размæ фæцис æмæ мын куы зæгъид:

– Дæ фыд баддзæн хистæрæн, стæй хицауад дæр ам сты. Æмæ мæ газетæй къамисджытæм æмæ Митямæ арвыстой. Цæмæн сæ хъæуы, нæ зонын, фæлæ, дам сын афтæ зæгъ: «Фæссихор ацыд…»

Уыцы рæстæг, кæм карстам, уырдыгæй æрбацыд рог машинæ. Æмæ дзы цы лæгтæ рахызт, уыдонæй иу бацыд Рамазанмæ, обкомæй æрвыст лæгмæ, æмæ йын уырыссагау куы зæгъид:

– Цы бакуыстай, Сыбырмæ дæ æрфæндыд, цæмæн фехъусын кодтай, хортæ æфснайд фестæм, зæгъгæ? Уæртæ ма акæс уыцы æнæкарст быдырмæ, уæ агтæ дзæгъæлы æвæрд фесты.

Рамазан бадзырдта Дзыбомæ, æмæ, дам, цы бакæнон.

Уæд МТС-ы директор уырыссаг комбайнермæ бадзырдта æмæ йын цыдæртæ фæдзырдта. Уый йæ къухтæ тилын байдыдта, талынджы, дам æй куыд ныккæрдон, зæгъгæ?

Уалынмæ Митя дæр æрхæццæ директоры машинæйæ, æмæ йæ директор бакодта, газетæй чи уыд, уыдонмæ.Уыдон Митяйыл æрæмбырд сты, æмæ сæ Митя акодта комбайны размæ. Уым къамтæ истой. Уæдмæ комбайны размæ бацыдысты директор æмæ Рамазан. Директор бункеры сæрмæ фарæ куы федта, уæд мæм бадзырдта:

– Лæппу, ай худинаг куы кæнæм, уæд куыд ницы дзурыс. Æви дæ ныфс нæ хæссыс?

– Цæмæ? – бафарстон æз.

Уæд Рамазан фæразæй, æмæ, дам дын дыууæ зылды йедтæмæ куынæ у уыцы гæбаз. Уыцы ныхæстæ Рамазан нæма фæцис, афтæ Узæир комбайн скусын кодта æмæ мæм æрбацыд ахæм ныхæстимæ:

– Мæнæ къамисджытæ афтæ зæгъынц, фенын, дам ма нын кæнут, хъæмп æмбырдгæнæны æнæ адæймагæй куыд амайут. Æмæ дзы мæкъуылтæ куыд уайы.

Митя дæр мæм æрбацыд, æмæ, дам, комбайн хуыммæ ракæн, йæ къам, дам ын исынц.

Мемæ сбадт Узæир, æмæ атардтон комбайн хуыммæ. Цалынмæ дыууæ мæкъуылы æппæрстон хъæмп, уæдмæ цыдысты мæ фæстæ æмæ къамтæ истой. Узæиримæ ма дыууæ зылды æркодтам, бацыдыстæм нæ бынатмæ, æмæ уæд райдыдта куывд. Цалынмæ мæ къухтæ æмæ мæхи æхсадтон, уæдмæ цалдæр сидты фæкодтой, фæлæ, зæгъын, мæ фыды фарсмæ фынгыл куыд æрбадон, зæгъгæ, фæстиаттæ кодтон.

Уалынмæ мæм комбайнмæ Узæир æрбацыд æмæ, дам, директор афтæ зæгъы, цæмæй скусын кæнон комбайн æмæ фарæты рухс фынгтæм саразон. Æз ын загътон:

– Комбайн скусын кæндзынæн, фарæтæ та ды сараз.

Афтæ бакодтам, стæй мын Узæир афтæ, директор, дам дæм дзуры.

Куыд æмбæлы, афтæ хистæрты раз æрлæууыдтæн æмæ мæм Рамазан агуывзæ дзагæй радта, æмæ сын цы загътаин. Бануазтон æй æмæ йæ дзагæй фæстæмæ раттынмæ хъавыдтæн Рамазанмæ, фæлæ мын уый амоны мæ фыдмæ, уый, дам, хистæр у, зæгъгæ. Æз, цæмæй дзы мæ маст сисон, уый тыххæй агуывзæ мæ къухы, афтæмæй Рамазанæн загътон:

– Нуазæн чи авæры, уымæ дæтгæ у фæстæмæ дæр.

Узæир ын йæ хъусы цыдæртæ адзырдта, æмæ мын уæд загъта, Узæирмæ ацамонгæйæ:

– Мæнæ дын уый дæлæ бынат скодта, æмæ уым æрбад, мах дæуырдæм нæ кæсæм.

Бадт ахаста æмбисæхсæвмæ, æмæ бирæтæ быдыры бахсæвиуат кодтой. Мах Узæиримæ комбайн акодтам æмæ уырдыгæй нæхимæ ацыдыстæм. Райсомæй нæхицæй ацыдтæн хъæуысæрты бригадмæ æмæ ракодтон комбайн. Хъæуы астæуты мæзджыты цурты ссыдтæн доны былмæ æмæ комбайн ныссыгъдæг кодтон, æдде та йæ доны парахатæй фехсадтон. Скодтон æй МТС-мæ æмæ йæ Митяимæ, цы лæгтæ уыд, уыдоны раз сæвæрдтон, кæм мын бацамыдтой, уым æмæ ма йæм базылдтæн, Митя мын куыд амыдта, афтæ. Стæй мын мæ къух цыдæр гæххæтты сæвæрын кодтой.

