Йæ историон ахадындзинадæн арæнтæй

«Мах дуг»-ы историон ахадындзинад искæд æнæмæнг бæстон иртæст æрцæудзæн. Æмæ уæд иртасджытæ зæгъдзысты, йæ бавæрæн æрмæст национ литературæйы рæзтæй кæй нæ ахицæн, – аргъ кæнын ын æмбæлы æмткæй нæ культурæйы фæлгæты. Хатыр курын, журналыл дзургæйæ, мæхи кой кæй кæнын, уый тыххæй, фæлæ национ джиппы рауагъд хуымæтæг ирон адæймаджы цардыл ахадыны дæнцæг у.

Фыццагдæр æрымысон, цæрæнбонтæм мын се стыр курдиат, хæларзæрдæ ахаст, уæздандзинад æмæ æхсарæй фæзминагæй чи баззадысты, редакцийы уыцы кусджытæ Хъодзаты Æхсар æмæ Дзуццаты Хадзы-Мураты. Ирон литературæйы сын цы бынат ис, уый, мæнмæ гæсгæ, амонын никæмæн хъæуы. Кæй сæ уыдтон æмæ сæ кæй хъуыстон, уый нымайын стыр амондыл.
«Мах дуг»-ы кæсæгæй мæхи хъуыды кæнын 1970-æм азты райдианæй фæстæмæ. Уæд ма нæм уыди, кæсын чи нæ зыдта, ахæм хистæртæ. Æз сын кастæн, мæ зæрдæмæ тынгдæр чи цыдис, уыцы æрмæджытæ. Хорз хъуыды кæнын, Къарджиаты Бекызæйы куыстæн мæ мадымад цы стыр аргъ кодта, уый. Йæ «Ирон æгъдæуттæ» йын хайгай æппæты фыццаг «Мах дуг» рауагъта.

Фыдæлты æгъдæуттæ хорз кæй зыдта, уый тыххæй мæ мадымад адæмы ‘хсæн уæлдай нымад уыд. Уæды рæстæджы фæзынди «фыдæлты æгъдæутты ног аразджытæ». Нæ мæ рох кæны мæ мадымады ахаст ахæм æдылы хъæппæристæм. Йæ хъуыды-иу цыбырæй загъта: «Йæ хæдзары йæ кæнæд». Бекызæ мын цæрæнбонтæм уарзон авторæй кæй баззад, ууыл дзырд дæр нæй.
Дæс азы рацыд, студент ма уыдтæн, æмæ «Мах дуг»-ы фæзынд мæ фыццаг уац. Мæ ахуырадон къæпхæнтæ æмæ нæмттæ мын лæвæрд æрцыдысты, журналы мыхуыргонд æрмæджытæ ма наукон хатдзæгты номхыгъдмæ куы хастой, уыцы рæстæджыты.

Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрыстыр уæвæн ис, мæ фыстыты фылдæр хай мæхи хъæппæрисæй нæ, фæлæ редакцийы кусджыты курдиатмæ гæсгæ кæй æрцыдысты мыхуыргонд, уымæй. Афтæ фæзындысты журналы фæрстыл, зæгъæм, Ирыстоны цыбыр истори æмæ Мамсыраты Темырболаты биографи.

Абон литературон журналты уавæр бæллиццаг нæу. Фæнды мæ, цæмæй йæ иузæрдион хæлæрттæ æмæ кæсджыты фæндиаг «Мах дуг» фæуæлахиз уа æппæт зынтæ æмæ цæлхдуртыл!

БЗАРТЫ Руслан,
историон наукæты доктор, журнал «Мах дуг»-ы редакцион советы уæнг