Бæтты абоны ивгъуыдимæ

Мæнæн мæ цард баст у ахуырадимæ, ног фæлтæрты хъомыладимæ. Ахуырад æмæ хъомылад та æнцой кæнынц адæмы зондахастыл, фыдæлты æгъдæуттыл, фыдæлты дзыхæйдзургæ сфæлдыстадыл. «Мах дуг» у ирон аив ныхасы артдзæст, фыдæлты бæркадджын къæбицæй абоны цардмæ хæзнатæ хæссæг. Æнгом бæтты абоны дуг ивгъуыдимæ, у фидæнмæ хид, «Æрфæны фæд», ирон дзырды хъæздыгдзинæдтæ тауы не ‘мдугонтыл. Уыцы хъæздыгдзинæдтæ сты алывæрсыг, кæм – æлвæст æмæ арф, кæм – таурæгъон, дардылдзураг. Журнал сæ æнæ ивгæйæ хæссы нæ размæ. Уырдыгæй исын арф хъуыдытæ, уыдоныл æнцой кæнгæйæ, аразын мæ хъомыладон куыст. Йе ‘рмæджытæ фæхъæздыгдæр кæнынц мæ ахуыртæ, феххуыс мын вæййынц, цы темæ æвзарын, ууыл алывæрсыгдæрæй æрдзурынæн.

«Мах дуг» æцæгдæр у, дугимæ æмдзу чи кæны, ахæм мыхуыры фæрæз. Йæ фæрцы нæм хæццæ кæны нырыккон ирон литературæйы комулæфт, фæлæ нæ рох кæнын нæ уадзы ирон литературæйы классикты уацмыстæ дæр. Рагон зонгæйыл фембæлæгау сыл зæрдиагæй бацин кæнæм, фыццаг хатт кæсæгау сæ æхсызгонæй бакæсæм. Бузныг дын, нæ уарзон журнал, уый тыххæй дæр!

МАЙРÆМЫХЪУАТЫ Фатимæ,
ЦИПУ-йы ирон æвзаджы кафедрæйы доцент