Митя мын загъта:

– Æхсар, быдыры къамтæ нæ рауадысты æмæ, мыййаг, газетæй фæстæмæ куы æрцæуой, уæд дæ ссардзысты æмæ-иу ма фæзивæг кæн, куыд дын дзурой, афтæ-иу бакæн, уый у директоры фæдзæхст. Директор дæ у тынг разы, æмæ дæ мызд, куыд комбайнер, афтæ райсдзынæ. Исты æххуысс дæ куы хъæуа, уæд æз ам дæн.

Уæд æз ахъуыды кодтон, уыцы дизел мын цæуылнæ дæтты бригадир, зæгъгæ. Митяйæн мæ хъуыдытæ загътон, фæлæ мын ницы зæрдæ бавæрдта. Нæхимæ æрцыдтæн æмæ æнæ кусгæйæ бадтæн. Таму та цыд МТС-мæ алы бон дæр, нæ комбайн, дам, цалцæг кæнæм, зæгъгæ.

Уæд иу райсом дуармæ бадын, æмæ фæндагыл æрцæйцыд МТС-ы машинæ. Мæ комкоммæ æрлæууыд, æмæ дзы Пупу рахызт. Уый мын æвиппайды куы фæкæнид:

– Дæ кой куы айхъуысын кодтай, уæд æнцад цы бадыс, цом-ма æмæ, Митяйæн цавæр дизелы кой кодтай, уый мын фенын кæн.

Аласта мæ Бебейы бригадмæ æмæ, трактор куы федта, уæд Узæиры æфхæрын райдыдта, уал мæйы, дам, ахæм трактор æнæ кусгæйæ цæмæн лæууы. Узæир радзырдта тракторы хабæрттæ, æмæ уæд Пупу бригадмæ бадзырдта æмæ сын загъта:

– Ацы трактор уал мæйы фæлæууыд, æмæ уын æгъгъæд фæуæд, мæнæ йæ уымæ раттут, уымæн æмæ уый ахуыр кодта мах хардзæй. Мæнмæ раздæхт æмæ мæ бафарста:

– Дæ ныфс æм хæссыс, уæд абон райдай кусын.

Æз ын загътон:

– Абон куыд райдайон кусын, трактор куы нæ срæвдз кæнон, уæд?! Изæрмæ йæм базилдзыстæм Узæиримæ æмæ райсом кусæн дзаумæтты рацæудзынæн кусынмæ.

Пупу ацыд, æмæ мах Узæиримæ уыцы цалх – скиф æй хуыдтой – бафидар кодтам. Узæир мын трактор цалдæр хатты скусын кодта æмæ мæ уæд нæхимæ ауагъта. Изæры Тамуйæн радзырдтон, трактор мын радтой, зæгъгæ. Иннæ бон ацыдтæн колхозы кæртмæ хъæуы астæумæ æмæ уырдыгæй та – бригадмæ. Бригадир мæсты кодта æмæ мын ссардта куыст. Хосæн дзы уыд кæрдинаг кæрдæг экспарцет, зæгъгæ, æмæ, дам, уырдæм ацу кæрдынмæ. Æз ын загътон:

– Дизел машинæ хос нæ фæкæрды, фæлæ хуым фæкæны, хос та фæкæрды хосгæрдæн машинæ.

Уый мын ацамыдта, иуварс цы хосгæрдæн машинæ лæууыд, уымæ. Уый та уыд, дыууæ бæхы кæй ластой, ахæм дзаума. Тракторы фæстæ мын æй бабæттын кодта æмæ мæ арвыста кæрдынмæ. Æз ын, уыцы дзаумайыл цы бандон уыд, уымæ ацамыдтон æмæ йæ бафарстон:

– Уым та чи сбаддзæн?

Уый мын Дзарасаты Батырмæ ацамыдта, уый дын уыдзæн æмбал, зæгъгæ.

