Хуры скастау – йæ алы рацыд дæр

Зæххы цъарыл нывгонд дамгъæ куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ дуне афтæ фæивта, æмæ йæ нал ис йæ фыццаг хуызæй базонæн. Ныры техникæ афтæ сырæзт, æмæ адæм хæйрæджы цæстытæ дæр аразынц. Фæлæ æнæнымæц компьютертæ куы æрымысæм, уæддæр мыхуыр дзырдæн баивæн ницæмæй ис. Уый йæ кад ницы диссæгты цур сафы. Раст фондзыссæдз азы размæ хæстæг нæ куырыхон, нæ кады фыдæлтæ уый тыххæй æрхъуыды кодтой Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы сахары, аив-литературон журнал «Мах дуг» джиппы уадзын.
Æмæ ныр нæ бон у фидарæй зæгъын, нæ зондджын фыдæлтæ мисхал дæр кæй нæ фæрæдыдысты. Сæ гъæйтт-мардзæ нывæфтыд уац- мыстæ-иу æппæты фыццаг рухс уым федтой нæ комæйкургæ фысджытæ Нигер, Æрнигон Илас, Мамсыраты Дæбе, Дзаболаты Хазби, Хъодзаты Æхсар, Ходы Камал æмæ иннæтæн. Ныры ирон фысджыты аивдæр уацмыстæн дæр сæ фæндаг уырдыгæй райдайы. Æцæг ирон чиныгкæсæг журналы алы ног номыры рацыдмæ, зæгъæн ис, æнæрхъæцæй уымæн фенхъæлмæ кæсы.
«Мах дуг»-ыл чи куыд зæрдæйæ у, уымæй базонæн ис, нæ нывæфтыд литературæмæ чи цы зæрдæ дары, уымæн. Æмæ уый цурон ныхас нæу, фæлæ æцæг афтæ хъуыды кæнын. Æндæр хабар у, ныртæккæ æнæхъæн дуне дæр бырынцъаг фæндагыл кæй лæууы – аивад бæрзонд исын, нæхицæн, нæ цардæн уырдыгæй аргъ кæныны бæсты нæ хъус дарæм æрмæстдæр нæхимæ мулк хафыныл. Бафсис нын ницæмæйуал ис. «Кадмæ бæлгæйæ, æгадæй мæлæм». Уымæ гæсгæ дуне стыр фысджытæй фидиуы, литературæ – зæрдæзæгъгæ аивадон уацмыстæй…
Ныртæккæ чи зæгъид, куыд цæрид Ирыстон æнæ ацы журнал? Мæнмæ гæсгæ, нæ ирон адæмæй бирæтæ æрхæссиккой сæ сæртæ нывондæн йæ сæрвæлтау. Æнусмæ хæстæг ирон дзырдæн лæггад кæй кæны, уымæй ныл хъуамæ йæ алы ног номырæй дæр хур кæсид.
«Мах дуг» æрмæст нæ рæстæджы цæсгом æвдисæг нæу, фæлæ йæ разы æвæры хæс, цæмæй æвдиса Ирыстоны цæсгом ивгъуыдæй фидæнмæ рæстагонæй, æнæхъæнæй. Æмæ уый кæд тынг зын хæс у, уæддæр æнæмæнг у æххæст кæнинаг, æмæ уыцы хъуыддагыл йæ къух уымæн никуы ауыгъта. Никуыдæр у рох кæнинаг.
Æппæлæн дзырдыл фыдæлтæй фæстæмæ чъынды куынæ уаиккам, хорзæй хорз зæгъын рæстæгыл куы уаид нæ бон, уæд нæ сæрыстырæй чи нæ уадзы зæгъын:

Абухы нæ уæнгты саг-туг –
Иры цæсгомæвдисæг нын у «Мах дуг»!

Æмæ нæм уыцы хъуыддаджы азымхæсджытæ, – Хуыцау уæлейæ кæсы, – дзæвгар нæ фæуаид, кæд зæрин хурыл дæр сау стъæлфытæ агурын ахуыр стæм, æмæ нын æнæ уый цард æхцон ад нæ фæкæны, уæддæр.
Фæлæ, куыдфæнды нымайæм, бæрæгбон зæрдæбын арфæтæй фидауы, æмæ мæн дæр ирон фысджыты номæй «Мах дуг»-ы редакцийы кусджытæн æмæ журналкæсджытæн, нæ адæмæн фыццаджы-фыццаг фæнды фидар, æнæфæцудгæ æнæниздзинад, фидыдад, куыстхъомдзинад, йæ автортæн – аивадон-зонадон стыр æнтыстытæ, чиныгкæсджытæн ноджы фылдæр зæрдæрухсгæнæн уацмыстæ куыд лæвар кæной.

ХЪАЗИТЫ Мелитон,
Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, Къостайы номыл премийы лауреат,
Къостайы орденхæссæг фыццаг фыссæг