Литературон ахсджиаг хæзна

«Мах дуг» у ирон адæмæн сæ литературон ахсджиаг хæзна. Уый парахат кæны куыд классикты, афтæ, литературæйы гуыргъахъхъ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдоны сфæлдыстад дæр.

Мæнæн журналимæ ахастдзинæдтæ фæзынд 1974 азы. Мæ ахуыргæнæг Дзудтæгаты Эльмæ мæ сисфæлварæнты тыххæй базыдта æмæ дын мæ иу уалдзыгон бон арвыста Ходы Камалмæ. Скъоладзау чызг, куыддæртæй ссардтон журналы редакци. Тыргъыл бахызтæн æмæ Камалы дуар бахостон.

Йæ бынаты нæ разынд. Ныфсæрмытæ дæн бынтон, аздæхон æви цы кæнон, уый нал зыдтон. Гъемæ дын мæм Хъодзаты Æхсар дзуры: «Мæнæ дзæбæх чызг, мæ бон дын ницæмæй у баххуыс кæнын?» Радзырдтон ын ме ‘рбацыды сæр. Айста мын мæ къухфыстытæ.

Фæззæджы рацыдысты ме ‘мдзæвгæтæ мыхуыры. Киоскы журнал балхæдтон æмæ дзы мæ ном куы федтон, мæ рæнхъытыл цæстытæй куы æруадтæн, уæд ма зæххыл мæнæй амодджындæр кæм уыд! Базыртæ мыл базад.

Афтæ акодтон мæ фыццаг къахдзæф сфæлдыстады, æмæ ныр фæндзай азы литературон куыст кæнын.
Камалимæ дæр базонгæ дæн. Фылдæр уырыссагау фыстон, æмæ мын цæстуарзонæй бацамыдта, цæмæй ахуырмæ бацæуон нæ университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ. Каст æй фæдæн, иронау дзæвгар фылдæр фыссын райдыдтон. Литературæйы алы жанрты фæлварын мæхи абоны онг.

«Мах дуг» йæ I Дунеон литературон конкурс куы расидт, уæд балæвæрдтон прозæ. Хуыгаты Сергей æмæ Гусалты Барисы фæстæ райстон æртыккаг преми. Уый мын кады хос дæр фæци æмæ мын цины æнкъарæнтæ дæр балæвар кодта…

ХАДЫХЪАТЫ Фатимæ,
журнал «Мах дуг»-ы I Дунеон премийы лауреат