Батыр та уыд зындгонд хæстон сгарæг. Йæ бæрзæнд уыди дыууæ метры æмæ дыууын æхсæз сантиметры. Сбадын æй кодтон йæ бынаты, æмæ, йæ къæхтæ цы фæкодтаид, уый нæ уыд. Ацыдыстæм, æмæ, хуымы куы бараст стæм, уæд æз фыццаг хатт цыдтæн æмæ сабырæй ауагътон трактор. Трактор уыд 56 бæхы тыхон, æз та ластон дыууæбæхон тыхы хосгæрдæн. Ууыл хъуыды кæнгæйæ, чысыл фæтагъддæр кодтон æмæ, иугыццыл куы ауадтæн, уæд кæсын, æмæ хосгæрдæн мæ фарсмæ цæуын райдыдта. Баурæдтон æмæ ме ‘мбалы ауыдтон дард бригадмæ фæндагыл. Хосгæрдæн разæй айдзаг кæрдæгæй, кæрдæг- схойæг куынæ уыд, уæд æмæ мæ фарсмæ ныззул, афтæмæй баурæдтон. Ссыгъдæг кодтон кæрдæгæй хосгæрдæн æмæ бригадмæ ацыдтæн. Бригадир мын алывыд акалдта, æмбисонды фидистæ мын фæкодта, ды, дам, гыццылæй нырмæ дæхицæй цыдæр аразыс, фæлæ дын дзы ницы рауайдзæн. Бадзырдта хыгъдхæссæгмæ æмæ, дам, трактор фæлæууыд, зæгъгæ, ныффысс. Уый мæм нырма фæтæгены тыххæй мæсты уыд, æмæ мыл цытæ ныффыста, уый чи зоны, фæлæ гæххæтты бын æз къух нæ сæвæрдтон. Бригадир се ‘ппæтмæ дæр бадзырта æмæ сын сæ къухтæ æрæвæрын кодта, Æхсар, дам, дæс сахатыл трактор ныууагъта, зæгъгæ. Стæй уый фæстæ мæйы æрдæджы мызд куы лæвæрдтой, уæд фыст дæр нæ уыдтæн гæххæттыты, дæ куыстытæ, дам, ивары фаг дæр нæ уыдысты, зæгъгæ.

Уыцы изæр æрбадтæн æмæ газет «Социалистическая Осетия»-мæ ныффыстон мæ хабæрттæ. Рацыд фельетоны хуызы. Бригадир хæдзаргай зылд æмæ æртхъирæн кодта, газетмæ йыл чи ныффыста, уымæн йæ хæдзар басудздзæн, зæгъгæ. Кæмæ-иу бацыд, уыдон-иу дисæй мардысты.

МТС-æй æрцыдысты директор, парторг, Пупу, Митя æмæ бирæ чидæртæ æмæ се ‘ппæты дæр фарстой, уæ къухтæ цæуыл æвæрдтат, зæгъгæ. Чи цы загътаид? Æрмæстдæр мæ мадыфсымæр, зæронд хæстон тракторист, загъта:

– Бригадир нын загъта: «Ацы гæххæтты къух чи нæ сæвæра, уый-иу райсомæй фæстæмæ куыстмæ мауал рацæуæд». Узæир та сын загъта:

– Хосгæрдæн у дыууæ бæхæн æмæ трактор афтæ сабыргай куыд хъуамæ куса, йæ фæтæгены хардзы фаг дæр нæ уыдзæн йæ куыст.

Уыцы бон мын радта гутон æмæ иу æрыгон лæппуйы. Æрыгон та йæ уымæн хонын, æмæ йын нывыл куыст нæ лæвæрдтой, бригадир æй рарвит-барвит кодта, æнæуи та уыд ме ‘мгар. Изæрæй сцæттæ стæм, æмæ мæм Узæир уæрдонæй рахызт æмæ мын бацамыдта:

– Æз дын ныртæккæ равдисдзынæн, хуым кæнын кæцæй райдайдзынæ, уый, æцæг дзы ис хæрдтæ, æмæ уым трактор куынæ фæраза æмæ дын куы ахуысса, уæд-иу дæлæ къанауы цур хæдзармæ бацæут æмæ-иу уым æхсæвиуат бакæнут. Райсомраджы уын æй æз скусын кæндзынæн. Уый ацыд, æмæ мах афардæг стæм уæлæрдæм. Дзыхъмæ куы бахæццæ стæм, уæд дур мæ разæй фæцис, æмæ фæтарстæн, кæд ме ‘мбал, мыййаг, гутоны бын фæцис, зæгъгæ. Уый йæ бынатæй рагæпп кодта æмæ мæм худгæ æрбацыд.

– Ӕхсар, цалынмæ рухс у, уæдмæ мын мотор кусын кæнын бацамон, æмæ дæ-иу æхсæв аивдзынæн.

Ӕз ыл нæ фæдис кодтон æмæ мотор ахуыссын кодтон. Чермены- хъæуы мæ куыд ахуыр кодтой, афтæ мотор скусын кодтон. Уæд æй уыцы лæппу ахуыссын кодта. Стæй йæ скусын кодта æмæ та йæ ахуыссын кодта. Мах не ‘рхъуыды кодтам, Узаир нæ цуры куыд февзæрд йæ хидкалгæ бæхимæ. Уый æрдæгфæндагæй раздæхт, трактор ахуыссыд, уый куы фехъуыста, уæд. Хабар куы бамбæрста, уæд æй ме ‘мбалæн скусын кодта æмæ нын загъта:

– Кусут, æз дæр æнæмæтæй фынæй кæндзынæн.

Райсомæй бригадмæ куы ‘рбацыдыстæм, уæд ме ‘мбал тардта трактор, æмæ уый бригадир федта. Трактор та батардта боцкъаты цурмæ, æмæ йæм бригадир хыл кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын уый афтæ:

– Бебе, мах артаг æркæндзыстæм æмæ фæстæмæ цæуæм.

