«Мах дуг» – нæ улæфт, нæ туг

Никуы райхъуыст æргомæй йæ ном, журналыл йæ тæккæ ноггуырдæй ацы ном мыггагмæ чи аныхæста, уымæн.

Чиныгкæсджыты, чингуытæ фысджыты алы фæлтæр дæр æй цæмæй йæхи дуг-заман хона, йæ уацмыс дзы-иу фыццаг хатт кæмæн федта дунейы рухс, уымæн та-иу куыд басгуыха йе сфæлдыстадæн дзаг риуæй улæфт æмæ йæ зæрдæйы цыренгонд туг.

Ахæм амонды хур дзы мæнæ мæхиуыл скаст уартæ 1961 азы йæ 9-æм номыры – ныккритикæ дзы кодтон суанг Дæбейы ног роман «Адæм адæм сты». Æмæ мын, маладес, лæппу, маладес, зæгъгæ, чи загъта, мæ мæллæг æвзонг уæхскыл мын йæ дзæмбы стыр къух æрæвæргæйæ, уый кад та, уый – Цæрукъаты Алыксандры!

Мæ ивылгæ-æнхъæвзгæ цин ма арвы уæрæхы æмæ зæххы фæтæнты цыд! Уалынджы дын мын гонорар дæр куы бафидиккой – мæхи хуызæн студент лæппуты, Æхсар æмæ Васойы, ахоныны фаг, æмæ, нæ «гæлæбутæ куы стахтысты», уæд мын ацы дыууæ æрыгон поэты мæ ном куы фæуæлбыл кæниккой: «Ныр ды дæр махæй дæ – фысджытæй…»

Рæстæг цыд, замантæ ивтой, хиды бынты бирæ дон акалд, æз дæр уайæнты ауадтæн, хæтæнты фæхаттæн, ахуыргæнæгæй дæр фæкуыстон, газетты – иннæ ахæм, стæй дын æнæхъæн 33 азы дæргъы фæстæ билцъ уадзын куы райдаин «Мах дуг»-ы куыстуаты. Уарзты бонтæ дæр æмæ дзы масты бонтæ дæр цы арвыстон, уыдон та мæрдты дæр – мæхи.

Сæйраг редактор Æхсар хæрды дæр æмæ уырдыджы дæр Æхсар уыд, нæрæмон поэт, фæлæ уæлдай арфæйагдæрæй æрымысын æмбæлы дзæнæты рухсы бадинæгтæ Дегъуаты Соня æмæ Хъæрæцаты Зæирæйы, ам, журналы редакцийы, æнувыдæй бирæ азты фæфæллойгæнджыты. Соня йæхæдæг дæр æнæ курдиат нæ уыд, аив дзырды бæрны-иу бацæугæйæ, уæдæ Зæирæ та тæлмац кæнынмæ арæхст. Уæздан ирон сылгоймагæй мæ цæстытыл ауайы нæ сæйраг бухгалтер Дзигасты Софья дæр. Рухсаг уæнт…

Зæронд кусджытæй ма, æнхъæлдæн, æз æмæ Хуыгаты Сергей стæм цардæгас. Рагон зæронд кусджытæй, ома…

Кæддæрты дын прозæйы хайады редактор Бицъоты Грисмæ куы бауырдыг уаин:

– Ныр цы уацмыстæн раттыс фæндаг журналы табуйаг фæрстæм, цы?! Къулы газеты рауадзыны аккаг дæр куынæ вæййынц, уæд…

Уый мæм бартхъирæн кодта:
– Мæнæ иуахæмы ды мæ бынаты æрфæтъæн уай, æмæ йæ уæд кæс- тæртæ фендзысты, ды та цавæр шедевртæн уыдзынæ дуаргæс, уый!

Цы загъдæуа: æнæ хæмпæлгæрдæг иу хуым дæр нæ вæййы, фæлæ та кæс, æмæ хъолоты ‘хсæнæй йæ курдиатджын сæр сдары йед… Номæй никæй амондзынæн – не ‘ппæты дæр æдзæстхиз рæстæг кæд рæстырдæм бахсæдид.

Фæлæ нын цыфæндыйæ дæр хуыздæр фидæнæй фидар ныфсæвæрдæй «Мах дуг» цæра, уымæн æмæ, аив дзырды бон дæр куыд ивгъуыйы, афтæ йын нæй æнæ фарн хæсгæ.

ГУСАЛТЫ Барис,
Уæрæсейаг фысджыты цæдисы уæнг