Ирон æвзаджы арц æмæ уарт

Кæуылты ахадгæ рухстауæн куыст бакодта «Мах дуг» 90 азы дæргъы, цас хæрзты бацыд Ирыстонæн, ирон удæн! Журнал у ирон дзырды ныфс, ирон æфсарм, æгъдау, дзырдаивады арц æмæ уарт, нæ ирондзинады астæумагъз!

Йемæ мæ фыццаг фембæлд тынг хорз хъуыды кæнын. Райдайын кълæсты ма ахуыр кодтон, афтæ-иу арæх кастæн мæ ныййарджытæн, нæ сыхы хистæртæн хъæрæй, мыхуыры цы хабæрттæ фыссынц, уыдæттæ. Æмæ мæнæ 1953 азæн йæ зæрдæвæрæны мæйы кæронмæ ‘ввахс мæ хоты хистæр æрбахаста «Мах дуг»-ы 3-аг æмæ 4-æм номыртæ. Тæнæг фæныкхуыз цъæрттæ, хуымæтæг фæлгонц. Цыма мæ цæстыты раз сты ныр дæр…

Сталины мæлæты тыххæй сæ цы æрмæджытæ уыдис, уыдон, стæй Маленков æмæ Мао Цзэдуны раныхæстæ мæ хистæртæн кæсын бахъуыд цалдæр хатты. Диссаг уый уыд, æмæ-иу сæхæдæг хъуыстой лæугæйæ, мæн та-иу бадын скодтой. Уыдис дзы, чи-иу скуыдта, ахæмтæ дæр. Мæнæн, уæды фæндзæмкъласонæн, мæ зæрдæмæ арф ныххызтысты Мао Цзэдуны хъуыдытæ, æмæ куыд нæ бахъуыды кодтаин мæ фыццаг фембæлд журнал «Мах дуг»-имæ?!

Æфсады службæйы рæстæг, институты дард сахары ахуыр кæнгæйæ дæр никуы фæиппæрд дæн мæ уарзон журналæй. Фылдæрæй-фылдæр кæнæнт йæ кæсджытæ æмæ йæ рафысджытæ!

Ирон æвзаджы тых нын уафыс…
«Мах дуг»-æн йæ 90 азы юбилеймæ

Кæй дæ фæндон, æхцон журнал
Нæ мадæлон æвзагыл махæн,
Ыстæм сæрыстыр уымæй, хъал, –
Нæ цин, нæ арфæтæ дзы здахæм.

Дæ райгуырдæй ныры онг дæ
Æвзаг, ирон дзырдæн йæ артдзæст.
Ды нын кæддæриддæр уыдтæ
Нæ фидæны сæйраг цæст.

Дæ дзырд, дæ сидт – нæ фарн, нæ цард, –
Ирондзинадæй алкæй тавыс.
Ды нын нæ сомы æмæ ард
Æвзаджы тынтæй уафыс.

Цы дуг, кæй дуджы райгуырдтæ кæддæр,
Дæ ном дæр уыцы нæмттæй – арæзт…
Кæд ныр нæ дуг, нæ царды уаг – æндæр,
Журналкæсæджы бæрц дæр – ауæзт,

Дæ аудын нæ дзыллæтыл… мæныл –
Зындгонд… Ныллæг дын кувын æз мæ сæрæй.
Дæ юбилей, дæ архайды фæдыл
Æрвитын æз мæ арфæтæ дывæрæй!

ЕЗЕТЫ Марклен (ИРДИГОР Маки)