Хыгъдхæссæгимæ артаг ныккодтой æмæ та, иууылдæр æй куыд феной, афтæ скусын кодта трактор æмæ йæ иуварс атардта. Бацыд хæринаггæнæг сылгоймагмæ æмæ дзы, дзулы æрдæг æви кæрдзын уыд, нал æй хъуыды кæнын, ракуырдта, стæй цалдæр джитърийы, æмæ ацыдыстæм нæ куыстмæ, уый трактор тардта, афтæмæй.

Бон-изæрмæ бакуыста æмæ, нæхимæ цæуæм, зæгъгæ, бригадирæн куы бамбарын кодта, уæд уый йæхи сцагъта, æмæ, дам, уæдæ хъæстмæ куы ацыдтæ, трактор мын нæ дæттынц, зæгъгæ.

– Ацæут æмæ кусут, кæннод ивар фиддзынæ, æхсæв трактор куы фæлæууа, уæд.

Акт ныл скæндзæн, зæгъгæ, ме ‘мбал сразы æхсæвыгон кусыныл. Трактортæ куыстой æнæрлæугæйæ, æмæ сын уыд дыгай трактористтæ. Куыстой суткæгай, райсомæй-иу кæрæдзи аивтой. Бригады уыд уæгъд цалдæр трактористы, фæлæ дзы æз ног трактор никæмæн уæндыдтæн дæттын. Иу ме ‘мгар мын дзы лæгъстæ кодта, демæ мæ бауадз, зæгъгæ, кусынмæ. Цалдæр боны ма бакуыстон уыцы лæппуимæ, фæлæ бригадир райсомæй бадзырдта трактористмæ æмæ йын загъта:

– Амæй изæрмæ Æхсаримæ бакус, æмæ дыл кæд трактор баууæнда, уæд- иу æй аивдзынæ.

Иннæ лæппуйы та сæхимæ арвыста, дæ фæллад сауадз, зæгъгæ. Ӕз мæ ног æмбалимæ, Борик æй хуыдтой, Дзгойтæй, ацыдтæн хуым кæнынмæ. Фылдæр уый скъæрдта тракторы – афтæ иу суткæ бакуыстам. Бригадир мын уæд радта æххуысгæнæгæй харинаггæнæджы лæппуйы, мæнæй иу аз кæстæр чи уыд, ахæмы. Йæ фæзылдтытæ уыдысты бирæ цауддæр иннæ лæппуйæ, фæлæ, дам, йæ мады æхца хъæуы, æмæ афтæ бакодта бригадир. Уыцы бон райдыдтам хуым кæнын, бригады раз цы зæхх ис, уый. Куы æризæр ис, æмæ бригады æхсæвгæс йедтæмæ куы ничиуал уыдис, уæд ме ‘мбалмæ бадзырдтон æмæ йын загътон, моторы дон фаг нæй, зæгъгæ. Бедра йæм радтон, дæлæ къанауæй дон схæсс, зæгъгæ. Ацыдис æнæсдзургæйæ æмæ, цалынмæ зылдтæн, уæдмæ не схæццæ, къанау уыд иу километр æмæ æрдæг дарддæр. Ныккæн æй дæхæдæг, зæгъгæ йын загътон. Иуæй, дымгæ кодта, иннæмæй та, трактор, кусгæйæ, кодта змæлгæ. Донæн йæ фылдæр иуварс акалд, æмæ йæ уый æмбаргæ дæр на бакодта. Райсомæй куы бацыдыстæм бригадмæ, уæд се ‘ппæтæй раздæр бригадир мæнæн мæ пырх акалдта, цæмæн, дам æй арвыстай Цæлыччы къанаумæ, мæнæ доны боцкъа дзаг куы у, уæд. Ницы йæм сдзырдтон, фæлæ та изæры æрвыст æрцыд, æмæ та куы схаста дон, уæд та йæ ныккодта йæхæдæг. Ӕз донмæ ныккастæн, фаг нæу, зæгъгæ йæ арвыстон ногæй. Ӕрзылдтæн та иу зылд, æмæ уæд афоныл схæццæ, æмæ æз къæрта мæхæдæг систон æмæ йын загътон:

– Мæнæ кæс, дон куыд кæнгæ у, уымæ.

Ӕз къæртайы бын сарæзтон, дымга кæцæй кодта, уыцырдæм, æмæ ма дзы уæлдай дæр баззад. Стæй йæ бафарстон, цæмæн мæ, зæгъын, сардыдтай дæ мадыл, фæлæ мæм ницы сдзырдта.

Афтæ йын кодтон фондз цыды онг, стæй йæ мадæн ницыуал загъта, æмæ мæ бригадир дæр нал хъыгдардта. Уалынмæ ме ‘мбал тракторис- ты акодтой æфсадмæ. Уый куыста йæ кæстæр æфсымæримæ, æмæ мын бригадир бамбарын кодта, чи, дам дæ хъæуы Бориккы бæсты. Ӕз ын загътон:

– Борик 5 – 10 боны фæстæ йæхæдæг ам уыдзæн æмæ йæхæдæг кусдзæн. Мæнæ мын йе ‘фсымæры мемæ уадз, æмæ бафæраздзыстæм уал боны.

Сразы ис мæ фæндоныл. Авд боны фæстæ Борик дæр фæзынд, хуыздзыд салдаты дзаумæтты. Цæмæн ссыдтæ, зæгъгæ йæ иууылдæр фарстой, фæлæ сын дзуапп нæ лæвæрдта. Ӕз æй куы бафарстон, уæд мын сусæгæй куы зæгъид:

– Сеносоломæ мæ хуыдтой.

Ӕз ын афтæ зæгъын:

– Ды йæ зоныс, цы амоны сеносоломæ, уый?

Уый, зæгъын, галиумæ-рахизмæ нæ иртæстай кæрæдзийæ. Иу ныхасæй, райдыдтам кусын. Ме ‘мбал уыд мæнæй иу аз хистæр, домбай лæппу, хорз кусæг, æмæ мæнæн уыд æнцон.

Быдырон куыстытæ фесты, æмæ, цалцæг кæнын цы техникæ хъуыд, уыдон иууылдæр МТС-ы кæртмæ æрæмбырд кодтой. Мæнæн уыд ног трактор, æмæ йæ цалцæг кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ, куы загътон, уæд мыл худæгæй амардысты. Акодтам трактор МТС-мæ, æмæ йын уым йæ мотор систой æмæ йæ цалцæггæнæн цехы смидæг кодтой. Пупу уыд механик, æмæ йын куы загътон, ног мотор халын ма бауадз, зæгъгæ, уæд мын загъта:

– Уый у бригадир æмæ дзуапп дæтты алцæмæн дæр. Ныр æм куынæ базилæм, уæд сæрды исты куы кæна, уæд уый дæтдзæн дзуапп.

Аивтой йын йæ сæйрагдæр хай. Хай та уыд, фæтæгенæй цы трактор куыста, НАТИ йæ хуыдтой, уымæй. Сæ сæйрагдæр миниуджытæй кæрæдзимæ уыдысты дард. Афтæмæй трактор цæттæйыл банымадтой. Акт конд ыл æрцыд, æмæ дзы къух мæ бæсты Борик сæвæрдта. Ӕз ныффыстон газет «Социалистическая Осетия»-мæ. Раззаг хатт сæм хосгæрдæны тыххæй куы ныффыстон, уæд мæм дзуапп дæр æрæрвыстой, ома, дам, мах ахæм æрмæджытæ æхсызгонæй фæхъæуынц.

Рацыд æрмæг газеты, æмæ мæ хицауад бакъуымы кодтой, кæмæн, дам, радзырдтай афтæ лæмбынæг дæ хабæрттæ, зæгъгæ. Куынæ йæ зæгъай, уæд, дам, кæндзыстæм æмбырд, æмæ уым дæтдзынæ дзуапп.

– Ӕмбырд куы саразат, уæд æцæгæйдæр радзурдзынæн корреспондентæн хабæрттæ.

Узæир мын уый фæстæ фæлæгъстæ кодта, директоры, дам, уæле æфхæргæ кæнынц, зæгъгæ. Ӕз мæхи ныхъхъус кодтон æмæ иу бон мæхи куыстæй ракуырдтон. Ссыдтæн военкоматмæ æмæ сын загътон:

– Ме ‘мгæрттæ иууылдæр æфсадмæ ацыдысты, æмæ мæн цæуылнæ кæнут?!

Уым мын иу хистæр лейтенант загъта:

– Училищейæ куы ссыдтæ, уæд ма дæ цавæр æфсад хъæуы?

Военком Карпенкомæ бацыдтæн æмæ йын мæ хабар бамбарын кодтон, кæд мæ училищейы æртæ мæйы ахуыртæ нымайут службæйыл, уæд мын билет раттут. Уый бадзырдта хистæр лейтенантмæ æмæ йын загъта:

– Фыццаг къамис куыддæр уа, афтæ йæм фæдзурдзынæ.

Зымæджы ма сæм цалдæр цыды скодтон, фæлæ никуы æмæ ницы.

Уалдзыгон куыстытæ райдыдтой рагацау. Раздæр анаули ластам похцитæй, стæй уæдмæ хъæуысæр нартхоры зæххытæ куы суæгъд сты, уæд бавнæлдтам хуым кæнынмæ. Фæззæджы куыд бирæ æнтыст, афтæ ныр нал цыд нæ хъуыддаг. Борик ма-иу йæ фыр зыдæй, фылдæр соляркæ цæмæй цæуа, уый тыххæй бавнæлдта цъирæнтæм æмæ-иу райсомæй тракторы фæздæгдзæуæн сыгæй сатæгсау уыд. Хæцыдтæн-иу æм уый тыххæй, мотор хæлгæ кæны афтæмæй, зæгъгæ.

Иуизæр ацыдтæн къуыбыртæм. Уым-иу бадтыстæм сыхаг лæппутимæ æмæ-иу кæрæдзийæн нæ хабæрттæ кодтам. Хæлиу кæнынмæ куы хъавыдыстæм, уæд мæм лæппутæй иу дзуры:

– Ӕхсар, Лæгойы тракторы хъæр куынæуал хъуысы.

Лæгой хуыдтой ме ‘мбал Бориккы, дыгурон хæрæфырт кæй уыд, уый тыххæй. Сабыргай цыдыстæм нæхи размæ, æмæ уæдмæ Борик æмæ йе ‘фсымæр мæ разы æрлæууыдысты. Ӕз сæ æвиппайды афарстон:

– Сæмæн асаст?

Цавæр сæмæн, зæгъгæ мæ Борик афарста.

Ӕз ын загътон:

– Моторы.

Ӕртæйæ дæр ссыдыстæм тракторы размæ. Скусын æй кодтон, æмæ сабыргай араст уон, зæгъгæ, ацархайдтон, фæлæ размæ нæ цыд. Иучысыл-иу азмæлыд, фæлæ цæугæ нæ кодта. Гутон суагътам, æмæ уæд сабыргай ацыд размæ, фæлæ-иу, разилон, зæгъгæ, уæд та-иу æрлæууыд. Иу дзырдæй, æрбарухс, уæдмæ тыхтæ-фыдтæй стардтон трактор бригадмæ. Бебе уайтагъд схæццæ тракторы хъæрмæ æмæ уым мæн куы ауыдта, уæд мæ афарста:

– Ды та ацафон ам цы агурыс?

Ӕз ын загътон:

– Ӕри дæ къух, дæ саман асаст.

Уый нæ бауырныдта, фæлæ, Узæир куы ‘рбацыд, уæд æй уый уайтагъддæр базыдта.

Мæн бафарста:

– Ӕцæг? Кæцы ран асаст?

Ӕз ын загътон:

– Йæ фæстаг кæрон.

Уый бахудт, æмæ, дам, афтæ у æцæгæйдæр, кæннод, дам æй ардæм не ‘рбакодтаиккам.

Бебейæн загътон:

– Пупумæ адзурут æмæ æрцæуа.

Уый Узæирæн загъта, æмæ уый рацийæ адзырдта МТС-мæ, æмæ йын Пупу загъта:

– Ӕнæ къамис мацæмæ бавналут, мотормæ дæр.

Уыцы бон дæр, дыккаг бон дæр нæ уыд къамис. Ӕртыккаг бон æрцыдысты дыууæ лæджы æмæ иу сылгоймаг. Пупу дæр уæдмæ æрцыд. Уыцы дыууæ лæгæй иу уыд, Чермены училищейы мын директор чи уыдис, уый. Уый мæм, Меликов, ам дæр та куы змæнтыс, зæгъгæ, фæкодта.

Узæир ын загъта, Мелыкатæй, дам, нæу, зæгъгæ. Уæд та мæ уый афарста:

– Ӕмæ кæм ис Меликов та?

Ӕз ын загътон:

– Ӕфсады.

Ӕмæ, дам æй ахуыры фæстæ æртæ азы кусын куы хъуыд, уæд æй æфсадмæ куыд акодтой? Цæй, уый хорз, фæлæ ам та цы ми бакодтай, мотор та фехæлдтай? Ӕз ын уæд Бебемæ ацамыдтон, уый уыдис, зæгъгæ.

– Куыд?

Ӕмæ йын æй æз бамбарын кодтон, куыд уыд, уый.

Уæд уый Пупуйæн афтæ зæгъы:

– Ды йæ нæ зыдтай, дизел моторыл НАТИ-йы сæмæн æвæрæн кæй нæй, уый? Ныр æй ацы лæппуйы аххос кæнынмæ хъавут?

Йе ‘мбалæн цыдæртæ уырыссагау адзырдта, æмæ Борик раппæрста зети-маслæйы фæрсудзæнтæ. Сылгоймаг сæ лæмбынæг фæиртæста, зетимæ дæр сысмыстытæ кодта. Маслæйы бæрц дæр сбарста æмæ цыдæртæ бирæ фæфыста. Фæстагмæ Пупуйæн загъта:

– Мотор аласут цехмæ æмæ йæ сцалцæг кæнут. Цал боны фæлæууа трактор, уал боны хыгъд та мæнæ ацы чызг ныууадздзæн къанторы. Мæнæн та загъта:

– Дæу бафхæрын мæ тынг фæндыд, фæлæ дæ æгæр хорз кæй сахуыр кодтой нæ ахуыргæнджытæ, уый тыххæй дын хатыр уæд дæ миты тыххæй.

Ӕз æнхъæл уыдтæн, æмæ уый у ардауæг. Ууыл ацыдысты. Уыцы бон мотор аластой æмæ йæ дыккаг бон фæссихор æрбаластой. Узæир æмæ йæ Бебе сæвæрдтой тракторыл, æмæ йæ Узæир скусын кодта. Борикæн асастис, æмæ, зæгъын, ды ахсæв ацу дæ хай хуым кæнынмæ. Ӕцæг мауал бавнал артаг цъирæнмæ. Мотор куыста сыгъдæг, ногæй куыд куыста, афтæ. Ӕз уыцы рæстæг ахуыр кодтон педагогон институты географион факультеты мæ ахуыргæнджытæй иуы фæндонмæ гæсгæ. Акодта мæ, ды, дам, гыццылæй дæр картæтæ махæй хуыздæр зыдтай, æмæ уыцы факультетмæ бацу, зæгъгæ. Йæхæдæг та историкон факультетмæ бацыд. Уыйадыл мæм иубон ссыд, æмæ, дам нæ иннæбон цæуын хъæуы институтмæ æмбырдмæ.

Уыцы бон, Бебейы бафæрсгæйæ, Борик бакуыста мæ бæсты. Бакуыста уæлæнгай куыстытæ. Ӕхца исынмæ куы бацыдтæн, уæд мæ мызд разынд дыууæ хатты къаддæр. Цы хабар у, афтæ цæмæн у, зæгъгæ, ссыдтæн МТС-мæ. Уым мын бамбарын кодтой, мæнæ, дам колхозæн сайæн куыст бакодтай, æмæ дыл ивары гæххæтт ссыд. Фенын мын æй кодтой гæххæтт, æмæ йæ саразæг уыд мæ фыд – колхозы полеводæй куыста. Цы боны конд уыд ивар, уый рафыстон, æмæ уыцы бон æз нæ куыстон, уымæн æмæ уыдтæн институты. Борик та бирæ æхца адæргæй цъирæнмæ нал бавнæлдта, фæлæ йæ гутон уæлæнгай ауагъта. Мæ фыд, дам, баргæ куы рацыд хуымтæ, уæд уый куы федта, уæд æрбацыд бригадмæ æмæ уым къулыл гæххæтмæ гæсгæ хъуамæ куыстаин æз æмæ, дам, хыгъдхæссæгимæ уыцы гæххæтт ацъапп ластой. Борикæн дзы къух сæвæрын кодтой, уымæн æмæ кæсын нæ зыдта. Ӕхца та мæнæй баурæдтой. Бригады кусджытæ уый куы базыдтой, уæд æмхуызонæй баныхас кодтой, Борикы бригадæй атæрæм, кæннод нæ худинаджы хъæр Ирыстоныл айхъуысдзæн, зæгъгæ.

Ӕз Узæирæн загътон, цæмæй, Бебе куыд зæгъы, афтæ Борик куы бакæна, уæд кусæнт мемæ. Бебе та бахаста ахæм фæндон:

– Ӕхсарæй цас баурæдтой, уыдон уыдысты Борикæн фидинаг, æмæ сæ ныр Ӕхсарæн бафидæд.

Борикы сразы кодтой, æмæ ма хъуыр-хъуыр кодта. Ома, дам, мæ фыд куы зыдтаид, æз бахуым кодтон, уый, уæд, дам мыл хыгъдхæссæгимæ ивары гæххæтт нæ ныффыстаиккой. Борик алцæмæ дæр уыд рæвдз, æмæ бригадиры нæ фæндыд, цæмæй æндæр бригадмæ ацæуа. Мæн-иу арæх аивта, институтмæ цæуын мæ -иу куы хъуыди, уæд. Фæлæ та уыцы рацу-бацуйæ дæр фервæзтæн.

Иурайсом мæ Борик куы аивта, æмæ нæхимæ цæуынмæ мæхи куы сдзæбæхтæ кодтон, уæд мæм мæ мадыфсымæр æрбацыд æмæ мын загъта:

– Лæппу, æз цæуын Беслæныхъæумæ пъолы фæйнæджытæ ласынмæ, æмæ мæ бæсты акус иу-дыууæ сахаты, æз уайтагъд æрцæудзынæн.

Уый куыста стырцалхджын трактор «Универсал»-ыл. Мæ дзау- мæттæ ивын дæр мæ нæ бауагъта, афтæмæй йæхæдæг тракторыл сбадт, æз та йæ фарсмæ лæууыдтæн, афтæмæй хуыммæ æрцыдыстæм. Уым уыд иу лæппу, Мæгæмæ йæ хуыдтой, æмæ уыимæ тракторыл бабастой дыууæцалхон культиватор, уæд ауындзгæтæ нæма уыд. Цыдæр машинæ æрбацæйцыд, æмæ мæ мадыфсымæр уым бабадт æмæ афардæг Беслæнмæ. Хуымы та тыд уыд гæн. Гæны рæнхъытæ дзæбæх зындысты, фæлæ æз нæ зыдтон, куыд цæуын хъæуы, уый – тагъд æви сабыргай. Бафарстон Мæгæмæйы, æмæ мын уый, цыдæр хин худт кæнгæйæ, загъта, æртыккаг тагъдгæнæгыл, дам æй сæвæр, зæгъгæ. Культиваторыл уыд Мæгæмæйæн бадæн бынат, стæй дзы уыд рульздахæн. Ӕз æнхъæлдтон, Мæгæмæ культиватор араздзæн рæнхъытыл, фæлæ фæрæдыдтæн. Иу-фæндзай метры куы ацыдтæн, уæд баурæдтон – фæсте рæнхъытæ бæрæг нал уыдис. Фæрсын Мæгæмæйы, цы бакуыстай, зæгъгæ, æмæ мын уый куы зæгъид:

– Скъæргæ кæн, рæнхъытæ разындзысты, зæхх куы бахус уа, уæд.

Фæстæмæ дæм кæсдзынæн, æмæ, рæнхъытæ куы нал зыной, уæд дæ хабар хорз нæ уыдзæн, зæгъгæ йæм бартхъирæн кодтон.

Дыууæ сахаты бæсты фæкуыстон суанг сихорæй фæстæдæрмæ, æмæ мыл Мæгæмæ худæгæй мард, мæсты мæ кодта. Дæхимæ, дам ма бакæс, стæй-ма дæ дзаумæттæм дæр æркæс. Ӕркастæн, æмæ мæ хæлафы фадгуытæ маслæйæ бабын сты. Масло алырдыгæй рахъардта æмæ ма дзы зæхмæ дæр æртæхтæ хаудта. Стæй, кæм бадтæн, уым мæ быны æфсæйнæгтæ стæвд сты. Ды мæнмæ æртхъирæн кодтай, фæлæ ныртæккæ, тракторы хицау куы æрбацæуа, уæд дæм бæрæг уыдзæн. Бидоны ма уыд дон йе ‘рдæг, æмæ дзы мæ цæсгом ахсадтон, иннæ радиаторы ныккодтон, кæд дзы фылдæр хъуыд, уæддæр. Масло та дын кæм уыдзæнис, зæгъгæ та мæ мæстæй мары Мæгæмæ. Уалынмæ, кусын кæцæй райдыдтам, уым иу рог машинæ æрлæууыд, æмæ дзы рахызт мæ мадыфсымæр, стæй ма, нæ хорæфснайæнты нын нæ къамтæ чи иста, уыдон. Районæй дæр уыд семæ чидæр, æмæ уый мæ мадыфсымæры бафарста:

– Афтæ нын куы загътай, мæнæ ацы телыхъæдæй райдайдзыстут абон кусын, уæд трактор уым цæмæн лæууы?

Фæндаг уыд хуымæй ныллæгдæр, æмæ нæ куыст фæндагмæ нæ зындис. Ӕрцыдысты иууылдæр тракторы размæ æмæ, дам, тракторæн цы бакуыстай, зæгъгæ, дуне уайдзæфтæ райстон, стæй, дам, цы хуызæн дæ? Фæлæ районæй æрвыст лæджы æндæр мæт уыд, ома, дам, уал телыхъæды æхсæнты куыд бакуыстай? Ӕз ын цы загътаин, фæлæ мæ тракторы хицау бафарста:

– Куыд тагъд æй скъæрдтай?

Ӕз ын загътон:

– Ӕртыккагыл.

Уæд Мæгæмæмæ фæцис:

– Ды йын загътай? Тракторæн нæй афтæ тагъд цæуæн, уый цæуылнæ зыдтай?

Тынг мæм фæхыл кодта. Уæд къамисæг, Мамонтов æй хуыдтой, бамбæрста, мæнмæ хыл кæй кæны, уый æмæ сын уый куы зæгъид:

– Мах цæуæм Цæлыкмæ, фæлæ, куыд дзурут, афтæмæй культиваци конд æрцыд цыппар хатты нормæйæ фылдæр. Ӕмæ йын уæд йæ къам цæуылнæ исæм?

Нæ сын куымдтон, чъизийæ мæ куыд исут, зæгъгæ, фæлæ, къамисæгимæ цы сылгоймаг уыд, уый цыдæртæ фæфыста, районæй æрцæуæджы ныхæстæм гæсгæ. Сбадын мæ кодтой тракторыл, æмæ, мемæ ныхæстæ кодтой, афтæ мæм, фæсте чи лæууыд, уыдонæй чидæр фæдзырдта. Ӕз куыд фæкастæн фæстæмæ, афтæ мын уацхæссæг мæ къам систа. Къам рацыд газет «Ӕрыгон коммунист»-ы «Ссардтон мæ фæндаг», зæгъгæ, ахæм фыстимæ. Ууыл мæ фæндаг, институты цæмæ бæллыдтæн, уый аскъуыд. Иу-дæс боны фæстæ институтæй райстон мæ гæххæттытæ ахæм фыстæгимæ:

«Махмæ ахуыр кæнынц, махимæ чи кусы, уыдон. Трактористтæ-та – æндæр ран».

Ӕз изæры ныццыдтæн мæ ахуыргæнæгмæ æмæ йæ бафарстон:

– Мæнæ мын мæ гæххæттытæ институтмæ куы лæвæрдтай, уæд уым бæрæггæнæнты гæххæтты цы фыст уыдис.

Уый мын загъта:

– Скъолайы библиотекæйы хицау.

Мæн уæд бауырныдта, æцæгæйдæр мæ раст ратардтой педагогон институтæй, æмæ ахъуыды кодтон Хъæууон-хæдзарадон институтмæ бацæуыныл.